Лæгты ку 'арвыстон фæстæмæ, уæд мæ зонд куыддæр ысдзæгъæл,
Чызгæй ницы хъуыст, мæ риуы маст ысцырын ис, ысцæхæр.
Кастæн быдырмæ бæрзондæй, бадæн сагъæссаг, фыдæгъгъæл:
Уым цы ныв федтон æвирхъау, — у лæджы 'взагæй зын зæгъæн, —
Уайынц фистæгæй дыууæйæ, февзæрдтæн сæ разы уадид,
Уайтагъд базыдтон Асматы, уымæн йемæ йе 'ххуырст уади.
Онгмард, рустæтынд — мæ разы, чызг уæлхъæдæй цыма тади
Æмæ йе 'рхæндæг æнгасæй зæрдæ хæлдис æмæ 'руади.
Æз фæсонтау дæн, фæсæццæ, уæнгты уазал ихдон ацыд:
«Асмат! — адæргæй ма сдзырдтон, — уый, мыййаг, фыдбылыз мацы!..»
Исдуг дзуапп раттын мæ фарстæн чызджы кæуындзæг нæ уадзы.
Фæлæ стæй куыддæрты: «Махæн арвыл рухс хуры цæст бацъынд...»
«Зæгъ, уæддæр цы 'рцыд, цы кодтам», — ног хынцфарст кæнын Асматы,
Уый уынгæг хъуырæй нынниудта, дзурын нал арæхсы — хатын.
Систы уадултæ мæрдонгъуыз, хур сæ банымæг — дзæнхъатын.
Цæссыг — тугæмхæццæ судзгæ ризы цæстыхауы фатыл.
Ног та сфæрæзта тыххæйты: «Хорз, зæгъын дын æй, æрмæст мæ,
Ды куыд байрайай мæ дзырдтæй, афтæ барæвдау сæ фæстæ.
Амар, ма мæ ныууадз, курын, айс дæ зæрдæмæ мæ лæгъстæ
Æмæ фервæзон æнусмæ судзгæ сагъæсы зынг уæхстæй».
Æмæ радзырдта: «Куыддæр дæ райхъуыст — уазæджы ныммардтай,
Афтæ де 'рцахсыны бардзырд паддзах фæсдзæуинтæн радта,
Хъæрæй нал æнцад, йæ дзыхæй судзгæ 'хсидæвтæ дæр калдта.
Дæу куынæ ссардтой уæхимæ, уæд бынат йæхицæн н' ардта.
Сонт фæхъæр ласта: «Ныр зонын й' аххос ацы 'лгъаг фыдгæндæн:
Уарзтой чызгимæ кæрæдзи, хъуыддаг бакодтой æмвæндæй,
Уый йæ галуанмæ цыдаид, — нæй хъæстæ калмыл æууæндæн;
Уый мæ 'рцауыгъта мæ хурхæй æмæ уыд мæ чызг йæ бæндæн,
Фæлæ ард хæрын Хуыцауæй, мæн цы хо байсæфта хинтæй,
Чызджы чи 'фтыдта сæ фæдыл зæдтæн нæ, фæлæ фыд-зинтæн,
Хæлдуд, чъизитуг къахбайтæн фадат чи лæвæрдта цинтæн,
Уый ыссардзæнис мæ къухæй ацы 'фхæрды хыгъд йæ ингæн!»
Уыд йæ дзырды хицау паддзах, иугæр кард ысласта — марæн,
Уæд нæ басастаид сомы, усæн нал уыди ныббарæн.
Адæм бамбæрстой, кæй нал ис Парсаданы мастæн арæн;
Хъуыддаг бацагъта йæ хъусы чидæр хин-кæлæн Даварæн.
Уыцы 'лгъыст чвдæр ын загъта: «Хъахъхъæ, де 'фсымæр дæ мардзæн,
Сомы ракодта Хуыцауæй æмæ й' ардбахæрд нæ халдзæн».
Уæд Давар: «Хуыцау — æвдисæн, уый мыл туг рæстудæй уардзæн,
Фæлæ чи сарæзта, — зонын, й' амонд ме 'намонды хардзæй».
Бадти тæрхæгыл мæ хицау, раст куыд æй ныууагътай, афтæ,
Уыд дæ сæрбæттæн йæ уæлæ, бацыд уыцы 'лгъаг ус, бавдæлд —
Чызгæн алывыд фæкалдта, уый, дам, бакодтай цы саувæнд?
Къахбай, иугæр, дам, мæ сафыс, уæд мæ хин дæ фæдыл бафтæд!
Уарзтай ме 'вастæй, æлгъаг сыл, ды дæ тугдзых амирбары.
Уæдæ шахы фырты тугмæ мæн дæ сæнтдзæф фыд куы мары,
Уæд цы гæнæг дæн дæ разы, гъе, дæ хæзгулæй цы дарын?
Амæл йе 'нæфенгæ искуы! — зæдтæм ацы лæгъстæ хъарын».
Ус фæлæбурдта, бындзыггай чызджы сау дзыкку куы 'риста, —
Уыцы сатæг-сау хъуымбылтæ зæхмæ каддысты куыристау.
Чызг æм зулмæ дæр нæ фæкаст, диссаг, цас урæдта рис та!
Цæсгом афæлдæхт копрадзгъуыз æмæ нал æрттывта 'взистау.
Ус йæ нæмынæй куы бафсæст, уæд йæ 'наккаг ми фæуагъта,
Фæлæ каджитæ дыууæйæ уым куы февзæриккой уайтагъд.
Ус сын — «Акæнут æй тагъддæр» — не сæфт худгæ-хурæй загъта.
Уыдон чырыны нывзылдтой чызджы схойгæ-нæмгæ тагъд-тагъд.
Рудзынг денджызы 'рдæм фегом, хур дзы феддæмæ, фæтары.
«Гъеныр маринаг æцæгдæн, — кард Давар йæ риумæ дары, —
Фæлæ паддзахæн йæ къухмæ никуы не 'рхаудзæн мæ марын!»
Кардæй зæрдæсæр ныццавта, 'рфæлдæхт тугæрхæмы малы.
Дис куыд нæ кæныс, нæ мæлын, ардæм удисгæ куыд тахтæн?
Цæй, хæрзæггурæггаг амар ахæм уацхæссæджы тагъддæр.
Цæй-ма, фервæзон мæ зынтæй, кæд мæ хæрзгæнæг паддзах дæ».
Æмæ тугвæдыл ызгъордта чызджы хъарм цæссыджы 'ртах дæр.
«Дæу цæмæн марон, — ын загътон, — ды цы рæдийыс, цы сайыс,
Хæсджын мах ыстæм дæ разы, ды нæ дудгæфыдтæй тайыс.
Хъуамæ й' агурæг фæцæуон, зилон — хуры уа, къæвдайы».
Зæрдæ — дур, цыма дзы 'ппæт дæр сау маст цъула, къæртг нæ кайы.
Исдуг аззадтæн, æрвдзæфау, уыцы дудгæ фыды рисæй...
Загътон: «Хъæц, мæнæйуый, науæд ноджы басудздзæн дæхи сæр;
Ацу, бацагур дæ хуры, сагъæс ницы хос у низæн.
Саг, æвзаргæ гуырдты ракæ демæ дард балцы фæдисæн».
Уайтагъд фездæхтæн нæхимæ, саргъыл февзæрдтæн æдгæрзтæ.
Саггуырд астыссæдз хæстоны бæхтæ фесхуыстой мæ фæстæ.
Фвдар аззади фæстейæ, бирæ н' амыдта нæ рæстæг,
Уайæм тыгъд быдыры, уадау, дæлæ денджыз дæр фæхæстæг.
Науы сбадтыстæм, мæ фæндаг алы наудзæуæнтæм дарын,
Дардыл денджызы тыгъдады зилын, алы нау ысгарын,
Фæлæ, марадз зæгъ, йæ фæд дæр никуы хурзæринæн н' арын.
Æмæ ме сафæг Хуыцауæн уæд мæ тæригъæдтæ хъарын.
Рацыд аз, ныддаргъ мыл афтæ, цыма ссæдз мæйы уыд азы,
Фæлæ фыны дæр йæ фенæг чызгæн денджызы нæ разынд.
Иугай аскъуыдысты ме 'фсад, иу сæ нал баззад мæ разы,
Афтæ бафæндыд Хуыцауы æмæ 'ппæт зынтæн фæразын.
Дон-дон ленк кæнын ныууагътон, сурмæ рахызтæн мæ науæй.
Зæрдæ знæт сырдау ысхъæддаг, ацух йе 'рдхæрæн æгъдауæй.
Зæххæй арв' астæу мæ уды ничи нал уыди рæвдауæг.
Фæлæ карз хъысмæт æдых у, лæг рæвдыд куы уа Хуыцауæй!
Иу, Асмат ма баззад мемæ, стæй дыууæ та ма цагъартæ,
Уыдон бахызтой мæ зæрдæ масты судзаджы цъæх артæй.
Драхмæ мисхал у, нæ хъуыстон чызгæй уый æмуæз хабар дæр
Æмæ 'рхæндæгæй дзыназын уыд йæ иунæг хос мæ цардæн.