Ирон адæммæ рахиз æмæ галиу æрмæст дыууæ фарсы нæ амонынц, фæлæ ма сын ис уырнынады мидис дæр. Зæгъæм, хорзы тыххæй алцыдæр кæнæм рахизæрдæм. Къухылхæцæг ног чындзæн йæ ныййарджыты хæдзары рахæцы йæ рахиз къухыл, дыууæ раны дæр æй фынджы хистæрты размæ бакæны сæ рахизæрдæм, Сафайы рæхысы алыварс-иу æй æртæ хатты æрзилын кодтой рахизæрдæм, йæ хыз ын хызисæг сисы Сæрзæды хæцъил — тырысагонд ын йæ сæры алыварс æртæ хаттæ рахизæрдæм куы æрзилы, уæд. Цины фынгыл Хуыцау æмæ йе сконд зæдты, дауджыты ном арæм кусартæн йæ рахиз базыг æмæ рахиз æртæ фæрскæй, кувæндонмæ дæр ын хæссæм йæ рахиз æртæ фæрсчы, фынгыл ын йæ рахиз хъус дарæм гомæй, цæмæй амона рахиз — хорз хъуыддаг. Цины фынгмæ нуазæн хæссæм рахиз фарсмæ. Ног хæдзармæ, фатермæ, уазæг йæ фысымтæм бахизы рахиз къахæй, дзабыр раздæр скæнæм рахиз къахыл, фембæлгæйæ исæм кæрæдзийы рахиз къухтæ. Рахиз æрфыг дæ хæры — хорзмæ дын цæуы, галиу — æвзæрмæ.
Галиу амоны æнамонд, фыдох, фыдæх, маст, æнæрастдзинад, фæхъæуын. Хуымæтæджы нæм нæй дзырдтæ: галиузонд, галиудзинад, галиуад. Фыдуаг сывæллонæй дæр ма фæзæгъæм галиу у, схъæр ыл кæнæм, галиу ма кæн, зæгъгæ. Бæллæхы куы бахауæм, уæд фæзæгъæм: «Мæнæ мыл мæ хъысмæт галиуæрдæм куыд разылд!». Адæймаджы фæхъуыд дæр нымайæм галиудзинадыл. Уымæ гæсгæ йе ’гъдæуттæ дæр арæзт цæуынц галиуæрдæм: мæрдадзы устытæ бадынц йæ чырыны рахиз фарс, цæмæй йæ галиуварс уа гом, æмæ йæм мæрддзыгой адæм къухæвæрынмæ цæуой галиуварсмæ, æвдиса галиудзинад. Йæ хæрнæджы фынгыл дæр гом у кусарты сæры галиу хъус. Мæрдджынтæ арфæйы нуазæн куы рахæссынц, уæд æрлæууынц галиуварс, фынгыл мыггаджы хистæры фæстæ æмæ уыимæ баиу вæййынц.