Мардæн йæ дыууиссæдзæм бон кæдæй нымайгæ у: йæ мæлæн бонæй, æви йæ ныгæнæн бонæй? Æз дæуæй хистæр дæн, фæлæ йæ мæ зонд нал ахсы, сдызæрдыг дæн, — æрбадзырдта мæм мæ хорз зонгæ.
Цард ахæм у, æмæ йыл адæймаг цин дæр кæны æмæ дзы тыхсгæ дæр скæны. Уымæн æмæ дзы тыхсинаг хъуыддæгтæ бирæ ис. Тыхст адæймаг та йæ сабыр зондыл нал вæййы, йæ хъуыдыты арф бацæуын æй нал фæуадзы цардыл мæт. Æмæ истæуыл дызæрдыг кæнгæйæ, фæрсын уымæн хорз у. Мæ рагон зонгæ дæр уыцы уавæры уыд. Ахæм уавæры фыст динтыл хæст адæм сæ чингуытæм æркæсынц. Мах та уал фæрсæм кæрæдзи.
Кæй зæгъын æй хъæуы, мардæн йæ дыууиссæдзæм бон нымайгæ у йæ амæлæн бонæй. Адæймагæн уæд аскъуыйы йæ уд йæ буарæй. Удыскъуыд фæу, — ахæм æлгъыст дæр ма нæм ис. Кæнæ йæ уд систа дæр фæзæгъынц æмæ уæд ахицæн вæййы цардæй. Йæ ныгæнæн бон мардæн алы адæмтæм вæййы алы бонты. Ирон адæм æй ныгæнынц æртыккаг бон, пысылмæттæ боны фыццаг æмбисы куы амæла, уæд уыцы бон дæр. Гуырдзы, стæй уыдонмæ гæсгæ Гуырдзыстоны чи цæры, уыцы ирæттæ дæр хатт сæ марды уæлæуыл къуырийæ фылдæр дæр фæдарынц. Æмæ йын уæд йæ дыууиссæдзæм бон йæ ныгæнæн бонæй куыд хъуамæ нымайой?
Динон уырнынадмæ гæсгæ, дам, мардæн йæ уд дыууиссæдз боны нæдæр мæрдтимæ вæййы, нæдæр — удæгæстимæ, дыууиссæдз боны дыууæты æхсæн æнцой нæ фæзоны. Дыууиссæдзæм боны мæрдтыл бафты æмæ æрæнцайы. Уыцы бон ын мысæн бон дæр уымæн скæнынц. Афæдзы фæстæ та зæронд мæрдтимæ нымад æрцæуы. Æмæ, дам, ын йæ афæдзы кæнд йæ боны нæ хъæуы кæнын, хъыг, дам, ын вæййы, цы мыл батагъд кодтой, зæгъгæ. Гъе уымæ гæсгæ алчидæр фæтырны йæ марды афæдзы кæнд чысыл фæстæдæрмæ аргъæвынмæ.