Ирыстоны адæммæ, ирон ныййарджытæм
Журнал «Мах дуг», 2011 азы №5
Нæ Ирыстоны адæм, нæ ирон ныййарджытæ! Сымахмæ у нæ сидт!
Ивгъуыд аз нæ телеуынæнæй кодтой æнахуыр ныхæстæ, ЮНЕСКО-йы бæрæггæнæнтæм гæсгæ, дам, ирон æвзаг хауы, чи сæфы, уыдонмæ. Уый та куыд?! Ирыстон ис, наци ис, ирон æвзаг ис, уæд хъуамæ куыд фесæфа?! Æви, ирон ныййарджытæн цы сывæллæттæ гуыры, уыдон ирæттæ не сты æмæ ирон æвзагыл нал дзурдзысты?!
Мах, скъолайы кусгæйæ, ахуыргæнджытæ уæвгæйæ, æмбарæм: уыцы ныхæсты, хъыгагæн, ис рæстдзинад.
Алы аз не скъоламæ æрбацæуы бирæ сывæллæттæ алы адæмыхæттытæй: ирæттæ, уырыссæгтæ, сомихæгтæ æмæ æндæртæ. Дих сæ фæкæнæм дыууæ къордыл: иронау чи дзуры æмæ, ирон æвзаг чи нæ зоны, уыдоныл. Кæй зæгъын æй хъæуы, ирон къорды нымæцæй вæййы къаддæр сывæллæттæ. Иуæй-иу ирон ныййарджыты та нæ фæфæнды, сæ саби ирон къорды уа, уый. Фыссын райдайынц курдиаттæ скъолайы разамонæгмæ, суанг Ахуырады министрадмæ æмæ фæдомынц, цæмæй сæ сывæллæттæ ахуыр кæной иннæ къорды.
Цæуыл дзурæг сты, цымæ, уыцы курдиаттæ? Ирон ныййарджытæ се ’взагыл нал æрвæссынц, кæд, мыййаг, ирон сты, уымæй дæр æфсæрмы кæнынц? Æви афтæ æнхъæлынц, сæ сывæллæттæ иронау сыгъдæг æмæ аив куы дзурой, уæд уырыссагау нал базондзысты, ахуыргонд нал суыдзысты?
Уый дзурæг у æрмæстдæр иу хъуыддагыл: ирон адæмы кæцыдæр хаймæ национ хиæмбарынад нал ис! Уыцы мадæлтæ æмæ фыдæлтæ куы зониккой, адæймаг йæ мадæлон æвзагæн цы аргъ кæны, цы цæстæй йæм кæсы, уымæ гæсгæ абарæн ис æнæ рæдыдæй, культурæйы цавæр æмвæзадмæ схызт, цавæр удыхъæды хицау у, уый.
Мах, 42-æм скъолайы ахуыргæнджытæ, сидæм сымахмæ, ирон ныййарджытæм! Дзурут иронау, дзурут нæ рагон æмæ рæсугъд мадæлон æвзагыл! Къоста йе ’нæмæлгæ «Ирон фæндыр» цы ’взагыл ныффыста, Тæбæхсæуты Бало Шекспиры Отеллойы уды рыст цы ’взагыл ныннæрын кодта, Брытъиаты Елбыздыхъо йæ диссаджы драмæтæ цы ’взагыл сфæлдыста, уыцы ’взагыл дзурут, кувут æмæ зарут!