Раджыма-раджы иу мæгуыр лæг æмæ усæн уыдис иу лæппу æмæ иу сæгъ. Лæппу бонæй-бонмæ рæзтис æмæ райдыдта ус курыны фæндтæ.
Уæд ын йæ фыд афтæ зæгъы:
— Ацу, æмæ сæгъы акæн уæймæ, дæхи цы хъæуы, уыдон дæр дзы балхæн, де ’мкъайаджы цы бахъæуа, уыдон дæр, дæ зæронд мадæн-иу дæ исты зæрдæлхæнæн алхæнын дæр ма айрох уæд æмæ-иу сæгъы дæр æрбакæн фæстæмæ.
Лæппу катæйтты бахауд: ай иу сæгъæй мæхицæн дæр куыд балхæнон дарæс, ме ’мкъайагæн дæр, мæ мадæн ма дзы зæрдылдарæн дæр куы балхæнон, уæд ма йын йæхи та цы ’гъдауæй бакæнон хæдзармæ. Фæлæ уæддæр ныххæцыди сæгъы сыкъайыл æмæ, цъус фæцыдысты, бирæ фæцыдысты — бахæццæ сты иу хъæумæ, æмæ лæппу балæууыд иу хæдзары дуармæ.
— Стонгæй мæлын, мæ хойы хай, æмæ мын исты куы фенис, — бадзырдта æфсинмæ.
Ус дæр бацин кодта, фынг ын авæрдта йæ разы:
— Кæрдзын дæр бахæр, дæ фæллад дæр суадз, уæддæр мæ лæг ам нæй æмæ иунæгæй æнкъард кодтон.
Лæппу дæр æрбахызти, дзæбæх йæхи бафсæста, афтæ чидæр æрбахоста дуар, æмæ ус йæ тыбыртæ бацагъта, цармæ, дам, схиз æмæ уым æрулæфдзынæ.
Лæппу уæлхæдзармæ æд сæгъ асиныл схызт, йæ сæгъы йæ къахыл бабаста, йæхæдæг иу къуымы батылд æмæ фынæй кæны.
Ус дуар бакодта æмæ йæ лымæн сæудæджер. Æрбахаста йын уæдæ хъуымац зæгъай, уæдæ къахыдарæс зæгъай, уæдæ уæлæдарæс. Фæлæ йæ хæссинæгтæ дæр нæма æрæвæрдта, афтæ та æрбахостæуыди дуар.
Ус фæтарсти, зæгъгæ, мæ лæг æрыздæхт æмæ сæудæджер дæр æд хæссинæгтæ сгæпп кодта уæлхæдзармæ æмæ ныббырыд иу къуымы.
Дуар хойæг та кæд уыди фыййау. Уый дæр базыдта, лæг бæлцуаты кæй ис, æмæ йын æд лæвæрттæ фæзынд йæ усмæ.
Ус та ууыл дæр куыннæ бацин кодтаид, фæлæ та, уый дæр йæ хæссинæгтæ нæма æрæвæрдта, афтæ дуар æрбахостæуыди ногæй.
Куыннæ фæтарстаид ус, куыннæ фæтарстаид фыййау дæр, фыдгул-фыд-зæрдæйы исчи йæ усимæ баййафа, уый дæр та ус æд хæссинæгтæ сгæпп кæнын кодта уæлхæдзармæ, æмæ æрбынат кодта æртыккаг къуымы.
Ус, цыма никуы æмæ ницы, рауади, дуар бакодта æмæ мæнæ — сауджын. Цы аирвæздзæни сауджынæн, йæ куыст æй домы, базыдта, лæг бæлцуаты ис æмæ ахуыр куыд уыд, афтæ та йын æд лæвæрттæ фæзынд йæ усмæ.
Усæн дæр хъыг кæм уыдис йæ бацыд, куыннæ йыл бацин кодтаид, кæрæдзийы куыннæ ахъæбыстæ кодтаиккой. Фæлæ та уый дæр йæ хæссинæгтæ нæма æрæвæрдта, афтæ дуар чидæр ныккодта барджын хост.
Оу, куыд, дам, фесæфтæн, — фæкодта ус, æмæ сауджын æд лæвæрттæ, асиныл узгæ-узгæ смидæг уæлхæдзармæ æмæ ныббырыд цыппæрæм къуымы.
Ус дуар бакодта æмæ мæнæ — йæ лæг. Æхсызгон ын кæм уыд йæ æрыздæхт, фæлæ йыл уæддæр бацин кодта, йæ разы йын фынг авæрдта, фæллад, дам, уыдзынæ, къæбæр ахæр æмæ æрулæф.
Фæлæ уалынмæ уæлхæдзар сæгъ ныхснырста, æмæ мæгуыр лæппу фехъал, йæхи аивæзтытæ кодта, стæй рабадт æмæ ныллæууыд цæуыны къахыл.
— Кæдæм? — йæ размæ фæци сæудæджер.
Мæнæ, дам, мæгуыр лæг дæн æмæ мæ сæгъы хъуамæ ауæй кæнон, — загъта йын лæппу æмæ фæцæуы.
Дæ сæгъ дæр, дам, дæхи уæд, ай, дам, дын æнæаргъ лæвæрттæ æмæ ма, дам, иу цъус сабыр сбад, — ныллæгъзтæ йын кодта сæудæджер æмæ, усæн цы лæвæрттæ æрбахаста, уыдон ын скодта йæ дæларм.
Лæппу дæр куыннæ хъуамæ сразы уыдаид, сбадтис æмæ æнхъæлм кæсы. Фæлæ цас хъуамæ фæбадтаид, рабадти æмæ та рацæуы.
— Кæдæм? — ныр та йæ размæ фыййау фæцис.
Афтæ æмæ, дам, афтæ мæгуыр лæг дæн æмæ, дам, мæ фæндаг цыбыр кæнон. Къæбæр бахордтон, бафынæй кодтон, баулæфыдтæн, цæмæ ма, дам, у мæ каст.
Дæ Хуыцаумæ, дам, скæс, ма мæ фесаф, иучысыл ма абад æмæ дын ай лæвæрттæ. Уый дæр та йын, усæн цы лæвæрттæ æрбахаста, уыдон йæ дæларм скодта, æмæ та мæгуыр лæппу дæр æрбадт.
Фæлæ йæм фынæй нал цæуы, йæ фæллад суагъта, цас ма хъуамæ фæбадтаид æмæ та рабадт æмæ рацæуы.
— Оу, дæ рын бахордтон, цæуыл нæ сафыс, кæдæм цæуыс? — сауджын гæды митæ нæ зоны, цы? Йæ къахы æлгътыл рауад йæ размæ, ныллæгъзтæ йын кодта, йæ лæвæрттæ йын йæ дæларм скодта, иу чысыл ма, дам, абад.
Лæппу дæр та, мæгуыр, сбадтис, æнхъæлмæ кæсы, фæлæ цас хъуамæ фенхъæлмæ кастаид, ныффæллад æмæ сыстадис, йæ лæвæрттæ скодта йæ дæларм, ахæцыд йæ сæгъыл æмæ фæцæуы.
Сæудæджер, фыййау æмæ сауджын уый куы ауыдтой, уæд йæ разы балæууыдысты, тæрсын æй кæнынц, ма ацу, фысым дæ амардзæни, зæгъгæ.
— Ау, цыгæнæг дæн, цæуыл мæ мары? — хæрдмæ фæхаудта мæгуыр лæппу æмæ асиныл къæрцкъæрцгæнгæ йæ сæгъы æркæны мæсты конд.
Фысым дæр дард балцы кæм уыд, уым йæ усы куыннæ æрымысыд, æмæ йæ байрох йæ фæллад дæр, фæлыгъд йæ хуыссæг æмæ йыл цинтæ, мондæгтæ кодта.
Гъе, фæлæ мæгуыр лæппуйы йæ уæлхæдзарæй лæвæрттæ, стæй сæгъимæ æрхизгæ куы ауыдта, уæд хорзау нал фæци, цы ми, дам, кодтай уым, айæппæт фæллой, дам, кæцæй хæссыс, — афарста. Æмæ йын лæппу ацамыдта уæлхæдзармæ.
— Уæлæ уæлейы армукъа. Схиз, кæд дæ исты хъæуы, уæд æмæ... — йæхæдæг, ома, никуы æмæ ницы — араст йæ фæндагыл.
Лæг дæр асинтыл сызгъордта, кæсы æмæ йæм уæлхæдзары алы къуымтæй сæ цæстытæ ныйирд кодтой сæудæджер, фыййау æмæ сауджын. Æнæуый дæр ма раздæр йæ хъустыл æрцыд, йæ усимæ, дам, сæ хъуыддаг раст нæу, фæлæ сыл никуы хæст кодта, ныр маст сæрмæ ныццавта æмæ фæцъортт кодта йæ хъама, райдыдта сæ радыгай хæфтытæ кæнын, æмæ дæ балгъитæг дæр афтæ. Стæй æрызгъордта мæгуыр лæппуйы фæдыл.
— Цы фæцис иннæ! — фæхъæр кодта йæ усыл.
— Кæцыйæ зæгъыс? — барызт ус.
— Сæгъы хицауæй! — йæ фæдыл фæцæйуад лæг, фæлæ йæ фæурæдта усы ныхас. Уый, дам, ницы аххосджын у, уый, дам, къæбæр хæрынмæ æрбацыд.
— Æмæ, дам, ды дæр ницы аххосджын дæ — хъамалвæстæй байста усы йæ разæй æмæ ма, ахæм цы сылтæ ис, уыдон дæр уыйау куы фæуиккой.
Мæгуыр лæппу та сарæзта йæхи, йæ мады, йæ фыды, æрхаста ус æмæ ма абон дæр цæры æмæ сом дæр. Сæгъ та сын æрвылаз дæр ныййары дыууæ сæныччы, æхсырæй сæ нæ уадзы цух.
1974 азы 25 ноябры йæ радзырдта Цхинвалы районы ногхъæуккаг 74-аздзыд зæронд лæг Хъазиты Рутен.