Iriston.com
www.iriston.com
Цæйут æфсымæртау раттæм нæ къухтæ, абон кæрæдзимæ, Иры лæппутæ!
Iriston.com - история и культура Осетии
Кто не помнит прошлого, у того нет будущего.
Написать Админу Писать админу
 
Разделы

Хроника военных действий в Южной Осетии и аналитические материалы

Публикации по истории Осетии и осетин

Перечень осетинских фамилий, некоторые сведения о них

Перечень населенных пунктов Осетии, краткая информация о них и фамилиях, в них проживавших

Сборник материалов по традициям и обычаям осетин

Наиболее полное на сегодняшний день собрание рецептов осетинской кухни

В данном разделе размещаются книги на разные темы

Коста Хетагуров "Осетинскя лира", по книге, изданной во Владикавказе (Орджоникидзе) в 1974 году.


Перечень дружественных сайтов и сайтов, схожих по тематике.



Rambler's Top100 Рейтинг@Mail.ru Индекс цитирования
Статьи Словари
Здравствуйте, Гость
Регистрация | Вход
Опубл. 26.07.2010 | прочитано 7147 раз |  Комментарии (4)     Автор: Tabol Вернуться на начальную страницу Tabol
ИРОНДЗИНАДЫ ФИДÆН

Этносоциалон афæлгæст
 

 

Хадыхъаты Х.Х. 

 

Разныхас
 

 

Иу ирон лæг дæр ныртæккæ гуырысхо нæ кæны, ирон адæм зын уавæрмæ кæй æрцыдысты, ууыл. Бабирæ сты, тагъддæр алыг кæнын кæй хъæуы, ахæм фарстатæ. Ирыстоны арæнтæм лæбурынц. Фæсхохы нæ зæххытæ гуырдзы сæхи хонынц, сæ быцъынæг тонынц, цæмæй сæ байсой, ууыл. Ам, Цæгат Ирыстоны та нæ ныхмæ хъулгъа ныллæуыдысты. Терчы рахизфарс сæхи хонын байдыдтой, нæ фæсивæд сын фаг ныхкъуырд радтой, фæлæ уæддæр нæма æрсабыр сты, нæ арæнтæм нын лæбурынц, иугай нæ марынц, нæ мулк нын тыхист кæнынц. 

Бæлвырд нæу мæ паддзахадон арæзтады фидæн: искæимæ æмбар цæдисонтæ уыдзыстæм, æви искæй дæлбар цæрдзыстæм, æви хибар иугонд паддзахад сараздзыстæм, æви ныр куыд дыууæ дихы стæм, афтæмæй баззайдзыстæм. 

Нæ экономикæ дæр хуыздæр уавæры нæй. Хæлдмæ цæуы. Нæ иумæйаг мулк хæлæттаг кæны. Иутæ дзы сæ дзыппытæ æгæр дзаг кæнынц, иннæтæ — уымæй нæ адæмы фылдæр хай — цæрæнбонты фыдæбон чи фæкодта уыдон, бынтон гæвзыкмæ æрцыдысты. 

Нæ ирон удварн, не ’взаг, нæ культурæ æмæ нæ историйыл бирæтæ сæ къух систой. Фæлтæрæй-фæлтæрмæ нæ ирондзинад сæфтмæ цæуы. Нæ фыдæлтæй баззайгæ цардахасты æууæлтæ æмæ нæ рæсугъд æгъдæуттæ скуынæг сты. 

Фыдракæнддзинад сарæх. Давын, кæрæдзийы бафхæрын, гæртам исын, сайын, тыхми бакæнын нæм диссаг нал кæсынц. Иу лæг иннæйы бастигъыныл архайы. 

Хуыздæр уавæр не ’вдисынц нæ демографийы ивддзинæдтæ дæр. Ирон адæм фылдæр нал кæнынц. Ноггуырд сывæллæтты нымæц къаддæрæй-къаддæр кæны. Кар адæм æвзонг фæсивæд æмæ сывæллæттæй дзæвгар фæфылдæр сты. 

Нæ æнгомдзинад фехæлд. Иумæ иннæйы хорздзинад хъыг кæсы. Фæзынд нæм алыхуызон политикон партитæ æмæ æхсæнадон змæлдтытæ, æмæ нын нæ чысыл адæмы къордгай кæнынц. Мах, ирон адæм, рагæй дæр искæйы фæдыл азгъораг стæм, кæнæ та дун-дунейы проблемæтыл хъуыды кæнын байдайæм, цымæ исчи нæ уынаффæ хъуаг у. Афтæмæй та нæхи фаг дæр нæ кæнæм, нæхицæн нывыл уынаффæ никуы бакодтам. Ацы тыхст заман дæр та иумæйаг зонд райсын нæ фæразæм. 

Иудзырдæй, Ирыстон нырæй тæссагдæр уавæры никуы уыд. Ныхас цæуы, нæ адæмы фидæн бахъахъхъæндзыстæм, æви нæхи сæфтмæ æруадздзыстæм, ууыл. Рæстæг ахæм у, æмæ хъуамæ арф ныхъхъуыды кæнæм, раиртасæм, равзарæм цавæр паддзахадон æмæ æхсæнадон цардарæзт аразæм, цавæр æхсæнадон ахастдзинæдтæ æвæрæм не ’хсæн, цавæр исбонады бындурыл æрлæууæм. Уыдонæн аразгæ у нæ ирон удварн, нæ ирон миддуне, нæ ирон æгъдау, уаг æмæ æфсарм, нæ ирон лæгдзинады фидæн. Уыдонæй аразгæ у, ирон лæг ма ирон лæгæй баззайдзæн æви нæ, уый. 

Нæ фидæнæн цы бындур æвæрæм, уымæн та сбæлвырд гæнæн ис æрмæстдæр нæ фыдæлты цардарæзт, цардахаст, удварн æмæ миддуне раиртасгæйæ. Фидæны бындур æдзухдæр ивгъуыд заман вæййы, Фыдæлты фæткæй цы адæм фæиртæса, уымæн æнæ фæцудгæ нæй, фæлæ æрмæст фыдæлты фæткыл лæууæг адæм дæр размæ нæ ацæудзысты, царды ногдзинæдтæ куы нæ исой, стæй иннæ адæмты хорздзинæдтæ куы нæ фæзмой, уæд. Ацы хъуыды у, чиныджы цы уац лæвæрд цæуы, уый сæйраг мидис. Уымæ гæсгæ йæ фыццаг хайы ныхас цæуы нæ фыдæлты цардарæзты сæйраг хицæндзинæдтыл, дыккаджы — ирон удварны бындурондæр миниуджытыл, æртыккаджы та иртæст цæуынц сæйраг ауайæнтæ нæ фидæнмæ, нæ фидæны æхсæнадон арæзтады сæйраг æнцæйттæ. 

Уацы цы хъуыдытæ ис, уыдон, чи зоны, иууыл раст не сты, чи зоны æмæ искæмæ хуыздæр хъуыдытæ ис, кæнæ та фæзына. Æцæг дзы цы фарстатæ æвæрд цæуы, уыдоныл бæстон æрныхас кæй хъæуы, уый та гуырысхойаг нæу. Уымæ гæсгæ уац нæ фидæны цардарæзты фарстатыл арфдæр ахъуыды кæнынæн æрмæст æфсон куы фæуа, уæддæр автор стыр разыйæ баззайдзæн. Уæлдай æхсызгон та йын уаид, чи йæ бакæса, уыдон æм сæ фиппаинæгтæ куы фехъусын кæниккой, уæд. Фиппаинæгтæ æрбарвитæн ис Цæгат Ирыстоны паддзахадон университеты психологийы кафедрæмæ. 

Уац фыццаг хатт мыхуыргонд æрцыд фарон августы мæйы газет «Рæстдзинад»-ы 152, 154, 156, 157-æм номырты. Йæ сæргонд хуынди: «Нæ фидæн — нæ сагъæс». Рацыд сæрмагонд рубрикæйы бынмæ: «Цы уыдыстæм, цы стæм, цы уыдзыстæм». Автор куыд æнхъæл нæ уыд, газеткæсджытæ йæ сæ зæрдæмæ афтæ арф айстой. Уымæн æвдисæн сты, «Рæстдзинад»-ы редакцимæ, стæй авторæн йæхимæ дæр газеткæсджытæй цы бирæ разыйы ныхæстæ æрбацыд, уыдон. Бирæтæ дзы газеты редакцийæн сæ фæндон дæр загътой, цæмæй хицæн чиныгæй мыхуыры рацæуа. Газеты редактор Хъесаты Володя газеткæсджыты фæндон фехъусын кодта Цæгат Ирыстоны паддзахадон университеты ректор Мæхæмæтты Ахуырбегæн. Ныр уац хицæн брошюрæйæ кæй цæуы, уый фыццаджыдæр. газеткæсджыты, стæй та Хъесаты Володя æмæ Мæхæмæтты Ахуырбегы фæрцы у. Арфæйаг уæнт. Царды сын бирæ бантысæд! 

 

Ирон цардарæзт
 

 

Ирон цардарæзтæн тынг рагон уидæгтæ ис. Нæ рæстæджы францаг стыр ахуыргонд Ж. Дюмезиль фыста, ирон адæм, дам, суанг Уæрæсеимæ баиуы агъоммæ бахъахъхъæдтой сæ незаманы хæрз рагон фыдæлтæ, æртæ-цыппар мин азы размæ цæ рæг индоирайнаг (ариаг) адæмты цардарæзт æмæ æхсæнадон уагæвæрдæй бирæ фæзылдты. Уыдон фидарæй фæхастой скифтæ, сарматтæ, алантæ та сæ ирон адæммæ æрхæццæ кодтой. Мæнгæй нæ фæзæгъынц, ирон цард Иратаманæй (Ир Атан Аман) нырмæ Хуыцауæй лæвæрд у, зæгъгæ, ома адæмы сурæты æрдз æмæ удварн куы баиу сты, уæдæй нырмæ цæуы. Уый та ариты цæстæнгас уыд. 

Нæ равзæрд рагон ариаг адæмтимæ баст кæй у, уымæн æвдисæн у, нæхæдæг нæхи цы этнонимæй хонæм — ирон, зæгъгæ, уый дæр. Этнонимтæ «ирон» æмæ «алан», ахуыргæндтæ сæ куыд иртасынц, афтæмæй равзæрдысты дзырд «арйана»-йæ. Афтæ сæхи хуыдтой рагон аритæ. 

Ж. Дюмезиль æмæ иннæ ахуыргæндтæ ирон цардарæзты раиртæстой ариты стыр фæд, уæлдайдæр та Уæлладжыры ирæттæм. Уыдон куыд æвдисынц, афтæмæй ирæтты æхсæнад рагон ариты хуызæн арæзт уыдис æртæ стыр сæрибар æмæ æмсæр социалон къордæй — зондхæсджытæ, æфсæддонтæ æмæ бæркаддæтджытæй (зонд, тых æмæ бæркад). Ариты уыцы æртæ къордæй кæддæр равзæрдысты рагон Индийы æртæ уæллаг кастæйы — брахмæнтæ, кшатритæ æмæ вайшьятæ. Ирон историон таурæгътæм гæсгæ та зонд лæвæрд уыд Къусæгонтæм, тых — Цæразонтæм, бæркад — Сидæмонтæм, Нарты кадджыты та — Алæгатæ, Æхсæртæггатæ æмæ Борæтæм. Фæстæдæр Къусæгонтæ, Цæразонтæ æмæ Сидæмонтæй равзæрдысты бирæ нырыккон ирон мыггæгтæ. Арæх ракæныпц цыппæрæм социалон къорд Æгъуызаты кой дæр, ома уыдон Цæразонтимæ æмсæр хæстонты æхсæнадон къорд уыдысты, зæгъгæ. Ирон таурæгътæм гæсгæ æцæгдæр афтæ цæуы. Фæлæ рагон индоирайнаг адæмты тыххæй цы зонадон куыстытæ ис, уыдон лæмбынæг куы раиртасай, уæд бынтон афтæ нæу. Зæгъæм, ариты æртæ æхсæнадон къордтæн алкæмæн дæр уыд нæхи сæрмагонд хуыз: зондхæсджытæн — урс, хæстонтæн — сырх, бæркадхæсджытæн — морæ. Æгъуызатæн та сæ ном сæ уæлæ ис — «æгъуыз» — атæ, ома сæхи сæрмагонд хуыз сын нæй. Æнхъæлæн нс, Æгъуызатæ кæддæр цыдæр историон цауты фæрцы иннæ æртæ æхсæнадон къордимæ æмсæр бынат æрцахстой, фæлæ сын уæддæр фæткмæ гæсгæ сæрмагонд хуыз не ’мбæлд. Ацы хъуыды хорз фидаргондæй æвдисы Сæбæтхъуаты А.Б., фæлæ, хъыгагæн, нырмæ йæ зонадон куыст мыхуыргонд нæма æрцыд. 

Ирон адæм, тæтæр сæ куы ныппырх кодтой, уый фæстæ дуиейы адæмты ’хсæн ногæй куы рабæрæг сты æмæ наукæйы цæстæнгасмæ куы бахаудысты, уæд цардысты Астæуккаг Кавказы хæхты цæгат æмæ хуссар фæрстыл цалдæр комы. Цæгатаг ирæттæ цардысты фондз комбæстæйæ: Уæлладжыр, Туалтæ, Куырттатæ, Дыгур æмæ Тæгиатæ. 

Фондз комбæстæйæн дæр сæ цардарæзт иухуызон уыд, кæд се ’хсæн бæлвырд хицæндзинæдтæ иртæст цыд, уæддæр. Бинонтæ, мыггаг, иу фыдæлæй равзæргæ æрвадæлтæ, сыхбæстæ, хъæубæстæ, зылд (община) æмæ комбæстæ,— ахæмтæ уыдысты, сæ кæрæдзи ’хсæн æнгом баст чи уыд, уыцы ирон цардарæзты социалон къордтæ. 

Мыггаг, хъæубæстæ, зылд æмæ комбæстæйæ алкæцы дæр уыд хæдбар социалон къорд, кæд сæ иутæ иннæтæм хаудысты, уæддæр. Уынаффæгæнæг æмæ тæрхонгæнæг дæр сæхицæн сæхæдæг уыдысты. Алы къордæн дæр уыд сæрмагонд уынаффæдон — хистæрты ныхас. Ныхас, цы къордмæ хаудис, уымæ гæсгæ æвзæрста мыггаг, хъæубæстæ, зылд æмæ комбæстæйы хъуыддæгтæ. Таурæгътæ дзурынц, æппæт ирон адæмæн, дам, Дагомы — Къусæгонты сæйраг цæрæнбынаты, иумæйаг Стыр Ныхас дæр уыд, зæгъгæ. 

Ныхасы бадтысты фендджын, дзырдарæхст, ирон уаг æмæ æгъдау хорз чи зыдта, ахæм дзырддзæугæ хистæртæ. Уынаффæ хастой, фыдæлты уаг æмæ æгъдау куыд амыдтой, уымæ гæсгæ. Ныхасы уынаффæйыл дыууæ ничи загътаид, æнæмæнг æй æххæст кодтой. 

Ныхас ма ноджыдæр уыд царды стыр скъола дæр. Ам-иу хистæртæ æрхастой фыдæлты æмбисæндтæ, фæндырæй цæгъдгæйæ зарыдысты рагон кадджытæ, йæхи царды æхсарджын, арæхстджын æмæ æфсармджынæй чи равдыстаид, уыдонæй æппæлыдысты. Хистæрты раз уырдыг лæууыдысты астæуккаг кары лæгтæ, фæсивæд æмæ сæм лæмбынæг хъуыстой. 

Фæткмæ гæсгæ Ныхасы фарсмæ хъуамæ уыдаид хъазæн фæз. Ам та фæсивæд æвзæрстой сæ лæгдзинад, бæхыл бадынмæ, кардæй хæцынмæ, топпæй æхсынмæ, хъæбысæй хæцынмæ, дзыхæй дзурынмæ, кафынмæ æмæ зарынмæ куыд арæхсынц, уый. Хистæртæ сæм сæ цæст дардтой, амыдтой сын, разæнгард сæ кодтой. 

Ирон адæмæн фыдæлтæй баззад раст лæджы тæрхон. Дыууæ лæджы нæ фидауынц, зæгъгæ, уæд-иу тæрхонгæнæгæй равзæрстой, сæ дыууæ дæр кæуыл æууæндыдысты, ахæм æртыккаг лæджы. Мыггæгты быцæутæ æвзæрстой хъæубæстæйы æвзаргæ лæгтæ, хъæубæстæты быцæу — зылды дзырддзæугæ лæгтæ, зылдты быцæу та-иу рахастой комбæстæйы тæрхонмæ. Фæлæ исты стыр бæллæхтæ æрцыди, зæгъгæ, уæд-иу фарста æвзæрста Дагомы тæрхон. Дагомы тæрхоны лæгтæй дыууæ хъуамæ уыдаиккой Къусæгонтæй, фæйнæ иуы Цæразонтæ æмæ Сидæмонтæй, иу та, быцæу цы комбæстæйы æрцыдаид, уырдыгæй. Дагомы тæрхон уыд фæстаг бардзырд. Ирон фæткмæ гæсгæ тæрхоны лæгтæ алы хъуыддагæн дæр сæрмагондæй æвзæрст цыдысты, ома иудадзыг тæрхонгæнæг нæ уыдысты. 

Куыд уынæм, афтæмæй ирон цардарæзт фæткыл æвæрд уыд. Уымæ гæсгæ ирон æхсæнады зын ссарæн сты паддзахадон цардарæзты æлхъивæн оргæнтæ. Æппындæр та дзы бынат нæ уыд пъæлицæ, ахæстон æмæ сæрмагонд паддзахадон æфсадæн. Æппæт нæлгоймæгтæ дæр бæлвырд кары хæстон æмæ фæдисоныл нымад уыдысты. Бахъуаджы сахат-иу æхсарджындæр, зондджындæр, фендджындæр æмæ фæлтæрдджындæр нæлгоймæгтæй сæхицæн хæстон фæтæг равзæрстой. 

Гъе, ахæм уыд нæ фыдæлты цардарæзт, ирондзинад кæм равзæрд æмæ ныффидар, нæ фыдæлтæ æмсæр æмæ сæрибарæй кæм цардысты æмæ фæллой кодтой, уый. 

Афтæ дзурджытæ дæр фæуыдзæн, кæд ирон цардарæзт æцæгæй дæр ахæм уыд, уæд куыд æмбаргæ у, советон наукæйы, стæй хицæн историон фыстыты цы хъуыды ныффидар, ома, ирон цардарæзты, уæлдайдæр та Дыгур æмæ Тæгиаты комбæстæты феодалон ахастдзинæдтæ æвæрд уыд, зæгъгæ, уый. 

Æртæ сæйраг цæстæнгасы ныффидар уыцы фарстамæ. Иу дзы амоны, зæгъгæ, ирæттæм феодалон ахастдзинæдтæ никуы уыд, иууылдæр æмхуызон, æмсæрæй цардысты, æрмæстдæр Уæрæсеимæ баиуы фæстæ иуæй-иу лæгтæ паддзахы службæйы фæрцы стыр бынæттæ куы æрцахстой, уæд уыдон сæ мыггæгтимæ архайын байдыдтой, цæмæй паддзахы бардзырдæй æлдæртты ном райсой, ууыл. Иутæн дзы æнтысгæ дæр бакодта. Зæгъæм, Тæгиатæн. Фæлæ Тæгиатæ иннæ фæрсаг адæмæй мулкæн дæр æмæ бартæй дæр раздæр куыд ницæмæй хицæн кодтон, уымæн æвдисæн сты æрмæст адæмон таурæгътæ нæ, фæлæ, сæрмагондæй уыцы фарста раиртасыны тыххæй паддзахы хицауад цы комитеттæ æмæ къамистæ сарæзта, уыдонæй иуæй-иуты уынаффæтæ дæр. Иннæ цæстæнгас дзуры, Тæгиатæ æмæ Бадилатæ дæр Ирыстонмæ æрцæуæггаг сты, зæгъгæ. Тæгиатæ сæхæдæг сæхи хонынц, Ирыстонмæ чи æрбафтыд, ахæм Сомихы паддзахы фырт, кæнæ та паддзахы везиры цот. Уый кæддæр йæ дæлбар адæмы къордимæ Дæргъæвсы æрынцад, йæ цот ам зæххытæ æрцахстой, сæ алыварс та фæстæдæр ирон фæрсаг адæм æрцардысты. Ирон адæм та сæ Уæлладжырæй рацæугæ хонынц, суанг ма сын сæ рагон цæрæнбынæттæ дæр амонынц. Бадилаты фыдæлтæ та, дыгурон таурæгътæ куыд дзурынц, афтæмæй æрбафтыдысты Маджары сахарæй. Раздæр дыгурæн уыдысты æххуырст хæстонтæ, бынатгæстæ, фæлæ сабыргай, сæ цот куы бабирæ сты, уæд сын дыгур мыздæн цы фыстой, уый хъалонмæ раивтой, сæхи уæлдæр адæмыл банымадтой. Таурæгътæ æрцæуæг хонынц Гагуатæ æмæ Цæргæсаты дæр. 

Æртыккаг цæстæнгас ныффидар советон историографийы. Советон историктæ сæ иртасæн куысты, бындурæн райстой марксистон концепци — куыстадон фæрæзтæ куыд рæзынц, афтæ къласон тохы фæрцы иу æхсæнадон формаци ивгæ цæуы иннæмæй, æхсæнадон къæпхæнтыл уæлдæр чи лæууы, ахæмæй. Ивд æрцæуынц царды уаг æмæ æфсарм дæр, адæмы зондахаст æмæ удварн дæр, суанг ма хицæн адæймæгты миддуне дæр. Цыбыр дзырдæй, иппæрдгонд цæуы адæмты эволюцион райрæзт. 

Уыцы концепцийы бындурыл лæугæйæ, советон ирон ахуыргæндтæй иутæ ирон цардарæзты фæзындтæ æмæ ахастдзинæдтæ нымайын байдыдтой фæстæзад æууæлтыл, иннæтæ та сæ тыхагуырд райдыдтой феодалон æмæ ма суанг капиталистон ахастдзинæдтæ, ома, мах дæр фæстæзад нæ уыдыстæм, зæгъгæ. Разынд ахæмтæ дæр, нæ фыдæлты цардахастæй æфсæрмыгæнгæйæ чи дзырдта, раздæр, дам, уæлдæр æхсæнадон къæпхæныл лæууыдыстæм, уыдис нæм сыгъдæг феодализм, фæлæ нæ астæуккаг æнусты тæтæр хæхты цъассытæм куы батардтой, уæд та фæстæмæ дæлæмæ æрхаудыстæм, фæтых ныл æхсæнадон регресс, феодализмæй æрхызтыстæм фыдæлты фæткыл арæзт цардарæзтмæ. 

Æцæгæй та, дунейы рагон æмæ нырыккон адæмтыл куы афæлгæсай, уæд бафиппайæн ис, адæмтæ сæ æхсæнадон райрæзты иу фæндагыл кæй нæ цæуынц, уый. Уымæн æвдисæн сты алыхуызон цивилизацитæ, удварны æвæрдæдтæ æмæ æхсæнадон уагæвæрдтæ, кæд, æмткæй райсгæйæ, арæх иухуызон куыстадон фæрæзтыл æнцайынц, уæддæр. 

Адæмтæн сæ иутæм рагзаманæй фæстæмæ ныффидар паддзахадон цардарæзт. Уыдонмæ вæййы фыдæй-фыртмæ дæтгæ, кæнæ та æвзаргæ хицауад. Мулк кæнæ та гуырдмæ гæсгæ сæхи мидæг дихтæ кæнынц хицæн социалон къордтыл. Социалон къордтæ æмæ иугай адæймæгты æхсæн æвæрд ис, уæлейæ дæлæмæ чи цæуы, ахæм уæлбар æмæ дæлбар ахастдзинæдтæ. Ахастдзинæдтæ арæзт цæуынц хиисбонады бындурыл, фидар та сæ кæнынц паддзахадон закъон, тых æмæ тас. Ахæм æхсæнады хицæн социалон къордтæ, æмæ ма суанг хицæн адæймæгтæ дæр, арæх кæрæдзи ныхмæ æвæрд вæййынц, нæ фидауынц, паддзахадон уагæвæрд сын сæ цард æмæ райрæзтæн æмхуызон мадзæлттæ кæй нæ аразы, уый тыххæй. 

Иннæтæн та сæ æхсæнад арæзт у фæтк, уаг æмæ æгъдауы бындурыл. Нæй сæм паддзахадон хицауад, æлхъивæн оргæнтæ æмæ закъон. Социалон къордтæ дихтæ кæнынц хæстæгдзинад æмæ цæрæн бынæттæм гæсгæ, иумæйаг зæххисбоны алыхуызты бындурыл. Æхсæнадон ахастдзинæдтæ дæр уæлейæ дæлæмæ нæ цæуынц, фæлæ фарсæй-фарсмæ, æмсæр адæймæгты ’хсæн куыд вæййы, афтæ, стæй сæ паддзахадон æлхъивæн оргæнтæ æмæ тас нæ фидар кæнынц, фæлæ æгъдау, уаг æмæ æфсарм. Ам социалон къордтæ æмæ хицæн адæймæгтæ иууылдæр иу уаг, иу æгъдауыл хæцæг сты, уымæн æмæ сын иу уагæвæрд ис, æппæт æхсæнады бындурыл чи лæууы, ахæм. Уымæ гæсгæ хицæн социалон къордтæ æмæ адæймæгтæ сæ кæрæдзиимæ æмæ æппæт æхсæнадимæ дæр æмбаст сты, ис сын иу монон иудзинад. Уыцы иудзинад чи фехалы, уый та йæхи социалон къорд æмæ æппæт æхсæнадæй дæр фæиртæст вæййы, бынат ын дзы нал вæййы. Зæгъæм, ирон цардарæзты социалон къордтæ æмæ хицæн адæймæгтæ сæ цард арæзтой, æппæтæн дæр иумæйаг чи уыд, ахæм уагæвæрды æгъдæуттæм гæсгæ. 

Раздæр куыд загъд æрцыд, афтæмæй ирон адæммæ дæр Уæрæсеимæ баиуы агъоммæ ахæм цардарæзт уыд. Æмæ уый, иуæй-иу марксистон историктæ куыд дзурынц, афтæ нæ фæстæзад, ома, уыцы рæстæг нæ æрдзон ахастдзинæдты бикъæй кæй нæма фæхицæн стæм, уый æвдисæг нæу, фæлæ нæ фыдæлтæ даргъ историон фæндагыл кæй фæцыдысты æмæ стыр социалон фæлтæрддзинад кæй æрæмбырд кодтой, уый амонæг у. Ахæм цардарæзты æууæлтæй бирæ уыд тынг рагон индоирайнаг (ариаг) адæмтæм. Ахæм цардарæзт федта нæ эрæйы фыццаг æнусты скифтæм, сарматтæ æмæ алантæм бердзенаг фыссæг Лукиан. Уæдæ астæуккаг æнусты аланты тыххæй цы æрмæг баззад, уый дæр лæмбынæгæй куы раиртасай, барвæндонæй дзы æлдарадон ахастдзинæдтæ куы нæ агурай, уæд, æмткæй райсгæйæ, ахæм цардарæзт æвдисæг у. Ам ноджыдæр иу хъуыддаг ис: аланты тыххæй йæ фиппаинæгтæ чи ныууагъта, уыдон сæхæдæг иууылдæр паддзахадон цардарæзты мидæг цардысты æмæ уымæ гæсгæ сæ фылдæр, æнæ бæстон иртасæн куыст бакæнгæйæ, аланты æхсæнадмæ дæр хуызæны цæстæнгасæй акастысты, йæ хицæндзинæдтæ йын нæ раиртæстой. 

Уæдæ афтæ: ирон адæммæ ивгъуыд æнусы наукæ цы демократон ахастдзинæдтæ бафиппайдта, уыдон сæм равзæрдысты сæ фыдæлты сæрмагонд цардарæзты дæргъвæтин эволюцийы фæрцы. 

Ууыл куы сразы уæм, уæд та фидарæй нæ бон зæгъын у, ирон царды цы æлдарады миниуджытæ иртасынц, уыдон ирон адæммæ сæхи историон райрæзты фæрцы кæй нæ равзæрдысты, фæлæ куы фæлæмæгъ сты, уæд сæм сæ лæгдыхæй кæй æрбахастой, паддзахадон цардарæзт кæмæ уыд, уыцы адæмтæ. Историйы, иу адæмыхаттæй рацæугæтæ иннæ адæмты æхсæн æлдариуæг куы райдыдтой, ахæм дæнцæгтæ бирæ ис: варягтæ уырысмæ, немыцаг баронтæ Эстонийы, поляктæ Украинæйы æмæ афтæ дарддæр. Æцæг æлдарады ахастдзинæдтæ ирон сæрмагонд цардарæзтыл бынтон нæ фæуæлахиз сты æмæ уымæ гæсгæ ирон царды æмæ адæмы зондахасты зынгæ бынат не ’рцахстой. Уæлладжыр, Туалтæ æмæ Куырттатæм та æппындæр нæ фæзындысты. 

Ирон æхсæнадмæ æлдарады æууæлтæ æрбайсгæ кæй уыдысты, ууыл 1808 азы дзырдта, Бадилаты тыххæй дыгурон таурæгътæ равзаргæйæ, Ю. Клапрот дæр. Ирон ахуыргонд Кокити Георги Ю. Клапроты дзыхæй афтæ фыста: «До прихода бадилатов дигорцы были совершенно свободны с республиканским образом правления; они выбирали самых храбрых из них в качестве защитников и судей; последние осуществляли, таким образом, свою власть без определенного наследствениого права» . 

Уымæн ма æвдисæн у нæ фыдæлтæй баззайгæ ирон уаг дæр. Адæмæн йæ уаг йæ социалон ахастдзинæдты айдæн у. Ирон уаджы та, æлдар æмæ хицауимæ дæхи куыд дарай, уымæн йæ кой дæр нæй. Нæ фыдæлты уаг æвæрд у хистæр—кæстæр, сылгоймаг—нæлгоймаг, уазæг—фысым, хион—æддагон, æмгар æмæ къабаздзинады охыл. Уыдон фæстæ ма, бинонтæ æмæ хæстæджыты ’хсæн чи цы бынат ахсы, уымæ гæсгæ: хицау—æфсин, ныййарджытæ—цот, мой—ус, чындз—тиу, ходыгъд, сиахс — каис æмæ афтæ дарддæр. Æрхæссæм иу дæнцæг: паддзахадон цардарæзты ахастдзинæдты уæлдæр къæпхæны чи лæууа, уый карæй кæстæр куы уа, уæддæр кады тыххæй йæ бынат ис хурыскæсæны ’рдыгæй, уæлейы, рахизфарс, кæнæ астæуæй, рæбынæй, мидæгæй, разæй. Ирон уагмæ гæсгæ та уыцы бынæттæ ахсынц хистæр, сылгоймаг æмæ уазæг, бинонтæ æмæ хæстæджыты ’хсæн та — хицау æмæ æфсин, мад æмæ фыд, тиу æмæ ходыгъд, мад æмæ фыды æфсымæртæ, каистæ. Ирон уагмæ гæсгæ лæугæ кæнæ бадгæ кæмæн у, раздæр дзурын хъуамæ чи райдайа, салам чи радта, къæсæрыл раздæр чи ахиза, фæндаг чи кæмæн радта, уыдон дæр кар, нæлгоймаг, сылгоймаг, хион, æддагон æмæ æндæр ахæм хицæндзинæдтæй аразгæ сты. 

Ноджыдæр ма иу цæвиттон: ахуыргæндтæ куыд фыссынц, афтæмæй нæ рагфыдæлтæй астæуккаг æнусты мадьярты бæстæмæ чи афтыд, уыдонæн дæр сæ байзæттæгты æхсæнад кæронмæ фæткыл лæуд уыд, кæд феодалон цардарæзты паддзахады цардысты, уæддæр. Стæй ма ноджыдæр: дзырд «æлдар» нæ фыдæлты æвзаджы æндæр мидис хаста, амыдта феодал нæ, фæлæ хæстон фæтæг. Ахæм мидисимæ ныффидар нырыккон мадьярты æвзаджы дæр. 

Ирон адæмæн æлдарады ахастдзинæдтæ æрбайсгæ сты, зæгъгæ, ууыл куы сразы уæм, уæд хъуамæ нæ цæстæнгас аивæм нæ цардарæзты иуæй-иу æндæр фæзындтæм дæр. Уыдонæй иутæ сты ахæм социалон æмбæрстæдтæ, куыд тыхджын мыггаг, фæрсаг адæм æмæ кæвдæсард. Нæ советон историографийы ныффидар, цыма тыхджын мыггæгтæ æлдæртты къордмæ хаудысты. Æцæгæй та ирон таурæгътыл куы афæлгæсай, хистæрты мысинæгтæ куы раиртасай, раздæры ахуыргæндтæй цы æрмæг баззад, уымæ лæмбынæг куы æркæсай, уæд бамбарæн ис, тыхджын мыггæгтæ æлдарадимæ баст кæй не сты, уый. Тыхджын мыггæгтыл нымад уыдысты, фæсивæдджындæр чи уыди, йæ хистæртæ æгъдауæй фæзминагдæр кæмæн уыдысты, адæмы сæрвæлтау хæстмæ рæвдздæр кæй фæсивæд цыдысты, йæхи царды сæрæндæрæй чи æвдыста, уыдон. Бахъуаджы сахат, стæй химидæг быцæуты рæстæг дæр-иу хæстон фæтæгтæ æмæ фидар лæгтæ уыдонæй æвзæрстой. Æрвылбон царды та сæм иннæ мыггæгтæй уæлдай сæрмагонд бартæ нæ уыд. 

Фæрсаг æмæ кæвдæсард адæм дæр, иуæй-иу историктæ куыд хъуыды кæнынц, афтæмæй æлдарады ахастдзинæдтимæ баст нæ уыдысты, стæй, æвæццæгæн, балцы цæугæйæ, кæнæ хæсты быдыры чи цы бынат ахста, уымæй аразгæ дæр не сты. Фæрсаг адæм сты, бындурондæр æмæ сæйрагдæр зылдмæ чи нæ хаудта, фæлæ уыцы зылды ’хсæн, кæнæ та йæ фарсмæ фæстæдæр чи æрцард, ахæм адæм. Цæвиттонæн æрхæссæн ис Куырттаты комы Цымытийы зылд æмæ Лæцы цæрджыты. Цымытийы зылд рагондæр æмæ стырдæр уыд Лæцæй. Уымæ гæсгæ цымытийæгтæ лæцæгты нымадтой фæрсаг адæмыл, ома, махæй не сты, кæд нæ фарсмæ цæрынц, уæддæр. Куырттатæ та цымытийæгтæн сæхи нымадтой фæрсаг адæмыл, сæхæдæг комы раздæр кæй æрцардысты, уый тыххæй. Ахæм дæнцæгтæ бирæ æрхæссæн ис. Ацы хъуыды раст кæй у, уымæн ма æвдисæн у, Иры рагон разагъды социалон къордтæ Къусæгонтæ, Цæразонтæ æмæ Сидæмонты баззайæццæгтæй бирæтæ фæстагмæ фæрсаг адæмыл нымад кæй æрцыдысты, уый дæр. Кæй зæгъын æй хъæуы, куыдфæстæмæ бындурондæр æмæ фæрсаг адæмты, тыхджын æмæ лæмæгъдæр мыггæгты ’хсæн цыдæр дæлбар-уæлбар ахастдзинæдтæн æнæфæзынгæ нæ уыд. Æмæ уыдон æлдарад. бæрæггæнæг нæ уыдысты, фæлæ арæзт цыдысты. иуæй-иу бынæттон хицæндзинæдты бындурыл æмæ сын уымæ гæсгæ алы бынаты дæр хицæн мидис уыд. 

Кæвдæсарды фæзынд та баст у тынг рагон фæткимæ. Библимæ лыстæг куы æркæсай, уæд номылус æмæ кæвдæсарды фæд ссарæн ис рагон дзуттæгтæм дæр. 

Ирон кæвдæсардæн йæ социалон уавæрмæ гæсгæ абарæн ис рагастæуæнусты франкаг бастардимæ. Сæ дыууæтæ дæр уыдысты, фыдимæ къайады æгъдауыл баст чи нæ уыд, ахæм номылустыты цот. Сæ дыууæтæ дæр дæлдæр нымад цыдысты къайады æгъдауыл баст сылгоймаджы цотæй. Бындары бартæ сæм нæ хаудис. Фæлæ фыдæн йæ къаимæ цот нæ рацыд, зæгъгæ, кæнæ та къайады фæткыл ус куы нæ æрхастаид, уæд-иу кæвдæсард æмæ бастард фыццаг бынат бацахстой, бындары бартæй пайда кодтой. 

Ахуыргæндтæ куыд амонынц, афтæмæй франкаг бастард фæзымд, къайады æгъдæуттæ фидар кæнын куы байдыдтой, уæд. Уый размæ æнæкъайады цот æгад æмæ дæлдæрыл нымад нæ цыдысты. Ахæм бынаты сæ æвæрын байдыдта къайады карз уагæвæрд. Ирон кæвдæсарды фæзынд дæр, æвæццæгæн, уыимæ баст у, кæд æй бирæтæ æлдарады миниуæг хонынц, уæддæр. Номылус дардтой ирон фæрсаг адæм дæр. 

Нæ цæстæнгас ивгæ æрцæудзæн нæ историйы æндæр фарстатæ æмæ цаутæм дæр. Зæгъæм, Ирыстоны адæм æмæ æлдæртты æхсæн ныхлæуд къласон тох нæ уыд, советон историктæ йæ куыд æвдисынц, афтæ. Уый уыд фæткыл æвæрд сæрмагонд ирон цардарæзты тох æрбахæсгæ æлдарадимæ, паддзахадон цардарæзтимæ. Рагæй-æрæгмæ дæр уыцы дыууæ цардарæзты кæрæдзи ныхмæ лæууынц, нæ фидауынц, уымæн æмæ арæзт сты дыууæ æхсæнадон æвæрдтыты бындурыл. 

Уыцы тох зынгæ фæд ныууагъта Хуссар Иры, Дыгур æмæ Тæгиаты комбæстæты адæмон таурæгъты æмæ зарджыты. 1781 азы Дыгургомы уыцы тохæн йæ иу цау йæхи цæстæй федта уырыссаг фæндаггон Штедер. Уый фыста, æрцæуæг Бадилатæ сæ бартæ ноджыдæр куыд фæфылдæр кæнынмæ хъавыдысты, дыгур сыл куыд æрхъула кодтой, ныццæгъдынмæ сæ куыд хъавыдысты æмæ сæ уый куыд бафидауын кодта. 

Дыууæ æхсæнадон æвæрдады ныхлæуд биноныгæй æвдыст цæуы Нарты кадджыты дæр. Нартæ сæхæдæг фæткыл арæзт æхсæнады цардысты, кæрæй-кæронмæ сæ тох та уыдис æндæрбæстаг паддзæхтæ, мæличчытæ æмæ æлдæрттимæ. 

Советон историктæ къласон тохыл нымайынц кæвдæсæрдтæ æмæ къайады уагæвæрды ныхмæлæуд дæр. 

Зæгъæм, ахæм мидис дæттынц, Тлаттаты Чермен æмæ Бæтæйы фырттæ Аслæнбег æмæ Будзийы тыххæй цы таурæгътæ æмæ зарджытæ баззад, уыдонæн. Æцæгæй та Чермен æмæ Бæтæйы фырттæ — номылустыты цот — рагон фæткмæ гæсгæ агуырдтой бындары бартæ, сæ фыдæлтæн къайады æгъдауæй цот кæй нæ баззад, уый тыххæй. 

Ноджыдæр ма иу фиппаинаг, советон ахуыргæндтæ ирон цардарæзты тыххæй цы дзурынц, ома, уый аланты феодализмы фæстæ регресс уыд, зæгъгæ, уымæ. Кæд æцæгдæр регресс уыд, уæд ирон адæммæ æрбайсгæ æлдарады ахастдзинæдтæ кæй фæзынд æмæ уый тыххæй сæрмагонд ирон цардарæзт эволюцион æгъдауæй кæй нал рæзыд, уый аххосæй. 

Фæткыл æвæрд æхсæнадон ахастдзинæдтæ рæзгæ нал кодтой, иухуызон æнæивгæйæ ныффидар сты, мæгуырæй-мæгуырмæ цыдысты, паддзахадон ахастдзинæдтæ сæ ивын байдыдтой. Нартæ сæфтмæ кæй æрцыдысты, уымæн дæр йæ сæйраг аххосаг уый мидæг уыд: сæхи атигъ кодтой сæ цардарæзт, уаг, æгъдау æмæ æфсармыл æмæ сын æй сæ Хуыцауы хай нæ ныббарста. Ам ирон адæм аив нывтæй сæхи хъысмæт равдыстой. 

Уæрæсеимæ куы баиу стæм, уый фæстæ нæ цардарæзт ивгæ æрцыд уырыссаг паддзахадон уагæвæрдæй. Ам раст уæвын хъæуы, паддзахы администраци ма уæддæр архайдта, цæмæй ирон цардарæзты æууæлтæ бынтон ма скуынæг уой, пайда сæ кодта йæхи политикæ æххæст кæнгæйæ. 

Паддзахадон æмæ ирон æхсæнадон арæзтæдтæ бынтондæр кæрæдзи ныхмæ фесты фæстаг 30–40 азты дæргъы. Нæхæдæг дæр нæ æхсæнадон уагæвæрд фæстæзад хъуыддагыл банымадтам, нæ сæрмæ йæ нал хастам, нæхи йыл атигъ кодтам, иу дзырдæй, цы бæласы къалиуыл бадтыстæм, уый алыг кæныныл бацархайдтам. 

 

Ирон æвæрдад
 

 

Истори куыд æвдисы, афтæмæй алы адæмæн дæр, ома этносæн, незаманæй нырмæ йæ æхсæнадон райрæзты дæргъы ныффидар вæййынц йæхи сæрмагонд цардарæзт, йæхи æхсæнадон æмæ исбонадон ахастдзинæдтæ, сæрмæхæссинагдæр æмæ адæмы цæсты нымаддæр куыстадон къабæзтæ, æмткæй райсгæйæ, адæм æнусæй-æнусмæ кæй фембырд кодтой, фæлтæрæй-фæлтæрмæ кæй фæлæвæрдтой, ахæм социоэкономикон фæлтæрддзинад. Уыцы æнусон фæлтæрддзинад алы адæммæ дæр æвзæрын кæны, æхсиды йæхи сæрмагонд удварны æууæлтæ, лæгдзинады миниуджытæ, æгъдау, æфсарм æмæ уаг, адæмон психологи, бæлвырд цæстæнгас æрдз æмæ æхсæнады фæзындтытæм, дин æмæ уырнынад, миддуне æмæ зондахаст. Уыдон иууыл иумæ аразынц адæмы удварны æвæрдад, уырыссаг æвзаджы менталитет кæй хонынц, уый. 

Адæмæн йæ æвæрдад у йæ национ химбарынады бындур. Йæ æвæрдады бындурæй чи фæхицæн уа, уыцы адæмæн æнæ сæфгæ нæн. Алы этнос дæр рæзы, ног æууæлтæ æмбырд кæны, иннæ адæмты хорз миниуджытæ фæзмы, иннæ адæмтимæ йæ ахастдзинæдтæ æвæры йæхи æвæрдады бындурыл лæугæйæ. Фæлæ æрмæст йæхи æвæрдадыл куы лæууа, ногдзинæдтæ куы нæ иса, иннæ адæмты раззаг миниуджытæ куы нæ фæзма, уæд та фæсте аззайы, йæ агъуды аныгъуылы. 

Ирон адæм незаманæй нырмæ æрæмбырд кодтой стыр æхсæнадон фæлтæрддзинад, сарæзтой бирæ адæмтæн бæллиццаг чи уыд, ахæм цардахаст, бахъахъхъæдтой се ’взаг — дунейы зæронддæр æмæ мадзалджындæр æвзæгтæй иу, сæ удыхъæд æмæ æхсæнадон фæлтæрддзинад равдыстой сæ æнæмæлгæ Нарты кадджыты, равзæрд сæм сæхи цæстæнгас æрдз æмæ дунейы арæзтмæ, сæхи дин æмæ мифологи, айтыгътой хъæздыг дзыхæй-дзыхмæ исгæ аргъæуттæ, таурæгътæ æмæ зарджытæ, сарæзтой, рагзаманты европæйаг адæмтæн фæзминаг чи фæци, ахæм хидарыны нормативтæ: уаг, æгъдау æмæ æфсарм, ныффидар сæм адæймаджы удыхъæды алыхуызон бæллиццаг æууæлтæ, дæсны пайда кодтой, сæхæдæг кæй сарæзтой, ахæм хъомыладон фæрæзтæй. Иу дзырдæй, ирон адæм сарæзтой уæрæх, фæлæ айнæг къæдзæхау æмуагъд, фидар монон удварны æвæрдад. 

Ирон удварны æвæрдадæн йæ сæйрагдæр рахæцæн уыд лæгдзинад, нæ ирондзинады сæйрагдæр бæрæггæнæн. Лæгдзинады алыварс зылдысты ирон дины фæзылдтæ. Ирон лæгдзинад уыд адæмон сфæлдыстады сæйрагдæр мидис. Ирон лæгдзинад уыд адæмы бæллиц æмæ адæймаджы хорздзинæдты, бæрцбарæн, йæ митæ æмæ йæ ахастдзинæдтæ аразæг. Иудзырдæй, ирон лæгдзинад уыд ирон адæмы психологийы апп, ирон цардарæзты идеологи. Уымæ гæсгæ ирон зондахасты нæ ныффидар сты нæдæр чырыстон, нæдæр пысылмон дин. Уæд адæмы аппарын хъуыд сæ сæйраг миниуæг — лæгдзинад, ома сæ ирондзинад, ну зондахаст аивын хъуыдис иннæмæй. 

Ирондзинады бирæ фæзилæнтæ ис. Æрæджыдæр ма, нæ фыдæлтæ-иу искæй æнæфсарм митæ кæнгæ куы федтой, уæд афтæ дзырдтой: «Цы ми кæныс, ирон нæ дæ?». Истæмæй фæтарстæ уæд та: «Цæмæй тæрсыс, дæ ирон ныфс цы фæцис?». Æвзæр дзыхæй сдзырдтай — «Дæ ирон æфсарм цæмæн сафыс?» Дæхи æгъдаумæ гæсгæ нæ дарыс — «Дæ ирон уаг кæм ис?». Фаг хъару нæ равдыстай — «Дæ ирон тых цы фæцис?», дзырд фæсайдтай — «Дæ ирон цæсгом цæмæн бахордтай?». Уазæгæн фаг æгъдау не скодтай — «Ирон цæхх æмæ кæрдзыны кад цæмæн сафыс?». Дæ магусайы тыххæй мæгуырæй цæрыс — «Дæ ирон сæрæндзинад кæм ис?» æмæ афтæ дарддæр. Лæг фæдисы, кæнæ зиумæ нæ цæуы, зæгъгæ, уæд та-иу хъодыйæг бацис. Цыбыр дзырдæй, нæ фыдæлтæ ирондзинад бастой дунейы æппæт адæмтæм дæр бæрзонд æвæрд чи у, ахæм миниуджытимæ: æгъдау, æфсарм, уаг, ныфс, зонд, хъару, кад, намыс æмæ фæллоимæ. Уыдон иууыл иумæ та ирон фарн хуыдтой, ирон лæгдзинад. 

Нæ ирондзинад фидар кодта ирон адæмы иудзинад. Лæгдзинад ирон, дыгурон, хуссайраг, цæгатаг, туалладжы сæрыл нæ уыд, фæлæ сæрæндзинады охыл, адæмæн хорздзинад ракæныны фæдыл. Дæхицæн æмæ æрмæст дæ бинонтæн цыфæнды дæр сараз уæддæр дæ хорз ничи загътаид. Дæ лæгдзинад хъуамæ равдыстаис адæмы сæраппонд. Уæд-иу адæймаджы хуыдтой «комы лæг», «бæстæйы лæг». 

Нæ ирондзинад нæ иннæ адæмты ’хсæн дæр бæрæг дардта, стæй нæ иумæ дæр баста: архайдтам, цæмæй ироны ном ма фегад кæнæм. Цас хъæбатырдзинад равдыстой нæ фыдæлтæ сæ ирон ном хъахъхъæнгæйæ Донайы, Японы, фыццаг æмæ дыккаг дунеон хæстыты. Цал æмæ цал хатты фервæзын кодтой нæ рагфыдæлтæ Гуырдзыйы цыфыддæр знагæй, цал хатты йын бахъахъхъæдтой йæ хæдбардзинад. 

Ирондзинады сæйрагдæр хицæндзинæдтæ, ирон æвæрдады миниуджыты æххæстдæр, хуыздæр æмæ лæмбынæгдæр бамбарæн ис, ирон лæджы бындурондæр абарæнтæ бæстондæр æвдыст кæм цæуынц, ахæм национ иугонд сурæты æууæлтæ раиртасгæйæ. Алы адæм дæр сæ национ иугонд сурæты бамбырд кæнынц сæ бæллиццаг миниуджытæ, се ’хсæн фылдæр аргъ кæмæн кæнынц, рæзгæ фæсивæдмæ кæй æвзæрын кæнынц, сæрмæхæссинагыл кæй нымайынц, ахæм æууæлтæ. Уымæ гæсгæ национ иугонд сурæт у адæмы удварн æмæ миддуне æвдисæг, адæмы удварны æвæрдады апп. 

Национ сурæт иу кæцыдæр рæстæг нæ февзæры. Уымæн йæ бындурон миниуджытæ фылдæрæй-фылдæр кæнынц, ныффидар вæййынц, кæрæдзийы ивгæ цæуынц, сæ кæрæдзийы æхсæн иу ахастдзинæдтæ æмæ бастдзинæдтæй иннæтæм бахизынц адæмы социалон райрæзты дæргъы. Национ сурæт раиртасынæн ахъаззаг фæрæз сты адæмон кадджытæ, таурæгътæ, зарджытæ, аргъæуттæ æмæ иннæ адæмон сфæлдыстады уацмыстæ, адæмы æвзаг, цардыуаг, æфсарм æмæ æгъдæуттæ. 

Ирон адæмы иугонд сурæты сæйрагдæр æмæ бындурондæр мипиуджыты æхсæн раиртасæн ис иу-цалдæр фæлмы. Фыццаг, стæй тæккæ рагондæр фæлммæ ахæссæн ис, ирон адæм сæ разагъды эпос Нарты кадджыты сæйрагдæр хъайтартæн цы бæллиццат миниуджытæ бахай кодтой, уыдон. Ахуыргæндтæ куыд раиртæстой, афтæмæй эпос равзæрд æмæ рæзыд незаманы VIII—VI æнустæй нæ дуджы XII—XIV æнустæм. Кæд афтæ, у, уæд та хъæддыхæй дзурæн ис, ирон национ сурæты рагондæр фæлмы миниуджытæ скифтæ, сарматтæ, алантæ æмæ рагирон адæмты æхсæн кæй ныффидар сты, ууыл. 

Нæртон лæджы бæллиццаг миниуджытæ сæхи æргомдæр æвдисынц лæгæвзарæн ерысты. Лæгæвзарын та Нарты кадджытæй бирæты мидис у. Райсæм дзы иу-цалдæр таурæгъы: «Нарты æмбырд» кæнæ «Нарты Уацамонгæ», «Уырызмæджы фæстаг балц», «Æхсæртæггатæ æмæ Борæты хæст», «Сослан тыхагур», «Нарты симд», «Батрадзы хъæзтытæ сывæллонæй» æмæ æндæртæ. 

Лæмбынæгдæр ма æркæсæм уыцы миниуджытæм: нартæ фыццаджыдæр уыдысты хæстон æмæ цуанон адæм. Сæ цард æрвыстой балцыты, хæсты быдыры, кæнæ цуаны. Уымæ гæсгæ эпосы иугонд сурæты сæйрагдæр æууæлтыл нымад цæуынц хæстон æмæ цуанон лæджы миниуджытæ: хæцæнгарзимæ хæрзарæхст, тохмондаг, фæдисон, бæхыл бадынмæ рæвдз, уæнгæй хъаруджын, ныфсхаст, уæндон, зындзинæдтæ, æххормаг æмæ рисæн быхсаг æмæ афтæ дарддæр. 

Нартæ кæд цыфæнды хæцæг адæм уыдысты, уæддæр сабыр æнæтох рæстæг сæ хъæлдзæгдзинадæн кæрон нæ уыд. Уыдысты цардбæллон, стыр аргъ кодтой фæндыры зæлтæн. Сæ кафт æмæ зардæй зæхх æнкъуысыд, хæхтæ нæрыдысты. Кафт æмæ зард, фæндырæй цæгъдын сæм хæстон арæхстдзинадæй дæлдæр æвæрд нæ уыдысты. 

Нартæ уыдысты уаг æмæ æгъдауыл мæлæг, æфсармджын адæм. Нæртон æгъдау, æфсарм æмæ уагæн сæ сæйрагдæр мидис уыд адæмæн хорздзинад ракæнын. Нæртон лæг адæмы сæраппонд йæ сæр нывондæн кæм хаста, уым кадæггæнджытæ æдзухдæр йæ фарс хæцынц, фæзминагыл æй нымайынц, йæхи адæмæй уæлдæр кæм кодта, æрмæст йæхи фæндоныл кæм цыд, уым та йæ худæджы бынаты æвæрынц. Дæнцæгæн æрхæссæн ис кадæг «Сослан тыхагур». 

Нарт уыдысты хиуылхæцгæ, сæ дзырдæн хицау, æргом дзырд, уазæгуарзаг æмæ кæрдзындæттон, сылгоймагæн аргъгæнæг, хистæртæн æгъдаудæттæг, кæстæртæн фæзминаг æмæ зондамонæг, сæ кæрæдзийы æхсæн нымдджын, бахъуаджы сахат æмдых æмæ æмзонд, рæстдзинад æмæ кадыл мæлæг адæм. Нæртон лæг йæ сæрмæ нæ хаста сайд æмæ фæлитой, æнæуаг æмæ æнæфсарм, тæппуд æмæ æнæныфс митæ. 

Нарт уыдысты хæд-зонд æмæ дзырдарæхст. Зондджын уынаффæ æмæ аив ныхас, æнæкъуылымпы тæрхон æмæ знаджы ныхмæ зондæй рацæуын,— уыдон уыдысты нæртон лæджы сурæтæн йæ сæйрагдæр миниуджытæй. Нартæн уыд бæлвырд цæстæнгас æрдз æмæ дунейы арæзтмæ, æхсæнадон цаутæм, адæмы эволюцимæ, уыдис сæм бæлвырд зонадон æвæрæнтæ. 

Нарт уыдысты сæрибаруарзаг æмæ сæрбæрзонд, сæхи дæлдæр никæмæй æвæрдтой, æфхæрд никæмæн барстой. Сæ æгæрон тох уыд сæ хæдбарады сæраппонд. 

Нæртон лæджы миниуджытæ ирон адæм кæронмæ фæхастой. Уымæн æвдисæн сты ирон фыдæлтыккон таурæгътæ æмæ зарджытæ, зæгъæм, «Зарæг Хъырымы æфсады тыххæй». «Сар-Аслæнбеджы зарæг», «Кодзырты Таймуразы зарæг», «Алыккаты Хазбийы зарæг» æмæ бирæ æндæртæ. 

Ирон лæджы хæстон арæхстдзинады тыххæй бирæ æппæлæн ныхæстæ фæкодтой XIX æнусы уырыссаг разагъды лæгтæ, уæлдайдæр та Донайы хæсты зындгонд хæстон разамонджытæ М. Скобелев, И. Тутомлин, А. Куропаткин, П. Паренсов æмæ æндæртæ. Дæнцæгæн æрхæссæм инæлар М. Скобелевы ныхæстæ: «Поведение осетинского дивизиона по примерному самоотвержению и рыцарской храбрости выше всякой похвалы» . И. Тутомлин та фыста, ирæтты хъæбатырдзинад, дам, хъайтардзинад барæн бæрцæн йæ сæйрагдæр бæрæггæнæнæй ноджыдæр уæлдæр лæууы. 

Уæдæ ирæттæ 1905 азы Японы хæсты, фыццаг æмæ дыккаг дунеон хæстыты цы арæхстдзинад æмæ хъæбатырдзинад равдыстой, уый та æппæт дзыллæтæн дæр зындгонд у. 

Ирон национ сурæтæн йæ дыккаг фæлм фæзынд бæлвырд фæстæдæр. Уыцы фæлмы хæстон лæджы æууæлтимæ æмсæр бынат æрцахстой фæллой æмæ фæллоимæ баст миниуджытæ. Уымæн æнцон бамбарæн ис, ирон хъæздыг адæмон сфæлдыстадæй æрмæстдæр æртæ таурæгъмæ куы æркæсай, уæд дæр. Сæ иуы ныхас цæуы, Æмзораты чысыл Æмзор Дзылаты рæсугъды куыд куырдта, ууыл. Разыйы дзуапп раттыны размæ Дзылаты рæсугъд домы, цæмæй Æмзор йæ лæгдзинад равдисыны тыххæй лæгдыхæй æргомæй байса ногъайы бæхрæгъæуттæ æмæ сæ Дзылаты мæсыгмæ æртæра. Ацы таурæгъы нырма фæлвæрд цæуынц æрмæстдæр хæстон лæджы миниуджытæ. Иннæйы Зджыды рæсугъд йæ бирæ курджытæй равзæрста мæгуыр лæджы, йæ кафт, йæ зард, дзыхыныхас, æгъдау, барæджы арæхстдзинæдтæ æмæ хосгæрдынæй кæй æмбылдта, уый тыххæй. Ам ма хæстон лæджы миниуджытæм æфтыд æрцыд. куыстхъомыс дæр. 

Фæллоимæ баст миниуджыты фæлм бынтон тæмæнтæ скалдта æртыккаг таурæгъы. Бирæ курджытæ ис Дыгургомы рæсугъддæр æмæ арæхстджындæр чызг Дзандзирахъы. Иутæн разыйы дзуапп нæ радта, æлдары дæлбар кæй уыдысты, уый тыххæй. Бадилаты хъал фæсивæдæй дæр никæмæн сразы, сымах, дам, хуыскъастæуæй искæй фæллойæ цæрут. Моймæ цæуыныл сразы доныфарсаг лæппуйæн, сымах хæдæлдар стут, зæгъгæ. Фæлæ лæппуйæ бадомта, цæмæй чындзæхсæвы размæ йæхæдæг йæхи къухтæй самайа бæстыхæйттæ, йæхи къухтæй сараза топпыхосæй ифтындзгæ хæцæнгарз, саг дзы амара æмæ йæ Дзандзирахъы цæрæнбынатмæ æрхæсса. 

Ирон национ сурæты æууæлты ’хсæн стыр бынат æрцахстой фæллоимæ баст миниуджытæ. Фæллой æмæ фæллоимæ баст миниуджытæ ирон национ бæллиццаг сурæты куыд фидар кæнын байдыдтой, уый хорз æвдыст цæуы XIX æнусы ирон зындгонд фыссæг æмæ публицист Хъаныхъуаты Иналы сфæлдыстады. Йæ очерктæй иуы дзуры, хуымæтæг зæхкусæг йæ фыдæлты хæцæнгæрзтæ иннæтæй уæлдай къулыл куыд сауыгъта, балцыты цæуын куыд ныууагъта æмæ зæрдиагæй фæллой кæнынмæ куыд бавнæлдта, ууыл. Балцыты рæстæг аивгъуыдта, ныр фæллой кæнын хъæуы,— дзуры Инал уыцы зæхкусæджы номæй. 

Ирон национ сурæты фæллойымæ баст миниуджытæ ахсджиаг бынат кæй æрцахстой, уымæн æвдисæн у Къостайы æмдзæвгæ «Ныфс» дæр. Фыдæлты фæткмæ гæсгæ Леуаны фæндыд, цæмæй йæ иунæг фырт Къостайæ хæстон лæг рауадаид. Къоста та æндæр фæндаг равзæрста. Йæ фыдæн дзуапп дæтгæйæ фыста: 

«Æз топпæй нæ хъазын, 

Æз барæг нæ дæн, 

Æхсаргард ысласын 

Мæ бон нæу мæнæн 

Фæхудæнт мыл хъалтæ; — 

Ды се ’мбал нæ дæ! 

Мæ гутон, мæ галтæ — 

Мæнæн дæр цæттæ!» 

Ирон национ сурæты зынгæ фæд ныууагъта ирон адæмы тох æрбахæсгæ æлдарады ахастдзинæдтæ æмæ æрцæуæг уырыссаг бюрократон-паддзахадон цардарæзты ныхмæ. Фыдæлты фæткыл арæзт цардахасты чи бахсыстис, уыцы ирон удварны æвæрдадæн зын бабыхсæн уыд, æлдарад æмæ паддзахадон-бюрократон цардарæзт сæрибар æмæ æмсæр адæмыл цы уаргъ æвæрдтой, уый. Райгуырдис ног æхсæнадон фæзынд — иугай лæгты тох фыдæлтыккон цардарæзты сæраппонд, уыимæ абырæгдзинад дæр. Уыцы рæстæджы абырæгдзинадæн нæ сæйрагдæр нысан уыд социалон рæстдзинад раздахын, ирон хæдбар цард æмæ фæллойгæнæг лæджы бахъахъхъæнын. Ацы тохы ноджы тынгдæр сæрттывтой ирон лæджы хæстон миниуджытæ, куырыхон зонд æмæ æхсæнадон хъæппæрис. Ныр дæр ма адæм мæ рох кæнынц Томайты Мæхæмæты, Куымæриттаты Тъотъоры, Гаглойты Салайы, Хуыбиаты Уасойы, Пухаты Иликъойы, Карсанты Идыг æмæ бирæ æндæрты сыгъдæг нæмттæ. Кады зарджытæ сыл сарæзтой, таурæгъты сыл дзурынц, фæзминагыл сæ нымайынц, сæ лæгдзинадмæ сын бæллынц. 

Ирон национ сурæты кæрæй-кæронмæ зынгæ фæлм æвæры ирон зонды къуыбылой. Куы йæ райхалай, уæд дзы бирæ куырыхон миниуджытæ раиртасдзынæ: æрдз æмæ æхсæнадон фæзындтæ раст иртасын, адæмы психологи æмбарын, дзыхарæхст, лæмбынæг хъуыддаг, хæстон хъуыды æмæ афтæ дарддæр. Ныр дæр ма диссагæн дзурынц нæ рагфыдæл скиф Анахарсис, ирон лæгтæ Санаты Сем, Томайты Созырыхъо, Хъесаты Еба æмæ Демыраты Кацойы æмбисæндтæ, кæд сæхæдæг бирæ азты размæ цардысты, уæддæр. 

Уæдæ ирон лæджы уæздандзинадæн та кæрон нæ уыд. Нæ фыдæлты хидарыны æгъдæуттæ — ирон уаг йæхимæ бирæ ахуыргæндты æркæсын кодта, XIX æнусы дыккаг æмбисы æнæхъæн дунейæн дæр зындгонд ахуыргонд Всеволод Миллер фыста, ирон адæмæн, дам, мæгуыр, талынг къæсты се ’фсарм æмæ уаг Ныгуылæн Европæйы сыгъзæринæй фæлыстгонд галуантæй бирæ уæлдæр æмæ тыхджындæр æвæрд сты. Итайлаг наукон иртасæг Франко Кардини та Ныгуылæн Европæйы рыцæрты уагæй зæгъы нæ рагон фыдæлтæ скифтæ æмæ сарматтæй райсгæ у, зæгътæ. Астæуккаг æнусты рыцæрты уаджы бындурыл та фæстæдæр фæзындысты нырыккон европæйаг хидарыны æгъдæуттæ. Иуæй-иу зонадон куыстыты амынд цæуы, ирон уаг нырыккон кавказаг адæмты хидарыны культурæйы дæр стыр фæд кæй ныууагъта, уый. 

Ирон бæллиццаг сурæты зынгæ бынат ахсынц æхсæнадон хъæппæрисæмæ цыренад. Фыдæлтæй баззайгæ цардарæзты хи цард æмæ æхсæнадон цард сæ кæрæдзийæ нæ хицæн кодтой, æмбаст уыдысты. Арæх лæгмæ афтæ дæр фæкæсы, ныр Иры фæсивæдæй бирæтæ нозт æмæ мулкратонайыл кæй ныххæцыдысты, уымæн йæ æфсон у, нæ паддзахадон цардарæзты сын сæ æхсæнадон хъæппæрис æмæ цыренад равдисынæн фаг фадæттæ кæй нæй, уый. 

Нæ фыдæлтæ сæ ирондзинад, ирон национ бæллиццаг сурæты миниуджытæ бæрзонд æвæрдтой, цæсты гагуыйау сæ хъахъхъæдтой. Чи сæ хæлдта, уыдоныл-иу арæх хъоды дæр бакодтой, æгады зарджытæ сыл арæзтой, цоты цотмæ-иу фидиссаг фесты. 

Уæлдай æгаддæр уыдысты тæппуд æмæ магуса, сайын, монц суадзын, æнæгъдау ныхас, расыг кæнын, чъынды уæвын, искæй хъыгдарын, æфхæрд ныббарын, хистæр æмæ кæстæры, сылгоймаг æмæ æнахъом адæймаджы бафхæрын. Бæлвырд мадзæлттæ арæзтой сæрæндзинад равдисынæн, архайдтой, цæмæй ирондзинад фидар кæна, ууыл. XIX æнусы хъуыстгонд ахуыргонд В. Пфаф фыста Ирыстоны-иу лæппу-фæсивæды ’хсæн сæрмагонд хъазæн фæзты ерыстæ арæзтой, зæгъгæ. Æвзæрстон бæхыл бадынмæ, хæцæнгарзимæ, хъæбысæй хæцынмæ, кæстæриуæг кæнынмæ, аив дзурынмæ, кафынмæ æмæ зарынмæ куыд арæхсынц, уый. Чи фæуæлахиз уыдаид, уымæн стыр кад кодтой. Кæм бамбæлыдаид, уым ын кады нуазæн лæвæрдтой. Уæлдай бæрзонд аргъ та кодтой, адæмы сæраппонд хъазуат тохы йæхи сæрæнæй чи равдыстаид, уыдонæн. Сæ номыл-иу кады зарджытæ скодтой, сæ намыс сын дзыхæй-дзыхмæ лæвæрдтой. 

Ерыстæ арæзтой иукар чызджыты æхсæн дæр. Чызджытæ та хъуамæ равдыстаиккой хуыйынмæ, хæрдгæхуыд æмæ алдынбыдмæ, хæринаг кæнынмæ, хæдзары куыстытæм, кæстæриуæг кæнынмæ, кафынмæ æмæ фæндырæй цагъдынмæ куыд арæхсынц, уый. Цы чызг фæуæлахиз уыдаид, уымæн-иу йæ кой дардыл айхъуыст, лæппутæ йæ ракурынмæ бæллыдысты, хистæртæ архайдтой, цæмæй сæ мыггаджы чындз бауа, ууыл: Ахæм чызг-иу йæ бирæ курджыты æхсæн сарæзта лæгдзинад равдисыны ерыстæ. Йæхицæн-иу саккаг кодта, ерысты чи фæуæлахиз уыдаид, уый. 

Цыбыр дзырдæй, ирæттæ ерысы адæм уыдысты. Ерыс кодтой хæсты быдыры, куысты, бæрæгбæтты, чындзæхсæвты, марды кæндтыты. Алчидæр архайдта йæхи уæздандæрæй, хъæбатырдæрæй, арæхстджындæрæй, сæрæндæрæй, хъаруджындæр æмæ æмбаргæдæрæй равдисыныл. Уый кад уыд æрмæст йæхицæн нæ, фæлæ йæ бинонтæ, мыггаг, хъæубæстæ æмæ æнæхъæн комбæстæйæн. Уæлахизмæ дæр уымæн тырныдтой. 

Ерыс уыд хицæн лæгты, социалон къордты æмæ æнæхъæн ирон æхсæнад чи хъахъхъæдта, ахæм фæрæз. Иуæй алчидæр архайдта, цæмæй иннæтæй хуыздæр, раззагдæр уой йæхæдæг, йæ бинонтæ, йæ мыггаг, йæ хъæубæстæ æмæ комбæстæ, иннæмæй та хуыздæр æмæ раззагдæр уæвæн уыд, ирон лæгдзинады домæнтæ, æгъдау, уаг æмæ æфсарм бæстондæрæй чи æххæст кодтаид, уыдонæн. Иудзырдæй, ерысы лæгдзинад равдисæн уыд ирон царды хидарыны нормативтæ æххæст кæнгæйæ, уыдон æххæст кæнгæйæ та адæймаг фидар кодта ирон цардахаст æмæ ирондзинады миниуджытæ, æмткæй райсгæйæ, ирон æвæрдад. 

Ирон лæгдзинад, ирон национ бæллиццаг сурæтыл бирæ фæдзурæн ис. Фæлæ сæйраг уый у, æмæ нæ ирон лæгдзинад кæддæр нæ удварны æвæрдад аразæг кæй уыд. Хæстон, фæллойгæнæг, хæд-зонд, æфсармджын, аивадуарзаг — ахæмтæ сты ирон удварны æвæрдад æвдисæг сæйраг миниуджытæ. Уымæй уæлдай ма нæ фыдæлтæ уыдысты ныфсхаст, растдзырд, сæрбæрзонд, сæрибаруарзаг, адæмы сæраппонд мæлæтмæ цæттæ, кадыл мæлæг, дзырдарæхст, хистæртæм хъусæг, кæстæртæн зондамонæг æмæ бараг, сæ кæрæдзи æхсæн нымдджын, сылгоймагæн кадгæнæг, уазæгуарзон æмæ кæрдзындæттон, хиуылхæцгæ æмæ фæразон. 

Нæ æвæрдады сæйраг æууæлтæ, æнæмæнг, нæ рæстæгмæ æрхæццæ сты. Уымæн æвдисæн у, нæ фæсивæды хуыздæртæ гуырдзиаг æмæ мæхъæлон лæбурджыты ныхмæ тохы цы лæгдзинад равдыстой, уый. Фæлæ, цы йæ сусæг кæнæм, ирæттæн се ’ппæтмæ уыцы миниуджытæ нал сфаг сты. Ахæмтæ нæм разындис, æмæ фæдисмæ рацæуыны бæсты рудзынгæмбæрзæнты аууæнæй сусæгæй ракæс-ракæс чи кодта. Афон æрцыдис: тохы йæхи хъæбатырæй чи равдыста, уыдоныл нæ фыдæлтау кады зарджытæ саразæм, тæппудтыл æмæ ирон адæмы уæйгæнджытыл та хъоды бакæнæм. 

 

Ирондзинады фидæн
 

 

Ныр нæ цард куыд цæуы, афтæ йæ куы ауадзæм, уæд нæ ирондзинадæн фидæн нæй, бынтондæр фехæлдзæн, фесæфдзæн. Ууыл фыццаджы-фыццагдæр дзурæг у, нæ фыдæлтыккон æвæрдад куынæгæй-куынæгдæр кæй кæны, уый. Ныртæккæ ирон удварны рæзты раиртасæн ис дыууæ сæйрагдæр тенденцийы. Иуæй нæ миддуне, нæ зондахаст, нæ социалон фæлтæрддзинад, нæ цæстæнгас бæлвырд фæхъæздыгдæр сты, дунейы адæмтæн се ’ппæтæн дæр иумæйаг чи у, ахæм æвæрæнтæй, царды ног ивддзинæдтæй, иннæ адæмты культурæйæ æрбайсгæ хæзнатæй. Райрæзтис нæм ахуырад, райстам нырыккон куыстадон дæсныйад, бафæзмыдтам иннæ адæмты хорз миниуджытæ. Уымæ кæсгæ ирон адæмы æвæрдады тынг ныффидар интернационалон цæстæнгас. Æмæ ам æвзæрæй ницы ис. Уый у, думейы адæмтæ кæрæдзимæ бæлвырд кæй фæхæстæгдæр сты, уый тæваг, царды ног ивддзинæдты мидис. 

Иннæмæй та ирон адæмы æвæрдады куынæгмæ цæуынц ирондзинады миниуджытæ. Нæ ирон бæллиццаг сурæт нал фæзмæм. Нæ рæсугъд æмæ хъæздыг æвзаг, нæ фыдæлты æгъдæуттæ, æфсарм, уаг, таурæгътæ, кадджытæ æмæ зарджытæ рох кæнæм. Нæ ирон зондахаст, ныфс, намыс æмæ фарныл нæ къух исæм. Не ’хсæн сарæх сты расыггæнджытæ, хъылмацъирджытæ, æгоммæгæстæ, нымудзджытæ, давджытæ, магусатæ, æдзæсгæмттæ, тæппудтæ азмæ фæлитойтæ. Хистæр—кæстæр, сылгоймаг—нæлгоймаг, ныййарджытæ—цот бæрæг нæм нал ис, сæмтъеры стæм. Нæ иуы хорздзинад иннæмæ хъыг кæсы. Нæ кæрæдзиуыл нал хæцæм, фыдæлтæн баззайгæ, рæсугъд ахастдзинæдты сомæй ивæм. Нæ хæстон намыс ферох кодтам, не знæгты ныхмæ æнгомæй æрлæууын нæ бон нал у. Бирæтæ фæдисмæ нал цæуынц. Лигъдæтты ном ныл сбадтис æмæ дзы æфсæрмы дæр нæ кæнæм. Райсæм ма иу-цалдæр дæнцæджы нæ ныры удварны æвæрдады тыххæй. Нæ университеты психологийы кафедрæйы этносоциалон иртасæн куыстытæ куыд æвдисынц, афтæмæй ма ирон æгъдæуттæ æмæ ирон уагы домæнтæ æххæст кæнынц нæ республикæйы цæрæг ирæттæн сæ 78,8 проценты. Фæлæ уыдонæй дæр не ’гъдæуттæ æмæ нæ уагыл иузæрдион сты æрмæстдæр сæ 28 проценты. Иннæтæ та сæ æххæст кæнынц кæнæ искуы-иу хатт, кæнæ зонгæты æфсæрмæй, кæнæ та, кæй сыл сахуыр сты, уымæ гæсгæ. Ирон адæмон сфæлдыстад, нæ литературæ, фæндыры зæлтæ, истори зонынц 36,2 проценты. Ирон æвзаг алыхуызы дæр æххæстæн зонынц нæ 62,7 проценты, уырыссаг æвзаг та — 86,8 проценты. Суанг ма сæ бинонты ’хсæн дæр уырыссагау дзурынц ирæттæн сæ 37,2 процеиты. Ирон æвзаг хæрз æвзæр зонынц нæ фæсивæд æмæ нæ сабитæ. Бинонтæ æмæ хæстæджыты æхсæн ирон ахастдзинæдтæ фидар лæууынц, кæй бафарстам, уыдонæн сæ 21,4 процентмæ. Æмхъола цард кæнынц 32,7 проценты. Иннæты та фидарæй уырны, сæ бинонты цардарæзт нырыккон культурæйы бындурыл кæй лæууы, уый. Фылдæр нæ кæны ноггуырд сывæллæтты нымæц. Зæгъæм, нæ республикæны хицæн хъæууон районты ирон адæмы нымæц 1992 азы 15–20 удгоймагæй фылдæр нæ фæци. Амæй фæстæмæ та, демографийы ивддзинæдты прогноз куыд æвдисы, уымæ гæсгæ къаддæрæй-къаддæр кæндзæн. 

Нæ ирондзинад заууатмæ кæй цæуы, уымæн бирæ аххосæгтæ ссарæн ис. Фыццаг у, паддзахадон æмæ ирон фыдæлтыккон цардарæзтад сæ кæрæдзи ныхмæ кæй æрлæууыдысты, уый. Ирондзинад цы æхсæнадон уагæвæрды равзæрдис æмæ ныффидар, уый хæлд æрцыдис. Фесæфтис ирондзинады æхсæнадон бындур. Дыккагæй та нæ ирон интеллигенци æмæ, фæстаг 30–40 азы дæргъы нæ сæргъы чи лæууыд, уыцы хицауадæй бирæтæ сæхæдæг ирондзинад сæ сæрмæ нал хастой, фæстæзад хъуыддагыл æй банымадтой. Нæ сæрхъуызойтæ нын нæ мардыкæндтæ, нæ чындзæхсæвтæ, нæ бæрæгбонтæ кæнын нал уагътой, нæ кувæндæттæй нын хынджылæг скъæрдтой. Чысыл-иу ирондзинады сæрыл чи сдзырдта, ууыл-иу националисты ном ныххуырстой Нæ интеллигенци дæр ацы хъуыддаджы фæсте нæ аззадис. Сæ наукон куыстыты, газетты, радио æмæ телеуынынадæй, сæ зонадон лекциты карз тох самадтой ирондзинады ныхмæ. Фæстагмæ афтæ рауадис æмæ нæ хицауад дæр, нæ интеллигенци дæр, стæмтæй фæстæмæ, ирон адæмæй фæиппæрд сты: иронау нывыл нал дзырдтой, ирон æгъдау нал зыдтой, ирондзинады фидæныл сæ къух ауыгътой. Диссаг та куыд нæ уыд, 1981 азы октябры мæйы ирон адæм, æхсæнадон барад арæх хæлд кæй цыдис, уый ныхмæ куы растадысты, уæд хицауадæй иу лæг нæ разындис, адæмы размæ иронау æнæкъуылымпыйæ чи раныхас кодтаид, ирон æгъдау чи равдыстаид, адæмæн уынаффæгæнæг чи фæлæууыдаид. Хæрз диссаг та уый у, æмæ раздæр ирондзинады ныхмæ карздæр тох чи кодта, уыдонæй бирæтæ ныр иннæрдæм фæфæлдæхтысты, фæлæ нæ бауырнæд, райсом сæ куы бахъæуа, уæд та фæстæмæ æнæфсармæй сæ гаччы абаддзысты. 

Æртыккаг аххос та у, хицауады размæ сæргуыбыр æмæ уæнгтæхъилæй лæууын кæй сахуыр стæм, уый. Хицæутты цæстæнгасæй стъæлфæм, козбау митæ сын кæнæм, сæ ныхмæ сдзурын нæ уæндæм. Уыдон дæр уымæй æнæвгъау пайда кæнынц. Цал æмæ цал хъуыдыджын æмæ æмбаргæ «фæстæмæдзураг» лæджы «фæнадтой» раздæры партион æмæ хицауадон сæрхъуызойтæ сæ коммæгæс фæдонтимæ партион къуыбыр лæдзæгæй. Сæ кæрæдзиуыл афтæ фидар стыхстысты, æмæ зæгъæн ис, Ирыстоны элитарон къорд сарæзтой: сæ цæрæнбынæттæ — хуыздæр, сæ хæдзæрттæ — фæлгонцдæр, сæ дарæс — аивдæр, сæ цот — ахуыргонддæр æмæ хуыздæр бынæтты кусынц, сæ авналæнтæ — парахатдæр. Ныр дæр нæ хицауады фылдæр уыдон сты. Сæ кæрæдзи раив-баив кæнынц, чи сæ раздæр рабады, чи фæстæдæр, фæлæ æмткæй, сæ къуыртт нæ хæлы. Цы ирон æхсæнадон змæлдтытæ нæм фæзындис, уыдон дæр адæммæ хæстæг не ’рбалæууыдысты, адæм сыл нæ баууæндыдысты, æмæ иппæрдæй аззадысты. 

Ирыстоны национ культурон æмæ политикон æхсæнæдтæ æмæ змæлдтытæй иутæ, зæгъæн ис, æгæр националон зиллаккы лæууынц, иннæтæ та ирон адæмы хъысмæтыл уый бæрц нæ тыхсынц, сæхи равдисын сæ цас фæнды, æмæ сæ хицауад йæхимæ куы æрбахæстæг кæны, уæд сæ æхсæнадон хъæппæрис цыдæр фæвæййы, аннæтæм та нæ фаг кæны бæлвырд, алцæмæй дæр æххæст экономикон, æхсæнадон æмæ политикон платформæ, æппæт адæмты социалон фæлтæрддзинад æмæ ирон адæмы хицæндзинæдтæ чи баиу кæна, афтæмæй нын фидæнмæ æнæгуыргъахъхъ фæндаг чи бацамона. 

Ахæм политикон партитæ дæр нæм фæзынд, æмæ фылдæр сæхи нысантыл чи хъуыды кæны, Ирыстоны фадæттæм гæсгæ чи нæ архайы, фæлæ æрмæстдæр йæ экономикон æмæ политикон цæстæнгастæ нæ цардмæ рахæссынмæ чи хъавы. Уыдонæй алы хъуыддаджы дæр сæхи активондæрæй æвдисынц нæ демократтæ, æцæг сæ сæйрагдæр мæт у тагъддæр, цыфæнды мадзæлттæй дæр рæвдздæр капиталистон ахастдзинæдтæ ацаразын. Уый тыххæй адæмы судзины хуынчъы дæр аласдзысты, цыма къахдзæфгай, адæмыл мæгуыры хъис нæ бафтаугæйæ, социалистон цардарæзты фæлтæрддзинадыл æнцойгæнгæйæ, ног цард зындæр аразæн у. Рох кæнынц, капитализм сæдæгай азты дæргъы цы социалон гæнæнтæм æрцыдис, уыдонæй бирæтæ нæ царды арæзт кæй æрцыдысты. 

Уый нæ, фæлæ ма нæ æхсæнадон змæлдтыты æмæ нæ политикон партиты уæнгтæй, стæй нæ разагъды ахуыргæндтæй дзурджытæ дæр фæци, Хуссары нæ зæххытæ Гуырдзыстоны сты, Горæтгæроны район та мæхъæлы у, зæгъгæ. Уыдон, ирон адæм ныр кæм цæрынц, Ирыстоны арæнтæ кæуылты цæуынц, уый нæ нымайынц, фæлæ географион арæнты кой фæкæнынц, раздæр чи кæм цард, уый æрымысынц. Нæ рагзаманæй нырмæ нæ арæнтæ цыбыртæ кæнгæйæ цæмæ æрцыдыстæм, уымæн та нæхæдæг æвдисæн. 

Иннæтæ та нæм сидынц, не знæгтимæ тох ма кæнæм, сæ къæхты бын нæхи ауадзæм, цæмæй нæ удтæ æмæ ирон адæмы нымæц бахъахъхъæнæм, уый тыххæй. Дæнцæгæн æрхæссынц тæтæр-монголимæ хæст. Уырыс, дам, тæтæрмæ сæхи радтой æмæ бирæйæ баззадысты, нæ фыдæлтæ та сæхи ныццæгъдын кодтой. Ацы цæстæнгас æрмæст историон цаутæ фæлдæхтæй нæ æвдисы, фæлæ ма ирон адæмы зонды тъыссы бæрзæйсæттæн хъуыдытæ дæр. 

Нæ иугай зондамонджытæ та æппæт Цæгат Кавказы адæмтæм дзурынц, цæмæй нæ арæнтæ бынтондæр сисæм, хицæн паддзахадон арæзтадтæй культурон автономимæ рахизæм, ома нæ æхсæнадон æнтыстдзинæдтæй фæстæмæ ракъахдзæфтæ кæнæм. Мах, ирон адæм, нæма бамбæрстам, ног дуг раллæуыд, уый. Нæ бамбæрстам, ныртæккæ нæ хъысмæт нæхи къухтæм куы нæ райсæм, уæд цагъары психологи нæ туджы бынтондæр кæй ныффидар уыдзæн. Уымæн стæм нырма æмыр æмæ æнæдомгæ, цæстмæхъус æмæ æнæныфсхаст. Æндæр куыд бамбаргæ у, 1981 азы нæ фæсивæды хуыздæртæй æфхæрд чи æрцыдис, уыдон сæрыл ма рахæц, националисттæ нæ цы уынаффæты схуыдтой, уыдон ма аив, нæ зæххы гæппæлтæ æмæ куыстадон хъарм бынæттæ чи фæуæй кодта, уыдонæй дзуапп ма бадом, нæ фыццаг съезд нæ фидæны тыххæй бæстон уынаффæ ма рахæссæд, адæмон фронт ма саразæд, афтæмæй ахæлиу уæд, дæсгай азты дæргъы нын нæ ирон удварн, нæ национ химбарынад, нæ социалон цыренад, нæ хуыздæр лæгты дæлæмæ чи фæтардта, уыдон адæмæй æфсæрмы ма кæнæнт, фæлæ сæ риутæ хойæнт, Ирыстонæн махæй хуыздæр ничи фæци, зæгъгæ. 

Иннæ стыр аххосаг та у, Ирыстон административон æгъдауæй дыууæ дихы кæй фæци, уый. Цæгат æмæ Хуссары дыууæ стыр адæмты æндæвдады бахаудыстæм. Фехæлдис нæ иудзинад. Хицæн кæнын райдыдта нæ æвæрдад. Фæйнæрдæм ахæцыдыстæм. Иу адæм стæм, уый рох кæнын райдыдтам. Ныр та ма ноджыдæр иуæй-иу цыбырзонд лæгты хъæппæрисæй нæхи лæгдыхæй ир æмæ дыгурыл дих кæнын байдыдтам, дыууæ диалектыл дзурæг адæмы сæ кæрæдзи ныхмæ æвæрæм, ома кæд цæфæй нæ мæлыс, уæд дын уый тæ — рæхуыст. 

Аххосаг у не скъола дæр. Нæ рæзгæ фæлтæрты иронау нал ахуыр кодтам, нæ мадæлон æвзаг æмæ не ’гъдауæн, нæ историйæн скъолайы бынат нал уыди, нæ ирон ахастдзинæдтæй фæцух. Бирæ азты фæхъомыл кодтам, алы адæмты культурæты ’хсæн хъеллау чи кодта, фæлæ сæ иуыл дæр фидар чи нæ æрлæууыд, ахæм фæсивæд. Æмæ нæ æрыгон лæппутæ æмæ чызджытæ дæр цы бакæной: ирон ныхас æнæкъуыхцыйæ нал кæнынц, ирон уаг æмæ æгъдау нал зонынц, ирондзинадæй фæиртæстысты. 

Ныртæккæ аххостæ иууыл нал агурдзыстæм. Сагъæссаг нæ фидæн у. Ирон адæмы иннæ адæмтау цы дин æмæ идеологи баиу кæна, уый зын ссарæн у. Нæ бакуымдтой нæ чырыстон, нæ пысылмон дин æххæстæй райсын. Рагæй-æрæгмæ дæр нæ иудзинады уидаг уыд нæ ирон фæтк, нæ ирон цардахаст, ирон лæгдзинад. Нæ царды æппæт къабæзтæн дæр фæстæмæ ирон бындур куы нæ сæвæрæм, нæ ирондзинадмæ куы нæ раздæхæм, уæд нæ рæстæг йæхæдæг аныхъуырдзæн. Уый афтæ дзурæг нæу æмæ фæстæмæ нæ фыдæлтыккон ирон агъуды аныгъуылæм. Уæд фæсте аззайдзыстæм, иннæ адæмтæй дæр фæхицæн уыдзыстæм, мидбынаты цоппай кæнын байдайдзыстæм. Растдæр уыдзæн нæ ирон фарны бындурыл лæугæйæ, иннæ адæмты хорздзинæдтæ фæзмгæйæ, царды ногдзинæдтæ исгæйæ æмæ нымайгæйæ иннæ адæмтимæ иумæ, се ’мрæнхъ размæ фидар къахдзæфтæй куы цæуæм, уæд уый. Уый тыххæй та нæ дарддæры райрæзтæн æрæвæрын хъæуы иу-цалдæр æнцойы, нæ фыдæлты фæтк дæр нын чи нæ фехалдзæн, нæ ирондзинад дæр нын чи бахъахъхъæндзæн, афтæмæй нæ нырыккон æхсæнадон фæлвæрад, куыстадон фæрæзтæ æмæ наукæйы бындурыл лæугæйæ сæрæндæр адæмты æмрæнхъ размæ дæр чи ракæндзæн. 

Уымæн та æппæты фыццаг бæлвырд исбоны бындур хъæуы. Ирон æвæрдад равзæрд æмæ ныффидар иумæйаг зæххисбоны алы хуызты бындурыл арæзт æхсæнады. Уæдæ дарддæр дæр нæ хуымгæндтæ, æрдзы хъæздыгдзинæдтæ хъуамæ иумæйаг исбонæй баззайой. Кусгæ та сыл алы адæймаг дæр йæхицæн кæна. Ахæм зæхисбонады уавæрты иугай зæхкусджытæн нырыккон куыстадон фæрæзтæй зын пайдагæнæн у. Уый тыххæй нæ хъæууон хæдзарады сæйрагдæр цæджындзтæн сæвæрын хъæуы уæгъдибар зæхкусджыты хæдбар æмцæдистæ. Уымæ æнгæс бындур сæвæрын хъæуы æрмдæсныйады кусæндæттæ æмæ нæ хæдзарады иннæ къабæзтæн дæр. Паддзахад æмцæдистыл хъалон цы æвæра, æндæр сæм хъуамæ мацы бар дара. 

Исбонады ахастдзинæдтæ ныффидар хъæуы бæлвырд экономикон барады, æппæтæн дæр æмхуызон фадæттæ чи араза, фæлæ хицæн лæгты авналæнтæ æмæ гæнæнтæ къуылымпы чи мæ кæна, иу лæгæн иннæйы стигъын чи нæ уадза. Нæ зæххытæ, нæ æрдзон хъæздыгдзинæдтæ, нæ куыстадон фæрæзтæ хицæн лæгты исбон куы скæнæм, уæд та тæссаг у, нæхæдæг нæхи Ирыстоны искæй æххуырстытæй, кæнæ та рæстæгмæ цæрджытæй куы агæпп кæнæм, уымæй. Æххуырст æнæбар лæг æмæ ирондзинад та иумæ нæ фидауынц, сæ кæрæдзи ныхмæ цæуынц. Цыбыр дзырдæй, нæ экономикон арæзтадыл нæ арф ахъуыды хъæуы. Ам искæйы фæзмæн нæй. Нæ экономикæ хъуамæ лæууа нæ ирондзинады æндидзын æмæ дарддæры рæзты бындурыл. 

Фылдæр йеддæмæ къаддæр ахъуыды нæ хъæуы нæ фидæны æхсæнадон арæзтадыл дæр. Ирон æвæрдад куынæгмæ цы æхсæнадон æмæ паддзахадон ахастдзинæдтæ æртардтой, амæй фæстæмæ дæр уыдоныл куы лæууæм, уæд кæдæм цæуæм, уымæн нæ уавæр — йæхæдæг æвдисæн. Кæд нæ ирондзинад хъахъхъæнæм, уæд нæ фидæны æхсæнады фæстæмæ уæрæх бартæ раттын хъæуы хицæм хъæубæстæтæ æмæ цæрæн зылдтæн (район, округ), сæ царды фылдæр къабæзтæн сæхæдæг уынаффæ куыд кæной, афтæ. Адон сæхимæ цас бартæ райсой, уый бæрц та æрцыбыртæ хъæуы нæ республикæйы иумæйаг хицауады ракæнæнтæ æмæ авналæнтæ. Хъуамæ нæ царды алы къабæзтæм ма ныхила, фæлæ æххæст кæна, хъæубæстæтæ æмæ йын цæрæн зылдтæ фæллойæ фæстæмæ цы хæстæ бабар кæной, уыдон. Уый тыххæй та саразын хъæуы, хъæубæстæты, цæрæн зылдты æмæ иумæйаг хицауады хæстæ æмæ бартæ, сæ æмахастдзинæдтæ бæлвырдгонд кæм æрцæуой, ахæм æхсæнадон барады æгъдæуттæ. 

Ахæм барады бындурыл нæ паддзахадон ахастдзинæдтæ аразын куы райдайæм, уæд, æнæмæнг, æндæрхуызон фæуыдзысты нæ хицауады арæзт æмæ йæ мидахастдзинæдтæ, аивдзысты нæ хæстæ, йæ ракæнæнтæ æмæ авналæнтæ, йæ бартæ æмæ йæ мадзæлттæ. 

Нæ паддзахадон æмæ хицауады арæзт куыд ивд æрцæудзæн, уый дæр ныр сбæрæг хъæуы. Ирон адæм сæхæдæг сæхицæн уынаффæгæнæг цæй руаджы уыдысты — адæмон ныхас,— уый, гуырысхойаг нæу, ныр дæр нæма базæронд, кæд дзы бирæ азты нал пайда кæнæм, уæддæр. Ныртæккæ дæр уымæй æппæтадæмондæр уынаффæдон зын ссарæн у. Ирон Ныхас ногæй райхъал кæндзæн дзыллæты æхсæнадон цыренад æмæ хъæппæрис, ныффидар кæндзæн ирон ахастдзинæдтæ, æфсарм æмæ уаг, алы адæймаг дæр адæмы размæ дзуапп дæтдзæн йæ митæн, фæлæ йын Ныхас йæ бартæ хъахъхъæнгæ дæр кæндзæн. Ирон Ныхасмæ куы раздæхæм, уæд нæ æвзæрст лæгтæ, фæнда сæ нæ фæнда, уæддæр адæмы фæндон æххæст кæндзысты, сусæг хъуыддæгтæ кæнæн сын нал уыдзæн. 

Цавæр хъуамæ уой бынæттон ныхæстæ æмæ æппæт адæмы Стыр Ныхас, сæ æххæстгæнæн оргæнтæ, куыд сæ æвзарой, паддзахадон цардарæзты цы бынат æрцахсой, уыдон иууылдæр ныр алыг кæнын кæй хъæуы, ахæм фарстатæ сты. Ныхас кæй хъæуы, уый та гуызавæйаг нæу. Бынæттон ныхæстæ æмæ Ирыстоны Стыр Ныхас цас тагъддæр æвзæрст æрцæуой, уый бæрц рæвдздæр ныллæудзыстæм нæ фидæны раст фæндагыл. Адæмон ныхæстæн сæ сæйрагдæр хæс уыдзæн ирон ахастдзинæдтæ, ирон уат, ирон æгъдау æмæ æфсарм хъахъхъæнын, фæсивæды ирон лæгдзинады миниуджытыл ахуыр кæнын. Уый та нæ царды æппæт къабæзтæй дæр аразгæ у. Уымæ гæсгæ ныхæстæн хъуамæ стыр бартæлæвæрд æрцæуа суанг экономикон, политикон æмæ падзахадон арæзтадты дæр. 

Уæлдай сагъæссаг сты Ирыстомы паддзахадон хæдбарад, нæ арæнты хъысмæт, нæ ахастдзинæдтæ сыхаг адæмтимæ. Нацийы сæрмагонд цардахаст, йæ иудзинад, йæ психологи, зондахаст, монон культурæ, йæ химбарынад, йæ æвзаджы ахадындзинад, йæ ахастдзинæдтæ иннæ адæмтимæ,— уыдон иууылдæр аразгæ сты, адæм иумæ цæрынц, æви хицæн дихтæй, сæхи хæдбар паддзахад сæм ис, æви нæй, сæ æрдзон хъæздыгдзинæдтæй сæхæдæг пайда кæнынц, æви нæ, æмдыхæй тыхгæнджыты ныхмæ æрлæууын сæ бон у, æви нæу, иннæ адæмтимæ сæ ахастдзинæдтæ сæхæдæг аразынц, æви, нæ,— уыдонæн сæ æппæтæй дæр. 

Цард нæ фæлтæры куы æрыййæфта, уæдæй нырмæ ирон адæм цæрынц дыууæ дихæй: Цæгат Ирыстоны автономон республикæйы æмæ Хуссар Ирыстоны автономон облæсты. Кæд сæ дыууæ дæр сæрмагонд паддзахадон арæзтадтыл нымад цыдысты, уæддæр, æргом æй зæгъын хъæуы, сæ иу дæр хæдбар нæ уыд. Сæ æрдзон хъæздыгдзинæдтæ, сæ экономикæ æмæ фæллойыл сæ бар нæ цыдис. Зæгъæм, Цæгат Ирыстонæй, уымæй дæр аслам аргъæй, 1991 азы æддæмæ ласт æрцыд 1 миллиард æмæ 126 милуан сомы аргъ алыхуызон продукци, мидæмæ та æрмæстдæр 583 милуан сомы аргъ. Афтæ — чысыл ивддзинæдтимæ æрвылаз дæр. 

Ныр дыууæ Ирыстоны дæр сæ Сæйраг Советты уынаффæтæм гæсгæ систы хæдбар республикæтæ. Фæлæ æцæгдзинадæй нырма сæ дыууæ дæр хæдбарад нæма райстой. Нæхиуыл нæ бар куы цæуид, уæд сæххæст кæниккам ирон адæмы бæллицц — иу Ирыстон саразиккам. Ацы хъуыддагæн та, раджы уа æрæджы, æнæкæнгæ нæй. Дыууæ дихæй цæрæг наци хæдбар никуы уыдзæн. Уынаффæ ныр рахæссын хъæуы, кæд æй ацы уысмы нæ къухы сæххæст кæнын нæ бафта, уæддæр. Уый ирон адæмы сæйрагдæр хæстæй иу у. 

Хæдбарадæн йæ иннæ ахсджиаг фарст у Ирыстоны ахастдзинæдтæ иннæ адæмтимæ. Нæ фидæны фæндæгтæй нæ иу кæны Уæрæсемæ, иннæ — Гуырдзымæ, æртыккаг — Цæгат Кавказы адæмты конфедерацимæ, цыппæрæм та — æххæст паддзахадон хæдбарадмæ. 

Кæд фыццаг æртæ фæндагæй иуыл æнæцæугæ нæй, афтæ хъуыды кæнынц бирæ ирæттæ, ома чысыл адæм стæм æмæ хибарæй цæрын нæ бафæраздзыстæм, уæд нын цæугæ у, иннæ адæмтимæ æмсæр кæм уыдзыстæм, ахæм æмцæдисмæ. Æрмæстдæр иу хъуыддаг æдзухдæр зæрдыл дарын хъæуы: мах кавказаг адæм стæм æмæ Кавказæй никæдæм фæхауинаг стæм, гуырдзы æмæ уырысимæ та æмхæццæ цардæй цæрæм, культурæйæ та индоевропæйаг адæмтæм хæстæгдæр лæууæм. Уыцы хъуыды сæвæрын хъæуы нæ æддагон политикæйы бындуры. Ацы хъуыддаг куы лыг кæнæм, уæд нæ историйыл дæр афæлгæсын хъæуы. Сæдæгай азтæ æмарæнтæй цардыстæм гуырдзы, кæсæг, балхъар æмæ мæхъæлимæ. Бирæ лæггад фæкодтой нæ фыдæлтæ гуырдзыйæн се знæгтимæ тохы рæстæджы. Фæлæ нæ уыдон сæхимæ никуы æрбахæстæг кодтой, пайда нæ цы кодтой æндæр. Суанг ма ивгъуыд заман Хуссар Ирыл æлдарады къæлæт дæр æрывæрдтой. Фæстаг æнусы та нæ лæгдыхæй гуырдзыйæттæ арæзтой. Ныр та хæцæнгарзимæ нæ ныхмæ рацыдысты. 

Кæсæг æмæ балхъаримæ та нæ кæрæдзийæ бирæ хорздзинæдтæ зонæм, бирæ иумæйаг рæсугъд æгъдæуттæ нæм фæзындис. Фæстаг сæдæ — дыууæ сæдæ азты та бынтон хæларæй цæрæм. Ныр дæр нæ хæлардзинад хъахъхъæнын хъæуы. 

Нæ дарддæр сыхæгтæ — цæцæн æмæ Дагъистаны адæмтимæ нæ фыдæлтæн ницы уаринаг уыд. Махæн дæр ницы уаринаг ис. Æрмæст сусæггаг нæу, ныртæккæйы политикон ахастдзинæаты Цæгат Кавказы цæцæн æмæ Гуыбецы адæмтæ зынгæ бынат кæй ахсынц, уый. 

Абхазтæ æмæ ирæттæ кæд дыууæ æвзагыл дзурынц, уæддæр сæ удварны æвæрдæдты бирæ хицæндзинæдтæ нæй. Стæй нæ ныры политикон нысантæ дæр иу сты. 

Мæхъæлимæ рагæй дæр хицæн социоэкономикон фæлтæрддзинадыл лæууыдыстæм. Уымæ гæсгæ нæм иумæйаг зондахаст æмæ цæстæнгас, удварн æмæ хидарыны æгъдæуттæ, иумæйаг цардахаст никуы уыд. Æнусæй-æнусмæ æмхæццæ цард никуы кодтам, фæстаг 30–40 азы куы нæ нымайæм, уæд. Рагæй дæр Ирыстонмæ тæлæт кæнынмæ цыдысты, уымæй æргомæй нæ цавтой, фæлæ къæбуты ’рдыгæй. 

Фæстаг азты раст — æнæрастæй мæхъæл не ’хсæн æрцардысты. Ирон адæм сæ бауазæг кодтой, хуыздæр куысты бынæттæ сын радтой, сæ фæсивæды сын сахуыр кодтой, республикæйы цæрæнфæрæзтæй хайджын уыдысты. Фæлæ сæм уый æгъгъæд нæ фæкаст, хъуамæ нæ нæ цæрæнбынæттæй фæтардтаиккой. Æмæ цы агуырдтой, уый ссардтой. Мах сæ нæ фæтардтам. Сæ фыдракæндтæн дзуапп раттынæй тæрсгæйæ фæлыгъдысты. Ныр сæрæн фæлæууын хъæуы, æрбауадзæн сын нал ис, сæ æрбауагъд бынтон карз бæллæхтæм æркæндзæн. Хъыгагæн, не ’хсæн дзурджытæ фæци, уæлдайдæр Мæскуыйы цæрæг ирон ахуыргæндтæй, фæстæмæ сæ раздахæм, зæгъгæ. Мæскуыйæ ардæм æнцон дзурæн у, мыййаг, хæсты рæстæг нæ фарсмæ куы нæ æрбалæууыдысты. Ирон адæмы хардзæй сæхицæн политикон цæсгæмттæ ма аразæнт. Мæхъæл кæд сæ рæдыд бамбарой, цæхх — кæрдзынимæ нæ бацагурой, уæд табуафси, хорз сыхæгтæй цæрдзыстæм, æрмæст æмхæццæ нæ, фæлæ алчи дæр йæхи бæстæйы. Сæрмагонд ныхасаг сты Ирыстон æмæ Уæрæсейы ахастдзинæдтæ. Уырыс æмæ ирæттæ æвзагмæ гæсгæ иу индоевропæйаг къордмæ хауынц, уæдæ сæ удварны æвæрдæдтæ дæр кæддæры иу стыр цивилизацийæ цæуынц. Уымæ гæсгæ нæ культурæты бирæ иудзинæдтæ ис, нæ кæрæдзи дæр хуыздæр уый тыххæй æмбарæм. Бынтон хæстæг та лæууæм нæ алыварс цæрæг хъазахъимæ. 

Уæрæсеимæ куы баиу стæм, уæдæй нырмæ уырыс, æмткæй райсгæйæ, ирон адæмæн æвзæрдзинадæй ницы ракодтой. Уырысы æххуысæй хæхты цъастæй быдырмæ ралыгъдыстæм, уыдоны фæрцы базонгæ стæм дун-дунеты культурæимæ, райстам ахуырад, схызтыстæм наукæ æмæ техникæйы бæрзæндтæм, нæхи республикæ сарæзтам. Æргом куы дзурæм, уæд ныл уырысы тæваг æвзæрæй дæр фæзындис: нæ ирондзинады æвæрæнтæй бирæтæ фесæфтам. Фæлæ ам нæхи аххос дæр бирæ у, уæлдайдæр та 1917 азæй фæстæмæ. Нæ ирон æгъдæуттæ æмæ уаг бæлвырд идеологийы догмæтæй баивтам. Æмæ уыцы рæдыд уырыс сæхæдæг дæр æруагътой. Сæхи культурæйы хæзнатæй дæр къаддæр нæ фесæфтис. Фæлæ уæддæр кæд нæхицæн цардæмбал агурæм, нæ фидæн нæ кæд искæимæ баиу кæнын фæнды, уæд уырысæй хæстæгдæр, тыхджындæр æмæ зæрдæзæгъгæдæр адæм не ссардзыстæм. 

Æргом дзургæйæ, уырысæн сæхицæй бирæтæ Цæгат Кавказ æмæ Ирыстоны тыххæй афтæ нæ хъуыды кæнынц. Фæстаг заман, Цæгат Кавказы æмæ Ирыстоны цы цаутæ цæуы, уыдоны тыххæй сæ хъуыдытæ бирæ уырыссаг ахуыргæндтæ, культурæйы кусджытæ, публицисттæ æмæ æхсæнадон архайджытæ фæфыстой. Сæ фыстытæм сын лæмбынæг куы æркæсай, уæд сæ цыппар сæйраг цæстæнгасы раиртасæн ис. Иу сæ домы, цæмæй Цæгат Кавказы цы национ паддзахадон арæзтæдтæ ис, уыдон иууылдæр ивд æрцæуой, баиу сæ кæной Краснодары æмæ Стъараполы крайтимæ æмæ сæ саразой Уæрæсейы иу губерни кæнæ облæст. 

Иннæмæ гæсгæ та Цæгат Кавказы адæмты фæхицæн хъæуы Уæрæсейæ æмæ сæ цы фæнды, уый кæнæнт. 

Æртыккаг цæстæнгасмæ гæсгæ Уæрæсейæн Цæгат Кавказы ис æрмæстдæр геополитикон нысантæ: Цæгат Кавказ у ахсджиаг хæстон стратегион регион, ноджыдæр Уæрæсейы бæтты Фæскавказ æмæ Азийы иннæ бæстæтимæ, ис ын стыр экономикон ахадындзинад, ис дзы низтæ дзæбæхгæнæн курорттæ æмæ афтæ дарддæр. Ацы цæстæнгасы уæлдай хъусдард цæуы Ирыстонмæ, йæ зæххытæ Цæгат Кавказы адæмты дыууæ дихы кæй кæнынц, стæн ма Фæскавказмæ дæр кæй хæццæ кæнынц, уый тыххæй. 

Фæстаг цæстæнгас, стæй Хуыцауæн табу, контент-анализмæ гæсгæ мыхуыры арæхдæр æмбæлы, амоны, зæгъгæ, Цæгат Кавказы цы адæмтæ цæры, сæрмагондæй та ирæттæ, уыдон рагæй дæр Уæрæсейæн æнæзæрдæхудт хæлæрттæ сты æмæ сæм уыцы цæстæй кæсын хъæуы. Уæрæсейы Федерацийы та хъуамæ æмсæр æмæ æмбар ахастдзинæдты бындурыл сæхи паддзахадон арæзтæдтæй цæрой. 

Кæй зæгъын æй хъæуы мах, ирæтты, нæ национ райрæзты фæстаг цæстæнгасыл æнцой кæнын хъæуы. Фæлæ ма йæ иу хатт зæгъын æмбæлы: мах кавказаг адæм стæм æмæ Кавказы адæмтимæ нæ хæлардзинад куы фехалæм, уæд нын иунæгæй аззайынæй тæссаг у. 

Ирыстонæн хибар паддзахад саразын дæр, бирæтæм куыд кæсы, афтæ бынтон сæнттæцæгъдæгау нæу. Дунейы ахæм адæмтæ бирæ ис, æмæ махæй къаддæр æмæ лæмæгъдæр уæвгæйæ, æнусты дæргъы сæрибар æмæ хибар паддзахадæй чи цæры. Æцæг зонын хъæуы, алы историон уавæрты дæр иннæ адæмтимæ нæ ахастдзинæдтæ куыд аразгæ сты, уый. Æнусæй-æнусмæ иухуызон æддагон политикæ нæ вæййы, хъуамæ нæм уа æрмæстдæр иу æнусон хъуыды æмæ нысан — нæ Ирыстоны фервæзын кæнын, йæ хæдбар бахъахъхъæнын. 

Хæдбарад æмæ нæ арæнтæ хъахъхъæнын хъæуы. Сыхагимæ хорз цæрын æмбæлы, сабыр æнæмастæй. Фæлæ нырма рæстæг ахæм у, æмæ æдыхыл алчидæр йæ тых æвзары. Мах стыр æфсад нæ сараздзыстæм, нæ бон æй фæдарын дæр нæ бауыдзæн. Уымæ гæсгæ æппæтæй дæр хъуамæ хæстхъом уæм, фæдисы цæуæг. Уый нын фыдæлтæй баззад. Нæ фæсивæды дæр уымæ цæттæ хъæуы. Сæ сабийы бонтæй сæ амидин кæнын хъæуы хæцæнгарзыл, æвзæрын сæм кæнæм ирон ныфс, ирон лæгдзинад, ирон сæрæндзинад. Се ’хсæн рапарахат кæнæм хæстон хъомылад. Бахъуаджы сахат фæдисы чи кæдæм фæзындзæн, ахæм уаг дæр сæвæрын хъæуы. Ахъуыды кæнын хъæуы хæцæнгарз дарыны фæткыл дæр. Ирон лæг фыдæлтæй нырма хæстон лæг уыд, æнæ хæцæнгарзæй та хæстон уæвæн нæй. 

Нæ æрдзон хъæздыгдзинæдтæ, нæ зæххыл мулк æмæ куыстадон фæрæзтæй цыдæриддæр ис, уыдон иууылдæр нæхи къухтæм райсæм. Нæ адæмы фæцæрынæн, хи бахъахъхъæнынæн æмæ иннæ адæмтимæ нæ ахастдзинæдтæ барæвдз кæнынæн цыдæриддæр хъæуы, уыдон иууылдæр рæвдздæр нæхимæ аразын байдайæм. Фæллой банымайæм нæ ахсджиагдæр хъуыддагыл. Магуса адæм хæдбар никуы уыдзысты. 

Национ æмæ паддзахадон хæдбарадæн йæ бындур æмæ йæ уæлæдарæс дæр конституци у — паддзахадон æмæ æхсæнадон цардарæзты сæйраг уагæвæрд. Нæ Конституци хъуамæ иннæ адæмы конституцийы нывист ма уа, фæлæ дзы нымад æрцæуой ирон адæмы социалон райрæзты хицæндзинæдтæ æмæ фæстиуджытæ. 

Сæрмагондæй æрдзуринаг сты нæ ирон удварн, æфсарм, уаг æмæ æгъдау, нæ миддуне æмæ зондахаст, бинонтæ æмæ хæстæджыты, хицæн лæгтæ æмæ социалон къордты химидæг ахастдзинæдтæ, нæ фарн æмæ нæ æвзаджы хъысмæт æмæ фидæн. Фæстæмæ сæ куы нæ райтынг кæнæм, ныр дæр æмæ нæ фидæны дæр нын дзы ахъаз чи фæуыдзæн, уыдонæн ныртæккæ уæрæх бындур куы нæ сæвæрæм, уæд суинаг фæлтæрты размæ стыр хæсджынæй баззайдзыстæм, нæ фыдæлты хорздзинæдтæй сæм ницы адæтдзыстæм, нæ национ хицæндзинæдтыл бынтондæр нæ къух сисдзыстæм. 

Уыдоны ’хсæн нæ рæстæджы уæлдай цæстæнгас аздахын хъæуы ирон уаг, ирон æгъдау, ирон æфсарм æмæ бинонты ’хсæн ирон ахастдзинæдтæ фæстæмæ æрфидар кæнынмæ. Рагæй-æрæгмæ дæр нæ ирондзинад адонæй аразгæ уыд. Адон нын лæвæрдтой национ иудзинад, æмхуызон нæ кодтой, нæ национ æууæлтæ нæм æвзæрын кодтой. 

Нæ фыдæлтæм иу хорз æгъдау уыд: хидарыны нормативтæ чи хæлдта, уыдонæн-иу цинты, зианыкæндтыты, бæрæгбонты, куывдты бауайдзæф кодтой, æфсарм кæмæ уыд, уыдонæн та-иу арфæ ракодтой. Уыцы фæтк махæн дæр фæзминаг у. Фæстæмæ сног кæнæм лæгæвзарæн ерыстæ дæр, фæсивæды ирон лæгдзинады миниуджытыл чи амидин кæна. 

Уæрæхдæр æмæ фидардæр кæнын хъæуы нæ æвæрдады этнокультурон бындур. Афон у, цæмæй нæ адæмон сфæлдыстады, уæлдайдæр та Нарты кадджыты сæйрагдæр сюжеттыл, нæ историйы зынгæдæр цаутыл хæрзхъæд кинонывтæ саразæм, пьесæтæ сыл ныффысæм. Ирон историон роман та — фæсивæды национ хъомыладæн стыр фæрæз, зæгъæн ис, æмæ ныр дæр нæма фæзындис. Афтæмæй та уымæн скифтæ, сарматтæ, алантæ æмæ рагирæтты цардæй хыздæр æрмæг зын ссарæн у. Зæрдиагæй бавналæм нæ рагфыдæлты истори, ирон адæмы этногенез, йæ психологи, æвзаг æмæ культурæйы райрæзт бæстон раиртасынмæ. Фæсивæды æхсæн рапарахат кæнæм ирон зард æмæ кафыны хихъæппæрисадон къордтæ. Радио æмæ телеуынынады раныхæсты æмæ равдыстыты фæфылдæр кæнæм ирон æрмæг, уый бæрц та фæкъаддæр кæнæм ирон æвæрдадæн зианхæссæг мидистæ. 

Фылдæр æргом здахæм ирон бинонты цардахастмæ. Бинонты æмхъола цард æмæ сывæллæтты нымæц къаддæргæнгæ кæй цæуы, уыдонæн иу кæддæр ирон адæмы хъысмæтыл æвзæрырдæм æнæфæзынгæ нæй. 

Ирон бинонтæ рагæй дæр фидар уыдысты сæ уаг æмæ æгъдауæй. Алы бинойнагæн дæр йæ кар, æмæ бинонты æхсæн цы бынат ахста, уыдонмæ гæсгæ бæлвырд уыдысты йæ хæстæ, митæ, хидарыны æгъдæуттæ, йæ фæзилæнтæ, йæ ахастдзимæдтæ иннæ бинойнæгтимæ. Бæлвырд уагыл æвæрд уыдысты хистæр æмæ кæстæры, нæлгоймаг æмæ сылгоймаджы, хицау æмæ æфсины, ныййарджытæ æмæ цоты, лæг æмæ усы, æфсымæрты, хоты, æфсымæр æмæ хойы, чындз æмæ тиуы, ходыгъды, стæй файнустыты æмахастдзинæдтæ. Бинойнæгты хæстæ, митæ, фæзилæнтæ, хидарыны æгъдæуттæ, ахастдзинæдтæ ивгæ цыдысты, сæхæдæг иу карæй иннæмæ куыд хызтысты, стæй бинонты ’хсæн сæ уавæр куыд ивгæ цыдис, афтæ. Бинойнагæн йæ кар æмæ уавæрмæ гæсгæ цы æмбæлыд, уый куы нæ æххæст кодтаид, уæд уый та æгад æмæ худинаг уыд, мыггаг æмæ хъæубæсты æхсæн-иу фидиссагæн баззад. Ныр дæр бинонты цардæн бæлвырд æмæ фидар уаг сæвæрын хъæуы. Саразæм ирон бинонты царды кодекс, нæ фыдæлты фæтк нын ныры цардимæ чи баиу кæна, уымæн æмæ бинонты хæлддзинад адæмы сæфтмæ кæны. 

Рагæй-æрæгмæ дæр Иры бæстæйы бирæцотджын ныййарджытæн стыр кад кодтой, нымад уыдысты. Æнæцот лæг æмæ ус та адæммæ тæригъæддаг кастысты, барæй цот чи нæ кодта, уыдоныл та-иу къабæзтæ, сыхæгтæ æмæ хъæубæстæ сæхи атигъ кодтой, зулцæстæй сæм кастысты. Æрхъуыды кæнæм Нарты кадджытæй иу эпизод: нарты фæсивæд ацæргæ Уæрхтæнæгмæ æртхъирæн кæнынц амарынæй, бинонтæ кæй нæ кæны æмæ йын цот кæй нæй, уый тыххæй. Нæ баззайджытæ нырау фылдæрæй фылдæр куы нæ кæной, уæд зæххытæ æмæ цæрæнфæрæзтæй дæр цы кæнæм! 

Нæ адæмы нымæц зынгæ фылдæр кæй нæ кæны, уымæн бирæ аххостæ ис: иуæй ныл мæгуырдзинад фæтых, иннæмæй та ирон къайады æгъдæуттæ æгæр бирæ хæрдзтæ домынц, стæй бирæ сывæллæттæ схæссын дæр æнцон нæу, аннæмæй та нæ царды лæппуйæн бирæ бадын æмæ ныййарджытæн гыццыл цот ракæнын цæмæндæр фæтк систы. Бæлвырд мадзæлттæ саразæм, цæмæй фæсивæд æрыгондæрæй бинонты хъуыддаг кæной, ныййарджытæ та фылдæр цот уадзой, уый тыххæй. Не ’хсæн фæтк сæвæрæм: лæппуйæн 25 азæй фылдæр бадын, æнæниз бинонтæн 4–5 сывæллонæй къаддæр уæвын, сылгоймагæн æнæ дохтыры амындæй йæхи асыгъдæг кæнын æгадыл банымайæм. Хъæубæстæты æмæ горæтты цæрæн зылдты саразæм æхсæнадон фæрæзты фонд, чындзæхсæвтæ аразынæн æмæ бирæ бинонты фæдарынæн йæ æххуысы хай чи кæна. Нæ республикæйы ахæм химидæг уагæвæрд ныффидар кæнæм, æрыгæтты усгурынмæ, бинойнæгты та цотгæнынмæ разæнгард чи кæна. Зæгъæм, фæфылдæргæнæн ис бирæсывæллонджын бинонтæн паддзахады æххуыс, саразæн ис фадæттæ, цæмæй бирæцотджын ныййарджытæ, сæ профессионалон арæхстдзинад сын нымайгæйæ, сæхи фæндонмæ гæсгæ хуыздæр куыстадон бынæттæм ист цæуой, саразæм, цæмæй сæ цотæн нæ хистæр скъолатæм бацæуынæн фыццаг бар лæвæрд цæуа, бирæ бинонтæн цæрæнбынæттæ æмæ цæхæрадæттæн зæхх æнæрадæй куыд дæттæм æмæ афтæ дарддæр. 

Мæтаг сты нæ æвзаг æмæ нæ фыдæлты дин. Ома не ’гъдау, уаг æмæ æфсармæй дæлдæр æрхаудысты, зæгъгæ, уый тыххæй нæ, ныр дæр уыдонæй уæлдæр лæууынц, фæлæ сæ фæйнæрдæм ратон-батон кæй кæнæм, уый аххосæн. 

Нæ рæстæджы ахуыргæндтæм ирон æвзагмæ дыууæ ныхмæ лæугæ цæстæнгасы равзæрдис. Фыццагмæ гæсгæ ирон адæмæн ис иу ирон æвзаг иу дыгурон диалектимæ. Дыккаг цæстæнгас, ууыл фылдæр лæууынц дыгурæй рацæугæ ахуыргæндтæ, амоны, ирæттæ æмæ дыгурæттæ кæд иу адæм сты, уæддæр дзурынц дыууæ сæрмагонд ирон æмæ дыгурон æвзæгтыл, зæгъгæ. 

Фыццаг бакастæй афтæ зыны, цыма ахуыргæндты æхсæн зонадон быцæу цæуы. Æмæ уый æцæгдæр афтæ куы уаид, уæд дзы рæдыдæй ницы ис: сгар, иртас ирон адæмы истори, сæ иудзинад, удварн, миддуне, цардахаст ирон æвзаг æмæ дыгурон диалекты мадзæлттæй. Фысс иронау æмæ дыгуронау амæй-ай аивдæр уацмыстæ, зонадон куыстытæ. Ирон зонадон куысты æмæ аивадон сфæлдыстады уымæй ахсджиагдæр фæллой зын ссарæн у. 

Фæлæ дыккаг цæстæнгасыл фыст æрмæг арфдæр куы раиртасай, цы былсæрфæн ныхæстæ дзы ис, уыдон иуварс куы æрæвæрай, уæд рабæрæг вæййы йæ æцæг мидис: кæд ир æмæ дыгур дыууæ æвзагыл дзурынц, уæд хицæн адæмтæ сты. Æрмæджы автортæн æнæзонгæ нæ уыдзæн, дыууæ æвзагыл дзурæг адæмæн иу миддуне, иу психологи, иу культурæ, æмткæй райсгæйæ, удварны иу æвæрдад уæвæн кæй нæй, уый. Ам æргом дзурын хъæуы, кæнæ ир æмæ дыгур иу адæм сты иу æвзагимæ, кæнæ хицæн адæмтæ хицæн æвзæгтимæ. 

Кæд иуæй-иу ахуыргæндты, сфæлдыстадон æмæ æхсæнадон кусджыты æцæгдæр фидарæй уырны, ир æмæ дыгур хицæн адæмтæ сты, зæгъгæ, уый, уæд та ныхас адæммæ рахæссын хъæуы: бафæрсæм адæмы, референдум саразæм, базонæм адæмы хъуыды. Адæмæн сæ фылдæр цы хатдзæгмæ æрцæуой, уый бындурæн сæвæрæм нæ дарддæры политикон æмæ паддзахадон цардарæзтæн. Афтæ домы æцæг демократи. Фæлæ кæд ир æмæ дыгур сæхи иу адæм хонынц, уæд нæ ахуыргæндтæ дыууæ æвзаджы тыххæй сæ ныхæстæ цас рæвдздæр ныууадзой, уый бæрц ирон адæмы иудзинадæн фылдæр пайда æрхæсдзысты. 

Ахъуыды кæнын æмбæлы Гуыриаты Тамерланы фæндоныл дæр. Нæхи рахонæм нæ рагфыдæлты ном алантæй, не ’взаг ирон æмæ дыгурон диалекттимæ схонæм аланты æвзаг. Гъе, æмæ уæд иронæй, дыгуронæй алчидæр йæ лæгдзинад равдисæд, кæцы диалектыл æй фæнды, ууыл аивадон æмæ зонадон уацмыстæ фыссæд, кæцы диалектыл æй фæнды, ууыл дзурæд æмæ ахуыр кæнæд. Дарддæр дыууæ диалектæй кæцы ныффидар уыдзæн, уый та цард йæхæдæг амондзæн. 

Фæстæмæ сног кæнæм нæ фыдæлты уырнынад. Чырыстон æмæ пысылмон динтæ сæ дыууæ дæр æндæр удварны идеологи хæссынц, ирон фыдæлтыккон цардарæзты ныхмæ цæуынц. Фыдæлтæй нын баззадысты нæхи зæдтæ æмæ дауджытæ. Хуыцау ирон адæмæн йæхимæ цы фæндаг сарæзта, ууыл сæрыстыр нæ хъæуы, ивинаг нæу. Нæ дины нæхи миддуне ныффидар, куы йæ аивæм, уæд та бафæзмдзыстæм иннæ адæмты зондахаст æмæ цæстæнгас, райсдзыстæм æндæр уаг æмæ æфсарм. 

Ирон удварны æвæрдад æмæ не ’взаг бахъахъхъæнынæн ахъаззаг фæрæз у ирон скъола. Саразын æй хъæуы. Нæ ахуырады æппæт къабæзты бындурыл сæвæрæм ирон фæтк, ирон хъомылад. 

Рæзгæ фæсивæд цæмæй ирон удварны æвæрдадмæ æмхицдæр кæной, уый тыххæй скъолаты рапарахат кæнæм ирон æвзаг æмæ литературæйы уроктæ, ахуырадон пълантæм бахæссæм ирон адæмы сфæлдыстад, ирон адæмы этнологи, ирон уаг (хидарыны æгъдæуттæ) æмæ ирон адæмы истори, æцæг сывæллæтты миддуне, æппæт адæмтæн дæр ахуыргонддзинадæн стандартон чи у, уыцы зонындзинæдтæй дæр куыд нæ фæхицæн уа, афтæ. 

Иуныхасæй, нæ фидæны паддзахадон, æхсæнадон æмæ культурон арæзтадæн сæйраг æнцойтæн сæвæрын хъæуы национ иудзинад, национ идейæ, национ æвæрдад, национ цардарæзт æмæ национ цардахаст. Æрмæстдæр уæд бахъахъхъæндзыстæм нæхи, æрмæст нын уæд аргъ кæндзысты иннæ адæмтæ дæр. Фæлæ уый афтæ дзурæг нæу, æмæ не ’хсæн цы адæмтæ цæры, уыдоны цæмæйдæр иу мисхал дæр бахъыгдарæм. Хуыцау нæ уымæй бахизæд! Йæхи пайдайæн иннæты цы адæм хъыгдара, уый йæхæдæг сæрибар æмæ амонджын никуы уыдзæн. Нæхицæн цы аразæм, не ’хсæн царæг адæмтæн дæр уый аразын хъæуы, æндæр адæмыхаттæй Ирыстоны иу лæг куы цæра, уæддæр. Алы адæмыхаттæн дæр хъуамæ бар уа йæ цард йæхи фæндонмæ гæсгæ сæвæрын, йæхи цардахастæй цæрын. Фæлæ уый афтæ нæ амоны, æмæ йæ æхсæн цæрæг адæмты зæрдæ æлхæнгæйæ, нæ паддзахадон, социалон æмæ культурон арæзтадты сæ ирон бындурæй фæхицæн кæнæм. Зæххы цъарыл иу наци дæр зын ссарæн у, йемæ æмхæццæ цæрæг адæмты тыххæй йæхи æхсæнадон уагæвæрд æмæ удварн чи аивта. Не ’хсæнадон уавæртæ æмæ нæ æрдзон фадæттæй иннæ адæмтæ дæр мах æмбар пайда кæнæнт. Æцæг нæхæдæг æхсæнад æмæ æрдзы размæ нæхиуыл цы хæстæ æвæрæм, уыдонæй дæр сæхи иуварс ма исæнт. 

Нæ фидæнæн ирон фæтк куы сæвæрæм, уæд нæ политикон æхсæнадон хъуыды иууылдæр нæ адæмы пайдайæн саразæм. Исчи мах уынаффæ хъуаг нæу, стæй нæм хъусгæ дæр ничи бакæндзæн. Нæхи фаг куы кæниккам. Нæхицæн та æгъгъæд уыдзысты адæмон бынæттон ныхæстæ, Ирыстоны Стыр Ныхас. Уыдоны руаджы алы адæймагæм дæр йæ æхсæнадон хъæппæрисад равдисæн ис, уыдзæн ын фадат йæ фæндон цардмæ рахæссынæн. Ныхас у ирон адæмы чн æрбатымбыл кæндзæн, ахæм стыр æхсæнадон фæрæз. Æндæр нæ хъæугæ дæр ницы кæны. Дун-дунейыл хъуыдыгæнæг ирон æхсæнæдтæ махæн ницы раддзысты. 

Нæ фидæны цардæн фæстæмæ ирон бындур сæвæрын стыр вазыгджын хъуыддаг у. Паддзахадон æхсæнад æмæ ирон цардарæзт бирæ азты дæргъы ныхæй-ныхмæ кæй лæууыдысты, ирон цардахаст æмæ удварны æууæлтæй бирæтæ сæфтмæ кæй æрцыдысты, уыдон нын бæлвырд фæуæззаудæр кодтой нæ æхсæнадон рацарæзты фыдæбон: иуæй нæ зонадон куысты фæрцы раиртасын хъæуы, цавæр уыдысты нæ фыдæлты цардарæзт æмæ удварны хицæндзинæдтæ, уый. Иннæмæй фæстæмæ сног кæнын хъæуы, фыдæлты социалон фæлтæрддзинадæй æмæ культурæйы хæзнадонæй абон нæ дарддæры райрæзты бындурыл цы фæрæзтæ æрæвæрдзыстæм, уыдон, аннæмæй та стыр куыст бакæнын хъæуы, цæмæй нæ фыдæлты рæсугъд æгъдæуттæ, уаг æмæ æфсарм ирон лæджы миддунейы ногæй аккаг бынат бацахсой, ууыл. Уый тыххæй та хорз уаид, нæ разагъды ирон ахуыргæндтæй кусæг къорд куы саразиккам, уæд уый. Ацы къорды баиу кæнын хъæуы историкты, экономистты, юристты, социологты, психологты, этнографты, филологты, педагогты, аивадон сфæлдыстадон кусджыты, фæлтæрдджын æхсæнадон архайджыты. Уадз æмæ зонадон æгъдауæй фидар ирон бындур сæвæрой нæ фидæны царды æппæт къабæзтæн дæр. 

Фæстæмæ та ирон адæм иннæ адæмты ’хсæн аккаг бынат кæй æрцахсдзысты, уый гуырысхойаг нæу. Уымæн æвдисæн у, дунейы рагондæр адæмтæй уæвгæйæ ирæттæ сæ сæрмагонд удварны хицæндзинæдтæй бирæтæ нырмæ кæй æрхæццæ кодтой, уый. Фидæнмæ дæр сæ фæрнæй ахæссæм. Сæфын сæ ма бауадзæм. Уастырджи не ’мбал! 



<==    Комментарии (4)      Версия для печати
Реклама:

Ossetoans.com OsGenocid ALANNEWS jaszokegyesulete.hu mahdug.ru iudzinad.ru

Архив публикаций
  Января 2024
» О чем рассказали восточно-европейские руны
  Ноября 2022
» От Кавказа до Волги
  Августа 2022
» Кавказцы глазами русских: говорят архивные документы...
  Марта 2022
» К вопросу о заселении Фиагдонской котловины, по данным фамильных и народных преданий
» О новых именах в истории царственного дома средневековой Алании
  Февраля 2022
» К ВОПРОСУ ОБ УДЕЛЬНЫХ ВЛАДЕТЕЛЯХ УАЛЛАГКОМА ПО ФАМИЛЬНЫМ, НАРОДНЫМ ПРЕДАНИЯМ И АРХИВНЫМ МАТЕРИАЛАМ
  Декабря 2021
» Осетинская религия; религия осетин (Ирон дин)
  Мая 2021
» Иверская (Моздокская) икона Божией Матери
  Мая 2020
» Соотношение понятий Æгъдау, религия (дин), вера во внутриосетинской дискуссии
  Июля 2019
» Открытое обращение представителей осетинских религиозных организаций
  Августа 2017
» Обращение по установке памятника Пипо Гурциеву.
  Июня 2017
» Межконфессиональный диалог в РСО-Алании состояние проблемы
  Мая 2017
» Рекомендации 2-го круглого стола на тему «Традиционные осетинские религиозные верования и убеждения: состояние, проблемы и перспективы»
» Пути формирования информационной среды в сфере осетинской традиционной религии
» Проблемы организации научной разработки отдельных насущных вопросов традиционных верований осетин
  Мая 2016
» ПРОИСХОЖДЕНИЕ РУССКОГО ГОСУДАРСТВА
» НАРОДНАЯ РЕЛИГИЯ ОСЕТИН
» ОСЕТИНЫ
  Мая 2015
» Обращение к Главе муниципального образования и руководителям фракций
» Чындзӕхсӕвы ӕгъдӕуттӕ
» Во имя мира!
» Танец... на грани кровопролития
» Почти 5000 граммов свинца на один гектар земли!!!
  Марта 2015
» Патриоту Алании
  Мая 2014
» Что мы едим, или «пищевой терроризм»