Iriston.com
www.IRISTON.com
Цæйут æфсымæртау раттæм нæ къухтæ, абон кæрæдзимæ, Иры лæппутæ!
Iriston.com - история и культура Осетии
Кто не помнит прошлого, у того нет будущего.
Написать Админу Писать админу
 
Разделы

Хроника военных действий в Южной Осетии и аналитические материалы

Публикации по истории Осетии и осетин

Перечень осетинских фамилий, некоторые сведения о них

Перечень населенных пунктов Осетии, краткая информация о них и фамилиях, в них проживавших

Сборник материалов по традициям и обычаям осетин

Наиболее полное на сегодняшний день собрание рецептов осетинской кухни

В данном разделе размещаются книги на разные темы

Коста Хетагуров "Осетинскя лира", по книге, изданной во Владикавказе (Орджоникидзе) в 1974 году.


Перечень дружественных сайтов и сайтов, схожих по тематике.



Rambler's Top100 Рейтинг@Mail.ru Индекс цитирования
Статьи Словари
Здравствуйте, Гость
Регистрация | Вход
Опубл. 23.11.2011 | прочитано 5848 раз |  Комментарии (1)     Автор: Tabol Вернуться на начальную страницу Tabol
АРТИСТЫ НЫХАСЫУАГ

Ирон ныхасы культурæ æмæ стилистикæ. Дзæуджыхъæу, 2001 аз 

 

Тылаттаты Бексолтан 

 

(Фиппаинæгтæ, мысинæгтæ)
 

Театрдзау спектакль фенынмæ театрмæ куы ’рбацæуы, уæд фыццаджы дæр фæхъусы артистты аив ныхасмæ, сæ архайдмæ. 

Артисты куысты сæйрагдæр ныхас у. Уый фæрцы æвдисы, цы фæлгонцы ис, уымæн йæ зæрдæйы ахаст, миддуне, сценæйы кæимæ æмбæлы, уыдонæй æлкæмæ дæр йæ цæстæнгас. Театрдзау залы кæцыфæнды рæнхъыл куы бада, уæддæр артисты ныхас хъуамæ хъуса хорз, бæлвырдæй. 

Уый у артисты сæйраг хотых. Уыцы хъуыддаг æмбары алы артист дæр æмæ иудадзыг кусы уыцы хотых фæхъомысджындæр кæныныл. 

Цалынмæ артист сценæмæ, адæмы размæ нæма рахизы, уæдмæ йыл стъолы фарсмæ бадгæйæ цæуы тынг лæмбынæг, зæрдиаг куыст. Æвæрæг режиссер артистимæ бæстонæй æвзарынц алы хъуыдыйад дæр. Архайынц, цæмæй ныхæстæ уой аив, æмбæлой сæ нысаныл. Артист кусы йæ баргонд фæлгонцы миниуджытæ райхалыныл, йæ цыд, йе змæлд, йæ ныхасы уаг равдисыныл. 

Хорз ма хъуыды кæнын, Джызæлы астæуккаг скъолайы куы ахуыр кодтон æмæ драмкъордмæ куы цыдтæн, уыцы рæстæг. Æвзаг æмæ литературæйы ахуыргæнджытæ махæн амыдтой æвзаджы аивдзинад, ныхасы культурæйы сусæгдзинæдтæ. Æмæ, æнæ гæды ныхас, цыдæртæ базыдтам. Мах иуахæмы фембæлдыстæм ирон драмон театры артистты къордимæ. Нæ драмон къорды æвæрд уацмыс куы федтой, уæд ныл бацин кодтой æмæ нын загътой, сымах, дам, цæттæ артисттæ стут. Æмæ нæ хуыдтой, театрæн цы студи уыдис, уырдæм. Æз мæхæдæг дæр ирон театры сценæмæ Джызæлы скъолайы драмкъордæй бахызтæн. 

Ацы хъуыддаджы махæн иттæг стыр æххуыс бакодтой уæды сæйраг режиссер Брытъиаты Зариффæ æмæ театры хистæр Тотраты Бесæ. Бесæ махимæ, мæнæ куыд фæзæгъынц, дысвæлдæхтæй фæкуыста, къордимæ дæр æмæ хицæнæй алкæимæ дæр. 

Ирон адæмон æмбисонд афтæ зæгъы: «Дон æмæ ныхас арæзгæ сты». Уыцы хъуыддаг тынг хорз зыдта æмæ йæ махæн дæр амыдта, аив ныхасæн йæ хъомыс куыд бирæ у, уый. Бесæ-иу искæцы дзырд цал æмæ цал хуызы равдыста! Хицæн мыртæй-иу цавæр диссаджы музыкалон уацмыс сарæзта! Цыбыр дзырдæй, ныхасыуаг стыр дæсниад кæй у, уый мах фыццаг хатт Бесæйæ базыдтам. Уæвгæ иннæ артисттæ дæр махæн, ног æрбацæуæг фæлтæрæн, стыр æххуыстæ кодтой. (Уый тыххæй ма ныхас дарддæр уыдзæн). 

Уыцы хорз традицитæ рохгæнгæ не сты. 

Хатгай вæййы афтæ дæр, æмæ æртист йæ фæлгонцыл кусгæйæ рæдыд фæндагыл ацæуы, йæхæдæг уый нæ хатгæйæ. Уæд ын феххуыс кæны æвæрæг режиссер. Бамбарын ын кæны йæ хъæндзинад, æрбахизын æй кæны раст фæндагмæ. Куыстам Гольдонийы фыст пьесæ «Мирандолинæ»-йыл. («Уазæгуаты хицау»). Мæнæн лæвæрд уыд Фабрициойы роль. Спекталь æвæрдта УСФСР-йы адæмон артист Цæлыккаты Мæирбег. Куыст кæронмæ фæцæйхæццæ кодта, афтæ нæм культурæйы министрадæй æрцыдысты спектакльмæ бакæсынмæ. 

Спектаклы фæстæ загътой сæ фиппаинæгтæ. Спектакль хорз у, загътой, æрмæст Фабрициомæ нæй фаг уарзондзинад Мирандалинæмæ. 

Уый уыд мæн аххос. 

Мирандæлинæйы ролы хъазыд Уæрæсейы Федерацийы адæмон артист Икъаты Серафин. Кæцыдæр сценæйы мæ хъуыд Серафины-Мирандолинæйы астæуыл дыууæ къухæй фæхæцын æмæ йæ бæласы бындзæфхадыл алæууын кæнын. Æз та, зноны хъæуккаг лæппу, бавналын нæ, фæлæ сдзурын дæр Серафинмæ — «уарзын дæ», зæгъгæ, æфсæрмы кодтон. Уыцы бынатмæ иу куы ’рхæццæ стæм, уæд-иу фыр æфсæрмæй мæ туг мæ цæсгоммæ ныццавта, мæ уæнгтæ-иу бадон сты. Серафин мын йæхæдæг дæр бауайдзæф кодта: «Цæуылнæ мæ уарзыс, куыд Серафин нæ, фæлæ куыд Мирандолинæйы?» 

Уыцы хабар æрцыд изæры куысты фæстæ. Режиссеримæ рацыдыстæм уынгмæ. Уынджы змæлæг фæгæзæмæ. Цæуæм Мæирбегимæ Сæрибары проспекты. Куы иуырдæм ацæуæм, куы — иннæрдæм. Æнхъæлмæ кæсынæй мæ уд мæ хъуырмæ схæццæ. 

— Бексолтан, ам дын цы феххуыс уыдзæн, уый зоныс? — æппын фæстаг загъта Мæирбег. 

Мæ риуы цыдæр æлхынцъ феуæгъд. Кæмдæр мæ зæрдæйæн фенцон. Риуы фаг сулæфыдтæн. Æз æнхъæлмæ кастæн, ныртæккæ зæгъдзæн, ацы роль дæ куыст нæу æмæ дæ уæгъд кæнын. Фæлæ... — нæ. Мæирбег дарддæр кæны йæ ныхас. 

— Скъолайы ахуыр кæнгæйæ дын кæд дæ зæрдæмæ чи цыд, ахæм чызг уыдис, уæд уый Симæйы бæсты сæвæр. Уый дæ цæстытыл уайæд. Уый дын феххуыс уыдзæн. 

Æцæгæйдæр афтæ бакодтон, мæ риуы ахæм тыхджын уæрзондзинад сæвзæрд, æмæ мæм-иу бынæй «Фабрицио», зæгъгæ, куы фæдзырдта, уæд иу дыккаг уæлæдзыгæй гæзæнхъæды сæрты мæхи фехстон æмæ иу йæ разы мæ къæхтыл æрлæууыдтæн. Æнæ спектаклæй уырдыгæй ницæй тыххæй рагæпп кодтаин. Спектакль рауад тынг хорз. Адæмы зæрдæмæ цыд. 

Хатгай артист æмæ режиссер кæрæдзийы нæ фембарынц. Алкæмæ дæр сæ йæхи хъуыды растдæр фæкæсы. Ахæм рæстæг сын феххуыс кæнынц театры сæйраг режиссер, кæнæ се ’мбæлттæ, ирон æвзаджы дæснытæ, аив ныхасы зæрингуырдтæ. Куыстам Темыраты Дауыты пьесæ «Æмгары мæлæт»-ыл. Æвæрæг режиссер уыдис Цæлыккаты Мæирбег. Æз хъазыдтæн шахтеры бригады хицау Зелимханы ролы. Шахтæ ныл ныккалди. Мæ зæнг ныссаст, ме ’мбал фæмард. Аххосджын кодтой мæн. Æрвитгæ та нæ акодта æхгæд шахтæмæ участочы хицау. Рынчындоны бирæ фæхуыссыны фæстæ æрбацыдтæн лæдзæджы æнцæйтты хæдзармæ. Мæ фыдимæ фембæлдтæн. Фыд, ацы роль хъазыд Сланты Къоста, дзуры сабырæй, куыд рауади хъуыддаг, зæгъгæ, лæппу. 

Мæирбег мæм дзуры. 

— Ныхъхъæр ыл кæн! Срæмыгътай! 

— Мæирбег, сабырæй, уæзданæй мæ куы фæрсы, уæд ыл цæмæн ныхъхъæр кæнон? Æппынфæстаг мæ фыд куы у, йæ зæрдæ мыл куы риссы? — бафарстон æй æз. 

— Æз дын афтæ зæгъын, срæмудз! 

Къоста йæм дзуры: 

— Мæирбег, раст нæ дæ. Цæй тыххæй мыл хъуамæ ныхъхъæр кæна, æвзæрæй йын цы загътон? 

Уæддæр режиссер режиссер у. Мæирбег куыд загъта, афтæ ныхъхъæр кодтон «мæ фыдыл». 

Уыцы рæстæг залæй æрбайхъуыст Брытъиаты Зариффæйы хуыфын. Театры сæйраг режиссер Зариффæ залы бады, уый-иу йæ хуыфынæй базыдтам. Мæирбег куыд загъта, афтæйыл ныхъхъæр кодтон. Зариффæ хæстæгдæр æрбацыд æмæ мæ фæрсы: 

— Цæмæн хъæр кæныс? Фыд дын æвзæрæй, тызмæгæй куы ницыма загъта? 

— Мæнæ Мæирбеджы афтæ бафæндыд, — бамбарын кодта Къоста. 

— Нæ дзы хъæуы хъæр кæнын, — сабырæй загъта Зариффæ æмæ ма залæй æддæмæ хизгæйæ райхъуыст йæ хуыфын. 

Ирон æвзаг, ирон сценикон ныхас рæсугъд, тыхджын аразынмæ дæсны уыдысты ирон театры бындурæвæрджытæ. Уыдон стыр аргъ кодтой ныхасы ахадынæн. Се ’ппæт дæр сæ зонындзинæдтæ æвгъау нæ кæнгæйæ архайдтой, цæмæй ирон театры сценæйæ хъуыса сыгъдæг ирон ныхас, нæ рагфыдæлтæй нын чи баззад, Къоста æмæ нын Елбыздыхъо зынаргъ хæзнайæн кæй ныууагътой, уыцы фæрныг ныхас. 

Ирон ныхасы аивдзинад, раст дзурын, театрдзаутæм æй рæсугъдæй фæхæццæ кæнын нымадтой сæ сæйрагдæр хæсыл. Уæлдай зæрдиаг куыст кодтой кæстæртимæ. Мах цыппар лæппуйы æмæ фондз чызджы театрмæ куы ’рбацыдыстæм, уæд немæ куыстой Тотраты Бесæ, Брытъиаты Зариффæ, Икъаты Серафин, Цæлыккаты Мæирбег. Афæдзы кæронмæ скойгонд фараст æрыгонæй баззадтæн æрмæст æз. Уыцы буц хистæртæ мемæ тынг æнувыдæй куыстой, æвæццæгæн, æнхъæл уыдысты, ацы лæппуйæ исты рауайдзæн. Ахуыр кодтон æмдзæвгæтæ, кæстæн радзырдтæ, пьесæтæ. Уыдон куыстой мемæ — мæ хъæлæсы уаг фæхуыздæр кæныныл, мæ ныхасы аивдзинадыл. Уый æцæг диссаг уыд, иу адæймагимæ уал хистæрæй афтæ æнувыдæй, афтæ иузæрдионæй кусæнт. Æз дæр, кæй зæгъын æй хъæуы, рæстæг дзæгъæл сæфт нæ кодтон, цы мын-иу бахæс кодтой, уыдон зæрдиагæй æххæст кодтон. 

Уæд мах ныры уырыссаг театры хæдзары куыстам. Йæ дæллаг фарс Советты уынджы цардтæн. Театры раздæры кусæг Ходы Дзаххоттæн йе ’фсымæры фырт Мæирбегимæ, Ходы Камалы хистæр æфсымæримæ. Фæскуыст хæдзары мæхиуыл куыстон, райсомæй та-иу театры, Ленины уат кæй хуыдтой, уым. Рацыдаид мæйæ фылдæр. Уæд иу бон райсомæй раджы ссыдтæн театрмæ, Ленины уатмæ. Кастæн Нигеры æмдзæвгæ «Ессæ» (хохы Мæхъхъæлы ис ахæм дон). 

 

— Ыссæнды ’мæ уайы йæ комы фынк калгæ, 

— Ызгъоры ’мæ размæ бырсы 

Æрдхæрæны хъал дон, æнусон цъæх Ессæ. 

Йæ хъастмæ куы хоны æрдзы... 

 

Дæргъ æмдзæвгæ у, кæронмæ йæ нæ фысдзынæн. 

Ныллæг хъæлæсæй, хъæлæсон мыртæ даргъ ивазгæйæ райдыдтон кæсын. Рæнхъæй рæнхъмæ, мæ хъæлæсыуаг бæрзондæй-бæрзонддæр кæнгæйæ-иу тынг бæрзондмæ схæццæ дæн, стæй та-иу уырдыгæй ныллæгæй ныллæгмæ. Æваст райхъуыст къухæмдзæгъд æмæ Симæйы цъæхснаг хъæлæсы зæрдиаг худт. Æваст фæзылдтæн. Кæсын æмæ Тотраты Бесæ æмæ Икъаты Серафин лæууынц дуаргæрон. Æз сагъдауæй баззадтæн. Симæ мæм æрбазгъордта, ныхъхъæбыс мын кодта. 

— Молодец, Бексолтан, хорз кусыс. 

Бесæ сабыргай æрбацыд, ме уæхскыл йæ къух æрæвæрдта. 

— Лæппу, æз æртæ мæйы дæ фæдыл зилын, дæу хъахъхъæнын. Кастæн дæм, кæимæ æмбæлыс, де ’мбæлттæ чи сты, дæхиуыл куыд кусыс. Мæ зæрдæмæ цæуы дæ куыст. Симæмæ дæр æз бадзырдтон телефонæй. Æрцу, дæ фыдæбон дзæгъæлы кæй нæу, уый фен, зæгъгæ. 

Мæ бон сдзурын ницы бацис. Æвæццæгæн, фыр æфсæрмæй мæ цæсгом туджы зылд. Дис кодтон, уал хистæрæй иу адæймаджы тыххæй уыйбæрц фыдæбон кæй кодтой, ууыл. Уыдон канд мæныл нæ тыхстысты. Уыдонæн сæ мæт уыд ирон театрыл, ирон аивадыл, хъуыды кодтой театры фидæныл. Уыдон афтæ æнувыд канд мæныл нæ уыдысты. 

Артисттæ сæ кæрæдзиуыл дæр афтæ æнувыд уыдысты. 

Спектаклыл кусгæйæ уырыссаг ныхас нæ уагътой. Цæмæй сæ ирон ныхасыуаг мæ хæла, ууыл тыхстысты. Ноджы режиссертæ артисттимæ куыстой иудадзыг. Иунæг артист куы уыдаид уæгъд, уæддæр йемæ куыстой, æмæ уый бирæ фылдæр пайда лæвæрдта артисты дарддæры куыстæн. Стыр хъыгагæн, куыд фæстæмæ уыцы ’гъдау бамынæг. 

Кæд театры традицитыл фæдзурæм, уæд уыдон дæр хъуыдыйаг сты. Театры ног спектакль æвæрд æрцыд, адзурын хъæуы йæ хорздзинæдтыл, йæ хъæндзинæдтыл. Амынд æрцæуы, цæуыл ма цæ хъæудзæн бакусын, сраст кæнын театрдзаутæн равдисыны размæ. Æмæ уæд дзурæм... уырыссагау. Диссаг нæу? Ирон спектаклыл дзурæм уырыссагау! Ирон æвзаг нæ сæфы, нæхæдæг æй сафæм. Нæхæдæг архайæм йæ сафыныл. Ирон театр ирон йæ ’взаджы рæсугъдзинадæй у. Ирон театры къæсæрæй бахызтæ, уæд дзур иронау. Нæ кæстæртæй бирæтæ иронау бынтон сыгъдæг кæй нæ дзурынц, уый махæн кады хос нæу. Нæ театры артистты ныхасы хæрзхъæдыл семæ кусынц Уæрæсейы Федерацийы скуыхт артист Мерденты Юрæ æмæ республикæйы адæмон артист Дзбойты Зоя. Стыр арфæйаг куыст кæнынц, фæлæ уый фаг нæу. Артисттæ сæхæдæг дæр хъуамæ дзурой æмæ кæсой сæ мадæлон æвзагыл. 

Стæй канд фæсивæды нæ, алы актер дæр хъуамæ æрвылбон куса йæ хъæлæсы парахатыл, ныхасы хæрзхъæдыл. Иутæн æрдзæй лæвæрд фæвæййы хорз хъæлæс, хорз ныхасы уаг. Уыдон дæр æдзух сæхиуыл, куы нæ кусой, уæд æрдзæй лæвæрд хорздзинæдтæ фесæфдзысты, сæхи мидæг бамынæг уыдзысты. Хистæр артисттæ театры бындурæвæрджытæ пьесæйыл кусгæйæ уырзæй æвзарæгау кодтой алы дзырд дæр. 

Æвзæр, зæгъынц, æмбисонд йæхицæй хæссы. Мæныл ахæм хабæр æрцыди. 

Мах куыстам Мецъаты Хъазыбег æмæ Черчесты Барисы пьесæ «Къостайы сагъæстæ»-м гæсгæ æвæрд спектаклыл. Æз дзы хъазыдтæн номдзыд Хоранты Созырыхъойы роль. Мæнæн мæ ролы мæнæ ахæм ныхæстæ уыдис: 

«— Тменыхъæуы цæрджытæ, сæ сæргъыл Ногъаты Тибо æмæ Дæргъæвсы цæрæг Токаты Бига, сарæзтой ацы зарæг Хетæджы-фырты номыл»... 

Ацы лæгты нæмттæ Тибо æмæ Бига мæнмæ цæмæндæр гæсгæ фæкастысты комедион жанры архайджыты нæмтты хуызæн. Нæмттæ дзургæйæ æз цавд æвæрдтон фыццаг уæнгыл. Арæх сæ фæлхат куыд кодтой, уымæ гæсгæ мæ сæры ныффидар сты уыцы хуызы. Уæд мæм иу бон, репетицийы рæстæг, æвæрæг режиссер Бекъойты Розæ сценæмæ дзуры: 

— Бексолтан, уыцы нæмттæ раст нæ дзурыс, цавды бынат аив. 

Æз ацархайдтон скойгонд нæмтты цавд аивыныл, фæлæ мын ивын нал куымдтой. Æрбацыдтæн хæдзармæ. Ногæй та уыцы текст æмæ нæмттыл кусын райдыдтон. Æмæ куыд æнхъæл стут? Цавд дыккаг уæнгтæм куы ахастон, уæд мæхи хъустыл уайын байдыдтой бынтон æндæр нæмттæ. Уыдон уыдысты уæзбын, хæрзазæлд, лæджы аккаг нæмттæ. Цæвиттон, уыцы ивддзинады фæрцы аивта æрхаст скъуыддзаджы стилистикон фæлгъуыз дæр. Гъе ахæм стыр ахадындзинад ис хатгай иу мырæн кæнæ цавдæн уацмысы мидис равдисыны хъуыддаджы. 

Ныр та иу æндæр дæнцæг æрхæсдзынæн. 

Куыстам Бесаты Тазейы пьесæ «Хъæбатырты кадæг»-ыл. Æвæрæг режиссер Брытъиаты Зариффæ фыццæг ныв æнæхъæнæй систа, ницы дæтты, зæгъгæ. Цырыхаты Петя Къолайы роль хъазыд, æз та — æрыгон лæппу Хетæджы роль. Петяйæн тынг хъыг уыд фыццаг нывы аппæрст. Мах текстыл фæкуыстам, ныхæстæ тынг хорз зыдтам, сахуыр сыл стæм. Æмæ, дам, æй аппарæм. Петя йæхимæ хъусыныл фæцис, дзыхæй нал дзырдта. Спектакль сцæттæ. Æвдисæм æй. Сценæйы уыд мæнæ ахæм архайд. Немыц æрбацæуынц... Партийы райкомæй документтæ аласын хъæуы. Асыччыты æвæрдæй сæ хæссæм машинæмæ. Петя-Къола асыкк æрæвæрын кодта æмæ, æппæрст фыццаг нывы цы ныхæстæ уыдис, уыдон дзурыныл схæцыд. Æз æм дзурын. 

— Къола, немыц нæ æрбаййафдзысты, тагъддæр кæнæм. 

— Æз дæуæй хистæр дæн æмæ мæнмæ хъус. 

Зариффæйы хуыфын залæй хъуысы. Æвæццæгæн, мæсты кодта, адон цы митæ кæнынц, æрра сысты, зæгъгæ. Æз та Петяйы сценæйы уадзгæ куыд ныккодтаин. Ноджы асыккыл сбадт. Цалынмæ фыццаг нывы ныхæстæ кæронмæ нæ ахæццæ кодтам, уæдмæ Петя-Къола цавдцурау фæбадт. Стæй сыстад сæрыстырæй, раст цыма Хъарсы фидар басаста, уыйау, сулæфыд йæ риуы ’мбæрц, систам асыкк æмæ йæ ахастам. 

Зариффæ йæм ницы сдзырдта. Бирæ йыл фæхъуыды кодта, æвæццæгæн. Загъта йæхицæн, Петяйæн зæрдæниз куыд скæнон, зæгъгæ. Дыккаг спектаклы размæ йæм æрбацыд. 

— Петя, фæстаг спектакль куыд хъазыдыстут, афтæ йæ хъазут. 

Петя йæ мидбылты бахудт. 

Зариффæ куы ацыди, уæд мын Петя афтæ: 

— Нæ дын дзырдтон, Хетæг, мæнмæ хъус æмæ дзидза хæрай. 

Уыцы хистæртæ, æвæдза ирон аивадæн, ирон театрæн гуырд уыдысты! 

Æз æрхаст дæнцæгæй уый зæгъинаг дæн, æмæ æртист, æцæг аивадон кусæг йæ ролы куы бацауы, уæд йæ ныхас дæр æмæ йе змæлд дæр йæхи уды цæхæримæ баиу вæййынц, æмæ сæ рауайы цæрæццаг фæлгонц. 

Советон Цæдисы адæмон артист Тæбæхсауты Балойæн йæ хъæлæс арвнæрæгау кодта. Йæ хъæлæсы æрдзон парахат абарæн никæимæ уыд. Йæ ныхæстæ нотæтыл фыст зарæгау бырстой риуæй хъæлæсыл. О уый уыдис æрдзæй лæвæрд хъæлæс. Фæлæ уæддæр Бало, йæ ныхасы тых фæфылдæр кæныныл иудадзыг куыста. Кæнæ ма райсæм Советон Цæдисы адæмон артист Саламты Къола æмæ Уæрæсейы Федерацийы адæмон артист Сланты Къостайы. Ацы дыууæ артисты сценæйы куы ныхас кæной, æмæ сæм комкоммæ куы нæ кæсай, уæд æнхъæл уыдзынæ, уæйгуытæ ныхас кæнынц. 

Уый у се ’взаджы сыгъдæг æмæ хæрзхъæддзинады хъомыс, сæ ныхасы æгæрон тых авдисæг. Ахæм ныхас сценæйæ театрдзауты ’хсæн нæ сæфы, æдзухдæр æмбæлы нысыныл, хъары театрдзауты зæрдæтæм. 

Плиты Грисы фыст пьесæмæ гæсгæ æвæрд спектакль «Чермен»-ы Сланты Къоста, асæй чысыл лæг, хъазыд Даккойы роль. Æмæ цыма Хъæриуы хох уыдис афтæ каст театрдзаутæм. Йæ алы фарс бонджын æлдæртты, мыггæгты хистæрты йæ быны æрбатымбыл кæны, ногуагъд карчы цъиутау, ныффæлдæхы сыл къæйдур æмæ бæрзонд сæ сæрмæ схизы. Уый æвдисы артисты тыхджын миддуне, ныхасы æгæрон тых. 

Кæнæ ма райсæм Хуыгаты Георы фыст пьесæмæ гæсгæ æвæрд спектаклы «Æххуырст фæтæг»-ы Саламты Къола цы паддзахы фæлгонц сфæлдыста, уый. Цъæхснаг, зæланггæнаг хъæлæс афтæ тыхджын, афтæ бæрзонд сисы сценæйы архайд, æмæ адæймаг йæ цæстытыл æмæ йæ хъустыл нал фæууæнды, ахæм бæзæрхыг лæг свæййы. Курдиатджын артист йæ алы ныхасы дæр стыр тых бавæры. Скойгонд спектаклы сæйраг архайæг у æххуырст фæтæг. Ацы роль хъазы Уæрæсейы адæмон артист Икъаты Маирбег. Йæ хъæлæс зæланг нæ кæны, цъæхснаг дæр нæу, фæлæ æмыр хъæлæсæй театрдзаутæн йæ ныхас афтæ сыгъдæг, афтæ аив æмæ зæрдæмæ хъаргæйæ лæвар кæны, æмæ залы кæцыфæнды къуымы куы бадай, уæдцæр дæм йæ ныхасы тыхджын мыртæ сармадзанты нæрдау хъуысдзысты. Бынтон сабыр куы дзура, уæддæр. 

Цы зæгъинаг дæн уымæй? Алы артисты дæр кусын хъæуы æвзаджы сыгъдæгыл, ныхасы хæрзхъæдыл. Адæм ирон театры сценæйæ хъуамæ хъусой сыгъдæг ирон ныхас. Къостайы, Елбыздыхъойы, Коцойты Арсены, Гæдиаты Секъайы, иннæты æвзаг. 

Фæстæгмæ ма иу хъуыды зæгъинаг дæн. 

Мæ зæрдыл арæх иу ахæм цау æрлæууы. Санаты Уари фыста таурæгъ «Тугвæндаг». Лæг цæстæй хорз нал уыдис æмæ йын æз æххуыстæ кодтон: уый-иу дзургæ кодта, æз та йын йæ алы ныхас дæр фысгæ кодтон. Уари бæстонæй дзураг лæг уыдис, хабæрттæ тынг лыстæгæй луæрста. Уæд иу бон йæ таурæгъ кодта æмæ Куырттаты комы тыххæй дзурын куы райдыдта, уæд... афынæй. Æз ма иучысыл фæгæдзæ кодтон, стæй бавдæлдтæн, æмæ Куырттаты комы æрдзы нывтæ мæхи сæрæй фыссын райдыдтон. Æз ацы рæсугъд, райдзаст комы иу æмæ дыууæ хатты нæ уыдтæн æмæ мын уый тыххæй фыссын зын нæ уыди. Уалынмæ Уари фехъал ис æмæ йæ таурæгъ дарддæр кодта. 

Иу бон мах Уариимæ бацыдыстæм журнал «Мах дуджы» редакцимæ. Уым уыдысты нæ разагъды фысджытæ — Цæгæраты Максим, Мамсыраты Дæбе æмæ Дарчиты Дауыт. Æз сын Уарийы таурæгъ кæсын райдыдтон. Редакцийы кусджытæ мæм лæмбынæг хъуыстой, стæй мæ иу заман Максим фæурæдта. 

— Уари!.. Ай дæ фыст нæу... 

Уый уыдис, æз мæхæдæг Куырттаты комы тыххæй кæй ныффыстон, уыцы скъуыддзаг. 

Уари ныххудти. 

— Æз уыцы рæстæг афынæй дæн æмæ мын мæ ныхас мæ мадыфсымæр дарддæр хæццæ кодта. 

Æз ацы хабар дзæгъæлы нæ ракодтон. Цæгæраты Максим афтæ хорз банкъардта Уарийы ныхасыуаг, Уарийы стиль, æмæ таурæгъы кæйдæр къухвæд куы фæзындис, уæд æй уайтагъд бамбæрста. 

Гъе афтæ зонын хъæуы мадæлон æвзаджы лыстæг фæзилæнтæ, хицæн адæймæгты ныхасыуаг! 



<==    Комментарии (1)      Версия для печати
Реклама:

Ossetoans.com OsGenocid ALANNEWS jaszokegyesulete.hu mahdug.ru iudzinad.ru

Архив публикаций
  Января 2024
» О чем рассказали восточно-европейские руны
  Ноября 2022
» От Кавказа до Волги
  Августа 2022
» Кавказцы глазами русских: говорят архивные документы...
  Марта 2022
» К вопросу о заселении Фиагдонской котловины, по данным фамильных и народных преданий
» О новых именах в истории царственного дома средневековой Алании
  Февраля 2022
» К ВОПРОСУ ОБ УДЕЛЬНЫХ ВЛАДЕТЕЛЯХ УАЛЛАГКОМА ПО ФАМИЛЬНЫМ, НАРОДНЫМ ПРЕДАНИЯМ И АРХИВНЫМ МАТЕРИАЛАМ
  Декабря 2021
» Осетинская религия; религия осетин (Ирон дин)
  Мая 2021
» Иверская (Моздокская) икона Божией Матери
  Мая 2020
» Соотношение понятий Æгъдау, религия (дин), вера во внутриосетинской дискуссии
  Июля 2019
» Открытое обращение представителей осетинских религиозных организаций
  Августа 2017
» Обращение по установке памятника Пипо Гурциеву.
  Июня 2017
» Межконфессиональный диалог в РСО-Алании состояние проблемы
  Мая 2017
» Рекомендации 2-го круглого стола на тему «Традиционные осетинские религиозные верования и убеждения: состояние, проблемы и перспективы»
» Пути формирования информационной среды в сфере осетинской традиционной религии
» Проблемы организации научной разработки отдельных насущных вопросов традиционных верований осетин
  Мая 2016
» ПРОИСХОЖДЕНИЕ РУССКОГО ГОСУДАРСТВА
» НАРОДНАЯ РЕЛИГИЯ ОСЕТИН
» ОСЕТИНЫ
  Мая 2015
» Обращение к Главе муниципального образования и руководителям фракций
» Чындзӕхсӕвы ӕгъдӕуттӕ
» Во имя мира!
» Танец... на грани кровопролития
» Почти 5000 граммов свинца на один гектар земли!!!
  Марта 2015
» Патриоту Алании
  Мая 2014
» Что мы едим, или «пищевой терроризм»