Уæд Фатман ныффыста чиныг: «Дуне тавæг хур, æвзисттын,
Ныр дæу чи нал уыны, уымæн рис куыд нæ бафта йæ ристыл?!
Уый куыд æхцон уыд дæ хъæлæс, цыма булæмæргъ дæ исты!
Лал дзæнхъавгимæ дæ хуызы иу æрттивгæ фæрдыг систы.
Уæгъды бамбæхстай дæ хъуыддаг ды дæ хæрзгæнæг æхсинæй;
Алцы рафæлгъуыдтон мæнæ, афтæ ма 'гъгъæл, ома хинæй.
Ныр дæ хабæрттæ лыстæггай фысс дæ уарзонæн йæхимæ;
Уый сырх уардийау æрттива, ды, цъæх малусæгау, цинæй.
Мæнæ д' агурæг æрцыдис Тариелы 'рдхорд — бæгъатыр,
Автандил, зæгъгæ, арабаг, номдзыд саг лæппу, хъæбатыр,
Ростеван паддзахы спаспет, тохы йе знæгтæм — æгъатыр.
Афысс лæппумæ дæ уавæр, хур, зæрдиагæй дæм хатын.
Ацы хингæнæг цагъар нын кæд æрбахæссид бæрæг дзырд;
Каджи ус-паддзах æрыздæхт, æви дард балцæй нæма 'рцыд?
Йе 'фсад цас ысты, кæм лæууынц? Хъуамæ базона дæ фæрцы, —
Чи сты балхонтæ, ыстæй сæ хæс та бачынди кæмæн цы?
Уымы хабæрттæй цы зоныс, уыдон нæм ныффысс, ыстæй дæр
Рарвит уарзонмæ нысанæн исты, — барухс уа йæ зæрдæ.
Сагъæс мауал кæн, фыдхъысмæт ныр кæрон ыскодта 'фхæрдæн.
Тагъд уæ кæрæдзи цы ссарат, уый уын фестæд, хур, мæ сæр дæр!»
Радта ус йæ фыстæг лæгмæ: «Уайгæ, — азæлыд йæ хъæлæс, —
Тагъд æй сæмбæлын кæ чызгыл, мардзæ, ныр дæ хин — дæ фæрæз!»
Цагъар баппæрста йæ уæлæ хины, диссаджы цъæх пæлæз;
Систа хи бæрзонд, цы йæ хъуыд?! — уыцы иу маргъы фæпæррæст!
Цыма 'лвæст æрдынæй феуæгъд, — фатау уæлдæфы фæтæхы;
Бон куыддæр æризæр, афтæ абадт фидары къæдзæхыл.
Бахызт аивæй, лæууæнт уал æфсад къæсæрыл рæгъ-рæгъы!
Хурæн радзырдта, Фатман ын цин — æхсызгойнаг — цы зæгъы.
Бахызт мæсыгмæ уый афтæ, цыма 'хгæд нæ уыд æппындæр;
Бахызт сатæгсау лæг, сæрæй даргъ æрзæбул ысты хъуынтæ.
Рухс хур фестъæлфыди, барызт, тасы бахауди йæ уындæй.
Уарди фырадæргæй абур, аззад малусæг æмпылдæй.
Дзуры негыр цагъар чызгæн: «Уый цы фæтарстæ, цы срызтæ?
Гуланшаройæ Фатманæй цины уацхæссæг æрвыст дæн,
Айс, кæй нæ фæливын, уый дын мæнæ радзурдзæн йæ фыстæг.
Уарди, рухс хур дыл ыскæсдзæн, сагъæс атайдзæн — æнтъыснæг».
«Цины уацхæссæг Фатманæй?!» — ахæст не 'ууæнды йæ хъустыл
Банкъуыст цæстыхау, фæзыхъхъыр чызджы уардигъуыз хæмпус был,
Ризгæ цагъарæн йæ къухæй райста чиныг, цыма рухс тын.
Чиныг ракæсы, ивылы цин цæстысыгæй йæ рустыл.
«Чи у м' агурæг? — æрфарста ахæст уацхæссæг цагъары, —
Ау, мæ сагъæс ма дунейыл искуы искæмæ дæр хъары?!»
Уын йын радзырдта: «Зæгъдзынæн æз, — цы фехъуыстон, цы 'мбарын:
Ды куы рацыдтæ, уæдæй нын арвыл хур цырагъ нæ дары.
Маст йæ зæрдæйы Фатманæн ахызт иннæрдæм цыргъ кардау;
Уый цы дудгæ бонтæ федта, уый цы сау цæссыг фæкалдта!
Хорз уыдис, уæддæр мæ фæрцы уайтагъд д' ахæстон ыссардта!
Иу Ыстыр Хуыцау — йæ зонæг, уый дæуыл йæхи куыд мардта.
Ныр фæзынд домбай бæгъатыр, калы, рухс хурау, тæмæнтæ.
Уый Фатман-хатунæн загъта, — ды фыдуавæры цæмæн дæ.
Лæппу д' агурæг æрцыди, карз ныффæдзæхстой мæнæн дæр,
Тагъд, дам, сæмбæлын кæн чызгыл фыстæг хин æмæ кæлæнтæй».
Ахæст цагъарæн: «Æууæндын ныр дæ ныхæстыл, дæ растыл:
Никуы фыны дæр нæ дзырдтон æз дæ хицауæн мæ уарзтыл.
Уый бæлвырд ныгуылд нæма у хур — мæ удылхæцæг, уаз тын.
Æз фыссын, фæлæ Фатманæн зæгъ, — цы зыны дæн, цы масты».