Iriston.com
www.iriston.com
Цæйут æфсымæртау раттæм нæ къухтæ, абон кæрæдзимæ, Иры лæппутæ!
Iriston.com - история и культура Осетии
Кто не помнит прошлого, у того нет будущего.
Написать Админу Писать админу
 
Разделы

Хроника военных действий в Южной Осетии и аналитические материалы

Публикации по истории Осетии и осетин

Перечень осетинских фамилий, некоторые сведения о них

Перечень населенных пунктов Осетии, краткая информация о них и фамилиях, в них проживавших

Сборник материалов по традициям и обычаям осетин

Наиболее полное на сегодняшний день собрание рецептов осетинской кухни

В данном разделе размещаются книги на разные темы

Коста Хетагуров "Осетинскя лира", по книге, изданной во Владикавказе (Орджоникидзе) в 1974 году.


Перечень дружественных сайтов и сайтов, схожих по тематике.



Rambler's Top100 Рейтинг@Mail.ru Индекс цитирования
Статьи Словари
Здравствуйте, Гость
Регистрация | Вход
Опубл. 09.01.2011 | прочитано 4743 раз |  Комментарии (7)     Автор: Tabol Вернуться на начальную страницу Tabol
СÆГЪ НЫН НÆ ЧИНЫГ КУЫ БАХÆРА

Хъодзаты Æхсар 

Журнал «Мах дуг», 2010 аз, №8 

 

<b>Хъодзаты Æхсар</b>
Хъодзаты Æхсар
Рæзы Республикæ Цæгат Ирыстоны — Аланийы Фысджыты цæдис, йæ къабæзтæ парахатæй уадзы фæйнæрдæм. Иу хатт ыл æхсæз уды бафтыд, иннæ хатт — дæс, хæрз æрæджы та — æнæхъæн æвддæс. Дарддæр дæр ахæм темпытæй куы нæрса, уæд рæхджы нæ Цæдис дæсгæйттæй нымайгæ нал уыдзæни, фæлæ сæдæгæйттæй... Рæзы нæ Цæдис, фæлæ ацы хабарыл цин дæр ма бакæнут, хъыг дæр ыл ма ракæнут (уæ хъусы уын æй сусæгæй зæгъон: Цæдис рæзы зæронд пенсионерты, мæнæ англисагау second hand кæй хонынц, ахæмты хардзæй, æрыгæттæ та нын агургæ æмæ æнæаргæ систы). Рæзы нæ Цæдис, йæ къабæзтæ парахатæй уадзы фæйнæрдæм. Гъе, фæлæ дзы хæрдмæ рæзыны нысæнттæй цæст ницæуыл хæцы. Ахæм уавæрæн та дунейы стырдæр æвзæгты ис сæрмагонд нæмттæ: деформаци, мутаци... Не Сфæлдисæджы куы бафæндыдаид, бæргæ, æмæ цæдисæмбæлттæн се ’мбис уæд та æцæг фысджытæ, куыстхъом зиууæттæ куы басгуыхтаиккой. Уæд, æвæдза, абон ирон адæм фыр буцæй сæ сины сæртыл хæциккой, чи зоны, не ’взаг бынтон заууатмæ не ’рцыдаид, нæ литературæйы зынудисæнмæ зæрдæрыстæй нæ кæсиккам. Литературæ та, барометрау, нацийы иумæйаг уавæр æвдисы. 

Раст зæгъын хъæуы, чингуытæ нæм фагæй фылдæр уагъдæуы. Стæй цавæр чингуытæ! Иуæй-иутæ дзы сæ бæзн æмæ сæ уæзæй мæнæ нырыккон сырх агуыридурты æмбулынц. Æниу сæ бакаст та? Мæйтæ ’мæ сæ хуртæ кæсы! Къостайы «Фесæф»-ы цы «сауæрфыг рæсугъды» койтæ ис, йæ риуыгънæджытæ стъалытау кæмæн хъазынц, уый халдих вæййынц раст. Уæд уæззау та цæмæй вæййынц? Хъуыдытæй? Зæрдæйы дзуринæгтæй? Нæ. Чиныгæн йæ зынаргъ гæххæтты, йæ бæзны, йæ хъæбæр цъары хардзæй! Ахæм егъау «чытаппы» йæ ныффыссæджы къам куыннæ хъуамæ уа! Стæй иу нæ, фæлæ, гæнæн æмæ амалæй, цалдæр. Гæнæн æмæ амалтæ та ныры дуджы — хæрх. Кæд дæхæдæг амалхъомады («Рæстдзинад»-газеты термин) курдиатæй фаг ифтонг нæ дæ, уæд баулæф искæцы бынæттон олигархмæ, намæ дæ зонгæ хицаумæ, амалиуæгады (уый дæр «Рæстдзинад»-ы дзырдуатæй райстон) хъуыддæгты гæрзарæхст чи у, ахæммæ. Уый хорзæхæй фæхайджын у, æндæр дæ хъул сах абаддзæни. Цыфæнды дæр ныффысс, цасфæнды дæр ныффысс — хæрз цыбыр æмгъуыдмæ дæ чиныг джиппыуадзæнæй æрттывдтытæ калгæйæ рагæпп ласдзæн... 

О, амалхъом графомантæ... Уыдонæн сæ мыггаг никуы сыскъуыйдзæни... 

Кочысаты Розæ, Токаты Алихан, Хъамбердиаты Мысост, Хозиты Яков, Кочысаты Мухарбег æмæ Калоты Хазбийы хуызæн зынгзæрдæ фæсивæд та... Разагъды Диоген боныгон цырагъы рухсмæ адæймаг куыд агуырдта æмæ йæ куыд нæ ардта, афтæ сæ бæргæ агурæм, фæлæ — никуы ’мæ ницы. Йæ мад-фыды ’взагыл хъоды чи бакодта, уыцы адæммæ ма цæмæ æнхъæлмæ кæсæн ис — уæларвæй сæм не ’рхаудзысты, кæй ранымадтон, уыдоны хуызæттæ. 

Амалхъом графомантæ сæ койы аккаг дæр не сты, бæгуы, фæлæ нын нæ чиныджы хъуыддаджы нæ иннæ къуылымпытæм æфтуæттæ кæй кæнынц, уый нымаинаг нæу? Зæгъæм, ахæм графоманæн Цæдисы хицау дуæрттæ парахатæй байтыгъта. Графоман хъазгæ-худгæ, арфæтæгæнгæ фæмидæг, цæвиттон, сцæдисон. Уыцы бонæй фæстæмæ йæ бон у домын: æз Цæдисы уæнг куы дæн, уæд мын мæ чиныг цæуылнæ уадзут? Æмæ та паддзахадон чиныгуадзæны пъланы йæ къухфыст йæ бынат ссары. 

Афтæ удæгас фысджытæ (канд курдиатцухтæ нæ, фæлæ, куырыхоныл, номдзыдыл нымад чи у, уыдон дæр) æз фылдæр æмæ бæзджындæр чингуытæ рауадзон, зæгъгæ, хъазуатон тохы бацæуынц, æмæ дзы иуæй-иутæн афæдз дыгай-æртыгай чингуытæ рауадзын дæр бантысы. Гъемæ адæймаг бар-æнæбары ахъуыды кæны: ацы тæрныхтæ, æвæццæгæн, афтæ ’нхъæлынц, æмæ, Хуыцау цы дуне сфæлдыста, уый цы у, уымæй æнæ адоны чингуытæ бакæсгæйæ хъырды кæны, æнхъæлмæ кæсынæй йæ цæстытæ ныуурс сты, æмæ йыл хъуамæ æвæстиатæй сæмбæлой. 

Афтæ у удæгас фысджыты хабар. 

Уæд мæрдтæ та? Уыдон, бецау, сæхи тыххæй сдзурынхъом нал сты æмæ, чи зоны, дзæнæты ирд арвæй дæлæмæ сæ бынхор бындарты тыхтонамæ, талф-тулфмæ æрхуымæй кæсынц. 

Нæ литературон фыдæлты бынтыл куыд аудæм, цы цæстæй сæм кæсæм, уымæн бирæ æвдисæнтæ æрхæссæн ис, иу æмæ сыл дыууæ хатты нæ дзырдтам, иу цыппарыссæдз азы размæ дæр нæм уыд уыцы койтæ. Зæгъæм, Тыбылты Алыксандр йæ цыбыр уацхъуыды уайдзæф кодта, 1924 азы Цхинвалы Къубалты Алыксандры кадæг «Æфхæрдты Хæсанæ» чи рауагъта, уымæн: «...рауадзæг ранæй-рæтты скъæдз-мæдзы кодта кадæджы стих, ныууагъта дзы корректурон рæдыдтытæ». Брытъиаты Елбыздыхъойы сфæлдыстадон бынтæ бабиноныг кæнын æмæ джиппы рауадзын кæй хъæуы, уый тыххæй дæр загъта йæ ныхас Тыбылы-фырт. Уæдæ Коцойты Арсен, Нигер æмæ нæ иннæ фысджытæ дæр иудадзыг сæ хъус дардтой, нæ фольклор æмæ аив литературæйы хæзнатæ цы уавæры сты, уымæ. Фæстæдæр дæр ацы темæ уыди нæ дзуринаг. Зæгъæм, 1975 азы «Мах дуджы» иуæндæсæм номыры рацыди Нафийы стыр уац, нæ классикты уацмыстæ куыд мыхуыр кæнæм, уый фæдыл. Уæд нæ дзырддзæугæ фыссæг загъта бæлвырд фæндон: хъуамæ дыууæ ирон иртасæг институты æмæ университеты фæлтæрддæр филологтæй арæзт æрцæуа текстологион къамис æмæ уый кæса, фидар кæна нæ текстологион куыстытæ. Ничи байхъуыста уæд Нафимæ. Стæй нæ «фæтæгты» ахæм хъуыддæгтæ тынг не ’ндæвтой. Алы рæстæджыты Ирыстоны цы хицæуттæ уыд, уыдон цыма æмдзырд бакодтой — кæрæдзимæ эстафетæйау лæвæрдтой æнæсæрфат фыдвæтк: фысджытæй кæнæ-иу ахуыргæндтæй исчи нацийы æвзаг æмæ фарны сæрыл сдзурын куы сфæрæзта, уæд ыл-иу æвиппайды националисты, экстремисты ном ныххуырстой (1930-æм азты цауты кой нæ кæнын — уыдон зындгонд сты). Раст зæгъын хъæуы, ирон æвзаджы тыххæй-иу формалон уынаффæтæ рахастой рæстæгæй-рæстæгмæ, фæлæ сæ царды никуы рауагътой, гæххæттыл фыстæй-иу баззадысты. Уавæр абон дæр фыддæр йеддæмæ хуыздæр нæ фæци. Наци нырæй тæссагдæр уавæры никуыма бахауд, æмæ йæ бахъахъхъæныныл куыст нæ цæуы, кæнæ та цæуы хæддзуйæ. Комкоммæ нæ дзырдаивады кой куы кæнæм, уæд зæгъæн ис кæй куыд фæнды, афтæ аразы æмæ уадзы адæмы хæзнатæ. Æмæ та мæнæ 34 азы фæстæ фæдисы дзæнгæрæгау райхъуыст æндæр хъæлæс. Уæззау, тыхсæттæн, фæлæ æнувыд куыст бакодта нæ хъуыстгонд лингвист Тахъазты Харум. Уый райста Къостайы «Ирон фæндыр»-ы фæстагдæр фондз рауагъды, кæрæдзиимæ сæ абарста æмæ, йæхи загъдау, æрцыди зæрдæриссæн хатдзæгтæм. Харум сæ фараст пунктыл адих кодта, æмæ ам се ’ппæт ранымайыны фадат нæй, фæлæ сæ сæйрагдæртæ сты ахæмтæ: чиныгмæ орфографийы ’рдыгæй ис бирæ къухбакæнæнтæ. Поэтæн суанг йæ мыггаг дæр абоны онг раст нæ фыссæм: «Хетæгкаты» фыссын нæ хъæуы, фæлæ «Хетæггаты». «Ирон фæндыр»-ы фондз рауагъдæй алкæцыйы дæр æмдзæвгæты нымæц æмæ фæд-фæдыл равæрд у алыхуызон. Хицæн æмдзæвгæтæн сæ нæмттæ, сæ ас, сæ строфаты бæрц дæр лæвæрд цæуынц алы хуызты. Рауагъдты ис лексикон æмæ грамматикон алыхуызондзинæдтæ. «Ахæм æмдзæвгæ æмæ ахæм фарс æнæхъæн чиныджы адæймаг хæснагыл дæр зынтæй ссардзæн, орфографион æмæ пунктуацион алыхуызондзинæдтæ æмæ рæдыдтæ бæз-бæз кæм нæ кæнынц. Сæ бæрц, куыд нымайынмæ, афтæ зæгъынмæ дæр зын у, фæлæ йæ цы ’мбæхсæм — хæццæ кæны 700 онг», — фыссы Харум. Нæ ахуыргондæн йæ иумæйаг хатдзæг та ахæм у: «...алкæд нæ бирæ конференциты раныхæсты, докладты нын, Къостайы тыххæй дзургæйæ, æвастхъæртæ куы нал фæфаг кæны, алы аз 15 октябры дыууæ Ирыстоны адæм — поэты чи зоны æмæ æцæгæй дæр чи нымайы, уыдон дæр æмæ йын йæ иу æмдзæвгæ дæр чи нæ хъуыды кæны, уыдон дæр — сæ зæрдæйы дзæбæхæн Нармæ куы ныххæррæтт ласынц, уæд цымæ уыдæттæй бирæ ахсджиагдæр хъуыддаг нæу — бавдæл æмæ сараз республикæйы хицауады раз сæрмагонд компетентон редакцион къамис æмæ йын бахæс кæн, цæмæй бакуса æмæ сараза текстологион наукæйы домæнтæм гæсгæ алцæмæй дæр æххæст текст „Ирон фæндыр“-æн. Ацы æнæмæнг бакæнинаг хъуыддаг ма Къостайæн йæ кæцы сæдæ азы юбилеймæ æргъæвæм?» 

Тахъазты хорз лæгæн йæ уацы иу хай рацыди «Мах дуджы» (2009, № 4), иннæ та — «Ирæф»-ы (2009, № 4). Фæлæ йæ рыст зæрдæйы хъæлæс стæмтæй фæстæмæ искæмæ бахъардта, уый мæ зынтæй бауырндзæни. Æз ма йын йæ ныхасмæ бафтауинаг дæн иу хъуыды: цы текстологион къамисы кой кæны, уый æрмæст «Ирон фæндыр»-æн аразгæ нæу — иудадзыг хъуамæ куса уыцы къамис, цæмæй нæ фольклор æмæ нæ классикты бынтæ бабиноныг кæнæм (Нафимæ дæр ахæм фæндон уыди). Терминологион къамисы сæр дæр нæ æнæмæнг хъæуы — уый тыххæй дæр иу-50 азы дзурæм, фæлæ — дон хиды бынты. Фæстаг азты уырыссаг æмæ Федерацийы иннæ æвзæгтæм цас фæсарæйнаг дзырдтæ æрбалæгæрста, уымæ-ма æркæсæм. Æмæ нæ ирон мыхуыры æвзаг (уæлдайдæр газетты) бынтондæр сæмтъерытæ. Иудадзыг чи куса, ахæм паддзахадон терминологион къамис иуцасдæр уæддæр фæахъаз уаид æвзаджы сыгъдæгдзинад бахъахъхъæнынæн. Фæлæ «æмвæнд нæ кæнæм, æнгом нæ цæуæм» (Токаты Алихан). Ацы уавæр æнæгуырысхойæ зыны нæ царды æппæт къабæзтыл дæр, уыимæ чингуытæ уадзыны хъуыддагыл дæр. Диссаг уый у, æмæ нын нæ иу рæдыд дæр зонды хос нæ фæвæййы. Æмбалты Цоцко ирон адæмæн цы бавæййы, уый тыххæй нæ дзурдзынæн. Йæ фарны койтæ йын кæнæм уартæ XIX æнусæй абонмæ. Къоста, Елбыздыхъо, Цомахъ, Арсен, Тыбылты Алыксандр, Дзагурти Губади, Бекъойты Георги, Леонид Лавров, Цæголты Георги, ноджы бирæтæ — се ’ппæты дæр дисы æфтыдта йæ уæздандзинад, йæ рухс зонд, йæ парахат зæрдæ, йе ’вæлмæцгæ куыст адæмы сæрвæлтау. Уæдæ йын абоны фæлтæртæ дæр буцæй, сæрыстырæй æрымысынц йæ ном. Æмæ хъуамæ нæхиуыл æрхудиккам, йе сфæлдыстадон бынтæм æркæсынмæ нæ кæй нæма равдæлд, уый тыххæй. Раст зæгъын хъæуы, ссæдз азы размæ ацы хъуыддагыл иуцасдæр бацархайдта Цæллагты Валодя (рухсаг уæд), æмæ 1991 азы фæзынди Цоцкойы фæллæйтты иу хай: аргъæуттæ, уацтæ, тæлмацтæ. Чиныджы ис фиппаинæгтæ дæр, стæй разныхас Æнæаипп нæ уыд ацы чиныг, æмæ уый тыххæй фыста Нафи газет «Рæстдзинад»-ы (1992.07.07). Раст уыди рецензенты хъуыды: «...иугæр Цоцкойы уацмыстæ адæмы рæгъмæ хаста рауагъдад, уæд сæ уадзын хъуыд иумæ, се ’ппæты дæр. Кæд ма уыдзæн ахæм фадат дыккаг хатт?.. Ацы гæххæтты стæмы, ацы цыбыркъух æмæ тыхст-уырыд уавæры ирон чиныг рæхджы удыхосæй зындæр ссарæн уыдзæн, æмæ уый нымаинаг уыди рауагъдадæн — иу боны цæстæй кæсын къуылымпыйы хос у нæ культурæйы рæзтæн». 

Æстдæс азы рацыд уæдæй. «Тыхст-уырыд уавæрæй» бынтон нæма фервæзтыстæм, афтæ та ныл ацы æлгъысты кризис хъæрццыгъайау йæхи андзæрста. Æмæ чиновниктæн замманай æфсон: фæрæзтæ нæй. О, фæлæ нæ кризисы азар куы басыгъта, уыцы рæстæг (2009 азы) дуканиты тæрхæджытыл фæзынди дыууæ чиныджы. Дыууæйыл дæр Цоцкойы ном фыст: Æмбалты Цоцко. «Удварны хæзнатæ» (Гасситы Викторы номыл рауагъдадон-полиграфион куыстуат), « Цоцкойы аргъæуттæ » (чиныгуадзæн «Аланыстон»). Æрттиваг цъæрттыл Цоцкойы ном куы ауыдтон, уæд мæ зæрдæйы талынг къуымы æнæнхъæлæджы цин ферттывта. Уæлдай æхсызгон мын уыди фыццаг чиныджы фенд. Æмбалты фарны лæг æмæ йæ уарзон адæмы къамтæ, ныронг мыхуыры чи нæма уыд, ахæм æрмæг, фыстæджытæ, документтæ, мысинæгтæ... Куыннæ сæ барухс уыдаид мæ зæрдæ! Фæлæ... Куыд арфдæр ныгъуылдтæн «Удварны хæзнаты», афтæ мæ циныл фыдæнхъæлы сау æндæрг бадын байдыдта. 

Мæ фиппаинæгтæ бирæ сты, се ’ппæт нымайыны фадат нæй. Мæнæ сæ сæйрагдæртæ

 

Фыццаг.Чиныджы дыккаг фарсыл кæсæм: «Æрмæг æрæмбырд кодта, бакуыста йыл æмæ чиныг сарæзта Соттиты Риммæ». Фæлæ чиныгыл нæ зыны бæстон профессионалон куысты фæдтæ. Канд зонады нæ, фæлæ царды кæцыфæнды къабазы дæр ис ахæм æгъдау: исты хъуыддаг райдайын кæй фæфæнды, уый фыццаджы-фыццаг æркæсы æмæ лæмбынæг сахуыр кæны, базоны, йæ размæ уыцы хъуыддагыл хæст чи уыд, уыдон куыст, бахынцы, хорзæй сæ къухы цы бафтыди, цæмæй фæрæдыдысты, цы сын нæ бантыст. Уыдæттæ бакæныны фæстæ райдайы архайын æмæ фæтырны раздæры фæлтæрты рæдыдтæ сраст кæнынмæ. Соттионы куыстимæ чи базонгæ уа, уый та æнæмæнг æрцæудзæн ахæм хъуыдымæ: къахдзæф размæ, дыууæ къахдзæфы фæстæмæ. 

«Удварны хæзнаты» разныхасы фыстæуы, уацмыстæ, дам, уадзæм, 20–30-æм азты цы уагыл мыхуыргонд æрцыдысты, уыцы уагыл, дзырдты растфыссынадмæ дæр, дам, æвнæлд не ’рцыди. О, фæлæ нæ растфыссынады æгъдæуттæ абон дæр нывыл куы нæма сты, уæд 80–85 азы размæйы фыссынадмæ куыд и здæхæн? Гъемæ уын мæнæ ахæм куысты фæстиуæг: чиныджы бирæ фæрстыл уынæм орфографиты арвистон. Уыциу дзырд иу ран иу хуызы фыст у, иннæ ран — æндæр хуызы. Зæгъæм, 214 фарсыл фыст и «уыйбæрц», йæ хæд фæстæ цы фарс ис, уым та — «уый бæрц». Афтæ у «цæйбæрц»-ы хабар дæр: кæм æмхæстæй фыст у, кæм — хицæнтæй. «Æдте»-йыл куы «дт»-имæ сæмбæлæм, куы «тт»-имæ. Йæ хъуыддаг нæ ацыди «къулбадæг ус»-æн дæр: иу ран стыр дамгъæйæ фыст цæуы, стæй «ы»-имæ (155 ф.), иннæ ран та — чысыл дамгъæйæ, æнæ «ы»-йæ (43 ф.). Ахæм метаморфозтæ баййæфта дзырд «сæхуыддæг» дæр: кæм æй, ам куыд фыст у, афтæмæй фенæм, кæм та «дт»-имæ. «Цухъхъа» дæр нæм куы дыууæ «хъ»-имæ равдисы йæхи, куы та иу «хъ»-имæ. 

Бæрæг нæу, чердыгон орфографимæ гæсгæ ныффыстæуыди мæнæ афтæтæ: с’ улæнтæ вæййы (12 ф.), й’ æфхæрд (18 ф.), й’ æмгартимæ (19 ф.), йæ стыр къæхтæ (23 ф.), æн ’ахуыйæн (44 ф.), с’ иу кæнæм (101 ф.), дыууадæссæдз (102, 103 фф.), ба ’мбал (484 ф.) æмæ а. д. «Ивддзаг» 30-æм азты уагъд æмбырдгонды раст фыст у, Риммæ та дзы «ивццаг» сарæзта. 

Соттион йæ разныхасы цы кой кæны, ома 20–30-æм азты орфографимæ нæ бавнæлдтон, зæгъгæ, уыцы фæтк дæр æппынæдзух халгæ кæны. Æппæт текстты тыххæй нæ дзурдзынæн, уæд мæ ныхас æгæр адаргъ уыдзæн. Æркæсæм æрмæст «Арвы айдæны аргъау»-мæ. «Ирон адæмы таурæгътæ, кадджытæ æмæ аргъæуттæ» (дарддæр æй хондзынæн ИАТКА), зæгъгæ, 1930 азы Дзæуджыхъæуы цы чиныг рацыд, уым кæсæм: лæббу, сарæста, бæлцдзон, бахæддзæ, дыггаг æмæ а. д. Ацы дзырдтæ æмæ ноджы бирæ æндæртæ Риммæ сфæлыста нырыккон орфографийы дарæсты. Уæд ма цавæр растфыссынадмæ не ’рцыд æвнæлд? Чиныджы уыйбæрц орфографион æмæ пунктуацион рæдыдтæ ис, æмæ сæ нымайæг нымайын нæ бафæраздзæни. Суанг ма Цоцкойæн йæхи ном дæр дыууæ хуызы фыст у. Хæныкъаты Уæлгъайы мысинæгтæ 1968 азы рацыдысты «Мах дуджы» (№ 2), æмæ уым Æмбалты лæджы ном раст фыст у. Уæд ма йæ ацы чиныджы цæмæн фæ-Цоцкъо чынди? 

Диссаг та куыннæ у: «Рæстдзинад»-æй схъиуæццаджы хуызæн чиныгмæ чи бахауд, уыцы уацхъуыдтæ дæр дзаг сты рæдыдтæй. Иу рæдыдыл та дзы дæс хатты æмбæлæм. Ацы уацхъуыдтæ сæ автортæн уæд та куы бакæсын кодтаид чиныгаразæг. 

Чиныджы фарæстæм фарсыл цы къам ис, уый бынмæ Мысыкаты Мæхæмæты ном рæдыдæй фыст æрцыди «Михал». Æндæр къамы та (500-м фарсыл) Цоцко æмæ Абайты Вассоимæ лæууы Æлборты Барис, фæлæ къамы бынмæ рæдыдæй фыст ис Гулуты Андрей. 

Бирæ фæрстыл рæдыдты нымæц хæццæ кæны 10–12 æмæ ноджы фылдæрмæ. Сæргæндтæ дыууæ фарсы дæр æххæстæй не сты, афтæмæй дзы ссардтон 14 рæдыды. Æмæ та æнæбары зæрдыл æрбалæууы, Тахъазты Харум Къостайы «Ирон фæндыр»-ы кой кæнгæйæ цы зæгъы, уый: «Цыма, ирон адæмæн æппæты зынаргъдæр цы чиныг у, уый алыхуызон æнахуыргонд корректорты бар бакодтам...» («Мах дуг», 2009, № 10). 

 

Дыккаг. Чиныджы тексттæ арæх хæлд æрцæуынц. Цоцкомæ ис аргъау «Андурзахъ». «Удварны хæзнаты» уый фестади «Андурзаг» æмæ уацмысы дæр кæрæй-кæронмæ архайы уыцы номимæ. Сыст æмæ æхсæнчъы аргъауы Риммæ «цæдис-æмбал»æй сарæзта «цæдисон æмбал», æмæ уацмысы адæмæн æмбисонды ритм, динамикæ фехæлди. «Гыркъо» та «гуыркъо»-йæ баивта. Цымæ цæмæн? Дыууæ вариантæн дæр куы ис цæрыны бар. Ам дæр хæлд æрцыди, разныхасы нæ цы фæткыл æууæндын кæны, уый. «Мыст мæ уæдæ мауал гæрдæд»-ы бæсты «Удварны хæзнаты» кæсæм: «Мыст мæ уæдæ мауал хæрæд». «Сысты аргъау»-ы та, ныронг хъусгæ дæр кæй никуы фæкодтам, ахæм дзырдыл æмбæлæм, стæй иу хатт нæ, фæлæ æртæ хатты, уымæй дæр иу фарсыл: «пгъа-а». Раздæры чингуытæм куы’ркастыстæм, уæд сбæрæп уый «пгъа-а» нæу, фæлæ «пъа», ома «ба». Уæлдæр цы «Арвы айдæны аргъау»-ы кой кодтам, уымæн йæ райдайæн хæлд у 1930 азы уагъд чиныджы дæр. Цыдæр дзы кæй нæ фаг кæны, уый адæймаг æвиппайды ацахсы. Уацмыс хъуамæ райдайа мæнæ ахæм хъуыдыйæдтæй: «Цардысты æмæ уыдысты лæг æмæ ус. Уыди сын иунæг хъæбул. Иуахæмы баздæхы лæппу йæ ныййарджытæм æмæ сын афтæ зæгъы». Афтæмæй мыхуыргонд æрцыдис «Ирон адæмон сфæлдыстад», зæгъгæ, 1949 азы Дзæуджыхъæуы цы чиныг рацыд, уым. Афтæмæй йæ уынæм Салæгаты Зояйы «Ирон адæмы сфæлдыстад»-ы дыккаг томы (Орджоникидзе, 1961), стæй Джыккайты Шамилы «Ирон аргъæутты» (Орджоникидзе, 1983). Риммæ уыцы чингуытæй куы спайда кодтаид, уæд аргъауы текст «Удварны хæзнаты» афтæ гуылмызтæй нæ рацыдаид. 

Таурæгъ «Базыргантæ» фыццаг хатт джиппы уагъд æрцыди «Мах дуджы» 1935 азы иугонд æвдæм-дыууадæсæм номыры. Фæстæдæр æй Шамил бахаста, цы «Ирон аргъæутты» кой ракодтон, уырдæм. Цæллагты Валодяйы арæзт чиныджы аирвæзти къорд рæдыды. Таурæгъæн йæ ном дæр раст мыхуыргонд не ’рцыди: хъуамæ «Базургантæ» ма уа, фæлæ «Базыргантæ». Стæй цæмæндæр ацы дзырд тексты фыст цæуы стыр дамгъæйæ. Афтæмæй йæ уынæм Соттионы арæзт чиныджы дæр. Тексты дæр ис хæлд бынæттæ. Риммæ йæхицæн куы базын кодтаид, «Мах дуг»-мæ куы ’ркастаид, кæнæ Шамилы «Ирон таурæгътæм», уæд ын ныр йæ аиппытыл нæ дзуриккам. Таурæгъы райдайæн «Удварны хæзнаты» у афтæ: «Цы ран уыди, чи йæ зоны, кæцон уыди, уымæн дæр ницы бæрæг ис». «Мах дуджы» та афтæ: «Цы ран уыдаид, чи йæ зоны, кæцон уыдаид, уымæн дæр ницы бæрæг ис». Тексты æвдæм абзац Валодяйы арæзт чиныджы дæр æмæ «Удварны хæзнаты» дæр мыхыргонд у: « — Тæгæр бæлас, ды — ме ’вдисæн, хурты хурзæрин, ды — мæ комдзог, дунейы фарн, ды та — мæ тæригъæдхæссæг». «Мах дуг»-ы та кæсæм: 

 

« — Тæгæр бæлас, ды — мæ комдзог, æндæр цъиу тæхæг никæцæй зыны. 

Уый фæстæ ма йе ’ргом арвмæ сыздæхта æмæ загъта: 

— Хурты хурзæрин, ды — ме ’вдисæн, дунейы фарн, ды та — мæ тæригъæд хæссæг». 

 

Тексты фæсте ранымайгæйæ цыппæрæм абзац Валодямæ, стæй Соттионмæ райдайы афтæ: «Йæ афæдз аивгъуыдта...» «Мах дуджы» та уыд: «Иу афæдз аивгъуыдта...» 

Ахæм цæвиттонтæ бирæ æрхæссæн ис. Зæгъæм, Тыбылты Алыксандры уацы (451 ф.) кæсæм: «Къуылых æмæ гуылмызыл нымайæм мах нæ ирон æвзаг...» Адæймаг фæгуырысхо вæййы: æвзагæн къуылых уæвæн куыд и? Фæлæ Алыксандрмæ «къуылых» нæу, фæлæ «къуымых». Ацы эпитетæй фыццаг хатт спайда кодта Токаты Алихан йе ’мдзæвгæ «Уæууæй»-ы: «Къуымых — нæ æвзаг». Соттионы арæзт чиныджы та не ’взаг æртæ хатты къуылыхæй разынди (4, 451 æмæ 505 фæрстыл). 

«Охох æмæ йæ ахуыргæнинаг», зæгъгæ, уыцы аргъау фыццаг хатт джиппы уагъд æрцыди ИАТКА-йы. Уацмысы персонажы ном уыцы чиныджы фыст у «Ох!-Ох!» Цы зæгъын æй хъæуы, ахæм æнахъинон хуызы уадзæн нæ уыди номæн, æмæ йæ Салæгаты Зоя йæ дыууæтомон «Ирон адæмы сфæлдыстад»-ы ныффыста «Охох». Текст æнæхъæнæй дæр ивд æрцыди нырыккон растфыссынадмæ. Афтæмæй ма фæстæдæр фæзынди цалдæр чиныджы. Соттионæн æмбæлд уыцы чингуытæм се ’ппæтмæ дæр æркæсын, цæвиттон, бæстон текстологион куыст бакæнын æмæ «Удварны хæзнатæм» æппæты растдæр вариант бахæссын. Афтæ бакусын хъуыд иннæ тексттыл дæр. Сæ фылдæр уыдысты Дзæуджыхъæуы, Цхинвалы æмæ Мæскуыйы уагъд чингуыты, цæттæ сæ кодтой ахуыргæндтæ, æмæ кæд уыдон дæр рæдыдтæй бынтон цух не сты, уæддæр сын «Удварны хæзнаты» тексттимæ абарæн нæй — ахуыргæндты куыст сыл зыны. Риммæ та бавдæлд æмæ нæ 80–90 азы сæрты фæстæмæ акæсын кодта. 

1993 азы чиныгуадзæн «Ир» фотоальбом «Брытъиаты Елбыздыхъо» куы рауагъта, уæд уый фæдыл «Рæстдзинад»-ы (1994.24.08) фæзынд ахуыргæнæг Мадзаты Сосланы рецензи «Тъаран дæр нын дзидза у?» — чиныг канд орфографион æмæ пунктуацион нæ, фæлæ бир-бирæ æндæр рæдыдтæй бæз-бæз кæй кодта, уый фæдыл. Рецензенты сæйрагдæр хатдзæгтæ уыдысты: «Ирон чиныджы та рæдыд кæд нæ аирвæзы? Фæлæ хъуыддаг цас ахсджиагдæр æмæ вазыгджындæр уа, уыйас æм бæрнон кусджытæн хъæуы лæмбынæгдæр кæсын». Æмæ дарддæр: «Кæм ис æфсарм? Æви махæн тъаран дæр дзидза у? Гъе афтæ махмæ зæфцы фыдæй сæфы цыфæнды хорз хъуыддаг дæр. Гъе ахæм хомагæй рæзын кæнæм нæ культурæ, не ’взаг, нæ ахуырад». 

Ацы фаутæ, стæй ма уацы цы бирæ карз ныхæстæ, уайдзæфтæ ис, уыдон иууылдæр хауынц Соттиты Риммæйы куыстмæ дæр. 

 

Æртыккаг. Чиныг композицион æгъдауæй у æнахъинон арæзтытæ. «Хиуарзон лæг», «Мæрдты айдæн», «Базыргантæ» æмæ «Адæймаджы тæригъæдтæ» таурæгътæ сты, Риммæ та сæ аргъæутты хаймæ бахаста. «Адæймаджы тæригъæдтæ» та дыууæ хатты мыхуыргонд у — 92 фарсыл «Мæрдты айдæн»-имæ æмхæстæй æмæ 215-æм фарсыл — хибарæй. 

Чиныгмæ Нарты кадджытæй хаст æрцыди фондз, уыдонæн дæр сæ иумæйаг ном — «Нарты таурæгътæ». Цæмæн таурæгътæ, фыдæй-фыртмæ сæ адæм дæр æмæ ахуыргæндтæ дæр кадджытæ куы хонынц, уæд? Стæй цавæр принципмæ гæсгæ равзæрста Соттион ацы кадджытæ? Цоцко цы нæртон кадджытæ фæфыста, уыдон бирæ куы сты, уæд сын ам бынат цæуылнæ разынди? Риммæ йæхæдæг куы фыссы разныхасы, «мах абон цы Нарты кадджытæ кæсæм, уыдоны ахъаззагдæр хай Цоцко æрæмбырд кодта», зæгъгæ. 

Æниу цæуылнæ сты чиныджы Цоцкойы фыст «Аслæмбеджы зарæг», «Хазбийы зарæг», «Алыккаты Хазби Хъайтыхъойы фырт», «Аслæмбег Алыккаты»? Адон æнцонæй рамыхуыр кæнæн уыди Салæгаты Зояйы «Ирон адæмон сфæлдыстад»-ы дыккаг томæй «чиныгуадзæн «Ир», 2007). 

«Уацтæ, рецензитæ», зæгъгæ, уыцы хайы æмхæццæйæ сты Цоцкойæн йæхи æмæ æндæр авторты фæллæйттæ, суанг «Рæстдзинад»-ы абоны кусджыты уацхъуыдтæ, хуымæтæджы информацитæ. Уый куыд æмбаргæ у? Аивдæр нæ уыдаид Цоцкойæн йæхи фæллæйттæ рахицæн кæнын æмæ сын иумæйаг рубрикæ «Уацтæ, мысинæгтæ, историон цаутæ, фыстæджытæ» раттын? Æндæр авторты фыстытæй та скæнæн уыди хицæн хай «Уæлæмхасæн». Æппындæр нæ фидауынц «Удварны хæзнаты» «Цыбыр зæгъинæгтæ Æмбалты Цоцкойы тыххæй». «Зæгъинæгтæ» чиныджы фæлхат цæуынц, æмæ уыциу ныхас цалдæр хатты куы кæнай, уæд цæсты нал ахады. Зæгъæм, Тыбылты Алыксандры «зæгъинæгтæ» кæсæм разныхасы дæр, стæй 451, 452 фæрстыл дæр, Плиты Хадойы ныхæстæ — 463 æмæ 505 фæрстыл, Елбыздыхъойы ныхæстæ та — цыппар раны: 6, 423, 495 æмæ 505 фæрстыл. Æмæ а. д. 

Цауд фыст у разныхас — ногæй дзы ницы ссардтам. Соттион цы хабæрттæ кæны, уыдон ист сты æндæр автортæй, цыбыр ныхасæй, уац у хуымæтæджы компиляци. Чиныгаразæг Цоцкойы уацмысты æмбырдгондмæ йæхицæн дыууæ уацы кæй бахаста, уый дæр, цыма, нæ фидауы. Ацы ныхæстæ фысгæйæ мæ зæрдыл æрбалæууыд америкаг журналист Эбигайл Ван Берены афоризм: «Адæм дих кæнынц дыууæ хайыл. Иутæ, уатмæ бахизгæйæ, фæхъæр ласынц: „Мæнæ ма кæй уынын!“ Иннæтæ та: „Æз дæр мæнæ дæн!“». 

 

Цыппæрæм. Чиныгæн ныффыссын хъуыди биноныг фиппаинæгтæ. Цæллагты Валодя цы æмбырдгонд рауагъта, уым ис ахæм зонæнтæ, æмæ уыдонæй дæр спайда кæнæн уыди. Раст зæгъын хъæуы, «Удварны хæзнатæн» сæ текстты бынмæ бæрæггонд у, чи сæ кæд радзырдта (раздæры чингуытæй ист), уый. Фæлæ нывыл арæзт чингуыты комментаритæ кæронæй вæййынц, стæй текстологийы æппæт домæнтæм гæсгæ фыст. Ноджы зынæмбарæн дзырдтæн, фразæтæн сæ хъуыды райхæлдæуы, раргом чындæуы. Риммæ та æнцондæр фæндаг равзæрста, æмæ иуæй-иу тексттæн комментаритæ æппындæр нæй. Хуызæн комментаритæ куы ныффыстаид, уæд уацмысты кæрæттæм варианттæ æфтауын нал бахъуыдаид. Ахæм æмхасæнтæ та уынæм 22, 51 фæрстыл (æртыгай варианттæ). 

 

Фæндзæм. Бæрæг у, æппæты кæронæй цы дзырдуат ис, уый талф-тулфæй арæзт кæй у — чиныджы зынæмбарæн дзырдтæ æмæ фразæтæн дзы ис æрмæст сæ чысыл хай. Уыйхыгъд дзырдуаты уынæм, алы ирон дæр кæй бамбардзæн (ирон хонын, иронау дзурын, кæсын æмæ фыссын чи зоны, уыдоны), ахæм дзырдтæ. Зæгъæм: æврагъ, базыры сис, дыдзыхур, змур, кæфы сис, лæзгъæр, мæргъгæ, сивыр, сигæц, султъы (о, хæдæгай, ацы дзырд Риммæ амоны, уадздзаг, зæгъгæ, фæлæ цæй уадздзаг, уый нæ зæгъы. Растдæр уыдаид «æрчъиаджы уадздзаг» ныффыссын). ИАТКА-йы аргъау «Хæлын барæг»-æн ис дыууæ фиппаинаджы: «куыд зонут, ахæм ран — ома æвзæр, æгад ран»; «хъæууаз — сыл саг, мадæл саг». Фæлæ цæмæндæр не сты «Удварны хæзнаты» — нæдæр аргъауы текстимæ, нæдæр дзырдуаты. 

 

Æхсæзæм. Разныхасы Соттион фыссы: «Æвнæлд не ’рцыди Цоцкойы тæлмацтæм дæр». Æвналын сæм, æцæгæй дæр, нæ хъуыди, фæлæ рæдыдтæ сраст кæнын чиныгаразæджы хæс уыд. Райсæм æрмæст иу радзырд — Короленкойы «Макъары фын». Абарстон æй оригиналимæ æмæ дзы ссардтон къорд рæдыды. Короленко йæ уацмыс ромаг нымæцтæй дих кæны хицæн хæйттыл. Уый нæй тæлмацы, æмæ йæ сраст кæнын хъуыди. Тексты æмбæлæм якутаг дзырдтыл. Уыдон тæлмацы чысыл фендæрхуызæттæ сты æмæ сæ банывыл кæнын æмбæлди. Зæгъæм, Короленкомæ ис дзырд Тойон (хицау, хуыцау). Тæлмацы уый фыст у чысыл дамгъæйæ, стæй фыццаг «о»-йы бæсты «а»: тайон. Иннæ якутаг дзырдтæ торбаса (фадыварц, къахыдарæс), кабыс (ныууадз), капсе (дзур), агабыт (фыд) ивд æрцыдысты мæнæ афтæ: тарбаса, кабис, корсе, агабур. Чи зоны, Цоцко сæ раст ныффыста, æмæ, уацмыс джиппы чи уагъта, уыдон аххосæй йæм баирвæзтысты рæдыдтæ. Цыдæриддæр у, уæддæр хъуамæ чиныгаразæг уырзæй барæгау бара алцы дæр. 

 

Æвдæм. Бæрæг нæу, Цоцкойы мысинæгтæ цавæр фæткмæ гæсгæ хаст цыдысты чиныгмæ, уый. Цæуылнæ дзы сты, зæгъæм, зындгонд ахуыргонд Леонид Лавровы «Цоцкоимæ фембæлдтытæ» («Рæстдзинад», 1974 азы 5 январь), Хъуылаты Валодяйы «Æмбалты Цоцко» («Мах дуг», 1976 азы № 10), Æмбалты Додтаны «Хорз лæг адæмæн æхсæны у» («Мах дуг», 1978 азы № 1), «Ног хъæуыхицау» («Мах дуг», 1980 азы № 7), «Рынчынфæрсæг Къостамæ» («Мах дуг», 1982 азы № 5), Æмбалты Додтан æмæ Хъуылаты Валодяйы «Зæрдæйы цæхæр» («Мах дуг», 1987 азы № 8), Баскаты Тамарæйы «Æмбалты Цоцкойы тыххæй мæ мысинæгтæ» («Рæстдзинад», 1996 азы 18 декабрь), Хъуылаты Земæйы «Æмбалты Цоцко» («Рæстдзинад», 1997 азы 26 июль), Тугъанты Энверы «О Цоцко Амбалове» (чиныг «Махарбек Туганов». Цхинвал, 1986, 71, 72 фф.) æмæ æндæртæ? Æрмæстдæр иунæг æфсон ссарæн ис ацы æнæрхъуыды-æнæсæрфат мийæн: чиныгаразæджы йæхицæн зын бакæнын не ’рфæндыди, куыд æмбæлы, афтæ не ’ркаст архивтæм, нæ рафæлдæхта журналты, газетты сыфтæ. Уыйхыгъд нæ бацауæрста, Цоцкойы номыл преми кæй къухы бафтыд (уыцы номхыгъды ис йæхæдæг дæр), уыдон тыххæй æрмæг парахатæй, таучелæй чиныгкæсæджы раз æрæвæрын (хуызистытæ, газетон уацхъуыдтæ æмæ а. д.). Æмбалты фарны лæджы сфæлдыстадон бынты фарсмæ ацы æнахъинон уæлæмхасæнтæ-йедтæ ничердыгæй фидауынц, гормон, Риммæ! Æви фыдæл рæдигæ кодта, уæлæмхасæн хæдзар халы, зæгъгæ, куы загъта, уæд? Кæд афтæтæ ’мбæлы, уæд, цымæ, Къостайы премийы лауреаттæ кæмæй æнæхъочахдæр сты? Цæуылнæ сæ хæссæм «Ирон фæндыр»-мæ? Уадз æмæ «Всати», «Хъуыбады», «Бирæгъ æмæ хърихъупп», кæнæ «Æрра фыййау»-ы фарсмæ уой — сæ царды æмæ сгуыхты койтимæ! 

 

1924 азы Хуссар Ирыстоны газет «Хурзæрин»-ы дыккаг номыры Коцойты Арсен рауагъта цыбыр афæлгæст, Берлины цы æртæ ирон чиныджы рацыди (Къостайы «Ирон фæндыр», «Песня об Алгузе» æмæ «Нарты Батырадз»), уыдоныл. Фæстаг чиныджы тыххæй афтæ зæгъы Арсен: «Кадæггæнæг куыд дзырдта, афтæ фыста, æвæццæгæн, Æмбалты Цоцко, æмæ уымæй хорз бакодта — зæронд ныхасы арæзтытæ дзы æнагайдæй баззадысты. Ам дæр та иу диссаг ис: чиныг рауадзæг Гутнат дæр йæ ном фæтъыста Цоцкойы номимæ. Ссардзыстут дзы ахæм фыст: „Цоцко æмæ Елбыздыхъо хæлар кæнынц ацы чиныг ирон адæмæн“. Æвæццæгæн, „Æз дæн“ у сыгъдæг ирон низ». 

Ам ма комментариты сæр истæмæн хъæуы? 

Аивдæр уыдаид, «Удварны хæзнатæм» Соттион йæхицæн цы дыууæ къамы бахаста, стæй йыл Джусойты Клавдия цы стауæн ныхæстæ фæфыста, уыдон йæхи æмдзæвгæты кæнæ радзырдты æмбырдгондмæ бахæссын. Æниу уым дæр сфидыдтаиккой — мæгъа. Уымæн æмæ бæрцæй цы нæ уа, уым кад нæй. Æркæсут-ма, цытæ йыл фыссы цæстуарзон Клавдия, уымæ: «Риммæ йæ фæлмæн арм æмæ зæрдæйы хъармæй бирæ сфæлдыстадон æрмæджытæн фенын кодта царды рухс, фыццаг уым разынд йæ æвæджиауы курдиат æмæ арф зонындзинæдты ирд тæмæн. Йæ æнæкæрон уарзондзинад йæ раттæг адæммæ, йæ нацийы удварны хæзнатæм, Ирыстоны урссæр хæхтæ æмæ къæдзæхтæм Риммæйæн балæвар кодта сфæлдыстадон хъомыс. Уымæн æвдисæн сты йæ бирæ фæллæйттæ алыхуызон литературон жанрты». 

Цæй, æмæ та ацы ран дæр ныхасы бар раттон мæнæй зондджындæртæн. Дыгурон æмбисонд: «Алцæмæн дæр фæдгæ йес». Араббаг æмбисонд: «Кто хвалит в человеке то, чего в нем нет, тот насмехается над ним». Уырыссаг æмбисонд: «Иная хвала хуже поношения». Апойнаг æмбисонд: «Не доверяй человеку, расточающему тебе похвалы». 

Клавдияйы иннæ ныхас та, «алырдæм дæр æй куы барай», уæддæр тынг зынтæй бамбардзæн адæймаг: «Бахъуыд 140 азы, цæмæй ирон аив дзырд йæ удлæууæн кæмæн уыд, ирон адæмы рагон цыртдзæвæн — нæ фольклор — йæ хæххон хуры тын — Æмбалты Цоцкойы сфæлдыстадон бынтæ ирон чиныгкæсæджы размæ рахæссынæн». 

Цоцкойы райгуырдыл афæззæджы сæххæст уыдзæни 140 азы. Æмæ Джусойоны нымадæй, Æмбалты хорз лæг йе сфæлдыстадон бынтæ йæ мады гуыбынæй йемæ рахаста. Æниу ын йæ фæллæйттæ ирон адæм ивгъуыд æнусы райдайæнæй йе ’рцахсыны онг куы кастысты, уæд ма цавæр 140 азы кой кæны Клавдия? Цы чингуыты, журналты, газетты цыдысты Цоцкойы аргъæуттæ, кадджытæ, уацтæ, тæлмацтæ, уыдон нымайыны сæр ам ницæмæн хъæуы, зонæм сæ, сæ фылдæр сын Соттион дæр амоны, суанг ма сæ хуызистытæ дæр сты «Удварны хæзнаты». 

Уырны мæ, Риммæйы зæрдиагæй фæндыди, Цоцкойы уацмысты чиныг, куыд амал ис, афтæ зæрдæмæдзæугæдæрæй, æнæаипдæрæй куы рацыдаид, уый. Фæлæ химæ исты бæрн райсынæн æрмæст фæндон фаг нæу, æндæр цыдæртæ ма дзы хъæуы. 

Дыууæ ныхасы, «Цоцкойы аргъæуттæ», зæгъгæ, Цгъойты Хазби цы чиныг сарæзта, уый тыххæй. Уæвгæ, «сарæзта» ам, æвæццæгæн, нæ фидауы, уымæн æмæ дзы аразинагæй ницы уыди. Аргъæуттæ иууылдæр ист сты, Цæллагты Валодя 1991 азы Цоцкойæн цы «Уацмыстæ» рауагъта, уырдыгæй, суанг сæ фæд-фæдыл равæрд дæр æмхуызон у. Æрмæст дзы нæй Валодяйы фыст фиппаинæгтæ. Разныхас дæр Хазби йæхæдæг ныффыста. Фæлæ — æргом ныхасы къæм нæй — ногæй дзы ницы ссардтон, уый дæр, Соттионы разныхасау, у алы авторты уацты æмæ мысинæгты бындурыл талф-тулфæй амад компиляци. Ноджы дзы ис рæдыдтæ, галиу чындæуы иуæй-иу факттæ. Цоцкойæн йæ райгуырды аз дæр раст нæ амоны Хазби: 1870 азы бæсты дзы кæсæм 1871. «Ирон æвзагмæ раивта (Цоцко. — Хъ. Æ.) Шиллеры драмæтæ «Абырджытæ» æмæ «Вильгельм Телль». Фыццаг хатт мыхуыры рацыдысты 1924 азы Берлины», — фыссы Хазби. «Вильгельм Телль» мыхуыры кæй рацыд, уый раст у, фæлæ «Абырджытæ» абон дæр рухс нæма федтой. «Базырджын систы, æртынæм азты Ирыстоны хуыздæртæ цагъды куы кодтой, уæд Цоцкойы ныхæстæ: «Иры фарн фæцæуы, Иры фарн, лæппутæ!» — зæгъы разныхасы автор. Хъуыдыйад нывыл арæзт нæу. Афтæ уайы, цыма Иры хуыздæртæ æнаххосæй куы сæфтысты, уæд Цоцкойæн æхцон уыд æмæ фыр цинæй базырджын ныхæстæ кæныныл схæцыди. Дыккаг та уый, æмæ Иры хуыздæртæ цагъды нæ кодтой, фæлæ сæ цæгъдгæ кодтой. Æмæ ма ноджы иу фиппаинаг. Цоцкойы ныхæсты апп иуырдыгонау æмбарын кæнын, æвæццæгæн, гуырысхойаг хабар у. Поэзийы уымæн уæвæн ис (Джыккайты Шамил æй йæ сонеты куы загъта), фæлæ... 

Цæллагты Валодяйы арæзт чиныджы, «Аргъæуттæ», зæгъгæ, уыцы хаймæ хаст æрцыдысты таурæгътæ æмæ кадджытæ «Куырттаты кадæг», «Саггаты уæйгуыты фынæй», «Иунæджы кадæг» æмæ «Базыргантæ». Уыцы рæдыд та механикон хуызы рахызти «Цоцкойы аргъæуттæм» дæр. Афтæ зæгъæн ис иннæ рæдыдтæй дæр. Уæвгæ дзы иуæй-иутæ растгонд æрцыдысты, фæлæ иннæтыл та æфтгæ бакодта. 

Цоцкойы «Удварны хæзнатæ» æмæ «Цоцкойы аргъæуттæ» уыциу рæстæг хицæнтæй кæй рацыдысты, уый та ма уæлдай хатт дзурæг у, адæмы хъæр дæр æмæ кæрæдзи дæр кæй не ’мбарæм, ууыл. Фæйнæ планетæйыл куы нæ цæрæм, гормæттæ. Ау, армыдзыхъхъы йас Ирыдзыхъхъы баныхас кæнæн нæ уыди: дыууæ чиныгыл цы фæрæзтæ хардзгонд цæуы, уыдон баиу кæнæм æмæ нæ рухсыбадинаг фарны лæгæн дыууæ чиныджы бæсты иу, фæлæ адæмымыггаг чиныг рауадзæм! 

Фæлæ, уæууæй, уæууæй... 

Дыууадæс æмæ дыууæфондзыссæдз азы размæ дунейы рухс федта фыццаг ирон чиныг. Дыууæ æнусы æмæ дыууадæс азмæ чиныг нывыл уадзын чи нæ базыдта, уыцы адæмы, куыд уынæм, афтæмæй чиныг нæ хъæуы, æмæ сын æй Сау Сæгъ куы бахæра, уымæй фæллойаг у. Сау Сæгъ та, Коцойты Арсен куыд зæгъы, афтæмæй рæсугъд чиныг «фæткъуыйы сыфтæртæй адджындæрæн» хæры. (Кæс Арсены радзырд «Сæгъ æмæ чиныг»). 

 

25.06.2010 



<==    Комментарии (7)      Версия для печати
Реклама:

Ossetoans.com OsGenocid ALANNEWS jaszokegyesulete.hu mahdug.ru iudzinad.ru

Архив публикаций
  Января 2024
» О чем рассказали восточно-европейские руны
  Ноября 2022
» От Кавказа до Волги
  Августа 2022
» Кавказцы глазами русских: говорят архивные документы...
  Марта 2022
» К вопросу о заселении Фиагдонской котловины, по данным фамильных и народных преданий
» О новых именах в истории царственного дома средневековой Алании
  Февраля 2022
» К ВОПРОСУ ОБ УДЕЛЬНЫХ ВЛАДЕТЕЛЯХ УАЛЛАГКОМА ПО ФАМИЛЬНЫМ, НАРОДНЫМ ПРЕДАНИЯМ И АРХИВНЫМ МАТЕРИАЛАМ
  Декабря 2021
» Осетинская религия; религия осетин (Ирон дин)
  Мая 2021
» Иверская (Моздокская) икона Божией Матери
  Мая 2020
» Соотношение понятий Æгъдау, религия (дин), вера во внутриосетинской дискуссии
  Июля 2019
» Открытое обращение представителей осетинских религиозных организаций
  Августа 2017
» Обращение по установке памятника Пипо Гурциеву.
  Июня 2017
» Межконфессиональный диалог в РСО-Алании состояние проблемы
  Мая 2017
» Рекомендации 2-го круглого стола на тему «Традиционные осетинские религиозные верования и убеждения: состояние, проблемы и перспективы»
» Пути формирования информационной среды в сфере осетинской традиционной религии
» Проблемы организации научной разработки отдельных насущных вопросов традиционных верований осетин
  Мая 2016
» ПРОИСХОЖДЕНИЕ РУССКОГО ГОСУДАРСТВА
» НАРОДНАЯ РЕЛИГИЯ ОСЕТИН
» ОСЕТИНЫ
  Мая 2015
» Обращение к Главе муниципального образования и руководителям фракций
» Чындзӕхсӕвы ӕгъдӕуттӕ
» Во имя мира!
» Танец... на грани кровопролития
» Почти 5000 граммов свинца на один гектар земли!!!
  Марта 2015
» Патриоту Алании
  Мая 2014
» Что мы едим, или «пищевой терроризм»