Сулейманы дыууæ лæппуйы, Кемал æмæ Шамир, ныртæккæ цæрынц æмæ кусынц Аравийы, йæ чызг Амал ссис францаг æвзаджы ахуыргæнæг, смой кодта æмæ цæрынмæ алыгъд Канадæмæ.
Уæдмæ рæстæг дæр йæ куыст кодта, æмбисæхсæв ссис. Сулейманы æфсин, ныллæджытæ, цингæнаг араббаг сылгоймаг нын нæ цуры фынг авæрдта, фæлæ мах уыдтам, хæдзары хицауæн бирæ бадæн нæй, уый, æмæ дзы хатыр ракургæйæ, цæуыныл систæм.
Суанг уæладзыгмæ бацæуæны онг ма рацыд Сулейман нæ фæдыл; нæ алкæйы дæр зæрдиагæй йæхимæ æрбалхъывта. Асинтыл бынмæ куы æрхызтыстæм, уæд мæ цыдæр тых фæстæмæ акæсын кодта: зæронд лæг ма лæууыд уым, йæ кæсæнцæстытыл рахиз къухæй хæрдмæ схæцыд, галиу къухæй йæ хъулон халаты дысæй йæ цæстытæ асæрфта. Хид ын систы æви йын цæссыгтæ уыдысты, уый мæм нæ зынди.
Дамаскы æрдæгрухс æмæ афтид уынгты фæстæмæ Азæмæтимæ раздæхтыстæм.
Кæм цардыстæм, уыцы уынгмæ куы фæзылдыстæм, уæд нæ фæндагамонæг æрлæууыди, мах дæр баурæдта:
— Иу курдиат мæм ис. Уæ хорзæхæй, Суадагмæ-иу фæцæуын ма фæзивæг кæнут, уым Хъуыбадты Муратæн зæгъут, Дамаскы, зæгъ, уæ хистæр Сулейманы низ тынг хъыгдары. Ацы аз, мæгуыр, Ирыстонмæ фæцæуынмæ хъавыд, фæлæ, зæгъ, йæ зæрдæ бынтондæр нал бæззы... Йæхæдæг æй бамбардзæн Мурат, ды йын зæгъынмæ хъавын, уый... Ам æцæгæлон адæмы ’хсæн цыфæнды стыр лæг куы суай, уæддæр зæрондæй никæйуал фæхъæуыс. Никæй...
Нæ уазæгдоны цурмæ куы ’рхæццæ стæм, уæд нæ кæрæдзийæ нæ къах нал хаста. Ногæй та Ирыстоны коймæ рахызтыстæм, Азæмæт йæ сæр катайы тылд бакодта:
— Афæстаг цалдæр азы йæм ацæуын мæ къухы нал æфты, афтæмæй та йын алы хатт, фæстæмæ здæхгæйæ, афтæ фæзæгъын: «Хорзæй баззай, Ир!..» Мæнæ Кочысаты Мухарбеджы æмдзæвгæтæ цы чиныджы сты, уый сæргонд дæр афтæ у. Уыцы чиныг у, Фыдыбæстæйы Стыр хæсты чи фæмард, уыцы ирон фысджыты уацмыстæй арæзт, мыхуырмæ йæ бацæттæ кодта поэт Хъодзаты Æхсар, йæ сæргонд та у æдзард поэт Калоты Хазбийы прозаикон æмдзæвгæтæй ист рæнхъмæ гæсгæ лæвæрд — «Хорзæй баззай, Ир». Исты йын хъуыды кæныс не ’мдзæвгæтæй, Дамир?..
Дард Дамаскы сæйраг уынгтæй иуы æз сириаг ирон лæгæн зæрдиагæй радзырдтон Мухарбеджы «Сау цæстытæ».
Æз уарзтон сау цæстытæ, уарзтон,
Рæсугъддæр уыдонæй, кæм уыд,
Æхсæв сæ стъалытимæ барстон,
Уыдтæн сæ алы бон рæвдыд...
Азæмæт, æнафоны такситы рухсытæ кæм схъиудтой, уыцы фæндагмæ ныджджих, дард хъуыдыты аныгъуылд, стæй мæ афарста:
— Мухарбегмæ ма иу æмдзæвгæ ис — «Хъæмæ». Уый цавæр дзырд у?
Æз ын æй загътон.
Уый та йæ сæр батылдта:
— Кæс-ма, уымæн у æнкъард æмдзæвгæ æнæхъæнæй дæр. Ныр мæ никуыуал ферох уыдзæнис...
Уæдмæ бынтон æнафон сси. Азæмæты сæхимæ фистæгæй дæрддзæфмæ цæуын хъуыд. Æз дæр æмæ йын Хадзымурат дæр ацы изæры æнæферохгæнгæ фембæлдтыты тыххæй зæрдæбын арфæтæ ракодтам, фæлæ дзы нæ иннæ курдиат дæр нæ бамбæхстам. Уæвгæ йæ куыннæ загътаиккам, кæд æмæ адæймагæн æдзух ахæм фадæттæ нæ вæййы, æдзух Сиримæ чи æфтдзæни. — Æфсæрмы дæр кæнæм, Азæмæт, фæлæ ма иннæ ирæтты дæр куы фениккам. Æцæг та нæ райсом балцы ласынц нæ фысымтæ. Хорз уаид, куы раздæхæм, уæд...
Азæмæт йæ мидбылты бахудт æмæ йæ сæр разыйы тылд бакодта:
— Уый уын мæ быгъдуан...
Иу уысм ницыуал дзырдтам, стæй та Азæмæт фæразæй:
— Дзырд «быгъдуан»... Ирон æвзаг мæгуыр уымæн у, æмæ йын йе ’ппæт дзырдтæй нæ пайда кæнæм. Ирыстоны уæвгæйæ уыцы хъуыст кодтон, фæлæ ацы дзырд æппындæр никæмæй фехъуыстон. Афтæмæй та куыд рæсугъд у! Адæймаджы бирæ цæуылдæрты домы...