Iriston.com
www.iriston.com
Цæйут æфсымæртау раттæм нæ къухтæ, абон кæрæдзимæ, Иры лæппутæ!
Iriston.com - история и культура Осетии
Кто не помнит прошлого, у того нет будущего.
Написать Админу Писать админу
 
Разделы

Хроника военных действий в Южной Осетии и аналитические материалы

Публикации по истории Осетии и осетин

Перечень осетинских фамилий, некоторые сведения о них

Перечень населенных пунктов Осетии, краткая информация о них и фамилиях, в них проживавших

Сборник материалов по традициям и обычаям осетин

Наиболее полное на сегодняшний день собрание рецептов осетинской кухни

В данном разделе размещаются книги на разные темы

Коста Хетагуров "Осетинскя лира", по книге, изданной во Владикавказе (Орджоникидзе) в 1974 году.


Перечень дружественных сайтов и сайтов, схожих по тематике.



Rambler's Top100 Рейтинг@Mail.ru Индекс цитирования
Статьи Словари
Здравствуйте, Гость
Регистрация | Вход
Опубл. 24.11.2011 | прочитано 5353 раз |  Комментарии (1)     Автор: Tabol Вернуться на начальную страницу Tabol
ХОХÆГТÆ-ЛИГЪДÆТТÆ (Букуылты Алыксийы тæлмац)

(Ист у: Уалдзæггæнджытæ. Ирон аив дзырды хæзнатæ. 

Хетæгкаты Къостайы агъоммæ æмæ йæ рæстæджы цæрæг фысджытæ. 

Рауагъдад «Ирыстон», Цхинвал, 1978.) 

 

(Уырыссагау æй ис бакæсæн ам) 

 

Иугæр Шамилы уацары куы акодтой, уæд Кавказы æппæт хæххон адæм сæхи куыддæр къуындæг банкъардтой сæ райгуырæн зæххыл; ныр бæлвырдæй федтой, раздæры сæрибарæн, уыдон фыдгулæй афтæ хъæбатырæй кæй хъахъхъæдтой æмæ сæ туг æмæ сæ царды аргъæй кæй æлхæдтой, уыцы сæрибарæн æрцыди кæрон. Ноджы тынгдæр мæты бахаудтой хохæгтæ, сæ лæппуты сын салдат кæндзысты, зæгъгæ, се ’хсæн ахæм тауыс куы ацыд, уæд: тæккæдæр, гъе, ацы фæстаг æууæл разынд, уæлдай тынгдæр кæй банкъардтой, ахæм тых, æрæджы дæр ма сæ туг кæй тыххæй калдтой, уыцы райгуырæн къуымæй сæ æваст чи фæхауæггаг кодта, ахæм тых. Уый сын бацагурын кодта æмбæхсæн, æдас бынат Стамбулы (уыдон афтæ хонынц æмткæй Турчы), афтæ хъуыды кæнгæйæ, зæгъгæ, сæм Турчы фæстæмæ æрæздæхдзæн сæ раздæры парахат цард æмæ сæ кæстæртæ хызт уыдзысты се ’нæуынон салдаты фыдбонæй. 

Афтæмæй 59-æм азы катастрофæйы фæстæ хохæгтæ аскъуыддзаг кодтой Кавказ Туркыл баивын. 

«Уым цæрынц не ’мдингæнджытæ, уым сыджыты хай бакæндзыстæм нæ рæстуд стджытæ дæр, ам сæ джауырты ’хсæн ныууадзыны бæсты. Нæй махæн баззайæн ам — Аллахæй лæвæрд æвæдджиаг сæрибардзинад хъахъхъæнгæйæ, кæнæ-иу æвæдджиаг тох «газаватмæ» цæугæйæ, нæ фырттæ æмæ нæ фыдæлтæ сæ туг цы зæххыл калдтой, уый йæ тæригъæдджын къæхты бын чи ссæнды, уыцы джауырты ’хсæн нæй баззайæн махæн. Нæ, мах нал фæнды дарддæр уырыссæгты ’хсæн баззайын, мах æрвылсахат дæр нæ зæрдыл хъуамæ дарæм «хъиамæты»1 бон (æвирхъау тæрхоны бон), уæд мах иууылдæр æрлæудзыстæм, тохты нын цы хæстæджытæ фæмард, уыдон удты раз æмæ нæ уæд уыдон бафæрсдзысты: «Сымах, тæппудтæ, сæмтъеры стут джауыртимæ, æндæр ма уæхи фæсте цæмæн æрурæдтат?» 

Уый зæгъгæйæ, рæстуд пысылмæттæ сæ зæрдыл дардтой æвирхъау тæрхон — хъаймæты бон, афтæмæй ныууæй кодтой, цыдæриддæр сæм змæлгæ, æнæзмæлгæ мулк уыдис, уый æмæ сæхи срæвдз кодтой Туркмæ. 

Æмæ мæнæ хъинцъ-хъинцъгæнгæ адаргъ и гауызтæй сæрæмбæрзт уæрдæтты хал, райгуырæн къуымæн фæстаг хæрзбон загътой адæм æмæ араст кодтой бæллиццаджы Стамбулмæ. 

Фæлæ, цымæ, зонынц уыдон, кæдæм тырнынц, уый? Нæ, нæ йæ зонынц. Уыдон зонынц æрмæст — ис кæмдæр а дунейыл, Стамбул кæй хонынц, ахæм бæстæ æмæ уыцы Стамбулы цæрынц сæхи хуызæн пысылмæттæ. Тырнынц уыдон уырдæм афтæ æнæрхъуыдыйæ уымæн, æмæ сразæнгард сты мæнг тауыстæй, цыма уыдонæн уым уыдзæн хорз цард æмæ сын, æгæрыстæмæй, сæ зæронд райгуырæн къуымы цы уыд, уымæй хуыздæр цард. 

Куыннæма! О, куыд фæсмонгонд фесты ацы æцæгæйдæр æнамонд лигъдæттæ æмæ сæ уырдæм акæныныл чи архайдта, уыдон цал хатты кодтой фыдæлгъыст, фæндаджы зын æмæ æппæт æцæгдзинад бавзаргæйæ, сæ цæстытæй куы ракастысты, уæд — тæккæдæр гъеуæд æрбайрох кодтой, æрæджы дæр ма сæм цы зæлдаг бæллицтæ уыдис, уыдон æмæ бамбæрстой, уым уын хорз цард уыдзæн, зæгъгæ, сын чи дзырдта, уыцы æнæзонд адæймæгтыл баууæндгæйæ, сайды кæй фесты, сæхи рæуæууæнчы амæттаг кæй баисты, уый. Æмæ мæнæ ныр уыцы æнæзонд-фанатикты аххосæй сæфтмæ цæуынц. 

Туркмæ хæххонты лыгъды хабар уæлдай лæмбынæгдæр радзурдзæн ацы рæнхъытæ фыссæг, уымæн æмæ уый йæхæдæг дæр уыдис, 1860 азы Стамбулмæ чи алыгъди, уыдон нымæцы, æмæ бавзæрста, ам кæй кой кæны, уыцы зындзинæдтæ. Ам бацархайдзынæн, лыгъды тыххæй æппæт мысинæгты скъуыддзæгтæй мæ зæрдыл цыдæриддæр бадардтон, уыдон афыссыныл. 

Æз мæхæдæг ирон дæн, пысылмон. Нæ мыггаг — Хъаныхъуаты мыггаг Иры знæмты ’хсæн нымад цыдис æмæ нырыонг дæр нымад у барджындæр æмæ уæздандæр мыггæгтæй иуыл. Мæ фыд кæд æдзухон æфсады не службæ кодта, уæддæр архайдта Уæрæсейæн знагиуæггæнæг хæххонты ныхмæ тохы æндæр æмæ æндæр кампаниты æмæ афтæмæй схызт бæхджын æфсæдты подпоручикы чины онг æмæ йæ къухы уыд нæхи, Хъаныхъуаты хъæу. 

Æз уæлдæр загътон, Шамил састы бынаты куы баззад, уый фæстæ хæххон цæрджытæ цавæрдæр мæты бахаудтой æмæ уыцы мæт бахъардта, æгæрыстæмæй, махмæ, цæрæнбонты хицауадæн коммæгæс æмæ æвæлмаст рæстуырнæг-ирæттæм дæр. Æмæ сызнæт сты ирæттæ дæр, цадæггай æнæнцой ныхас ацыд пысылмон ирæтты ’хсæн æмæ райдыдтой уыдон дæр сагъæс кæнын Стамбулмæ ацæуыныл, стæй ахæм хъуыдыимæ, цыма ам чи баззайа, уыдонæн æнæсæфгæ нæй. Ноджы разынд се ’хсæн ахæм мыггæгтæ дæр, уыцы тауыстæ æцæгæй кæй уырныдтой, айстой сæ рæстдзинады æфсон æмæ аскъуыддзаг кодтой сæ райгуырæн къуымæн хæрзбон зæгъын. 

Ахæм фанатикты нымæцмæ æрбаиу мæ фыдыфсымæр дæр, кæцы нымад уыд бæхджыи æфсæдты майорыл æмæ йын уымæ гæсгæ уæз дæр куыннæ уыдаид йе ’мзæххонты ’хсæн, куыд уырыссаг æфсæддон службæйы афицер, афтæ. Уый сфæнд кодта, кæй бафæнда, уыдон Туркмæ акæнын, æмæ уымæн, куыд дзырддзæугæ адæймаг, афтæ бантыст бирæты рахонын, уымæй дæр сæ разæнгард кодта афтæ дзургæйæ: «Ныр мах ам ницыуал бакæндзыстæм, ам ныл дæлæмæ хæцдзысты, Стамбулы та сæрибар уыдзыстæм». 

Кæй зæгъын æй хъæуы, уый йæхи сæрмагонд фидар уырнындзинад нæ дзырдта, фæлæ æвдыста, уæды рæстæджы æппæт хæххон-пысылмæттыл чи анхъæвзта, уыцы зæрдæйы уаг. 

Æмæ нæ разынд уæд хохæгтæй иунæг дæр ахæм зонды хицау, уыцы фæнд чи аивын кодтаид æмæ, цы хъуыддаг бакæнинаг сты, уымæн йе ’цæг хуыз чи равдыстаид. Афтæмæй не ’нæхин æмзæххонтæ, мæ фыдыфсымæры дзырдтæ рæстдзинадмæ айсгæйæ, æууæндыдысты ууыл æмæ æфтыдысты бонæй-бон фылдæргæнæг лигъдæтты нымæцыл. 

Æрмæст иу хъуыддаг нæ цыд йæ зæрдæмæ уымæн: мæ фыд уæддæр ком нæ лæвæрдта æмæ йæ зæронд райгуырæн къуымыл йæ къух сисынвæнд нæма кодта. 

— Цы ми кæндзынæ ам, уырыссæгты ’хсæн иунæгæй куы баззайай, уæд? — дзырдта йын мæ фыдыфсымæр. — Цы ми кæндзынæ, нæ мыггаджы хуыздæртæ сæхи Стамбулмæ куы рæвдз кæнынц, уæд? Æниу дæхæдæг хуыздæртæй нæ дæ? 

Æмæ æрвылбон уыцыиухуызон ныхæстæм хъусгæйæ, мæ фыдæн йæ бон нал баци ныхмæ лæууын æмæ сразы ис. 

Мæн уый агъоммæ радтой Кавказы гимназтæй иумæ, нæма дзы фæдæн æрдæг афæдз дæр, афтæ мæм иухатт гимназы директор радта фыстæг, йемæ — æхцатæ дæр. Уыцы фыстæджы мæ фыд куырдта директорæй, цæмæй мæ уый æвæстиатæй рарвыстаид мæ райгуырæн хъæумæ. 

Срæвдз мæ кодтой балцмæ, æмæ сæхимæ чи здæхт, цалдæр ахæм æмбалимæ æрхæццæ дæн Дзæуджыхъæумæ. 

Ардыгæй ацæугæйæ, мæ кæнгæ ’фсымæримæ нæ хъæумæ, кæм цардыстæм æмæ мæ сывæллоны фыццаг бонтæ кæм æрвыстон, уырдæм куы баввахс стæм, уæд æваст мæ зæрдæ æрбауынгæг æмæ ма тыхæй урæдтон мæ цæссыгтæ. Афтæ рауад, нæ разы цы тар æмæ æнкъард нывтæ февзæрдысты, уыдонмæ кæсгæйæ. 

Раздæр хæдзæрттæ кæм уыдысты, уым ныр зади æрмæст айдагъ хæмпæлгæрдæг, æмæ уыцы кæрдæджы ’хсæнæй ранæй-рæтты хъил-милтæй зындысты зæронд, рохуат хæдзаркæлæтдзæгтæ, уыдон ноджы фыдуынддæр кодтой æнæуый дæр æнкъард хъæуы хуыз, афтæмæй та, ме ’мбарынадмæ гæсгæ, уымæй хъæлдзæгдæр хъæу никуы уыди... 

Мæ фæндарастгæнæг æфсымæр мын мæ фарстытæн цы дзуаппытæ лæвæрдта, уыдонæй базыдтон: цæрджытæ иууылдæр алыгъдысты æндæр хъæумæ иуцалдæр пысылмон хæдзарæй дарддæр, æмæ уыдон дæр ацы бонты араст уыдзысты Стамбулмæ, семæ мах дæр, афтæмæй. Ныр æз бамбæрстон, гимназæй мыл цæмæн стагъд кодтой æмæ мæ уырдыгæй афтæ раджы цæмæн ракодтой, уый. Зæрдæ ноджы тынгдæр æрбауынгæг, рæхджы райгуырæн къуымæн æнустæм хæрзбон зæгъын кæй бахъæудзæн, уый мæ зæрдыл куы ’рбалæууыд, уæд, уымæн æмæ уыцы Стамбул мæ сабион зонды бадтис цавæрдæр æдзæрæг быдырæй, цыран мæры нæ зайы кæрдæджы хал дæр. Æвæццæгæн, Аравийы тыххæй — пехуымпар-Мæхæмæты райгуырæн бæстæйы тыххæй цыдæриддæр фехъуыстон, уыцы æмбарынад æз рахастон Стамбулмæ дæр. 

Мæнæ æрбахæццæ дæн мæ райгуырæн цæрæнуатмæ. Æз нæ базыдтон ам нæ раздæры цæрæнуаты, мæ сабибонты бирæ мысинæгтæ баст кæимæ уыдысты, уый; æз нæ федтон кæрты æмæ хæдзары алфамбылай дæр, мæ фыды аудындзинады фæрцы цы сыгъдæгдзинад уыд, ахæм. Ныр та мæнæ кæрт хæмпæлгæрдæджы бын фæцис, æмæ цъæх-цъæхид кæрдæджы астæу нæ хæдзар зынди уæлдай æнкъарддæр, бæрæг уыд, йæ хъус æм кæй ничиуал дары. 

Кæрты астæу æвæрд уыдис дыууæ цатыры. Уыдонæй æддæмæ хъуысти хъæрæй ныхас; фалдæр та — персаг гауызтæй æмбæрзт цалдæр ног уæрдоны, æмæ æз, куыд ног цатыртæ, афтæ ног уæрдæттæм гæсгæ дæр, стæй кæрт бынтон æнæркаст кæй уыд, уымæй дæр бамбæрстон, ам сæхи дард балцмæ кæй цæттæ кæнынц æмæ уый адыл нæ зæронд хæдзар æдзæрæг кæй кæны, уый. 

Куыддæр æз райгуырæн хæдзары къæсæрæй мæ къах бавæрдтон, афтæ мыл сæмбæлд мæ мад, уый мын ныхъхъæбыс кодта, цæссыг калы, афтæмæй мын мæ хъусы дзуры: 

— Цæуæм Стамбулмæ, мæ бон! Дæ фыды нæ фæнды ам баззайын. 

Мæ ныййарæг мады хъынцъым мын мæ зæрдæйы уаг ноджы батар кодта æмæ æз æнæхъæн бон кодтон кæугæ, уымæй дæр мæ дзидзидарæг мад, мæ цуры бадгæйæ, мæт кодта, æнустæм ын хæрзбон кæй кæнæм, уый тыххæй æмæ уымæй дывæр кодта мæ маст. 

— Æз нæ ацæудзынæн Стамбулмæ, — хуыдуггæнæг цæссыгтимæ хæкъуырцгæнгæ дзырдтон æз мæ мадæн,—мæн нæ фæнды... 

— Уанцон нæу, хуыцау фод дæ ахъазгæнæг! Цытæ дзурыс уый? Хуыцау дæ бахизæд, дæ фыды цур исты срæдийай ахæмтæй, — дзырдта мæ мад, мæнæн ныфсытæ æвæргæйæ. 

Мæ фыды ном фехъусгæйæ, æз уайтагъд ныхъхъус дæн, уымæн æмæ ахæм карз уагыл хъомыл кодта мæн: тынгдæр æй куыд банкъардтаис, ахæм æфхæрд дын радтаид, æнæраны йæ ныхмæ исты загътай, зæгъгæ, уæд. Æнæуый та фыдæлтæ уæвгæ æппын нæ быхстой ныхмæдзырд фырттæй, уæлдайдæр та сæ æрыгон фырттæй. Фæлæ ацы хатт мæнæн мæ бон уыд, мæ зæрдæ дардтаин, мæ фыд мæ кæй нæ фехъусдзæн, ууыл, уымæн æмæ уый ацыд кæдæмдæр Кæсæгмæ йæ хъуыддæгты фæдыл, æмæ мæнæ ныр дыууæ къуыримæ ’ввахс нæма ’рбаздæхт уырдыгæй. 

Ме ’рцыдæй цыппар æви фондз боны фæстæдæр, хорз æй нал хъуыды кæнын, мах хъуамæ араст уыдаиккам нæ фæндагыл — уымæн æмæ цæттæгæнæн хъуыддæгтæ — хæлцы фæстауæрц, уæрдæттæ, зæхх, мулк ауæй кæнын æмæ афтæ дарддæр—уыдысты фæуд, стæй мæ фыд дæр, Кæсæджы йæ хъуыддæгтæ балхынцъ кæнгæйæ, æппынфæстаг, æрбаздæхт æмæ бацархайдта нæ ацыд фæтагъддæр кæныныл. 

Нæ арасты хæдразмæ нæ хæдзармæ, æндæр хъæуккагæн æнæбары аргъыл кæй ауæй кодтам, уырдæм æрæмбырд сты сылгоймæгтæ æппæт сыхаг æмæ дæрддаг хъæутæй махæн хæрзбон зæгъыны охыл. 

Хæдзарæй уæрдæттæм райдыдтой дзаумæттæ хæссын,— æмæ ам тынгдæр архайдтой нæ цагъайрæгтæ. Райдыдтой хæрзбонтæ кæнын, айхъуыстис хъарæг: куыдтой иууылдæр, фæстаг хатт ма мæ мадæн, мæнæн æмæ мæ хотæн хъæбыстæ кæнгæйæ. Ацы иумæйаг хæрзбон кæныны рæстæг мæ кæстæр æфсымæр уым нæ уыд: уый кæмдæр бамбæхст. Бирæ йæ фæцагуырдтам. Мæ зæрдыл ма лæууы, æппынфæстаг æй нæ цагъар куыд ссардта æмæ йæ мусы хъæмпы бынæй куыд раласта. Цагъары хъæбысы уый йæ къабæзтæ тылдта, æмæ цæссыгкалгæ хъæр кодта: 

— Ауадзут мæ, мæн нæ фæнды! Нæ мæ фæнды! 

Фæлæ йæ нæ цагъар йæ тыхджын къухтæй сæвæрдта, æппынфæстаг, уæрдоныл æмæ ма уый бирæ фæбадти уым хæкъуырцгæнгæ, цалынмæ нæ бафынæй, уæдмæ. 

Æниу кæй фæндыд махæй барвæндæй бынтон æнæзонгæ Стамбулмæ ацæуын æмæ, бæргæ нæ фыд йæ бинонтыл хъæлæс куы аппæрстаид, уæд, æвæццæгæн, мах не ’ппæт дæр не сразы уыдаиккам. Фæлæ уæлдай рафæрс-бафæрс мæ фыд нымадта дзæгъæл мийыл æмæ йæ, æгæрыстæмæй, йæ сæрмæ дæр нæ хаста: фаг у, ацы хъуыддаг йæхæдæг кæй аскъуыддзаг кодта, уый дæр, æппæт хъуыддæгты дæр йæ дзырдæн уыд скъуыддзаггæнæг уæз, мады дзырд та — иунæг афтид зæл, æмæ бынтондæр ницы давта. 

Дуармæ айхъуыст уæрдæтты рог гыбар-гыбур — уый ифтыгътой галты. Æппынфæстаг хæдзармæ æрбахызт цагъар æмæ загъта: 

— Афон у, афон! Галтæ ныр ифтыгъд сты, æмæ мах цæттæ стæм нæ фæндагмæ. 

Иу иннæйы фæдыл æддæмæ ракалдыстæм нæ хæдзарæй. 

Нырма дæр, цыма, мæ хъустыл уайы, мæ мад нæ хæдзары къæсæрыл фæстаг хатт куы рахызт, уæд йæ риуы дзаг куыд ныййеудодой кодта, уый, æмæ æз афтæ ’нхъæлдтон, никуы ферох кæндзынæн уыцы йеудодой. 

О, æмæ уый дзырдтон, мах æддæмæ рацыдыстæм, уæдмæ уæрдæттæ аивгъуыдтой кæртæй, мах, марды фæдыл цæуæгау, — сæ фæдыл. Фæндагыл, мах цæуын кæуылты хъуыд, уым лæууыд æдхотых барджыты егъау къорд. Сылгоймæгтæ сæм æрбаввахс кæнынц, уый куы базыдтой, уæд барджытæ æрхызтысты сæ бæхтæй æмæ мах цытгæнгæйæ ауагътой сæ разæй2

Сылгоймæгтæ сæ цурмæ куы ’рбахæццæ сты, уæд фæлæууыдысты сæ кæуынæй, сæ цæстытæ æруагътой æмæ дарддæр цыдысты æнæсыбырттæй. Уыцы барджытæ уыдысты нæ хæстæджытæ, нæ зонгæтæ æмæ ардæм æрæмбырд сты, цæмæй нæ иуцасдæр дæрддзæг афæндараст кодтаиккой. 

Хъæуæй иу верст æддæдæр нæ уæрдæттæ æрлæууыдысты æмæ æнхъæлмæ кастысты махмæ... Хæрзбон загътам нæ хионтæн... Сбадтыстæм уæрдæттыл... Уæрдæтты ныхъхъинцъ-хъинцъæй цыма райхъуыст фæстаг хæрзбон. Кæуын цыди махмæ дæр. Æз ма иу хатт фæстæмæ фæкастæн æмæ федтон, сылгоймæгтæ, мах цæстæнгасæй фæндараст кæнгæйæ, уыцы иу бынаты куыд бирæ лæууыдысты; уырдыгæй скъуыддзæгтæй хъуысти сæ кæуын. Барджытæ, мах фæндараст кæнгæйæ, цыдысты нæ дыууæ фæрсты. Уыдаиккой иу дæс æмæ дыууиссæдзмæ ’ввахс. Уыдон нæ рафæндараст кодтой суанг Æрыдоны онг æмæ уым ахицæн сты махæй. 

Нæ уæрдæттæ — мæ фыдыфсымæры уæрдонимæ — дæс, дыккаг бон ардыгæй арастысты æмбырдгæнæн бынатмæ. Æмæ уырдæм та хъуамæ æрæмбырд уыдаиккой лигъдæттæ æппæт Ирыстонæй. Мæ фыд æмæ мæ фыдыфсымæр нæ уыдысты немæ: уыдон уæлбæхæй ацыдысты размæ. Æрыдоны ма нæм æрбаиу сты ноджы цалдæр уæрдоны, уыдон дæр Стамбулмæ цыдысты. 

Изæрмæ нæ фæндаг адардтам айнæг къæдзæхты иувæрсты: мах бахæццæ стæм хохрæбынтæм. Фæрсырдыгæй уынæргъы цавæрдæр цæугæдон, хæхты фæрстыл амыты-уымыты батъæпæн сты хъæутæ, æмæ фосы дзугтæ та, цыма мæлдзгуытæ сты æмæ быргæ кæнынц, уыйау хизынц хох-бæрзæндтыл. Æрзылдыстæм цавæрдæр къаннæг хохы иувæрсты, хъустæ ацахстой цавæрдæр зынæмбарæн ныхас, стæй рарттывтой дыдзы рухсытæ изæрдалынджы. —Мæнæ, гъе, æмбырдгæнæн бынат дæр, —дзуры цагъар, галтæ тæргæйæ. 

Æмæ æцæгдæр: мах бирæ нал хъуыд æмбырдгæнæн бынатмæ, цыранмæ, куыд бадзырдтой, афтæмæй хъуамæ æрæмбырд уыдаиккой лигъдæттæ иууылдæр. Фæлæ изæрдалынг тарæй-тардæр кодта, æмæ цас адæм æрæмбырд ардæм, уый рахатæн дзы нæ уыд, æрмæст уыдтон æз, амыты-уымыты-иу цы рухсытæ ферттывтой, уыдон. 

Мах æфсондзæй суæгъд кодтам галты, къæбæр бахордтам æмæ бафынæй кæныныл систæм. Æз схуыссыдтæн уæрдоны бын æмæ хъуыстон, мæ сæрмæ уæрдоныл мæ мад нырма куыд хæкъуырцц кодта, уый. Мæхæдæг, æрæджыйау, уæззау тæлмæнты бын уæвгæйæ, мæ къах дæр нал атылдтон, афтæмæй бафынæй дæн... 

Йæ райсомы æз райхъал дæн иу-фараст сахатыл. Уæрдоны бынæй куы ракастæн, уæд федтон бирæ уæрдæттæ. Уыдонæй æмбæрзт уыд бæрзонд хæхтæй æрхъулагонд комы нарæг иууылдæр. Лигъдæттæ сæ райст-бавæрд дарæсы фалæмæ-ацырдæм тыннывæндæгау кодтой. Кæцæйдæр хъуыстысты цавæрдæр зарæджы дзырдтæ. Кæм зарынц, зæгъгæ, мæ фарстмæ мын ме ’фсымæр загъта, Цæлыккаты Ахмæт хæрзбонгæнæн куывд скодта, æрхуыдта йæм лигъдæтты иууылдæр æмæ, дам, уырдыгæй хъуысы зарæг. 

Уыцы хæрзбонгæнæн куывды фæуыдаин, уый куыннæ фæндыд мæн, скодтон мæ дарæс, ныхсадтон мæхи æмæ араст дæн, иумæйаг циндзинад кæм уыдис, уырдæм. 

Бæзджын кæрдæгæй æмбæрзт комы дымæджы хибар ран æрбынат кодта куывдонтæ-лигъдæтты бардз. Зæрæдтæ бадынц сæ цуры куыдхистæрæй. 

Адæмы бардзы ’хсæн калд уыд стуры фыды æнæхъæн рæдзагъд — уый Ахмæт цы гал аргæвста, уымæн; рæдзагъды алфамбылай рæвдз архайдтой иуцалдæр лæппуйы. Уыдон уыдысты лæггадгæнджытæ æмæ хайгай кодтой фыдызгъæл, куывды уазджытæ цас уыд, уый сæ хъуыдыйы даргæйæ. 

Куывдонты фæстæ æртыгуыр сты хъæлдзæг фæсивæд, ардыгæй хъуыст зарæг дæр. Зарæггæнджытæ зард истой кæрæдзийы дзыхæй. Æмæ-иу дзы алчи дæр зарæджы бавæрдта йæхи хъуыдыуат, алчи дæр-иу дзырд баивта йæхирдыгонау — бæрæг уыд, ног зарæг кæй кæнынц. Чысыл лæппуты къорд цымыдисæй хъуыста зарæггæнджытæм æмæ-иу кæрæдзимæ хъармзæрдæ мидбылхудтимæ бакастысты, зарæггæнджытæй-иу исчи хæрзаив хъуыдыйыл куы фæхæст, уæд. 

Сæ поэтикон æвзыгъддзинад æмæ хъарутæй бирæ бахардз кæныны фæсгæ, фæсивæд скодтой мæнæ ахæм æнгæс зарæг: 

 

Стамбулмæ цæудзыстæм, 

Стамбулмæ, лæппутæ, ой! 

Ой-тæ-рира, ой-рира! 

Нæ фæндаг та — 

амондджын хуыцауы фæрцы, ой! 

Æйтт, зæгъут, лæппутæ, æйтт! 

 

Æмæ афтæ дарддæр уыцы хуызы. Фæзынди Ахмæт, куывды цырв æмæ Туркмæ ацæуыны хъуыддаг амидингæнæг, баздæхт зарæггæнджытæм æмæ сын загъта: 

— Æмæ фод Аллах уе ’ххуысгæнæг уæ фæллæйтты тыххæй, фæлæ æгады ранмæ ма ’руадзут уæхи: скæнут хуыздæр зарæг, нæ райгуырæн бæстæйы кæй ныууадзæм, ахæм зарæг. 

Фæлæ зарæггæнджытæ æнæуый дæр нæ ауæрстой нæдæр къæбæлдзыг хъуыдытыл, нæдæр зæрдæскъæф ахорæнтыл, цæмæй иууыл хуыздæр хуызты раныв кæной, цы фæндаджы сæр слæууыдысты, уый. Æмæ сын кæд ницы зæрдылдаргæ бындур уыдис, уæддæр, æппæт уыцы рæсугъд ахорæнтыл æууæндгæйæ, лигъдæттæ уыдысты сæ тæккæ хъæлдзæгдæр зæрдæйы уагыл. Нырма сæм цалынмæ ног тыхтæ уыди, уæдмæ сæ ныфс нæ саст, сæ зæрдæ дардтой сæ рухс фидæныл; цалынмæ æцæгдзинад нæма бавзæрстон, уæдмæ уыдысты хъæлдзæг æмæ æнæмæт. 

Мæ зæрдыл ма лæууы, бонасæдæнты-иу чызджытæ сæ райстбавæрд дарæсы сæумæцъæхæй куыд æрæмбырд сты уæрдæтты ’хсæн æмæ-иу куыд кафыдысты, цалынмæ-иу нæ бафæлладысты, уæдмæ, зарыдысты-иу, сæхицæн паша-мæйттæ æмæ зæлдаг хæлæфтæй ныфс кæм æвæрдтой, ахæм зарæг; кафт-иу аххæссыд суанг æмбисæхсæвмæ, æмæ-иу æхсæвы уæлдæфы нал æмæ нал нымæг кодтой фæндыры зæлтæ, стæй къæрццæмдзæгъд æмæ хъæлдзæг зарджытæ æмæ хъæлдзæг ныхас, æмæ афтæ æхцон æмæ рухс уыди æппæт лигъдæттæй алкæй зæрдæ дæр! 

Фæлæ ныфсытæ æмæ уардихуыз нывтæ — уæууа! — бирæ нæ ахастой, уайтагъд атадысты, фæздæгау, æцæгдзинад нæхи куы банкъарын кодта, уæд. Нæй, хъæлдзæг нæ уыд ацы фæндаг, æмæ уый адыл иу æмæ дыууæ хатты нæ калдтой алывыдтæ, раздæр уардихуыз бæллицтæ кæй уырныдтой æмæ æндæр истæуыл баууæндын кæй нæ фæндыд, уыдон сæхæдæг. Æмæ-иу арæх æрымысыдысты сæ хъæутæ, афтæ дзæбæх кæм цардысты, уыцы хъæутæ, æмæ иу æмæ дыууæ хатты нæ лæвæрдтой сæхимæ фарстытæ: 

— Кæдæм цæуæм? Цæмæн лидзæм нæ зынаргъ райгуырæн бæстæйæ æмæ цы агурæм? 

Æмæ, æцæгдæр, ацы зын фæндаджы æууæлтæ афтæ карз уыдысты, æмæ-иу бар-æнæбары дæр ракæсын кодтой лигъдæтты фæстæмæ, зонын ма уый дæр, æмæ дзы бирæтæ раздæхтаиккой фæстæмæ, худинаг æмæ йеууаг фæуынæй куынæ тарстаиккой, афтæ тæппуд кæй разындысты, уый тыххæй, уæд. 

Мæнæ фæхæрд кодтам нарæг фæндагыл, цыран иу уæрдоны фæрсты нал ахиздзæн иннæ, уыйадыл хъуамæ ныххал уой кæрæдзийы фæдыл. Йедзаг уæрдæтты иу цæд галтæ иæ фæразынц хæрды, уымæ гæсгæ лигъдæтты бахъуыд цалдæргай цæдтæ иумæты сыфтиндзыны сæр æмæ афтæмæй сæ уæрдæттæ иу иннæйы фæдыл зынтæй æппæрстой уæлæмæ рагъмæ. Мæнæ хæрдæй фæуæле кодтой иуцалдæр йедзаг уæрдоны, фæлæ баизæр, æмæ уæрдæттæн се ’мбис та нырма бынæй, хохрæбын ис, æмæ сом изæрмæ уыдоныл дæр, гъе, афтæ фыдæбон бахъæудзæн, цæмæй сæ фæуæле кæной иууылдæр. Лигъдæттæ сæ йедзаг уæрдæтты хохы цъупмæ куыд тыхамæлттæй стылдтой, афтæ тыхамæлттæй æмæ сæ хъавгæ хъуамæ ныххæццæ кæной фæсрагъ уырдыджы дæр, цæмæй сын дæлæмæ ма аирвæзой æмæ къæдзæхыл ма ныппырх уой. 

Мæнæ уый та æндæр ныв. Цæуæм хæрды къæдз-мæдзы, здыхсгæ фæндагыл, бынæй дард кæмдæр та абухта хæххон цæугæдон, йæ сæнт гуылфæнтыл йæ разæй егъау дуртæ хæсгæйæ, йæ былгæрæттæ — æмуырдыг къæдзæхтæ. Уæрдæттыл ничиуал бады, уымæн æмæ ма ифтыгъд галтæ æмæ бæхтæ æнæуи дæр тых æмæ амæлттæй фæразынц уæрдæтты: æрластой се ’взæгтæ, сæ сæт мизы сæ дзыхтæй æмæ пырх кæны рыгвæндагыл, хуссайраг æмбисбоны хуры зынгæй тæвд фæндагыл. Се ’ппæты разæй баргæ-хъавгæ айтынг и нæ моллойы уæрдон: уæрдоны фæрсты цæуынц йæ фырттæ, йæхæдæг та — фæсте, тарстхуызæй кæсы бынæй абухгæ цæугæдонмæ, афтæмæй. Уæрдоныл цы бæх ифтыгъд ис, уый нырма змæлын кæны йæ фæллад къæхтæ æмæ хилы размæ, куыд фæзæгъынц, йæ уды быцъынæг скъуыны, афтæмæй. 

Фæлæ мæнæ æвиппайды иу фæзилæны бæх фæиртæст йæ фæндагæй æмæ йæ фæдыл ахаста уæрдоны дæр, йæ уæлæ цы дзаумæттæ ис, æппæт уыдонимæ, афтæмæй асхъиудта бынмæ, хæххон цæугæдоны тæлтæг уылæнтæм. 

— Фервæзын æй кæнут, фервæзын æй кæнут! — хъæр кæнынц молло æмæ йæ фырттæ, тарстхуызæй бынмæ кæсгæйæ, цыран æнамонд бæх хыр-хыргæнгæ цæгъды йæ гæндзæхтæ æмæ тох кæны доны цырд уылæнтимæ. 

Лигъдæтты уæрдæтты рæхыс дзыхълæуд фæкодта æмæ нырыонг хъустæ цы хъинцъ-хъинцъæй арыдтой, уый бамыр рæстæгмæ; иууылдæр сызнæт сты. Алкæмæй раздæр сæ дарæс феппæрстой моллойы фырттæ æмæ агæппытæ кодтой сæ мулк-сæ ис æгъатыр доны дзыхæй байсынмæ, уыдон бафæзмыдтой æндæртæ дæр æмæ уайтагъд бæх æмæ уæрдоны алфамбылай атыгуыр сты дæсгай æрдæгбæгънæг нæлгоймæгтæ. Уыдонæн сæ къухы бафтыд бæх суæгъд кæнын æмæ ма уæрдонæй дæр цыдæртæ раппарын. Уæрдоны дон дардæй-дарддæр ласта. 

Фæлæ æндæр бæллæх: бæхы цы амалæй рачындæуа донæй, æмхæрд былгæрæтты схизæн нæй, æмæ мæнæ, ацы уæззау цæлхдур басæттынæн æрымысыдысты дон-дон дæлæмæ ленк кæнын, бæх æмæ ма сæ къухы цы муртæ бафтыдис, уыдонимæ — цалынмæ рахизæн кæм уа, æмæ бæх кæуылты ракæной, ахæм ныллæгдæр былгæронмæ ахæццæ ой, уæдмæ; уæрдон та, доны гуылфæнты ’вджид баззайгæйæ, зилдух кæны, куы иуырдæм фæраст вæййы, куы иннæрдæм, истæуыл схæцы æмæ ныллæууы йæ бынаты, стæй та дарддæр ленк кæны æмæ æппынфæстаг йæ мæстджын хицæутты цæстæнгасæй фæтары вæййы. 

Æмæ та мæнæ ноджы хъыгаг хабар. Æвиппайды нæ уæрдæттæ ногæй ныллæууыдысты. 

— Цы та ’рцыди? Цы фыдбылыз та ныл рамбæлди? — атахти фарст лигъдæтты уæрдæтты рæнхъытыл. 

Куыд рабæрæг, афтæмæй уым, разæй, фæндаг ахаста дон; иунæг кæлæтдзаг хиды сæрты-иу ахызтысты ам бæлццæттæ, фæлæ уымæн ныр йæ ныв дæр нал ис — æрмæст дæлæ егъау цæугæдоны уазал уылæнтæ æнæфæивгъуыйгæйæ æдзух лæбурынц бæрзонд, æмхæрд, сау къæдзæхы фæрстæм æмæ ныр уыцы къæдзæх фидары къулау ныццæхгæр ис нæ фæндагыл. Бирæ фыдæбæтты фæстæ лигъдæттæн бантыст, къæдзæхы бын, дон кæм бахордта, уым чысыл хид сæвæрын, фæлæ йыл йедзаг уæрдæттæ ауадзай, ууыл, кæй зæгъын æй хъæуы, хъуыдыгæнæн дæр нæ уыд, уымæн æмæ ахæм уæз уый нæ баурæдтаид. Уæд лигъдæттæ хайгай ныккодтой сæ уæрдæтты æмæ сæ афтæ хайгай ахастой фаллаг фарсмæ сæ къухты; афтæмæй уытæппæт уаргъ фæфале кæнынæн бахъуыдысты æртæ-цыппар боны. 

— Æлгъыстаджы фæндаг фæу! — райхъуысы куы иу ранæй, куы иннæ ранæй. — Цас хъизæмæрттæ, цас фыдæбæттæ æвзарæм ныр мах! 

Афтæмæй æрæджы дæр ма стыр ныфс æвæрдтой сæ амондджын фидæнæй! 

Æнæбауырнинаг цæлхдурты сæрты ахизгæйæ, мах Кутаисыл бахæццæ стæм Батуммæ. Уæдæ афтæ, мах æввахс стæм бæллиццаджы Стамбулмæ, кæнæ Туркмæ. Уæззау фæндаджы фæстæ мах ам кæнæм дæргъвæтин бонасадæн æмæ дзы æрцарæзтам нæ лагерь. Турчы хицауадæй нын рацыд фæйнæ цатыры алы бинонтæн дæр. 

Нæ разы йæхи айтыгъта æгæрон Сау денджыз, мах афтæ тынг кæмæ тырныдтам, цæмæй йæм ныккастаиккам, цавæр денджыз у, æмæ базыдтаиккам: цыма денджыз, куыд дзурынц, æцæг афтæ егъау у, стæй дзы цавæр наутæ ленк кæнынц. Æмæ мæнæ ныр мах нæ разы нæхи цæстæй уынæм уыцы бæллиццаджы денджыз, æмæ уый уæрæх-уæрæх айтыгъта йæхи нæ цæстыты раз, дис æмæ мæнгуырнындзинады тас æвдисæг цæстыты раз, æмæ уыцы денджыз егъау дондыппыртæй анæрсы æмæ хъæл акъуырæгау узы стыр науты, цыран бацæудзæн мах хæдзæрттæй дæсгæйттæ. Æмæ, цымæ, уæдæ куыд дзурынц, мах æцæгæй афтæ хъуыды кæнæм, æмæ мах уыцы наутыл цæудзыстæм суанг Стамбулмæ? 

Уый гæнæн нæй, стæй тæссаг дæр у, ахæм æгæрон денджызы æнцонæй бабын уыдзæн адæймаг... Нæ-нæ... 

Куыд æхсызгонæн-иу кастыстæм мах изæрыгон денджызмæ, æнцад-иу куы уыд æмæ-иу зæрæхсиды сырх ахорæнтæ доны куы хъазыдысты, уæд, фæлæ-иу куыд тарстхуызæй фарстам мах, изæры-иу денджызон свинкæты3 хъазгæ куы федтам, уæд: 

— Цымæ цы хъуамæ уа уый? 

Æмæ-иу махæй алчи дæр дзырдта йæхи хъуыдытæ уыцы цæрæгойы тыххæй, — иу иннæмæй æнæхъоладæр хъуыдытæ. 

Батумы дзæвгар куы аззадыстæм æмæ нæ фæллад куы суагътам, æрæджы фæндагыл цы тухæнтæ бавзæрстам, уыдон куы айрох сты, уæд нæ фæсивæды бафæндыд бæхтыл хъазынæй батумаг æхсæнады бахъæлдзæг кæнын, стæй бæхыл бадын æмæ милмæ ’хсынæй дæр сæ арæхст æмæ се ’взыгъддзинадæй раппæлын. 

Æмæ мæнæ иу бон батумаг æхсæнад, бæхтыл ахъазыны тыххæй «черкесæгты» фæндон базонгæйæ, æрцыдис иу фæзуатмæ, æмæ æхсæнадон фæтк бахъахъхъæныны охыл та ардæм æрбакодтой амы фидары командæйæ æнæхъæн ротæйы бæрц салдæттæ. Иууылдæр æрхъæцмæ нал лæууыдысты, кæд райдайдзысты барджытæ бæхтыл хъазын, зæгъгæ, хъал туркæгтæ, сæ даргъхъæд лулæтæй тамакойы хъыхъхъаг фæздæг цъиргæйæ, хъæлдзæг ныхасæппарæн кодтой кæрæдзимæ, черкестæ сæ разы «алыхуызон диссæгтæ» куыд æвдисдзысты, уымæ æнхъæлмæ кæсгæйæ. 

Æппынфæстаг фæзындысты нæ фæсивæд дæр, æдæппæт дæс адæймаджы, æд хотыхтæ, бадынц иттæг хорз бæхтыл, æмæ, дам, дзырд дзырды сайы, лигъдæттæ иууылдæр ахæм бæхтæ самал кодтой, фæндагыл куы раст кодтой, уæд. 

Туркæгтæ цыдæртæ дзырдтой сæхирдыгонау æмæ худтысты, æвæццæгæн, нæ дарæсы кондыл, фæтк æмæ æгъдау хъахъхъæнджытæ та, се ставд лæдзджытæй архайгæйæ, сырдтой уæлдай цымыдисгæнджыты, хъазæн фæзмæ-иу хæстæгдæр чи балæууыд, уыдон. Уалынмæ райдыдтой. 

Йæ райдайæны бæхтыл хъазт иттæг цымыдисон нæ уыд, уымæн æмæ дзы уадиссагæй ницыма уыди, фæлæ мæнæ фæсивæдæй чидæр тæхгæ бæхыл саргъы уæлæ йæ сæрыл куы алæууыд æмæ та фæстæмæ саргъыл куы абадт, уæд адæмы бардзы ’хсæн айхъуыст æппæлæн гуым-гуым, стæй та къухæмдзæгъд: 

— Валлах, чох яхши! Чох яхши! — дисгæнгæ дзырдтой туркæгтæ, цы уыдтой, уый хорзыл нымайгæйæ, се ’рттæ кæрæдзийыл хостой, афтæмæй. 

Дыккаг тæхгæ бæхыл фелвæста туркаг лыстæг æхцатæ æмæ сæ æхста æхсæнгарзæй; æртыккаг лæууыд тæхгæ бæхыл æмæ æхста милмæ, — иудзырдæй, се ’взыгъддзинадæй ныууагътой хорз тæлмæн туркæгтыл. 

Æмæ уый тыххæй схæлар сты немæ дæр, уæлдайдæр та салдæттæ, — махонтæ-иу сæ æрбахуыдтой сæхимæ сихор кæнынмæ, æмæ махонтæ, кæй зæгъын æй хъæуы, ам æлгъ ницæуыл кодтой, уымæй дæр салдæтты ’хсæн уыдис махæн дыууæ-æртæ «æмзæххоны». Уыдон та уыдысты, Дзæуджыхъæуы ахæстоны чи бадти, ахæм уырыссаг лыгъд салдæттæ æмæ ныр мысыдысты Уæрæсейы, стæй еууы кас туаг къабуска басимæ, æмæ хордтой ныр уыцы мысинæгты бæсты плау æмæ фысы фыд. 

Батумы алфамбылайы уыдис бирæ алыхуызон дыргътæ, æмæ уыдонмæ та махуæттæ ’мхиц уыдысты, афтæмæй, цалынмæ Батумы цур уыд нæ лагерь, уæдмæ мах, зæгъæн ис, цардыстæм æрмæст дыргъæй, æрластам-иу дзы æнæхъæн голджытæ, уымæн æмæ дыргъ ма тонут, зæгъгæ, ничи дзырдта: уыйхыгъд-иу фæрынчын стæм арæх, æмæ уæд лигъдæтты дзырддзæугæ лæгтæ, дыргъы фыдбылыз фенгæйæ, бынтондæр нал лæвæрдтой уыдон ласыны бар хъæдæй, æмæ уый тыххæй йæ райдайæны хъаст дæр ма кодтой лигъдæттæ. 

Ардыгæй Константинополмæ денджызыл ацæуын сæ ныфс бирæтæ нæ бахастой. Фæлæ чи сразы ис, уыдоны ’хсæн уыдысты нæ молло æмæ йæ бинонтæ дæр. Иннæтæ аскъуыддзаг кодтой Хъарсмæ ацæуын. 

Хъарсмæ фæндагыл нæ уыд, нæ райгуырæн къуымæй Батуммæ цæугæйæ кæуыл æмбæлдыстæм, ахæм зындзинæдтæ, кæд ам дæр бирæ цæлхдуртæ уыдис, уæддæр. Æниу нæм, чи зоны, æнцондæр уымæн касти ацы фæндаг, æмæ нырмæ фæцайдагъ стæм зынтæ æмæ хъуагдзинæдтыл. 

Уымæй дæр нын нæ къух арæзта ноджы иу хъуыддаг: бынæттон хицауад нын лæвæрдта уæрдæттæ нæ дзаумæттæ ласынæн. 

Нæ фæндаг нын цæхгæр лыг кодта хæххон цæугæдон. Йæ дыууæ фарсы бæрзонд фæцыдысты наз æмæ нæзыйæ æмбæрзт сау къæдзæхтæ. Ацы цæугæдонæй дарддæр нал ис уæрдонвæндаг. Къæдзæхтыл æрмæст нарæг къахвæндæгтæ сау æндæхтау зынынц. Уыдоныл схиздзæн æрмæст бæх кæнæ гал, уый дæр зынтæй. Уыйадыл лигъдæттæ райхæлдтой сæ уæрдæттæ æмæ сын сæ иууыл ахсджиагдæр хæйттæ, зæгъæм, сæ цæлхытæ, сæвæрдтой наубæлæгътыл. 

Мах цæуын хъуыди донвæдыл уæлæмæ, уымæ гæсгæ наубæлæгъты хицæуттæ — бынæттон цæрджытæ, нæ дзаумæттæ æмæ нын нæхи дæр дон-дон уæлæмæ чи хъуамæ ластаид, уыдон сæхи хъуамæ баифтыгътаиккой наубæлæгътыл æмæ афтæмæй донбылты цæугæйæ, сæ къубæлттæ скъуынгæйæ тыхæнцад кодтаиккой размæ. Æмæ уый та уыд тынг зын. Афтæ нæ хъуамæ ластаиккой иу авд версты бæрц. Наубæлæгътыл сæвæрыны бар уыдис æппæт хæдзарон дзаумæттæн æмæ уæрдоны хæйттæй та — йæ цæлхытæн. Рæтæнæгъдтæ та-иу мах бабастам саргъмæ æмæ сæ афтæ хастам хæхты сæрты ног бынатмæ, цыран-иу ногæй исчердыгонау баддæгуæлæ кодтам не ’нæбары уæрдæттæ. 

Æмæ мæ фыд дæр йæ саргъы дыууæ фарсмæ бабаста дыууæ рæтæнагъды, иннæ уæрдоны рæтæнæгъдтæ та бабаста мæ бæхы саргъмæ, афтæмæй мах, нæ разæй галты скъæргæйæ, схæрд кодтам къахвæндагыл. Нæ бæхтæ тыхамæлттæй хилынц уыцы къахвæндагыл. Уымæй дæр сæ цæуынæн хъыгдарынц рæтæнæгъдтæ, стæй фæндаг дæр нæ бæззы. Хæрдмæ цæугæйæ, рæтæнæгъдтæ сæ уæзæй бæхы ласынц фæстæмæ, уыйадыл цалдæр минуты фæстæ саргъ æрбыры бæхæн йæ фæстаг æрдæгмæ. Галтæ тæрсгæ-ризгæ хилынц размæ æмæ сындæг къахдзæфтæ кæнынц къахвæндагыл. Æвиппайды дыууæ галы кæрæдзи фесхуыстой æмæ дзы иу асхъиудта къæдзæхæй. 

— Ай! Алла-ай! — фæхъæр кодта мæ фыд, — нæ галты хуыздæр бабын ис, асхъиудта! — æрлæууыд æмæ кæсы, гал кæцæй ахауд, уыцы сæрсæфæнмæ. 

Фæлæ уым, бынæй, ницы зыны, æрмæст дзы цæугæдон æвзист уадздзагæй, здыхсгæйæ цæуы бæзджын къæдзæхты ’хсæнты, æмæ йæ уæлæ змæлы цавæрдæр сау тæпп, цæуы дон-дон: уый у, нæ бинонтæ кæуыл бадынц, уыцы наубæлæгъ. 

Æмæ мæнæ нарæг къахвæндаг рахызт уæрæхдæр фæндагмæ, фæлæ изæр дæр æрæввахс кæны. Мæ фыд ницы дзуры: уый мæсты у — йæ хорз галæй æнæгал кæй фæци, уый йæм равзæрын кодта æвзæр зæрдæйы уаг æмæ ма дзы куыд фервæза, уый нал зоны. 

Талынг кæны æмæ æхсæв йæ бартæ исын райдыдта. Бынæй кæмдæр ферттывта зынг. Уыцырдæм хъæр кæны мæ фыд. Уырдыгæй, ингæнæй дзурæгау, махмæ сыхъуыст нæ цагъары зонгæ хъæлæс, — æмæ, нæ фæллад галты нæ разæй скъæргæйæ, мах ауырдыг кодтам æмæ цæуæм тæссаг, æнæзонгæ хохвæхстыл. 

Хохрæбын æрбынат кодтон нæ бинонтæ арты цур: мæ чысыл æфсымæртæ æмæ хотæ кæуынц, курынц хæринаг, фæлæ сын цы бахæрын чындæуа, уый нæй: фæстауæрцтæ иууылдæр фесты, æввахс та ахæм хъæу нæй, кæрдзын самалгæнæн кæм уаид. Сывæллæттæ кæуынц, æниу нæхæдæг дæр сæххормаг стæм, æнæхъæн фæлмæцыд боны дæргъы дзыхы къæбæр нæ уыди æмæ нæм ныр куыннæ цæуы хæрын. Фæлæ дзы цы гæнæн ис, дыккаг бонмæ бабыхсдзыстæм, — кæд та исты разынид? 

Ноджыдæр ма иу ныв. Нæ уæрдæттæ мах раджы ныууагътам кæмдæр, кæй ницыуал аккаг уыдысты, уый тыххæй, æмæ ныр мах цæуæм къахæй къæдзæхвæндагыл. 

Æнтæфы хуыдуг кæнæм, ком ныххус и, æмæ дæ хъæуы дон, фæлæ кæм и — хох дæ разы слæууыд къулвидарау; схæццæ стæм уыцы хохы цъупмæ. Мæ мад цæуы разæй, æмæ йын кæд нæ цагъар æххуыс кæны хæрды къахвæндагыл уæлæмæ цæуынæн, уæддæр æй йæ тых нал хæссы, æмæ уый фырфæлладæй йæхи æруагъта фæндагыл. Уый бафæзмыдтой иннæтæ дæр, цæуынæй чи рафтыд, уыдон. 

Никуы ис бæлæсты аууон, æмбисбоны хур хъары суанг стджытæм. Æмæ æвиппайды мæ хъустыл ауад зæрдæскъуынæн æрдиаг, — мæ рынчын хо куры дон: 

— Дон, дон! — хъæр кæны уый, — мæлын æнæ донæй! 

Хуыссы мæ хо нымæтыл, цагъар ын айдагъ къæдзæхыл кæй байтыгъта, ууыл. Æнæуый дæр йæ хæс уый уыди, хастаид æй суанг бынатмæ йе ’ккой. 

Мæ мад æрбадти йæ нывæрзæн, фæлæ нæ зыдта, цы йын баххуыс кæна йæ хъуагдзинадæн, æниу йæхицæн дæр дойны у, фæлæ хаты æндæртæм, цæмæй йын самал кæной дон йæ рынчынæн. 

Фæлæ кæм агуырдæуа дон? Алфамбылай ис æрмæст айдагъ къæдзæхтæ, уыдонæн сæ уæлæ фæстаг кæрдæджы хал дæр басыгъта хур, ис ма дзы назбæлæсты рæнхъытæ, алы ран сæ цыргъ судзинтæ хуыйы хъистау зынынц. Æз, мæ мæлæтдзаг хойæн дон агургæйæ, æрзылдтæн алфамбылайы иууылдæр, мæхицæн дæр дойны кæй у, уый мæ рох дæр æрбаци, афтæмæй, фæлæ донæн йæ нывыл дæр никуы сæмбæлдтæн æмæ фæстæмæ æрбаздæхтæн афтидæй. 

Фæлæ нæй кæрон æрмæст зындойнаг хъизæмæрттæн, æндæр алцæмæндæр вæййы кæрон: æнтæф изæрырдæм фæкъаддæр æмæ уый адыл нæ дойны дæр фæсаст. Ах, изæр сатæг æмæ æхцон вæййы; уæлдайдæр та ацы изæр, — йæ сатæгæй рæвдауы буар! 

Мæнæ скæсæны ’рдыгæй ферттывта иу цахæмдæр стъалы, стæй ма ноджы йæ цуры æндæртæ дæр, æмæ уайтагъд æгæрон цъæх-цъæхид арв иууылдæр цæхæр скалдта мингай æрттиваг стъалытæй, æмæ афтæ зынди, цыма уыдон, уыцы мингай стъалытæ сæ цæстытæ кæрæдзимæ ныкъулынц. Ацы изæры рог уддзæф та фæллад уæнгтæм хæссы æхцонад æмæ сæрибарæн улæфы лæг. Гъе, афтæ, уæлгоммæ бафынæй уаин мæрдвынæйæ, æхсæвы арвы къуырфмæ кæсгæйæ æмæ ирд стъалыты цупæлттæй æхцондзинад исгæйæ, фæлæ мæ рынчын хойы унæргъын æргом айхъуысы æхсæвы уæлдæфы æмæ мын уый нырриуыгъы мæ зæрдæ, суры мын мæ хуыссæг, æфтауы мыл æнкъард зæрдæйы уаг. 

Уæддæр æмæ уæддæр йæ нывæрзæн цæлхыдзаг мæйы рухсмæ фенæн ис æнувыд мадæн, рынчынмæ æдзынæг æмæ æнкъардæй кæсгæйæ, æмæ афтæ зыны, цыма уый кæугæ кæны. Мæгуырæг! Уый йæхæдæг фæлмæцыд у боны фæндагæй, уый йæхæдæг дойныйæ мæлы, уæддæр хъахъхъæны йæ уарзон чызджы æмæ йæ фæнды йæ рынтæ йын куы айсид, фæнды йæ, йæ хъизæмæрттæ йын куы фæрогдæр кæнид, фæлтау йæхæдæг сау фæнык дæр фестæд — уыны хуыцау — фæлæ уæууа! Йæ фæндонæн сæххæстгæнæн нæй, æмæ ма йын цы кæнгæ у — æрмæст сусæгæй цæссыг калын æмæ ныллæг хъæлæсæй рынчынæн ныфсытæ æвæрын: 

— Ма тæрс, ма, мæ хур, адзæбæх уыдзынæ, дæхи æрсабыр кæн! 

Фæлæ рынчынæн æнцой нæй, æмæ æхсæв-бонмæ нымæтыл рафт-бафт кæны, мад та цыртсурæтау æвæллайгæ хъахъхъæны йæ уарзон сабийы. Йæ хъарм цæссыгтæ йын ничи уыны, мады хъыг уадиссаг ничи фиппайы! 

Æниу цы хъуыддаг ис уазал, тызмæг къæдзæхты, сæдæгай азты адæмы цахæмфæнды хъыгтæ æмæ циндзинæдтæм мæнæ, гъе, афтæ æгомыгæй чи кæсы, уыцы къæдзæхты? Кæнæ цы мæт ис уалæ уыцы æрттиваг стъалыты, адæймаджы царды цыфæнды ма æрцæуа, уæддæр æм уыцы иухуызон хъæлдзæгæй чи кæсы? Иннæ ахæм уалæ мæй, дунейы равзæрдæй фæстæмæ уыциу фæндагыл æмæ уыциу хуызонæй чи тындзы?.. Нæ, æвæццæгæн, алфамбылайы цыдæриддæр ис, уыдонæй ныфс бавæрæн нæй, фæлæ ку: афтæ, чи зоны, дæхицæн дæр æнцондæр уыдзæн, æмæ, чи зоны, æнæзынгæ хуыцау фена дæ цæссыгтæ, мады цæссыгтæ, æмæ дын йе ’ппæтхъом тыхæй баххуыс кæна, ма ’руадза фыдбылыз... 

Цагъары нæй хъуыддаг уымæ. Уый ныр хъуыды кæны, арт куыд скæна, ууыл, æмæ сугтæ агурæг ацыд, фæлæ йæ цæмæн бахъуыд арт — махæй ничи зоны уый. Мах ныр арты мæт нæй, махæн у æххормаг, фæлæ нæм хæринаг нæй; чысыл цыма æрæнцадыстæм нæ дойныйæ — фæзынди нæм æндæр, тынгдæр нæ чи фæлмæцын кодта, ахæм бæллæх — æххормагдзинад. 

Цагъар æрбахаста сугтæ, иуран сæ æркалдта æмæ арт кæныныл фæци. Иу рæстæг æнæдзургæйæ акаст йæ алфамбылайы, æппынфæстаг райхъуыст йæ хъæлæс: 

— Уæлæ уым, æвæццæгæн, фыййæуттæ æхсæвиуат кæнынц, — æмæ амоны йе ’нгуылдзæй, зынг кæцæй æрттивы æмæ куыйты рæйын чердыгæй хъуысы, уырдæм. Уый фæстæ йæхæдæг дæр æрбатары ис. 

Иуцасдæр рæстæджы фæстæ фæзынди, йе ’ккой æнæхъæн фыс, афтæмæй. 

— Хуыцау нын æй радта, — загъта уый цахæмдæр мидæмбæхст хъуыдыимæ. 

Сабыр фæсидти æндæр цагъармæ, иуварс ацыдысты æмæ уым аргæвстой сæ амæттаджы. Уайтагъд ын астыгътой йæ царм, йæ хуылфы дзаума йын систой æмæ сæ къæдзæхы сæрæй аппæрстой, йæ тугтæ та йын сыджыты баныгæдтой. Æрлыг кодтой цалдæр хайы фысы фыдæй æмæ райдыдтой физонæг кæнын. Уайтагъд зынджытыл ссыд йæ цъыс-цъыс æмæ йæ хæрздæфæй æхсызгон хъыдзы кодта æмбудæнтæ. Чысыл куы фæхъуыртхъом стæм физонæгæй, уæд схуыссыдыстæм иууылдæр, мæ мады йеддæмæ. Уый бынтондæр цыма нæ фæллад, уыйау бадти йæ рынчын чызджы нывæрзæн æмæ куыдта, цæссыг калдта. 

Йæ райсомы сæумæцъæхæй мах дарддæр араст стæм нæ зындойнаджы фæндагыл. 

Иуахæмы амбæлдыстæм галты æнæхъæн къарауаныл. Се ’ппæты разæй сæ раздзог, бады алыхуызон дзæнгæрджытæ æмæ æндæр бибитæй фæлыст нард галы рагъыл. Раздзог, цæсгомы бакастæй æвæлмаст, дымы йæ даргъкъæдзил лулæ æмæ нын йæ къухы фæтылдæй æмбарын кæны, цæмæй иуварс алæууæм ацы нарæгвæндагæй, мах тарстхуызæй аиуварс стæм æмæ цыдæр æнахуыр каст кæнæм æргъомджын галты къарауанмæ. 

Æппынфæстаг нын изæры нæ уымбæстаг раздзог къæдзæхыл иу хъæумæ ацамыдта, — гъе, уырдæм хъуыди мах цæуын æмæ йæм цалдæр фæлмæцыд сахаты фæстæ бахæццæ стæм. Ам нын радтой, тынг сыгъдæг æмæ хæрзвадат чи нæ уыд, ахæм фатертæ, фæлæ нын хуыздæртæ кæм нæ уыд, уым хъæцыдыстæм æмæ æрбынат кодтам уыцы фатеры. Нæ дзаумæттæ бакалдтам мидæмæ æмæ сæ срæдзагъд кодтам уаты астæу. Алчи дæр, кæмæн куыд йæ бон уыд, афтæ йæхи æррæвдз кодта йæ фæллад суадзынмæ, рынчыны та схуыссын кодтам, фатеры цы иунæг сынтæг уыд, ууыл. 

Ныр дæр ма мæ зæрдыл хорз лæууы мæ зынаргъ мады æнкъард цæсгом. Уый бадтис мæ рынчын хойы хуыссæны размæ æмæ æнæсымæй кастис, рынчын куыд стымбылтæ йæ сынтæгыл æмæ йæхицæн æххуысмæ сидгæйæ куыд рафт-бафт кодта, уымæ. Мæ мады фæлурс, фæлмæцыд цæсгомыл цæссыг цæссыджы суры æмæ тæдзынц æмæ тæдзынц йæ риутæм; мæхæдæг дæр, къуымæй, нымæты мæхи кæм стыхтон, уырдыгæй кæсын ацы зæрдæмæхъарæг нывмæ æмæ мæнæ-мæнæ ныггæр-гæр кæндзысты мæ цæссыгтæ дæр æмæ æз ныббогъ-богъ кæндзынæн. 

Æмæ æвиппайды цыма фыны дæн, уыйау хъусын æз зæрдæуынгæггæнæг æрдиаг, æмæ æвиппайды фехъал дæн. Æмæ ныр уынын: мæ мад, йæ цæсгом йæ къухæй бамбæрзгæйæ, дзыназы мæ хойы марды уæлхъус. Уый, мæгуыр, цырагъы дыдзы рухсмæ афтæ тæссаг зыны, æмæ æз бар-æнæбары иннæрдæм аздæхтæн æмæ ныббогъ-богъ кодтон. 

Иууылдæр райхъал сты æмæ алчидæр ныккуыдта. Уæдæ афтæ, ахицæн ис мæ кæстæр хо цардæй, цы низæй амард, уый та зонгæ дæр нæ бакодтам. Уый удхаргæнгæ тох кодта мæлæтимæ, æмæ æппынфæстаг хъуамæ басастаид, цæмæй мауал федтаид нæ дарддæры тухитæ. 

Мæ хойы мæлæты тыххæй фехъусын кодтой нæ фыдæн. Уый та æндæр фатеры уыд. Æрфыгæлхынцъæй байхъуыста хабармæ, фæлæ зæгъгæ ницы кодта. Дыккаг бон, сихорафон уыдаид, афтæ скъуыхты рахастой кауыл, урс хъæдабæйы тыхтæй. Марды фæдыл рацыдысты дыууæ моллойы, иуцалдæрæй та — нæ хæстæджытæ; мæ фыд нæ уыд уыцы чысыл бардзы ’хсæн æмæ мæн дæр нæ ауагътой. 

Дыккаг бон райсомæй мах иыууагътам ацы фыдамонды фатер, цæмæй дарддæр кодтаиккам нæ уæззау фæндаг. Æз та ногæй сбадтæн мæ бæхыл æмæ ныр уыдтæн уæлбæх фидиуæг мæ фыдыфсымæр, мæ фыд æмæ фыдыфсымæры дыууæ лæппуйæн. Нæ мулк æд бинонтæ уæрдæттыл арвыстам разæй, мах та, куыд барджытæ, — цыдыстæм сæ фæдыл. Хъæуæй куы рахызтыстæм, уæд мæ фыд баздæхт иу ног къахт ингæны цурмæ æмæ уым баззайгæйæ, ныллæг хъæлæсæй фæлхатт кодта хъуыраны кувæн дзырдтæ, стæй, дуа саразгæйæ, ома йе ’рттæ йæ цæсгомыл æртæ хатты æруадзгæйæ, загъта «а-амин», стæй йæхи æвзагыл дæр: 

— Рухсаг у. 

Мæнæ, æппынфæстаг, райдыдтой тыгъд быдыртæ, зайæнхал уæвгæдæр кæм нæй, ахæм быдыртæ; амбæлынц ныл цъупхудджынтæ егъау хъаматимæ, кæсынц нæм уæлдай тызмæгæй æмæ нæ тæрсын кæнынц сæ хъаматæй... 

Дардæй разындысты цавæрдæр егъау бæстыхæйттæ — уый Хъарс у, бамбарын нын кодта иу бæлццон, куы йæ бафарстам, уыдон цавæр бæстыхæйттæ сты, уæд. 

Табу хуыцауæн! Æппынфæстаг бахæццæ стæм Хъарсмæ. Хъарсмæ æрцæугæйæ, мах æрбынат кодтам горæты дæрддаг кварталы фатерты. 

Мæ зæрдыл ма куыд лæууы, афтæмæй махæн фатер радтой иу моллойы хæдзары. Уымæ та ахуыр кæнынмæ лæвæрд уыдысты дыууæ дыгурон лæппуйы. Уыдон мах нæ уагътой кæртмæ дæр æмæ, кæй зæгъын æй хъæуы, мæ фыд сæм тынг смæсты ис, уæлдайдæр та уымæн, æмæ сæ нæхимæ зыдта, стæй йын, æгæрыстæмæй, цыдæр хæстæджытæ дæр ма уыдысты. 

— Мæнæ куыд фесæфтысты ацы куыйтæ, — рафыхти уый.— Ферох кодтой, æгæрыстæмæй, сæ хæстæджыты дæр æмæ хистæртæн кад кæнын та уæвгæ дæр нал зонынц. 

Фæлæ сыл хорз абырыд фысым æмæ уый фæрцы нæ къухы бафтыд нæ фатер, лæвæрд нын кæм уыд, уыцы бармæ гæсгæ. 

Хъарсæй лигъдæтты æрвыстой алфамбылайы хъæутæм, уым сæ æрцæрын кæныны фæндæй. Фæлæ сæ дыгай-æртыгай хæдзæрттыл кæй дихтæ кодтой, уый иттæг нæ фæцыд лигъдæтты зæрдæмæ. 

Хъарсы цы дыууæ къуырийы баззадыстæм, уыцы рæстæг мæ фыд нæ уыд уым, æппæт лигъдæттæ йыл бафтыдтой се ’ууæнк, — уый хъуамæ федтаид, кæм сæ æрцæрын кæндзысты, уыцы бынат, хъуамæ базыдтаид, уымы зæххытæ цас хорз æмæ зайæн сты, уый. 

Мæ фыд фæстæмæ куы æрбаздæхт, уæд æм æрæмбырд сты лигъдæттæ. 

— Æвзæр бынæттæ сты, — загъта уый, — адæм та — куыдз адæм. Мах тырныдтам нæ райгуырæн бæстæйæ, хорз цард нын кæм уыд, уырдыгæй, тырныдтам нæ уды быцъынæг скъуынгæйæ, æмæ мæнæ, куыд уынут, афтæмæй мах стæм Стамбулы, нæ иттæг зын æмæ æнамонд фæндаг нæ кæдæм кодта, уыцы нысаны уæлхъус, фæлæ дзы цы уынæм хорзæй? Мах æфсымæрдзинад нæ араздзыстæм, махæн, уæхæдæг куыд уынут, афтæмæй нæ устыты басмаччытæ4 чи давы, уыцы адæмимæ. Ахъуыды кæнут ууыл, уæ сывæллæтты фидæны тыххæй. Фæстæмæ нæ райгуырæн бæстæм куы аздæхæм, уæд уый, махæй бирæтæ куыд хъуыды кæнынц, афтæ нæ тæппуддзинадыл дзурæг нæ уыдзæн, фæлæ нысан кæндзæн нæ бинонтæн нæ хорздзинад кæй фæнды, ам ахæм адæмы ’хсæн та сæфтмæ цæуынц уыцы бинонтæ; хуыздæрæн æрымысут уæ райгуырæн бæстæйы парахат æмæ амондджын цард; уый, уыцы райгуырæн бæстæ мах ногæй æмæ разыйæ айсдзæн йæ хъæбысмæ, куыд йæ дзæгъæлдзу хъæбулты, афтæ, æмæ та раздæрау царды дзæбæхæй цæрдзыстæм. Æцæг сафгæ бирæ фæкодтам — цы гæнæн ис — уый иууылдæр не ’дылыдзинад æмæ нæ рæуæууæнчы аххос уыди; фæлæ бамбæрстам алцы æмæ рæдыд сраст кæнын нырма афтæ зын нæу. Уæ зæрдыл: дарут, ам нæ хицæнтæй дыгай-æртыгай хæдзæрттæй куы æрцæрын кæной, уæд мах ферох кæндзыстæм кæрæдзи æмæ нæ зондзыстæм, чи амард махæй æмæ ма удæгас чи у æмæ уæ алфамбылай куыдзымыггаг адæмæй иунæг дæр не ’рæппардзæн цæссыг сымахыл æмæ уæ нæ афæндараст кæндзæн уæ фæстаг цæрæнуат — ингæнмæ. Уæ зæрдыл бадарут уый æмæ зонут, нæ райгуырæн бæстæм куы аздæхæм, уæд уым, æппын кæд ницы, уæддæр нын не стджытæ бавæрдзысты нæ фыдæлты стджытимæ фæрсæй-фæрстæм æмæ ныл уым цæссыг æрæппардзæн иунæг адæймаг уæддæр. 

Арф ныхъхъуыды кодтой зæронд лæгтæ мæ фыды ныхасмæ хъусгæйæ. Бирæ фæхъуыды кодтой æнæсымæй. Æппынфæстаг се ’хсæнæй райхъуыст: 

— Æз дæн, фæстæмæ аздæхын кæй фæнды, уыдонæй фыццаг, — уымæ ма æрбаиу ноджы цалдæр хъæлæсы, стæй баисты æнæхъæн дæсгæйттæ. 

Мæ фыдимæ фæстæмæ раздæхыныл чи сразы ис, уыдон — 90 хæдзары — аскъуыддзаг кодтой, цæмæй дыууæ боны фæстæ ныууадзой Хъарс æмæ араст уой фæстæмæ сæ райгуырæн зæхмæ. 

Йæ хæдуæлвæд нæ уæрдæттæ æрæмбырд сты Хъарсæн æддейæ горæтгæрон. Уым баззайынвæнд кæмæ уыд, уыдон куы базыдтой мах фидар фæнд, уæд нæм алырдыгæй тындзыдтой. уæлбæхæй, дзырдтой мæ фыдæн: 

— Ма худинаг кæн мах дæр æмæ дæхи дæр, мауал аздæх фæстæмæ, ахъуыды ма кæн, цы зæгъдзысты адæм уым, нæ райгуырæн бæстæйы, ды, лигъдæтты хуыздæртæй иу фæстæмæ æрыздæхт, зæгъгæ, куы фехъусой, уæд? 

Фæлæ мæ фыд ууыл рагæй хъуыды кодта æмæ лыг дæр фидарæй акодта, цыфæнды ма ’рцæуа, уæддæр хъуамæ фæстæмæ аздæха. 

Фæстæмæ нæ фæндаг уыдис Александрополыл, уырдыгæй Тифлисыл Дзæуджыхъæумæ. Ацы фæндагыл нæ уыд раздæр, фалæмæ цæугæйæ, кæй бавзæрстам, ахæм зындзинæдтæ. Фæлæ нæ æппæт уыцы фæндаггон фыдбылызты бæсты зымæг æрæййæфта дыууæ арæны ’хсæн — Уæрæсе æмæ Турчы арæны ’хсæн — Арпачайы цæугæдоныл. 

Ам нæ арæныл æртæ къуыримæ ’ввахс кæм ныуурæдтой, уым цæмæй зымæджы уазалæй иучысыл нæхи бахызтаиккам, уый тыххæй скъахтам зæхбын къæстæ æмæ сын сæ сæртæ бамбæрзтам сыджытæй. Махæн къазолнæ фатертæ раттын Турчы хицауад нал фæнд кодта, уымæн æмæ йыл нæхæдæг барвæндæй систам нæ къух. Уыйадыл махæй райгонд нæ уыд хицауад æмæ йæ фæндыд нæ ныхмæ административон мадзæлттæ райсын æмæ нæ Хъарсæй ма рауадзын; фæлæ Туркæй фæстæмæ ралидзын мах фидарæй кæй сфæнд кодтам, стæй нæ ныхмæ слæууынæй дæр хорзæй кæй ницы рауайдзæн, уый фенгæйæ нын радтой сæрибарæй рацæуыны бар. 

Афтæмæй нæхи уазæлттæй хызтам, Арпачайы донбылгæрон цы зæхбын къæстæ скъахтам, уыдон мидæг. Уыцы зæхбын къæстæ нын ахъаз кодтой, цалынмæ мит нæ батади, уæдмæ. Фæлæ, хъыгагæн, хур митмæ куы ныккаст æмæ куы стæфстис, уæд дон кодта æмæ ивылди нæ зæхбын къæстæм. Афтæмæй дæлдон кодта нæ мулк, рогдæр мигæнæнты та-иу дон фелвæста йæ сæрмæ æмæ-иу сæ æддæмæ раласта. 

Фæлæ-иу уыдис, уыцы æнæбары зæхбын къæстæ мах уазалæй куынæ хъахъхъæдтой, ахæм рæстæджытæ дæр. Уæд-иу мах нæхи айстам туркаг арæнхъахъхъæнджыты егъау сарамæ. Уыцы сарайы адæмæй, фосæй уыдыстæм иумæ, æмæ сарайы хицау, — уыдис ма йын чысыл базаргæнæн лавкæ æмæ дукани дæр, — æхсæвиуаты тыххæй алы удгоймагæй дæр иста иу суари. 

Иуахæмы фæлмæцыд лигъдæттыл айхъуыст цины хабар: хицауад, дам, радта мах Уæрæсейы арæнтæм рауадзыны бар. Æмæ лигъдæттæ иууылдæр уайтагъд сæ галтæ ифтындзыныл фесты, æмæ та ногæй райхъуыст уæрдæтты хъинцъ-хъинцъ, раст цыма Турчы арæнæн æнусмæ хæрзбон кодтой, æмæ Уæрæсейы арæнæн та салам лæвæрдтой, уыйау. Уæрæсейы арæн махæн банкъарын кодта, æрæджы кæцæй фæлыгъдыстæм, кæй ныууагътам, нæ уыцы райгуырæн къуым ныр хæстæг кæй у, уый. 

Уалынмæ фæсте фæуагътам горæт Александрополь йе ’рдæг скæсæйнаг æмæ йе ’рдæг ныгуылæйнаг арæзтæдтимæ æмæ нæ цæстыты раз фестадысты зонгæ райгуырæны хохрæгътæ, 

 

Раст цыма дард бæстæй æртæхæг 

Мæргъты урс бал5

 

Зонгæ хæхты уындмæ фырцинæй рæмыгъта зæрдæ æмæ æнæбыхсгæ тырныдта размæ, райгуырæн бынæттæм, райгуырæн хъæумæ, ногæй мæ мидхъуыдыйы ирдæй кæй федтон, уырдæм. 

Æрхæццæ стæм Тифлисмæ, цыран мах баззадыстæм дыууæ къуырийы бæрц, стæй та ногæй адардтам нæ фæндаг. Æнкъардæуыд, райгуырæн къуым дард кæй нал у, уый, æмæ мах тагъд кодтам размæ æмæ ноджыдæр размæ, фæллад æмæ æппæт хъуагдзинæдтæ дæр ферох кæнгæйæ. Мæнæ Хъазбеджы станцæ... Стæй зонгæ Ларс йæ хæлæтдзаг хæдзæрттимæ. Дарддæр Бæлта, Редант æмæ — о, Аллах, — мæнæ Дзæуджыхъæу дæр æппынфæстаг. 

— Алхамдулилльях!6— табугæнгæ, нымдгæнгæ бакодта мæ фыд, æртæ хатты æруагъта йæ арм йæ зачъейыл; боны фæстагмæ кæрон æрцыд зындойнаджы хъизæмæрттæн, табу Аллахæн æмæ йæ пехуымпар Мæхæмæтæн. 

Уæлæ иуварс разынд нæ хъæууат, фæлæ ныр уым ничиуал цæры. Æрмæст ма бæлæстæ æмæ ардыгон хæмпæлгæрдæг æвдисæн сты, уым кæддæр цæрджытæ кæй уыди, уымæн... Цæрджытæ алыгъдысты æндæр хъæумæ — Джызæлмæ æмæ уырдæм араст стæм мах дæр, цæмæй уал фыццаг бонты æрбынат кæнæм нæ раздæры цагъартæм. 

Мæ фыдæн, æвæццæгæн, йæ зæрдыл æрлæууыд, хъæуыхицау æмæ сæргълæууæгыл нымад куы уыди, уыцы рæстæг, йæхимæ йын æххуысæнхъæл куы цыдысты, уыцы рæстæг æмæ ныр та: мæнæ, гъе, Туркæй æрыздæхгæйæ, уый сæр бахъуыд, æмæ ныр йæхæдæг хъуамæ агура ахæм æххуыс йæ раздæры цагъартæй. Æмæ йæ, æвæццæгæн, тынгдæр мæты æппæрста уыцы хъуыды, — уый зынди йæ цæсгомы тызмæг ивæнтыл æмæ йæ ных куыд ныттар ис, ууыл дæр. 

Æцæг, кæд æгас хъæубæстæ нæ размæ рацыдысты æмæ нын салам лæвæрдтой æнæцæстмæми, хъæлдзæгæй, уæддæр уый нæ уыд, хионыл цæстуарзонæй куыд баузæлай, ахæм æмсæр саламлæвæрд, фæлæ уый уыдис æцæгæлон бæлцæттæм цыдæр уазал ахасты хуызæн, бинонты иумæйаг нымæцæй чи ацух æмæ ныр хатырæй фæстæмæ се ’хсæнмæ кæй исынц, ахæм бæлццæттæм уазалгомау ахаст, æмæ, гъе, уыцы æууæл уæлдай тынгдæр нæ фæцыд мæ фыдæн йæ зæрдæмæ. 

Фыццаг рæстæг уал мах æрбынат кодтам нæ раздæры цагъартæм. Фæлæ мæ фыды чи зыдта, уыцы адæймæгты аудындзинады фæрцы мах уыдонмæ бирæ нæ баззадыстæм: иумæйаг тыхтæй нын æрластой хъæдæрмæг, цæмæй уал скодтаиккам хæдзар, фæлæвæрттæ нын кодтой алцы, хæдзар скæнынæн йæ райдайæн цы фæхъæуы, æппæт уыдон. 

Мæ фыд бамбæрста йе ’вадат уавæр, стæй куыст кæй бæрны бакодтаид, ахæм цагъартæ йын кæй нал ис, уый дæр, æмæ йæхæдæг хъаруджынæй æрæвнæлдта, куыста æхсæвæй-бонæй, кæддæр йæ цъæх бæх æмæ æхсæнгарзæй дарддæр кæй ницы зыдта, æмæ сау куыстыл æлгъ кæй кодта, уый дзы рох дæр бацис. Афтæмæй йæ хъару æмæ йæ диссаджы фæллойы фæрцы нæ хæдзар йæ къахыл лæууын байдыдта, фæлæ Аллахы афтæ бафæндыд æмæ мæ фыдæн ахаста йæ уд, æмæ æвиппайды æрбагæндон стæм! 

Иннæ лигъдæттæ дæр, цы зынтæ бавзæрстой, уымæй хатдзæгтæ кæнгæйæ, сæ къахыл лæууын байдыдтой, фæлæ дзы уыдис, æниу, бынтон, чи сгæвзыкк ис, ахæмтæ дæр, уымæн æмæ йæ райдианы æнæххуысæй уыдонæн сæ бон нæ уыд сæ цард сæндидзын кæнын. 

Уыдис-иу афтæ, æмæ-иу хъæуы алы кæрæттæй сыхæгтæ æрæмбырд сты мæ фыдмæ æмæ-иу сын уый кодта Стамбулмæ нæ фæндаджы хабæрттæ. Уымæ хъусгæйæ, æнкъард æмæ тарæрфыгæй тылдтой сæ сæртæ æмæ дис кодтой нæ фæндаджы зындзинæдтыл, æмæ-иу тæригъæдгæнæджы ахаст æвдыстой, се ’мзæххонтæй уыцы зындзинæдтæ бавзарын кæй бахъуыд, уыдонмæ. 

Аивгъуыдта иу афæдз. Туркæй фæстæмæ лыгъдысты æндæртæ дæр, лигъдæтты хъысмæты тыххæй семæ. гъе, ахæм хъыгаг хабæрттæ хæсгæйæ. Æниу уыдис уыдоны ’хсæн, сæ ног цардæй чи æппæлыдис, ахæмтæ дæр. Мæнæ та æрæджы дæр æрыздæхт иу лæг уырдыгæй. Уый дзырдта: 

— Ма уæ уырнæд, мах Турчы давыны хъуыддагыл ныллæууыдыстæм, уыцы хъуыды. Æцæг раздæр, цалынмæ хæдзарон мулкæй цух уыдыстæм, уæдмæ, цы ’мбæхсæм нæ тæригъæдтæ, давтам. Уыдис ахæм рæстæг, æмæ æз мæхæдæг дæр ныллæууыдтæн уыцы дæсныйадыл. Фæлæ мæн уымæ æркодта мæ мæгуырдзинад. Уый уыдис, Хъарсмæ, кæм хъуамæ æрцардаиккам, уырдæм куы бахæццæ стæм, уæд. Цы фæсауæрцтæ нæм уыд, уыдон, стæй не ’хцайы муртæ дæр сфæлахс сты бынтон, æмæ махæн æххормагæй æнæаскъуыйгæ нал уыд, иуахæмы уыцы тæссаг фæндагыл куынæ ныллæууыдаин, уæд. Æз мæ балцы цы изæр араст дæн, уый уыдис иууыл хæрзвадатдæртæй. Арвыл бырæгъ мигътæ сæхи хафтой мæйыл. Хатт-иу æй амбæхстой сæ аууон æмæ-иу баталынг ис бæстæ. Мемæ айстон топп, æхсаргард æмæ дамбаца, сбадтæн мæ сау бæхыл (ныр æй нæ радтин цасфæнды æхцайыл дæр), æмæ араст дæн мæ амæттаг агурæг, развæлгъау æппæтхъом Аллахæн скувгæйæ, цæмæй мæ рæствæндаг фæкодтаид, — рарвыстаид мын нæртон хай. Мæ бинонты фæндагыл мæ фынддæсаздзыд æфсымæры æвджид ныууадзгæйæ, æз рацыдтæн стыр фæндагмæ, цыран мæн ныфс уыдис, мæ къух дзы истæуыл кæй схæцдзæн, уымæй. Уалынмæ мæ хъустыл ауад мырмырæгтæ æмæ дзæнгæрджыты дзыгъал-мыгъул. Æз бамбæрстон — уый рацæуы къарауан æмæ мæ сау бæхимæ æрæмбæхстæн стыр дуры фæстæ æмæ æргъæвд топпимæ æнхъæлмæ кæсын къарауаны фæзындмæ. 

Дзыгъал-мыгъул тынгдæр кодта, æмæ мæнæ, гъе, раздзог теуа цадæг къахдзæфтæй æрбахæццæ, æз цы дуры фæстæ æмбæхстæн, уый цурмæ. Теуайыл бадтис йæ хицау, размæ-фæстæмæ æнкъуыста йæхи, афтæмæй зарыди цавæрдæр тæригъæддаджы зарæг туркаг æвзагыл. 

— Кафыр! — æвиппайды фæхъæр кодтон æз, дураууонæй рацæугæйæ æмæ йæ разы æрлæугæйæ. 

Теуа футфутгæнгæ иуварс атахт æмæ, йæ уæлæ чи бадт, уый асхъиудта; æз мæнг æхст фæкодтон æмæ туркаг æххуысмæ сидгæйæ лидзынмæ фæцис. Иннæ теуаты хицæуттæ дæр, иу-дæс лæгмæ æввахс, тæппуд сылгоймагау лидзæг систы æмæ теуаты къарауан, алы хъæздыгад сæ уæлæ æргъомбаст, афтæмæй баззади мæнæн. 

Теуаты стыр фæндагæй иуварс ахизын кодтон. Се ’ргъæмттæ сын æрысгæрстон, цы мæ дзы хъуыд, уыдон мемæ айстон æмæ мæ фæндаг адардтон дарддæр... Уæдæй фæстæмæ исты радавыны хъуыды никуыуал æрцыд мæ сæрмæ: цæмæн, хъуыды кодтон æз, хъуамæ радавон искæй мулк, кæд мын мæхион фаг у, уæд. Уымæй дæр туркæгтимæ фидыдæй цæрæм, фæлæ уæддæр уыдон махæй тæрсынц, — куы нæ фæхъыг дарой æмæ сын мыййаг исты фыдбылыз куы скæнæм. Уыдон мах хонынц бирæгътæ, уымæн æмæ уынынц, лæджыхъæдджын æмæ æхсарджын кæй стæм, уый. Мах æфхæрæгæй нæ маст æнæрайсгæ никуы фæвæййæм, æмæ сын уымæй уырнын кæнæм, махæн аргъ кæнын кæй хъæуы, уый. Бынтон тæппудтæ сты уыдон æмæ уыйадыл цыфæнды æфхæрд дæр ныббардзысты, ауадздзысты йæ сæ иухъусвæрсты. Махуæттæй иуæн йæ бон у фæтæрсын кæна дæс туркаджы, бафхæра сæ, йæхицæн бынтондæр ницы тас уыдзæн, афтæмæй. 

Ныр нæм бирæтæ æрцæуынц Туркæй сæ зæронд райгуырæн къуым фенынмæ. Уыдонæй иутæ тынг райгонд сты сæ ног фыдыбæстæйæ, æмæ дзы æдзухдæр кæнынц æппæлгæ, иннæтæ дзы разы не сты æмæ цæттæ сты уырдыгæй фæстæмæ ралидзынмæ, Уæрæсейы хицауад сын бар куы радтид, уæд. 

Фæлæ уæддæр Ирыстоны чи баззад, уыцы пысылмон адæм, раздæры лигъдæтты хъизæмартæ æмæ фыдæбæттæ зонгæйæ, уыды зындойнаджы фæлтæрддзинад сæ зæрдыл даргæйæ, алидзыны кой нал кæнынц; кæдæмдæр, бынтон æнæзонгæ бæстæм хи аппарыны бæсты уыдон стыр æхсызгонæн цæттæ сты раздæры цардвæткы ивддзинæдтыл фембæлынмæ. 

Уæд адæм æнцонæй, æнæуæлдай фыдæбонæй æппæрстой сæхи сæрибары фæдыл, хорз царды фæдыл: æцæг, сæхæдæг дæр нæ зыдтой, цы сæ хъæуы, уый. Фæлæ, æвæццæгæн, афтæ зæгъын хъæуы, æмæ сæ раздæры характер нæ лæвæрдта уыдонæн æнцой æмæ сæ ласта кæдæмдæр дард ранмæ. 

Фæлæ аивтой рæстæджытæ æмæ фендæр и цардвæтк дæр. Уæдæй чысыл рæстæг нæ рацыд, æмæ алчи дæр хъуыддагмæ акаст бынтон æндæр цæстæй. Ныр уадиссаг ничиуал хъуыды кæны Туркмæ алидзыныл: бауырныдта сæ, райгуырæн бæстæимæ абаргæйæ, уым æвзæрдæр кæй у. Царды æууæлтæ сæ раздæры фæткы æппæт ивддзинæдтæм акæсын кодтой уæзбындæр, æмбаргæдæрæй æмæ сын исын кæнынц ног фæтк. 

О, уый у сабырады æнæфæивгъуыйгæ фæстиуæг Кавказы. Раздæры царды уавæртæ, хохаг лæгмæ хъæбатыры мнниуджытæ чи гуырын кодта, уыцы уавæртæ цадæггай куынæг цæуынц æмæ раздæры барджытæ-абырджыты идеалтæ ныр таурæгъты хай кæнынц. 

Нæ цæсты раз чи цыд, къорд ахæм историон факты махæн бæлвырд кæнынц уый, æмæ адæммæ хæстхъомдзинад дæр æмæ æхсар дæр агур уæдмæ, цалынмæ сæ алфамбылайы царды уавæртæ уымæн ахъазгæнæг вæййынц, цалынмæ уыцы миниуджытæ бавæрын æмæ хъомыл кæнынæн, куыд фæзæгъынц, аренæ вæййы, уæдмæ, æмæ аренæ та уыдзæн, адæмы искæмæй æд гæрзтæ сæ сæрибардзинад æмæ фыдæлты æвæдджиаг æгъдæуттæ бахъахъхъæныны сæр куы бахъæуы, æрмæстдæр уæд. Фæлæ уыцы миниуджыты рæзтæн уыцы æууæлтæ ахъазгæнæг куынæуал уой, уæд хъæбатыр æмæ хæстоны бынат бацахсы фæллойуарзаг хоргуыстгæнæг. 

Мах уынæм дойнаг æмæ запорожаг хъазахъхъæгты. Уыдис, уыдон сæ хъæбатырдзинадæй диссæгтæ куы æвдыстой, ахæм рæстæг. Уый сæр та сæ бахъуыд уымæн, æмæ сæ уарзон райгуырæн бæстæ хъахъхъæдтой хъырымаг тæтæры æрбабырстæй. Уæд уыдон сæ царды æдзухдæр æмбæлдысты знæгтимæ æмæ се ’хсæнæй рацыдысты ахæм хъæбатыртæ, куыд Тарас, Остап Наливайко... 

Фæлæ ралæууыд сабырад, æнцойад æмæ раздæры хъæбатыры идеал йæ бынат радта сабырæн цæрæг бинонты хицауæн æмæ фæллойуарзаг хуымгæнæгæн. Куыд Запорожьейы Сечæйы иннæ хъæбатырты, афтæ Остапты, Тарасты æмæ Наливайкоты дæр ма абон æрымысынц æрмæст тарæрфыг бандуристтæ, цымыдис фæсивæды ’хсæн куы фæбадынц, уæд, кæнæ ма, чи зоны, искуы иу хатт гутондар, арф хъуыдыты аныгъуылгæйæ, йе ’нкъард зарæджы фæзæгъы сæ нæмттæ. 

Ноджы ма йæ зæгъон, уыцы æнæаивгæ, хъомысджын историон закъоны тæваг мах уынæм нæ хæххонтæм дæр. Уыцы закъоны тыхыл ма ’ууæнд, уæд бынтон ницыфенæг хъуамæ уай. Æниу ныртæккæйы рæстæджы ахæмтæн дæр уыцы закъоны тыхыл æнæууæндгæйæ нал у, уымæн æмæ факт уынæм нæхи цæстæй. Хæххонты ’хсæн æхсардзинад, æрæджыдæр ма куыд уыд, афтæ хъомысджынæй нал æндавы фæсивæдыл; æхсардзинадæй хи ахъал кæнынмæ ныр кæсынц куыд æвдæлон, куыд бынтон æнæхъуыддаг ми, афтæ. Раздæр йе ’хсары цæсты чи касти, уыдонæн ныр кæнынц уайдзæф, æппæлгæ нæ, фæлæ. 

Раздæр-иу уыдис афтæ, æмæ искæцы цæхæрцæст æрцауыгътаид йæ уæлæ сыгъзæрин æмæ æвзистæй фæлыст хотыхты æнæхъæн хал æмæ йæхи хъал кодтаид йæ саулохагыл. Ахæм æввонг цардыл хæст уыдысты уæздæттæ, сæ къухы цы бирæ зæхкусджытæ уыдис, уыдон æвджид-иу бакодтой æппæт куыстытæ, сæхæдæг та-иу сыхаг кæсгон кънйæзтæм балцы7 фæцыдысты. 

Йæхицæн зæхкусджытæ кæмæн уыдис, мæ фыд дæр хауди уыцы адæймæгты нымæцмæ. Уымæ гæсгæ уый дæр уæд йæ хъус нæ дардта сау куыстмæ æмæ йæ нымадта йæхицæн худинагыл, йæ сæрмæ йæ нæ хаста. Уый тынг арæхстджын уыд æрмæст милмæ æхсынæй æмæ иттæг хорз фидыдта балцы цæугæйæ йæ цъæх бæхыл. Афтæ аудгæйæ дæр-иу æй уымæн ныннадта цæугæдоны. Уый тыххæй-иу мæм, йæ ахуыр куыд уыд, афтæмæй, æмбисбон фæдзырдта цæугæдонмæ. Уырдæм-иу бæхдонæй йæхæдæг раласта йæ бæхы æмæ-иу доны астæу, йæ донгарз йæ къухы, афтæмæй, аудгæйæ, æхсадта йæ бæхы, æз та-иу бæхæн йæ идоныл хæцыдтæн. Мæ фыд арæхсти гæрзæй иууыл лыстæгдæр бæхдзаумæттæ аразынмæ; иттæг рæстдзæвин уыдис милмæ æхсгæйæ, фæлæ стæм хатт бахардз кодтаид топпыхос, уымæн æмæ йын æмткæй дæр стыр аргъ кодта. 

Балцы ацæуынмæ куы хъавыд, уæд-иу мæ мад æмæ мæ хо æнæхъæн цалдæргай бонты æндæр ницыуал арæзтой, бадтысты æмæ-иу ын хуыдтой дарæс. Афтæмæй йæхи сфæлыста æмæ-иу араст ис комкоммæ кæртæй бирæ рæстæгмæ. Кæдæм? Уый нæ зыдта иунæг удгоймаг дæр. 

Иу кæнæ-иу дыууæ мæйы фæстæ æрбаздæхт, йæ ахуыр куыд уыд, афтæ. Йемæ-иу æрбахуыдта барджыты æнæхъæн къорд: ам-иу уыдысты кæсгон кънйæзтæ дæр æмæ хъуымыхъхъаг кънйæзтæ дæр, æмæ-иу уыдон иууылдæр уазæгуаты уыдысты махмæ чи фылдæр, чи та къаддæр рæстæгмæ. 

Куыд фæтк, афтæ-иу æз хъуамæ рацыдаин сæ размæ, æрхизын-иу сæ кодтаин сæ бæхтæй. Уый фæстæ-иу ме ’мхъæуккаг лæппуты æххуысæй систон бæхтæн сæ сæргътæ, дон-иу сын бадардтон, стæй-иу сын нывæрдтон кæрдæг, кæнæ-иу сæ аластон быдырмæ хизынмæ. Уазæгуаты-иу æз къултыл æрцауыгътон сæргътæ, æхсæнгæрзтæ æмæ æхсаргæрдтæ, стæй-иу æгомыгæй слæууыдтæн къæсæргæрон æмæ-иу къæрцхъусæй æнхъæлмæ кастæн, кæд æркурдзæн дон уазджытæй исчи, кæнæ æндæр исты ахæм хæс кæд райсдзынæн уыдонæй. Уазджыты ахæм фæндæттæм та æз, куыд хæрзвæткыл хъомылгонд уæздан лæджы фырт, афтæ хъуамæ цырд лæууыдаин, науæд мыл сæ зæрдæ истæмæй бахудти, æвзæрæй чысыл исты дæр загътой мæн тыххæй, уæд уый мæ фыдæн уыдаид тынг хъыг. 

Мæ фыд дæр-иу рацыд уазджытæм уазæгуатмæ, æмæ ам, уазæгуаты дзаумайыл нымад чи у, уыцы егъау къæдз лæдзæгыл æнцойгæнгæйæ, ныхас кодта уазджытимæ. Дзырдтой кадджын-радджынæй, цыма паддзахадон ахсджиаг хъуыддæгтæ лыг кодтой, уыйау, афтæмæй та дзырд цыдис цавæрдæр Бимбулаты бæхыл, кæнæ Хъайсыны топп куыд рæстдзæвин у, ууыл. Гъе, афтæ уазджытимæ иучысыл аныхас кæнгæйæ, мæ фыд, йæ ахуыр куыд уыд, афтæ-иу рацыд уазæгуатæй æмæ-иу цагъартæн лæвæрдта бардзырдтæ, цæмæй уыдон самал кæной кусæрттæгтæ, æнæ кусæрттаг та махæй, мæ зæрдыл ма цас лæууы, уымæй иунæг уазæг дæр никуы ацыд. 

Уазджытæн, сихор уыдаид æви æхсæвæры размæ, куыд фæтк, афтæ-иу мæнæн мæ уæхскыл æрцауыгътой хисæрфæн, мæ къухмæ-иу мын радтой чысыл тæбæгъ, йæ уæлæ сапон, афтæмæй, æмæ-иу уыцы хуызы араст дæн цагъары фæдыл. Уый та йæ иу къухы хаста тас, иннæйы та хъуывгъан. Уазæгуатмæ бацæугæйæ, цагъар тас æрæвæрдтаид фыццаг уазæджы раз, æз та-иу æм балæвæрдтон сапон æмæ-иу куыдхистæрæй райдыдтой æхсын сæ къухтæ, стæй-иу сæ ныссæрфтой ме уæхскыл ауыгъд хисæрфæнæй. 

Уый фæстæ-иу æрæвæрдтой фынг, тымбыл, чысыл, æртыкъахыг кæнæ цыппæркъахыг. Фынгыл-иу уыдис фысы фыд къуыдырвыхæй, урс кæнæ еууы кæрдзынимæ. Фынг æрæвæрынц, уазджытæй хистæр чи у, уымæ хæстæгдæр. Хæргæ кодтой, алыхатт куыд вæййы, афтæ, хиуылхæцгæ, сындæггай, цыма исты ахсджиаг хъуыддагыл хъуыды кæнынц, уыйау — афтæ домдта нæ этикет, нæ уæздандзинады æгъдау, уымæн æмæ тагъд хæрын худинаг уыдис. Сæ цъæм-цъæм хъуысти æгас уазæгуаты æмæ мын цырен кодта мæ аппетит. 

Чысыл хæрын — уый дæр уæздан уазæджы хуыздæр миниуджытæй иу у, уымæ гæсгæ уæздан уазджытæ арæх бынтондæр ницы фæкайынц фынгæй, ныууадзынц æй афтæ æнæхъæнæй, сæ ахсæнтæ сæ гуыбынты куы ныххус уой, уæддæр. Бафиппайын хъæуы уый дæр, æмæ уазджытæй алкæмæй раздæр йæ хæрын ныууадзы сæ хистæр, уый фæстæ йæ хъуамæ бафæзмой иннæтæ дæр, æххормагæй куы баззайой, уæддæр. Уазджытæн-иу се ’фсæртæ куы ’рынцадысты сæ кусынæй, уæд-иу фынг систой коммæгæс лæппутæ, уыдон-иу иудзæвгарæй цырд лæууыдысты алыхатт дæр, цæмæй сæм исты æрхауа фынджы уæлдæйттæй, æмæ, кæй зæгъын æй хъæуы, цы ма-иу дзы аззад, уый-иу уайтагъд адæлæмæ кодтой. 

Æхсæвæры фæстæ-иу ногæй сæ къухтæ ныхсадтой, стæй-иу æз уазджытæн æрбахастон хуыссæнгæрзтæ: райтыгътон-иу сæ сынтæджытыл, уазджыты дзабыртæ-иу раластон, æмæ-иу мæ къах нæ равæрдтаин уазæгуатæй, цалынмæ уазджытæй исчи нæ загътаид зындгонд дыууæ дзырды: — Цу ныр! 

Æмæ-иу æз рацыдтæн уазæгуатæй, æмæ æрмæст уæд уыдис мæнæн мæ бон æнцад-æнцойæ æхсæвæр бакæнын. Раст, гъе, ахæм хъомылад лæвæрдтой уæд, — лæггад кæнын-иу хъуыдис алы уазæгæн дæр, æмæ уый хуынди алы дзæбæх хæххон лæппуйы хæдзарон хъомылад дæр æмæ йæ хæс дæр, æмæ ам хуыздæр чи арæхстаид, уымæн уыдаид кад æнæхъæн хъæубæсты ’хсæн, æмæ-иу арæх уазджытæй райстаид лæвæрттæ дæр, зæгъæм, бæрцытæ, топпыхос, нæмгуытæ æмæ æндæр ахæмтæ. 

Ахæм лæппуйæ-иу рауад хорз барæг, уымæн æмæ æрвылбон дæр уæлбæхæй цыди æрцæуæггаг уазджыты бæхтыл æмæ-иу сæ ласта йе ’мгæрттимæ дондарынмæ. 

Фæлæ ныр, зæхкусджыты куы ссæрибар кодтой, бинонты æппæт аудинæгтæ кæуыл уæз кодтой, уыцы къухтæ куы ссæрибар сты, уæд раивтой царды æууæлтæ, раивта нырыккон хохаг лæджы характер дæр. Уæдæ куы акæсай ныр æмæ нырыккон хохаджы характер куы æрæмных кæнай æрæджы, Шамил ма куы хæцыд, уæды рæстæджы хохаг лæджы характеримæ, уæд æнæмæнг æрцæудзыиæ ахæм хатдзæгмæ, цыма хæст куы фæцис, уæдæй ардæм рацыд æнæхъæн æнус. Хæххонæн йæ туджы температурæ зынгæ æрхауди, йæ натурæ фæуазалдæр ис, ссис зæрдæдаргæдæр æмæ цардмæ тынгдæр кæсы æвæрццæг цæстæй. Абон æд хотыхтæ искæдæм ныббырсын æмæ сабыр бæлццæтты тæрсын кæныны бæсты кæнынц хъæууон хæдзарады куыст, уымæн æмæ æмбарынц, афтæ куынæ кæной, уæд æххормагæй баззайдзысты. 

Æрæджы мын уæздæтты мыггагæй, раздæр иттæг парахат цард чи нæ кодта, иу ахæм лæппулæг дзырдта: 

— Ныр, ме ’фсымæры хай, æндæр рæстæджытæ ралæууыдысты, — раздæр-иу алцы нæ къухы æфтыдис лæвар, æмæ махæн, æххормаг æмæ уазалæй нæ тæрсгæйæ, нæ бон уыдис, цыдаиккам зæрдæйы дзæбæхæн, кæдæм нæ бафæндыдаид, уырдæм, кæнæ та исты фыдуаг ми дæр бакодтаиккам, æфхæрд райсынæй нæ фæтарстаиккам, афтæмæй. Уæд нæ фыдæлтæ цардысты, куыд фæзæгъынц, хуыцауы цæхæрадоны. Ныр æвдæлон рацу-бацутыл хъуыдыгæнæн дæр нæй, науæд дæ бинонтæ æххормагæй сыскъуыйдзысты; æмæ дзы хотыхтæ дарыны сæр дæр ницæмæнуал хъæуы, уымæн æмæ тугисыны æгъдау сæфын райдыдта, ныр ма нын баззад кусын æмæ кусын. Мæ фыдыфыд сау куыстыл æлгъ кæй кодта, уый ферох кæнгæйæ, æз æрæвнæлдтон уыцы куыстмæ. Скодтон цалдæр цæды галтæ æмæ бæхтæ æмæ ласын æфсæнвæндагмæ хуыр, ис мын мæхи агуыриаразæн завод, æмæ мæ хидвæллойæ ссаргæ хæдзар, нырма уал æхца æвæрын банчы, стæй мын уыдзæн бæхрæгъæуттæ æмæ фосы дзугтæ дæр. Хæдзар сарæзтон мæхицæн уырыссаг уагыл, куыд зоныс, афтæмæй, æмæ амал кæнын хæдзары æнæмæнгхъæуæг дзаумæттæ. 

Æмæ уый йæхирдыгонау дзырдта тынг раст. Уымæ ис европæйаг хæрæндонон сервиз, ис æм самовар иттæг хорз приборимæ, æмæ уый æдзухдæр цымы цай, хæрзвадат æмæ йæ пайдайыл нымайгæйæ. 

— Цай мæнæн асламдæр лæууы, зæгъæм, фысы басæй; уымæй уæлдай ма цай цымын æхцондæр у æмæ, гæнæн ис, цыфæнды уазæджы дæр дзы фæхынцай. Ныр æз ацы зилæнтыл афтæ фæцайдагъ дæн æмæ иу сахат дæр мæ бон нæу æнцад бадын, æвдæлон, æнæхъуыддаг адæймаг та ме ’нæуынон у. Фæлæ æз канд мæхи сæрмагонд пайдайæн нæ кусын, мæн хъæуы, нæхицæн æй зæгъæм, мæ архайдмæ мын æбузны цæстæй чи кæсы, мæ уыцы æмзæххонты пайдайæн кусыны сæр дæр. А уалдзæджы æз развæлгъау базыдтон, сыхаг хъæуы угæрдæнтыл (ардæм дард не сты) ивылд Терк кæй акæлдзæн, уый. Фæлæ уыцы угæрдæнтæ цы ’хсæнады къухы сты, уый куыдфæндыйы цæстæй акаст мæ фæдзæхстмæ, — ахæм фыдбылызæн æрцæуæн нæй, зæгъгæ. Æз загътон хъæуæхсæнадæн мæ фæндон, цæмæй донивылæн бынатмæ æрластаиккой цъыхырытæ, донауазæн саразыны хъуыддаг та истон мæхимæ. Хъæуы хицæуттæ мæнæн фидарæй дзырдтой, зæгъгæ, угæрдæнтыл дон нæ ракæлдзæн, уымæ гæсгæ донауазæн саразынæн æрмæг æрласыны тыххæй бардзырд раттын нымадтой уæлдай мийыл. Фæлæ хъæуы хицæуттæ, стыр хъыгагæн, рæдыдысты — ивгъуыд мæй Терк æцæгдæр раивылд, угæрдæнтыл акалдис æмæ сæ багæндон кодта. Уæд хъæуы æхсæнадæн мæ фæндоны тыххæй хабар айхъуыст окруджы хицаумæ æмæ уый бузныг загъта мæнæн. Уыдæттæ дын цæй тыххæй дзурын: мах адæм афтæ сты — сæхи пайдайы тыххæй сын исты куы дзурай, уæддæр дыл æнæууæнк кæндзысты æмæ дын афтæ банымайдзысты дæ архайд, цыма бынтон æндæр нысæнттæм тырныс. Мæнæ ам дæр, æгас хъæубæстæ афтæ хъуыды кодтой, цыма æз мæ фæндонæй мæхицæн пайда агурын, нæ мын сразы сты, æмæ зиан дæр сæхиуыл æрцыди. 

Ацы ныхæстæ мын чи кодта, уый у нæ ног равзæргæ фæсивæды минæвар. Æцæг уымæ æххæстæй нæма сты æввахс фидæны, æвæццæгæн, нæ фæсивæдмæ чи уа, æппæт уыцы типон миниуджытæ, фæлæ йæм уæддæр сты нырыккон цардæй равзæргæ характеры фыццаг æууæлтæ. Уымæ гæсгæ йыл æрдзурдзынæн иучысыл бæстондæр. 

Кæй кой уын ракодтон, уыцы æрыгон адæймагыл цæуы 26 азы. Йæ уæздан мыггаджы традициты ныхмæ рацæугæйæ, ацы æрыгон адæймаг бынтондæр ницæуыл нымайы бæхыл хъазт, æнæхъуаджы рабалц-бабалцтæ æмæ, æгæрыстæмæй, хъама дарын дæр. Уыцы æнкъарæн уый мæнæн, «куыд æмбаргæ адæймагæн», афтæ иу æмæ дыууæ хатты не сæргом кодта. 

— ...Афон у, афон, æдылы митæ аппарынæн æмæ хъæуты æнæхъуаджы леккайыл къух сисынæн; афон у куысты сæр æрлæууынæн, æлдар æмæ уæзданæй сау куыст худинаг у, зæгъгæ, уыцы хъуыды та ферох кæнын хъæуы. Мæнæ æз мæхæдæг дæр, кæд ма хъама дарын, — дзырдта уый, — уæд æрмæстдæр уый тыххæй, цæмæй мæм ма фæхъыг уой мæ хæстæджытæ, æз уыдон намысæн куынæ аргъ кæнин, уæд канд ацы уæлдай биби нæ аппарин, — уый æнæуый дæр фесæфта йæ нысаниуæг, — фæлæ раласин, æгæрыстæмæй, мæ цухъхъа дæр æмæ скæнин уырыссаг дарæс, уымæн æмæ уый ныр мæнмæ кæсы бирæ хæрзвадатдæр. Куы акæсын абон мæ зонгæтæм, — мæ маст мæ хъуырмæ схæццæ вæййы. Хæлæг мæм кæнынц, уыдонимæ абаргæйæ, мæ цард бынтон æндæрхуызон кæй сарæзтон, уый тыххæй. Афтæмæй сæм мæнæй къаддæр тых нæй, æниу чи зоны тыхджындæр сты мæнæй. Æниу цæмæй раппæлон, æрæджы дæр ма цы уыдтæн æз? Ме ’мхъæуккæгты ’хсæн нымад уыдтæн мæгуырыл. Фæлæ æфсæнвæндаг аразын куы райдыдтой, уæд сфæнд кодтон уырдæм змис, дур, пыхсытæ ласын, Теркыл донауазæн саразыны тыххæй. Уыйадыл уал йæ райдайæны хæстæ дæр скодтон, балхæдтон цалдæр уæрдоны æд бæхтæ, куыст райстон нардуатæй; гъе, афтæ цадæггай сырæзт мæ агуыриуадзæн завод æмæ æз агуыри цæттæ кодтон станцæн. Афтæ æз чысыл цыдæртæ амæлттæ кодтон, цы æхца-иу бакуыстон, уыдон та-иу горæты нæ аныхъуырдтон, фæлæ-иу сæ бахастон банкмæ. Æз змис, пыхсытæ æмæ агуырийы кой куы кодтон, уæд ме ’мхъæуккæгтæ та сæхицæн ныхасы бадтысты æмæ сæ цыргъ хъаматæй лæдзгуытæ амайгæйæ дзырдтой: 

— Арæби, цымæ цæмæй хъæздыг кæны Хасан, уæдæ хæдзар дæр уырыссаг хæдзар куы ныззылдта, афтæмæй ма æрæджы дæр, махау, æнæбары къæсы куы царди, бакæсут-ма йæм! — Æмæ тахтысты æхсныфтæ, цы лæдзгуытæ амадтой, уыдонæй. 

— Омæ йæ куыннæ зæгъæм: уæвгæ, диссаг та кæм нæ у, æцæг-æцæг, уæдæ мах дæр бон-сауизæрмæ уымæй къаддæр куынæ кусæм, фæлæ нæ куыст нæ хæдзæрттыл хорзырдæм куы ницæмæй зыны, — дзырдта иннæ ныхасыбадæг фыссæн гæххæтты здыхт бапъироз дымгæйæ. 

— Уæдæ, уæ-д-дæ! — зивæггæнгæ йæ фарс хæцыдысты æндæр хъæлæстæ. 

Æмæ афтæ дзæнгæда цæгъдынц æмæ цæгъдынц уыдон абоны онг дæр, уæдæ кусгæ куы кæнынц, уæд куыннæ хъæздыг кæнынц, зæгъгæ, ууыл дисгæнгæйæ. 

— Æмæ уæдæ æцæг цæмæй цæрынц? — бафарстон æй æз иу хатт. 

— О, фæлæ сæ куыдзы цард дæр цардыл нымаинаг у? Уыдон уыцы цардæй уæвгæ æгæр разы дæр ма сты, æмæ, æнхъæл дæн, æндæр царды кой кæнгæ дæр нæ кæнынц, фæлæ давынмæ куы зæгъæм, уæд та — сæ къухтæ сæ хæрынц. 

— Ау, давгæ дæр ма кæнынц? 

— Сыхаг давы сыхагæй хъуг æмæ, æгæрыстæмæй, карк дæр. Мах хъæуы куыд у, афтæ никуы давынц, — дзырдта уый.— Æрмæст ивгъуыд мæй нæ хъæуы адавдæуыд 18 бæхы. 

— Æмæ цæмæн, номхуындæй, мах хъæуы, æндæр рæтты цæмæннæ у афтæ? 

— Уымæн æмæ, — йæ маст тыхæй уромгæйæ дзырдта уый,— мах нæ арæхсæм æмæ нæдæр бæззæм æхсæнадон царды, нæу нæ бон æмуд, æмзондæй цæрын. Зæгъæм, нæ хъæубæсты æхсæнадæй, æгæрыстæмæй, хъæуы хицæуттæн сæхи дæр нымайгæйæ, тынг хорз зоны къæрныхты æмæ бæхдавджыты, фæлæ сын æргом сæ ныхас зæгъа, уымæй тæрсгæ кæны. Æмæ цы, мæгуыр йæхи бон, хуыснæджы куынæ багæды кæна, уæд. Æниу исчи, чи зоны, æцæгæй дæр радавта, фæлæ кæд къæрныхы йæ фыдракæнды уæлхъус ничи баййæфта, уæд дæ зæрдæхсайынтæй райгонд у. Зæгъæм, æз комдзог куы рацæуон бæхдавджытæй искæуыл, фæлæ йын йæ фыдми куынæ бабæлвырд кæнон хъуыддагæй, уæд уыцы æхсæв къæрных æрбацæудзæн æмæ мастисыны охыл адавдзæн мæнæн мæ бæх кæнæ мæ хъуг. Къæрныхы цы фæнды, уый! Цæмæй нæхиуыл мацы уæз æрцæуа, уый тыххæй махæй алчи дæр бады æнцад æмæ къæрныхтæ та сæ кæнон кæнынц, æфхæрд дæр не ’ййафынц, афтæмæй; кæсыс, хъæуы хицæуттæ нырма сæхи нæ батыхсын кодтой цæрджытæй хъахъхъæнджытæ бауромыныл. Уыцы къæрныхтæ та уыйбæрц æдзæсгом сты, æмæ сырх дæр нæ кæнынц, æгæрыстæмæй, знон кæй хæдзар фæхастой, уый раз дæр. Æниу нын хъæугæ дæр афтæ кæны, уымæн æмæ нæхи сæрмагонд исбоны æдасдзинадмæ æгæр уазал цæстæй кæсæм, — фæцис уый йæ ныхас мæстыйæ. — Къæрныхты æдзæсгомдзинадæн кæрон дæр нал ис. Æрæджы мын мæхицæн бонсихорафон, чысыл ма бахъæуа, мæ бæхтæ ма адавой... фæлæ мæ амондæн къæрныхты баййæфтон сæ фыдракæнды уæлхъус, æмæ уыцы цъаммæрттæ бамбæхстысты мæнæ ацы цъæнуты æмæ уым селф кæнынц хуыргæрчытау. Гъе, афтæ æрвылсахат дæр хъуамæ уай цырддзаст æмæ аудай дæ исбоны æдасдзинадыл. 

Æмткæй та хуыснæгдзинад фæстаг рæстæг нымæг мыййаг нæ бацис, фæлæ хохæгтæ сæхæдæг куыд зæгъынц, афтæмæй цырендæр кæны. Кæм агуырдæуа ахæм фæзынды аххосæгтæ? Кæд мыййаг давд сбæлвырд кæнынæн цæстуынгæ факттæ хъæуы, къæрныхы йæ фыдракæнды уæлхъус куыд æрцахсой, афтæ, æвдисæнты зонæнтæ ницæмæ даргæйæ, кæд уыдон ард бахордтой, уæддæр? Къæрных уый зонгæйæ тынг нæ тæрсы йæ фыдракæнды уæлхъус æй баййафынæй æмæ йæ фылдæр ныфс ис, æфхæрд кæй нæ баййафдзæн, уымæй. 

Фæлæ кæрон хъуамæ æрцæуа ацы фыдмийæн дæр. Давынмæ тырнындзинад у, æрæджы цы дуг аивгъуыдта, уый баззайæццаг æмæ уыцы тырнындзинад йæхигъæдæй хъуамæ фесæфа. Цивилизацийы хъомысджын размæбырсты ныхмæ зæронд дуджы иунæг традици дæр нæ фæлæудзæн. Æмæ табу хуыцауæн. 

Цивилизаци нæм йæ рухсы тын кæй æрбаппæрста, уый тыххæй; æппынфæстаг федтам мах æфсæнвæндаг дæр: локомотивы æхситт фæкъуырма кæны мах, сабыр цæрджыты, æмæ нын æрвылбон дæр нæ зæрдыл лæууын кæны, мах цивилизацигонд Европæйы бинонтæм кæй баиу стæм, уый. 

Хохæгтæ сæхæдæг ахъаз кодтой сæ фæндагарæзтадæн. Уымæн æмæ нын уый рæхджы хъуамæ фæива нæ ивгъуыд дуг. Æмæ йæ хæстон хотыхтæ йæ уæлæ ауыгъд, афтæмæй æрмæст уæгъдибар хæххон лæг йæ саулохагыл кæм тахти, уым ныр хъуысы локомотивы къуыззитт æмæ оф-оф, мæгуырæг хохæгты дисы æфтаугæйæ. Æмæ рацæуы уыцы локомотив хъæуы цурты, нæ тæрсы нæдæр «фыдхъуын уæйгуытæй», нæдæр фыдæлгъыст абырджытæй. 

Уæдæ фæндаджы уадздзаджы дыууæ фарсы бынатгай цы барджыты стджытæ ныгæд ис, уыдон абон Аллахы фæндонæй куы райгас уаиккой æмæ куы акæсиккой «хæйрæджы рафæлдисæггагмæ», стæй нырыккон хæххон фæсивæды цардмæ, æмæ куы базониккой, уыдон уæлбæхæй хъазт æмæ хъæбатыр балцтæй куыст æмæ джауыртимæ сабыр цард хуыздæрыл кæй банымадтой, уый, — уæд сæ бафæндид ногæй амæлын, цæмæй ма кæсой а рухс дунемæ... 

 

______________________________________ 

 

1 Ацы длырд уырыссаг тексты фыст у иронау. Автор æй хоны «æвирхъау тæрхоны бон». Ацы æмбарынадæн ма ирон æвзаджы ис æнгæс дзырд — «хъаймæт». (Ред.) 

2 Барæг фистæг сылгоймагыл куы фембæлы, уæд йæхицæн уæздандзинадыл нымайы бæхæй æрхизын æмæ, хайуан йæ фæдыл ласгæйæ, сылгоймагæн фæндаг раттын, стæй фæстæмæ сбады йæ бæхыл. Барæг лæугæ куы кæна æмæ сылгоймаг куы рацæйцæуа, кæнæ — иннæрдæм куы уа хъуыддаг, — гъе, уæддæр афтæ. Æппæт уыдон иууылдæр сты сылгоймагæн кад кæныны нысæнттæ. (Авторы фипп.) 

3 Морская свинка — чысыл иæрæгон æхсынджыты мыггагæй. (Ред.) 

4 Иу хъæуы хабар афтæ рауад, æмæ фесæфт мæ мады басмахъхъ. Уый адыл мæ фыд æгас хъæубæсты слæууын кодта сæ къæхтыл æмæ фидарæй домдта, цæмæй ссардтаиккой басмахъхъ, фатеры хицауæн та чысыл ма бахъæуа йæ къубал ма ахауын кæна хъамайæ; хорз уыдис æмæ басмахъхъ уæддæр разынди. (Авт. фипп.) 

5 М.Ю. Лермонтовы поэмæ «Мцыри»-йæ иу рæнхъ. (Ред.) 

6 Алхамдулилльях (араб.) — ардхæрыны формулæйы иу хай, нысан кæны «Иунæг у хуыцау». (Ред.) 

7 Сæ фырæвдæлонæй-иу цыдысты сæ сыхæгтæм æмæ уый хуыдтой балц. Уыцы рæстæджы-иу уазæгуаты баззадысты æнæхъæн мæйгæйтты; сæустытæн-иу сæхи нæ равдыстой бирæ рæстæджы дæргъы. Хæдзары бадын уыдис худинаг. (Авторы фипп.) 



<==    Комментарии (1)      Версия для печати
Реклама:

Ossetoans.com OsGenocid ALANNEWS jaszokegyesulete.hu mahdug.ru iudzinad.ru

Архив публикаций
  Января 2024
» О чем рассказали восточно-европейские руны
  Ноября 2022
» От Кавказа до Волги
  Августа 2022
» Кавказцы глазами русских: говорят архивные документы...
  Марта 2022
» К вопросу о заселении Фиагдонской котловины, по данным фамильных и народных преданий
» О новых именах в истории царственного дома средневековой Алании
  Февраля 2022
» К ВОПРОСУ ОБ УДЕЛЬНЫХ ВЛАДЕТЕЛЯХ УАЛЛАГКОМА ПО ФАМИЛЬНЫМ, НАРОДНЫМ ПРЕДАНИЯМ И АРХИВНЫМ МАТЕРИАЛАМ
  Декабря 2021
» Осетинская религия; религия осетин (Ирон дин)
  Мая 2021
» Иверская (Моздокская) икона Божией Матери
  Мая 2020
» Соотношение понятий Æгъдау, религия (дин), вера во внутриосетинской дискуссии
  Июля 2019
» Открытое обращение представителей осетинских религиозных организаций
  Августа 2017
» Обращение по установке памятника Пипо Гурциеву.
  Июня 2017
» Межконфессиональный диалог в РСО-Алании состояние проблемы
  Мая 2017
» Рекомендации 2-го круглого стола на тему «Традиционные осетинские религиозные верования и убеждения: состояние, проблемы и перспективы»
» Пути формирования информационной среды в сфере осетинской традиционной религии
» Проблемы организации научной разработки отдельных насущных вопросов традиционных верований осетин
  Мая 2016
» ПРОИСХОЖДЕНИЕ РУССКОГО ГОСУДАРСТВА
» НАРОДНАЯ РЕЛИГИЯ ОСЕТИН
» ОСЕТИНЫ
  Мая 2015
» Обращение к Главе муниципального образования и руководителям фракций
» Чындзӕхсӕвы ӕгъдӕуттӕ
» Во имя мира!
» Танец... на грани кровопролития
» Почти 5000 граммов свинца на один гектар земли!!!
  Марта 2015
» Патриоту Алании
  Мая 2014
» Что мы едим, или «пищевой терроризм»