Марды уæлхъус йæ ныгæнæн бон радзурынмæ алчи йæ ныфс нæ хæссы. Зын у, зæрдæ уынгæг кæны æмæ цы зæгъын фæхъæуы, уыдон зонд нал фæахсы. Ноджы ма дзурæджы фæтыхсын кæнынц иуварсæй кæсæг адæмы дзолгъо-молгъо æмæ æнæразыдзинады цæстæнгас. О, фæлæ ныхасгæнджытæй иутæ сæ худтæ куы сисынц, иннæтæ та — нæ. Уæд уый афтæ цæмæн у? Куыд растдæр у? — бафæрсынц.
Ирон адæммæ худ исгæ у кувæндоны бын, стæй кувгæйæ. Иронæн йе стырдæр æнкъарæн æвдисы ахæм ныхас: «Худаистæй дæ разы зоныгыл лæууын». Ома, уый бæрц дын аргъ кæнын, аргъуц, нымд дæ кæнын æмæ дын Хуыцауæн, зæдæн исæгау мæ худ систон, стæй æрзоныгыл кодтон. Зианы æгъдау æндæр у, фыдохы æнкъарæнтæ æвдисгæйæ нæ дзаумайы конд дæр æндæр вæййы. Сылгоймагæн æнæ сæрбæттæн, гом цонгæй, нæлгоймаджы хæлафы цæуын не ’мбæлы. Æнæ худæй æмæ цыбырцонг хæдоны мардмæ цæуын не ’мбæлы нæлгоймагæн дæр. Æгъдау домы: зианджынæй дæрддзæф ма ацу, хъæрæй ма ныхас кæн, дæхи хъæлдзæг ма дар. Зианджыны фарсмæ балæууынмæ æрбацыдтæ æмæ йын йæ хъыг æнкъар. Уый февдисы нæ дзаумайы хуыз æмæ конд дæр.
Уæд табæты (чырыны) раз, марды галиуварс сæры æрдыгæй æрлæугæйæ ныхасгæнæг йæ худ цæмæн хъуамæ сиса! Нæ фыдæлтæ Ныхасы уынаффæ æмæ фæндон зæгъыны рæстæджы дæр сæ худтæ нæ истой. Æнæ худæй уынджы рацæуын хистæртæн нæ, фæлæ фæсивæдæн дæр худинаг уыд. Нæлгоймаджы худ æмæ сылгоймаджы кæлмæрзæны фарн уыд. Кæлмæрзæн дыууæ туджджыны фидауын кодта. Худ та нæлгоймаджы сæры кад уæлдæрмæ иста. Хистæры худы фарн уыд, сывæллоны дæр æм æвналын нæ уагътой. Хæдзары бæрзонд ран æвæрд уыд.
Худ æгъдауы исгæ у: кувгæйæ æмæ кувæндоны бын. Стæй хæдзары, фынгыл æмæ, исты кусгæйæ, куы дæ хъыгдара, уæд. Зианы марды уæлхъус, стæй фынгыл дæр нæлгоймагæн худ исын нæ хъæуы. Уый дæр бæрæг кæны адæм фыдохы уагыл кæй сты, æгъдауы сæрты ахизын сæ хъуыдыйы кæрон дæр кæй нæй, зианджыны рис сæ зæрдæтæм кæй айстой æмæ йемæ кæй хъыг кæнынц. Йæ худ нæ иста бæхфæлдисæг дæр. Уый бæрæг у Тугъанты Махарбеджы нывтæй дæр.