Iriston.com
www.iriston.com
Цæйут æфсымæртау раттæм нæ къухтæ, абон кæрæдзимæ, Иры лæппутæ!
Iriston.com - история и культура Осетии
Кто не помнит прошлого, у того нет будущего.
Написать Админу Писать админу
 
Разделы

Хроника военных действий в Южной Осетии и аналитические материалы

Публикации по истории Осетии и осетин

Перечень осетинских фамилий, некоторые сведения о них

Перечень населенных пунктов Осетии, краткая информация о них и фамилиях, в них проживавших

Сборник материалов по традициям и обычаям осетин

Наиболее полное на сегодняшний день собрание рецептов осетинской кухни

В данном разделе размещаются книги на разные темы

Коста Хетагуров "Осетинскя лира", по книге, изданной во Владикавказе (Орджоникидзе) в 1974 году.


Перечень дружественных сайтов и сайтов, схожих по тематике.



Rambler's Top100 Рейтинг@Mail.ru Индекс цитирования
Статьи Словари
Здравствуйте, Гость
Регистрация | Вход
Опубл. 19.12.2010 | прочитано 2943 раз |  Комментарии (0)     Автор: Tabol Вернуться на начальную страницу Tabol
НЕСТАН-ДАРЕДЖАНЫ УАЦАРЫ АКОДТОЙ КАДЖИТÆ

Уæ мæнгард хъысмæт, æлгъыст уай, кæд куыд афæливыс зинау! 

Чи дын рафæлгъаудзæн де 'гъдау, де 'хгæд сусæджы рæстдзинад?! 

Ныр дæ тар аууон кæм тыхсы уыцы хурдзæсгомыл хинау? 

Алцы байсафыс, фæстагмæ никуы нал ныууадзыс цинаг. 

 

«Атахт хур, — Фатман та дзуры, — атъæпп у, мæ зæрдæ, ратон, 

Хурæй чи фæиппæрд, уый ма царды 'хсызгон цин куыд хатон! 

Судзын уый ацыды бонæй, уд дывыдон арты бадон. 

Уайы, нал сысы мæ цæссыг, — фестад тугæмхæццæ суадон. 

 

Нал уыд хæдзармæ мæ зæрдæ, мæстæй ницыуал мæ 'ндæвта. 

Хъалы, фыны мæ мæ бæллиц дард ныгуылгæ хурмæ скъæфта. 

Уæд хъыпп-сыпп ма мæм кæм уæндыд тасæй а Усены сæфт та! 

Уæнгæл фестад мын йæ фенд дæр раст хъæстæ калмы ныдзæвдау. 

 

Хур куыд ныццæйныгуылд иубон, сырх куыд афæлдæхт ныгуылæн, 

Афтæ донбыл зилын, иу ран бадынц бæлццæттæ тыгуырæй. 

Чызджы мысыдтæн, лæбурдта риумæ сагъæсы фынкуылæн. 

Дзурын: «Макуы 'ууæнд мæнгардыл, науæд райгæ у дæ гуырæй!» 

 

Уæд цыппар бæлццоны ноджы бафтыд фæндаггонты балыл; 

Иу сæ — 'ххуырст цагъар, мæгуыр конд, цæсгом сау тæмæнтæ калы. 

Хæрд, ныуæзт æрхастой семæ уыцы ног цыппар æмбалы, 

Бадынц се 'хсæвæрыл, фынгмæ алчи 'хсызгонæй æвналы. 

 

Хъус сæм аивæй куы дарин, — тары се 'хцон ныхас зæлы: 

«Мах фыццаг хатт уынæм иумæ ам нæ кæрæдзи нæ цæлы; 

Чи цы лæг нæ у, — нæ зонæм, арæх лæг лæгыл æмбæлы: 

Иу нæ иннæмæн йæ хабар ныр куы ракæнид, æмбæлы». 

 

Алчи радзырдта, цы зыдта уым фæндаггоны æгъдауыл. 

Загъта цагъар дæр: «Нæ хъысмæт баст у не скæнæг Хуыцауыл, 

Еуу мын байтыдтат, æз та уын лал, налхъуыт-налмастæ тауын: 

Æз цы зæгъинаг дæн, уый цур алкæй хабар дæр уæ фауын. 

 

Номдзыд Каджеты паддзахæн йе 'ххуырст, йе 'нувыд цагъар дæн. 

Уый нын аныгуылди, нал и, бахъуыд йе стыр ис йæ мардæн. 

Сидзæр каджиты ныууагъта паддзах уæзгуытыл æнкъардæй, 

Ныр йæ сидзæргæс хо райста къухмæ стыр хицауы бартæ. 

 

Дулардухт, зæгъгæ, — хъæбатыр, ус уæвгæ, къæдзæхау фидар, 

Тых цы лæг бахæсдзæн уымæ! — йе знаг ма 'гъгъæлут — æвыд уа! 

Уый Росан æмæ Родийæн у сæ фыды хо, сæ фыдау. 

Бады хицауæй Каджеты, барджынæй кæны лæджы 'гъдау. 

 

Дард фæсденджызæй æрыхъуыст — Дулардухты хо фæхъуыди, 

Усæн, марадз зæгъ, йæ зæгъын исчи визиртæй уæндыди! 

Хур кæй баталынг ис, уый кой уымæн никæйы фæндыди. 

Иу — Рошак, цагъар — нæ хистæр, уымæ сусæг фæнд æрцыди. 

 

Загъта: «Еу-додоймæ хъусон? — нæ, мæ зæрдæ мæ нæ тæры. 

Сыстон, ацæуон фæлтау уал дæлæ тыгъд быдырмæ стæры. 

Стæй кæс — уырдыгæй мæнæйуый фос, тæлæттаг фос ыстæры! 

Ус куы 'рсабыр уа, æгъдау ын раттон-уыйфæстæ — цы 'мбæлы. 

 

Мах — йæ дæлбартæ, фæсидт нæм æмæ не 'хсæнæй ысуыгъта, 

Æмæ ракодта сæдæйы — тынгдæр чи зыдта хæсты 'гъдау. 

Бон, æхсæв æнцой нæ зыдтам, каруантæм бырстам, ыстыгътам. 

Райгæ здæхтыстæм хъæзныгæй, — фиу, зæрдæзæгъгæ, куы стыхтам, 

 

Дардтам быдырыл нæ фæндаг иухатт саудалынг мæйдары. 

Иу ран рухс ыссыгъд æнæнтау, — атагъа сырх-сырхид дары. 

Загътам: «Хуры тын уæларвæй зæхмæ тары хуылфы хъары, 

Æви цавæр у, цы диссаг?!» — хъуыддаг райдыдтам æвзарын. 

 

Чи йæ Боброн хуыдта, чи йæ стыдта дзаг мæйы хуызæнæй. 

Цæй, хæстæгмæ, дам, æй фенæм, — рухсмæ 'рбаввахс ыстæм мæнæ. 

Рæвдз æртыхстыстæм ыл, сырæзт хъула — фидардæр æфсæнæй. 

Уалынмæ хъæлæс — зæрдæскъæф — райхъуыст судзгæ тынты 'хсæнæй. 

 

«Чи стут, барджытæ? — фæрсы нæ, — гъе, мæ фæндагыл цы лæуут? 

Гуланшаройæ Каджетмæ уайын минæвар, — фæстæут!» 

Ноджы баввахс ыстæм, диссаг, — мæй, ыстъалытæй куынæ у! 

Федтам барæджы нæ цæстæй, хур нæ разындис æнæ уд. 

 

Тары цæсгомыл æрвæрттывд ирд тæмæнтæ калгæ хъазы 

Æмæ, 'мбисбонау, æрттивы дардыл атагъа йæ разы. 

Был фæзыхъхъыр вæййы, бары дзырд — ыстæм, цыма тæразыл, 

Рухс тын дæндæгты цыренæй уæлбыл сытындзы йæ базыр. 

 

Дарддæр — рафæрс-бафæрс... Систам хъуыддаг алы 'гъдауæй барын; 

Барæг минæвар нæ уыдис, — цæй, цы нын æй хъуыд æмбарын! 

Чызг куы разындис, Рошак ма уæд кæм уагъта уый йæ барыл! — 

Бардзырд радта 'мæ йæ уайтагъд немæ ракодтам уацары. 

 

«Чи у? — бафарстам æй ноджы, — гъе цы дунемæ нæм рахауд? 

Кæнæ иунæгæй цы хиты тары рухсгæнгæ, цырагъау?» 

Уый нæм не сдзырдта, йæ рустыл уади хъарм цæссыджы саха. 

Бецау, сау калм æй ныхъуыры, — мæйæн ралæууыд зын сахат. 

 

Ницы, — сусæгæй, æргомæй уацар нал загъта йæ цардæй: 

Чи у, быдыры цы зилы, гъе йыл чи рацыд мæнгардæй? 

Цыма байгомыг и, бамыр, — касти тарæрфыг, æнкъардæй, 

Касти, зæрдæтæ уыраудта, калмау, цæстыты цъæх артæй. 

 

Уæд Рошак зæгъы: «Ныууадзут чызджы, чи зоны, цы 'ндавы, — 

Нæй йын ам зæгъæн, ыстæй йæ — дзура, уымæ дæр нæ хъавы. 

Не стыр ус-паддзахы махæн рагæй амонды хур тавы, 

Æмæ мæнæ та йын ногæй сусæг цины тынтæ уафы. 

 

А зынаргъ хуын дæр та уымæн у лæвар Ыстыр Хуыцауæй, 

Уæдæ тагъд æм æй ныккæнæм, хорз нæ фендзæни рæдауæй. 

Нæй йын бамбæхсæн, мæ хуртæ, иуæй аргъуыц хъæуы 'гъдауæй, 

Карз у, иннæмæй, куы зонут — нæу нын хицауимæ дауæй». 

 

«Раст у хистæры уынаффæ», — мах æмхъæлæсæй ыскарстам 

Æмæ талынджы нæхимæ дарддæр не стыр фæндаг барстам. 

Чызджы, рухс тын уафгæ хастам, чызджы ницæмæйуал фарстам, 

Чызг куыдта, цыма йæ сагъæс судзгæ сау цæссыгæй саста. 

 

«Хистæр, ауадз мæ рæстæгмæ, — ракуырдтон мæхи Рошакæй; 

Иу хъуыддаджы фæдыл ардæм фездæхтæн æмбисвæндагæй, — 

Ис мын ам хæзна, хъæмæ йæ хъуыд фæхæццæ кæнын рагæй. 

Кæд дæу дæр, зæгъын, æййафин, фйдар дæн нырма уæрагæй». 

 

Хъуыстой бæлццæттæ, зынди сыл, — хабар уыдонмæ дæр хъардта, 

Фæлæ цагъарæн йæ радзырд мæн æнæгъгъæлæджы 'рцардта; 

Уый мын фескъуыдта мæ сагъæс, ныфс, хъару мæ уæнгтæн радта, 

Æмæ драхмæйы бæрц рухс тын цин мæ зæрдæмæ ныддардта. 

 

Уайтагъд цагъармæ фæсидтæн: «Ам-ма 'рбад, мæ хур, зæгъ-ма мын: 

Уый æцæг федтай дæхæдæг æви баууæндыдтæ дамыл?» 

Цагъар алцыдæр фæд-фæдыл ногæй ранымадта сабыр; 

Уымæн удмидæг дæн, уымæн, а мæ дзурæндзых нæ бамыр. 

 

Хин, кæлæнгæнæг дæснытæ ис мæнмæ дыууæ цагъары; 

Никуы ничи сæ нæ уыны, никуы ничи сæ хъыгдары. 

«Уайгæ, базонут, — сын загътон, — хуры Каджеты сахары, 

Каджи ус-паддзах уацары ахстæй кæм æмæ куыд дары». 

 

Æмæ 'ртæ боны куыд рацыд, афтæ 'рхæццæ сты фæстæмæ: 

«Дулардухт цæуы мæрддзыгой дард фæсденджызы бæстæмæ. 

Бады фидары, дзыназы ахст чызг, — сагъæсæй хъæстæ мæй; 

Мой ыскæнынмæ йын хъавынц Росан — паддзахы кæстæрæй. 

 

Ус чындзæхсæв нæма уадзы: «Мардæн цины 'гъдау чи хъары? 

Рыст, æрхæндæг дæн, риуы, дам, акса, — уалдзыгон мит уары! 

Мæнæ 'рбаздæхон, чындзаг уал калæд рухс тæмæн хибары». 

Ацыд ус-паддзах, ахст чызгмæ зилы иу цагъар фидары. 

 

Хин, кæлæнгæнæг æм чи уыд, — мемæ рацæут, — сын загъта: 

Фæндаг даргъ фæндаг у — зоны, бирæ — йе знæгтæ та цъахтау. 

Тæккæ 'хсарджындæр хæстонты фидар хъахъхъæнæг ныууагъта. 

Дзурынц, ацыд, дам, æрæджы, — цæй, кæм раздæхдзæни тагъд та! 

 

Уыцы каджеты фидар, дам, никуы ничима басаста; 

Раст йæ бæстастæу сахарæн айнæг даргъ-уæрæх ахаста, 

Ис æм уый бынты бацæуæн. Чызг — æрвонвидыц ахæст та 

Уым æндонмæсыг фидары уат бæрзонддæр ран бацахста. 

 

Тæккæ кулдуарыл гæрзифтонг ис дæс мин æвзыгъд хъайтары. 

Бахиз мидæмæ, — уæд уым та ис æртæ сындзгæхгæд дуары 

Æмæ 'ртыгай минтæ уым дæр алы бацæуæны дарынц. 

Цæй, цы ныфс дæ уа, мæ зæрдæ, бастъæл, бахаудтæ фыдсары!» 

 

Автандилы 'нкъард цæсгомыл систа цинуылæн ивылын, 

Фæлæ ницы дзуры усæн, хъазы мидбылхудт йæ былыл. 

Табу загъта Стыр Хуыцауæн æмæ рухс сæнтты ныгъуылы: 

Ныр Фатманы фæрцы хуры кæд нæ бауадзид ныгуылын. 

 

Усмæ бадзуры: «Мæ уарзон, ныр куыд дын ракæнон арфæ? 

Ды мæ зæрдæйы ныууагътай уыцы 'хцон хабарæй арф фæд. 

Фæлæ Каджитæ кæд, удтау, зæхмæ 'ртахтысты уæларвæй, 

Кæд æдфыд не сты, уæд ма сын ис лæджы хуыз та цæй алфæн? 

 

Сагъæс бафтыди мæ удыл, уыцы хуры мæт мæ 'ндавы, 

Фæлæ каджи уд, — æнæбуар, зæгъ, — сылгоймагæй цы хъавы?» 

Загъта ус: «Дæлимон — каджи, — уый сæ ном у, ном цы давы?! 

Махау адæм ысты, немæ иу хур каджиты дæр тавы.. 

 

Каджи ном, зæгъгæ, дæлимон, уыц сæ уымæн хонынц афтæ, 

Зонынц цавæрдæр кæлæнтæ, нæй сæ хины митæн рафтæн, 

Нæй сæ басæттыны хосæн никуы никæй къухы бафтæн, 

Семæ чи бацæуа тохы, — нæй æнтыст йæ цæф, йæ хъавдæн. 

 

Диссаг, каджитæн цы 'нтысы: саугуырм акæнынц фыдгулы; 

Тымыгъ сыстын кæнынц, се знаг уæд хъызт денджызы цы 'мбулы! 

Нау фæдæддон кæнынц уайтагъд, уайынц доны, цыма сурыл, 

Тар ныррухс кæнынц æмбойны, мигътæ 'рбатухынц зынг хурыл. 

 

Туг, ыстæгæй конд адæмы уымæн рахуыдтой Каджитæ, 

Зин, дæлимон сæ дзæгъæлы макуы ма 'гъгъæлæд мачи дæр». 

Лæппу бузныгæй баззади: «Ныр мæ удæн куыд адджын дæ! 

Мæн дæ ныхæстæ батавтой, — зæрдæ кодта сæм саджилтæ». 

 

Автандил Хуыцаумæ кувы, цины хъарм цæссыг ызгъалгæ: 

«Бузныг, ме скæнæг, ирвæзт дæн ныр мæ хъысмæты фыдмаргæй! 

Мах дæ не 'взарæм, нæ хъусæм, — афтæ барæвдауыс алкæй. 

Искуы де 'ххуысæй фæцух уон, — ахæм дудгæ бон мыл ма 'ркæн!» 

 

Уыцы хурзæрины цинæй уазæг хъарм цæссыгтæ калы. 

Ус ысдызæрдыг, зыдæй йæм сагъæс, сау калмау, æвналы. 

Автандил фæхатыд хъуыддаг æмæ уарзты 'гъдау нæ халы. 

Уæд Фатман-хатун йæ хъуыры тухы судзгæ фæрдыг лалы. 

 

Автандилимæ йæ уаты ус æгас æхсæв фæхъазыд; . 

Бар-æнæбары йæм уый дæр пъа, хъæбыс кæнынмæ тасыд. 

Тинатины хуыз-иу ризгæ тары сыстадис йæ разы, 

Хъæдты сырдтимæ йæ зæрдæ хатти бæлæсты дæлбазыр. 

 

Лæппу баризы сусæгæй, цæссыг мил цады скул æмæ 

Нæу — йæ цæстыхау — сатæгсау: мигъ ыслымæн и хуримæ. 

«Чи кæй уарди у? — бафæрсы, — мæнæ сагъæсы сбур æмæ 

Не 'рбадт уардийыл, — фаджысыл бады, халонау, булæмæргъ. 

 

Дур ысудæсид йæ мидæг, ахæм сау цæссыг дзы згъæлы; 

Бабын уардидон, фæдæлдон, — цæссыг уардитæм цы 'ххæлы?! 

Цауд ус саг лæппуйæ райы, — царды фидыцы 'гъдау хæлы: 

Халон уардийыл куы 'рбады, — булæмæргъ йæхи æгъгъæлы. 

 

Бон æрбацъæх и, тынуафгæ, хур йæхи найынмæ уайы. 

Ус ын рахаста сæртухæн, къаба, — уд сæ мидæг зайы, — 

Урс сыгъдæг хæдон, уæд зети, — уæлдæф уардидоны тайы; 

«Айс, ыскæн, — æфсæрмы ма кæн», — æфсинæн йæ зæрдæ райы. 

 

Загъта саг лæппу йæхимид: «Хъуамæ раргом кæнон хъуыддаг!» 

Дарæс раивта, йæхи ма ныр базаргæнæг кæм хуыдта. 

Ног дари дзаумæттæ скодта, — аив, — сонт зæрдæ куыд куырдта. 

Кæс, домбай йæ хуыз ыскалдта, худгæ, рухс хурау, нырттывта. 

 

Æфсин азылдис йæ къуымты, уайтагъд фынг — нæртон — ысцæттæ, 

Автандил фæзынд æрттивгæ, йе 'нгас цинæфсæст, ныфсдæттæг, 

Ус ыл ног дарæс куы федта, уæд бынтон ныррухс йæ зæрдæ; 

Райгæ, мидбылхудгæ дзуры: «Уарзон, афтæмæй хуыздæр дæ!» 

 

Сæрæй къæхтæм ыл рæвдаугæ зыд, цыбæл цæстытæ хаста, 

Спаспет сабыр лудт йæ мидбыл, ома, дзæгъæлы мæ ма стау. 

Ома, не 'мбарыс, нæ хатыс — мæн дæумæ цы тых ныббаста. 

Фæлæ, раздæрау, хъæцыдис, йе 'гъдот йе 'нæбары саста. 

 

Хорз фæминас кодтой. Лæппу сыстад, хъæлдзæгæй, фæфардæг; 

Уаты 'рхуыссыдис, æрфынæй уайтатъд нозтджынæй, уæнгмардæй; 

Райхъал изæры, нæ рабадт уаты, раздæрау, æнкъардæй. 

Усмæ барвыста, фæсидт æм, зæгъгæ, рацу-ма, дам, ардæм. 

 

Ус куы балæууид къæсæрыл, дардæй «оххытæ» райдыдта: 

Талмау тасгæгуыр, зæрдæ, дам, уарзтæй риувæйнæг ратыдта. 

Баз ын гауызыл авæрдтой, — уæд цæмæн æм хъуыд хатын та! 

Цæсты сау хауты халагъуд аууон уардитыл айтыдта. 

 

«Фатман, ма фестъæлф, кæлмдзæфау, — лæппу хъавгæ загъта усæн, — 

Æз мæ хабæрттæ куы кæнон, уæд дæуæн уыдзæн зынхъусæн, 

Гуланшаройы мæ хъуыддаг кодтон абоны онг сусæг. 

У мæ цин æмæ мæ сагъæс сауцæст, сауцæстыхау рухс зæд. 

 

Нæ, базаргæнæг мæ ма 'гъгъæл, мулк нæ фæбарын тæразыл; — 

Ростеван — ыстыр паддзахæн бады йе спаспет дæ разы, 

Бирæ 'фсад, хæзна, хæцæнгарз ис мæ барвæнды дæлбазыр 

Æмæ знаджы раз фыдтохы ме 'гъдау н' амоны фæтасын. 

 

Хъус мæм, радзурон дын алцы, — дæу мæ хæларыл нымайын. 

Ис мæ паддзахæн рæсугъд чызг — хурты хурзæрин, — нæ сайын, 

Баззадис мæ уд йæ мидæг, уарзтæй судзын æмæ тайын. 

Балцы рацыдтæн йæ фæндæй æмæ паддзахы цин кайын. 

 

Ды цы чызджы кæйттæ кодтай, уый æрцагурын мæ домы 

Æмæ дунетыл фæзылдтæн, — кæд нæ басæттин мæ сомы, 

Чызджы судзгæ уарзт — домбайæн нæу йæ бон йæ рис уромын, 

Ахауд, нал æй уырны — ссара хос йæ зæрдæйы хъæдгомæн». 

 

Автандил æппæтдæр усæн дзуры ныр æргом йæ разы: 

«Стайыцармдарæг бæгъатыр зилы тар хъæды, дзыназы. 

Ныр дæ къухы ис йæ хъысмæт, ахæм хосгæнæг ын разын, — 

Ма уа цæстыхау уæгъдæппæрст, — цыма сау халоны базыр. 

 

Фатман, баххуыс кæ, фæкæс мæм, — цас зынудисæн ма 'взарой?! 

Хъуамæ стъалытæ нæ фæрцы иумæ удæнцой ыссарой: 

Адæм хорзракæнд куыд мысой æмæ кадыл нæ куыд дарой, 

Феной уарзæттæ та динтæ, — дуртæ ма хала сæ марой. 

 

Рæвдз дæ хингæнæг цагъартæй иуы фидармæ ныздахæм, 

Чызгæн радзурæд, — цы зонæм, у нæ фæнд, нæ нысан цахæм, 

Уый нын кæд зæгъид нæ сусæг уыцы каджи ус-паддзахæн 

Æмæ каджитыл уæлахиз бафтид кæд нæ къухы махæн». 

 

«Табу ме скæнæг Хуыцауæн! — райхъуыст цины хъæр Фатманæй, — 

Уый цы 'хсызгон бон æркодта, зæрдæ риуы ссыгъд тæмæнæй!» 

Ус фæсидт, фæзынди цагъар — сау, сынты базырау, мæнæ. 

«Уайгæ, — загъта йын, — Каджеты февзæр хин æмæ кæлæнæй! 

 

Гъеныр равдис, гъе, дæ кæлæн æмæ, д' арæхстыл æууæндон. 

Ацу, бахиз мæ цъæх артæй, — цины рухс тынтæ нывæндон: 

Зæгъ йæ низы хос зынг хурæн æмæ ма бауа фыдгæндон». 

Дзуры сау цагъар ныфсджынæй: «Сом æххæст уыдзæн дæ фæндон». 



<==    Комментарии (0)      Версия для печати
Реклама:

Ossetoans.com OsGenocid ALANNEWS jaszokegyesulete.hu mahdug.ru iudzinad.ru

Архив публикаций
  Января 2024
» О чем рассказали восточно-европейские руны
  Ноября 2022
» От Кавказа до Волги
  Августа 2022
» Кавказцы глазами русских: говорят архивные документы...
  Марта 2022
» К вопросу о заселении Фиагдонской котловины, по данным фамильных и народных преданий
» О новых именах в истории царственного дома средневековой Алании
  Февраля 2022
» К ВОПРОСУ ОБ УДЕЛЬНЫХ ВЛАДЕТЕЛЯХ УАЛЛАГКОМА ПО ФАМИЛЬНЫМ, НАРОДНЫМ ПРЕДАНИЯМ И АРХИВНЫМ МАТЕРИАЛАМ
  Декабря 2021
» Осетинская религия; религия осетин (Ирон дин)
  Мая 2021
» Иверская (Моздокская) икона Божией Матери
  Мая 2020
» Соотношение понятий Æгъдау, религия (дин), вера во внутриосетинской дискуссии
  Июля 2019
» Открытое обращение представителей осетинских религиозных организаций
  Августа 2017
» Обращение по установке памятника Пипо Гурциеву.
  Июня 2017
» Межконфессиональный диалог в РСО-Алании состояние проблемы
  Мая 2017
» Рекомендации 2-го круглого стола на тему «Традиционные осетинские религиозные верования и убеждения: состояние, проблемы и перспективы»
» Пути формирования информационной среды в сфере осетинской традиционной религии
» Проблемы организации научной разработки отдельных насущных вопросов традиционных верований осетин
  Мая 2016
» ПРОИСХОЖДЕНИЕ РУССКОГО ГОСУДАРСТВА
» НАРОДНАЯ РЕЛИГИЯ ОСЕТИН
» ОСЕТИНЫ
  Мая 2015
» Обращение к Главе муниципального образования и руководителям фракций
» Чындзӕхсӕвы ӕгъдӕуттӕ
» Во имя мира!
» Танец... на грани кровопролития
» Почти 5000 граммов свинца на один гектар земли!!!
  Марта 2015
» Патриоту Алании
  Мая 2014
» Что мы едим, или «пищевой терроризм»