Iriston.com
www.iriston.com
Цæйут æфсымæртау раттæм нæ къухтæ, абон кæрæдзимæ, Иры лæппутæ!
Iriston.com - история и культура Осетии
Кто не помнит прошлого, у того нет будущего.
Написать Админу Писать админу
 
Разделы

Хроника военных действий в Южной Осетии и аналитические материалы

Публикации по истории Осетии и осетин

Перечень осетинских фамилий, некоторые сведения о них

Перечень населенных пунктов Осетии, краткая информация о них и фамилиях, в них проживавших

Сборник материалов по традициям и обычаям осетин

Наиболее полное на сегодняшний день собрание рецептов осетинской кухни

В данном разделе размещаются книги на разные темы

Коста Хетагуров "Осетинскя лира", по книге, изданной во Владикавказе (Орджоникидзе) в 1974 году.


Перечень дружественных сайтов и сайтов, схожих по тематике.



Rambler's Top100 Рейтинг@Mail.ru Индекс цитирования
Статьи Словари
Здравствуйте, Гость
Регистрация | Вход
Опубл. 05.09.2010 | прочитано 9039 раз |  Комментарии (4)     Автор: Tabol Вернуться на начальную страницу Tabol
ИРЫ ИСТОРИ ЦЫБЫРÆЙ

Руслан Сулейманович Бзаров 

доктор исторических наук  

Журнал «Мах дуг», 1990 аз, № 9, 10 

 

Разныхас
 

Ирыстон у митсæр бæрзонд хæхты, тындзгæ цæугæдæтты æмæ арф цадты бæстæ, парахат хуымзæххыты, хæххон сæрвæтты, рагон мæсгуыты æмæ нырыккон сахарты бæстæ. Фæлæ йæ сæйраг хъæздыгдзинад, йæ хæзна сты адæм сæхæдæг, царды гуыргъахъ фæндæгтыл бирæ зынтæ чи федта æмæ бахсыстис, уыдон. Ирон адæм æнусты дæргъы фæтох кодтой цардыл, сæрибардзинадыл, мадæлон æвзаг æмæ сæхи культурæ бахъахъхъæныныл. Афтæмæй æрхæццæ сты абоны онг. 

Дæ райгуырæн бæстæйы, дæ адæмы ивгъуыд заманты истори куы нæ зонай, уæд зын цæрæн у. Ныртæккæ мах цы дунейы цæрæм, уый арæзт цыди тынг раджы, стæй бирæ фæлтæрты фæллой æмæ зондæй. Уыцы æнæкæрон бирæ хъæздыгдзинæдтæй та пайда кæны алы адæймаг дæр, дунемæ, рухсмæ куы рахизы, уæдæй йæ амæлæтмæ. Уымæ гæсгæ, незаманты цæрæг адæм историйы хуыдтой «рæстæджы æвдисæн, царды развæндаг амонæг». 

 

Хъобаны культурæ
 

Уыцы хабар æрцыдис ивгъуыд æнусы. Цæвиттон, хæххон хъæу Хъобаныл ракалдис ивылд дон, йемæ рахафта рагон зæппæдзтæ дæр. Æмæ незаманты зæронд адæмы мæрдты бæсты цард кæй уырныдта, уымæ гæсгæ мар дæн йемæ ныгæдтой æхсызгон хъæугæ дзаумæттæ, мигæнæнтæ. Уыдæттæ ивылд дон ракалдта ингæнтæй, диссаджы мигæнæнтæ бронзæйæ. Уыйадыл Хъобаны хабар айхъуыст æгас дунейыл. Хъобайнаг уæлмæрдты мигæнæнтæ æмæ дзаумæттæ стыр дисы бафтыдтой дунейы номдзыд ахуыргæндты æмæ нывгæнджыты. Алы бæстæты музейтæ бабæллыдысты уыцы æрттивгæ мигæнæнтæй сæ равдыстытæ саив кæнынмæ. 

Иуцасдæр рæстæджы фæстæ ахæм æнахуыр мигæнæнтæ разындис æндæр рæтты дæр. Гъе афтæ рабæрæг рагон культурæ. Куыд зонæм, афтæмæй культурæ кæрæй-кæронмæ иууылдæр у адæймаджы къухæй, адæймаджы зондæй рацæугæ. Уымæ хауынц аргъæуттæ дæр æмæ зарджытæ дæр, бæстыхæйттæ дæр æмæ дзаумæттæ дæр, суанг кусæнгæрзты онг, иу ныхасæй, адæймаджы царды цыдæриддæр хъæуы, уыцы дзаумæттæ иууылдæр хауынц культурæмæ. 

Хъобайнаг бронзæ мигæнæнты сарæзтыл æппынкъаддæр цæуы æртæ мин азæй фылдæр. Уыцы рагзаманты Центрон Кавказы цæрæг адæмæн сæ ном бæлвырд бæрæг нæу. Уымæ гæсгæ, зæппæдзтæй цы мигæнæнтæ рахаудис, уыдоны схуыдтой хъобайнаг культурæ, сæ саразджыты та — хъобайнæгтæ. Сæ цæрæнбынæттæ уыдысты хæххон дæлвæзтæ æмæ хохрæбынтæ. 

Хæдзæрттæ арæзтой уис æмæ бæласы къалиутæй быд каутæй, æмæ сæ сæрстой æлыгæй. Уынгты зæхх та æмбæрзтой уираг дурæй. Сæрвæтты хызтой фысвосы дзугтæ, хъомвос æмæ бæхты рæгъæуттæ. Уымæн æмæ сæ цард уыди фосæй. Фæлæ хоры куыст дæр кодтой сæ къаннæг хуымзæххы гæппæлты. Тыдтой еуу, хъæбæрхор, мæнæу. 

Нæлгоймæгтæ уарзтой цуан. Дардтой хъæхъхъаг куыйтæ, уайтагъд-иу сырды чи ссардта, ахæмтæ, стæй-иу сырды фехстой фатæй. 

Хъобайнæгтæ уæлæдарæс хуыдтой уæлдзæрмттæй, кæнæ хи уæфт тæбынæй. Уыдысты дæсны дурынгæнджытæ, æлыгæй кодтой алыхуызон мигæнæнтæ рæсугъд нывæфтыдтимæ. Гæрзарм адæм амал кодтой æрхуыйы æрзæт дæр æмæ дзы тайын кодтой сыгъдæг æрхуы. 

Хъобайнæгтæ дæр иннæ рагон адæмты хуызæн æрдзимæ уыдысты æнгом баст, хæлар. Уæлдай хъыгдард æй нæ кодтой, йæ рæсугъддзинæдтæ йын цы фæзмыдтой æмæ йæ лыстæг цы иртæстой, æндæр, Уый фæрцы хъобайнаг гæрзарм адæм систы æцæг нывгæнджытæ. Сæ къухæй конд мигæнæнтæй рауадис аивады алæмæты уацмыстæ. 

Дæсны нывгæнджытæ архайдтой айдагъ бронзæйæ. Хъобайнаг бронзæ та у æрхуы къалаимæ æмхæццæ. Ахæм æмтадæй арæзтой кусæнгæрзтæ, хотыхтæ æмæ æндæр ахæмтæ. Уæды заман нæма зыдтой æфсæйнагимæ архайын. Бронзæ та æнцондæр кусæн уыд, стæй хъæддыхдæр, фидардæр æрмæг. 

Абоны онг дæр ма хъобайнаг уæлмæрдты дæлзæхх æнæхъæнæй лæууынц уæды конд фæрæттæ, къæпитæ, æхсырфытæ, хъаматæ. Музейты мидæг рæбинаг бынæттæ бацахстой адæймæгты æмæ цæрæгойты гуыртæ бронзæйæ. Уымæй фæстæмæ уыцы рагон конд рæттæ, æргъæвджытæ æмæ цæппæртæ, цыма сæ хицæуттæм æнхъæлмæ кæсынц, раст афтæ зынынц. Сæ фылдæр сты нывæфтыд. Фендзынæ сыл куыйты, хайуанты, сагты, кæсæгты, мæргъты, кæлмыты нывтæ. Алы нывæфтыд дазр дзы у цыдæр хъуыды æвдисæг, ис ын йæхи ахадындзинад, йæхи нысаниуæг. Æмæ бамбарæн дæр вæййы, йæ кæнæг цы зæгъынмæ хъавыд йæ нывæфтыдæй, уый. 

Æвæццæгæн, хъобайнæгты уырныдта, калммæ цыдæр уæларвон тых ис, хуыцауы, тæфаг æм хæццæ кæны, уый. Уымæ гæсгæ, рагон адæм се хæсыл нымадтой цыфæнды зынтæй дæр маргдзых калмæй цыкурайы фæрдыг байсын. Ирон адæммæ та уыцы фæрдыджы хабар абон дæр цæры, хуыдтой йæ амондхæссæг æмæ бæллыдысты йæ самал кæнынмæ. 

Уæхæдæг зонут, адæймаджы зæрдæ кæддæриддæр рухс кæны аивадæй. Гъе, æмæ нын нæ цæст абон дæр рæвдауынц хъобайнаг культурæйы мигæнæнтæ сæ аив кондæй, сæ рæсугъд нывæфтыдтæй. Мингай азты сæрты нæм æрхызтысты рагон адæмы къухæй конд алæмæты бынтæ, сæ ном фидæны бирæ фæлтæртæн æнустæм ныууагътой. 

 

Скифтæ æмæ сарматтæ
 

Тынг рагон заман, иу æртæ мин азы размæ нæ бæстæйы хуссар быдырты æрæнцадысты скифаг адæмы мыггæгтæ. Уыдысты цæугæцардгæнæг, Сау денджызы былгæрæттæй Астæуккаг Азийы æмæ суанг Сыбыры онг тыгъд быдырты хæтæнты чи хаттис, ахæмтæ. Скифаг обæуттæ уыцы уæрæх быдырты абон дæр æвдисæн сты сæ заманы цæрджыты æгъдæуттæн. 

Æмæ, ома, хуымæтæджы обæуттæ не сты, фæлæ уæлмæрдтæ, алы обау дæр сыджытæй æмæ дурæй амад. Ахуыргæндтæ уыцы обæутты бын ингæнты ссардтой хотыхтæ, дарæстæ, хæдзары мигæнæнтæ æмæ бирæ æндæр дзаумæттæ. Æппæты бæрзонддæр обæутты бын ныгæд сты скифты паддзæхтæ. 

Скифты фарсмæ Сау денджызы былгæрон рарæнхъ сты грекъаг сахартæ. Рагон грекъ сæудæджеры куыст кодтой скифтимæ æмæ сын уымæ гæсгæ се ’гъдæуттæ дæр хорз зыдтой. Грекъаг историк Геродот тынг бæлвырд ныффыста скифты æмæ иннæ адæмты царды хабæрттæ. Уый тыххæй Геродоты схуыдтой «историйы фыд». Геродоты фыстытæй æмæ ингæнты æвæрд мигæнæнты руаджы ахуыргæндтæ бæлвырддæр раиртæстсй скифты царды уаг. 

Скифтæ сæхæдæг сæ фыдæлты фыдæлыл нымадтой фыццаджыдæр Таргитайы. Уымæн йе ’ртæ фырты куы байрæзыдысты, уæд уæларвæй æрхаудис сызгъæрин дзаумæттæ: дзывыр æфсондзимæ, хæстон фæрæт æмæ кæхц. Дзывыр æфсондзимæ у хуымæтæг адæмы, фосдарæг æмæ зæхкусæджы нысан. Фæрæт — хæстоны нысан, кæхц та дзуары лæджы бæрæггæнæн. Æмæ-иу æфсымæртæй хистæртæ — Липоксай æмæ Арпоксай — куыддæр уыцы сызгъæрин дзаумæттæм баввахс сты, афтæ-иу уыдон ссыгъдысты. Сæ кæстæр æфсымæр Колаксайы цур та нæ сыгъдысты. Уымæ гæсгæ уый къухы бафтыдысты сызгъæрин дзаумæттæ. Æмæ йын уæд паддзахы бынат саккаг кодтой æфсымæртæ. Скифты уырныдта, Колаксай «скифаг паддзæхты» фыдæл у, уый. Уæдæй фæстæмæ «скифаг паддзæхты» мыггаг хицауиуæг кæнын байдыдта æмæ сын хъалон фыстой скифаг иннæ мыггæгтæ. 

Скифтæ дардтой бæхтæ, фысвос æмæ галтæ. Сæ рæгъæуттæ æмæ уæтæртимæ зылдысты æнæкæрон тыгъд быдырты. Цæргæ та кодтой нымæтæй халагъудгонд уæрдæтты. Цæлхытыл тулгæ ахæм цæрæнтæ хуыйнынц чъибиткæтæ. Хорыкуыстгæнджытæ дæр дзы уыди, Тыдтой мæнæу, хъæбæрхор, еуу æмæ уыдонæй цардысты. 

Скифтæ дардтой даргъ сæрыхъуын æмæ боцъотæ. Фыццагдæр хæлæфтæ хуыйын райдыдтой уыдон, цæмæй сын æнцондæр уыдаид бæхыл бадын. Сæры дарæсæн та сæм уыди нымæтын цъупхуд. Удыхъæдæй æвзыгъд æфсæддонтæ, хъайтар адæмæн сæ ном айхъуыстис дардыл. Хæцæнгарзæй сæм уыд фат æмæ æрдын, цыбыр цирхъ æмæ цыбыр арц. Уымæн æмæ дзы алы хæстон дæр дардта цалдæр бæхы. Знагыл-иу сæхи андзæрстой æмхуызонæй, ихуарæгау ыл-иу ныккалдтой фæттæ, йæ сæр схъил кæныны бон æй куыннæуал фæуа, афтæ. Стæй-иу цæстыфæныкъуылдмæ атындзыдтой сæ мырмыргæнаг бæхтыл. Ахæм æнæнхъæлæджы бырстæй сæ бон басæттын уыд цавæрфæнды тыхджын æфсады дæр. Æмæ, æцæгдзинадæй, ахæм хъару равдыстой Персы паддзах Дарийы ныхмæ, уый сæ басæттыныл куы сфæлтæрдта, уæд. 

Персы бæстæ уыцы дуджы уыди æппæты тыхджындæр паддзахад а дунейыл. Дарий скифтæм æрбатардта бирæ æфсæдтæ. Скифты паддзах Иданфирс сфæнд кодта йе знагыл хинæй рацæуын. Æмæ йæ æфсæдтимæ байдыдта фæстæмæ бæстæйы рæбынмæ здæхын, персайнæгты йæ фæдыл сайгæ. Æмæ сæ сыдзмыдзы цæугæ йæ разæй дæрæн кодта. Дарийы æфсæдты нымæц тади цæсты раз. Скифтæм та ахæм сахартæ нæ уыд, исты исбон рахæссæн кæцæй уыдаид, кæнæ кæй ныддæрæн чындæуыдаид. Тыгъд уæрæх быдыртæ алкæй фаг дæр уыдысты цæрынæн. Мæлæтдзаг тохмæ скифтæ сæхи цæттæ дардтой, æрмæстдæр сын сæ фыдæлты ингæнтæм куы бавнæлдтаис, уæд. Фæлæ персайнæгтæ сæ амондæн не ссардтой уыцы уæлмæрдтæ. 

Дарий бамбæрста, скифтыл нæ фæуæлахиз уыдзæн, уый. Стæй ма йæм цы лæвæрттæ барвыстой, уыдон æй уæлдай хатт бауырнын кодтой, «йæ хъул сах» кæй нæ абаддзæн. Уæвгæ та скифты «лæвæрттæ» уыдысты тынг æнахуыр: маргъ, мыст, хæфс æмæ фондз фаты. Дарий-паддзахы æххуысгæнæг сын уайтагъд бамбæрста сæ нысаниуæг: «Кæд, персайнæгтæ, сымах маргъау уæлæрвтæм не стæхат, мыстау зæххы бын нæ алæсат, хæфсау цады нæ багæпп кæнат, уæд ницы мадзалæй аирвæздзыстут мах фæттæй. Уый фæстæ ма цы гæнæн уыд сæрыстыр Дарий-паддзахæн æмæ æнæфыдбылызæй афойнадыл йæхи айста скифты бæстæй. Скифтæ та уымæй ноджыдæр ма уæлдай хатт равдыстой се ’нæсæттон хъару, сæ лæгдзинад, Æмæ уæлдæр систой сæ адæмы цыт. 

Скифтæ никæмæн барстой се ’гъдæуттæ халын, гадзрахатæй сыл зилын. Сæ паддзах Скил та афтæмæй куывта Гречъы хуыцæуттæм æмæ сусæгæй кодта гречъы æгъдæуттæ. Скифтæ уый куы базыдтой, уæд æй раппæрстой йæ бæрзонд къæлæтджынæй æмæ паддзахы бынаты æрбадын кодтой Скилæн йæхи æфсымæры. Скил лидзæг фæци. Ног паддзах æй аййæфта æмæ йæ амардта. 

Скифтæ хъуыстгонд уыдысты се ’нгом хæлардзинадæй дæр. Таурæгъты баззад диссаджы хабар, иу скифаг йæ уацайраг æрдхорды куыд фервæзын кодта, уый тыххæй. Уацайраджы суæгъд кæныны хыгъдмæ уый радта йæхи дыууæ цæсты. 

Рагон заманты стыр куырыхон лæгыл нымад уыди скифты паддзахы фырт Анахарсис. Хуыдтой йæ науæнгуыр (якорь) æмæ дурынгæнæн цалх æрхъуыдыгæнæг. 

Бирæ музейты сты скифаг аивады уацмыстæ. Алыхуызон вазæты фæрстыл дзы таурæгъты хъæбатырты нывтæ, сырдты, мæргъты фæлгонцтæ. Скифаг адæм сырдты æмæ мæргъты нывтæ кæнын уæлдай фылдæр уарзтой. Сæ къухæй бирæ рæсугъд мигæнæнтæ рацыдис аив нывæфтыдтимæ. Æмæ дзы цы нæ фендзынæ — сагты, домбæйтты, хъæддаг хуыты, далысты, цæргæсты, хъазты æмæ æндæр алымыггаг цæрæгойты хуызтæ. Афтæ дæсны конд сты, æмæ цыма ныртæккæ удæгасау базмæлдзысты. Суанг, æрдзы дзы чи нæй, ахæм æнахуыр цæрæгойты нывтæ дæр ма фæкодтой. Уымæ гæсгæ ахуыргæндтæ скифты аивад хонынц «сырдты стиль». Абоны онг дæр ма ирон аргъæутты ис æстдæссион скифаг саджы кой. 

Сæ тæккæ домбайдæр æмæ цытджындæр паддзахыл скифтæ нымадтой Атейы, Мах эрæйы размæ 4-æм æнусы уый баиу кодта Сау денджызы цæгатварс быдырты цæрæг скифты æппæт мыггæгты дæр. Атейы бардзырдмæ гæсгæ уыцы рæстæджы уадзын байдыдтой скифаг æхца згъæрæй. Æмæ йыл скодтой скифты фыдæл Таргитайы ныв: Атей фæцардис 90 азы, стæй йæ мæлæт ссардта карз тохы. 

Уый фæстæ скифты бæстæ фæцудыдта, раздæрау тыхджын нал уыд. Æмæ йыл уæлахиз кæнын байдыдтой сарматты мыггæгтæ, кæрæдзийæн тугхæстæг уæвгæйæ. Сарматтæ цардысты Уралы хæхтæй Хъаспийы денджызы æхсæн тыгъд быдырты. Идылыл (Волгæйыл) æмæ Доныл ахизгæйæ, сарматтæ фæуæлахиз сты скифтыл, сæхи хуызæн цæугæцардгæнджытыл. Стæй скифты хуызæн уыдон дæр дардтой фос, уыдысты бæхджын æфсæддонтæ. Фæлæ сармат уæлбæхыл хъахъхъæд цыдис згъæр хæдоны. Сæ бæхджын æфсад хотыхтæй дæр уыди хæрзифтонгдæр æмæ хуыздæр арæхстис æмдыхæй бырсынмæ. 

Ноджы ма нæлгоймæгтимæ иумæ тохмæ цыдысты сæ сылгоймæгтæ дæр. Геродот ахæм хабар дæр ныууагъта: сарматаг чызг мой нæ кæны, цалынмæ йын лæг амарын бантыса тохы быдыры, уæдмæ. Скодта сыл ахæм рæстæджытæ дæр, æппæт мыггаджы сæргъы-иу сылгоймæгтæ куы æрлæууыдысты. Сæ тæккæ номдзыддæр, дзырддзæугæдæр уыди массагетты ус-паддзах Томирис. 

Иугæр сарматтæ скифтыл куы фæуæлахиз сты, уæд сæ баиу кодтой сæхи æфсæдтимæ. Скифты бæстæ уæд схуыдтой Сармати. Скифтæй бирæ бынтæ байстой сæ ног хицæуттæ. Утæппæт уæрæх тыгъд быдыртæ æмвæтæнæгæй бацахстой сарматты мыггæгтæ. Сау денджызы былыл сахарты цæрæг грекъ сæудæджер кодтой сарматтимæ, хатгай сын-иу хъалон дæр бафыстой, Скифты бæрзонд культурæ чысылгай æрфæлмæн кодта æрбацæуæг ’нæсæттон сарматты миниуджытæ. Уæвгæ та раздæр уыдысты скифтæй хуымæтæгдæр, фæлæ æнæфенд, æнæхсæстдæр. 

Скифтæ æмæ сарматтæ иуцасдæр фæзуат ахстой Цæгат Кавказы лæгъз быдырты дæр. Тыгъды цæрджытæн хæххон адæмимæ сæ ахастдзинæдтæ алы ран иухуызон нæ рахастой, Сæ хæрамдзинад-иу рæстæггай лымæндзинадæй дæр раивтой, стæры-иу иумæ ацыдысты. Афтæ цардысты — кæм хæлар, кæм хæрам. 

Скифтæ, уыдоны фæстæ та сарматтæ дæр Кавказмæ æрбацыдысты зæхх байсынмæ, хæххон адæмыл фæуæлахиз уæвынмæ. Фæлæ цалдæр æнусы рацыдис, афтæ скифты æмæ хъобайнаг культурæ æддæг-мидæг ауадысты. Хъобайнæгтæ куыдфæстæмæ сæмхæццæ сты скифтæ æме сарматтимæ. 

 

Аланыстон
 

Дыууæ мин азы размæ баиу сты Цæгат Кавказы, Идылы æмæ Доны быдырты цæрæг сарматты мыггæгтæ. Æмæ сæ фыццаг æнусæй фæстæмæ хонын байдыдтой алантæ. Сæ кой айхъуысти хæстæргом, хæстмондагдзинадæй. Рагон автортæ уый тыххæй афтæ фыстой, зæгъгæ, алантæн тæссаг хабæрттæ æмæ хæстытæй сæ зæрдæ рухс кæны. Амондджыныл та нымадтой, карз тохы йæ мæлæт чи ссардтаид, уый. Сæ сæйрагдæр тых алантæн уыди бæхджын æфсад. Хæстоны та ифтонг дардтой арц, цирхъ, æрдын æмæ архъанæй. Знаджы цæфæй сæхи хъахъхъæдтой уарт æмæ згъæр худы руаджы. Аланты хæстон арæхстдзинвд æмбисондæн хастой иннæ адæмтæ æмæ паддзахæдтæ. Фæлæ сын сæхицæн нæ феххуыс фыдбылызæй аирвæзынæн. 

372-æм азы алантæм ныббырстой хæтæг адæм гуннты æнæкæрон æфсæдтæ. Æмæ сæ куы басастой, уæд фæдихтæ сты. Сæ иутæ гуннтимæ иумæ абалц кодтой Ромы импери байсынмæ. Иннæ алантæ баззадысты Кавказы. 

Аланты фыдæлтæ Кавказмæ æрбафтыдысты хæтæнты хæтгæ, стæй кæддæр бæстон æрбынат кодтой сæхицæн. Цасдæр замантæ куы рацыдис, уæд сæрибар аланты æхсæнæй рахицæн сты номдзыд æмæ бонджын бинонтæ. 

Хицæн мыггæгты раздзæуджытæ куыдфæстæмæ систы æлдæрттæ. Уалынмæ чысылгай рæзын байдыдтой аланты сахартæ æмæ хъæутæ. 

Æлдæрттæ цардысты фидар гæнæхты. Сæ алфамбылæйтты та рарæнхъ сты сахарты æмæ хъæуты уынгтæ. Цæрджытæ фыдызнагæй хызт уыдысты арф æрхытæ, къардиутæ æмæ бæрзонд мæсгуыты руаджы. Æлдар та, йæ алфамбылай адæмы сæргъы лæугæйæ, ныфсхаст уыди, бонджын бинонтæй чи рацыдис, уыцы хæстонтæй. 

Раздæры хæтæгхуаг адæм уалынмæ базыдтой хуым кæнын дæр. Тыдтой мæнæу, хъæбæрхор, еуу. Уыди сæм фысвосы, хъомвосы дзугтæ, бæхрæгъæуттæ. 

Сахарты фæллой кодтой æрмгуыстгæнджытæ. Уæлдай дæсныдæр разындысты хотыхгæнджытæ, зæрингуырдтæ, дурынгæнджытæ. Сæ дæсныйадыл ахуыр кодтой сæ кæстæрты, сæ цоты цоты. Афтæмæй фæлтæрæй-фæлтæрмæ цыди æрмгуысты дæсныйад, хуыздæрæй хуыздæргæнгæ. Зæгъæм, кæд райдианты æлыгæй фыдконд, фыдуынд мигæнæнтæ арæзтой, уæд сæ фæстæдæр заманты кæнын байдыдтой тæнæгдæр къултæй, аивдæр, хæрзконддæр, хæрзхъæддæр. Иуыл гæрзарм дæснытæ та уæлдай тынгдæр куыстой сæ мигæнæнты фидауцыл, науæд сын сæ ничи балхæдтаид. 

Бирæ бæстæтимæ кодтой сæудæджер алайнаг къупецтæ. Хæстæг рæттæй дæр æмæ дард бæстæтæй дæр ластой дари хъуымæцтæ, тæбынтæ, зынаргъ дуртæ, сылгоймаджы фæлгонц аивгæнæн рæсугъд лыстæг дзаумæттæ. 

Аланты хъайтар хæстонты æхсар æмæ хæрзарæхстæн тынг стыр аргъ кодтой алы бæстæты паддзæхтæ æмæ разамонджытæ. Аланты æфсæдтæ хæцыдысты Византийы, Ираны, Хазарийы, Гуырдзыстоны фарс. Æмæ сæ хæстон стæртæ уыдысты канд цыты æмæ намысы æвдисæн нæ. Кæйдæр зæххытыл æдзардæй сæфтысты æрыгон хæстонтæ. Хоры куыстгæнæг нал уыд, иннæ ахæм — хæдзаргæнæг. Уыимæ, зынæй зындæр кодта хи зæхх бахъахъхъæныны хъуыддаг. 

Аланты бæстæ уæлдай тынгдæр стыхджын X æмæ XI æнусты. Уæд сси хъомысджын паддзахад. Бæстæйы сæйраг сахар уыди Магас. Алантæ хохы цъассыты ахстой Астæуккаг Кавказы кæмттæ (Хъазыбеджы æмæ Эльбрусы алфамбылай). Лæгъз быдыры та сæ зæххытæ айтыгъдысты цæугæдон Кубанæй Дагестаны онг. Уæды заманы фыстытæ Аланыстоны мæнæ афтæ æвдисынц: «Ацы бæстаг у æппæтæй хайджын, ис дзы бирæ сызгъæрин æмæ алæмæты аив дзаумæттæ, хæрзмыггаг бæхтæ æмæ æндон хотыхтæ». 

Алантимæ æмцæдисон суæвыныл бирæ паддзахæдтæ фæлвæрдтой. Кæцыдæр адæмты хицæуттæ та тырныдтой аланты паддзæхтимæ хæстæг бакæныныл дæр. Сæ паддзахы æфсæдты нымæц хæццæ кодта дæс æмæ ссæдз мин барæгмæ. Паддзахы дæлбар уыдысты æлдæрттæ се ’фсæдты къордимæ. Æппæты номдзыддæр паддзах сын уыд Цытджын Дорголел. Уый карз тохты уæлахиз кодта Гуырдзыстоны æмæ Византийы æфсæдтимæ æмцæдисæй. Æмæ йæ къухы æфтгæ дæр бакодта стыр æнтыстытæ дунеон ахастдзинæдты. 

Абоны онг æрхæццæ ахæм таурæгъ дæр, алантæм сæхи фыссынад уыди, зæгъгæ. Ахуыргонд адæмæн зындгонд у цæугæдон Стыр Зеленчукы былыл цыртдзæвæн. Ууыл ссардтой грекъаг дамгъæтæй фыст ныхæстæ аланты æвзагæй Уыцы æвзаг абон дæр цæры. Дзурынц ыл ныртæккæйы ирон адæм. 

Хурыскæсæйнаг бæстæтæ аланты хуыдтой астæ, Уырысы зæххыл — ястæ, Гуырдзыстоны та — остæ. Ас, яс, ос — се ’ппæт дæр сты иу адæмы ном. Абоны ном равзæрди гуырдзиаг æвзагæй: «осетины». Сæхæдæг сæхи хонынц «ирон», сæ райгуырæн бæстæ та — «Ирыстон». 

 

Аланты тох тæтæр-манголы æфсæдты ныхмæ
 

Алы адæмы царды дæр æрцæуы, сæ дарддæры хъысмæт кæмæй аразгæ у, ахæм хъуыддæгтæ æмæ цаутæ. Уыдон рауайынц кæнæ амондхæссæг, кæнæ сæ фæдыл расайынц стыр бæллæхтæ. 

Дыууадæсæм æнусы Аланты бæстæ æрсастис, æрлæмæгъ ис. Æлдæрттæ нал куымдтой паддзахы дæлбар бадын æмæ уый адыл кæрæдзимæ фесты. Цæгатырдыгæй сæм лæбурын байдыдтой цæугæцардгæнæг хæтойтæ (кипчактæ). Тыхст рæстæджы уæззау уæз æрæнцадис хуымæтæг адæмы уæхсчытыл. Зæхкусæгæй, сахайрагæй тыхст æмæ уырыд баййæфтой сæ хицæутты æнæбындур ныфсхастдзинады аххосæй. 

Æртындæсæм æнусы райдиан Центрон Азийы баиу сты мангойлаг адæмы мыггæгтæ. Сæ сæргъы æрлæууыд Чингисхан. Райдыдтой æбуалгъы карз хæстытæ. 

Хæстмæ рæвдз кæнгæйæ, сбæрæг фæхъæуы знаджы тыхтæ. Уый охыл Чингисхан Кавказмæ баппæрста æнæхъæн æфсад, Алантæ сæ ныхмæ сыстадысты хæтойтимæ æмдыхæй, Фыццаг тохы уал сæ хъарутæ фыдгулимæ уыдысты æмбæрц, æмхуызон. Уæд мангойлæгтæ бавдæлдысты æмæ сæхирдæм фæзылдтой хæтойты ханты. Алантæн се ’мцæдисонтæ фыдгулы фарс куы фесты, уæд сæ хъару нал баци фæтых уæвын æмæ састы бынаты аззадысты. Уæлахиздзау мангойлæгтæ та уайтæккæ сæхи айстой Аланыстонæй, семæ уацайрæгтæ атæлæт кæнгæйæ æмæ ма сæ къухы цы бафтыдис, уыцы исбон ассивгæйæ, Уый фæстæ манголы æфсæдтæ балæбурдтой, кæй фæсайдтой, уыцы хæтойты бæстæм æмæ дзы дур дурыл нал ныууагътой. 

Уалынмæ Чингисхан амардис. Алантæм æмæ уырысмæ бырсыны хъуыддæгтæ йæхимæ райста Чингисханы фырты фырт Батый. 1238-æм азы та мангол ногæй æрбамидæг сты аланты бæстæм. Æфсæдты гыбар-гыбурæй, æнæнымæц уæрдæтты хъинц-хъинцæй, бæхты мыр-мырæй, теуаты уасынæй бæстæ арыдта. 

Æгæрон æфсад æртыхстис аланты сæйраг сахар Магасыл. Уый онг æрбахизыны тыххæй мангойлæгтæ ныццагътой тар хъæд фæтæн ауæдзгай æмæ ууылты æрбалæгæрстой сæхицæн фæндæгтæ. Æртæ мæйы дæргъы не суæгъд сты сахармæ бацæуæнтæ. Семæ карз тох самадтой сахар хъахъхъæнджытæ. Фæлæ тыхтæ æмхуызон нæ уыдысты. Æмæ Магас састы бынаты баззад. Йæ цæрджыты та йын бындзагъд ныккодтой. 

Фыдызнæгтæ аланты зæхмæ æрбахастой сæфт æмæ мæлæт. Стыгътой æмæ сыгътой сахартæ æмæ хъæутæ, мардтой адæмы. Æмæ ма алантæн кæм бантыстаид сæ тыхтæ баиу кæнын знаджы ныхмæ тохы. Æлдæртты та сæйрагдæр сæхи уды, сæхи пайдайы мæт уыди, адæмы хъысмæтыл нæ тыхстысты. Ноджы ма дзы бирæтæ фесты знаджы фарс. Уыдæтты руаджы манголы æфсæдтæн бантыст аланты бæстæ хайгай ныддæрæн кæнын. Æнæхъæн дыууадæс азы зыбыты иунæгæй фæтох кодта аланты иу фидар фыдызнаджы ныхмæ. Фæлæ йæ хъæбатырдзинад уæддæр нæ сахадыдта, уымæн æмæ адæм иу нæ уыдысты. 

Хан Батый кæй байста, уыцы зæххытыл сарæзта тæтæр-мангойлæгты паддзахад Сызгъæрин Орда, Уый къухмæ бацыдысты аланты лæгъз быдыртæ иууылдæр. Сæттын чи нæ бакуымдта, уыцы алантæ та æмхуызонæй баивылдысты хохы цъассытæм. Æмæ уым кæмтты æрæнцайгæйæ, сæ хæстон къордтæ рæстæгæй-рæстæгмæ лæбурдтой фыдгæнджытæм. Хæтæг здæмы бæхджын æфсæдтæн æнцон у тыгъд быдыры хæцын. Фæлæ хæххон уынгæг кæмттæм сæ ныфс нæ бахастой манголы æфсæдтæ. Хæххон Аланыстон сæттын нæ бакуымдта. 

Тыгъд быдыры дæр тох не ’нцадис Сызгъæрин Ордайы хицаудзинады ныхмæ. 1278-æм азы Ордайы æфсæдтæ басастой, аланты стыр сахар Дедяковы знæгты ныхмæ чи сыстадис, уыдон. Иуцасдæры фæстæ райхъуыстис, алайнаг паддзахы мыггагæй чи фесгуыхтис, ахæм æфсæддон раздзæуæджы уæлахизы кой, йæ ном Бæгъатыр. Хъайтар хæстон æмæ йæ хæд-зонд политик хуыдтой. Уый хъавыд æфсæддон фидар саразынмæ Фæскавказы зæххыл. Бæгъатыр гуырдзиаг паддзахæй байста Гуры фидар, фæлæ йæ байзæддæгтæ нæ сарæхстысты сæ хæдбардзинад бахъахъхъæнынмæ. 

Тынг уæззау бæллæхтæ æрхастой тæтæр-мангойлаг æфсæдтæ алантæн. Арт сын бафтыдтой сæ паддзахадыл. Мингай дзыллæтæ сæ мæлæт ссардтой уыцы æбуалгъ тохы. Æдзæрæгæй баззадысты лæгъз быдыртæ, зæххы скъуыды ныххауæгау, фæцыдæр сты сахартæ. Фæлæ ууыл нæ ахицæн сты Аланты бæстæйы бæллæхтæ. 

Цыппæрдæсæм æнусы кæронмæ æввахс карз тох бацайдагъ Сызгъæрин Орда æмæ Тимуры паддзахады æхсæн. Тимуры къухы уыд æппæт Астæуккаг Ази, Иран æмæ Фæскавказ. Зыдта, йе знаг Сызгъæрин Ордайы хан кæй у, уый. Æмæ йыл фæтых. Хæст та æрцыдис аланты зæххыл. Уыциу рæстæджы Тимур сфæнд кодта æнæсæттон хæххон алантыл дæр фæтых уæвын. Тимуры æфсæдтæ баирвæзтысты хæхтæм. Æмæ ма дзы Ордаимæ тохы чи аирвæзтис, уыдоны уæддæр ныццагътой, кæй та дзы уацары атæлæт кодтой. Уыцы æвирхъау хæстытæ кæй цур æрцыдысты, кæнæ сын сæ кой чи фехъуыста, уыдон æнхъæл уыдысты, зæгъгæ, аланты мыггаг бынтондæр сыскъуыдис. 

Фæлæ нæ. Æрдхæрæны диссаг æрцыди — Тимуры æфсæдтæй дæр та аирвæзтысты, Рагон дыгурон зарæджы («Задæлески Нана») баззади сидзæртæ ирвæзынгæнæг сылгоймаджы кой. Сыгъды фæстæ ма удæгасæй чи аирвæзтис, уыцы æнахъом сабиты æрæмбырд кодта алы рæттæй æмæ сæ йæхæдæг схъомыл кодта. Сабитæ слæгтæ сты, сыгъдæтты бынæтты сарæзтой ног цæрæнтæ, ног хъæутæ. Æмæ кæд æрдхæрæны сылгоймагæн йæ ном ферох, уæддæр дзыллæйы зæрдæйы баззадис хуымæтæджы Нанайæ. Афтæ йæ хуыдтой сабитæ сæхæдæг дæр. 

Нана фæуæлахиз манголы хантæ æмæ Тимурыл. Йæ байзæддæгтæ дзырдтой сæ мадæлон æвзагыл, кодтой сæ адæмы зарджытæ. Æмæ баззадысты адæмæй, ирæттæй. Ахæм фарн ныууагъта уыцы диссаджы сылгоймаг. 

 

Нарты эпос
 

Бæгъатырты æмæ хъæбатырты тыххæй адæмон кадджытæ æмæ таурæгътæ иу номæй хонынц эпос. 

Нарты кадджытæ сты ирон адæмы фыдæлты сфæлдыстад — скифты, сарматты æмæ аланты æрхъуыдыгонд таурæгътæ. Эпос чи сарæзта, уыцы адæмы та поэтикон номæй хонынц Нарт. Гъе æмæ уыцы таурæгътæ мах онг æрхæццæ кодтой рагон ирæтты царды бæлвырд нывтæ. Кадджытæм гæсгæ зонæм, куыд цыдысты цуаны æмæ куыд хызтой фосы дзугтæ, зонæм сæ тох, сæ хъыг, сæ цины хабæрттæ. Таурæгътæм гæсгæ сын æмбарæм сæ хъуыдытæ, се ’нкъарæнтæ. 

Нæртон адæмы сгуыхты таурæгътæ зæронд заманы сæ зарджыты кодтой кадæггæнджытæ дыууадæстæнон фæндыртæй. Уыдонмæ зæрдиагæй, хъуыстой хистæрæй, кæстæрæй — адæм се ’ппæт дæр. 

Нæртон адæм цардысты иу хъæуы æртæ сыхæй, алы мыггаг дæр хицæн сыхы. Зæгъæм, Æхсæртæггаты мыггаг номдзыд уыди йæ хъæбатырдзинадæй. Алæгаты мыггаджы ном айхъуысти сæ тыхджын зондæй. Борæтæн та — сæ бирæ исбонæй. Нарты номдзыддæр хъæбатыртæ иууылдæр уыдысты Æхсæртæггатæй. Се ’хсар, сæ ныфс æмæ сæ тыхæн æмбал нæ уыд. Уыцы мыггагæй алкæмæн дæр эпос стыр хай бакодта адæймаджы æппæты фæзминагдæр миниуджытæй. Бонджын Борæты мыггагæй та алкæй дæр равдыста тæппуд, мæнгард æмæ чъындыгоппæй. 

Нарты æхсæн Сатанайæн ис тынг стыр кад æмæ цыт. Эпос æй нымайы нæртон адæмы хæд-зонд мадыл. Æнæ уый бафæрсгæ нарт ницы ахсджиаг хъуыддаг райдыдтаиккой. Æнæ уый æххуысæй ницы æнтыстис æмæ уæлахиз бафтыдаид номдзыддæр нæртон хъæбатыртæн дæр. Сатанайы «арвы айдæны» зыны дуне æнæхъæнæй дæр. Уымæй дарддæр у æвæджиау бæркадкъух, кæрдзындæттон æфсин. Стонг заманты Нартæн байгом кæны йæ рæбынтæ, йе ’вæрæнтæ, йæ дзаджджын къæбиц æмæ адæмы фервæзын кæны мæлæтæй. 

Хистæры кадджын бынат нæртон адæмæн ахсы Уырызмæг — домбай хæстон æмæ дзырддзæугæ раздзæуæг. Нарты разæй фæцыдис бынтон зæронды онг алыхуызон хæстон стæрты. Фæлæ сын тыхсты хос йеддæмæ ницуал у, уый куы бамбæрста, уæд сæ хуыцауæй курæгау куырдта, чырыны мæ цæвæрут æмæ мæ фурдмæ баппарут, зæгъгæ. Уымæй райдайынц Нартæн сæ ног æнæнхъæлæджы цаутæ æмæ сгуыхтытæ. 

Эпосы æппæт сурæтты æхсæн уæлдай уарзондæр æмæ номдзыддæр хъæбатыртæ сты Сослан æмæ Батрадз, — сæ дыууæ дæр Уырызмæг æмæ Сатанайы хæсгæ фырттæ. 

Сослан райгуырдис дуры гуыбынæй. Йæ буары нæдæр кард хизы, нæдæр фат. Уымæн æмæ йæ ноггуырдæй байсæрыдтой бирæгъы æхсыры. Йæ кæрц та у лæджы сæры цæрмттæй хуыд,— эпосы афтæ æвдыст æрцыдис скифты æгъдау, кæрцытæ хуыдтой, сæхи къухæй кæй мардтой, уыцы знæгты сæрдзæрмттæй. Сосланы хъуыстгонддæр сгуыхтытæй иу у йæ уæлахиз уæйыг Мукарайыл, стæй йæ балц мæрдты бæстæм. Сослан канд æвзыгъд æмæ æхсарджын хæстон нæу, фæлæ ма у цыргъзонд æмæ хиуылхæцгæ хæстон дæр. Кæд æмæ знаг хъаруйæ домбайдæр разыны, уæд ыл Сослан та фæтых вæййы хинæй. 

Сосланæн Нарты æхсæн дæр ис цыфыддæр знаг — арвы хин, зæххы кæлæн Сырдон. Фæлитой Сырдон хæстонæн бæзгæ нæу æмæ уый тыххæй Нарты цæсты у æгад, æдзыт. Сырдон байсæфта Сосланы. Йæ хинтæ, йæ фæлитой митæй бирæ фыдбылызтæ æрхаста Нартæн. Фæлæ уæддæр тыхст заман æмæ тæссаг стæрты Нартæн æвгъау нæ кæны йе ’ххуысы хай, йæ бон цы уа, уымæй нæ бацауæрды хорз фæуыныл. Æмæ йын карз нæртон адæм ахæм сахат ныббарынц йæ галиу митæ, æрбауадзынц æй се ’хсæнмæ. 

Сырдонæн йæ фырттæ куы бабын сты, уæд цæмæй йæ зæрдæйы тыппыртæ суагътаид, уый тыххæй æрхъуыды кодта дыууадæстæнон фæндыр. Уыйадыл йæ фæндыры цагъдæй дисы бафтыдта æгас Нарты. Æмæ йын уæд ныххатыр кодтой йæ хинтæ, лæгыл æй банымадтой. 

Тынг поэтикон сты нæртон Ацæмæзы тыххæй кадджытæ. Уый айдагъ сгуыхт хæстон нæу, фæлæ ма у зараг æмæ цæгъдаг дæр. Йæ уадындзы зæлтæй ныррухс вæййы дуне, йæхимæ æрыхъусын кæны адæмæй, маргъæй, сырдæй, бæласæй, къæдзæхæй се ’ппæты дæр. Йæ зарæгæй райхъал кæны æрдз, сиды уалдзæгмæ. 

Нарты эпосы бирæ хъæбатыртæ ис. Фæлæ се ’ппæтæй сгуыхтдæрыл ирон адæм нымайынц нæртон Батрадзы. «Æппæтыл уæлахизгæнæг, æвидигæ æхсар æмæ хъаруйы хицау уæвгæйæ, уый рæстзæрдæйæ, æргомæй йæхи андзары йе знæгтыл, хин æмæ галиу митыл æлгъ кæны, хатыр нæ зоны, йæ сæрæй йæ къæхтæм фесты маст».— Ахæм аргъ кæны Батрадзæн Абайты Васо, Батрадз у æндонбуар, байсæрыдта йæ Нарты хæлар уæларвон Куырдалæгон. Батрадз басаста æнæбасæтгæ Гуры фидар. Фервæзын кодта Уырызмæджы æмæ бафхæрдта æнаккаг уæйгуыты. Ноджы ма тохы бацыдис уæларвон дауджытимæ дæр. Уыдонæй исы йæ фыд нæртон Хæмыцы туг. 

Нарты хистæртæ Батрадзы банымадтой нæртон адæмы хуыздæрыл. Кæцыфæнды æвзонг лæппу дæр иудадзыг бæллыд Батрадзы хуызæн ныфсхаст, уæздан, хæрзæгъдау, хæдæфсарм лæг суæвынмæ. Уымæн æмæ Нарты Батрадз адæмы цæсты у нæлгоймаджы æмæ хæстон лæджы идеал. 

Нарты кадджыты бирæ ис алæмæты хабæрттæ. Нæртон адæм æмбарынц мæргъты æмæ сырдты æвзагæй. Хъæбатыртæн сæ тохы æххуыс кæнынц алæмæты бæхтæ æмæ хотыхтæ. Нарт хæларæй цæрынц хуыцæуттимæ, фæлæ семæ тох дæр кæнынц. Хуыцæуттæ та сæхи дарынц адæмы хуызы — вæййынц уазæгуаты, бацæуынц быцæуты, тохты, мæлгæ дæр акæнынц адæмы хуызæн. 

Æртæ мин азы цæрынц Нарт нæ дзыллæйы зонды, æмæ æрмæст сæ бæхтимæ ныхас кæнын, кæнæ уæлæрвтæм тæхын кæй зыдтой, канд уый тыххæй нæ. 

Нарты эпос у адæмон аивады цытджындæр æмæ ахъаззагдæр уацмыс. Аивад та кæддæриддæр æфснайдæй дары æмæ хъахъхъæны адæймаджы тæккæ хуыздæр æмæ рæсугъддæр миниуджытæ. Нарты кедджытæ сты адæмы хæзнадон. Фæлтæрæй-фæлтæрмæ лæвæрд цæуынц се ’нусон хъæздыгдзинæдтæ: лæджыхъæд æмæ хæдæгъдау, сыгъдæгзæрдæ хæлардзинад æмæ рæстдзинад. Фæлæ, æнæмæнг, се ’ппæты сæр у райгуырæн бæстæмæ, хи адæммæ, мадæлон æвзагмæ уарзондзинад. Уыцы хæзна, уыцы миниуæгæн дзы æмбал нæй. 

 

Ирон адæм хæххон кæмтты
 

Мангол æмæ тæтæры ханты, стæй та Тимуры бырсты фæстæ аланты бæстæ баззадис дæрæнæй. Адæмæй дæр бирæ фæцагъды, аирвæзти ма дзы искуы-иутæ. Æмæ уыдон сæрæвæрæн скодтой ногæй хиуыл схæцынæн, цард аразынæн. Уымæй райдыдта сæ фæндаг ирон адæмæн XV æнусы. 

Истори кæцыфæнды адæмæн дæр у бæрзонд асиныл хæрдмæ хизæгау. Сабыр цардмæ, амондмæ, рæстдзинадмæ. Фæлæ алы къæпхæнмæ дæр хизынц, бирæ фыдæбæттæ æвзаргæйæ, тугуарæн хæстытæ æййафгæйæ, иутæ иннæты фæллой ссивгæйæ. Гуыргъахъ зынвадат фæндагыл бирæ алымыггаг адæмтæ скуынæг сты, фесæфти сæ кой. Чи та ма абон дæр цæуы уыцы фыдæбоны фæндагыл. Ирæттæ цы бирæ хъизæмæрттæ бавзæрстой, уыдоны азарæй сæ «асиныл» цалдæр къæпхæны дæлдæр æрхаудысты. Нал сæм æрмгуыстгæнæг баззад, нал — къупец. Уымæн æмæ сæ сахартæ ныппырх сты, дур дзы дурыл нал баззадис. Уæдæ сæ къухæй фæхаудысты бæркаддæттæг лæгъз быдыртæ дæр æд цæттæ хæдзарæдтæ. Фехæлдис адæмы паддзахадон иудзинад. 

Уыдæтты фæстæ ирæттæ къордгай ныйисты хæххон кæмтты, æрæнцадысты къаннæг зæххы гæппæлтыл. Æмæ алцæмæй дæр æххуыс кодтой сæ кæрæдзийæн. Æрмæст афтæмæй уыд аирвæзæн хæхбæсты. 

Зонæм, Кавказы бæрзонд хæхты рæгътæ рарæнхъ сты ныгуылæнæй скæсæнырдæм Сау денджызæй Хъаспийы онг. Сæ цæгатварс фæхстæ сын схуыдтой Цæгат Кавказ, хуссарвæрстæ та — Фæскавказ. Ирон адæм цардысты Цæгат Кавказы дæр æмæ Фæскавказы дæр. Цæгатаг æмæ хуссайрæгтыл сæ бадих кодтой хæхтæ. 

Цæгат Ирыстоны ирæттæ цардысты фондз сæрмагонд комæй1: Тæгиатæ, Куырттатæ, Уæлладжыр, Туалтæ æмæ Дыгургом. Уæвгæ та фæзындысты алы рæстæджыты. Сæ рагондæртæ сты Уæлладжыр æмæ Дыгургом. Фæлæ адæмы нымæц куыд рæзгæ цыдис, афтæ зынын байдыдтой иннæ кæмттæ дæр. 

Таурæгътæм гæсгæ Куырттаты комæн сæрæвæрæн скодтой уæлладжырон дыууæ æфсымæры — Куыртта æмæ Тæга. Уалынмæ æфсымæртæ фæбыцæу сты, æмæ Тæгайы хæдзарвæндаг йæхи айста сыхаг коммæ. Уым æрбиноныг сты Тæгиатæ. Алы хицæн комы дæр уырныдта, иу бындурæй, иу фыдæлæй кæй равзæрдысты, уый. Уæлладжыр сæ фыдæлыл нымадтой Ос-Бæгъатыры. 

Скифты кадæджы кæй кой кæнынц, уыцы паддзах Таргитайы хуызæн Ос-Бæгъатырæн дæр цардис æмæ уыдис æртæ фырты — Сидæмон, Цæразон æмæ Къусæгон. Æмæ скифты таурæгъы уæларвæй æрхаугæ сызгъæрин дзаумæттæ æртæ æфсымæры кæстæр Колаксайы къухмæ куыд бацыдысты æмæ уый охыл паддзах куыд сси, афтæ Сидæмон, Цæразон æмæ Къусæгон дæр се ’хсæн байуæрстой сызгъæрин дзаумæттæ ахæм нысаниуæгимæ: дзуары лæг, хæстон æмæ хуымæтæджы кусæг. Уæды рæстæгмæ ирæттæм паддзах нал уыд. Æмæ сæ хъуыдис фæллой кæнын, знагимæ хæцын, стæй хуыцаумæ кувын, Гъе афтæ амыдтой уыцы алæмæты сызгъæрин дзаумæттæ дæр: кувын, хæцын æмæ кусын. 

Хæххон кæмттæм бацæуæнтæ æхгæд уыдысты хъахъхъæнæн бæрзонд къултæй æмæ мæсгуытæй, Хъахъхъæнæн бынæтты бадтис радгæс хъалагъуртæ. Комæн йæ зæххыл цы æддагон бæлццон ахызтаид, уымæй домдтой фиддон. Фæдисы заман ком хæстмæ цыдысты æмхуызонæй. Алы бинонтæ дæр тохмæ æрвыстой сæ хуыздæр хæстоны. 

Алы комы цæрджытæ дæр райдианты уыдысты æмсæр, æмбар. Алкæмæн дæр уыди зæххы хай райсыны бар. Ахсджиаг хъуыддæгтæ лыг кодтой адæмы тæрхоны. Хуыдтой йæ Ныхас. Уырдæм-иу æрæмбырд сты хъæуты æмæ мыггæгты минæвæрттæ тæрхон кæнынмæ. Стæй ма алы хъæуы дæр уыди йæхи чысыл Ныхас. 

Куыдфæстæмæ кæмтты зынын байдыдтой сæрæндæр, тыхджындæр мыггæгтæ, фылдæр зæххытæ кæмæ уыд, уыдон. Æмæ ахæм тыхджындæртæй, бонджындæртæй аразгæ рауади мæгуырдæрты цард. Адæмон æмбырдтæн та куыдфæстæмæ къаддæргæнгæ цыди сæ ахадындзинад. Æмæ ницуал ахъаз уыдысты æмсæрдзинад бахъахъхъæнынæн. Бонджын хъæздыг— дæр кодта, мæгуыр — дæвдæгдæр. 

Комы хицаудзинад Дыгургомы сæ къухмæ райстой Бадилайы байзæддæгтæ. Уыдон уыдысты авд мыггаджы æмæ сæ хуыдтой иу номæй — бадилатæ. Бадила йæхæдæг кæддæр Дыгурмæ бацыдис хъахъхъæнæгæй. Уым бакуыста иуцасдæр исбон æмæ йæхиуыл фæхæцыд. Бадиламæ иннæтæй хъауджыдæр хæцæнгарзæн уыди топп, адæммæ та æрмæст фат. Уыйадыл Бадила сси хæстон раздзæуæг. Йæ байзæддæгтæ та æхсæнады æппæт хъомхизæнтæ банымадтой сæхи сæрмагонд исбоныл. Уыйадыл хъахъхъæнджыты фиддон нымад æрцыдис æнæмæнг хъалоныл. 

Сæ бартæ фæпарахатдæр кæныны, сæ авналæнтæ æддæдæр айтындзыны охыл бонджын мыггæгтæ бырсын байдыдтой сыхаг кæмттæм, кæйдæр зæххытæм. Ахæм мадзæлттæй ссывтой бирæ исбон, истой уацайрæгтæ. Хæстытæ, тохтæ та мæгуырдзинад æфтыдтой фыццаджыдæр хуымæтæг фæллойгæнджытыл, хуымгæнджытыл. 

Ирон адæмы рагæй дæр фæндыди хæларæй цæрын гуырдзыимæ, кæсæгимæ, мæхъхъæлимæ, балхъаримæ. Ирæттæй бирæ цыдис гуырдзыйы æфсадмæ. 

Цыппар æнæхъæн æнусы фæцардысты ирон адæм хæххон кæмтты, уым цалдæр хайыл бадих уæвгæйæ. Фæлæ сæ иудзинад уæддæр нæ фесæфтис, нæ йæ бауагътой фехæлын. Ирыстон сæ иумæйаг райгуырæн бæстæ уыди тæгиатæн дæр æмæ дыгурæн дæр, хуссайрæгтæн дæр æмæ цæгат ирæн дæр. 

 

Ирон зæхкусæджы цард
 

Ирон зæхкусæг уыди фыййау дæр æмæ хуымгæнæг дæр, стæй гæрзарм хъæууон алы куыстмæ. Афтæмæй уæддæр мæгуырдзардæй фервæзыны амал нæ ардта. Хæхты карз бæстыхъæд æмæ йын дурджын зæххы гæппæлтæ ницы фадат лæвæрдтой йæ цард фæхуыздæрæн, уæлдайдæр дæргъæй-дæргъмæ хъызт зымæг æрвитгæйæ æмæ тыхкуыст кæнгæйæ. 

Сæрдыгон хъомхизæнтæ дардыл ныззылдысты хæхты фæхстыл бæрзонд рæтты. Æмæ уым бæргæ уыд зымæгваг хос ныккæрдæн. Уымæ гæсгæ хæххон адæм дардтой фыстæ, сæгътæ, хъомвос æмæ бæхтæ. Хуымзæххæй та уыдысты æгæр мæгуыр, кæмтты нарджыты дæлиау кæмдæр дурджын хæрз чысыл гæппæлтæ. Кæм радтаиккой уыдон афæдзваг хор! Уымæй сæ бакусыныл хъуыдис бирæ фыдæбон. Хуым кæныны агъоммæ сæ ссыгъдæг кæн дурæй, сæ алфамбылай сараз гæрæнтæ, тымыгътæ æмæ сæ къæвдайы зæй тæ цæмæй нæ аластаиккой, уый тыххæй. Уæвгæ та-иу ахæм зæйтæ ракалдис, тыллæг нæ, фæлæ ма-иу мæр дæр чи ахафта. Хуымзæхх фæстæмæ ногæй сбæззын кæнынæн зæхкусæджы хъуыдис мæр кæцæйдæр æрбахæссын æмæ йæ хуымтыл байзæрын. Хуым та кодтой хъæдын дзывырæй, галтыл ифтыгъдæй. Байтыдтой-иу сысджы, хъæбæрхор, еуу, мæнæу. 

Уæ зæрдыл ма кæд лæууы Хетæгкаты Къостайы радзырд «Дзæбидырдзуан». Уым æвдыст цæуы ирон зæхкусæг Тедойы хæдзар. Йæ кæрт у дыууæ хатæныл дихгонд. Кауы хæдфæстæ фыццаг хатæны дардтой сæгътæ. Дыккаджы та цардысты бинонтæ сæхæдæг. Сæ цæрæнуатмæ хуссарырдæм къулы чысыл хуынкъæй калдис рухс, Уый уыд сæ рудзынг. Зæхбын хæдзарæн йæ бæрæгастæу — артдзæсты къона. Фæздæг хæрдмæ калдис цары хуынкъыл, ердо йæ хуыдтой. Артдзæсты сæрмæ аг ауыгъд. Хæдзары æрыгон æфсин, чындз тар ссадæй гуылтæ кæны æмæ сæ тæвд фæнычы фыцы. Къонайæн иннæрдыгæй фарс бады бинонты буц хистæр æмæ йæ хъæбысы рæвдауы дзидзидай сывæллон. 

Уæды заман сабитæ тагъд хызтысты хистæрты рæнхъмæ, цыма тагъддæр рæзыдысты, уыйау. Æртындæсаздзыд лæппу йæ фыдæн гъæйттæй æххуысхъом уыд алы куысты дæр. Æхсæрдæсаздзыд та нымад цыдис æххæст лæгыл. Цыппæрдæсаздзыд чызг зилæнтæ кодта йæ хæдзары æппæт куыстытыл. Суанг ма зыдта хуыйын æмæ цъында кæнын дæр. 

Хæдзары цыдæриддæр хъуыдис кусæнгарзæй, мигæнæнæй, аразинагæй — иууылдæр сæ зæхкусæг кодта йæхи дыууæ къухæй. Уæззау, стыр куыст ын æнцондæрæй, рæвдздæр цæмæй бантыстаид, уый тыххæй та-иу æххуысмæ фæдзырдта сыхæгтæм, хъæубæстæм. Уыцы æгъдау хуыдтой «зиу». 

Зындгонд у: алы хуымгæнæгмæ фаг зæххы хай нæ хаудис. Хицæн мыггæгты къухы та уый хыгъд уыди бирæ зæххытæ. Уымæ гæсгæ бинонты хорæй схæссыны тыххæй хуымгæнæг æххуырсты иста кæйдæр зæхх æмæ афтæмæй йæ цард аразгæ уыди зæххы хицауæй. Искæй хуымзæххытæ æмæ сæрвæттæн та æнæмæнг хъуыдис фидын. 

Тæгиаты ’хсæн нымадтой иуæндæс стыр мыггаджы. Уыдоны зæххытыл мæгуыр хуымгæнджытæ цардысты æнæхъæн хъæугай. Зæхкусæг бинонтæ алы аз дæр зæххы хицæуттæн лæвæрдтой фыс æд уæрыкк, хосы мæкъуыл, царв æмеа цыхтæй дæр — сæ фарчы хай. Зæхджыны быдырты хуымгæнæг лæг афæдз куыста æртæ боны лæвар. Уымæй фæстæмæ сабыр царды уыдаид, æви тохы заман, зæхкусæг иуыл уыди бонджын мыггаджы дæлбар. Нымаддæр, уæлдæр адæмы, сæ къухы бирæ зазххытæ кæмæн уыд, мæгуыртæ кæй зæххытæ куыстой, уыдоны хонынц æлдæрттæ. Иугæр хуымгæнæг æлдары зæххытæ райста бакусынмæ, йæ бинонты схæссыны фаг дзы хор сисынмæ, уæд ын цæргæ уыди зæхджыны дæлбар, зæххы хицау ын куыд зæгъа, афтæ. 

Ирыстоны афтæ карз æвæрд нæ уыдысты ахæм æгъдæуттæ. Зæхкусджыæ баззадысты сæрибарæй. Се ’лдæрттæн нæ барстой æфхæрд, уайдзæф. Дардтой хæцæнгарз. Сæрибар зæхкусæгæн йæ бон уыд цæрынмæ æндæр хъæумæ алидзын, суанг æндæр коммæ дæр. фæлæ йæм уым дæр йæхи сæрмагонд зæххы хай нæ уыд æмæ-иу бахаудис æлдары дæлбар. Æрмæст йæ уды сæрибардзинадæй уыди сæрыстыр æмæ ныфсхаст. 

Ирон адæмæй нæ рох кæнынц бирæ хъæбатыр зæхкусджыты нæмттæ. Сæ намысы, сæ лæгдзинады кой абон дæр нæры кадджыты æмæ зарджыты. Адæмæн æппæтæй уарзондæр фæци хъæбатыр Чермен, йæ зарæг ныртæккæ дæр азæлы Ирыстоны хъæутæ æмæ сахарты. 

Цæвиттон, уæздан мыггаг Тлаттатæн сæттын нæ бакуымдта кæвдæсард Чермен. Рагон заман кæвдæсардыл нымад цыди, уæздан лæгæн номылусæй чи гуырдис, ахæм лæппу. Йæ хъæздыг фыды бынтæй-иу кæвдæсардæн бахай кодтой иуцасдæр зæхх, стæй-иу æй банымадтой сæрибар зæхкусæгыл. Йæ фыды зианы фæстæ Черменæн сæ мыггаг бахай кодтой æрнæджытæ æмæ гæмæхтæ. Номдзыд Тлаттатæ уымæй бафхæрдтой сæ иунæг æнæхицау кæвдæсарды. Фæлæ Чермен быдырмæ рацыдис æмæ æдæрсгæ бахуым кодта Тлаттаты зæххытæн сæ дзаджджындæртæ. Ноджы ма сойджын сæрвæттæй дæр атардта йæ сæрыстыр мыггаджы фос. Тлаттаты хъæздгуытæ куыннæ фæтарстаиккой! Черменыл фæтых уæвыны ныфс æмæ хъару сæм нæ разындис. Æмæ уæд хинæй рацыдысты æнæхин, æууæндаг лæппуйыл. Бафидауын æй кодтой сæ мыггагимæ, радтой йын зæхх, зæрдæ йын бавæрдтой хæларæй цæрыны тыххæй. Чермен баууæндыд, уæдæ цы, йæ номдзыд мыггагыл æмæ ныббарста йе ’фхæрд. Ууыл иуцасдæр рæстæг куы рацыдис, уæд Тлаттатæ сфæнд кодтой кæдæмдæр абырсын, кæйдæр ассæндын. Семæ ахуыдтой хъайтар Чермены дæр, уæдæ цы уыдаид. Фæндагыл бафтыдысты тар хъæдмæ. Уым ссарын хъуыдис раст фæндаг, æнæ фæрæдигæ дарддæр кæуылты ацыдаиккой, уый. Цæрдæг Чермен иуварс авæрдта йæ хæцæнгарз æмæ бæрзонд бæласы цъупмæ схызтис, уырдыгæй афæлгæсон, зæгъгæ. Раст уыцы сахатмæ æнхъæлмæ кастысты Тлаттаты гуыппырсартæ дæр. Сæ топпытæм февнæлдтой æмæ бæласы сæрмæ фехстой бецау Чермены. Йæ рухс ном Ирыстоны мыггагмæ баззадис адæмы бартыл, рæстдзинадыл тохы нысанæн. 

 

Ирон адæмы æгъдæуттæ æмæ хи дарыны уаг
 

Адæмыхаттæн йе ’гъдæуттæ куынæ зонай, уæд ын йæ истори нæ бамбардзынæ. Исты хабар æрцæугæйæ, сæхи куыд æвдыстой адæм? Хи куыд дардтой хæдзары мидæг æмæ æхсæнады? Уыцы фарстытæн дзуапп разындзæн сæ историйы. 

Ирæтты æхсæнадон царды адæм алцыдæр кодтой æргомæй, фæсаууон ницы хабар æмбæхстой. Кады хъуыддагæй, æгадæй — цыдæриддæр сæм цыдис, уый алчидæр зыдта, алы адæймаг дæр æй уыдта æргом. Ирыстоны æппæтæй стырдæр хорзæх уыди, адæймагæн йæ амæлæты фæстæ йæ ном куыдæй баззайдзæн, уый. Адæм зарджыты зарыдысты тохы хъæбатыртыл. Худинаджы зарæг та-иу скодтой тæппудыл, кæнæ фæлитой лæгыл. 

Быцæутæ, хылтæ, стæй фыдгæнды хъуыддæгтæн тæрхон кодтой сæрмагонд лæгты къорд. Тæрхонгæнджытæй æззæрстой дзырддзæугæ лæгты, адæмы æхсæн кад æмæ рад кæмæн уыд, ахæмты. Цы тæрхон рахастаихкой, уымæн æнæ сæххæст хос нæ уыд. 

Ирæттæм уæлдай цытджын уыди зæронд лæг. Бинонты æхсæн дæр æмæ æппæт адæмы астæу дæр зæрæдтæн кодтой кад, æгъдау. Стыр аргъ уыди сæ фæлтæрддзинадæн, сæ уынаффæтæн, сæ зонды ныхæстæн. Æрыгæттæ хистæрты цур не ’рбадтаиккой æмæ сæ дзыхæй дзырд не суагътаиккой. Ныхасгæнджытæм сæ дзырд нæ баппæрстаиккой, куы ничи сæ фарстаид, уæд. 

Буц хистæртæ сæ кæрæдзи æхсæн мысыдысты рагон бæгъатырты сгуыхты хабæрттæ, сæхæдæг се ’рыгонæй цы хæстон уылæнты бахаудысты, уыдæттæ. Ракодтой-иу нæлгоймæгты кой дæр, æнæуаг ныхас кæй дзыхæй схаудис, æнаккаг ми йæ сæрмæ чи ’рхаста, уыдонæн уайдзæфæн. Сæ хъус тынг дардтой фæсивæды уагмæ. Уыдæттæ иууылдæр ирон адæймагæн уыдысты карз скъола хæрзæгъдауы фæндагыл æй сæвæрынæн. Адæмы цæст уынаг у, уый чидæриддæр зыдта æмæ йæхи хорз дарыныл архайдта. Лæгау лæг хъуамæ уа кад æмæ рады адæймаг. Намыс нымад уыди цардæй зынаргъдæрыл. «Æгады цардæй мæлæт хуыздæр» — уый дын ирон адæймаджы нысан, кæмдæриддæр æмæ кæддæриддæр уыцы фæткæй иуварс нæ хызтис. 

Ирон лæджыхъæдыл нымадта раст æмæ æргом дзурын, ныхасæн хицау уæвын æмæ æмгары зæрдæхудты нæ цæуын. Æппæтæй сæйрагдæр та йæ миниуджыты уыди бахъуаджы сахат хиуыл нæ бацауæрдын, суанг мæлæты сæр райсыны онг. Йæ хъæбатырдзинад, мæлæты цæстытæм кæсгæйæ, бирæ зарджыты баззадис ирон лæгæн. Уыимæ адæм аргъ кодтой æмбæлгæ хъæбатырдзинадæн, æнæхъуаджы æнæсæрфат сонт сгуыхтæн нæ, фæлæ. Уымæн æмæ хатгай амæлын æнцондæр вæййы кады хæс кæронмæ ахæццæ кæнынæй. Зæгъæм, мæлæты сæр æнцондæр райсæн у Райгуырæн бæстæ бахъахъхъæнынæй, кæнæ бартыл тох кæнынæй. 

Уæлдай кадджындæр нæлгоймагыл нымадтой, йæхиуыл хæцын чи фæрæзта, йе ’нкъарæнты рохтыл хæцын кæй бон уыд, уый. Адæмы цæсты уæлдай кад кодтой мадзурайæ уæздан æмæ фæразон лæгтæн, хæцæнгарз йæ къухмæ исты ахъаззаг хабарæй фæстæмæ чи нæ иста, ахæмтæн. Хæд-зонд, уæздан лæг йæ сæрмæ нæ хаста йæхицæй лæмæгъдæры афæлдахын, кæнæ æдыхдæры абырсын. Æнæхæцæнгарз лæгмæ та йæ къух дæр ничи систаид. 

Йæ сабийы бонтæй фæстæмæ ирон сывæллоны ахуыр кодтой хи дарыны æгъдæуттыл, аив дзурыныл, зарын æмæ кафыныл, дыууадæстæнон, кæнæ хъисын фæндырæй цæгъдыныл. Алы ирон дæр зыдта йæ мыггаджы равзæрд, йæ фыдæлты цыт, æмæ сæрыстыр уыд сæ намысæй; йе ’гъдауæй, йæ уагæй хъахъхъæдта хистæрты намыс, архайдта мыггаджы цæсгом нæ фæчъизи кæныныл. 

Мыггаг та дзуапдæттæг уыдысты се ’хсæн алкæй тыххæй дæр. Кæд, æмæ дзы искæй амардæуыдаид, кæнæ фæцæфчындæуыдаид, уæд хæстæджытæ, хионтæ, мыггаг æмхуызонæй сыстадаиккой йæ сæрыл, райстаиккой сæ хæс. Афтæмæй-иу хатгай туджджынтæ рахастой цалдæргай фæлтæртæ. 

Туджджынты бафидауыны хæс сæхимæ истой адæм æмхуызонæй. Кæд æмæ, кæй амардæуыд, уымæн ма йæ ныййарæг цардис, уæд фидыды нысанæн уый хъуамæ йæхицæн фыртыл банымадтаид йæ туджджыны. Уый тыххæй туджджын æгъдаумæ гæсгæ хъуамæ фæхъæстæ уыдаид мæрдджын сылгоймаджы æхсыры цъырттæй. 

Туджджыны аххос æмхуызонæй сæхимæ истой йæ мыггаг. Уый охыл чысылæй-стырæй, зæрондæй-ногæй æнæхъæн мыггаг сæ зонгуытыл хъуамæ бацыдаиккой зианы хæдзармæ. Лæг амарын ирон адæм нымадтой æбуалгъ тæригъæдыл. 

Туг сылгоймагæй ничи иста. Сылгоймаг сæ туджджын мыггаджы æхсæн куы лæууыдаид, уæддæр æм дзырдхъом ничи уыд, ничи йæ бафхæрдтаид. Ирон лæджы хæс уыд сылгоймагæн аргъ кæнын. Йæ бафхæрынæй та йæхи фегад кодтаид кæцыфæнды хорз лæг дæр. Сылгоймæгты цур нæлгоймаг тызмæг ныхас нæ кодта, хæцæнгарзмæ не ’внæлдта. Цыфæнды хъаугъа дæр уайтагъд фæсыкк уыдаид, сылгоймаг хылгæнджыты цурмæ куы базындаид, уæд. Ирон сылгоймаг кæддæриддæр зыдта, нæлгоймаг ын кад æмæ æгъдау кæй скæндзæн, стæй йын бахъуаджы сахат æххуыс дæр кæй фæуыдзæн, уый. Сылгоймагæн салам лæвæрдтой лæугæйæ, нæлгоймæгтæиу сæ бадæнæй сыстадысты, афтæмæй. Стæй йын йæ фæндаг дæр никуы лыг кодтой. Сылгоймагимæ иумæ цæугæйæ та нæлгоймаг хъуамæ цыдаид галиуырдыгæй фарс. 

Алы адæмæн дæр йæ æгъдæуттæ сты удгоймаджы хуыздæр миниуджытæ хъомылгæнæг, лæг тыхджындæр, зæрдæрайгæдæр, рæдаудæр цæй ахъазæй кæны, уыдон. Ирон адæм куыннæ федтой бирæ хъизæмæрттæ, бирæ фыдæбæттæ. Фæлæ афтæмæй уæддæр се ’ргом никуы раздæхтой хæрамдзинад æмæ æнаккаг митæм, никуы сæ бауагътой æввахс сæ кадджын æмæ карз æгъдæуттæм. Ироны зæрдæмæ никуы цыдысты къæрныхтæ, фæлитойтæ, цæстфæлдахджытæ, сайæгойтæ, къулбадджытæ, æнæфсарм, æнæбон хъалтæ, Суанг ма-иу хионты зæрдæ дæр фæхудтис, уазæгæн æгъдау чи нæ радтаид, кæнæ фæдисмæ чи нæ ракастаид, уыдоныл. 

Ирон адæм æууæндыдысты сæхи дзуæрттыл æмæ сæм куывтой æххуысмæ дæр. Хуымгæнæг йæ зæрдæ дардта æрвнæрæг Хоруациллайыл, йæ хуымтæ йын бахъахъхъæндзæн ихдзагъдæй, зæгъгæ. Фыййæуттæ куывтой бирæгъты бардуаг Тутырмæ, сæ фос сын нæ бахъыгдарыны лæгъстæмæ. Фысты бардуаг Фæлвæра та хъуамæ ахъаз кодтаид дзугты нымæц рæзынæн. Цуанæтты рæствæндаджы хорзæх аразгæ уыд Æфсатийæ. Тохы быдырмæ, кæнæ дард фæндагмæ цæугæйæ та кувын хъуыд Уастырджийæн — фæндараст фæуыны тыххæй. 

Раст зæгъгæйæ, Уастырджийæ фылдæр никæмæн куывтой ирон адæм. Уымæн æмæ уыцы дзуар у нæлгоймæгты, хæстон лæгты æмæ фæндаггæтты бардуаг, рæстзæрдæ æмæ хæрзæгъдау, хæд-зонд адæмы хъахъхъæнæг, хуыснæджыты æмæ лæгмарты знаг. 

Адæмы цæстытыл Уастырджи уайы æрдхæрæны барæджы хуызы, йæ урс бæхыл бадгæ. Ирæттæ æнхъæл уыдысты, цыма Уастырджи уæлæрвтæй зæхмæ дæр арæх æрхизы. Æмæ, дам, мæгуыр зæронд лæджы хуызы бацæугæйæ йæ цæст ахæссы адæмыл, кæрæдзимæ цы зæрдæ дарынц, цы мигæнæг сты, уыдæттыл. Стæй бафхæры, искæй хъыгыл, искæй тыхстыл чи нæ хъыг кæны, чи нæ тыхсы, уыдоны. 

Рагон ирон адæмы æгъдæутты тыххæй бирæ бакæсæн ис чингуыты, бирæ фехъусæн ис хистæр фæлтæртæй. Бирæ хорз æгъдæуттæ нæм баззад абоны онг уæды заманæй. Æмæ уый хорз у. Хи адæмы æгъдæуттæ æнæмæнг зонын хъæуы кæмæндæриддæр. Æрмæст уæд раст аргъ кæнын базондзынæ иннæ адæмты æгъдæуттæн дæр. Стæй бамбардзынæ, алы адæмты æгъдæуттæ кæрæдзи æнгæс кæй сты, уый. 

Зæгъын хъæуы, иннæ адæмты хуызæн ир дæр кæй тарстысты æрмæст дыууæ хъуыддагæй — æгадми æмæ тæригъæд хъуыддаг бакæнынæй. Æмæ уый сæ къухы æфтгæ дæр кодта. Æгад митæй ирвæзтысты сæ хæд-зонды, сæ лæгдзинады фæрцы. Тæригъæд митæй та сæ бахызтой се ’фсарм, фыдæлты намыс æмæ зæрдæйы парахатдзинад. 

 

Тох æцæгæлон лæбурджытимæ
 

Цæрæнбонты дæр Кавказмæ тырныдтой алыхуызон лæбурджытæ. Æмæ диссаг куыннæ у: цæмæ дзы бæллыдысты? Йæ гæмæх къæдзæхтæм? Æви мыййаг, кæд искæй хъыгдардтой ныфсхаст, куыстуарзон хæххон адæм? 

Æркæсæм-ма уæдæ географион картæмæ. Кавказæн йæ бынат æрæййæфта тынг пайда ран, Азийæ Европæйы ’хсæн, Сау денджызæй Хъаспийы астæу. Кавказы зæххыл цыдысты иууыл ахсджиаг хæстон æмæ базарадон фæндæгтæ. Уымæ гæсгæ Кавказ кæй къухы бафтыдаид, уыцы фæрныг паддзахад суыдаид денджызты æмæ хъæздыг базарты хицау. 

Кавказы адæмтæ ивгъуыд заманты цардысты кæрæдзийæ иртæстæй. Суанг ма алы адæмыхатт дæр йæхимидæг дихтæгонд уыд хицæн сæрмагонд æхсæнæдтыл. Афтæ дихтæй цардысты ир дæр. Фæлæ Кавказ байсын уæддæр никæй къухы бафтыд. Хæхтæ сæхæдæг сты æрдзæй лæвæрд æцæг фидар гæнах. Фæлæ хæххон адæм сæхæдæг дæр хъæбатырæй хъахъхъæдтой сæ хæдбар. 

Ирон адæм иу æмæ дыууæ хатты нæ басастой сæ тыхгæнджыты. Иу ахæм тохы бацыдысты XVIII æнусы райдиан, Дыгурмæ Хъырымы ханты æфсад куы ’рбабырста, уæд. 

Цæвиттон, Сызгъæрин Орда куы фæцудыдта, æмæ хæлын куы байдыдта, уæд Хъырымы фæзындис тæтæйраг ханты сæрмагонд паддзахад. Хицауиуæг ын кодта Турк. Уыцы заман Хъырымы хантæ æрбабырстытæ кодтой Цæгат Кавказмæ, атæлæт-иу кодтой уацайрæгтæ дæр æмæ кавказаг адæмтыл æвæрдтой хъалон. 

Тæтæр æрбахæццæ кæнынц, уый дыгур куы базыдтой, уæд æрæмбырд сты фæдисмæ, уæдæ цы уыдаид. Сæ сæргъы æрлæууыд Бадилайы байзæддаг уæздан мыггагæй Тугъанты Елбердыхъ. Адæмы зæрдæмæ тынг цыдис йæ хъæбатырдзинады æмæ йæ куырыхон зонды тыххæй. Стæй канд æхсарджын хæстон нæ уыд Тугъаны-фырт, фæлæ йæ зыдтой арæхстджын раздзæуæгæй дæр. Елбердыхъы бафæндыд знагыл комы дымæгмæ сæмбæлын. 

Ирон хæстонтæ рацыдысты нысангонд ранмæ, мидæгхохмæ йын фæндаг нæ раттыны тыххæй. Адæм та комы сæхи цæттæ кодтой сæ зæхх бахъахъхъæнынмæ. Æмæ, æвæдза, тæтæр баирвæзтысты мидæмæ, уæд сæ тæрных скъуырдтаиккой хъæутæм бацæуæн фидæрттыл æмæ æнæбасæтгæ мæсгуытыл. Ноджы ма хъæуты цæрджытæ хæцæг æфсадæн цæттæ кодтой топпыхос æмæ нæмгуытæ. 

Коммæ бахизæны знаджы æфсадыл йæхи андзæрста Елбердыхъы хæстонты къорд. Знаджы æфсады бæрæгастæу æваст смидæг сты ирон барджытæ. Ахæм тыхы ныхмæ тæтæр нæ бафæрæзтой æрлæууын æмæ уайтагъд сæ сæр сæ кой сси, фездæхтысты сæ фæд-фæд. Нæ сын бантыстис Дыгургоммæ бацæуын. Афтæ сæ ныддæрæн кодтой Дыгуры æвзыгъд хæстонтæ æмæ намысимæ æрыздæхтысты сæ къонамæ. 

Ир фæуæлахиз сты уымæн, æмæ хъахъхъæдтой сæ райгуырæн зæхх, сæсæрибар. Уымæй растдæр æмæ фæрнджындæр нысан нæй нæ царды. Йæ хæдбарыл тохы цыфæнды чысыл адæмæн дæр æнæ фæуæлахиз хос нæй домбай æфсадыл дæр. 

Уыцы хабар æнæзонгæ не сты, кæйдæр зæххытæм чи тырны, уыдон сеппæт дæр. Ныфсхаст æмæ æхсарджын адæмимæ фембæлгæйæ, лæбурæг æфсæдтæ бирæ хатт аздæхынц хъæмæ. Гъе афтæ Доныфарсæй æгад, æдзытæй аздæхти кæсгон æлдар Сари-Аслæнбег Кайтукин дæр. 

XVIII æнусы фыццаг æмбис Кæсæджы цардис хъæздыг æмæ домбай æлдар Сари-Аслæнбег. Уыдис æм стыр æфсад. Йæ зæххытыл куыстой мингай хуымгæнджытæ. Фæлæ æлдары зæрдæмæ нæ цыдис, йæ хæстæг сыхæгтæ сæрибар кæй сты, уый. Сæрибардзинадæй уæлдай сæрыстыр уыди Доныфарсыхъæу. Æмæ æлдар сфæнд кодта уыцы хъæубæстæ байсын æмæ сыл хъалон сæвæрын. Фыццаг уал дыууæ галы барвыста иры хъомхизæнтæм. Уый бамбарын хъуыд афтæ, ома, æлдар йæхи нымайы Доныфарсы хицауыл. Фæлæ йын ир нæ ныббарстой. Аргæвстой æлдары галтæ æмæ дзы куывд скодтой. Уæд Сари-Аслæнбег æрæмбырд кодта йæ хæстон адæмы æмæ сæ барвыста Доныфарсмæ хæцынмæ. 

Ир цæттæ уыдысты се ’рбацыдмæ. Доныфарсæн йæ мæсгуытæ, йæ гæнæхтæ сæхæдæг æмбисонды фидар куы сты. Æлдары æфсад хъæуы алфамбылай куы ’рбадтис, уæд ир та бæрæгбон сарæзтой. Æхсæв-бонмæ фæкафыдысты Хъаныхъты Есейы мæсыджы сæр. 

Йæ цыргъзонд æмæ йæ æхсарæй номдзыд уыди Есе æмæ йæ Доныфарсы хъæу сæхицæн нымадтой сæрхъуызойыл. Райсомæй раджы æлдар Сари-Аслæнбег йæхи æхсадта дæрддзæф быдыры. Бæрзонд мæсыджы цъуппæй Хъаныхъты рæстдзæвин Есейы иунæг гæрахæй тæгæлтæ фæхаудис æлдары дурын. Куыннæ фæтарстаид æлдар! Фæлæ уал Доныфарсы ныууагъта сæхи бар. Бамбæрста, кæйдæр æфсад сæ хъæуы алфамбылай бадгæйæ дæр ма йæ хъæлдзæгдзинад чи нæ уадзы, уыцы адæм æнцон басæттæн кæй не сты. Бамбæрста, ахæм рæстдзæвин лæгтимæ схæцын дæр тæссаг кæй у, уый. Доныфарс сæрибарæй цæргæ баззадысты. Хъаныхъты Есейы хъыримаг та абон дæр æфснайдæй лæууы музейы. 

 

Ирон адæм куыд баиу сты Уæрæсеимæ
 

Ирон адæм XVIII æнусы сфæнд кодтой Уæрæсеимæ баиу уæвын. Уæрæсейæ сæ ныфс уыд, алымыггаг æцæгæлон лæбурджытæй сæ кæй бахъахъхъæндзысты, уый тыххæй. Сæ зæрдæ дардтой Уæрæсейыл, йæ фæрцы сын быдыры дзаджджын зæххытæм æрыздæхæн дæр кæй фæуыдзæн. 

1749 азы Бетъырбухмæ араст ирон адæмы минæвæртты къорд. Уыдысты дзы Магкæты Зураб, Хъесаты Елисей æмæ Фæрниаты Батырмырзæ. Сæрдар сын уыди Магкæты Зураб. Уый фæлтæрдджын уыд политикон хъуыддæгты. Зураб схъомыл гуырдзиаг паддзахы бинонты æхсæн. Паддзахимæ иумæ бирæ азты фæцардис Уæрæсейы. Уымæ гæсгæ зыдта уырыссаг, гуырдзиаг æмæ кæсгон æвзæгтæ. Хъесаты Елисейы та ир зыдтой æфсæддон раздзæуæгæй. Уæдæ Фæрниаты Батырмырзæ дæр адæмы астæу нымад лæг уыд. 

Уыдон Бетъырбухы ныхас кодтой Уæрæсейы империйы хицауадимæ. Куырдтой Ирыстоны йе знæгтæй бахъахъхъæнын æмæ ирæн быдырмæ ралидзынæн феххуыс кæнын. 

Уæрæсе нымадта Ирыстоны йемæ баиу кæнын ахсджиаг æмæ пайдайаг хъуыддагыл. Ирыстоны зæххыл æппæтæй æнцондæр фæндаг цыдис Фæскавказмæ — Арвыкомыл. Иры хæхты здыйы æрзæты хъæздыг æвæрæнтæ куыннæ хъуыдаиккой æхсызгон Уæрæсейы! Уымæ гæсгæ хицауад зæрдæ бавæрдта лæгъз быдырмæ иры ралидзын кæнынæй. Ирыстоны цæрджытæ хуынд цыдысты уырысы сахартæм, кæрæдзийæн товартæ уæй кæнынмæ. Фæлæ иры минæвæртты сæйраг курдиатыл Уæрæсе не сразы. Ирыстон Уæрæсеимæ баиу кæныны хъуыддагæн уыцы рæстæг фадат нæ фæци. Иран æмæ Турк хъæддыхæй лæууыдысты Уæрæсемæ кавказаг адæмты хæстæг нæ бауадзыныл. 

Нæ минæвæрттæн уæддæр бантыстис Уæрæсейы хицæуттимæ кæрæдзи бамбарын, хæлар ахастдзинæдтæ сæвæрын. Уый фæстæ уайтагъд Ирыстоны фарсмæ æрбынат кодта уырысы фидар — Мæздæг. Уырысы, гуырдзыйы, сомихы, кæсæджы хуызæн ирæй дæр бирæтæ æрцардысты Мæздæджы. 1761 азы Мæздæджы байгом фыццаг ирон скъола. Ирыстонмæ алырдыгæй цæуын байдыдтой геологтæ, сауджынтæ, æфсæддонтæ. Архайдтой йæ æрдзы хæзнатæ æмæ адæмы царды уаг лæмбынæг раиртасыныл. Туркимæ хæст куы бацайдагъ, уæд уырысы æфсæдтæн ир баххуыс кодтой Фæскавказмæ бахизынæн. 

Туркыл фæуæлахиз уæвгæйæ, Уæрæсейæн фадат фæци Кавказы зæххыл йæхи сæрибарæй, æргомæй равдисынæн. 1774 азы Цæгат Ирыстон баиу Уæрæсеимæ. Фидыды ныхас цыдис Мæздæджы. Уырдæм æрæмбырд сты ирон кæмтты минæвæрттæ. Уæрæсе дзырд радта æцæгæлон знæгтæй иры хъахъæныны æмæ сын хохæй быдырмæ ралидзынæн баххуыс кæныны тыххæй. 

Уæрæсеимæ баиуы ныхмæ сыстадысты Дыгургомы уæздæттæ. Бадилатæ старстысты, сæ хицауиуæгдзинад сæ къухæй куы фæхауа, сæ бар куынæуал цæуа хуымæтæджы адæмыл, зæгъгæ. Фæлæ хуымгæнæг дзыллæтæ нал бакуымдтой дæлбар уæвын. Бадомдтой æнæбары куыст фæкъаддæр кæнын. Уæрæсеимæ баиу уæвын. Бадилатæн ма цы гæнæн уыд адæмимæ æнæ сразы уæвгæ. 

Уæрæсеимæ баиуы хъуыддаг фарны хос фæци ирон адæмы хъысмæтæн. Нал сæм бырсæг уыд, нал — лæбурæг. Сæ цард дæр æхгæдæй нал æрвыстой. Уайтагъд рæзын байдыдтой сæ хæдзарад, сæ культурæ. 

Уæрæсейы паддзахадæн кæд йæхимидæг хъазайраг æгъдæуттæ тыхджын æвæрд уыдысты, уæддæр йемæ бирæ адæмтæ баиу. Афтæмæй та паддзах дæр æмæ уæздæттæ дæр се ’фсондзы бын дардтой уырысæн сæхи. Стæй ма архайдтой гæнæн æмæ амалæй тагъддæр сæ хицаудзинады уæззау къух иннæ адæмтыл дæр æрæвæрыныл, семæ чи баиу, уыдоныл. Гъе ахæм уавæрты ир дæр Уæрæсеимæ баиуы фæстæ уырыссаг хицæуттæй бавзæрстой æфхæрдтытæ, галиу митæ. 

Æппæт иннæ адæмты хуызæн ир дæр тох самадтой хъулондзинад æмæ цагъары ныхмæ. Паддзахы æфсæдтæ тынг карз ныхкъуырд лæвæрдтон сæ ныхмæ лæуджытæн. Уæд ма сæ уæлахиз тынг дард уыд. Фæлæ æбуалгъы тугуарæн тох цæмæ расайдта, цæмæ æрхæццæ, уый та зындгонд у абон æппæт дунейæн дæр, ома, Цытджын Октябры революци. 

XIX æнусы райдиан ирæттæ иу æмæ дыууæ хатты нæ сыстадысты сæ хицæутты ныхмæ, паддзах сын кæй нысан кодта, уыдоны ныхмæ. Уымæн æмæ ахæм æфсæддонтæ æмæ инæлæрттæ бынæттон адæмæн нæдæр се ’взаг зыдтой, нæдæр сын сæ цардыуаг æмбæрстой. Сæрибар хæххон адæм гуымиры хъæртыл ахуыр нæ уыдысты æмæ æртхъирæнтæй нæ фæтарстысты. 

Адæмы уарзондæр хъæбатыртæй иу у Алыккаты Хазби, уырысы æфсæддонтимæ хъæбысхæсты æдзардæй йæ мæлæт чи ссардта, уый. 

1830 азы Тæгиаты æхсæнады æрцыди стыр хъаугъа паддзахы хицауады хивæнд миты фæдыл. Тæгиатæн æххуысмæ фæзындысты Куырттатæ æмæ Уæлладжыр. Ирæтты ныхмæ хицауад рарвыстой æфхæрæг сæрмагонд экспедици. Сыстæг адæмыл куы фæтых сты, уæд бавнæлдтой мæсгуытæ æмæ хæххон хъæутæ дæрæн кæнынмæ. Тохмæ, хицауады ныхмæ йæ хъару бавзарынмæ чи рацыдис, уыцы дзыллæйы сæргълæуджытæ æмæ раздзæуджытæ номæй-номмæ — Санаты Беслæн, Мамсыраты Дзанхотт, Карсанаты Гуыргъохъ æмæ иннæтæ уыйадыл хаст æрцыдысты Сыбырмæ. Алы хъæубæстыл дæр сæвæрдтой хъалон. Уалынмæ ирæттæн хицауиуæггæнæгæй æрбарвыстой хæстон пъырыстыфы. 

 

Хохæй быдырмæ
 

Манголтæ æмæ иннæ фыдызнæгтæй аирвæзыны охыл кæддæр хæххон кæмттæм йæхи чи айста, уыцы ирæттæ иудадзыг дæр бæллыдысты сæ фыдæлты зæхмæ, лæгъз быдыртæм. Уынгæг кæмтты ницы фадат уыд ирæттæн се ’ппæты иумæйаг царды сырæзтæн. Адæм фылдæр кодтой, æмæ сын хæххон гæппæлтæ фаг хор нæ лæвæрдтой. 

Æмæ цæмæ бæллыдысты, уый къухы æфтын байдыдта нудæсæм æнусы фыццаг æмбисы. Уæд ирæттæ бирæгæйттæй лидзын райдыдтой быдырмæ. Уымæй размæ дæр, æвæдза, иугæйттæ фæлвæрдтой хохæй лидзын. Фæлæ сæ хъуыддаг рæстмæ нæ кодта. Гом быдыры сæ хъахъхъæнæг нæ уыди. Хæхтæй иппæрд бæгъгъæтт хъæумæ-иу сагъуыдысты сыхаг æлдæртты æмæ фыдгæнджыты къордтæ æмæ-иу æй уайтагъд адæрæн кодтой. Тæссаг нæ уыд æрмæстдæр ахæмтæн, быдырмæ æмзонд æмхуызонæй бирæ хæдзæрттæй чи лыгъдис, стæй иу ран, иу хъæуы чи æрцардаид. Уый пайдайы хос уыд канд ирон адæмæн нæ, фæлæ Уæрæсейæн дæр. 

Уырысы æфсæддонтæй æмæ сæ раздзæуджытæй Кавказы зæххыл чи цардис, уыдон хæлц ластой дардæй. Æнæмæнг, ууыл цыд бирæ хардз æмæ фыдæбон. Ирон хуымгæнджытæн та, дзæгъæл быдыртæ бахуым кæнгæйæ, фадат уыдаид сæ хорæй иуцасдæр уæй кæнынæн. Паддзахы хицауады ма ноджы бафæндыд, цæмæй сын ирон адæм баххуыс кодтаиккой Арвыкомы фæндаг хъахъхъæнынæн. Уыцы заман Уæрæсейæ Фæскавказмæ уымæй хæстæгдæр æмæ æнцондæр фæндаг нæ уыд. Йæ сæр райдыдта Цæгат Кавказы лæгъз быдыры, стæй Дайраны комы уæлæмæ фæхæрд кодта, Бæрзæфцæг кæй хуыдтой, уырдæм. Æмæ йыл бæлццæттæ æдасæй цæмæй цыдаиккой, уый тыххæй фæндаггæрон кæрæй-кæронмæ æрцæрын кодтой ирон хъæутæ æмæ хъазахъы станицæтæ. 

Быдыры ног хъæутæн сæ фылдæрæн бындур æрæвæрдтой хъæздыг æмæ уæздан мыггæгты бинонтæ. Æмæ зæхкусджыты ралидзынмæ сразæнгард кæныны тыххæй сын зæрдæ бавæрдтой, зæххы тыххæй сæ хъалон нал домдзысты, зæгъгæ. Хъæуы мидæг та цас фылдæр адæм цæра, уыйас æдасдæр у тыхгæнджытæй. Фæлæ цалынмæ быдираг хъæутæн тæссаг уыд æцæгæлон лæбурджытæй, уæдмæ зæххы хицæуттæ сæ дзырд нæ сайдтой, фиддон нæ домдтой. Стæй куыдфæстæмæ адæмы нымæц куы рæзыд, цард куы æрбиноныг, лæбурæг куынæуал уыд, уæд æлдæрттæ бадомдтой хъалон, зæхкусджктæй хæхбæсты куыд истой, афтæ. 

Ныртæккæйы сахар Беслæн раздæр хъæу уыд. Йæ ном ын Беслæныхъæу схуыдтой — ам фыццаг æрцæрæг Тлаттаты Беслæны номмæ гæсгæ. 

Хуымæллæджы æмæ Кæрдзыны хъæуты зæххыл хуымгæнæг бинонты æрцæрын кодтой Дудараты уæздæттæ, Быдыры Хъахъхъæдуры — Дзантиатæ, Бруты та — Санатæ. Ныртæккæйы Джызæлы зæххыл фыццаг цардис цалдæр чысыл хъæуы. Уым йæ фыд Осмæны хъæуы райгуырдис фыццаг ирон поэт Мамсыраты Темырболат. 

Уалынмæ фæзындис ахæм хъæутæ дæр, зæхкусджытæ сæхæдæг сæхи ’гъдауæй кæм æрцардысты. Сæ фылдæр æрæнцадысты æппæты тæссагдæр рæтты. Уымæ гæсгæ хицауад уыдонæй домдта фæндæгтæ хъахъхъæнын, лæгъстæмæ сын фаг зæххытæ дæтгæйæ. Фæндæгтæ хъахъхъæныны охыл паддзах Никъалайы бардзырдмæ гæсгæ йæ ныры бынаты æрæнцад Елхоты хъæу дæр. 

Æлдæрттыл, кæнæ дæлбар фæрсаглæгтыл нымад ничи уыд, зæгъæм, Заманхъулы, Æрыдоны, Олгинскæйы цæрджытæй. 

Быдираг саумæр быдырты ирон адæмæн сæ сæйраг куыст сси зæхх. Хъæдын дзывыры бæсты хуым кæнын байдыдтой æфсæн гутонæй. Сæ хоры тыллæг фæци цалдæр хатты фылдæр. Уалынмæ райдыдтой халсары куыст æмæ дыргъбæлæстæ садзын. Зынгæ фæфылдæр сты фысвосы дзугтæ, хъомвос æмæ бæхрæгъæуттæ. Быдираг хъæутыл фæцæйцæугæйæ, фæндæгтæм зындысты уæрæх мустæ, мæиæуы цъынатæй се дзагæй. Цæугæдæттыл æрцарæзтой куырæйттæ. Аив æфснайд хæдзæртты кæртытæ сфидыдтой фæткъуы, кæрдо æмæ бал бæлæстæй. 

Ныр зæхкусджытæн фæци хор уæй кæныны фадат. Уæй кодтой фос дæр, стæй къуымбил, нымæт æмæ сæракæй дзаумæттæ æмæ хъæдын мигæнæнтæ. Æлхæнгæ та кодтой фабрикты товартæ — хъуымац, хæсгæрдтæ, судзинтæ, къустæ, къоппатæ. 

Зæхкусджытæ хуыздæр цæрын байдыдтой, уый æлдæрттæ куы федтой, уæд бафтыдтой хъалонтыл. Сæ зæрды æрæфтыдис быдырмæ ралидзæг адæмы пайдатæ иууылдæр сæхирдæм рассивын. Фæлæ сын сæрибар зæхкусджытæ сæ фæндтæ сæ хъуыры фæбадын кодтой. Уый нæ, фæлæ ма уæды онг цы фыстой зæххытæн, уый фидын дæр нал бакуымдтой. Уымæн æмæ, загътой, быдираг зæххытыл никæцы заман цыдис ирон æлдæртты бар, никæд уыдысты уæздæтты къухы. Ирон адæм быдираг зæххытæ райстой Уырысы хицауады руаджы. Уымæ гæсгæ уæздан лæгæн йæ бон нæу, йæ зæххыл нымад чи никуы уыд, уый тыххæй хъалон исын. Æлдæртты нымæц та бирæ къаддæр уыд хуымæтæг адæмы нымæцæй. Æмæ хъаруйæ дæр сæ ныфс нæ хастой зæхкусджыты басæттынмæ. 

Цыбыр ныхасæй, гæрзифтонг, зæхкусджытæн сæ зæрды æппындæр нæ уыд æлдæрттæн æнæсæрфат хъалон ныббарын. Хицауад та йæхи нæ тъыста ирæтты æхсæн быцæуы. Уыйадыл хъалон нал истой æлдæрттæ. Фæлæ иннæ хъуыддæгты уæддæр сæ кæнон иæ уагътой. 

Быдырмæ ралидзыны хъуыддаг кæрæдзи æрæмбарыны æмæ æнгомдзинады хос фæци ирон адæмæн. Алы кæмттæй æрцæуæггæгтæ-иу быдыры æрцардысты иумæ, иу хъæуы. Адæмæн сæ бæллицтæ, сæ фæндтæ баиу сты, се ’ппæтæн систы æмхуызон. Уæдæй фæстæмæ Ирыстон иппæрд нал уыд иннæ дуненæ. Ир бирæ цæуылдæрты сахуыр сты алы адæмтыл, стæй сын сæхи дæр фæзмыдтой бирæ хорз хъуыддæгты. 

Хæххон адæм æппынфæстаг бафсæстысты быдыры уæрæх зæххытæй. Иу бинонтау æрбангом сты. Фæлæ ма дзы хæхбæсты дæр цæргæ чи баззадис, ахæмтæ уыд иуцасдæр. Зындгонд у, нæ хæхтæ сты хъæздыг хуызджын згъæрæй æмæ алымыггаг суартæй. Хæххон хизæнты сæрдыгон хизынц бирæ дзугтæ фысæй, сæгъæй. Æрдзы рæсугъддзинад уынынмæ алырдыгæй Ирыстонмæ цæуы бирæ туристтæ. 

Алы ироны зæрдыл дæр лæууынц, стæй хъусгæ дæр кæнынц, нæ фыдæлтæн хæхбæсты цы уæлмæрдтæ баззадис, уыдоны кой, рагон хъæууæтты æмæ мæсгуыты хабæрттæ. 

 

Дзæуджыхъæу — Владикавказ
 

1784 азы Дайраны комы дымæгмæ арæзт æрцыдис хæстон фидар дыууадæс сармадзанимæ. Уый уыди хицауады дзуапп иры дзыллæйы курдиатæн— знæгтæй Ирыстон бахъахъхъæныны фæдыл. Лæгъз быдыры æмæ хæхбæсты арæзт чысыл фидæрттимæ иумæ гæнах хъахъхъæдта Арвыкомы фæндаг. 

Фидар саразынæн равзæрстой æнцонвадат бынат Терчы рахиз былгæрон. Кæддæр уым уыд аланты сахар, XVIII æнусы та йæ бынаты фæзындис ирон хъæу — Дзæуджыхъæу. Уыцы хъæуы фарсмæ æрбынат кодта ног фидар æд сармадзамтæ. Ирæттæ алцæмæй дæр æххуыс кодтой гарнизонæн. Хæстæй тас рæстæг та ног арæзт фидар хъахъхъæдтой хуссарырдыгæй. 

Фидар йæ фарсмæ цæрæг хъæуимæ иумæ ирæттæ схуыдтой Дзæуджыхъæу. Уыцы номæй баззадис, фæстæдæр дзы цы сахар рауадис, уый дæр. Ныртæккæ дæр ма ир уыцы номæй хонынц сæ сахар. Ирон адæм Дзæуджыхъæуы фыццаг æрцæрæгыл, бындурæвæрæгыл нымадтой тæгиатаг Быгъуылты Дзæуджы. Уый быдырмæ ралыгъди Тменыхъæуæй. Уырыс та сæ фидар схуыдтой Владикавказ, йæ æмкъул цы ирон хъæу цардис, уый та Владикавказский аул

Фидар ахста хæрз чысыл фæзуат, ныртæккæйы Ногдзауты галуанæй фæлладуадзæн парчы онг. Уый хыгъд йæ алфамбылай тынг рæвдз арæзт цыди цæрæн хæдзæрттæ, стыр бæстыхæйттæ, æнæхъæн уынгтæ. XIX æнусы æмбисмæ Владикавказ-Дзæуджыхъæу сси чысыл, фæлæ хæрзаив сахар. Фæзынди дзы заводтæ, кодтой дзы агуыри æмæ æмбæрзæн дур, бапъирозтæ, мыдадзын цырæгътæ æмæ сапон. Фидары кæрты дуары æдде фæзы алы дыццæг æмæ сабаты дæр уыди базартæ. Афæдз дыууæ хатты — уалдзæг æмæ фæззæг та — стыр армукъатæ. Владикавказы æдæппæт уыди 24 уынджы ныллæг къаннæг хæдзæрттæ æмæ арæх цæхæрадæттæ, 6 фæзы æмæ алы уынджы дæр иу цырагъ. Сахары цæрджытæ сæрыстыр уыдысты æфсæйнаг хидæй (Терчы сæрты) æмæ сæ рæсугъд бульварæй (Стыр уынджы). Сахары цæргæ та кодтой алы адæмыхæттытæ: ир, уырыс, гуырдзы, сомих, дзуттытæ, грекъ. Æфсæддонты нæ нымайгæйæ, се ’ппæт иумæ уыдысты дыууæ мин адæймагæй чысыл фылдæр, сæ раст æмбис — ирæттæ. 

Дзæуджыхъæуккаг ирæттæ рацыдысты Цæгат Ирыстоны алы æхсæнæдтæй. Иннæты хуызæн уыдон дæр кодтой базарады æмæ хъæууон хæдзарады куыст, Арвыкомы фæндагыл ластой бæлццæттæ æмæ уæзæгтæ. Нæлгоймæгтæй бирæтæ цыдысты æфсадмæ. 

Сахар уæлдай тагъддæр сырæзыд XIX æнусы дыккаг æмбисы. Уæдмæ сси базарады, индустрийы æмæ культурæйы сæйраг центр æгас Цæгат Кавказæн. Æфсæнвæндагæй баст æрцыдис Мæскуы æмæ Бетъырбухимæ, Сау денджызы æмæ Хъаспийы наулæууæнтимæ. Владикавказыл цæугæйæ Уæрæсе базарады куыст кодта Азийы бирæ бæстæтимæ. 

Хетæгкаты Къоста Владикавказы схуыдта «зондæй куысты æмæ административон хъуыддæгты ирон центр». Сахары радыгай гом кодтой скъолатæ, гимназтæ, се ’ппæты дæр ахуыр кодтой ирон сабитæ. Владикавказы цардысты ирон поэттæ, фысджытæ, нывгæнджытæ. Уым мыхуырæй рацыдысты фыццаг ирон чингуытæ æмæ газеттæ. 

Йæ адæмы сæрыл ныфсджынæй дзырдта Ирон аргъуаны сауджын, тæлмацгæнæг æмæ поэт Колыты Аксо. Йæхи сæрмагонд хæдзары уый байгом кодта сылгоймаггты фыццаг скъола Ирыстоны. 

Владикавказы куыстой зындгонд дохтыртæ, адæмы лæвар дзæбæхгæнджытæ Тугъанты Елбыздыхъо, Мысыкаты Мæхæмæт, Гæздæнты Дзыбын. Уыдоны зыдтой æмæ сын стыр аргъ кодтой æппæт Ирыстон дæр. 

Владикавказы сæргъы лæууыди думæ йæ сæрдаримæ. XX æнусы тæккæ райдиан думæйы сæр сси номдзыд адвокат Байаты Гаппо. Уый архайдта ноджыдæр ма скъолатæ байгом кæныныл адæмæн се ’ппæтæн дæр, стæй тынг æххуыс кодта ирон чингуытæ рауадзынæн. 

Байаты Гаппо байгом кодта хъæууон банк, зæхкусджытæн æфстау æхцатæ дæттыны тыххæй. Гаппо мæгуыртæй бирæтæн феххуыс стыр скъолатæ каст фæуынæн. Революционертæй бирæты та фервæзын кодта ахæстонæй. Сахары сæр уæвгæйæ, йе ’ппæт хъарутæй архайдта Ирыстонмæ æрцæуæг уырыссаг зæхкусджытæн, хæххон мæхъхъæлæттæн, æрлидзæг сомихæгтæн æххуыс кæныныл. 

Дзæуджыхъæу-Владикавказ у Цæгат Ирыстоны столицæ, æмæ дзы сæрыстыр сты адæм. 

 

Æгъгъæд — æлдæртты дæлбар цæрынæн
 

Ирыстоны быдираг хуымгæнæг адæм зæххы тыххæй хъалон фидын куынæуал куымдтой, уæд æлдæрттæ сæ хъаст бахастой уырысы хицауадмæ, фæлæ уый йæ дзыхыл ныххæцыд, нæ бацыдис ирæтты æхсæн быцæуы. Уалынмæ бынтон сбæлвырд, уæздæттæн зæхкусджытыл сæ бон кæй нæ цæуы, уый. Æлдæрттæй ма чидæртæ бæргæ бафæлвæрдтой зæхкусджытæн æндæр рæттæм алидзыны бар Нæ раттыныл, фæлæ сæ ницæмæ æрдардтой сæрибар адæм. Ныууагътой сын сæ зæххытæ æмæ фæлыгъдысты, кæй кæдæм фæндыд, уырдæм. 

Уæд бонджындæр, нымаддæр мыггæгтæ сфæнд кодтой кæвдæсæрдты бауромын, сæ фыдæлты амарды фæстæ хицæн хæдзарæй цæрынвæнд кæмæ уыд, ахæмты. Фæлæ кæддæриддæр хуымæтæг адæм рахæцынц æфхæрд лæджы фарс. Уый æмбаргæйæ, адæмæй ныфсджын уæвгæйæ, кæвдæсæрдтæй бирæтæ закъонæй байуæрстой сæ хъæздыг хæстæджытимæ, суанг ма-иу тæрхондонмæ дæр бацыдис сæ хъуыддаг. 

Æмæ бынæттон уырыссаг хицæуттæ уый сæхи цæстæй куы федтой, уæд. бамбæрстой, гуымиры митæ æмæ æфсæдты хъарутæй кæй ницы бакæнæн ис ирон зæхкусджытимæ. Уыйадыл се ’ргом разылдтой хуымæтæг адæммæ, цæмæй сæм ма фæхæрам уой æмæ ма сын иучысыл уæддæр аргъ уа дзыллæйы цæсты. Уый пайда уыд Уæрæсейæн. Нымæцæй дæр æмæ хъаруйæ дæр зæхкусæг адæм бирæ ахадыдтой æхсæнады, æлдæрттæ та, дзæвгар къаддæр уæвгæйæ, æвзæр æмцæдисонæй уæлдай нæ уыдысты. Æмæ куыннæ, кæд. Æмæ зæхкусæг адæм кодтой хæдзарады куыст, паддзахæн фыстой хъалонтæ, уæй кодтой хорæй, фосæй алцы хæлц уырысы æфсадæн. Уымæ гæсгæ Уæрæсе дæр æххæст кодта ирон зæхкусджыты курдиаттæ. Кæй зæгъын æй хъæуы, паддзах æлдæртты зæрдæхудты дæр нæ цыдис, уæлдайдæр та æлдæртты фырттæй уырысы æфсады афицеры цин кæмæ уыд, уыдоны. 

1853 азы зæхх уарын райдыдтой хъæууон фæллойгæнджытæн. Аразын сын байдыдтой хицæн хъæутæ, уæздæттæй иппæрдæй. Зæронддæр хъæутæй сыстын кодтой раздæры æлдæртты. Тæгиатаг уæздан мыггæгтæ иууылдæр иумæ æрцардысты Бруты æмæ Беслæныхъæуы. Хуымæллæг, Быдыры Хъахъхъæдур, Бæтæхъойыхъæу æмæ иннæ тæгиатаг хъæутæ та систы хуымæтæг зæхкусæг адæмы æхсæнæдтæ. 

1866 азмæ зæхх уæрст фæци быдираг ирæтты æхсæн. Хуымгæнджытæ æмæ раздæры бонджынтæй цасдæрæн радтой æмхуызон зæххы хæйттæ. Зæхх æнæхъæнæй лæвæрд уыди хъæууон æхсæнады къухмæ. Уыцы иумæйаг фæзуатæй алы бинонтæм дæр хаудис æмыйас хæйттæ. Уæдмæ ма бирæ зæххытæ баззадис ирон æлдæрттæй иу-цалдæры къухы. Уый, — Уæрæсеимæ баиуы размæ чи ралыгъди быдырмæ, ахæмты къухы, кæмæндæрты та зæххы хайы лæвæрттæ бакодта паддзах йæхæдæг. 

Ирон зæхкусджытæ кæддæриддæр уыдысты сæрибар. Уымæ гæсгæ æлдæртты дæлбардзинадæй суæгъд уæвынæн бахъуыдис хуымгæнæгæн йæхи номыл зæххы хай раттын æмæ йæ æлдары хъæуæй æндæр цæрæн бынатмæ раивын, 1867 азы ссæрибар сты кæвдæсæрдтæ дæр, йæ фыдимæ чи цардис, ахæмтæ. Суæгъд сты кусджытæ дæр, иуæй-иу æлдæртты æмæ хъæздыг фæрсаглæгты къухы чи куыста, уыдон. Бартæй цухгонд æххуырст йæ хицауы къухы хæдзары дзаумаиæ уæлдай нæ ахадыдта, йæ цард уыди бынтондæр йе ’лдарæй аразгæ. Фæлæ сæ куы ссæрибар кодтой кусæгæй, кæвдæсардæй, уæддæр сын зæххы хай райсыны бар нæ уыд. Уымæ гæсгæ сæ фылдæр систы рæстæгмæ кæйдæр хъæуы цæрджытæ æмæ æххуырстытæ. 

Æлдæрттæй бирæтæ нал фæхъæцыдысты зæхкусджыты суæгъд кæнынмæ дæр. Уæздæтты æлдариуæгдзинадæн йæ кæрон æххæстæй нæма æрхæццæ ис, афтæ ирæттæ Туркмæ лидзыныл систы. Уыцы балцыл адæмы бацайдагъ кодтой, Уæрæсемæ хæрам зæрдæ чи дардта, уыцы æлдæрттæ. Уыдон семæ айстой сæ кусджыты æмæ кæвдæсæрдты. Семæ иумæ абалц кодтой зæхкусджытæй дæр бирæтæ. Турчы хъæздыг цард кæндзыстæм, сырх мæнæу дзы хæрдзыстæм, зæгъгæ. 

Ирон адæм дард бæстæм лыгъдысты дины амындæй. Ирон æлдæрттæ æмæ зæхкусæг адæмы иу хай уыдысты пысылмон дингæнджытæ, зæхкусджытæн сæ фылдæр та, уырысы хуызæн, чырыстæттæ. Туркмæ алидзыны тыххæй адæмы чи ардыдта, уыдон афтæ дзырдтой: «Мах пысылмон адæм стæм æмæ нæ чырыстæттимæ иумæ цæрын нæ фæнды. Нæ бакомдзыстæм чырыстон паддзахы дæлбар бацæуын, чырыстон дин райсын. Турчы та нæм æнхъæлмæ кæсынц нæ пысылмон æфсымæртæ, сæ сæргъы султан, афтæмæй. 

Туркмæ ирон адæм кæй алыгъдысты, уый уыди æвирхъау стыр рæдыд. Райгуырæн бæстæмæ раздæхын ма сæ къухы бафтыдис иугæйттæн. Уыдонæй уыдысты фыссæг Хъаныхъуаты Иналы бинонтæ. Фæстæдæр Инал ныффыста се ’намонд фæндаджы хабæрттæ. Йæхæдæг уыцы балцы уыди фарастаздзыд сабийæ. Бакæсут-ма мæнæ ацы цыбыр скъуыддзаг Иналы очерк «Лидзæг адæм»-æй: 

«Уæдæ, æвæдза, цæй тынг фæсмонгонд фесты æцæгдæр уыцы æнамонд лидзæг адæм, цал æмæ цал хатты райхъуысти сæ дзыхæй фыдæлгъыст, чи сæ самидин кодта, уыдоны фæдыл. Уастæн, сæ сæр куы баййафид уыйбæрц карз æлгъыстытæ. Фæливæн ныхæстæй сæ кæй сцыбæл кодтой балцмæ, уый æрæджиау бамбæрстой; æвирхъау сайд сыл æрцыд се ’нæрхъуыдыйæ, се ’ууæнкæй, бауырныдтой сæ æдылы амидингæнджыты фæлитой ныхæстæ, æвзæр уын нæ уыдзæн, цард дзы фендзыстут, зæгъгæ». 

Ирæттæм дæр æмæ иннæ хæххон адæмтæй Туркмæ чи алыгъдис, уыдонмæ дæр æнхъæлмæ кастысты æнæпайда мæгуыр зæххытæ, æххормагæй дæвдæг цард. Уымæ гæсгæ дзы бирæтæ нæ бафæрæзтой, сæ мæлæт уым æрцыдис. Æцæгæлон бæстæмæ бафтгæйæ, ирæттæ бамбæрстой, кæй баиртæстысты æппæты зынаргъдæр хæзна — райруырæн бæстæйæ. Райгуырæн бæстæйæн та ницæмæй ис баивæн. 

 

Нæ райгуырæн, нæ бæстæ, 

Удæн уд дæр ды куы дæ! 

Цард н’ агурæм дæ фæстæ, 

Зæрдæйы уæлæ хуыд куы дæ... 

 

Уыцы рæнхъытæи равдыста лидзæг адæмы трагедй се ’хсæн цæрæг поэт Мамсыраты Темырболат. 

Бафиппаинаг у, ирон пысылмæттæй бирæтæ кæй не сразы сты алидзыныл, баззадысты Ирыстоны. Тæгиаты номдзыд мыггæгтæ та стыр зæххы хæййттæ, дæр нал бакуымдтой, паддзах сын Кубаны цæугæдоны былыл кæл балæвар кодта, уыдон. Раздæры æлдæрттæ æрцыдысты ахæм хъуыдымæ, зæгъгæ, фæлтау хи райгуырæн бæстæйы хуымæтæджы хуымгæнæгæй баззайдзыстæм, æцæгæлон ран хъæздыг цард кæныны бæсты. 

 

Капиталистон цардæвæрдмæ рахизыны рæстæг
 

Зæхкусæг адæмы æлдæртты дæлбарæй суæгъд кæныны хъуыддаг стыр ивддзинæдтæ расайдта Цæгат Ирыстоны царды. Фæлæ уæддæр фæзындис ног цагъаргæнджытæ. Хъæуты мидæг ахæмтæ уыдысты зæхкусæг хъæздгуытæ, сахары та — заводты æмæ фабрикты хицæуттæ. 

Хуымгæнæг дзыллæтæ райстой зæххы хæйттæ æмæ дзы дардтой сæхи, сæ бинонты. Хъæууон æхсæнады зæххытæй алкæмæ дæр хаудис æмхуызон хæйттæ. Зæхкусджыты хæдзæртты куыстхъом адæм æмæ сывæллæтты нымæц алыхуызон уыд. Уымæ гæсгæ кæмæн æххæстæй нæ фаг кодта, кæмæн та æгæр уыд йæ зæххы хай. Уыйадыл хъæуты цæрджытæй иутæ рауадысты хъæздыгдæр, иннæтæ — мæгуырдæр. Хъæздыгдæртæ æххуырстой сæхицæн кусджытæ, мæгуырдæртæ та сæ зæххы хайæ сæ бинонты схæссынхъом нæ уыдысты æмæ чысылгай ивылдысты сахармæ. 

Зæхкусæг йæ уæлдай хор уæй кодта æмæ уыцы æхцайæ æлхæдта, йæ хæдзары æхсызгон цы хъуыдис, уыдæттæ: хъуымац, кусæнгæрзтæ, алы мигæнæнтæ. Уæвгæ та æхсызгон хъæуынц уыцы товартæ. Æмæ уый тыххæй мæгуыр иуцасдæр уæй кодта йæ кадавар хорæй, бинонты кæрдзынхъуаг уадзгæйæ. Кулак та йæ уæлдай хоры хыгъдмæ цы иста, уымæй хъæздыгдæр кодта. Хъæздыг зæхкусджытæ ма сæхи хæйттæй фæстæмæ ноджыдæр балхæдтой зæххытæ æмæ дзы кусын кодтой се ’ххуырстыты. Уыди сæм механикон æмæ доны тæфæй кусгæ тауæн машинæтæ, найгæнæнтæ æмæ æндæр кусæнгæрзтæ. 

Хъæздгуытæм æххуырсты цыдысты хъæууон æхсæнады мæгуырдæртæ, кæнæ рæстæгмæ цæрджытæ, ома, хъæууон æхсæнады уæнгтæй чи нæ уыд, уыдон. Хъæуы æрцæрын сæ уагътой æрмæст рæстæгмæ. Зæххы хай сын нæ уыд. «Рæстæгмæ цæрджытæ» уыдысты, хæххон цъассы æххормагæй чи сфæлмæцыд æмæ быдырмæ чи фæлидзæг, ахæмтæ. «Рæстæгмæ цæрджытæ» хуыдтой кæвдæсæрдты дæр, æлдæртты дæлбарæй кæй суæгъд кодтой æнæ зæххы хайæ, уыдоны. 

Мæгуыр зæхкусджытæ æмæ æххуырстытæ цардысты хъæмпынсæр кæлæддзаг хæдзæртты. Кулактæ та амадтой агуыридур бæрзонд хæдзæрттæ, сæ сæр æмбæрзæн дурæй. Поэт Багъæраты Созыр уыцы дуджы ахæм æмдзæвгæ ныффыста «Магуса æмæ фæллойгæнæг», зæгъгæ. 

 

Бадæг æ лисхъинти 

сæнтадæ кæнуй. 

Косæг æ дивилти 

гъæдсарти хæтуй. 

Семунмæ, зарунмæ 

арæхсгæ бадæг. 

Ехæнмæ, уарунмæ 

байзайуй косæг. 

 

Хъæздгуыты къухмæ уацары нæ бахауыны адæргæй ирæттæй бирæтæ куыстагур цыдысты алырдæм, чи Бакумæ, чи Калакмæ, чи та Уæрæсемæ кæнæ суанг Америкмæ. Иннæтæ сæхи байстой хæххон æрзæткъахæнтæм кæнæ заводтæм уæды Владикавказмæ, Алагирмæ, Беслæныхъæумæ. Зæхх балхæнынæн æхца æрæмбырд кæнын зынтæй æфтыдис къухы. Уымæ гæсгæ сæ фылдæр цæргæ баззадысты сахарты. 

Ницы бæллиццаг уыд æххуырст кусæджы хъысмæт. Йæ бинонтимæ фыдбонтæ æрвыста уазал уымæл баракты. Йæ мызд бинонтæ схæссыны фаг тыхамæлттæй кодта. Йæ кусгæбон та уыди 12 сахаты. Хицауы фидаргонд фæтк æмæ æгъдау кæд истыхуызы фехæлдтай, уæд ивар бафид. Кокайтæй Даут, зæгъгæ, йæ куысты хабæрттæ æрымысгæйæ, афтæ радзырдта: 

«Æнæуый дæр хæрз чысыл истам, фæлæ-иу дæ улупамæ бацыдтæ, уæд дæм дзы ницуал рауадаид, баурæдтой-иу æй алыхуызон ивартæм. Абоны хуызæн ма мæ зæрдыл лæууы, нæ кусджытæй иу, йæ мыггаг Гуытъиатæй, бацыд улупа райсынмæ æмæ йæм ралæвæрдтой... æрмæст 26 капеччы. Уый — æнæхъæн мæйы куыстæн! Бæргæ ма аразгъор-базгъор кодта иуырдæм, иннæрдæм, фæлæ — никуы æмæ ницы. Цы гæнæн уыд, райста йæ фондз суарийы, йæ мæйы фæллой та куыстуаты хицауæн баззад». 

Байхъусæм ма æндæр кусæджы мысинæгтæм: 

«Заводты хицæутты æмæ сæ фæсдзæуинты цæсты мах уыдыстæм æппæты æвзæрдæр сорты адæм. Æппындæр сæм ницы диссаг касти кусæгыл схъæр кæнын, йе йæ фæнæмын. Æмæ цæмæй мах нæ „ничийы“ бынат зонæм, тæссæй коммæ кæсæм, уын тыххæй нæ хицауад фабричы дардта 75 чапары». 

Уæдæ цы кодтаиккой, кусджытæ æмæ хуымгæнджытæ тох кодтой сæ бартыл, æгад, æдзыты уавæрæй, цагъайраджы цардæй фервæзыныл. Ууыл нал фæдзурдзыстæм. Йæхæдæг сæрмагонд ныхасы аккаг у. 

Капиталистон æгъдæуттæ цы сты, уый бæлвырд у. Бирæзæхджын кæнæ заводы хицау йæхæдæг нæ кусдзæн, мыййаг, йæ быдырты кæнæ йæ заводы нунæгæй. Йæ бон дæр дзы ницы у. Фæлтау баххуырсы мæгуырты, йæ бинонты фæдарынхъом æндæр ран кæмæн нæу, ахæмты. Зæххы хицау йæ хор куы ауæй кæна, уæд æхца æнæмæнг сæвæрдзæн йæ дзыппы. Заводы дæр уæдæ афтæ: кусæджы мызд та кæддæриддæр уыд йæ фæллойæ къаддæр. 

Ахæм капиталистон æгъдæуттæм Ирыстон бахызтис XIX æнусы дыккаг æмбисы. Æмæ цард бындзарæй уайтагъд æндæрхуызон кæнын байдыдта. 

Сахармæ куыстагур афтгæйæ, кæнæ хъазахъхъаг станицæйы хъæздгуытæм æххуырсты бацæугæйæ, ирæттæ бæлвырддæр уыдтой иннæ адæмыхæттыты цард, ахуыр кодтой уырыссаг æвзагыл дзурын. Лæмбынæгдæр иртасын байдыдтой сæ уавæр. Мадæлон æвзаджы ахадындзинад, хи адæмы æгъдæуттæ æмæ культурæйы ахсджиагдзинад уæд бамбардзынæ, сыхаг адæмты æвзаг æмæ культурæимæ сæ куы абарай. Афтæмæй аргъ кæнын базондзынæ иннæ адæмтæн. 

Цы заманы кой кæнæм, уыцы рæстæгмæ Ирыстоны чысыл нæ фæзындис стыр ахуыргонд адæмтæ. Уыдон уыдысты æфсады инæлæрттæ æмæ афицертæ, куыстой инженертæ æмæ ахуыргæнджытæй, дохтыртæ æмæ адвокаттæй. Æрмæст алы ирон хъæуы нæ уыд скъола. Ахуыргонд адæм. скъолатæ гом кодтой сæхи æхцатæй. Дур-Дуры скъола байгом кодта фыссæг Тугъанты Батырбег, Беслæныхъæуы скъола — ахуыргæнæг Тхостаты Саукуыдз. Хицауад бар нæ лæвæрдта сывæллæтты мадæлон æвзагыл ахуыр кæнынæн, фæлæ ахуыргæнджытæй бирæтæ уый ницæмæ дардтой, сæхи фæнд тардтой. Цорæты Елдзарыхъо, Санаты Дзантемыр æмæ Гацыр сæрæвæрæн скодтой Нарты кадджытæ фыссынæн, адæмон аргъæуттæ, таурæгътæ, æмбисæндтæ æмæ уыци-уыцитæ æмбырд кæнынæн. 

Равзæрди ирон классикон литературæ. Фысджытæ се ’мдзæвгæты, радзырдты æмæ пьесæты æвдыстой ирон адæмы царды нывтæ. Зæхкусæг хæххон мæгуыртæ систы Гæдиаты Секъайы уацмысты фæлгонцтæ. Капиталистон æгъдæутты хъулон митыл, æнæфæхæцæг хуымæтæг лæджы цардыл фыста йæуацмыстæ Коцойты Арсен дæр. 

 

Хетæгкаты Къоста
 

Нудæсæм æнусы ирон адæм хицæн кæмттыл уæрст нал уыдысты, уæдмæ бамбæрстой сæ кæрæдзи зонд, разылдысты культурæйы ’рдæм. Рапарахат ирон фыссынад, фæзындис сæм бирæ ахуыргæндтæ. Равзæрдис ирон литературæ, адæмы хъуыдытæ æмæ æнкъарæнтæ чи æвдыста, ахæм. Ирон литературæйы бындурæвæрæг сси Хетæгкаты цытджын поэт Къоста. 

Уын райгуырдис 1859 азы 15 октябры хохрæбын, Нары. Ахуыр кодта хъæууон скъолайы, стæй та Стъараполы гимназы æмæ Бетъырбухы аивæдты Академийы. Уымæ гæсгæ бирæ азты фæцух йæ райгуырæн зæххæй. Фæлæ Ирыстонмæ куы сыздæхтис, уæд йæ сæрыхъуын арц сбадтис, йе ’мтуг, йе ’мыстæг иры æнамонддзинад фенгæйæ. 

Йæ сæйрагдæр сагъæс поэтæн ссис ирон дзыллæйы хъысмæтыл. Къоста Ирыстоны цард æвдыста йæхи конд æвæджиау нывты, арæзта спектакльтæ æмæ равдыстытæ, тохы бацыдис ног скъолатæ байгом кæныныл, зæхкусджытæн хъæстытæ, курдиæттæ фыста хицауадмæ. Æппæт бæстæйы алы ран дæр кастысты йæ уацтæ адæмы барты сæрыл. Паддзахы фæсдзæуинтæ æмæ ирæттæй уыдонæн æххуысгæнджытæ се сæфт федтой Къостайæ. Дыууæ хатты йæ бæстæйæ ахастой. Фæлæ се знæгтæн сæ бон ницы уыд поэты хæцæнгарз æмдзæвгæты ныхмæ. Къоста йæхæдæг «Ирон фæндыр» кæй схуыдта, уыцы æмдзæвгæты чиныг дзыллæйæн сси сæ уарзондæр хæзна. Йе ’мдзæвгæтæ йын дзыхæй-дзыхмæ истой суанг бынтон æнахуыргонд зæхкусджытæ дæр. Уацмыстæй бирæтæ систы адæмон зарджытæ. 

Поэты куыст Къоста абарста хуыыгæнæджы фæллоимæ. Адæмы зæрдæ Къоста схуыдта йæ хуымгæнды хай, бæстæйы сагъæстæ та — йæ фæззыгон най. 

Мæгуыр æмæ æвадат адæмы сæрыл дзурын Къоста нымадта йæ ахсджиагдæр хæсыл. Æмæ цыма адæм сæхæдæг сæхи дзыхæй дзурынц сæ хъизæмæртты, сæ сагъæсты тыххæй, раст афтæ фыссы йе ’мдзæвгæтæ: 

 

Адæмæн сæ цæхджын фыдтæ 

Царæй фæныкмæ тæдзынц, 

Махæн та хæлынбыттыртæ 

Цары ахстæттæ кæнынц... 

 

Адæмæн сæ фæззæджы куыст 

Не ссы афæдзмæ куырой. 

Махæн та нæ афæдзы мызд — 

’Гасæй иу хоры кæфой!.. 

 

Байхъусæм-ма, йæ цардæй чи стыхстис, уыцы сидзæргæсмæ дæр: 

 

Зондæй мыл фæтых дæ, 

О мæ лæджы хай,— 

Сидзæртæй фæлыгътæ 

Ингæнмæ тæргай!.. 

 

Буц хъæбул дæм дзуры, 

Сфæлмæцыд йæ мад,— 

Махæн дæр дæ цуры 

Сцæттæ кæ бынат!.. 

 

Къоста æмбæрста, хъæздгуытæ сæ исбон бархийæ адæмæн кæй нæ ратдзысты, уый. Зыдта, паддзах æмæ йæ фæсдзæуинтæ Ирыстонæн хицауиуæг кæнын кæй нæ ныууадздзысты, уый дæр. Уымæ гæсгæ поэт адæммæ сидтис сæрибары тохмæ. Кæдæм æй ахастой, уырдыгæй Къоста йæ хæлæрттæм афтæ фыста: «Хъæддых лæуут, æнгом, æмзæрдæйæ, уæд уыл ничи фæтых уыдзæн». 

Къостайы æмдзæвгæтæ сты адæмæн сæхи æнкъарæитæ, сæ зæрдæйы тыхстытæ, сæ хъуыдытæ, сæ сагъæстæ. «Ирон фæндыр»-ы Ирыстон йæхи æнцонæй базондзæн, хуызистмæ кæсæгау, стæй ма иннæ адæмтæ дæр йемæ базонгæ уыдзысты уыцы бæлвырд бæрæг хуызистмæ гæсгæ. «Ирон фæндыр» у æппæт ирон литературæйы бындур. 

Къоста, цытджын поэт уæвгæйæ, уыд кадджын, дзырддзæугæ лæг дæр. Бæллыди зæххы къорийы æппæт адæмты æфсымæрдзинадмæ. Æмæ æмбæрста, дунейы æппæт дзыллæты амондмæ зыбыты иунæг фæндаг кæй у алкæмæн дæр йæхи адæмы сæрибардзинадыл тох. Къоста йæ райгуырæн хæхбæстæн ницы бахæлæг кодта, йæ бон цыдæриддæр уыд, уымæй — йæ зæрдæйы цæхæр, йæ куырыхон зонд, йæ бирæ хъару, йе стыр курдиат сын радта рæдауæй. Фæлæ уæддæр афтæ ныффыста: 

 

Ныббар мын, кæд-иу дæм мæ зарæг.. 

Кæуæгау фæкæса, мыййаг,— 

Кæй зæрдæ нæ агуры хъарæг, 

Уый зарæд йæхи фæндиаг!.. 

 

Æз дзыллæйæ къаддæр куы дарин, 

Куы бафидин искуы мæ хæс, 

Уæд афтæ æнкъардæй нæ зарин, 

Нæ хъуысид мæ кæуын хъæлæс... 

 

Къоста æппæтæй къаддæр тыхстис йæхи удыл. Йæ царды кæронмæ æввахс ма хæдзар аразынмæ бæргæ февнæлдта, фæлæ йын нал бантыстис. Бинонтæ æрхæссын йæ зæрды æрæфтыдис. Уый дæр йæ къухы нал бафтыдис. Йæ цардæй ахицæн 1906 азы фыццæгæм апрелы, мæгуыр адæмы сæрыл хæцынæй бирæ мæстытæ, бирæ зæрдæнизтæ бавзæрста, карз низæй бастадис, афтæмæй. 

 

Революцион змæлд Ирыстоны
 

Ирон фыссæг Брытъиаты Елбыздыхъомæ ис пьесæ «Амыран». Амыран у адæмон кадджыты бæгъатыр, адæмæн сæрибар чи хаста, уыцы хъæбатыры ном. Уый тыххæй йæ дæлимонтæ бабастой рындзыл. Адæмы къухы амонд цæмæй бафта, уый тыххæй бæгъатыры хъуыдис суæгъд. Хуымæтæджы ирон лæг Бесæ бацайдагъ кодта тох Амыраны ссæрибар кæныныл. Бесæ, мæгуыртæг, байсæфтис, фæлæ йæ фæдыл иннæтæ сыстадысты Амыраны суæгъд кæнынмæ. Æмæ ногæй-ногмæ хъæбатыртæ сæ цард раттыныл дæр бæргæ уыдысты разы адæмы сæрибар æмæ амондыл тохы. 

Елбыздыхъо гъе ахæм хуызы радзырдта Ирыстоны революцион змæлды хабар æмæ адæммæ сидти карздæрæй тох кæнынмæ. 

Уæрæсейы империйы адæмтæ се ’ппæт дæр сæ тыхтæ баиу кодтой паддзахы хицауады æмæ цагъаргæнджыты ныхмæ. Ирыстоны фæллойгæнджытæ дæр афтæ сыстадысты бынæттон хицæутты, фабрикантты ныхмæ, стæй скъолаты ирон æвзаг ахуыр кæнын æгады бынаты æвæрд кæй уыд, уый фыдæнæн. 

1897 азы октябры райдыдта Садоны æрзæткъахæнты змæлд. Кусджытæ домдтой фæллойы мызд фидыны æгъдæуттæ аивын, кусгæ бон аст сахатмæ æртæрын, стæй фæлладуадзæн бонтæ дæттын. Бынæттон хицауады æххуысæй æрзæткъахæны хицæуттæ кусджыты ну хайы рацæуын кодтой куыстмæ, чи нæ рацыдис, уыдоны та атардтой куыстæй. 

1902 азы апрелы Джызæлы зæхкусджытæ бахъаст кодтой сæ хъæуыхицауыл. Куыд рабæрæг, афтæмæй хъæуыхицау æнæзакъонæй адæмы фиддонтыл æфтыдта уæлдæйттæ, йæхи пайдайæн. Ирыстон уæд æртæ зылдыл дихгонд уыд. Джызæл цы зылдмæ хаудис, уый хицау азым нæ уагъта хъæуыхицаумæ æмæ Джызæлмæ æрбалæууыд хъазахъхъæгты къордимæ. Мæстджын зæхкусджытæ фæнадтой хицауы æмæ фæтардтой хъазахъхъы. Джызæл бавдæлдысты æмæ сæхи баифтонг кодтой хæцæнгæрзтæй, афтæмæй фæных сты хицауадмæ, домдтой сæ хъæуыхицауы аивын. Зæхкусджыты сæргъы æрлæууыдысты хъæууон ахуыргæнджытæ æмæ джызæйлаг æндæр дзырддзæугæ лæгтæ. Æрмæстдæр æфсæдты фæрцы бантыстис паддзахы хицауадæн джызæйлаг зæхкусджыты æрсабыр кæнын. 

Садоны, Джызæлы æмæ бирæ æндæр рæтты цаутæ равдыстой адæмы домбай хъару. Зæхкусæг адæм æмæ индустриалон куыстуæтты кусджытæ сындæггай ахуыр кодтой се знæгтимæ тохы мадзæлттæ. 

1905 азы 9-æм январь... «Тугуарæн хуыцаубон» кæй хонынц, уымæй райдыдта Уæрæсейы фыццаг революци Тохгæнджыты рæнхъы Цæгат Ирыстоны æппæты фыццаг æрлæууыдысты Садоны æрзæткъахджытæ. Январы фæстаг бонты сфæнд кодтой куыст бауромын. Сæ фарсмæ æрбалæууыдысты сыхаг ирон хъæуты цæрджытæ дæр. Уалдзæгмæ базмæлыдысты Дзæуджыхъæуы фæллойгæнджытæ. Райдыдта æппæт сахары куыстурæд. 6-æм майы сахары кусджытæ æмхуызонæй рацыдысты демонстрацимæ. Уынгты цыдысты сырх тырысатимæ, хъуыстысты революцион зарджытæ. 

Февралы мæй куы ралæууыд, уæд кусджытимæ баиу сты ирон хуымгæнæг дзыллæтæ дæр. Райдыдта уал хъæд байсыныл тох. Ирыстоны хъæды зæххытæ адæм кæддæриддæр нымадтой сæ хъæздыгдзинадыл, кæд сæ паддзахы хицауад йæ къухмæ раджы райста, уæддæр. Суанг уисыл дæр ма сæ бон нæ цыд ирон адæмæн, æнæ æхца бафидгæ. Ныр фæтардтой хъæдгæсты æмæ февнæлдтой хъæд цæгъдынмæ. Ныддæрæн кодтой хъæздгуыты хæйттæ æмæ сын байстой сæ зæххытæ. Адæм фæтардтой сæ хъæуыхицæутты, уæлдæр хицауад кæй нысан кодта, уыдоны. Зæхкусджытæ бадомдтой, хъæуыхицау æвзаргæ куыд уа, тæрхонылæгтæ та иронау куыд дзурой, афтæ. Зæхкусджытæн æххуысмæ цыдысты студенттæ, ахуыргæнджытæ, гимназисттæ. 

Ирон адæм канд капиталистон æгъдæутты ныхмæ нæ тох кодтой, фæлæ сæ райгуырæн зæххы сæрибардзинадыл дæр. Революци йæ тæмæны бацыдис 1905 азы декабры. Кусæгæй, зæхкусæгæй иууылдæр сыстадысты гæрзифтонг тохмæ. Хæст цыдис æфсæнвæндаджы станцæты, бирæ хъæуты. Сыстадис Ирон бæхджын дивизион дæр. Барджытæ нал куымдтой адæмы тох басабыр кæнынмæ. Дивизион æфсæддон иннæ хæйттæм фæсидтис афтæ: «Мах тыхтард кæнынц не ’фсымæрты, кусджыты æмæ зæхкусджыты ныхмæ. Æгъгъæд у фæразынæн! Райсут хæцæнгæрзтæ æмæ æмдыхæй æрлæууæм нæхи бартæ æмæ æппæт адæмы бартæ бахъахъхъæныныл тохы. Уæрæсе æнæхъæнæй дæр сыстадис тохмæ. Мах бæрзонд систам нæ тохы тырыса æмæ баиу стæм адæмимæ». 

Ирон барджыты фæстæ иннæ æфсæддон хæйттæ дæр нал бакуымдтой сæ командирты коммæ кæсын. 

Ирыстоны сауджынтæ дæр æрæмбырд сты сæ съездмæ æмæ рахæцыдысты адæмы фарс. 

1905 азы 18-æм декабры Владикавказы рацыдис революцион газет «Искра»-йы фыццаг номыр. Мыхуыр кæнын æй райдыдта ирон революционер, ахуыргæнæг æмæ литератор Дзасохты Гиго. Йæ фыццаг номыры фæстæ газет æхгæд æрцыдис. 

Декабры тох æрмынæг кодтой хицауад. Дивизионы федде кодтой Ирыстонæй. Æфхæрæг къордтæ дæрæн кæнын байдыдтой ирон хъæуты. Ахстой революционерты æмæ сæ тæрхондонмæ лæвæрдтой. Зæхкусджытæн истой сæ фос, бадомдтой сæ стыр ивартæ бафидын. 

Революцион цаутæ ма ахастой афæдзæй фылдæр. Владикавказы иттæг зæрдиаг архайд кодтой большевиктæ Ной Буачидзейы разамындæй. 1906 азы сæрды байстой типографи, æрмæст иунæг æхсæвæн, æмæ дзы ныммыхуыр кодтой адæммæ сидт. Фæлæ ма ногæй сыстой, уый хъару сæм нал уыд. 

Революци саст æрцыдис. Паддзахы хицауад тынг фыдмитæ бакодтой адæмы амондыл тохгæнджытæн. Чи дзы бафтыдис сæ къухы, уыдоны сауыгътой, кæй та дзы Сыбырмæ æрвыстой. Афтæмæй уæддæр паддзахы бон нæ баци революцион змæлд йæ къæхты бын бассæндын. Сæрибарыл тох не ’нцадис, революци куы бамынæг, уый фæстæ дæр. 

1909 азы Ирыстонмæ ссыдис С.М. Киров. Уый йæхи æмбæхста пъæлицæйæ. Владикавказы цардис æмæ куыста газет «Терек»-ы йæ ном аивгæйæ. Киров æрлæууыди сахары большевикты сæргъы, арæзта митингтæ, æмбырдтæ, раныхас-иу кодта, хуыцаубоны чи куыста, уыцы скъолаты. 

Ирыстоны адæм нæ бакуымдтой цагъары цардæй цæрын. Рæстæгæй-рæстæгмæ та-иу базмæлыдысты хуымгæнæг дзыллæтæ, тохмæ-иу сыстадысты кусджытæ. Сæ масты «дзæкъул» дзагæй-дзагдæр кодта æфсады службæгæнджытæн дæр. Уæлахизмæ адæмы тырнындзинад йæ уацмысы равдыста поэт æмæ революционер Гæдиаты Цомахъ: 

 

Адæм куы стыхсой цагъайраджы цардæй. 

Адæм куы бамбарой се ’фхæрд, сæ марæг, 

Зон, уæд кæй сыстдзысты иу бон хъыгдардæй, 

Зон, уæд кæй фехъуысдзæн иу бон сæ зарæг. 

 

Дардыл фæзындзысты тохы нысæнттæ, 

Тохы хъæр ацæудзæн, анхъæвздзæн дардыл, 

Стыхджын уыдзысты Сæрибары фæндтæ, 

Сдзурдзысты адæм уæд иумæ сæ цардыл. 

 

 

___________________ 

1 Ацы ран дзырд «ком»-æн канд географион нысаниуæг нæй, фæлæ социалон-политикон дæр.



<==    Комментарии (4)      Версия для печати
Реклама:

Ossetoans.com OsGenocid ALANNEWS jaszokegyesulete.hu mahdug.ru iudzinad.ru

Архив публикаций
  Января 2024
» О чем рассказали восточно-европейские руны
  Ноября 2022
» От Кавказа до Волги
  Августа 2022
» Кавказцы глазами русских: говорят архивные документы...
  Марта 2022
» К вопросу о заселении Фиагдонской котловины, по данным фамильных и народных преданий
» О новых именах в истории царственного дома средневековой Алании
  Февраля 2022
» К ВОПРОСУ ОБ УДЕЛЬНЫХ ВЛАДЕТЕЛЯХ УАЛЛАГКОМА ПО ФАМИЛЬНЫМ, НАРОДНЫМ ПРЕДАНИЯМ И АРХИВНЫМ МАТЕРИАЛАМ
  Декабря 2021
» Осетинская религия; религия осетин (Ирон дин)
  Мая 2021
» Иверская (Моздокская) икона Божией Матери
  Мая 2020
» Соотношение понятий Æгъдау, религия (дин), вера во внутриосетинской дискуссии
  Июля 2019
» Открытое обращение представителей осетинских религиозных организаций
  Августа 2017
» Обращение по установке памятника Пипо Гурциеву.
  Июня 2017
» Межконфессиональный диалог в РСО-Алании состояние проблемы
  Мая 2017
» Рекомендации 2-го круглого стола на тему «Традиционные осетинские религиозные верования и убеждения: состояние, проблемы и перспективы»
» Пути формирования информационной среды в сфере осетинской традиционной религии
» Проблемы организации научной разработки отдельных насущных вопросов традиционных верований осетин
  Мая 2016
» ПРОИСХОЖДЕНИЕ РУССКОГО ГОСУДАРСТВА
» НАРОДНАЯ РЕЛИГИЯ ОСЕТИН
» ОСЕТИНЫ
  Мая 2015
» Обращение к Главе муниципального образования и руководителям фракций
» Чындзӕхсӕвы ӕгъдӕуттӕ
» Во имя мира!
» Танец... на грани кровопролития
» Почти 5000 граммов свинца на один гектар земли!!!
  Марта 2015
» Патриоту Алании
  Мая 2014
» Что мы едим, или «пищевой терроризм»