Цыбыр фиппаинаг. Хъуыбадты Сулейман, Дамаскы цæрæг ирæтты хистæр, кадджындæр, номдзыддæр. Цæуы йыл æстай азмæ æввахс. Каст фæци хæстон-инженерон академи, æфсады райста булкъоны цин, стæй рацыд кусынмæ пъæлицæмæ, уыд Сирийы мидхъуыддæгты министры хæдивæг. Дыккаг дунеон хæсты рæстæг францаг æфсæдтимæ хæцыд немыцы ныхмæ, фæцис æртæ цæфы, райста фараст хæрзиуæджы. Ныффыста цалдæр чиныджы хæстон-политикон темæтыл. Бирæзонæг, бирæфенæг. Æрдæгталынг уынджы хæдзары дыккаг уæладзыгмæ Азæмæт нæ разæй схызт, морæ фæлыст дуарыл мидæмæ бахæцыд, дуар гом разынди, æмæ нæ размæ рацыд Сулейман йæхæдæг. Бæрзонд, къæсхуыртæ, низæфхæрд, йæ мæллæг рустæ фæлурс цикъæйы хуызæн. Цалдæр уаты сæрты æппæтæй æххæст уат у, зæгъгæ, кæмæй фæзæгъынц, ахæм æндæр уатмæ бахызтыстæм, фæлмæн къæлæтджын бандæттыл нæхи æруагътам. Кæрæдзимæ фарстатæ раттыны хъæппæрис фысымты кæй у, уый зыдтам, æмæ Сулейман бирæ нæ бафæстиат: цæй фæдыл æрбафтыдыстæм ардæм, куыд цæры Ирыстон, уæхи ма мын бацамонут... Хадзымурат ын йæ мыггаг куы загъта, уæд та уæлдай тынгдæр бацин кодта, сыгъдæг дыгуронау дзурынмæ рахызт. Хатгай-иу ын, æвæццæгæн, дзырдтæ нал фаг кодта, араббагау-иу сæ Азæмæтæн загъта, уый та-иу махæн — иронау. Мæнæ дæлдæр цы монолог бакæсат, уый Сулейман дыгуронау дзырдта; стыр цин ын кæй хæссы, уый бæрæг уыд йæ фæллад цæстытыл.
Сулейманы монолог.
— Кæд æмæ кæд æрбафтыдыстæм ардæм! Уый уæхæдæг мæнæй æвзæрдæр нæ зондзыстут, бирæ фыстой уый тыххæй. Махæн нæ фыдæлтæ сæ хистæр Тазреты фæдыл Туркмæ ралыгъдысты, ардæм дæр æрбахаудтой, уæд ма Сири Турчы дæлбар уыди. Турк ардыгæй ацыди, ме ’рвадæлтæй та чидæртæ баззадысты ам. Мæ фыд дæр. Ам ын, куыд дзурынц, афтæмæй æвзæр нæ уыди, æвзæр цæстæй йæм нæ кастысты, бирæ хæлæрттæ дзы скодта. Ныртæккæ ацы бæстæйы нæ мыггагæй æртæ хæдзары йеддæмæ нæй, иу-ссæдзы бæрц та Турчы сты, мæнæ сæм Азæмæт цæуыны фæнд кæны, ме ’гасæй ма йын куы бантысид, мæхицæн мæ къæхтæ мæ коммæ нал кæсынц. Уым, сымахмæ, Ирыстоны, ме ’рвадæлтæ Суададжы дæр цæрынц, уырдæм мæ уæрджытыл дæр фæбырин. Куы нæ мын бантыса, уæд-иу мæ фæстæ Хуыцауæн зæгъут, иу æнæраст хъуыддаг та, зæгъ, скодтай. Никуы уыдтæн Ирыстоны, фæлæ æппынæдзух мæ цæстытыл уайынц йæ хæхтæ, йæ бæлæстæ. Нæ мыггаджы бирæ хорз лæгтæ уыдис, уыдон-иу гыццылæй нæ фыдæлты зæххы кой арæх кодтой, уæлдайдæр мæ фыды ’фсымæр Хусейн. Уый мын бирæ æмдзæвгæтæ фæдзырдта дыгуронау, фæлæ мæ ферох сты, иу ма дзы зонын. Иууылдæр нæ хауæггаг цардыл, нæ хъысмæтыл:
Мæ зæрдыл ма лæууы
Мæ райгуырæн бон:
Æмбырдæй — устытæ,
Æз се ’хсæн куыдтон.
Дзырдтой кæрæдзимæ:
— Цы кæны сывæллон?
Æз мæ мыггаджы
Фыдбонтæ уыдтон.
Сæрибарæй ма чи бакусы,
Чи ма скæны хæдзар!
Кæмæндæр æххуырст у
Мæ иунæг бындар.
Афтæмæй, æфхæрдæй,
Æгуыдзæг цæры.
Ц’ымæ афтæ
Кждмæ уыдзыстæм?
Нæ тугыл змæст кæрдзын
Кæдмæ хæрдзыстæм?..
Æз æй мæ фæстагæттæн æдзухдæр фæдзæхсын: «Йæ райгуырæн бæстæ чи ныууадза, уый сæфт у. Фидар хæцут Ирыстоныл, макуыдæм дзы лидзут. Хъахъхъæнут уе ’взаг; йе ’взаг чи нæ зоны, уый адæймаг дæр нæу...»