Баситы Михал
Æз ма уæд хæрз лæппу уыдтæн, Цоцко та йæ тæккæ лæджы кары. Тынг хæлар уыдис Зæнджиаты Бæбуимæ. Бæбу махмæ хæрз хæстæг цардис нæ уынджы. Цоцко-иу Ленинградæй Æрыдонмæ куы ссыд, уæд-иу бон фæцис Æрыдоны, дыккаг бон-иу æрбацыд Алагирмæ Бæбумæ. Цæмæндæр æм хорз каст мах дуармæ æрбадын бандоныл. Кæнæ мæн, кæнæ-иу ме ’фсымæр Исламы арвыста, Бæбумæ мын фæдзур, зæгъгæ.
Махæн ахуыргæнæг уыдис Бæбу. Лев Толстойы уацмыстæ уымæй хуыздæр ничи ратæлмац кодта иронмæ. «Хаджи-Мурат», «Казаки», «Кавказский пленник», Горькийы «Челкаш», Неверовы (А. Скобелевы) «Ташкент — город хлебный» æмæ æндæртæ. «Челкаш» мах кастыстæм скъолайы ахуыр кæнгæйæ.
Хорз ма йæ хъуыды кæнын, Цоцко-иу Бæбуйы Нармæ хуыдта. Уæды рæстæг цæй автобустæ уыди. Кæд-иу сæ æрзæтласæг машинæ кæнæ уæрдонылцæуæг йемæ авæрдта, уæд хорз. Кæннод-иу суанг Нармæ фистæгæй бацыдысты. Бæбу-иу уый фæстæ дзырдта, Цоцко, дам, æд къахыдарæс никуы ссæуы Къостайы райгуырæн хæдзармæ. Йæ дзабыртæ, дам, раласы, йæхи суадоны цæхсы, стæй дзуары бынмæ куыд цæуай, афтæ табугæнгæ бацæуы хæдзармæ. Цæугæ та фæкæны разæй.
Уыдæттæ-иу дзырдта Баситы Миха дæр. Миха уыд хъæбатыр ирон чызг Баситы Чабæханы фыд. Уый дæр Цоцкоимæ хæларæй цард. Ахуыргонддзинад дæр æм уыдис. Искæй искуыдæм гæххæтт фыссын бахъуыд, уæд-иу Михамæ цыд. Комы лæг æй хуыдтой адæм.
Къоста куы æруæззау, хуыссæнуатæй куы нал стад, уæд æм уыдон ацыдысты рынчынфæрсæг. Уыцы хабæрттæ Æмбалты Доттан фыста журнал «Мах дуджы» номыртæй иуы 70-æм азты.
Къостайы мардыл Цоцко сау дардта йæ царды кæронмæ. Хил рауагъта. Йæ цъæх цухъа сауæй раивта æмæ цæрæнбонты сау фæдардта. Вообще Цоцко — эталон осетина-мужчины. Он, к тому же, был несказанно скромен и благороден.
...Уыдаид 1933 аз. Уалдзæг. Раст мартъийы мæй. Æз уæд скъоладзау уыдтæн. Не скъола та уыд инæлар Трейтер раздæр кæм цард, уыцы хæдзары. Уыцы скъолайы кæрты фæстаг хатт федтон Цоцкойы.
Уыдис хур бон. Мит кæм атад кæрты, уымыты зæхх ранæй-рæтты фæсур.
Уалдзыгон куыд вæййы, афтæ зæххы улæфт урс мигъы хуызæн фæлмæй йæхи хæрдмæ иста. Уыдис нæм Зæнджиаты Бæбуйы урок литературæйæ. Кастыстæм Максим Горькийы «Челкаш». Уалынмæ лæппутæй чидæр афтæ:
— Бæбу, дæлæ ма кæртмæ акæс!
Акастис. Кæрты лæууыд Цоцко. Бæбу йæ куы ауыдта, уæд йæ къæлæтсæр лæдзæг йæ цонгыл баппæрста, къуылыхгомау уыд, уый дæр дзы, æвæццæгæн, айрох, æмæ атагъд кодта уазæгмæ. Йæ къухтæ фæйнæрдæм фæхаста, афтæмæй атындзыдта Цоцкомæ. Йæ кæрцы фæччитæ дæр ныппака сты фæйнæрдæм, афтæмæй Цоцкоимæ кæрæдзийæн ныхъæбыс кодтой.
Махæн бæргæ афæдзæхста, уæхæдæг уал кæсут «Челкаш», зæгъгæ, фæлæ мах, ахуырдзаутæ, нæ цæстытæ сарæзтам дыууæ æхсызгон хæлармæ. Уыдон кæрты хурварс ран æрбадтысты æмæ æхсызгон ныхас кодтой.
Ист сты у чиныгæй:
Æмбалты Цоцко. «Удварны хæзнатæ».
Чиныг сарæзта Соттиты Р. — Дзæуджыхъæу: 2009.)