«Дунейы сæр æгъдау у». «Æгъдау æмæ рæстдзинад иу цæды галтæ, маргъы дыууæ базыры сты, æнæ уыдон цардæн размæ цæуæн нæй». «Цардæн йæ хъæздыгмæ ма бæлл, фæлæ — йе ’гъдаумæ». Æмæ ма бирæ æндæр ахæм куырыхон ныхæстæ фехъусæн вæййы ирон адæмæй æгъдауы тыххæй. Уымæн æмæ уый у царды мидис, суанг ус æмæ лæджы, бинонты ’хсæн дæр. Æхсæндзардæн та — йæ рахæцæн. Афæстаг рæстæг, кæнгæ æмæ тыхмитæй чысыл куы сулæфыдыстæм, уæд ирон адæм сæ фыдæлты рæсугъд æгъдæуттæм се ’ргом уымæн тынг аздæхтой.
Здахгæ бæргæ акодтой, фæлæ цард фæлтæрты рæхысау цæгбастæй фидар у. Иу фæлтæр иннæйы фарн исгæйæ, царды фæлтæрддзинад исы, æмæ йын уый фæрцы размæ акъахдзæф кæнын æнтысы. Ирон адæмы абоны астæуккаг фæлтæры та йæ рæзгæ бонты фæиппæрд кодтой хистæр фæлтæрæй. Нал ын бæззыд йæ зонд, йæ цард, йæ уаг, йæ фæлтæрддзинад, æмæ нæ фыдæлты фарнæй гом-æгæрццæй, ихы сæрыл аззад. Ныр ма «иугæйттæй агурæм фароны хæтæлты», æмæ, нæ къухы цы æфты, ууыл цин кæнæм.
Нæ къухы цы æфты, уый та фаг нæу, æмæ тыхсынц ирон адæм. Алы хъуыддæгты хи куыд дарын хъæуы, цавæр рæсугъд æгъдæуттыл дзы ныххæцой, уый нал фембарынц æмæ, йæ чи куыд федта, фехъуыста, фылдæр хатт та, раст æмæ йæм рæсугъд куыд кæсы, афтæ кæны. Уый цалх ногæй æрхъуыды кæныны хуызæн у. Ахæм æрхъуыдыдзинад та къухы дзæвгар азты фæлтæрддзинады фæрцы æфты.
Æмæ тыхсынц бирæтæ, быцæу рауайы зианы, цины, иу кæнæ иннæ æгъдау куыд растдæр æмæ рæсугъддæр кæнгæ сты, ууыл. Ферох сæ кодтой иуæй-иу карджын хистæртæ дæр. Уымæн æмæ сæ сæр бирæ рæстæг ницæмæн уал хъуыд — ирон ног æгъдæуттæ сын сæ кабинетты фыстой партион кусджытæ, æвæлтæрд, суанг ирон фарнæй иппæрд чи уыд, ахæмтæ дæр, æмæ сæ адæмы рæгъмæ тыхæй хастой. Чи сын нæ коммæ каст, уыдоны æмбырдты, мыхуыры, радио æмæ телеуынынады дзырднамонд кодтой. Афтæмæй ирон рæсугъд æгъдæуттæй бирæты чидæртæ ферох кодтой, иннæтæн та фадат нал фæци сæ базонынæн.
Ныр адæм фæрсынц, базонын сæ фæнды, сæ фыдæлтæй сæм цы æгъдæуттæ, царды фæтк æрхæццæ, уыдон куыд равзæрдысты, афтæ сæ цæмæн кæнæм, растдæр куыд у, уыдæттæй.
Алцы базонæн нæй, фæлæ адæймаг хъуамæ тырна фылдæрмæ. Адæймаг уыцы уагмæ уæлдай тынгдæр арæзт вæййы, искæй фæрстытæн æй дзуапп радтын куы фæхъæуы, кæнæ цыдæр хъуыддагмæ зæрдæргъæвд куы вæййы, уæд. Æмæ уæд алы фарстæн дæр йæхимæ, адæммæ, чингуыты дзуапп агурыныл ныллæууы. Æз дæр, цы зонын, уый — адæмæй, чингуытæй. Цы нæ зонын, уымæй дæр фæрсын адæмы. Æмæ дæм цынæ хуызы фарст ратдзысты зонгæтæ, æнæзонгæтæ. Уæлдайдæр та, ирон æгъдæуттæ æмæ цардыуаджы фæткмæ раздæры партион, æхсæнадон кусджытæ, дины ныхмæ тохы ахуыргæндтæ чи сси æмæ ныр сæхи æндæр хуызы равдисынмæ чи хъавы, уыдон сæм куы фæныхилынц, уæд. Уыдон раздæры царды уылæнты тынг арæхстысты ленк кæнынмæ, ирон цард, нæ дунембарынад сæ æппындæр никæцырдыгæй æндæвта, æмæ сæ нæ базыдтой, афтæмæй та сæ ныр — зæрондæй дæр царды уæллагдæр уылæнтыл уæвын фæнды. Æмæ, ницы зонгæйæ, амонæг свæййынц. Уымæй, фæрсын нæ зонынц, фæлæ раздæрау сты тынг хъæппæрисджын истытæ æрхъуыды кæнынмæ. Ирон æгъдæуттæ та нæм æрхæццæ сты нæ фыдæлтæй, æмæ дзы æрхъуыды кæнинаг ницыуал ис. Ис сын фæхуыздæр кæнæн — абоны цардыл сæ æнгомдæр бабæттæн.
Ирон æгъдæуттæ фыст закъон не сты, цардыл, хъуыды æмæ аивдзинадыл баст сты, сæрибардзинад уарзынц. Гъе, уымæ гæсгæ сæ æххæст чи фæкæны, уый ма сыл бафтауы йæхи, йæ сыхы, йæ хъæубæсты фарн. Æмæ хатт иу кæнæ иннæ æгъдау йæхи чысыл æндæрхуызонæй равдисы. Уæд амоныны бæсты фæхъæуы бафæрсын, цæмæн афтæ кæнут, зæгъгæ.
Алагиры мæм иу хæрнæджы фынгыл сæвзæрд фарст. Куыд зонæм, афтæмæй фынгыл сæр æмæ бæрзæй æвæрд цæуынц фæрсæй-фæрстæм (бæрзæй сæрыл æвæрын аив нæу). Цины фынгыл ма сæ сæрыл æвæрд вæййы уæн, цæмæй æртæ уой, кæстæртæн нуазæн куы дæттой, уæд уымæй дæр хай адæттой. Зианы фынгыл сты æрмæст сæ дыууæ: сæр — галиуæрдыгæй, бæрзæй — рахизæрдыгæй. Алагиры ма сын сæ сæрыл æрæвæрдтой æвзаг æмæ дыууæ фæрсчы. Цæмæн? Уыцы фарст мæм сæвзæрд уайтагъд, æмæ æнхъæлмæ кастæн йæ раттынæн фадатмæ. Мæнæй фæраздæр æртыккаг хистæр. Хион уыд, уымæй дæр алагираг æмæ йыл, фæрсæг сонт у, зæгъгæ, ничи ахъуыды кодтаид, æмæ ныфсджындæр разынд. «Ай Хърупс у, æз та Салыгæрдæны базæронд дæн, æмæ нæхимæ хæрнæджы фынгыл æвзаг æмæ дыууæ фæрсчы сæрыл æвæргæ никуы федтон, — загъта уый. — Сымах сæ цæмæн æрæвæрдтат? Кæцы æгъдауæн?». — Се ’гъдау куы æрцæуа, уæд æй базондзынæ, — загъта йын хистæр. Фæлæ се ’гъдау фынджы кæронмæ дæр нæ рабæрæг. Æмæ сæ цæмæн æрæвæрдтой, уый нæ базыдтам. Æвæццæгæн, хъæугæ дæр нæ кодтой. Хæрнæджы фынг цас хуымæтæгдæр, æнæуæлдай митæй уа, уыйбæрц мардæн удыбæстæдæр у. Æмæ ууыл архайын хъæуы.