Лæппу радзæбæх, фæхæстхъом æмæ йе 'фсургъыл та уайы.
Наутæ, чематæ цæттæ сты, зилы, йе 'фсады нымайы.
Цин, ныфсдæтгæг у йæ бакаст, уд йæ уæнгты кондæй райы.
Байхъус, радзурон — куыд хæцыд æмæ базонай домбайы,
Мæнæ 'рбабырсынц фыдгултæ, уайынц танхъатæ мæ цæстыл.
Ме 'рдæм аст чемайы фенкъуыст, семæ бацыдтæн фыдхæсты;
Уыцы иу цъелфæн цæхгæрмæ, фатау, батахтæн сæ рæзты,
Иу дзы сфæлдæхти мæ цæфæй, ниуынц, раст, цыма, сылтæ сты.
Рæвдз фæлæбурдтон йæ чъилмæ уайтагъд чематæй æндæрæн,
Цъилау денджызы ныззылди, бабын, дæлуылæн ныддæрæн.
Лидзынц иннæтæ фæстæмæ, иу сæ нал уыдис йæ сæрæн.
Систы, чи мæ уыдта, уыдон, уæд мæ койгæнæг хуыздæрæн.
Дон-дон бахызт æмæ сурыл уайы знаг нæ ныхмæ тарæй,
Ныр лæгæй-лæгмæ кæрдтæй хæст домы 'ндæр хъару хъайтарæй.
Æмæ байради мæ зæрдæ ме 'муд хотыхдар æмгарæй:
Талм уыд кондæй, хур — фидыцæй, карз, ызнæт домбай — æхсарæй,
Разæй йе схъæлсæр фыртимæ тахт йæ фыды 'фсымæр бæхыл,
Уый сæ цонгдзæгъдтæй æриста, уайтагъд сæмбæлдысты зæххыл.
Ныр йæ уацар у йæ фыдгул æмæ хъæлдзæгæй ыздæхы.
Цинæй байрадысты йе 'фсад, се знаг къæхты бын уынæргъы.
Йе 'фсад хъуджы лыгъд фæкодтой, мах сæ карды комæй айстам;
Иу сæ не 'рлæууыд нæ ныхмæ æмæ знаджы сахар байстам,
Æмæ хæзнадæтты дуæрттæ дуртæй батыдтам, ныссастам,
Лал, налхъуыт-налмас, зæринæй мах уæззау æргъæмттæ бастам.
Æмæ сæвæрдта йæ мыхуыр Придон сахары хæзнатыл,
Æмæ уацайрæгты 'ркодта, нæу зын бамбарæн — цы кадыл.
Уымæн йе знæгты йæ тугмæ бантыст бафхæрын æгъатыр.
Мæн дзæнæты талм ысхуыдтой, — хурты хурвидыц бæгъатыр.
Мулгъазанзары бæрæгбон кодтой худгæбылæй адæм, —
Уыд ныхкъуырд фыдгулы фендæй цин уæлдай æхсызгон, адæн.
Алы 'ппæлæн ныхас кодтой Нурадин æмæ мæ кадæн:
Уый сымах фæрцы, дам, асаст се 'хсар утæппæт æфсадæн.
Нурадины 'фсад ысхуыдтой мæн паддзæхты паддзах кадджын,
«Мах — дæ цагъартæ», — мын загътой æмæ уыд сæ цин мыдаджджын,
Фæлæ 'нкъард цæстытæй кастæн, — уарди нал уыдис йæ гаччы;
Мæн цы рис æвдæрзта, уымæй уыд уæлахизы цин хъаджджын.