Iriston.com
www.IRISTON.com
Цæйут æфсымæртау раттæм нæ къухтæ, абон кæрæдзимæ, Иры лæппутæ!
Iriston.com - история и культура Осетии
Кто не помнит прошлого, у того нет будущего.
Написать Админу Писать админу
 
Разделы

Хроника военных действий в Южной Осетии и аналитические материалы

Публикации по истории Осетии и осетин

Перечень осетинских фамилий, некоторые сведения о них

Перечень населенных пунктов Осетии, краткая информация о них и фамилиях, в них проживавших

Сборник материалов по традициям и обычаям осетин

Наиболее полное на сегодняшний день собрание рецептов осетинской кухни

В данном разделе размещаются книги на разные темы

Коста Хетагуров "Осетинскя лира", по книге, изданной во Владикавказе (Орджоникидзе) в 1974 году.


Перечень дружественных сайтов и сайтов, схожих по тематике.



Rambler's Top100 Рейтинг@Mail.ru Индекс цитирования
Статьи Словари
Здравствуйте, Гость
Регистрация | Вход
Опубл. 24.11.2011 | прочитано 7857 раз |  Комментарии (1)     Автор: Tabol Вернуться на начальную страницу Tabol
ХОХÆГТÆ-ЛИГЪДÆТТÆ (Цæрæкты Аллæйы тæлмац)

Хъаныхъуаты Инал  

 

(Ист у: Журнал «Ногдзау». 2004, №6, 2005, №1–2) 

(Уырыссагау æй ис бакæсæн ам)  

 

Шамилы уацары куы райстой, уæд Кавказы цæрæг адæмтæн сæ ныфс асаст, сæ зæрдæтæ бамæгуыр сты, банкъардтой, сæ райгуырæн бæстæ сын цæрынмæ кæй суынгæг, уый. Ныр бæлвырдæй сæхи цæстæй федтой, туджы аргъæй кæй балхæдтой, афтæ хъæбатырæй знагимæ цы сæрибары сæрвæлтау тох кодтой, уымæн кæрон кæй æрцыд. Ноджы стырдæр мæты бацыдысты хохæгтæ, се ’хсæн, уæ цоты уын салдæттæм кæндзысты, зæгъгæ, ахæм ныхæстæ куы апырх сты, уæд. Гъе, ацы хабар фехъусгæйæ хохæгтæ æрцыдысты ахæм хатдзæгмæ, зæгъгæ, ныууадзæм нæ райгуырæн бæстæ, тæккæ æрæджы дæр ма нæ туг кæуыл калдтам, уыцы зæхх æмæ æдас бынатагур фæлидзæм Стамбулмæ, уæд афтæ хуыдтой Турчы бæстæ. Уым нæхицæн сæрибарæй цæрдзыстæм, нæ цот та хызт уыдзысты салдаты фыдæбойнаг цардæй. 

Уыйадыл хохæгтæ 1859 азы фыдбæллæхы фæстæ сфæнд кодтой Кавказ Турчы бæстæйыл баивын. 

«Уым цæрынц не ’мдин адæм, — дзырдтой уыдон,— уым баныгæндзыстæм не стджытæ, цæйнæфæлтау, нæ фыдæлтæ æмæ нæ фæсивæд сæ тугæй кæй ныхсадтой хъазуат тохы, Хуыцауæй нын цы сæрибар цард фæдзæхст уыд, уый хъахъхъæнгæйæ, æмæ ныр ацы джауыртæ се ’нæхсад къæхтæй кæй нæмынц, уыцы зæххыл цæрæм. Нæ, махæн уырысимæ баззайæн ницыуал хуызы ис. Мах хъуамæ алы уысм дæр нæ зæрдыл дарæм, хъаймæты бон кæй æрцæудзæн, кæй æрлæудзыстæм уыцы æвирхъау тæрхоны бон, тохы нын цы хиуæттæ фæмард, уыдоны цур æмæ кæй ратдзыстæм дзуапп, куы нæ бафæрсой, джауыртимæ чи сæмтъеры, уыцы тæппудтæ, сымах та ма цæмæн баззадыстут ам, зæгъгæ». 

Афтæ дзырдтой, йæ сæр ма сæрмæ чи хаста, уыцы æууæнкджын хохаг пысылмæттæ æмæ сæ уырныдта, æцæгдæр æвирхъау тæрхоны бон, ома ахæрæты бон кæй æрцæудзæн, æмæ бавдæлдысты æмæ сæ исбис, сæ зæхх-мулк ныууæй кодтой æмæ Турчы бæстæмæ цæуыны къахыл ныллæууыдысты. 

Æмæ мæнæ гауызтæй æмбæрзт адæмæй дзаг уæрдæтты чырæ уæззау хъинц-хъинцгæнгæ ныххал ис йæ даргъ фæндагыл бæркадæйдзаг æмæ амондджын Стамбулмæ, райгуырæн бæстæйæн фæстаг хæрзбон зæгъгæйæ. 

Цымæ æмбарынц, цы ми кæнынц, уый, зонынц, кæдæм тырнынц, уый? Нæ, не ’мбарынц, нæ зонынц. Уыдон æрмæстдæр зонынц уый, æмæ кæмдæр арвы кæрон ис иу бæстæ, æмæ йæ ном та хуыйны Стамбул. Ноджы зонынц, уыцы аргъæутты Стамбулы се ’мдин æфсымæртæ кæй цæрынц, уый. Уыдон афтæ разæнгардæй уымæн тырнынц, æмæ сын сæ хæрзгæнджытæ зæрдæ бавæрдтой, уыцы дзæнæтон бæстæйы сæ цард хуыздæр кæй уыдзæн, уымæй. 

О, гæныстон æрбауой, кæй сайды фесты, уыдон! Куыд фæфыдæнхъæл сты æнамонд лигъдæттæ, æцæгдзинад куы бамбæрстой, уæд æмæ цы фыдæлгъыст кодтой, ацы хъизæмайраг фæндæгтыл сæ чи бафтыдта, уыдоны! Ныр, бамбæрстой, сæ уæлмонц бæллицтæ æцæгдзинады рагъыл кæй ныппырх сты, сæ рæуæууæнчы азар сæ кæй басыгъта, хорз цардæй сын зæрдæ чи æвæрдта уыцы амидингæнджытыл куы баууæндыдысты, уæд. Æмæ мæнæ уыцы пысылмон дины æнувыд цагъарты аххосæй сæфты къахыл ныллæууыдысты. 

Хохæгтæ Турчы бæстæмæ куыд лыгъдысты, уыцы хабæрттæ ацы рæнхъыты автор афтæ бæлвырдæй уымæн зоны, æмæ йæхæдæг дæр 1860 азы уыдис семæ æмæ йæхи удыл банкъардта, цы фыдбæллæхты кой кæны, уыдон се ’ппæт дæр. 

Мæ зæрдыл цы мысинæгтæ бадардтон, уыдон уын бацархайдзынæн лæмбынæгæй радзурыныл. 

Æз дæн ирон пысылмæттæй. Нæ мыггаг, Хъаныхъуатæ, нымад уыд æмæ ныр дæр у ирон уæздан мыггæгтæй иуыл. Мæ фыд кæд æфсады нæ службæ кодта, уæддæр архайдта, Уæрæсеимæ тохты хохæгтæ цы алыхуызон хæстон операцитæ кодтой, уыдоны ныхмæ. Уымæ гæсгæ йын лæвæрд æрцыд бæхджын æфсады дæлпоручичы цин, нæ хъæубæсты мидæг уыд нымад — куыста хъæуыхицауæй.  

Уæлдæр куыд загътон, афтæмæй, имам Шамил йе ’фсæдтимæ дæрæнгонд куы ’рцыд, уæд хохæгты ’хсæн анхъæвзта цавæрдæр тас æмæ æнæууæнкдзинад, æмæ уыцы уавæр ахæлиу махыл дæр — æнусы дæргъы уырысы хицауадыл иузæрдион чи уыд, уыцы сабырцæрæг ирæттыл. Ирæттæ дæр базмæлыдысты, бабæлццонхъус сты, ирон пысылмæтты ’хсæн дæр ныдæмæй хъуысын байдыдтой сагъæссаг ныхæстæ: иудзырдæй, уыдон дæр сабыргай бацыбæл сты Стамбулмæ цæуынмæ: ноджы ма се уæны ахæм тас бацыд, æмæ, дам, ам, Кавказы, чи баззайа, уыдонмæ æнæмæнгæй æнхъæлмæ кæсы мæлæт. Се ’хсæн разынд, уыцы дамтыл чи баууæндыд æмæ йæ райгуырæн бæстæйыл йæ къух чи систа, бирæ ахæм мыггæгтæ. 

Уыцы æууæнкджын адæймæгтимæ уыд мæ фыды ’фсымæр дæр. Бæхджын æфсады майор кæй уыд, уымæ гæсгæ йын йе ’мзæххонты ’хсæн уыди стыр кад. Дзырддзæугæ адæймаг уæвгæйæ бавдæлди, æмæ бирæты амидин кодта Турчы бæстæмæ алидзынмæ, æмæ йын æнтысгæ дæр бакодта уæлдайджынтæй. Ноджы сын сæ тас фылдæр кодта ахæм ныхæстæй: «Мах ныр ам ницыуал хъуыддаг ис, ам нын цæрыны фадат нал ратдзысты, Стамбулы та нын уыдзæн хорз цард». 

Кæй зæгъын æй хъæуы, уыдон йæхи хъуыдытæ нæ уыдысты, уый уыди пысылмæтты иумæйаг зæрдæйы уаг. 

Гъе æмæ æппæт хохæгты ’хсæн, хорз зондыл сæ чи сарæзтаид, се ’нæууæнк сын чи басастаид æмæ сын рæстдзинад чи загътаид, иу ахæм куырыхон лæг нæ разынд. Æмæ мæгуыр æууæнкджын адæм мæ фыды ’фсымæры ныхæстæм гæсгæ разæнгард кодтой алидзынмæ. Афтæмæй сæ нымæц фылдæрæй-фылдæр кодта. 

Гъе æрмæст иу хъуыддаг йæ зæрдæмæ нæ цыд — мæ фыд ын нæ разы кодта йæ райгуырæн бæстæ ныууадзыныл. 

— Иунæгæй уырысы æхсæн куы баззайай, уæд цы митæ кæндзынæ? — зæрдæкъахæн ныхæстæ йын кодта йе ’фсымæр.— Нæ мыггаджы хуыздæртæ иууылдæр куы ацæуой, уæд ма ды ам куыд уыдзынæ? Ау, ды уыцы номдзыд лæгтæй нæ дæ? 

Алы бон уыцы ныхæстæм хъусгæйæ мæ фыд æппынфæстаг сразы ис. 

Æз уæд ахуыр кодтон Кавказы гимназтæй иуы. Афæдзы ’рдæг дзы куы фæдæн, уæд гимназы разамонæджы номыл мæ фыдæй райстон фыстæг æхцаимæ. Уыцы фыстæджы мæ фыд куырдта, цæмæй мæ æвæстиатæй суæгъд кодтаиккой ахуырæй æмæ мæ арвыстаиккой нæхимæ. 

Барæвдз нæ кодтой иу-цалдæр æмбалимæ, æмæ ацыдыстæм Дзæуджыхъæумæ. 

Ме ’мцег1 æфсымæримæ, кæм райгуырдтæн æмæ мæ сывæллоны бонтæ кæм арвыстон, уыцы хъæумæ куыд хæстæгдæр кодтам, афтæ мæ зæрдæ уынгæгæй-уынгæгдæр кодта. Мæ цæстыты раз цы æвирхъау æмæ æнтъыснæг нывтæ февзæрд, уыдон фенгæйæ, мæ кæуын мæ хъуырмæ схæццæ. Раздæр хохаг стыр хъæу кæм уыд, уый хæмпæлгæрдæджы бын фæци, зæрдæ мæгуыр кодта æдзæрæг хæдзæртты кæлддзæгты уындæй. Æмæ уыцы ныв ноджы æвирхъаудæр кодта, æрæджы дæр ма хъæлдзæгдзинад йæ сæрты кæмæн калд, уыцы хъæуы уынд. Ме ’фсымæры дзуæппытæй базыдтон, æппæт цæрджытæ дæр, пысылмон цалдæр хæдзарæй фæстæмæ, æндæр хъæумæ кæй алыгъдысты æмæ а дыууæ боны кæй араст уыдзысты Стамбулмæ, уыдонимæ мах дæр. Нырма ныр бамбæрстон, æвæстиатæй мæ мæ ахуырæй цæмæн фæхицæн кодтой, уый. Мæ зæрдæ ноджы тынгдæр суынгæг, мæ райгуырæн бæстæйæ мæ фæхицæн кæнын кæй бахъæудзæн, уый куы бамбæрстон, уæд, ноджы ма мæм мæ сабийы зæрдæ афтæ дзырдта, цымæ Стамбул уыд цыдæр æдзæрæг ран, кæрдæджы хал дæр кæм нæ зайы, ахæм бынат. Æвæццæгæн, Мæхæмæт пехуымпары райгуырæн Аравийы хабæрттæ кæй фехъуыстон, уымæн афтæ хъуыды кодтон. 

Æппынфæстаг æрбахæццæ дæн нæхимæ. Нал базыдтон, мæ сабийы бонтæ кæм арвыстон, мæ сæнтты цы хæдзармæ тырныдтон, уый. Кæддæр нæ кæрт æмæ нæ хæдзары алфамбылай мæ фыды аудындзинады фæрцы цы сыгъдæгдзинад уыд, уымæн йæ кой дæр нал уыд. Акæс, уæд кæрт хæмпæлгæрдæджы бын фæци, æмæ уыцы цъæх пысыраты æхсæнæй нæ хæдзар гæныстон æмæ заууатæй зынди: бынтондæр нырраууат. 

Кæрты бæрæгастæу айтыгътой дыууæ цатыры. Уырдыгæй хъуысы хъæр ныхас, чысыл дарддæр лæууынц персайнаг гауызтæй æмбæрзт цалдæр уæрдоны. Уыцы ног цатыртæ, ног уæрдæттæ æмæ нæ кæрты æнæфснайддзинад фенгæйæ бамбæрстон, ам сæхи дард балцмæ кæй цæттæ кæнынц æмæ нæ зæронд къæс дзæгъæлæй кæй уадзынц, уый. 

Куыддæр хæдзары къæсæрæй мæ къах бавæрдтон, афтæ мыл амбæлд мæ мад. Йæ хъæбысы мæ ныттыхта æмæ мын йæ цæссыгæй йæхи æхсгæйæ загъта: 

— Стамбулмæ цæуæм, мæ хур! Дæ фыды нал фæнды ам цæрын. 

Мæ мады маст мæн дæр сагъæсы бафтыдта æмæ бон-изæрмæ мæ кæуынæй нæ банцадтæн, ноджы ма ме схæссæг мад дæр мæ разы бадти, æмæ мын уый æнкъард ныхæстæ, æнусмæ кæй хицæн кæнæм, уый фæдыл бынтон мæ зæрдæ ныммæгуыр кодтой. 

— Æз нæ ацæудзынæн Стамбулмæ,— фыркуыдæй хæкъуырцгæнгæйæ загътон æз мæ мадæн. 

— Тобæ стофыраллах! Цытæ дзурыс уый? Хуыцау дæ бахизæд уый дæ фыдæн зæгъынæй,— сабыртæ мæ кодта мæ мад. 

Куыддæр мæ фыды ном фехъуыстон, афтæ фæуыргъуыйау дæн, уымæн æмæ ахуыр уыдтæн йæ карздзинадыл. Æнæхъуаджы-иу æм гыццылдæр фæстæмæ куы сдзырдтон, уæд-иу мæ тынг бафхæрдта. Æнæуый дæр фыдæлтæ нæ уарзынц æмæ нæ быхсынц сæ фыртты къæйныхдзинадæн, уæлдайдæр та сæ кæстæр фыртты æнæрхъуыды митæн. 

Фæлæ ацы хатт æдас уыдтæн. Зыдтон, мæ фыд мæ кæй нæ фехъусдзæн, уый, уымæн æмæ йæхи хъуыддæгты фæдыл ныр дыууæ къуырийы дæргъы Кæсæджы балцы уыд. 

Ме ’рыздæхынæй нырмæ рацыд иу-цыппар, фондз боны. А ныр араст уæм, зæгъгæ, куыд загътам, афтæ мæ фыд æрбаздæхт нæхимæ. Уæдмæ мах алцыппæтæй дæр уыдыстæм цæттæ: хæлцæй, зæгъай, уæрдæттæй, зæгъай. Зæхх-мулк нæм цы уыд, уый ныууæй кодтам, нæ исбон та уæрдæтты бавгæдтам. 

Нæ ацæуыны хæдразмæ нæ лæварæмхасæн уæйгонд хæдзары æрæмбырд сты адæм алы хъæутæй, цæмæй нын хæрзбон зæгъой. 

Хæдзарæй уæрдæттæм хæссын райдыдтой дзаумæттæ. Зæгъын хъæуы уый, æмæ ацы хъуыддаджы тынгдæр архайдтой не ’ххуырстытæ... Æрхæццæ хæрзбон зæгъыны рæстæг. Райхъуыстысты сылгоймæгты кæуын хъæлæстæ. Фæстаг хъæбыстæ кодтой мæ мадæн, мæнæн æмæ мæ хотæн. Нæ уыд немæ æрмæст мæ кæстæр æфсымæр. Уый кæмдæр бамбæхсти. Бирæ йæ фæцагуырдтой. Мæ зæрдыл ма лæууы, фæстагмæ йæ не ’ххуырст куыд ссардта, уый: мусы йæ хосы бынæй раласта. Уый æххуырсты хъæбысæй йæхи тыдта æмæ йæ цæссыгтæй хуыдуггæнгæйæ хъæр кодта: 

— Ауадзут мæ, мæн нæ фæнды! Нæ мæ фæнды! 

Фæлæ йæ æххуырсты тыхджын къухтæ æппынæрæджиау уæрдоны æрæвæрдтой, æмæ ма схæкъуырцсхæкъуырцгæнгæ æдзæмæй бирæ фæбадт, цалынмæ нæ бафынæй, уæдмæ. 

Æмæ нæ уæвгæ та кæй фæндыди барвæндонæй цæуын æнæзонгæ бæстæмæ? Æвæдза, нæ фыд йæ бинонты фæндонæй куы бафарстаид, уæд нæ иу дæр не сразы уыдаид, фæлæ уыцы хъуыддаг уый сæрмæ хæссинагыл нæ нымадта. Хæдзары хицау уый уыди, æмæ уый барджын ныхас уыди сæйраг, мæ мадмæ та уынаффæ кæныны бар нæ хаудта. 

Уынгæй æрбайхъуыст уæрдæтты рог хъинц-хъинц,— уый галтæ райдыдтой ифтындзын уæрдæтты. Æппынфæстаг не ’ххуырст хæдзармæ æрбацыд æмæ загъта: 

— Афон у. Галтæ сифтыгътам, цæттæ стæм цæуынмæ. 

Кæрæдзийы фæдыл рахызтыстæм кæртмæ. 

Ныр дæр ма мæ хъустыл уайы, мæ мад нæ хæдзары къæсæрæй куы рацæйхызтис, уæд куыд ныббогъ-богъ кодта, уый, стæй йæ цыма рох дæр никуы фæкæндзынæн уыцы зæрдæхалæн куыд, афтæ мæм кæсы. 

Æмæ мæнæ рацыдыстæм кæртмæ. Уæрдæттæ фенкъуыстысты æмæ сабыргай араст сты. Мах цыдыстæм сæ фæдыл, цыма мæрддзыгойы адæм уыдыстæм, уыйау. Нæ фæндаджы фæйнæфарс лæууыдысты гæрзифтонг барджытæ. Сылгоймæгтæ сæм куы баввахс сты, уæд сæ бæхтæй æрхызтысты, æгъдаумæ гæсгæ, уæздан лæуд æркодтой æмæ нын фæндаг радтой?2 

Сылгоймæгтæ сæ размæ куы бахæццæ сты, уæд сæ кæуын фæурæдтой, æмæ, сæ цæстытæ бынмæ æруадзгæйæ, цыдысты æнæдзургæйæ. Уыцы барджытæ уыдысты нæ хæстæджытæ æмæ нæ зонгæтæ. Ардæм æрбацыдысты махæн фæндараст зæгъынмæ. 

Хъæуæй иуцасдæр куы адард стæм, уæд нæ уæрдæттæ æрурæдтам, рахызтыстæм æмæ хæрзбон загътам, нæ фæдыл чи цыди, уыдонæн... Сбадтыстæм уæрдæтты æмæ... Уæрдæттæ ныхъхъыррыст кодтой, æмæ уыцы цъæхснаг хъыррысты хъуыстис нæ фæстаг хæрзбон. Куыдтам иууылдæр. Фæстæмæ ма иу каст фæкодтон æмæ федтон, сылгоймæгтæ цавддуртау куыд лæууыдысты æмæ нæ цы æнкъард цæстæнгасæй фæндараст кодтой, уый. Æрбайхъуыстысты мæм сæ кæуын хъæлæстæ дæр. Барджытæ цыдысты фæндаджы фæйнæфæрсты æнæдзургæйæ. Уыдысты иу-дæс æмæ дыууиссæдзы бæрц. Æрыдонмæ куы бахæццæ стæм, уæд фæхицæнтæ стæм. 

Дыккаг бон ардыгæй нæ уæрдæттæ — мæ фыды ’фсымæрыонимæ уыдысты дæс — хъуамæ араст уыдаиккой æмбырдгæнæн бынатмæ. Уым хъуамæ æрæмбырд уыдаиккой, Ирыстонæй цы лигъдæтты къордтæ цыд, уыдон. 

Мæ фыд æмæ мæ фыды ’фсымæр немæ нæ уыдысты; уыдон, саргъы бæхтыл бадгæйæ, дзæвгар араздæр сты махæй. Æрыдоны ма ныл бафтыд, Стамбулмæ чи цыд, цалдæр ахæм уæрдоны. 

Изæрырдæм бахæццæ стæм хохрæбынмæ; ам нæ фæндаг цыд айнæг къæдзæхы фæхстыл. Фæрсырдыгæй хъуысы хæххон доны уынæр, хæхты фæхстыл ранæй-рæтты бандæгъд сты хохаг хъæутæ; фысты дзугтæ мæлдзыджыты хуызæн апырх сты æмæ хизынц хохбæрзæндтыл. Цавæрдæр къаннæг хохы иувæрсты базылдыстæм. Нæ хъустыл ауад цыдæр æнæзонгæ ныхас. Æхсæвы тары ферттив-ферттив кодтой æртыты рухсытæ. 

— Мæнæ уын уый та æмбырдгæнæн бынат,— загъта не ’ххуырст, галтæ уромгæйæ. 

Æмæ æцæгдæр бахæццæ стæм, дзырдгонд куыд уыдысты, афтæмæй хъуамæ лигъдæттæ се ’ппæт дæр кæм æрæмбырд уыдаиккой, уыцы бынатмæ. Фæлæ мæйдары бæрæг нæ уыд, лигъдæттæ цас уыдысты, уый, уыдтон æрмæст, амыты-уымыты рухсытæ куыд æрттывтой, уый. 

Галты æфсондзы бынæй суæгъд кодтам, цыдæртæ ахордтам, хуыссæнбынæттæ æрцæттæ кодтам æмæ бахуыссыдыстæм. 

Æз хуыссыдтæн нæ уæрдоны бын æмæ хъуыстон, мæ сæрмæ уæрдоны мæ мад ныр дæр ма ныдæмæй хæкъуырццæй куыд куыдта, уый æмæ фæлладæй тарф фынæй адæн. 

Райсомæй райхъал дæн иу-фараст сахатыл. Уæрдоны бынæй куы ракастæн, уæд федтон, хæхтæй æмæхгæд æрх æппæтæй дæр йемыдзаг кæй уыд уæрдæттæй, уый. 

Бæрæгбонарæзт адæм рацу-бацу кодтой. Дард кæцæйдæр хъуыстысты зарæджы зæлтæ. Ме ’фсымæры куы бафарстон, уый кæм зарынц, зæгъгæ, уæд мын загъта, Цæлыккаты Ахмæт, дам, цардагур бæлццæттæн фæстаг фæндараст зæгъыны тыххæй куывд скодта æмæ уырдыгæй хъуысы зарæг. 

Уыцы куывдмæ бакæсон, зæгъгæ, æз дæр мæхи ацæттæ кодтон æмæ атындзыдтон иумæйаг хъæлдзæгдзинадмæ. 

Бæзджын кæрдæгæй æмбæрзт æрхы кæрон æрбынат кодтой куывды адæм — куыдхистæрæй рабадтысты лæгтæ. 

Бадæг адæмы астæу æрæвæрдтой, Ахмæт цы гал аргæвста, уый фыды стыр къуылдыхтæ къуыдырфыхæй. Уыцы дзидзайы рæдзæгъдты алыварс рауай-бауай кодтой кæстæриуæггæнæг цалдæр лæппуйы æмæ къуылдыхтæ хæйттæ-хæйттæ кодтой куывддзауты нымæцмæ гæсгæ. 

Хистæртæй чысыл æддæдæр лæууыдысты фæсивæд къордæй æмæ сæ хъæлдзæг зарын хъуысти. Лæппутæ кæрæдзийы дзыхæй истой зарæг, алчи йæм йæхи ныхæстæ æфтыдта, афтæмæй. 

Бæрæг уыд, ног зарæг ныртæккæ кæй райгуырд, уый. Гыццыл лæппутæ сæм тынг зæрдиагæй хъуыстой, æмæ-иу исты аив дзырд куы айхъуыстой зарæгаразджытæй, уæд-иу кæрæдзимæ цымыдис-æхсызгонæй бакастысты. 

Æппынфæстаг, бирæ фæлтæрæнты фæстæ зарæггæнджыты поэтикон курдиаты руаджы райгуырди зарæг. Уыди дзы ахæм ныхæстæ: 

 

Стамбулмæ цæудзыстæм, 

Стамбулмæ, лæппутæ, 

Ой-та-рира, ой-рира! 

Нæ фæндаг амондджын 

уыдзæн Хуыцауы фæрцы, 

Ой зæгъут, лæппутæ, ой! 

 

Æмæ афтæ дарддæр уыцы хуызы. Зарæггæнджытæм бацыд куывдаразæг, Туркмæ адæмы алидзын кæнынмæ чи амидин кодта, уый Цæлыккаты Ахмæт æмæ сын загъта: 

— Хуыцау уын æххуысгæнæг уæд уæ фæллойы тыххæй. Уæхи ма фегад кæнут, саразут ахæм зарæг, нæ райгуырæн бæстæйы нæ номы бæсты кæй ныууадзæм. 

Зарæггæнджытæ æнæуый дæр нæ ауæрстой къæбæлдзыг ныхæстæ æмæ рæсугъд ахорæнтыл, архайдтой, цы даргъ фæндаг сæм æнхъæлмæ кæсы, уый бæллиццагдæрæй равдисыныл. Æмæ кæд сæ цин бынтон æнæбындур уыд, уæддæр уыдысты тынг хъæлдзæг. Нырма уал сæ хъарутæ сæхимæ уыдысты æмæ сæ ныфс уыди, бæллиццаг фидæн сæм кæй æнхъæлмæ кæсы, уымæй. Сомбон сæм цы кæсы, уый нæма зыдтой æмæ сæ зæрдæ ради. 

Хъуыды ма йæ кæнын, нæ фæллад уадзынмæ-иу куы ’рлæууыдыстæм, уæд-иу чызджытæ сæ райст-бавæрды дарæсты сæхи куыд сарæзтой, афтæмæй сæумæраджы куыд æрæмбырд сты уæрдæтты æхсæн æмæ куыд кафыдысты æнæрынцойæ, цалынмæ-иу нæ бафæлладысты, уæдмæ. Зарыдысты-иу, сæхицæн паша-мæйттæ æмæ салбар хæлæфтæй ныфсытæ кæм æвæрдтой, ахæм зарджытæ. Хъазт-иу ахаста суанг фæсæмбисæхсæвмæ, æмæ-иу уæларвмæ хъуыстысты ирон фæндыры зæлтæ, къæрццæмдзæгъд, хъæлдзæг ныхас æмæ аив зарджытæ. Уыцы нывтæй-иу лигъдæтты зæрдæтæ ныррухс сты, æмæ-иу сцинхуыз сты. 

Фæлæ уыцы цин бирæ нæ ахаста. Æцæгдзинад сæ цæстыты раз куы сыстад, уæд лигъдæтты бæллицтæ æмæ ныфсы галуантæ фæздæджы скъуыддзæгтау лыстæг пырхæнтæ баисты. Лигъдæттæ куыд æнхъæл уыдысты, афтæ зæрдæхцон хъæлдзæг нæ рауади сæ фæндаг, æмæ-иу рæстæгæй-рæстæгмæ, тæккæ æрæджы дæр ма рæсугъд цардагур кæй цæуынц, ууыл чи æууæндыд, уыдоны æхсæнæй райхъуыст фыдæлгъыстытæ. Æмæ та-иу уæд сæ зæрдыл æрбалæууыдысты, амондджын цард кæм кодтой æмæ ныр дзæгъæлæй кæй ныууагътой, уыцы райгуырæн хъæутæ. Æмæ-иу уæд фæрстыты бын фæкодтой сæхи: 

— Кæдæм цæуæм? Цæмæн лидзæм нæ зынаргъ райгуырæнæй? Цы агурæм? 

Æмæ, æцæгдæр, ахæм хъизæмæрттæ кодтой лигъдæттæ фæндагыл, æмæ-иу бар-æнæбары фæстæмæ сæ райгуырæн зæхмæ фæкæс-фæкæсгæнгæ цыдысты. Фидарæй зæгъын, бирæтæ дзы фæстæмæ кæй аздæхтаиккой, уый, фæлæ йæ сæ сæрмæ нæ хастой, тæппудты ном сыл куы сбада, уымæй тарстысты, худинаг æмæ сæм аллайаг каст. 

Мæнæ нæ фæндаг фæхæрд кодта æмæ фæнарæгдæр — уæрдæттæ ма дзы иугай цыдысты, кæрæдзийы фæдыл. Дыгай галтæ уæргътæй дзаг уæрдæттæ æмхæрды нæ фæрæзтой, уымæ гæсгæ-иу лигъдæтты бахъуыди галтæн æххуыс кæнын æмæ афтæмæйты уæрдæттæ кæрæдзийы фæдыл хæрды фæуæле кæнын. Мæнæ фæуæлбыл кодтой цалдæр уæрдоны, фæлæ уæдмæ баизæр, афтæмæй ма уæрдæттæн се ’мбис бынæй, хохрæбын уыди. Райсом изæрмæ та сæ хъæудзæн уыдонимæ архайын. Лигъдæттæ сæ дзаг уæрдæттæ къæдзæхрагъмæ куыд тыхамæлттæй сæргъæвтой, афтæ арæхстгай сæ хъæудзæн ныр та иннæ фарсырдыгæй уырдыгмæ æруадзын, цæмæй къæдзæхыл ма ныппырх уой, уый тыххæй. 

Мæнæ уый та дыккаг ныв. Къæдз-мæдзытæ фæндагыл фæцæуæм æмхæрды. Бынæй кæмдæр гыбар-гыбургæнгæ абухы цавæрдæр дон, йе знæт гуылфæнты егъау къæдзæхдуртæ скъæфы, афтæмæй. Йæ былгæрæттæ сты æмхæрд къæдзæхтæ. Уæрдæтты ничи бады, уымæн æмæ ифтыгъд галтæ æмæ бæхтæ тыххæй лæсынц размæ: се ’взæгтæ раппæрстой, сæ комы фынк кæлы, цæхæр хурмæ чи стæвд, уыцы рыгæйдзаг фæндагмæ æмæ йæ уымæл кæны. Æппæты разæй узгæ æмæ хъавгæ тулы нæ моллойы уæрдон: йæ фæйнæфæрсты цæуынц йæ фырттæ, йæхæдæг та цæуы фæсте, тарстхуызæй бынмæ абухгæ донмæ кæсгæйæ. 

Уæрдоны цы бæх ифтыгъд ис, уый ма тыхтæ æмæ амæлттæй йæ къæхтæ исы, афтæмæй цæуы хæрды. 

Фæлæ мæнæ æвиппайды иу фæзилæны бæх фæкалди, йæ фæдыл уæргътæй дзаг уæрдон аскъæфта, афтæмæй абухгæ хæххон доны смидæг. 

— Фервæзын сæ кæнут, фервæзын сæ кæнут! — ныхъхъæр кодтой молло æмæ йæ фырттæ удаистæй, æнамонд хайуан æрра гуылфæнимæ йæ гæндзæхтæ цæгъдгæ кæм тох кодта, уырдæм амонгæйæ. 

Уæрдæтты чырæ æрлæууыд. Цæлхыты зæрдæхалæн хъыррыст рæстæгмæ фæсабыр. Адæм схъомпал сты. Моллойы фырттæ цæсты фæныкъуылдмæ сæ дарæс феппæрстой æмæ сæ мулк ирвæзын кæнынмæ сæхи фехстой донмæ. Иннæ нæлгоймæгтæ дæр сæ бафæзмыдтой, æмæ уайсахат уæрдоны алыварс æрдæгбæгънæг нæлгоймæгтæй айдзаг, рæвдз февнæлдтой æмæ бæхы феуæгъд кодтой, уæрдоны цы дзаумæттæ уыд, уыдонæй ма цыдæртæ раскъæфтой. 

Ныр исты амалæй хъуыди бæхы раласын донæй. Фæлæ куыд, былгæрæттæ æмхæрд куы сты, уæд? Æмæ уæд нæлгоймæгтæ æд бæх æмæ æд уæргътæ аленк кодтой уылæнтимæ иумæ, цæмæй уырдыгаив ран ссарой. Уырдыгæй сын æнцондæр уыдзæн бæхы донæй ракæнын æмæ уæргътæ рахæссын. Уæрдон та знæт гуылфæны амæттаг баци, æмæ йæ рафæлдах-бафæлдах, раздух-баздухгæнгæ скъæфта. Истæуыл-иу куы фæхæцыд, уæд-иу æрлæууыд, стæй та-иу аленк кодта дарддæр æмæ уалынмæ бынтондæр фæтар ис йе ’намонд хицæутты æнкъард цæстыты разæй. 

Æмæ та мæнæ ног хъыгаг хабар. 

Æваст та нæ уæрдæттæ æрлæууыдысты. 

— Цы та ’рцыди? — кæрæдзийы фарстой лигъдæттæ. 

Куыд рабæрæг, афтæмæй фæндаг аласта дон. Бæлццæттæ хъуамæ иннæ фарсмæ кæуылты бацыдаиккой, уыцы хидæн йæ фæд дæр нал уыд. Æрмæст ма абухгæ доны уазал уылæнтæ æнæрынцойæ цæллахъ кæнынц бæрзонд сау къæдзæхы æмхæрд былыл. Гъе уыцы къæдзæх цæхгæр æрлæууыд нæ фæндагыл. 

Бирæ хъизæмæртты фæстæ лигъдæттæн сæ къухы бафтыд къæдзæхы бын донхæрд бынаты сæрты къаннæг хид саразын. Фæлæ ууылты дзаг уæрдон нæ бацæудзæн, уымæн æмæ хид нæ бауромдзæн ахæм уæз. Æмæ уæд лигъдæттæ хайгай бакодтой уæрдæттæ æмæ сæ афтæмæй фæфале кодтой хиды сæрты. Уыцы хъуыддагыл фæтухи кодтой цыппар боны дæргъы. 

— Æлгъыстаджы фæндаг фæу, хъуысы алырдыгæй, — кæд нын цас хъизæмæрттæ бавзарын кодтай! 

Афтæмæй та ма тæккæ æрæджы дæр цæй ныфсджын уыдысты, Стамбулы сæм амондджын цард кæй æнхъæлмæ кæсы, уымæй. 

Бирæ хъизæмæртты фæстæ, Кутаисыл ахизгæйæ, ’рбахæццæ стæм Батуммæ. Нæ цæстыты раз фегуырд фæрныг Стамбулы арæн, кæнæ та Турчы бæстæ. Нæ фыдæбойнаг балцы кæрон æрцыд. Æмæ нæхи æрцæттæ кодтам нæ фæллад уадзынмæ. Турчы хицауад алы бинонтæн дæр балæвар кодта фæйнæ цатыры. Цатыртæ æрфидар кодтам, æмæ дзы рауад егъау лагер. 

Лагерæй чысыл æддæдæр йæхи айтыгъта, мах афтæ тынг кæй уындмæ бæллыдыстæм, уыцы Сау денджыз. Куы-иу нын дзырдтой, денджыз афтæ фæтæн у, уый, уæд-иу нæ нæ уырныдта. Æмæ ныр мæнæ нæхи цæстæй уынæм уыцы бæллиццаджы денджыз. Æгæрон айтыгъта йæхи нæ цæстыты раз æмæ йæ дондыппыр уылæнтыл узы, хъазæгау раппар-баппар кæны, дæс хохаг хæдзары кæм бацæудзæн, ахæм егъау наутæ. 

— Æмæ, цымæ, æцæгдæр уыцы наутыл цæудзыстæм Стамбулмæ? Уымæн уæвæн нæй! Ахæм æгæрон денджызы адæймаг æнцонæй фесæфдзæн. Нæ, нæй уымæн уæвæн! — сæхицæн ныфсытæ æвæрдтой лигъдæттæ. 

Цæй æхсызгонæй-иу кастыстæм изæрыгæтты денджызмæ! Хурныгуылæн афон-иу зæрæхсиды сырх-сырхид тынтæ доны хъазыдысты. Дисæй-иу амардыстæм, изæрæй-иу денджызы цæрæгойты хъазтмæ куы кастыстæм, уæд! 

Батумы дзæвгар фестæм. Чысылгай нæ фæллад ссыд, æмæ нæ фыдтухитæ рохуаты аззадысты. Нæ фæсивæды бафæндыд бæхтыл хъазынæй Батумы æхсæнад бахъæлдзæг кæнын, раппæлын се ’взыгъддзинад æмæ, хæцæнгарзæй куыд арæхсынц, уымæй. 

Батумæгтæ куы базыдтой «черкесæгты»3 фæндон, уæд иу бон æрæмбырд сты иу стыр фæзмæ. Æхсæнадон фæтк бахъахъхъæныны тыххæй хицауад æрбакодта амы фидары æфсæдтæй æнæхъæн æфсæддон хай. 

Адæм цымыдисæй æнхъæлмæ кастысты хъæзтыты райдайынмæ. Хъал, цардхуыз туркæгтæ, сæ даргъ лулæты махоркæ нæмгæйæ, ныхасæппарæн кодтой æмæ цымыдисæй æнхъæлмæ кастысты, «черкесæгтæ» сын цы диссæгтæ равдисинаг сты, уымæ. 

Уалынмæ фæзындысты нæ фæсивæды лæгдæртæ дæсæй, хæрзарæзт æмæ гæрзифтонгæй, сæ саулохаг бæхтыл хъазгæйæ. Лигъдæттæй алкæмæ дæр уыди фæйнæ цалдæр бæхы. 

Туркæгтæ сæхирдыгонау стай-тай кодтой, худгæйæ кæрæдзимæ ракæс-бакæс кодтой, æвæццæгæн, нæ лæппуты дарæсыл худтысты. Æхсæны уаг æмæ фæтк хъахъхъæнджытæ се ставд лæдзджытæй, туркæгтæй хъазæн фæзмæ чи бырста, уыдоны сæ бынæттæм здæхтой. 

Уалынмæ хъæзтытæ райдыдтой. Йæ райдианы лæппутæ уадиссагæй ницы æвдыстой, æмæ сæм сæ хъус тынг не ’рдардтой туркæгтæ. Фæлæ уалынмæ барджытæй иу тæхгæ-тæхын саргъыл йæ сæрыл хъен алæууыд, стæй та фæстæмæ бæхыл абадт. Адæмы æхсæнæй райхъуыст æхсызгон уынæр æмæ тыхджын къухæмдзæгъд. 

— Воллах, чох яхши! Чох яхши!4 — дзырдтой дисгæнгæйæ туркæгтæ, æмæ сæ къухæмдзæгъд тынгæй-тынгдæр кодта. 

Дыккаг барæг тæхгæ-тæхын зæххæй фелвæста туркаг лыстæг æхца, хæрдмæ йæ сæппæрста æмæ йæ топпæй акъуырдта. Æртыккаг саргъыл лæууыди, бæх цыппæрвадæй уади, афтæмæй æмæ æхста топпæй милмæ. Иудзырдæй, нæ фæсивæд се ’взыгъддзинадæй туркæгты дисы бафтыдтой. 

Уыйадыл немæ балымæн сты, уæлдайдæр та салдæттæ. Ноджы ма уый куы базыдтам, æмæ дзы дыууæйæ уырыссæгтæ сты — Дзæуджыхъæуы ахæстоны чи бадт æмæ уырдыгæй чи ралыгъд, ахæмтæ, уæд сæ нæхимæ æрбахуыдтам сихор кæнынмæ. Уыдон мысыдысты Уæрæсе йæ еууы кас æмæ туаг къабускайы хъæрмхуыппимæ. 

Батумы алфамбылай алыхуызон дыргътæй уыдис йæ тæккæ дзаг. Мах сыл фæцахуыр стæм æмæ сæ голлаггай ластам хъæдæй æмæ хордтам, цалынмæ дзы нæ гуыбынтæ не срыстысты, уæдмæ. Æмæ уæд лигъдæтты дзырддзæугæдæр лæгтæ, хъуыддаг бамбаргæйæ, бафæдзæхстой, цæмæй дыргъ ласынмæ мачиуал ацæуа. Уый адæмæн тынг фæхъыг ис, се ’хсæнæй райхъуысти мæстæлгъæд ныхæстæ дæр. 

Батумæй Константинопольмæ денджызыл ацæуынмæ сæ ныфс бахастой æрмæстдæр иуæй-иутæ. Уыдонимæ уыди нæ молло дæр. Иннæтæ иууылдæр сфæнд кодтой Хъарсмæ ацæуын. 

Хъарсмæ фæндаг дæр се ’нцонтæй нæ уыд, фæлæ нырмæ цы зындзинæдтæ бавзæрстам Батуммæ цæугæйæ, уыдоны раз нæм нымады дæр нæ уыдысты, ахуыр уыдыстæм фæндаджы фыдтухитæ æмæ фыдæбæттыл. Ноджы ма нын Турчы хицауад нæ къух фæрогдæр кодта, уæрдæттæ нын кæй радта нæ дзаумæттæ ласынæн, уымæй. Нæ фæндагыл цæхгæрмæ калди хæххон цæугæдон. Йæ фæйнæфæрсты хæрдмæ фæцыдысты наз æмæ нæзыйæ æмæхгæд сау айнæг къæдзæхтæ. Уыцы донæй дарддæр нал ис уæрдонвæндаг. Къæдзæхты фæхстыл лыстæг сау æндæхты хуызæн бæрæг дарынц къахвæндæгтæ. Уыцы фæндæгтыл ацæуын йæ бон уыди æрмæстдæр гал кæнæ бæхæн, уый дæр тынг зынтæй. Уымæ гæсгæ лигъдæттæ сæ уæрдæттæ хайгай кодтой æмæ сын сæ хъæугæдæртæ, дзырдæн, зæгъæм, сæ цæлхытæ, бæлæгътæм хастой. 

Махæн цæугæ уыд дон-дон хæрдмæ. Уымæ гæсгæ, бынæттон цæрджытæй немæ бæлæгътæрджытæй кæй ракодтам, уыдонæн тынг зын уыд доны ныхмæ бæлæгъты мах æд дзаумæттæ ласын. Фæлæ архайдтой, сæ бон цы уыди, уымæй. Ласын та нæ хъуыди иу-авд версты бæрц. Бæлæгъты æвæрын уагътой, æнæмæнг хъæугæ чи уыд, ахæм хæдзарыдзаумæттæ, уæрдæттæн та æрмæстдæр сæ цæлхытæ. Рæтæнæгъдтæ-иу бабастам бæхты сæргътæм æмæ сæ афтæмæй хæрхæргæнгæ ластам хæхтыл нæ ног бынатмæ. Æмæ та-иу уым ногæй барæвдзытæ кодтам нæ уæрдæттæ. 

Мæ фыд бавдæлд, æмæ нæ иу уæрдоны рæтæнæгъдтæ йæ бæхы саргъмæ бабаста, иннæ уæрдоныуонтæ та — мæ бæхы саргъмæ. Афтæмæй сабыргай цæуæм хæрдмæ, галтæ нæ разæй тæргæйæ. Бæхтæ тыххæй-фыдæй цæуынц нарæг къахвæндагыл. Къæдзæхты фæхстыл хæрдмæ цæугæйæ рæтæнæгъдты уæзæй саргъ бæхы рагъæй фæстæмæ рабыры. Галтæ тæрсгæ-ризгæйæ кæрæдзийы фæдыл сабыр исынц сæ къæхтæ нарæг къахвæндагыл. Æнæнхъæлæджы дыууæ галы кæрæдзийы сцавтой, æмæ сæ иу сæрсæфæн былæй асхъиудта. 

— Æллах! — ныхъхъæр кодта мæ фыд, — мæ галты хуыздæр бабын! — æрлæууыдис æмæ кæсы бынмæ донмæ, гал кæдæм ахауд, уырдæм. 

Фæлæ бынæй галæн йæ кой дæр нæй, æрмæст цæугæдон æвзист æндахау къæдз-мæдзытæ здыхсы егъау къæдзæхты ’хсæнты æмæ дзы дон-дон хæрдмæ цыдæр змæлы. Уый уыд, нæ бинонтæ кæм бадтысты, уыцы бæлæгъ. 

Фæлæ мæнæ нарæг къахвæндаг куыдуæлæмæ фæтæнæй-фæтæндæргæнгæ цæуын райдыдта, æмæ дзы рауад уæрæх фæндаг. Уæдмæ изæрмилтæ кодта. Мæ фыд ницы дзуры, тарæрфыг æмæ мæстыхуыз у — йæ хуыздæр гал кæй фесæфти, уый йын йæ уæнг асаста, йæ бон æй ферох кæнын нæу. 

Æхсæв йæ бартæ райста. Бынæй кæцæйдæр ферттывта рухсы цъыртт. Уый фенгæйæ мæ фыд уыцырдæм ныхъхъæр кодта. Ингæнæй хъуысæгау нæм сыхъуыст не ’ххуырсты хъæлæс. Нæ фæллад галты нæ разæй тæргæйæ мæ фыдимæ сабыргай, нæ удтæ нæ къухы хæсгæйæ, цæуæм бынмæ æнæзонгæ цæхгæруырдыг къæдзæхы фахсыл, хъæр кæцæй фæцыд, уырдæм. 

Къæдзæхрæбын арты фарсмæ æрбынат кодтой нæ бинонтæ. Мæ кæстæр æфсымæртæ æмæ хотæ кæуынц, æххормаг сын у, фæлæ сын цы раттой, уый нæй. Цы муртæ ма нæм уыд, уыдон хæрд фесты, ссарæн та никæм ницы уыд, уымæн æмæ хъæу хæстæг никуы уыд. Нæхæдæг дæр сæххормаг стæм ахæм фыдтухитæ бавзаргæйæ, фæлæ гæнæн нæй — бабыхсын хъæуы райсоммæ — кæд, мыййаг, исты амал фæуид. 

Мæнæ уый та æндæр ныв. Нæ уæрдæттæ кæмдæр ныууагътам, уымæн æмæ нæ фæндаг дарддæр къæдзæхты фæхстыл нарæгæй-нарæгдæр кодта. 

Æнтæфæй сулæфæнтæ нæй, ком хус кæны — фырдойныйæ цы фæуæм, уый нæ зонæм, ноджы ма нæ фæндагыл æмбонды хуызæн слæууыд къæдзæх. Схызтыстæм йæ сæрмæ. Мæ мад цæуы разæй. Кæд ын не ’ххуырст æххуыс кæны æмхæрд къахвæндагыл цæуынмæ, уæддæр æм хъаруйы цъыртт нал ис æмæ фырфæлмæстæй фæндагыл æрбадти. Йæ фарсмæ сæхи æруагътой, тыхцыдæй чи бафæллад, уыдонæй дæр чидæртæ. 

Уæд та иу бæласы аууон искæм алæуу! Æмбисбоны хуры судзгæ тынтæ ахъардтой буары суанг стджыты онг. Æваст мæ хъустыл ауад кæйдæр зæрдæхалæн хъæрахст: уый мæ рынчын хо агуры дон. 

— Дон мæ хъæуы! Дойныйæ фæмæлын! — хъæр кæны уый. 

Мæ хо хуыссы, айнæг къæдзæхыл ын не ’ххуырст цы нымæт æрытыдта, ууыл: нырмæ та йæ йе ’ккойы хаста, мæгуыр. 

Мад йæхи æруагъта йæ чызджы нывæрзæн æмæ нæ зоны, цы йын акæна, уый. Æмæ кæд йæхæдæг дæр дойныйæ мæлы, уæддæр куры, цæмæй исчи иу доны цъыртт ссара рынчын чызгæн. 

О, фæлæ кæм ссардæуа дон, нæ алыварс, фæстаг кæрдæджы халы онг хур кæй басыгъта, ахæм айнæг къæдзæхтæ æмæ цыргъсындз нæзы бæлæстæ йеддæмæ куы ницы ис, уæд? Мæ мæлæтдзаг рынчын хойæн донагур æрзылдтæн алы рæтты, мæхи мæт мæ нал уыд, афтæмæй, фæлæ хуымæтæджы донвæд дæр никæм ссардтон æмæ фæстæмæ ’рбаздæхтæн. 

Æвæдза, фыдтухитæй уæлдай алцæмæн дæр, æвæццæгæн, ис кæрон: изæрырдæм фæсатæгдæр, æмæ уымæ гæсгæ нæ дойны фæсаст. 

Куыд ирд æмæ куыд æхсызгон у изæрыгон хæхты! Рог уддзæфы сатæг уæнгты хизы. Мæнæ хурыскæсæны ’рдыгæй ферттывта иу гыццыл стъалы, уый бафæзмыдтой иннæтæ дæр, æмæ куыдфæстæмæ æгæрон цъæх арвы тыгъдады мин-мин стъалыйы, кæрæдзимæ сæ ирд цæстытæ ныкъулгæйæ, тæмæнтæ калынц. 

Куыд æхсызгонæй узæлы ирдгæ дымгæ фæллад уæнгтыл æмæ куыд æнцон у улæфын! Мæрдон фынæй бауин афтæ уæлгоммæ хуысгæйæ, фæлæ мын мæ рынчын хойы хъæрзын мæ хуыссæг фæсырдта. 

Цалхыдзаг мæйы рухсмæ зыны, мæ мад йæ чызджы нывæрзæн куыд бады æмæ куыд æрхæндæгæй кæсы йæ рынчын хъæбулмæ, уый. Æнхъæлдæн æмæ кæугæ кæны. Мæгуыр дæ бон, ныййарæг! Йæхицæн йæ уд æрдуйæ нарæгдæр сси фæндаджы фыдтухитæй, дойныйæ хъырды кæны, фæлæ уæддæр бады йæ уарзон чызджы уæлхъус. Бæргæ, истæмæй йын куы феххуыс кæнид йæ хъизæмæрттæ фæрогдæр кæнынæн. Хуыцау — æвдисæн — йæ цард дæр раттид, фæлæ, хъыгагæн, уыцы бæллицтæн сæххæстгæнæн нæй. Æмæ æдзæмæй бады, йæ цæссыгæй йæхи æхсгæйæ, зæрдæтæ æвæры йæ рынчынæн. 

— Ма тæрс, мæ хур, ма тæрс, адзæбæх уыдзынæ, алидздзæн дæ низ. 

Фæлæ нæй, не ’нцайы рис, æмæ рынчын фырадæргæй нымæтыл туллæччытæ кæны. Мад цавддурау бады æмæ йæ уарзон хъæбулы хъахъхъæны. Йæ судзгæ цæссыгтæ йын хъуыды дæр ничи кæны, нымады дæр никæмæ у йæ утæхсæн. 

Æниу, сæдæгай азты адæмы хъыгтæ æмæ цинтæн æвдисæн чи у, уыцы тызмæг айнæг къæдзæхтæн цы уадиссаг у ацы ныв? Кæннод, адæймаджы царды алы фæзылдмæ дæр ирд цæстæй чи кæсы, уыцы æрттивгæ стъалыты уый мæт ис?! Цы уæлдай у, дунейы равзæрдæй нырмæ йæ фæндагыл иугæндзонæй чи тындзы, уыцы мæйæн та? Нæ, æвæццæгæн, дæ алфамбылай цы æрдз ис, ууыл зæрдæ дарæн нæй æмæ, ныййарæг, ку, дæ бон цас у, уыйбæрц. Дæхицæн æнцондæр уыдзæн. Чи зоны, иунæг Стыр Хуыцау фена дæ судзгæ цæссыгтæ æмæ дын йе ’ппæтхъом тыхæй баххуыс кæна. 

Не ’ххуырсты дæр нæ мадмæ не ’вдæлы. Уый йæ уд хъары арт скæныныл æмæ сугагур ацыд. Гъе, фæлæ йæ арты сæр цæмæн бахъуыд, уый ничи ’мбары. Мах ныртæккæ артыл не стæм. Нæ дойны иуцасдæр бæргæ суагътам, фæлæ тынг æххормаг кæй стæм, уый нæ нæ ферох. 

Не ’ххуырст арæхстгай сугтæ кæрæдзиуыл самадта æмæ сыл бандзæрста, уый фæстæ йæ алыварс акасти. Æппынфæстаг райхъуыст йæ хъæлæс. 

— Уæртæ уым, æвæццæгæн, фыййæуттæ æхсæвиуат кæнынц,— æмæ йе ’нгуылдзæй, рухс кæцæй æрттивы æмæ куыйты рæйын кæцæй райхъуыст, уырдæм ацамыдта æмæ æхсæвы тары æрбайсæфт. 

Иуцасдæр рæстæджы фæстæ фæзынд, йе ’ккой фыс, афтæмæй. 

— Хуыцауы лæвар у,— загъта цыдæр сусæгхуызæй. 

Фæсидти иннæ æххуырстмæ дæр æмæ сæ амæттаджы акусарт кодтой. Цæстыфæныкъуылдмæ йæ астыгътой, йæ хуылфыдзаумæттæ йын къæдзæхы сæрæй фехстой, тугыл та сыджыт бакалдтой. Цалдæр хайы ралыг кодтой кусартæй æмæ физонæг кæнынмæ февнæлдтой. Уайтагъд физонæджы цъыс-цъыс ссыд æмæ нын йæ хæрздæфæй æхсызгон хъыдзы кодта не ’мбудæнтæ. Иучысыл не ’ххормаг куы фæсаст, уæд иууылдæр бахуыссыдыстæм — чи кæм, чи кæм, мæ мадæй фæстæмæ. 

Уый куыд бадти йæ рынчын чызджы раз, афтæ бадгæйæ баззад æмæ йæ цæстысыгæй йæхи æхсадта. 

Райсомæй сæумæраджы дарддæр араст стæм нæ зындоны фæндагыл. 

Мæнæ нæ ныхмæ æрбацæуы галты чырæ. Æппæты разæй цæуы раздзог, алыхуызон дзæнгæрджытæ æмæ дидитæй фæлыст нард галыл бады, афтæмæй. 

Раздзог уыцы æнæмæтæй даргъ лулæ дымы æмæ нын йæ къухы фæтылдæй бамбарын кæны, цæмæй мах иуварс алæууæм нарæг къахвæндагæй. Мах нæуæндонхуызæй иуварс алæууыдыстæм æмæ цыдæр æнахуыр каст кæнæм, егъау уæргътæ æвæрд кæуыл уыд, уыцы галты чырæмæ. 

Æппынфæстаг нæ туркаг фæндагамонæджы амындмæ гæсгæ федтам, къæдзæхы фахсыл чи батъæпæн, ахæм хъæу. Мах хъуамæ уыцы хъæумæ ацыдаиккам; æмæ мæнæ цалдæр сахаты тухиты фæстæ нæ бынат ссардтам. Ам нæ алкæмæн дæр радтой хицæн цæрæнуат. Уыдон уыдысты тынг æнæзылд æмæ æвадат. Фæлæ нын хуыздæртæ кæм уыд æмæ æрбынæттон стæм. Дзаумæттæ уаты астæу рæдзæгъдæй лæууыдысты. Кæмæн йæ бон куыд уыд, афтæ алчи йæхи æрцæттæ кодта йæ фæллад уадзынмæ. Рынчыны æрæвæрдтам, фатеры цы иунæг сынтæг уыд, ууыл. 

Абоны хуызæн ма ныр дæр мæ цæстытыл уайы мæ зынаргъ мады æрхæндæг хуыз. Уый æдзæмæй бадти мæ хойы уæлхъус æмæ æдзынæг касти, рынчын куыд туллæччытæ кодта фыррыстæй сынтæджы æмæ æххуысмæ куыд сидтис, уымæ. Цæстысыгтæ лæдæрстысты мæ мады фæлурс фыдхуыз цæсгомыл æмæ згъæлдысты йæ риумæ. 

Къуымы нымæтыл хуысгæйæ кæсын уыцы зæрдæхалæн нывмæ æмæ мæ зæрдæ суынгæг — ныртæккæ мæ цæстысыгтæ æргæр-гæр кæндзысты. Фæлæ боны дæргъы фæндагыл цы фыдæбæттæ бавзæрстон, уыдон мыл æртæфстысты, бар-æнæбары мæ цæстыхаутæ кæрæдзиуыл аныхæстысты æмæ афынæй дæн. 

Иуафон мæ фынмæ фехъуыстон зæрдæхалæн хъарæг æмæ мæ фыркатайæ фехъал дæн. Фæлтау куы нæ райхъал уыдаин! Мæ мад йæ цæсгом йæ дыууæ къухæй бамбæрзгæйæ дзыназы мæ хойы марды уæлхъус. Уый, мæгуыр, цырагъы дыдзы рухсмæ афтæ фæлурс у, æмæ дзы æз фæтарстæн, фырадæргæй мæхи къулы ’рдæм фæзылдтон æмæ ныббогъ-богъ кодтон. 

Иууылдæр райхъал сты æмæ ныккуыдтой. Фæци йæ цард мæ кæстæр хойæн, цы низæй амард, уый зонгæ дæр нæ бакодтам, афтæмæй. Бирæ удхар фæкодта, мæлæтимæ тохгæнгæйæ, æмæ, æппынфæстаг, хъуамæ басастаид, цæмæй фервæзтаид йæ дарддæры хъизæмæрттæй. 

Мæ хойы мæлæты тыххæй фехъусын кодтой мæ фыдæн. Уый æндæр ран цард. Æнкъардæй байхъуыста хабармæ, фæлæ дзургæ ницы скодта. Дыккаг бон сихормæ хæстæг мæ хойы мард урс кæттаджы тыхтæй каугондыл рахастой кæртæй. Йæ фæстæ цыдысты дыууæ моллойы, хиуæттæ цалдæрæй. Мæ фыд семæ нæ уыд, нæ ауагътой мæн дæр. 

Иннæ райсом ныууагътам уыцы æнамонд цæрæнуат æмæ нæ тухиаг фæндагыл дарддæр араст стæм. Æз бæхыл сбадтæн æмæ æцæг барæджы хуызæн цыдтæн мæ фыд, мæ фыды æфсымæр æмæ йæ дыууæ фырты фарсмæ. Нæ бинонтæ æмæ нæ мулк разæй арвыстам уæрдæтты, нæхæдæг бæхтыл бадгæйæ цыдыстæм сæ фæстæ. 

Хъæуæй куы ахызтыстæм, уæд мæ фыд баздæхт ногкъахт ингæны цурмæ æмæ уым иуцасдæр афæстиат. Ныллæг хъæлæсæй Хъуыраны кувæн дзырдтæ йæ былты кæрæттæй дзырдта æмæ дзырдта, стæй йе ’рмттæ æртæ хатты йæ цæсгомыл æруагъта дуа кæнгæйæ æмæ загъта: «Оммен». Иронау та ма бакодта: 

— Рухсаг у,— рагон ромæгтæ куыд дзырдтой: sit tibi terra levis5, уыйау. 

Мæнæ æппынфæстаг æрбахæццæ стæм, кæрдæджы хал кæм нæй, ахæм тыгъд быдырмæ. Иугай ныл æмбæлын райдыдтой курдæгтæ сæ цъупхуд æмæ егъау хъаматимæ. Тызмæг каст нæм кодтой. Сæ хъаматæй-иу нæм бавзидæгау кодтой. 

Дардæй æрбазындысты цавæрдæр бæстыхæйттæ. Фыццаг æрбамбæлæджы бафарстам, уыдон цы сты, зæгъгæ. Уый нын загъта: 

— Уый Хъарс у. 

Хуыцау, дæуæй бузныг! Æппынфæстаг æрбахæццæ стæм Хъарсмæ. Хъарсы нын радтой кæройнаг кварталтæй иу, æмæ уым фатерты æрцардыстæм. 

Мæ зæрдыл ма хорз лæууы. Махæн фатер радтой, хохы фахсыл цы хæдзар уыд, уым. Царди дзы молло. Куы бацыдыстæм, уæд дзы баййæфтам дыууæ дыгурон лæппуйы молло сæ ахуыр кодта йæ дæсныйадыл. Лæппутæ нæ мидæмæ нæ уагътой. Мæ фыд сæм тынг смæсты, уæлдайдæр та уымæн, æмæ сæ хорз зыдта нæхимæ дæр, цыдæр хæстæг дæр ма нын æййæфтой. 

— Мæнæ куыд фехæлдысты ацы куыйтæ,— æрбамæсты мæ фыд,— хионтæ дæр сæ æрбайрох сты, хистæрæн æгъдау дæттын зонгæ дæр нал кæнынц. 

Хæдзары хицау лæппуты карз бафхæрдта æмæ сæ ратардта, æмæ уæд мах æрцардыстæм уыцы фатеры. 

Хъарсæй лигъдæтты æрвыстой алы хъæутæм, цæмæй сын уым цæрæн бынæттæ радтой, уый тыххæй. Фæлæ уыдонæн сæ зæрдæмæ нæ фæцыд, дихтæ-къордтæ сæ кæй кодтой, уый. 

Цалынмæ Хъарсы уыдыстæм, уæдмæ дыууæ къуырийы бæрц мæ фыд нæхимæ нæ уыд. Лигъдæтты минæвар уæвгæйæ, цы бынат нын радих кодтой цæрынмæ, уый бæрæггæнæг ацыд. 

Мæ фыд куы æрбаздæхт, уæд æм фæрсынмæ æрæмбырд сты æппæт лигъдæттæ дæр. 

— Бынат бынтон æвзæр у,— загъта уый,— адæм та — куыдзы тугæй æхсад. Диссаджы хорз цард кæм кодтам, уыцы райгуырæн бæстæйæ ардæм тырныдтам нæ сæр, нæ фат не ’взаргæйæ, æмæ мæнæ уынут, нæ хуыздæр бæллицтæ цы Стамбулимæ бастам, фыдтухитæгæнгæйæ æнамонд фæндæгтыл кæмæ фæцыдыстæм, уыцы Турчы бæстæ нын цы «æгас цуат» загъта, уый. 

Мах хъуамæ æфсымæртау куыд цæрæм, нæ устыты басмахътæ нын чи давы, уыцы адæмимæ6? Уæ цоты хъысмæтыл лæмбынæг ахъуыды кæнут. Бирæтæ куыд зæгъынц, ома фæстæмæ нæ райгуырæн бæстæмæ куы аздæхæм, уæд уый тæппуддзинады нысан у, зынтæн нæ бабыхстам, зæгъгæ, уый раст нæу. Уый ууыл дзурæг у, æмæ нæ нæ бинонтæн фæнды хорздзинад. Уый куы нæ бакæнæм, уæд искæй зæххыл амæлдзыстæм. Æрлæууын-ма кæнут уæ зæрдыл, нæ райгуырæн бæстæйы куыд амондджын уыдыстæм, куыд сæрибарæй цардыстæм. Уырны мæ, нæ фыдыбæстæ та фæстæмæ цингæнгæйæ кæй сæмбæлдзæн йæ хæтæнхуаг фырттыл æмæ сæ йæ хъарм хъæбысы кæй æрбанорддзæн. Æмæ та ногæй кæддæрау амондджынæй цæрдзыстæм. Бирæ диссæгтæ федтам, цы бачындæуа æгæр æууæнкджын разындыстæм. Фæлæ, нæ амондæн, нæ рæдыд афоныл æрæмбæрстам, нæма нын байрæджы, нырма йæ æнцонæй сраст кæнæн ис. 

Уæ зæрдыл бадарут, ам нæ хицæнтæй — дыгай, æртыгай хæдзæрттæй куы цæрын кæной, уæд кæрæдзи ферох кæндзыстæм æмæ, æгæрыстæмæй, зонгæ дæр нал кæндзыстæм, æгас нæ чи у æмæ чи нал у, уый дæр. Уæ алыварс цæрæг дыкъахыг куыйтæй та уыл иу дæр иу цæстысыг дæр не ’рæппардзæн. Уе ’нусон бынат — уæлмæрдмæ уæ куы хæссой, уæддæр уæ фæдыл иу къахдзæф дæр нæ акæндзысты. Нæ райгуырæн бæстæйы нæ фыдæлтимæ иу зæххы уæддæр уыдзыстæм ныгæд æмæ ныл иу цæстысыг исчи уæддæр æрæппардзæн. 

Зæронд лæгтæ сагъæстыл фесты мæ фыды ныхæстæ фехъусгæйæ. Дзæвгар рæстæг цавддуртау фæлæууыдысты, фæстагмæ се ’хсæнæй райхъуыст кæйдæр ныхас: 

— Фæстæмæ цæуинаг чи у, уыдонæн сæ фыццæгтимæ цæуын æз дæр. 

Уыимæ баиу сты ноджы цалдæр хъæлæсы æмæ баисты дæсгæйттæ. 

Мæ фыдимæ фæстæмæ раздæхынмæ чи сразы, уыдон уыдысты 90 хæдзары. Иумæйагæй фидарæй бауынаффæ кодтой Хъарсы фидар ныууадзын æмæ дыууæ боны фæстæ райгуырæн бæстæмæ аздæхын. 

Нæ балцы хæдразмæ нæ уæрдæттимæ æрæмбырд стæм Хъарсы горæтгæрон. Лигъдæттæй уым баззайыны фæнд чи скодта, уыдон, мах здæхгæ кæнæм нæхимæ, уый куы фехъуыстой, уæд мæ фыдæн уайдзæфтæ кодтой: 

— Ма фæхудинаг кæн мах дæр æмæ дæхи дæр, ма аздæх фæстæмæ. Цы зæгъдзысты адæм, нæ лигъдæтты хуыздæртæй иу фæстæмæ раздæхт, уый куы базоной, уæд? 

Фæлæ мæ фыд уыдæттыл бирæ фæхъуыды кодта æмæ йæ уынаффæ аивынмæ нал хъавыд. Иугæр сфæнд кодта, уæд æй ницавæруал тыхтæ бауромдзысты ацы бæстæйы. 

Фæстæмæ здæхтыстæм Александрополыл, уырдыгæй Тифлисмæ, стæй та Дзæуджыхъæумæ. Ныр нын фæндаг дæр фæрогдæр цæуынмæ, фæлæ нæ, не ’намондæн, зымæг æрæййæфта дыууæ арæны æхсæн, уырыссаг æмæ туркаг арæнтыл, Арпачайы доны был. 

Ацы ран нæ фæдардтой æнæхъæн æртæ къуырийы. Уазæлттæй нæхи бахъахъхъæнæм, зæгъгæ, Арпачайы доны был скъахтам ныггæндтæ æмæ сын сæ сæртæ бамбæрзтам сыджытæй. Къазнайы фатертæ нын туркаг хицауад, кæй зæгъын æй хъæуы, нал лæвæрдта, уымæн æмæ йыл нæхæдæг барвæндонæй систам нæ къух, нæхи фæндонмæ гæсгæ здæхæм фæстæмæ нæ райгуырæн бæстæмæ. Æмæ нын уый нæ хатыр кодтой. Хъавыдысты нæ административон æгъдауæй тыхæй ныууромын æмæ нæ Хъарсæй нæ рауадзынмæ, фæлæ, нæ уынаффæ нал аивдзыстæм, уый куы бамбæрстой, тыхæй уромынвæнд нæ куы скæной, уæд уый та æвзæрдæр фæстиуджытæ кæй расайдзæн, уæд нын лæвæрд æрцыд ацæуыны бар. 

Куыд загътон, афтæмæй уазæлттæй нæхи бахызтам, Арпачайы был цы ныккæндтæ скъахтам, уым. Уыдоны фæрцы ирвæзтыстæм, цалынмæ мит уыд, уæдмæ. Фæлæ-иу хур куы ракаст æмæ-иу мит тайын куы райдыдта, уæд-иу митдон калд ныккæндтæм æмæ нын нæ мулк доны бын кодта, рогдæр дзаумæттæ та-иу йемæ æддæмæ аласта. 

Уыди-иу ахæм уазæлттæ дæр, æмæ-иу нæ нæ ныккæндтæ дæр нал æндæвтой зымæджы хъызтæй. Уæд-иу нæхи байстам туркаг арæнхъахъхъæнджыты сарамæ. Уыцы сарайы уыдысты адæмæй, зæгъай, фосæй, зæгъай, — иууылдæр иумæ. Сарайы хицау алы адæймагæй дæр, æхсæвиуат кæныны тыххæй, иста фæйнæ суарийы. Уымæй уæлдай ма йæм уыд, лыстæг дзаумæттæ кæм уæй кодта, ахæм чысыл будкæ æмæ дукани дæр. 

Иу бон куы уыди, уæд фæлмаст лигъдæтты æхсæн айхъуыст æхсызгон хабар. Хицауад, дам, лигъдæттæн Уæрæсейы арæнтæм бацæуыны бар радта. Æмæ лигъдæттæ февнæлдтой сæ уæрдæттæ ифтындзынмæ. Æмæ та ногæй райхъуыст уæрдæтты хъинц-хъинц, раст цыма Турчы бæстæн «хæрзбон» дзырдтой, Уæрæсейы арæнтæн та «æгас цуай» кодтой, уыйау. Æмæ лигъдæтты зæрдæты ссыгъдис сæ райгуырæн зæххимæ фембæлыны ныфсы рухсытæ. 

Уайтагъд фæсте аззад Александрополы горæт йæ хуссайраг æмæ ныгуылæйнаг арæзтæдтимæ. Нæ цæстыты раз та февзæрдысты нæ уарзон хæхты рæгътæ. 

 

Цыма зырнæджытæ фæстæмæ 

Тæхынц сæ райгуырæн бæстæмæ7

 

Зæрдæ фырцинæй йæхи къултыл ныххоста уыцы хæхты цъуппыты уындæй, æмæ нæ цавæрдæр уæларвон тыхтæ скъæфтой размæ райгуырæн бынæттæм, уарзон хъæумæ. Мæ цæстытыл афтæ ирдæй уади уыцы ныв, æмæ цыма нæ хъæу мæ разæй цыд, уыйау æм тырныдтон. 

Бахæццæ стæм Тифлисмæ. Уым фестæм дыууæ къуырийы бæрц, гъе стæй та араст стæм нæ фæндагыл дарддæр. Нæ райгуырæн зæхмæ куыд хæстæгдæр кодтам, афтæ, раст ныл цыма базыртæ базад, уыйау тындзыдтам размæ, нæ фæллад æмæ фыдтухитæ ницæмæ даргæйæ. Æрбахæццæ стæм Хъазыбеджы станцæмæ, уымæй чысыл фалдæр — нæ зонгæ Ларс йæ кæлддзаг хæдзæрттимæ. Дарддæр Бæлта, Редант æмæ, æппынфæстаг, — о Хуыцау,— мæнæ Дзæуджыхъæу дæр. 

— Алхамдулилльях8, — зæгъгæ, загъта мæ фыд æмæ æртæ хатты йе ’рмттæ æруагъта йæ зачъетыл. Фесты, ахицæн сты нæ зындоны хъизæмæрттæ. Хуыцауæн дæр æмæ Пехуымпар Мæхæмæтæн дæр табу. 

Иуварсырдыгæй æрбазынди нæ хъæу. Фæлæ хъæууат бацис, ничиуал дзы цæры, æрмæст ма бæлæстæ æмæ хæмпæлгæрдæг æвдисæн сты, ам кæддæр адæм кæй цардысты, уымæн. Йæ цæрджытæ алыгъдысты æндæр хъæумæ Джызæлмæ. Уырдæм араст стæм мах дæр, цæмæй уал нæ рæстæгмæ нæ кæддæры æххуырстытæ суазæг кæной. 

Мæ фыдæн, æвæццæгæн, йæ зæрдыл æрлæууыдысты, хъæуыхицау æмæ стъаршин куы уыди æмæ-иу æм адæм æххуысагур куы цыдысты, уыцы рæстæджытæ. Ныр, Туркæй куы ’рбаздæхт, уæд хъуамæ йæхæдæг йе ’ххуырстытæм æххуысæнхъæл бацæуа. Æмæ йæ уыцы хъуыды сагъæсы æфтыдта. Уый бæрæг уыд, йæ цæсгомы æнгас куыд раив-баив кодта, уымæй. 

Кæд хъæубæстæ нæ размæ æмгуыппæй рацыдысты æмæ нын иттæг зæрдиагæй «æгасцуат» загътой, уæддæр сæ ахаст цыдæр уазалгомау уыд, раст цыма, иумæйаг стыр бинонтæй чи фæхъуыд æмæ фæхауæггаг, ахæм æцæгæлон бæлццæттæ уыдыстæм, уыйау. Æмæ уый æппындæр нæ фæцыд мæ фыды зæрдæмæ. 

Рæстæгмæ уал æрбынат кодтам нæ кæддæры æххуырстмæ. Фæлæ мæ фыды æрдхæрдты фæрцы уым бирæ нæ ацардыстæм. Уыдон бавдæлдысты, æмæ æрбамбырдтæ кодтой хъæдæрмæг æмæ нын хæдзар ацарæзтой. Алцытæ нын фæлæвæрттæ кодтой, цæмæй та нæ хæдзар цардхуыз фæуа æмæ мæ фыды тыхст уавæр фенцондæр уа. 

Мæ фыд куы бамбæрста, хуыздæр гæнæн ын кæй нал ис, йе ’ххуырстытæ йын кусджытæ кæй нал сты, уый, уæд дысвæлдæхтæй бавнæлдта куыстытæм, бон-æхсæв нæ иртасгæйæ. Æваст дзы æрбайрох, кæддæр айдагъ йæ цъæх бæх æмæ хæцæнгарзæй дарддæр кæй ницæйы мæт кодта, саугуыст йе ’нæуынон кæй уыд, уыдæттæ. 

Афтæмæйты, йæ хъару æмæ йæ уæхскуæз фæллойы фæрцы нæ хæдзар йæ къæхтыл слæууыд. Фæлæ цæмæндæр Хуыцауы афтæ бафæндыд, æмæ мын мæ фыды цард айста æмæ йæ йæхирдыгæй фæкодта. Бæстæ ныл рафæлдæхт, нæ царды бындур ныззылд. 

Иннæ лигъдæттæ дæр цыдæр амæлттæ кодтой æмæ чысылгай сæ къæхтыл лæууын байдыдтой, цы фыдтухитæ бавзæрстой, уыдонæй раст хатдзæгтæ скæнгæйæ. Фæлæ се ’хсæн уыди ахæмтæ дæр, æмæ мæгуыры къæсса чи сæккой кодта, уымæн æмæ сын æххуысгæнæг нæ фæци. 

Уыдис-иу ахæм рæстæджытæ, æмæ-иу хъæуы алы кæрæттæй æрæмбырд сты адæм махмæ æмæ-иу сын мæ фыд Стамбулмæ балцы хабæрттæ фæкодта кæрæй-кæронмæ. Хъæуккæгтæ-иу æнкъард æмæ тарæрфыгæй сæ сæртæ тылдтой, ахæм фыдтухитæн куыд бафæрæзтой се ’мзæххонтæ, ууыл дисгæнгæйæ. 

Афæдз кæуылты агæпп кодта, уый нæ бамбæрстам. Уæдмæ бирæтæ æрбаздæхтысты фæстæмæ, семæ æнкъард хабæрттæ ластой, фалæ чи баззад, уыдоны тыххæй. Фæлæ-иу ахæмтæ дæр уыди се ’хсæн, уымы цард йæ зæрдæмæ кæмæн цыд æмæ-иу ын йæ хорзы кой чи кодта. О, хæдæгай, хæрзæрæджы дзы иу бæлццон ахæм ныхæстæ ракодта: 

— Ма ’ууæндут, Турчы бæстæйы мах давыны куыстыл фæхæст стæм, зæгъгæ, уын чи дзуры, уыдоныл. Раст зæгъгæйæ нæм нырма ницыма ис мулкæй. Уыдис-иу ахæм цаутæ дæр, æмæ-иу цыдæртæ давгæ дæр акодтам. Чысыл ма бахъæуа æмæ мæхæдæг дæр уыцы хъуыддагыл ма фæцалх уон мæ фырмæгуыр æмæ гæвзыккæй. Цæвиттон, Хъарсы куы ’рцардыстæм æмæ нæ фæстауæрцгонд хойрæгтæ, не ’хцайы капеччытæ куы фесты, æмæ сыдæй мæлынмæ куы ’рцыдыстæм, уæд æз дæр иу бон фæраст дæн давынмæ. Уыцы изæр хорз фадат уыди хуыснæггадæн. Арвыл мигъы скъуыддзæгтæ ленк кодтой æмæ-иу мæй сæ фæстæ амбæхстой. Афтæ мæйдар-иу æрбаци, æмæ æнгуылдз цæсты фæтъысс, уæд æй нæ федтаис. Райстон мæ хотыхтæ: хъыримаг, дамбаца æмæ хъама, бабадтæн, цыфæнды сызгъæринтыл дæр кæй нæ баивдзынæн, мæ уыцы саулох бæхыл, Хуыцаумæ скуывтон, цæмæй мын æххуысгæнæг уа, æмæ араст дæн мæ амæттаг агур. Мæ бинонты ныууагътон фæндаджы был мæ фынддæсаздзыд æфсымæры æвджид. Цæуын æмæ иу ран рахызтæн уæрæх фæндагмæ. Æваст мæ хъустыл ауад дзæнгæрджыты æмæ мырмырæгты дзинг-дзинг. Уайтагъддæр æй фембæрстон, чырæ мæм кæй æрбахæстæг кæны, уый. Иу стыр дуры рæбын бааууон кодтон мæхи дæр æмæ мæ саулохы дæр, хъыримаг æргъæвдæй дарын æмæ æнхъæлмæ кæсын чырæйы æрбацыдмæ. 

Дзæнгæрджыты зæлланг мæм хæстæгæй-хæстæгдæр хъуысы, æмæ мæм мæнæ æрбазынд фыццаг теуа. Йæ даргъ къæхтæ сабыргай исы, афтæмæй цæуы. Мæнæ æрбахæццæ мæ бакомкоммæ. Теуайыл бады йæ хицау æмæ ныллæг хъæлæсæй цавæрдæр æнкъард зарæг кæны туркагау. 

— Æрлæуу æмæ змæлгæ дæр мауал скæн! — æваст мæ дзыхы дзаг ныхъхъæр кодтон æз æмæ дуры аууонæй рагæпп кодтон, мæ хъыримаг мæ къухы, афтæмæй. 

Теуа иуварс агæпп кодта футтытæгæнгæ. Чи йыл бадт, уый йе рагъæй асхъиудта. Æз хæрдмæ уæлдæфмæ фехстон. Туркаг сæрбихъуырæйттæгæнгæ рахауди æмæ лидзынмæ фæци, хатыртæ кургæйæ. Иннæ теуаты хицæуттæ дæр, уыдаиккой иу-дæс, фæуагътой сæ уæргътæ æмæ фæпырх сты фæйнæрдæм тæппуд сылгоймæгты хуызæн. Теуаты чырæ æгасæй дæр æд уæргътæ баззади мæнæн. 

Цалдæр теуайы фæндагæй иуварс акодтон, байгом кодтон æргъæмттæ, систон дзы, цы мæ хъуыд, уыдон æмæ мæ бинонтæм атындзыдтон. Уæдæй фæстæмæ мæ хъуыдыйы кæрон дæр никуыуал æрæфтыд хуыснæгад. Цæмæн мæ хъæуы искæй тæригъæд, цæмæ давын искæй мулк, мæхионтæ мæ фаг куы сты, уæд! Туркæгтимæ дæр хæларæй цæрæм, фæлæ нæ уæддæр æдас не сты æмæ нæ ницы хъыгдарынц. Бирæгътæ нæ хонынц, уымæн æмæ уыдонæй хъæбатырдæр æмæ æхсарджындæр стæм. Не ’фхæрд никуы никæмæн ныххатыр кодтам, æмæ цыл уымæй тас æфтауæм. Уыдон, зæгъæн дæр куыд нæй, ахæм тæппуд æмæ æнæныфс сты, æмæ цыфæнды æфхæрд дæр аныхъуырдзысты. Махонтæй иу адæймаг дæс туркаджы лидзæг фæкæндзæн, йæхицæн ницы тас уæвгæйæ. 

Ныр бирæтæ æрбацæуы Туркæй йæ райгуырæн бæстæмæ. Иутæ дзы сæ ног бынатæй разы сты æмæ алы хуызты æппæлынц сæ ног цардæй, иннæтæ тынг фæсмон кæнынц æмæ сæ фæнды фæстæмæ сæ Фыдыбæстæмæ æрбаздæхын, уырысы хицауад сын бар куы раттид, уæд. 

Ирыстоны ма цы пысылмæттæ баззад, уыдон, лигъдæтты хъизæмæрттæ æмæ фыдбонтæ базонгæйæ, ницы хуызы разы кæнынц Туркмæ алидзыныл. Цæйнæфæлтау æнæзонгæ бæстæйы хауæггаг фæкæной сæхи, уый бæсты ам, нæхимæ, цыфæнды ног ивддзинæдтыл дæр стыр æхсызгонæй сæмбæлдзысты. 

Уæд сæрибар æмæ æнæкусгæйæ цард агурæг аппæрстой адæм сæхи, кæд æй хорз дæр не ’мбæрстой, цы сæ хъæуы, уый, уæддæр. Цыдæриддæр уыд, уæддæр сæ раздæры цард нал æндæвта æмæ сæ бæллиццаг фидæн сайдта йæ фæдыл дард кæдæмдæр. 

Фæлæ аивтой рæстæджытæ, аивта царды фæтк дæр. Уæдæй нырмæ бирæ бонтæ аивгъуыдта, æмæ адæм уыцы цаутæм бынтон æндæр цæстæй кæсын райдыдтой. Ныр Туркмæ лидзыны фæнд ничиуал кæны: бамбæрстой, уым хуыздæр кæй нæу, уый. Царды уавæртæ сæ æркодтой ахæм хъуыдымæ, æмæ ныр раздæры фæткы ивддзинæдтæм æндæр цæстæй акастысты, ногдзинæдтыл æнцондæрæй ахуыр кæнынц. 

Уый у, Кавказы сабыр цард кæй ралæууыд, уый фæстиуæг. Хохæгтæм лæгдзинады миниуджытæ цы уавæртæ æвзæрын кодтой, уыдон куыдфæстæмæ скуынæг уыдзысты æмæ хъæбатыр абырджытæ таурæгъты дзуринаг уыдзысты. 

Нæ цæстыты раз цы историон цаутæ æрцыд, уыдонмæ гæсгæ адæм хæстæввонг æмæ æхсарджын уыдзысты, цалынмæ сæ алфамбылай царды уавæртæ уымæн ахъазгæнæг уой, ома, цалынмæ адæмы искæмæй сæрибардзинад æмæ фыдæлты æгъдæуттæ хæцæнгарзæй хъахъхъæныны сæр хъæуа, уæдмæ. Фæлæ ног уавæртæ сæ гаччы куы сбадой, уæд хæстон лæг æмæ хъæбатыры бынаты фæзындзæн зæхкусæг. 

Мах зонæм Доны æмæ Запорожьейы хъазахъхъæгты. Уыди ахæм рæстæджытæ, æмæ тæтæры æфсæдтæй сæ райгуырæн зæхх хъахъхъæнгæйæ уыдон æвæджиауы хъæбатырдзинад куы равдыстой. Сæ цард уыди тох — æнæрынцой быцæутæ знагимæ, æмæ уый фæрцы се ’хсæнæй рацыд Тарас, Остап æмæ Наливайкойы хуызæн хъæбатыр рыцартæ... 

Фæлæ ралæууыд сабыр царды дуг, æмæ хъæбатыр хæстонты бæсты фæзынди куыстуарзон, фæллойгæнæг — хуымгæнæг. Раздæры хъæбатырты нæмттæ ма райхъуысынц фæсивæды æхсæнæй зарджыты ныхæстæй, кæнæ та гутондар хуымгæнгæйæ йе ’нкъард зарæг куы фæкæны, уæд. 

Иу хатт ма йæ зæгъын, уыцы историон æцæгдзинады тæфаг анхъæвзта нæхи хохæгтæм дæр. Уыцы æцæгдзинад йæ тыхы кæй ис, уый алчидæр æмбары, уымæн æмæ йæ уынæм нæхи цæстæй. Хохæгты æхсæн æрæджы дæр ма хъæбатырдзинад куыд кадджын уыд, ныр афтæ нал у, æхсар сæм уæлдай æнæхъæугæ ми кæсы, хъæбатырты бафæзмынмæ чи бахъавы, уыдонæн та уайдзæфтæ фæкæнынц, æппæлгæ нæ, фæлæ. Уыди-иу афтæ, æмæ-иу исты сахъ лæг сызгъæрин æмæ æвзистдонытылд хæцæнгарз ифтонгæй йæ саулох бæхыл рацыд æмæ-иу дыууæрдæм тезгъо кодта. Ахæм хъал митæ уæздæттæ кодтой. Дардтой бирæ æххуырстытæ, уыдон сын кодтой хæдзары куыстытæ, сæхæдæг та-иу сæхи аирхæфсынмæ балцы ацыдысты сыхаг хъæутæм кæсгон кънйæзтæй искæмæ. 

Мæ фыд дæр уыди уыцы уæздæттæй. Уыдис æм бирæ æххуырстытæ, æмæ саугуыст кæнын зонгæ дæр нæ кодта, йæ сæрмæ йæ нæ хаста. 

Æрмæст иттæг хорз арæхсти хæцæнгарзимæ, стæй уыдис тынг дæсны барæг. Æдзухдæр йæ бæхы бон сихорафон доны былмæ найынмæ ласта æмæ-иу мæн дæр йемæ ахуыдта. Йæхæдæг-иу æй ракодта бæхдонæй, доны астæумæ-иу æй баласта, къусгонд-иу райста æмæ-иу æй сыгъдæг цынадта, æз та-иу ын уыцы рæстæг идоныл хæцыдтæн. Тынг дæсны уыди армæй: гæрзæй-иу сарæзта бæхифтындзæн дзаумæттæ аив фæлгонцгондæй, уыди рæстдзæвин, фæлæ-иу искуы-иу хатт дзæгъæл æхст дæр фæцис, æмæ-иу ын уый хуымæтæджы хъыг уыд топпыхосыл тынг ауæрста. 

Балцы-иу куы цыди, уæд-иу мæ мад æмæ мæ хо къуыригæйттæ бадтысты æмæ-иу ын цæттæ кодтой йæ цухъхъатæ. Уый-иу йæхи сарæзта æмæ-иу ацыд. Кæдæм — уый иунæг адæймаг дæр нæ зыдта. 

Мæй, дыууæ мæйы фæстæ-иу æрбаздæхт. Йемæ-иу æрбацыд барджыты къорд — кæсгон æмæ хъуымыхъхъаг кънйæзтæ æмæ-иу махмæ фесты дзæвгар рæстæг. 

Æз-иу хъуамæ сæ размæ рацыдаин, феххуыс сын-иу кодтаин бæхтæй æрхизынмæ, стæй-иу ме ’мбæлтты æххуысæй бæхты сæргътæ систаин, дон-иу сын раттаин æмæ-иу сæ хизынмæ атардтаин. Уазджыты уаты-иу сын къулыл æрцауыгътон сæ сæргътæ, хъыримæгтæ æмæ хъаматæ æмæ-иу дуаргæрон лæугæйæ цырддзастæй æнхъæлмæ кастæн, дон нуазын сæ искæмæ кæд æрцæудзæн, уымæ. Хъуамæ-иу уазджытæн сæ иу фæкастæй дæр бамбæрстаин, йæ зæрдæ цы зæгъы, уый, науæд уæздан лæджы фырт уæвгæйæ, сæ цæсты фегад уыдаин æмæ, исты æнæуæздан ныхас куы загътаиккой мæн тыххæй, уæд мæ фыдæн зын уыдаид. 

Мæ фыд дæр-иу рацыд уазджыты уатмæ æмæ-иу, уаты цы стыр æрхджын лæдзæг уыд, ууыл æрæнцойгæнгæйæ, уазджытимæ ныхас кодта. Дзырдтой сабыр, уæздан, сæрыстырхуызæй, цыма паддзахадон хъуыддæгтæ лыг кодтой, уыйау. Ныхас та-иу уæд хъуамæ цыдаид цавæрдæр Бимболаты бæхы тыххæй кæнæ та цавæрдæр Хъайсыны хъыримаджы тыххæй. Уыцы хуызы-иу иучысыл куы аныхас кодта мæ фыд уазджытимæ, уæд-иу рацыд уазджыты уатæй æмæ-иу æххуырстытæн алыхуызы бардзырдтæ лæвæрдта, цæмæй кусарты кой бакæной. Уый нæ хъуыды кæнын, æмæ искуы нæ хæдзарæй уазæг ацыд, мæ фыд ын йæ номыл кусарт ма акæна. 

Уазджытæ-иу сихор кæнæ æхсæвæр кæныны размæ сæ къухтæ куы ’хсадтой, уæд-иу æз, ме уæхскыл хисæрфæн, мæ къухы сапон, афтæмæй бацыдтæн сæ уатмæ. Мемæ-иу цыди не ’ххуырстытæй иу, йæ иу къухы хъуывгъан, иннæйы — тас, афтæмæй. Уазджыты уатмæ-иу куы бацыдыстæм, уæд-иу æххуырст тас æрæвæрдта тæккæ хистæр уазæджы цур. Æз та-иу æм балæвæрдтон сапон, æмæ-иу уазджытæ хистæргай сæ къухтæ æхсын райдыдтой, стæй сæ-иу уæд ныссæрфтой, ме уæхскыл цы хисæрфæн ауыгъд уыд, уымæй. 

Уый фæстæ-иу æрæвæрдтой чысыл тымбыл æртæ, кæнæ цыппæркъахыг фынг. Фынгыл-иу уыди фысы фыды кæрдихтæ урс нартхоры кæнæ еууы ссадæй конд кæрдзынимæ. Фынг-иу æрæвæрдтой уазджытæй хистæры раз. Хордтой сабыргай, уæздан, цыма исты ахсджиаг хъуыддæгтыл хъуыды кодтой, уыйау — афтæ амыдта æгъдау, тагъд хæрын нæм худинагыл нымад уыдис. 

Гыццыл хæрын дæр уыд уæздан лæджы миниуджытæй иу, уымæ гæсгæ уæздæттæ арæх фынгмæ æвналгæ дæр не ’ркæнынц, афтæмæй йæ ныууадзынц, кæд æххормаг вæййынц æмæ сæм хæрын тынг фæцæуы, уæддæр. Зæгъын хъæуы уый, æмæ йæ хæрын раздæр ныууадзы уазджыты хистæр. Уый хъуамæ бафæзмой иннæтæ дæр, кæд ма сæм хæрын фæцæуы, уæддæр. Хæрды фæстæ-иу фынг афснайдтой лæггадгæнджытæ. Уыдон-иу фагæй фылдæрæй лæггад кодтой, æмæ-иу уайтагъд фынджы уæлдæйттæ цыдæр æрбаисты, афтæ тагъд-иу сæ ахордтой лæппутæ. 

Æхсæвæры фæстæ та-иу ногæй уазджытæ сæ къухтæ ныхсадтой, стæй-иу сын æз æрбахастон хуыссæнгæрзтæ; бауат-иу сын кодтон, раластон-иу сын сæ къахыдарæс (дзабыртæ) æмæ-иу иуварс лæууыдтæн, цалынмæ-иу мын дзы исчи нæ загъта: 

— Цу, ныр. 

Уæд-иу æз ацыдтæн æмæ-иу æнæмæтæй æхсæвæр бахордтон. 

Уæздан мыггагыл йæхи чи нымадта, уым фæсивæды хъомылад баст уыд ацы фæткы бындурыл кæстæртæ фыццаджыдæр хъуамæ лæггад кодтаиккой, æгъдау лæвæрдтаиккой хистæртæн. 

Ахæм æвзыгъд æмæ уæздан хохаг лæппуты кой-иу айхъуыст дæрдтыл, стæй-иу сын уазджытæ та бузныггадæн кодтой зынаргъ лæвæрттæ. Дзырдæн зæгъæм, æвзистдоны тылд бæрцытæ, топпыхос, гилдзытæ æмæ а.д. 

Ахæм лæппуйæ-иу рауади æвæджиауы барæг, уымæн æмæ-иу алы бон уазджыты бæхтæ доныбылмæ кæнгæйæ алыхуызон хъæзтытæ кодта саулохтыл йе ’мгæрттимæ. 

Ныр цардыуаг бындуронæй аивта. Сау адæм, ома æххуырстытæ уæгъдгонд æрцыдысты цагъарады æфсондзы бынæй, æмæ, уæздæтты хæдзæртты цы куыстытæ кодтой, уыдон сæ хицæутты бар баззадысты. Бынтондæр аивта нырыккон хохаг лæджы удыхъæд. Куы акæсай æмæ куы абарай абоныккон лæджы, Шамилы рæстæджы тохы чи архайдта, уыдонимæ, уæд адæймагмæ афтæ фæкæсы, цыма уæдæй ардæм æнæхъæн æнус рацыд. Хохаг лæджы туг дзæвгар «фæуазалдæр», фæсабырдæр, цардмæ æвæрццæг цæстæй кæсын байдыдта, йæ хъуыддæгтæ кæнгæйæ та фылдæр сæрызондæй архайы. Ныр кæддæрау гæрзифтонгæй алыхуызон дардбæстаг бæлццæтты нал стигъынц, нал сæ тæрсын кæнынц сæ хъал митæй, фæлæ ныггуыбыр кодтой æмæ фæллой кæнын райдыдтой, уымæн æмæ йæ æмбарынц, куыст царды фæрæз кæй у. 

Æрæджы мын, знон дæр ма мæгуыр цард чи кодта, иу ахæм лæппу дзырдта. 

— Ныр, æфсымæр, бынтон æндæр рæстæджытæ ралæууыдысты. Раздæр-иу алцыдæр нæ къухы бафтыд лæвар æмæ-иу нæ зæрдæйы дзæбæхæн, уарыны уа, хуры, тезгъо кодтам, куыд нæ фæндыд, афтæ, тæрсгæ дæр-иу ницæмæй кодтам, афтæмæй. Уæд нæ ныййарджытæ дæр мæцæлæджы9 цардæй цардысты. Ныр нæ уыцы хъал митæ æрымысынмæ дæр нал æвдæлы, науæд нæ бинонтæ æххормагæй амæлдзысты. Хæцæнгарзы сæр та нæ æппындæр нал хъæуы, уымæн æмæ тугисыны æгъдæуттæ ныры царды нал сты. Абон æрмæстдæр куыст у сæйрагдæр, куыст. Нæ рагфыдæлтæй нын цы æгъдау баззад — саугуыстыл былысчъилтæ кæнын — уый ферох кодтон æмæ райдыдтон кусын. Ис мæм цалдæр цæды галтæ, бæхтæ æмæ æфсæнвæндагмæ ласын аразæн æрмæг. Ис мæм агуыридургæнæн завод. Сарæзтон хорз хæдзар. Банчы мын ис æхца. Уалынмæ самал кæндзынæн бæхты рæгъау, фосы дзуг. Куыд зоныс, афтæмæй мæ хæдзар арæзт у уырыссаг фæлгонцмæ гæсгæ. Сабыргай æлхæнын, хæдзарыдзаумайæ мæ цыдæриддæр хъæуы, уыдон. 

Зæгъын хъæуы уый, æмæ рæстытæ дзырдта мæ ныхасæмбал. Ис æм Европæйæ ласт сервиз, самовар, æмæ æдзухæй дæр бинонтæ фæцымынц цай. Уый сæм кæсы пайдайаг хъуыддаг. 

— Цай, кæй зæгъын æй хъæуы, асламдæр у, дзырдæн зæгъæм, фысы фыды басæй. Уый æдде ма цай æхсызгонæн цымы адæймаг, уæдæ дзы уазæджы дæр ис фæхынцæн. Ацы куыстытыл афтæ фæцалх дæн, æмæ иу сахат дæр мæ бон æнцад бадын нæу, ме сæфт федтон æвдæлон, магуса адæмæй. Кæй зæгъын æй хъæуы, айдагъ мæхи пайдайæн нæ кусын. Архайын, цæмæй ме ’мзæххонтæн дæр истæмæйты æххуыс кæнон, ууыл, кæд арæх ме ’ххуыс æбузны вæййы, уæддæр. Ацы уалдзæджы райдайæны æз развæлгъау базыдтон, сыхаг хъæуы цæрджытæ хосгæрстæн цы уыгæрдæн равзæрстой, уый, Терк куыддæр раивыла, — уый та арæх вæййы, афтæ кæй фæдæлдон уыдзæн. Загътон сын æй, фæлæ мæм хъусæг нæ фæци. 

Кæй зæхх уыди, уыдон мæм æвæлмас цæстæй кастысты. Уæддæр æз бавдæлдтæн, æмæ сын бауынаффæ кодтон, цæмæй цъыхырытæ æрбаласой уыцы бынатмæ, донмарæнтæ æз мæхæдæг бацауаздзынæн, зæгъгæ. Хъæуы стъаршинтæ мын фидарæй дзырдтой, дæ тас дзæгъæлы у, зæгъгæ, донæн уыгæрдæныл ракæлæн ницы хуызы ис æмæ донмарæн ауазынæн æрмæг ласыны сæр ницæмæн хъæуы. 

Фæлæ уыдон тынг фæрæдыдысты, уымæн æмæ мæйы размæ Терк афтæ раивылд, æмæ æппæт уыгæрдæн дæр фæдæлдон. 

Окруджы хицаумæ куы байхъуысти, æз ацы хъуыддаг хъæуы стъаршинтæн развæлгъау кæй загътон, уый, уæд мын фæарфæтæ кодта. Æз дын ацы хабар хуымæтæджы нæ ракодтон: искæмæн дæ зæрды хорз кæнын куы уа, уæддæр дзы уый зæрдæхсайгæйæ цыдæр æмбæхст хъуыды агуры. Ацы хатт дæр афтæ: хъæуы адæм фенхъæлдтой, зæгъгæ, æз мæхи пайдайæн кæнын уыцы хъуыддаг, æмæ мæм нæ байхъуыстой. Уый адыл æрцыд ахæм бæллæх. 

Ацы ныхæстæ чи кодта, уый уыд нæ фæсивæды раззагдæр минæвæрттæй иу. Кæд йæ удыхъæды миниуджытæй ног, суинаг фæлтæры æнгæс бынтон нæма у, уæддæр æм ис, нырыккон царды бындурыл чи сæвзæрд, цыдæр ахæм миниуджытæ. Уымæ гæсгæ йыл æрдзурдзынæн бæстондæр. 

Кæй кой кæнын, ууыл цыди æхсæз æмæ ссæдз азы. Йæ уæздан мыггаджы традициты сæрты ахизгæйæ, ацы æрыгон адæймаг ницæуыл нымайы балцы æнæхъуаджы рацу-бацу кæнын, бæхтыл хъæзтытæ аразын, æгæрыстæмæй, хъама дарын дæр. «Куыд æмбаргæ адæймагæн», афтæ мæнæн уый цалдæр хатты раргом кодта ацы хъуыды. 

— ...Афон у æдылы митæ ныууадзын, хъæутыл æнæхъуаджы разил-базил кæнын, афон у, къуыдипп æлдар æмæ уæздан лæг сæрмæ кæй нæ хастой, уыцы саугуыст бауарзынæн, уый царды бындур у. Хъама ма кæй дарын, уый æрмæстдæр уымæн, æмæ мæ мæ хионты зæрдæхудты цæуын нæ фæнды,— дзырдта лæппу.— Уыдоны сæр куы нæ хъуыды кæнин, уæд, абоны царды чи нал ахады, уыцы хъама дард фехсин. Уый нæ, фæлæ ма мæ цухъхъа дæр раласин æмæ скæнин уырыссаг дарæс, уымæн æмæ мæм уый бирæ хуыздæр кæсы. Куы акæсын абон мæ зонгæтæм, уæд мæ маст рафыцы, уыдон мæ хуызæн кæй нæ цæрынц, уый тыххæй. Афтæмæй сæм æркæс, уæд хъаруйæ мæн хуызæн сты, чи зоны, æмæ мæнæй бирæ фидардæр. Хæрзæрæджы дæр ма мæм ницы уыд. Æз дæр ме ’мхъæуккæгты хуызæн гæвзыкк уыдтæн. Фæлæ æфсæнвæндаг аразын куы райдыдтой, уæд бавдæлдтæн, æмæ уырдæм райдыдтон ласын змис, хуыр, Терчы донмарæнтæ ауазынæн та — цъыхырытæ. Райдайæны æхца æфстау райстон. Балхæдтон уæрдæттæ бæхтимæ, нардуатæй кусын райдыдтон. Афтæмæй чысылгай-чысылгай байгом кодтон агуыридургæнæн завод æмæ цæттæ кодтон агуыридуртæ æфсæнвæндаджы станцæйæн. Фæзынди мæм æхца дæр. Дзæгъæл хæрд кæныны бæсты сæ æвæрдтон банчы. Æз змис, цъыхырытæ æмæ агуыридуртимæ куы архайдтон, уæд ме ’мхъæуккæгтæ та ныхасы бадтысты æмæ сæ лæдзджытæ амайгæйæ дзырдтой: 

— Арæби, Хасан афтæ цæмæй схъæздыг ис, æмæ уырыссаг хæдзар самайа? Æрæджы дæр ма мах хуызæн гæвзыкк къæсы куы царди. Ныр-ма йæм бакæсут! 

— Æмæ цы гæды зæгъыс? Диссаг та куыд нæ у. Уæдæ мах дæр бон-изæрмæ уымæй æвзæрдæр нæ кусæм, уæддæр нæ мызд нæ цардыл хуыздæрырдæм нæ зыны,— дзырдта ныхасы иннæ бадæг, гæххæтты гæбазæй цы тамако стыхта, уый дымгæйæ. 

— Æмæ куыннæ, — фæбæлвырд кодтой аннæтæ дæр зивæггæнгæ. Æмæ ма абон дæр дзурынц æмæ дистæ кæнынц, ахæм куыстгæнгæйæ цæуылнæ хъæздыгдæр кæнынц, ууыл. 

— Омæ уæдæ цæмæй цæрынц? — бафарстон иубон æз. 

— Æмæ ды уыцы куыдзы цард цардыл нымайыс? Уыдон ахæм цардыл дæр разы сты, æмæ мæм афтæ кæсы, цыма сæ æндæр цард хъæугæ дæр нæ кæны, фæлæ сæ давынмæ сæ къухтæ хæрынц, уый бæрæг у. 

— Æмæ ма ныр дæр исчи давыны куыст фæкæны? 

— Сыхаг сыхаджы хъуг адавы суанг ма кæрчытæ дæр. Мах хъæуы куыд арæх давынц, афтæ никæм, — дзырдта лæппу. — Ивгъуыд мæйы æрмæст мах хъæуы адавди 18 бæхы. 

— Цымæ мах хъæуы цæмæн цæуынц уыцы хъуыддæгтæ, æндæр ран цæуылнæ цæуынц? 

— Уый та уымæн у,— дзырдта мын уый мæстæлгъæдæй, — æмæ мах æхсæнадон цардæн нæ бæззæм, ницæмæ арæхсæм. Æмзонд, æмвæндæй цæрын нæ зонæм. Дзырдæн зæгъæм, нæ хъæуы адæм, райдай стъаршинтæн сæхицæй, иууылдæр тынг хорз зонынц уыцы къæрныхты æмæ бæхдавджыты, фæлæ сæ иу дæр нæ хъæр кæны, уымæн æмæ тæрсгæ кæнынц; куы не сбæлвырд уа йæ давды хабар, — уый та тынг зын у, давгæ йæ ничи æрцахста, кæд æй хинымæр бæлвырд зонынц, уæддæр, — уæд ын хорз нæ уыдзæн. Æз куы зæгъон къæрныхы ном æмæ йæ бæлвырд хъуыддæгтæй куы нæ бавдисон, уæд уыцы къæрных иу изæр мастисыны охыл мæнæн адавдзæн кæнæ мæ хъуг, кæнæ мæ бæх. Уый уымæн йæ гакк у. Гъе æмæ, цæмæй ахæм æмбисонд макæуыл æрцæуа, уый тыххæй алчидæр йæ дзыхыл хæцы, къæрныхтæ та æнæфхæрдæй сæ давыны куыст кæнынц. Хъæуы хицауады та нæма равдæлд хъæуы цæрджытæн бахæс кæнын, цæмæй уыдон радыгай хъахъхъæной адæмы мулк. Æмæ къæрныхтæ афтæ скъæйных сты, æмæ æфсæрмы дæр нал кæнынц, тæккæ знон йæ фос кæмæн адавтой, уый фенгæйæ дæр. Хъæугæ та нын афтæ кæны, æгæр уæзданæй сæм кæй кæсæм æмæ нæм нæхи мулкмæ ахæм æвæлмас ахаст кæй ис, уый тыххæй,— фæци йæ ныхас мæстыхуызæй.— Къæрныхтæ та афтæ суагътой сæ цæсгæмттæ, æмæ йын зæгъæн дæр нæй. Тæккæ æрæджы мын бон сихорафон гыццыл ма бахъæуа мæ бæхтæ ма адавой. Мæ амондæн сæ раййæфтон, æмæ æнаккæгтæ уæртæ уыцы хæмпæлгæрдæджы æрбайсæфтысты. Уым хуыргæрчыты хуызæн селфытæ кæнынц алырдæмыты. Гъе æмæ алы уысм дæр тæссаг у дæ мулкæн адавынæй.  

Уæвгæ къæрныхдзинад къаддæр нæ, фæлæ хохæгтæ сæхæдæг куыд зæгъынц, афтæмæй фылдæр фæци. Ахæм уавæры аххосæгтæ кæм агургæ сты? Кæд, мыййаг, æвдисæнтæ цы федтой, уый тыххæй ард куы бахæрой, уæддæр æй кæй ницæмæ дарынц, давæджы та йæ фыдраконддзинады уæлхъус æрцахсын кæй домынц, уым? Афтæ кæй у, уый къæрных зоны æмæ нæ тæрсы, давгæ-давын æй кæй æрцахсдзысты, уымæй. Æфхæрд баййафынæй дæр йе уæнджы мигъ уый тыххæй нæ бады. 

Фæлæ тагъд рæстæджы уыцы фыдракæндтæн кæрон æрцæудзæн. Давынмæ æмхицдзинад нын ивгъуыд заманæй баззад, æмæ уыцы аипп йæхи ’гъдауæй амæлдзæн. Цивилизацийы хъомысджын уылæнтæ рагон кæлмхæрд æгъдæуттæ доны бын фæкæндзысты. 

Хуыцауæй бузныг, цивилизацийы рухсы тæппытæ нæм кæй æрбанхъæвзтой, уымæй. Кæдæй-уæдæй мах дæр федтам æфсæнвæндаг; паровозы æхситт нын къуырма кæны нæ хъустæ æмæ сабыр цæрæг адæмæн æмбарын кæны, мах дæр Европæйы цивилизацимæ кæй фæхæстæгдæр стæм, уый. 

Хохæгтæ сæхæдæг архайдтой, цæмæй сæм æфсæнвæндаг тагъддæр арæзт æрцæуа, ууыл, уый сын сæ цард бындуронæй аивдзæн. Æмæ-иу раздæр æрмæстдæр хъал барæг, къахæй сæрмæ хæцæнгарзæй ифтонгæй, йæ саулох бæхыл кæм хъазыди, уым ныр хъуысы паровозы уасын, цымыдис хохæгты мæнгуырнындзинады тасы æфтаугæйæ. Æмæ уыцы паровоз цæуы хъæуы рæзты — нæдæр хæмпæлцæсгом дæлимонтæй тæрсы, нæдæр æлгъыстаджы абырджытæй. 

Æвæдза, æфсæнвæндаджы фæйнæфарс цы барджыты стджытæ ныгæд ис, уыдон абон Хуыцауы фæндæй куы райгас уаиккой æмæ куы фениккой, дæлимонтæ цы диссæгтæ æрхъуыды кодтой æмæ ныртæккæйы фæсивæд цы цардæй цæрынц, балцы дзæгъæл рацу-бацуйы бæсты джауыртимæ сабыр цард æмæ куысты сæр кæй райстой, уыдæттæ, уæд ахæм царды бæсты ногæй равзариккой мæлæт... 

 

______________________________________________ 

 

1 Иу мады æхсырæй чи схъомыл вæййы, ахæм æфсымæр. 

2 Барæг сылгоймаджы рæзты куы фæцæйцæуа, уæд йæ хæсыл нымайы бæхæй æрхизын, йæ рохтыл ын æрхæцын, афтæмæй сылгоймагæн фæндаг раттын. Афтæ амоны ирон æгъдау. Барæг лæугæ куы кæна, сылгоймаг та йæ рæзты куы фæцæйцæуа, уæд дæр афтæ. Уый амоны сылгоймагæн уæлдай кад кæнын. 

3 Лигъдæтты иумæйаг номæй афтæ хуыдтой 

4 Уæллæгъи, тынг хорз! Тынг хорз! 

5 Дæ сыджыт дын бæмбæгау фæлмæн уæд. 

6 Хъуыддаг афтæ рауад, æмæ иу хъæуы фесæфт мæ мады басмахъ. Уый фæдыл мæ фыд æнæхъæн хъæу йæ къæхтыл слæууын кодта æмæ карзæй бадомдта, цæмæй æвæстиатæй ссарой басмахъ. Хæдзары хицауæн та, гыццыл ма бахъæуа, йæ сæр хъамайæ ма ахауын кæна: фæлæ уæддæр басмахъ ссардта. 

7 М.Ю. Лермонтовы поэмæ «Мцыри»йæ дыууæ рæнхъы. 

8 Иунæг у Хуыцау. 

9 Хъæздыг æмæ хъал цардæй. 



<==    Комментарии (1)      Версия для печати
Реклама:

Ossetoans.com OsGenocid ALANNEWS jaszokegyesulete.hu mahdug.ru iudzinad.ru

Архив публикаций
  Января 2024
» О чем рассказали восточно-европейские руны
  Ноября 2022
» От Кавказа до Волги
  Августа 2022
» Кавказцы глазами русских: говорят архивные документы...
  Марта 2022
» К вопросу о заселении Фиагдонской котловины, по данным фамильных и народных преданий
» О новых именах в истории царственного дома средневековой Алании
  Февраля 2022
» К ВОПРОСУ ОБ УДЕЛЬНЫХ ВЛАДЕТЕЛЯХ УАЛЛАГКОМА ПО ФАМИЛЬНЫМ, НАРОДНЫМ ПРЕДАНИЯМ И АРХИВНЫМ МАТЕРИАЛАМ
  Декабря 2021
» Осетинская религия; религия осетин (Ирон дин)
  Мая 2021
» Иверская (Моздокская) икона Божией Матери
  Мая 2020
» Соотношение понятий Æгъдау, религия (дин), вера во внутриосетинской дискуссии
  Июля 2019
» Открытое обращение представителей осетинских религиозных организаций
  Августа 2017
» Обращение по установке памятника Пипо Гурциеву.
  Июня 2017
» Межконфессиональный диалог в РСО-Алании состояние проблемы
  Мая 2017
» Рекомендации 2-го круглого стола на тему «Традиционные осетинские религиозные верования и убеждения: состояние, проблемы и перспективы»
» Пути формирования информационной среды в сфере осетинской традиционной религии
» Проблемы организации научной разработки отдельных насущных вопросов традиционных верований осетин
  Мая 2016
» ПРОИСХОЖДЕНИЕ РУССКОГО ГОСУДАРСТВА
» НАРОДНАЯ РЕЛИГИЯ ОСЕТИН
» ОСЕТИНЫ
  Мая 2015
» Обращение к Главе муниципального образования и руководителям фракций
» Чындзӕхсӕвы ӕгъдӕуттӕ
» Во имя мира!
» Танец... на грани кровопролития
» Почти 5000 граммов свинца на один гектар земли!!!
  Марта 2015
» Патриоту Алании
  Мая 2014
» Что мы едим, или «пищевой терроризм»