Дарддæр доныбыл мæ фæндаг дардтон иу æхсæв, нæма сбон,
Афтæ къæдзæхты дæлвæччи разынд сахары бæласдон,
Сонтау адæмæй мæ зæрдæ дард æрхæндæгæй фæластон
Æмæ нал бацыдтæн фаддæр, бæхы бæласыл æрбастон.
Æз æрхуыссыдтæн, сæ дзыхмæ систой цагъартæ сæ кæрдзын.
Уайтагъд райхъал дæн, уынæргъын, арф, къæхты бынæй ныккæрзын;
Чызгæй мур хабар кæй нæ хъуыст, уый æвирхъау уыд, æгæр зын.
Уайы 'хсæрдзæнтæй мæ цæссыг æмæ быдыртæм æнхъæвзы.
Хъæр фæцыд, фæкастæн — уæртæ донбыл сагбарæг сæрыстыр,
Барæг фатдзæф уыд, хъæцыди тохы 'хсарджынæй йæ рыстыл.
Къухы — саст фæринк, йæ уæлæ туджы къадатæ цыдысты;
Дардæй йе знæгтимæ схæцыд загъд, æртхъирæн æмæ 'лгъыстыл.
Бадти сатæг-сау æфсургъыл, ныр мæн у, уыныс æй уæртæ;
Карз, тызмæг тымыгъау тахти, калдта цæстытæй цæхæртæ.
Загътон ме 'ххуырстытæй иуæн: «Ауай, барæгмæ фæхъæр кæ,
Базон, чи йæ суры, чемæ систа тох домбай зынгзæрдæ».
Нæй, нæ байхъуыста, нæ фæкаст уый мæ цагъармæ фæрсмæ дæр,
Бæхыл абадтæн, йæ размæ рæвдз куы бауаин мæхæдæг.
«Чи дæ, — дзурын æм, — фæлæуу-ма, хъыг цæмæн кæныс, æрхæндæг?»
Уый фæкаст, мæнæй куыд байрад, — нæй йын радзурæн, зæгъæн дæр.
«Мæнæ талм бæлас дзæнæтгаг, табу Стыр Хуыцауæн! — загъта,
Уæдæ хъус, мæ хур, хъысмæт мын марг мæ зæрдæмæ ныттагъта: —
Цыма сдомбæйттæ сты сæгътæ, мах тæппуд фыдгултæ, цъахтау,
Тохы рахастой сæ разæй: минтæ — знæгтæ, цалдæр — мах та».
«Рахиз де 'фсургъæй, баулæф, — хъавгæ 'ррæвдыдтон барæджы, —
Тасы, сагъæсы не 'ппары кард æндонввдар саглæджы».
Лæппу сразы ис, баистæм мах æфсымæртау уа рæхджы.
Æз нæма федтон йе 'нгасæн уагджын, зонынджын, арæхстджын.
Ме 'ххуырст хосгæнæг йæ цæфтæ уайтагъд лæппуйæн æрбаста:
Хъæдгом басгæрста, ыстæй дзы хъавгæ фатæрттигъ ысласта,
«Чи дæ? — 'рфарстон æй, — фыдмаст дæм ахæм чи саузæрдæ хаста?»
Лæппу фездæхтис, ныккаст мæм æмæ бацайдагъ ныхас та.
Дзуры: «Ме 'фсымæр, нæ зонын, чи дæ ды, кæнæ кæцон дæ,
Иу, æрмæст, уынын — уыдаис раздæр сау диссаг дæ кондæй.
Уæд цы бахус кодта уагæр уарди мидкъуыбыры сонтæй?
Нал у уаз цырагъ цырынтæ, — уæд цы рынтæ 'мæ цы сонтæй?
Уæртæ къæдзæхты дæлвæдджи Мулгъазанзар у мæ сахар.
Нурадин-Придон мæ хонынц, а зæхх — ме 'рдхæрæн паддзахад.
Ацы доныбыл — мæ уæзæг, нæу мын дардыл тыгъд, парахат,
Фæлæ сойдзыхъ у, дзæнæт у, — фен, дæхи зондæй йæ рахат.
Раджы, раджы ма йæ фырттыл зæхх куы байуæрста мæ дада,
Уæртæ денджызты нæ хаймæ махæн иу сакъадах радта.
Зыд — мæ фыды 'фсымæр, удхор, уый йæхи зæххыл нымадта;
Бавдæлд, абон та ма мæнæ мæн йæ хъал фырттимæ мардта.
Балц æрымысыдтæн райсом æмæ цуан кæнын цæргæстæй;
Уари — 'рмахуыртæн цæмæн хъуыд бирæ ракæнын сæ гæстæй!
Æмæ ме 'фсады дæр сурыл ам куы ныууадзин æдгæрзтæ,
Мемæ уаригæс лæппутæй фовдзы ку' акæнин æрмæстдæр.
Æмæ бахызтæн æдæрсгæ уайтагъд сакъадахмæ науыл,
Загътон: «Бауæндæнт, ысхæцæнт мемæ загъд кæныныл, дауыл!»
Уыдон уытæппæтæй кæрдтæ сусæгæй мæ ныхмæ дауынц.
Æз хъæртæ кæнын мæхицæн дарддæр цуанонты æгъдауыл.
Уым куы ницæмæ сæ 'рдардтон, уæд куы рахсвдиккой мæстæй —
Æмæ сусæгæй мæ разы се 'фсад бабадынц æдгæрзтæ;
Фыд йæ фыртимæ йæхæдæг дардта йе 'хсаргард æлвæстæй
Æмæ, удхæссæгау, касти ме 'рдæм, йе 'нæфсис мæрддзæстæй.
Æз сæ уынæрмæ фæкастæн, федтон, ферттывтой сæ кæрдтæ.
Науы смидæг дæн, нæ лæууын тохмæ тугхъæлæс мæнгæрдтæм.
Лакъон, сау уылæнау, растад се 'фсад, тохвæдисы, уæртæ,
Иутæ не 'рбаййафынц науы, ногæй рабырсынц æндæртæ.
Науæй акастæн, сæ фæндаг, ме 'рдæм дунейы 'фсад дардтой;
Разæй чи уæндыд, æргомæй — фат чъылдымырдыгæй калдтой.
Кодтон алырдæм цъыччытæ, зæрдæ ме 'хсаргардыл дардтон;
Уый дæр асастис æмбисыл, сафтид фаттæй дæр мæ фатдон.
Наумæ 'рбафсæрсгой уæндонæй, — «саргъмæ — цырд, мæнæйуый!» — загътон,
Доны смидæг дæн уæлбæхæй, се 'рттæ дисгæнгæ ныццагътой,
Æз фæирвæзын — куы федтой, уæд мæ цагъарты ныццагътой,
Састы баззадысты фæдис æмæ се 'ртхъирæн ныууагътой.
Ныр, Ыстыр Хуыцау æвдисæн, æз нæ рæдийын йæ разы;
Ме знаг не 'ппæлдзæн йæхицæй, — тугмæ туг райсын фæразын!
Фенæм, бавзарæм, — сæ сылты кæд нæ бахъæуа дзыназын,
. Кæд нæ фæбадой сæ мæрдæй цъахтæ, халæттæ минасы!»
Уыцы саглæппу мæ удæн афтæ ф' адджын, æмæ загътон:
Багъæц, ба, мæ хур, — уæззаугай: фурды никуы 'ййафы тагъд дон,
Сæмуд, сæмдзæдис уæм, гъе уад д зæгъ: «Мæ фыдгулты ныццагътон!»
Иумæ де знæгты ныссæттын уайтагъд бауыдзæнис мах бон!»
«Чи дæн?» — ма мæ бафæрс, — загътон Мулгъазанзары паддзахæн.
Алцы базондзынæ, багъæц, фадат амондзæни махæн».
Дзуры: «Фехъуса — кæд уыдзæн — лæг æхсызгон хабар ахæм!
Айс мæ цæрæнбон дæхицæн царды фидары гæнахæн».
Уыд къаннæггомау йæ сахар, фæлæ мæнæ цыма стъалы.
Йе 'фсад ракалдысты ниугæ, уынгты къухбакæнæн нал уыд,
Чи сæ февналы йæ рустæм, чи сæ судзгæ цæссыг калы,
Чи сæ паддзахæн йæ гæрзтæм хъавгæ пъа кæнынмæ 'вналы.
Кад, лæггад кæнынæй, цинæй уæд цы фæрæзтой мæнæн та!
Загътой: «Демæ нæм æрхастай уалдзæг — худгæбыл, æнæнтау!»
Федтон рухс сахар, цы федтон — райдзаст, зæдбадæн дзæнæтау,
Дарæс адæмыл — дарибыд, — ирд, æрвæрдынау, тæмæнтау.