* * *
Мæ Ир, цы маст зоныс мæнæй,
Мæ уд цæй охыл дарыс артмæ?
Кæд мын цæрæн дæ риуыл нæй,
Уæд дзы кæдæм фæлидзон дардмæ?
Дæ дзыхъхъ къуындæг куы у уæрмау,
Уæд дзы куыд бирæ ис цагъартæ!
Кæнынц дæ фыдгултæн козбау,
Сæ ныхтæй сау зæхх хойынц нартæ.
Куы фенынц калмы комы сом,
Уæд ын кæнынц æхцонæй пъатæ.
Æгадæй нал хизынц сæ ном,
Хæссынц зæрин худау сыкъатæ.
Мæ фæдыл гамхудты хъуызынц,
Цæвынц мæ аууонæй æмбæлттæ.
Цæгъдын дæ фарны хуымы сындз,
Уæддæр кæм ихсийынц хæмпæлтæ!
Уæдæ кæдæм сафон мæ сæр,
Лæгау кæм цæрдзынæн дæ фæстæ?
Кæд мыл уæлæхох дæ, уæддæр
Ды дæ мæ удлæууæн, мæ бæстæ.
2009 азы 23 май
* * *
Цард йæ мæты аргъ нæу,
Нæй дзы фарн æмæ мидис.
Низау бадомдзæн дæу
Маст, хæрам кæнæ фидис.
Лæг бæлццон у, хæтой,
Уый йæ нысан нæ зоны;
Нæй йын царды æнцой,
Ис йæ фысым зындоны.
Нæй сæрæн гæды, — уæд
Гон мыстытæн — хæлæттаг.
Адæм фесты фыдвæд,
Намыс нал у сæ фæтæг.
Нæй нысан, æмæ зонд
Сонтау адзæгъæл тары.
Куырм нæ уыны бæрзонд,
Кад нæ тавы хъайтары.
Уарзт, цы сфæлдыста дæу?
Цардау цинтыл æлгъин дæ.
Де ссыгъд амондæн нæу,
Сты дæ тавицтæ хинтæ.
Хъæд куы басудзы, уæд
Сурыл ахуыссы арт дæр.
Ныр тыхсаст дæн, — мæ фæд
Кæртæй нал зыны дарддæр.
Фæлæ цардæй æфсис
Нæй мæ удæн нырма дæр.
Уарзт, — æрхуым æмæ рис
Ды мæ зæрдæйæ ратæр.
2003 аз
* * *
Лæгæн дзæвгар вæййы фыдгултæ,
Куыйдзыхтæ хуры дæр хæрынц.
Хæрамæй амбулынц мæ хъултæ,
Мæ артыл доны къус кæнынц.
Нæ халы сау халон йæ ахуыр,
Сынтæн хæдмæл хæрын — йæ цин.
Зæххыл æнусон низ у хахуыр,
Нымудзын сау лæгæн — йæ дин.
Дæ ныхыл Бонвæрнон куы хæссай,
Уæд дзы æхсæвдзутæ тæрсынц,
Сæ сæфт у рухс, æмæ йæ тæссæй
Дæ разы байтаудзысты сындз.
Хъызæд! — сæ азарæй нæ тæрсын,
Фæдзæхст у рухс Фарнæй мæ цард.
Мæн фурды баппарæд, уæддæр сын
Хуыссын нæ бакомдзæн мæ арт.
Йæ рухсы сæфдзысты сæ хинтæ,
Уыдзæн сæ мæрдтæмвæндаг сыгъд.
Хæссы мын ног уæлахиз цинтæ,
Кæны мæ тохы монц æвзыгъд.
2009 азы 15 мартъи
* * *
Иунæг ыстæм æз æмæ Хуыцау,
Дунетыл æмбал кæмæн нæй, ахæм.
Нал нæм цæуы Нафы дæр хуындзау,
Царды сыфтæ цадæггай фæлдахæм.
Иры дзыхъхъы иунæгæй рæхцын,
Арвы къуырфы бадыс ды æрхуымæй.
Æз хæрын цæссыгтимæ кæрдзын,
Ды цæрыс, цæмæй дын кувынц, уымæй.
Разынди дæ рухсдæр зæд мæнгард,
Ныр тæлфы дæ фыдæхæй зындоны.
Рацыд мыл гадзрахатæй æмгар,
Уый йæ бонтæ хъарм бынаты тоны.
2009 аз
НЫСТУАН
Дæ ныхас — лæгъз æмæ фæлмæн,
Бæззы мæнæн æвдадзæн:
«Ныскъуыдтæ дуг, æмæ лæгæн
Нæ комы уый æндадзын.
Нæ цард фæфæлдæхти цæхгæр,
Нæ бæсты уаг — дызгъуынтæ.
Дæумæ, куы фестай зæд, уæддæр
Нæ хæсдзæн цард йæ хуынтæ.
Нывыконд рахæссæм æрдзæй,
Нæ ивы уый нæ митæй.
Цæры сæрибар лæг рæстæй,
Тыхстæй мæлы фæлитой.
Æрбады дидинæгыл бындз,
Фæсафы дзуг æвзæр фыс.
Хуы дыл куы ахафа йæ фындз,
Уæд ыл дæхи цы сæрфыс!
Куы уай æнæвдæлон куыстæй,
Уæд дыл нæ тыхсдзæн катай.
Дæ хъуыддаг кæн нывыл, ыстæй
Фæскъæвда мигъау батай.
Фыдгулты рæстæджы бар уадз,
Фæлтау дæхи æрымбар».
Дæ фæдзæхст разынди æвдадз,
Дæхæдæг та — пехуымпар.
2009 азы 31 май
* * *
Курын уæ, цъæх бирæгътæ, хатыр,
Æз сымах фæджиздардтон кæддæрты:
Дардтон-иу мæ фосдоныл гуыдыр,
Хъазын уæ нæ бауагътон мæ кæрты.
Тутыры уын никуы радтон фыр,
Худы-иу цæххойæн дур ыстыхтон.
Сонт уыдтæн, æгъатыр, фæлæ ныр
Базыдтон табу кæнын уæ тыхтæн.
Амонынц мын дзуарылæгтæ зонд, —
Бирæ сты Хуыцауы раз уæ хæрзтæ.
Нал уыдзæн мæ уæтæрыл æмбонд,
Æз æрсдоны баппæрстон мæ гæрзтæ.
Кувæг Ир уын мин азтæй фылдæр
Урс уæрыккæй сау хъалон фæфыста.
Рацæут, уæздан сырдтæ, ныр дæр
Хизынц сабыр хъæдгæрон нæ фыстæ.
Рацæут, цы уæ хъæуы хуыздæр,
Арвæй уын нæ папитæ — нывондаг.
Не срæйдзæн уæ куывды бон куыдз дæр,
Суадздзыстут лæвар тугæй уæ мондаг.
2009 азы 5 апрель
* * *
Цæуын та стыр уынгты æрхуымæй,
Быхсын сындзын худау мæ зын.
Хæрам мыл сагъуыд, æмæ уымæй
Тыхсын æнтъыснæгау, тыхсын.
Дынджыр лæг алæууы мæ цуры,
Йæ гуыры амбæхсы йæ сæр,
Тæрсгæ ныллæг хъæлæсæй дзуры:
«Фæраз, дæ фарсмæ дæн æз дæр».
Кæсы йæ алыварс, мыййаг æй
Мæ фарсмæ ма фенæд æндæр.
Уынын мæ удхæссæг уæййагæй,
Тæппуд — æлгъаг æмæ гæбæр!
Бæдæйнаг! Ахъуытты у тагъддæр,
Кæлы дæ хъуынайы тæф дард.
Æцæг кæд мемæ стут сымах дæр,
Уæд мыл бынтон рахатти цард.
2009 азы 8 апрель
* * *
Нæй фыды уæзæг мæнæн,
Нæй мæнæн æхсæнад.
Амондæн лымæн нæ дæн,
Уарзт мын цардау сæнад.
Хуры хурхортæ хæрынц,
Мах нæ куывдты бадæм.
Арв ныттар, æмæ кæлынц
Хауæн былæй адæм.
Рацыд арф лæгæтæй сырд,
Рахылд нæм кæфхъуындар.
Сæфæм раууаты — нæ дзырд
Нал зоны нæ бындар.
Ныр кæмæ кæнон фæдис,
Чи хойдзæн хъæсдарæг?
Систа мæм зыстæй мæцъис
Ардыдæй мæ марæг.
Ир дзыхъхъ у, æмæ дзы нæй
Сау зындонау лидзæн.
Утæхсæн кæнын цæфтæй,
Нал мын ис æндидзæн.
Ис цыдæр амонд уæддæр:
Рудзынджы раз тары
Калы урс тæгæр сыфтæр,
Булæмæргъ ыл зары.
2009 азы 6 июнь
ФЫДÆНХЪÆЛ
Æз цыппар рæнхъы ныффыстон,
Хурон у мæ дзырд!
Арвæн арфæтæ æрвыстон, —
Ныр йæ поэтæн Ирыстон
Самайдзæни цырт.
Дунетæн сæ цин, сæ рысты
Фарны хос — мæ куыст...
Уæд мæ чиныгдон ныррызти,
Зæхх, æвæццæгæн, æнкъуысти,
Карз худын мæм хъуыст.
Худы змур Данте тызмæгæй,
Бакъæцæл Хафиз,
Худы Байрон дæр сæртæгæй,
Дзурынц: «Гъей, дзигло, хæрæгæй
Ма рахау — æрхиз!»
Исдуг аззадтæн къæпдзыхæй,
Цавддурау фæдæн.
Атахт кады рухс мæ ныхæй,
Амонд хъал чызгау къæйныхæй
Нал рæвдауы мæн.
2009 аз
* * *
Нывыл нæ рацыди мæ цард,
Фæрв къуыдырау фæсыгъдтæн.
Нæ хъуыст мæ тохы зарæг дард,
Нæ уыд мадзал æвзыгъдæн.
Уæддæр хуырхы бынтæ нæ дæн,
Фæныкгуыз дæр нæ уыдтæн.
Æвзæр нæ ракодтон лæгæн,
Хæрам нæ барстон гуыттæн.
Уыдис мын дзуар æмæ æмгар,
Нæ хастон худ æгадæй.
Кæлмытæ амардтон дзæвгар,
Нæ лыгъдтæн дард дзынгатæй.
Хъазуаты сидтæн æз фæдис,
Фæткъуы бæлас ныссагътон.
Мæнæн, цы зæгъон, уый уыдис,
Зæгъын цы хъуыд, уый загътон.
2009 аз