Дунейы цы æгъдæуттæ æмæ фарны фæтк сфидар, уыдонæн сæ хуыздæртæ равзарут, зæгъгæ, æппæт адæмтæн дæр бар ратт, уæд сæм-иу алы адæм дæр лæмбынæг фæкæсиккой æмæ-иу равзариккой сæхионтæ. Цæвиттон, алы адæмы дæр фидарæй фæуырны, йæхи æгъдæуттæ æмæ цардыуагæй бæллиццагдæр дзы кæй нæй, уый.
Геродот. Истори
Ирæттæ цæрынц Кавказæн йæ астæуккаг хайы, гъе уымæ гæсгæ сын ахæссæн ис цæгаткавказæгтæм дæр æмæ фæскавказæгтæм дæр. Кавказы адæмты æхсæн уыдон ахсынц бæрæг бынат, уымæн æмæ сты скифтæ æмæ сарматты байзæддæгтæ æмæ сæ историйы зонынц аланты номæй. Се ’взагмæ гæсгæ хауынц индоевропæйаг æвзæгты стыр къорды скæсæн ирайнаг дæлкъордмæ. Дыууæ мин азæй фылдæр цæуы, ирæттæ кавказаг адæмты бæттæг культурон змæлды куы архайынц, ууыл. XIV æнусы кæрон Тимур куы æрбабырста, уæд алантæ-ирæттæ æрбынæттон сты хæхбæсты кæмтты. Уыцы æрдзон æмæ æхсæнадон-культурон уавæрты дæр этникон змæлд нæ бамынæг æмæ дарддæр дæр тыхджындæр кодта сæ цардхъомыс.
Ахуыргæндтæ аланты-ирæтты цардмæ сæ хъус рагæй фæстæмæ дарынц. Уыйадыл фæзынди, уыдоны истори æмæ культурæйыл кæм дзырдæуы, дзæвгар ахæм иртасæн куыстытæ. Джиппы уагъд æрцыдысты, нæ рагфыдæлты хæзнабынтæ ахуыр кæныны æмæ базоныны куысты бæрæг къæпхæн æвдисæг чи у, ахæм бындурон наукон фæллæйттæ. Рабæрæг ис, иртасджыты къухы цы бафтыди, уый дæр æмæ, нырма саразын цы хъæуы, уыдæттæ дæр.
Уыцы хуызы хъус æрдарын хъæуы фыдæлтæй баззайгæ культурæмæ. Алы адæм дæр йæ царды дæргъы сфæлдисы национ культурæйæн цæсгомгæнæг бæрæг хæзнатæ. Адæмтæ æмæ сæ культурæтæ æмдзу, æмуд куы вæййынц, уæд æгæрон вæййы сæ иумæйаг хъомыс, сæ монон дуне.
Дзæвгар рæстæджы дæргъы нæ уырнын кодтой, зæгъгæ, дам, культурон хæзнатæ Фыдыбæстæйы монон æмæ удварны хæзнаты рæзтæн фæкæнынц цæлхдурæвæрæн. «Адæмæн зианхæссæг æгъдæуттæ» фесафыныл паддзахы администраци тох кæнын райдыдта уартæ XIX æнусы дыккаг æмбисы. Фæлæ уыцы хуызы революцийы агъоммæйы чиновниктæ цы знаггад ракодтой, уымæн абарæн дæр нæй, нæ рæстæджы нæ адæмы удварны хæзнатæ сафынмæ ныфсджынæй йæ къух чи систа, уыдоны иудадзыгон халæн куыстимæ. Хистæртæ ма æгъдау домдтой, фæлæ сæхæдæг æгъдауыл хæст нал уыдысты, æмæ сын кæстæртæ дæр кад нал кодтой. Къæйных æмæ ронбæгъд йæ къух ауыгъта фыдæлты фæрнджын æгъдæуттыл. Хорзæн нæм цы фæтк баззад, уый баивтам æрымысæггаг кæнгæмитæй æмæ тыхарæзт «æгъдæуттæй». Уыдон нымад цыдысты хиæууæлджын этнокультурæйы хæйттыл æмæ нæ адæмæй иуæй-иутæм гæсгæ нымад уыдысты национ æцæг æууæлтæй хайджын адæмон фæткыл. Уæхскуæзæй нæ бахъæудзæн стыр æмæ вазыгджын куыст бакæнын æмæ хъуамæ алчидæр йæ цæстæнгасмæ æркæса. Адæмты бæллицтæ, сæ культурæтæ æмæ сæ цы фарны тæгтæ бæттынц, уыдæттæ зынаргъ кæмæн сты, уыдон хъуамæ зæрдæбынæй аудой, дунейы адæмты æппæт культурон хæзнагуырæнтæ æвидигæ цæмæй уой, ууыл. Уыцы куыст тынг ахсджиаг кæй у, уый бацамонгæйæ 1988 азы тъæнджы мæйы 21 бон Иугонд Нациты Организацийы Генералон Ассамблей расидти культурæйы рæзты Æппæтдунеон дæсазон (1988–1997). Уыцы хъуыддаг бакодтой ИНО æмæ ЮНЕСКО-йы бæрны.
ЮНЕСКО-йы директор Фредерико Майор куыд зæгъы, афтæмæй «культурæ æмæ царды змæлд кæрæдзиуыл цы фæрæзты руаджы баст цæуынц, уыдонæй раст куы пайда кæнæм, уæд нæ къухы бафтдзæн алы адæймагæн дæр йæ курдиат равдисынæн æппæт уавæртæ саразын, хызт уыдзыстæм æмджипдзæф кæнынæй, алы культурæтæ цæмæй рæзой æмæ кæрæдзи хъæздыг кæной, уымæн сын арæзт цæудзæн æппæт фадæттæ дæр». (1, 1988, № 12, 5 фарс)
Фæстаг дæсазоны райгуырди, бакæнын кæй хъæуы, уыцы сæйраг куыстыты пълан: 1. Культурæйы рæзт ахсджиагыл банымайын. 2. Хæдбындур культурæйы рæзтæн фидар фадæттæ аразын. 3. Культурон царды архайынæн парахат уавæртæ кæнын. 4. Дунейы хъуыдыгæнæг адæймæгты æмгуыстад дарддæр рæзын кæнын.
Афтæ мæм кæсы æмæ ацы чиныг у уыцы домæнтæн дзуапдæттæг.
Ацы чиныджы бафæлвæрдтон фыдæлтæй баззайгæ культурæйы æвæджиауы хæзнатæ — бæрæгбæттæ — раиртасын.
Бæргбон уыди хъæуы царды астæумагъз, мыггагмæ мысинаг цаутæй-иу сфидауцджын. Бæрæгбон-иу фæхайджын алæмæттаг æмæ зæххон æууæлтæй, фæткæн баззайгæ æмæ æвæрцон архайдæй, æнæмæнг æххæст кæнинаг æмæ сæрибар æууæлтæй, архайдтой дзы-иу хъæздыг дæр æмæ мæгуыр дæр, гæвзыкк уды хицау æмæ адæмы уарзон дæр, хайджын уыди зонд æмæ нæрæмондзинадæй. Бæрæгбоны-иу фесæфти æрвылбоны æнтъыснæг, кæрæдзимæ фыдæхы цæстæй кæсджытæ-иу бафидыдтой. Цыдæр кæлæнгæнæг сусæгдзинад æмзонд кодта бæрæгбонмæ хуынд адæмы, цардимæ цы тæгтæй баст цæуынц, уыдон-иу уæд банкъардтой.
Бæрæгбон-иу райхæлдта зæрдæты æлхынцъытæ, дуне-иу ирд ахорæнтæй сфæлыста. Царды уæззау æфсондз кæуыл æрæнцайы, уыдоны цин куыд æнæкъæм æмæ æгæрон вæййы, уый раджы бафиппайдтой. Гуырысхойаг нæу, адæмы историйы бæрæгбонæн стыр ахадындзинад кæй уыди, уый. Хъазыны руаджы йæ миддуне раргом кæнынмæ æмæ йæ аивадон курдиат равдисынмæ чи фæтырны, ахæм адæймагæн бæрæгбон кæнын йæ туджы вæййы. Кавказæгты цард зонæг В.Б. Пфаф ирæтты тыххæй афтæ фыста: «Бæрæгбæттæн сæм стыр ахадындзинад уыди. Цы змæлд дзы цыди, уыдон уыдысты олимпаг хъæзтытау. Сæ арæхстдзинад-иу æвдыстой бæхыл бадынæй, армаццаг хæстæй, топпæй милмæ æхсынæй, хуыздæр чи акафа, кæнæ азара æмæ а. д».. (2, 134 ф).
Революцийы размæ иудадзыг дæр кодтой ирон бæрæгбæтты тыххæй ныффыссыны фæлтæрæнтæ. Иуцасдæр уыцы куыст бакодтой сауджынтæ æмæ сæ куыст баст уыди дины бæрæгбæттимæ, фæлæ уыдон рауадысты скъуыддзæгты хуызæн, уæвгæ сын ссарæн дæр нал ис. Амæй размæ фыст чи æрцыди, уыцы куыстытæн бахынцтон сæ ахсджиаг бынæттæ æмæ бацархайдтон, цæмæй мæ чиныджы ирон бæрæгбоныл æмæ уыимæ æнгом баст адæмон къæлиндары тыххæй рауайа алывæрсыг ныхас.
Уый тыххæй спайда кодтон, зæрдаивæй дыууæ дихы акæнæн кæмæн ис, ахæм хъæугæ æрмæджытæй. Уыдон уыдысты адæмон бæрæгбæттыл дзурæг куыстытæ æмæ ирон бæрæгбæтты къæлиндартæ. Фыццаджыдæр уал мæ фæнды уыцы куыстыты кой ракæнын: Гатеты Б.Т.1 «Суеверия и предрассудки осетин» (1876 аз), В.Ф. Миллер «Ирон этюдтæ» (1882 аз), Хъаныхъуаты А. «Годовые праздники осетин» (1892 аз). Фæстаг азты джиппæй уагъд æрцыдысты ирон адæмы æрвылбоны цардыуаг парахатæй æвдисæг куыстытæ. Уыдон сты Къарджиаты Бекызæйы «Ирон æгъдæуттæ» (1988) æмæ Гарданты Михалы «Æхсæнадон фæтк æмæ æгъдæуттæ» (1991).
Спайда кодтон «Владикавказы епархиалон хыгъды» (1903 аз) афæдзы афонты кæнгæ бæрæгбæтты æмæ адæмон къæлиндары тыххæй æрмæджытæй. Ахæм къæлиндартæ Рæмонаты Вано 1911 азы джиппы рауагъта Владикавказы горæты Шишковы типографийы, 1912 азы Шуваловы типографийы æмæ 1914 азы Габысаты Гадзыбейы типографийы.
1923 азы Гутнаты Елбыздыхъо йæхи сæрмагонд типографийы ныммыхуыр кодта ирон къæлиндар. Уымæй дыууæ азы фæстæдæр ма уый рауагъта ноджыдæр иу къæлиндар. Елбыздыхъойы къæлиндартæй цалдæр экземпляры æфснайд сты Цæгат Ирыстоны гуманитарон иртасæнты институты. (3, фольк., 29/1, п. 72). Уым ис 1926 азы уагъд къæлиндары къухфыст дæр, бацæттæ йæ кодта сауджын Цомайты Хадзырæт (Харлампъи) (3, фольк., 47/16, п. 76). Дзæвгар азты фæстæ 1991 азы ирон къæлиндар джиппæй уагъд æрцыди Дзæуджыхъæуы. Бацæттæ йæ кодта раздæры ахуыргæнæг, ныр пенсиисæг Хозиты Федр.
Уæлдæр ранымад æрмæджытæй уæлдай спайда кодтон Абайты Васойы, Калоты Батджери æмæ Цыбырты Людвиджы фундаменталон наукон куыстытæ æмæ, Ирыстоны алы районты кæй æрæмбырд кодтон, уыцы æрмæджытæй.
Чиныгыл кусгæйæ мæ зæрдыл æрлæууыдысты, мæнæн цæстуарзонæй чи баххуыс кодта, уыцы культурон хæзна хъахъхъæнджытæ. Сæ иутæм ахуыргонддзинад дæр нæ уыди, фæлæ цардæй зыдтой, мæн афтæ тынг чи хъуыди, ахæм ахсджиаг хабæрттæ. Уæлдай æхсызгонæн æрымысын Джелыты Иналыхъ æмæ йæ цардæмбал Дзыппайы, Есеноны. Æмзай-æмзæронд баут, зæгъгæ, арфæйаг фесты адон. Ирон адæмы фидыцджын цардыуаг мын нывæфтыдæй мæ цæстыты раз æрæвæрдтой.
Ацы чиныгæй арын мæ зæрдæйæн зынаргъ адæймæгты рухс нæмттæ.
Уарзиаты Вилен
Ирон бæрæгбæттæ незамантæй абонмæ
Ратæлмацгæнæг — Бицъоты Гриш
[Цæгат Ирыстоны гуманитарон иртасæнты институт, 1995]
______________________________________
1 Бицъоты Гришы тæлмацы фыст у «Гæтиты», фæлæ фыссæг Гусалты Барис куыд сбæлвырд кодта, уый у рæдыд: «Йæхæдæг йæ мыггат уырыссагау Гатиев, зæгъгæ, кæй фыста, уымæ гæсгæ йæ чидæртæ Гатитæй хонынц. Уый та раст нæу, иугæр йæ райгуырæн хъæу Ход кæм уыд, уым — ам Гатетæ цардысты рагæй æрæгмæ дæр. («Мах дуг», 1998, №1)»