Цины уацхæссæг æрбатахт, чызджы мойаг, дам, æрхæстæг.
Уый цæмæй зыдта, йæ удыл тагъд цы бон кæвдзæн, цы рæстæг!
Паддзах бахъæлдзæг и, бабуц, худгæ ракастис йæ цæстæй
Æмæ басидтис мæнмæ дæр, мемæ 'рбад, зæгъгæ, мæ кæстæр.
Загъта: «Абоны бон махæн йемæ 'хсызгон цин æрхаста;
Хъуамæ галуаны чындзæхсæв æмæ куывд æмæ гуыппхъазт уа.
Арвит хæзнатæм, лæвар дзы бирæ байуарæм æваст та;
Йе 'гвдау зондджынæн — йæ рæдау, макуы сонт мæрддзæсты ма стау».
Загътон — чи цы хæзна 'рхæсса — æз мæ иузæрдыг дæлдæртæн.
Мæнæ уазæг дæр æрхæццæ, йемæ — йе 'муæздан æлдæрттæ.
Галуан кадимæ сæ размæ иумæ рацыдысты кæртмæ.
Нал и се 'фсадæн æрлæууæн, хурмæ ферттивынц сæ кæрдтæ.
«Фæзы — цатыртæ! — куы 'рдомид паддзах буц уазæджы кадæн, —
Уый уал баулæфæд цъусдуг, фенæнт сиахсаджы адæм,
Къордгай рацæуæнт æм уырдæм, — бардзырд ратт дæ бирæ 'фсадæн,
Рацу галуанмæ дæхæдæг, иумæ иу чысыл æрбадæм».
Фæзы цатыртæ сырх-сырхид дардыл айтыгътон атласæй.
Уырдæм уазджытæ цыдысты къордгай, сиахсаг — сæ разæй.
Кад, лæггад кæнынмæ фæзмæ уайтагъд цагъарты 'фсад азæй,
Систой уалынмæ цæуынтæ ме 'фсад балгай æмæ цасæй!
Æз æрбацыдтæн нæхимæ тыхст, фæллад æмæ фæлмастæй,
Зæгъын, ахуыссон, кæдæппын фыны фервæзин мæ мастæй.
Фæлæ уæд Асматæй — чиныг, райстон, тагъд-тагъд æм æркастæн:
«Рæвдз фæзын, дæ хур дæм сиды, — талмау, тасгæ-уасгæ й' астæу».
Бæхæй нал рахызтæн, уайтагъд чызджы галуанмæ фæуадтæн.
Кæртмæ бахызтæн, мæ размæ ниугæ рауадис Асмат дæр.
«Уæууа! — афарстон æй тарстæй, — уый цы хабар у, цы 'нкъард дæ?»
Загъта 'рхæндæгæй: «Мæ бон ын нал у де сраст кæнын дарддæр».
Чызгмæ бацыдыстæм, федтам: бады 'лхынцъæрфыгæй базыл,
Цыма балæууыд æрттивгæ рухс хур сау мигъты дæлбазыр.
«Цæй, цæмæ ма кæсыс? — дзуры, — ам цы слæууыдтæ мæ разы?!
Æви сайдтай æмæ сайыс, — нал дæ й' амарыныл разы?!»
Мæстæй рахсыстæн, ыссыгътæн. «Ехх, мæ зынджы хайыл! — загъток,
Тохмæ свды мæм сылгоймаг, — уый бынтон мæхи куы 'руагътон!»
Цыма стæхынæввонг хæстмæ — уари, — 'ндон базыртæ сцагътон,
Фатау ратахтæн мæ саргъмæ, уаты чызджыты фæуагътон.
Загътон ме 'фсадæй сæдæйæн: «Тагъд гæрзифтонгæй — мæ фæстаз!»
Хъавгæ фæсуынгты цыдыстæм, бахызтам нæхи фыдцæстæй.
Уазæг цатыры куыд хуыссыд, — нæй йын радзурæн ныхæстæй! —
Туг дзы не суагътон, хуысгæ йыл афтæ баталынг и бæстæ.
Фескъуыд цирхъы цæфæй цатыр, къæхтæм февнæлдтон — хъæбатыр,
Лæджы цæджындзыл йæ сæрæй — къупп, мæлæтдзаг гуыпп — æгъатыр!
Систой хъахъхъæнджытæ цъах-цъах... Саргъмæ — згъæрхæдон бæгъатыр!
Бæх фæцагайдтон, зæппадзау, аззад гомхæлиуæй цатыр.
Се 'фсад раскъуыдис, рафæдис, уый, — куы райдыдтой хи 'мбарын.
Æз мæ сурджыты сыскъуыдтон, æмæ смвдæг дæн фидары.
«Ам мæм ме 'ргъæусæр фидары, — загътон, — бархъомыс чи дары.
Ныр æдас ран дæн, дарддæр мæ кардмæ нал хъæуы риу дарын,
Æмæ рарвыстон æххуысмæ, сидын ме 'фсадмæ фæйнæрдæм:
«Тагъд мæм фидармæ фæзынут, — дарын уе 'хсарыл мæ зæрдæ!»
Æфсад райдыдтой цæуынтæ, байдзаг тар æхсæв сæ хъæртæй,
Иугæр бахъуыди, — мæ сæрыл хастой разыйæ сæ сæртæ.
Райсом фестадтæн, мæ гæрзтæ рæвдз куыд райдыдтон сæумилтыл,
Афтæ 'ртæ уæзданы 'рбацыд, — паддзах минæвар æрвиты,
Зæгъгæ: «Схастон дæ хъæбулау, ныр мæхи хæрын, æлгвитын:
Ды нæ хæрзты хыгъдмæ махæн сау марг ауагътай нæ цинтыл,
Лæг цæмæн мардтай, цы зæгъæм ныр йæ тугисæг фыд — шахæн?
! Кæд чызг агуырдтай, уæд раздæр ды цæуылнæ дзырдтай махæн?
Уый цы бакодтай, цы фыдми, ау, цы 'взæр дын фæдæн ахæм,
Æмæ сахурай йæ зачъе тугæй де схæссæг паддзахæн?!»
Дзуапп æм арвыстон: «Æз дур дæн, фидар сау айнæджы схъис дæн,
Науæд æфсæрмæй дæ разы хъуамæ басудзин, мæ хистæр!
Фæлæ, стыр паддзах, рæстуарзаг, байхъус: бамбар мын мæ рис дæр,
Мæн дæ чызджы уарзт нæ судзы, мæн æндæр мæт ис, дæхистæн!
Зоныс, Индийы паддзахæн рухс, бæллиццаг у йæ бадæн;
Зоныс, паддзæхты бындартæй иунæг цардæгас æз ма дæн;
Систы иннæтæ быныскъуыд, ды сæ зæххы хицау бадæ
Æмæ къæлæтджын дæ фæстæ ныр мæнмæ кæй хауы радæй.
Нæ, дæ хорзæхæй, ныббар мын, дзырд æргом, æнæкъæм уарзын:
Ис дын иунæг чызг, Хорезмæй мой æркæн дæ чызгæн — разы.
Фæлæ уа сæ дæлбар а зæхх, — нæ, нæ зæгъдзынæн: «Хæлар сын!»
Исчи Индийы паддзах уа, — дарон кард æз та мæ фарсыл?!
Ратт фæрнæй дæ чызджы моймæ, тобæ, чи фæнды йæ курæд!
Фæлæ Инди у мæ уæзæг æмæ исчи ма йыл дзурæд,
Исчи сфæлварæд дæ фæстæ мæн дæ къæлæтджынæй сурæд,
Æмæ раппæлæд фæстæдæр, кæд хæрзбон нæ зæгъа хурæн!»