Iriston.com
www.iriston.com
Цæйут æфсымæртау раттæм нæ къухтæ, абон кæрæдзимæ, Иры лæппутæ!
Iriston.com - история и культура Осетии
Кто не помнит прошлого, у того нет будущего.
Написать Админу Писать админу
 
Разделы

Хроника военных действий в Южной Осетии и аналитические материалы

Публикации по истории Осетии и осетин

Перечень осетинских фамилий, некоторые сведения о них

Перечень населенных пунктов Осетии, краткая информация о них и фамилиях, в них проживавших

Сборник материалов по традициям и обычаям осетин

Наиболее полное на сегодняшний день собрание рецептов осетинской кухни

В данном разделе размещаются книги на разные темы

Коста Хетагуров "Осетинскя лира", по книге, изданной во Владикавказе (Орджоникидзе) в 1974 году.


Перечень дружественных сайтов и сайтов, схожих по тематике.



Rambler's Top100 Рейтинг@Mail.ru Индекс цитирования
Статьи Словари
Здравствуйте, Гость
Регистрация | Вход
Опубл. 08.05.2011 | прочитано 5446 раз |  Комментарии (3)     Автор: Tabol Вернуться на начальную страницу Tabol
Уæлахизы бонмæ

Журнал «Мах дуг», 2000 аз, №5 

Гусалты Барис 

 

ЗÆРДÆ АГУРЫ ХЪАРÆГ...

 

Цымæ ацы дунейыл йæ равзæрынæй нырмæ иу фæлтæр ахæм уыд, æмæ йæ цард-цæрæнбонты хæст чи нæ федта, хæст кæй нæ бацарыдта... 

Афтæ цæрæм уæдæ мах хæстæй хæстмæ, иу хъæдгом зæрдæ нæма байгас вæййы, æмæ та арвы бын ног сидзæртæ дзыназгæ-ниугæйæ аззайынц, æнамонд ныййарджытæн та сæ адджын хъæбултæ мæрдтæм сæхи разæй фæвæййынц. Ноджы ма дзы бирæтæ — уæуу, мæнæ æцæг фыдохы хабар! — æнæныгæдæй баззайынц — раст ма абон дæр, абон, Фыдыбæстæйы Стыр хæстæй нырмæ дæсгай минтæ сæ сыджыты хайыл нæма сæмбæлдысты, сæ урс стджытæ хъæдбынтæ æмæ фæсвæд æрдузты сæ тæригъæдæй Хуыцауы цæст рæхойынц. 

Кæд афонмæ мæ домбай мæгуыр фыды ирон стæгдар дæр искуы... 

Зæрдæ агуры хъарæг... 

Нæ уæлахиз.Мах, дам, фæуæлахиз стæм, мах. Афтæмæй та, дам...Царды æцæгдзинадæй та, дам, састы бынаты баззадыстæм. 

Куыдфæнды фæуæд, цыфæнды фæуæд, абоны цæстæй кæсгæйæ, фæлæ хуыздæр арфæтæ цы ис Хуыцауы æмæ адæмы рæбыны дæр, уыдон æрцæуæнт нæ кæддæры уæлахиздзаутыл. Æгас сæ чи нал у, уыдон та рухсаг уæнт сæ раздзог генералиссимусимæ — уым сæхæдæг фидаудзысты... 

...Уæлахиз... 

Мæ уарзон стъалы, Германы хæстæй 

мын кæд ыссæудзынæ?.. 

 

...Сабийæ буцдæр ничи у алы адæмтæм дæр. Æмæ дзы уæдæ сидзæр сывæллоны тæригъæдæй та тæригъæддагдæр ницы ис хæсты бæллæхтæй: кæд ахæм саби байрæзы, уæддæр йæ уд мыггагмæ къахырæй баззайы, суанг йæ амæлæты бонмæ дæр йæ сидзæры уазалæй не стæфсы, нал бахъарм вæййы... 

Æндæр дуджы, æндæр уæлæуон царды уыдысты уыцы дард сæрдыгон бонтæ... Къохæй æрбацæуын — мæхи Дуры Бын лæппутимæ надтон. Бæгъæмсар, бæгъæмвад, бæгънæгбуар — айдагъ цыбырфадыг сау хæлаф дыл бон дæр æмæ æхсæв дæр.Æниу уый дæр ма цастæ сау у — бон цалдæр удæстæй æмæ хурмæ йæ хуыз сивта, æрбадæнтыл алæбырынæввонг у... 

О, æмæ здæхын нæхимæ. Æмæ æваст мæ. хъуыдыйы фегуыры: 

— Кæд уартæ уыцы къутæргонд хæрæгсындзæй уалæ уыцы пысыраты пыхсмæ, цалынмæ мæхимидæг дæсы онг нымайон, уæдмæ ныххæццæ уон згъоргæ-згъорын, уæд мæ фыд Мустæ хæстæй сыздæхдзæн... 

Æмæ — уыциу тъæбæртт. Дæ тых, дæ бонæй. Фарасты онг нымадмæ цыма нызгъордтон æнæ хин, æнæ кæлæнæй: ома барæй дæ нымайын нæ фæсындæгдæр кодтай, куынæ бахæццæ уай æмгъуыдмæ, зæгъгæ, уымæй тæрсгæйæ. Æмæиу уæд æнæнхъæлæджы цин аивылд зæрдæйы æрвгæрæттæм: сыздæхдзæн дæ фыд. Хуыцауы раз ын фæахъаз дæ нывонды згъорд! 

...Уазæг-иу куы æрбафтыд хæдзармæ, уæд ын-иу Хуыцау æмæ Уастырджийы сидты фæстæ бæлццæтты тыххæй æнæ зæгъгæ нæ уыд. Уæдæй нырмæ мæ зонды ныффидар: бæлццон лæг — хæстон лæг... Къамæйфæрсæгмæ цæуджытæн дæр сæ сæйрагдæр курдиат уый уыд — афæрс ма йын йæ бæлццоны тыххæй. Æмæ-иу къамтæ уыцы иугæндзон хæдзары ’рдæм уæрæх сæрибар фæндаг амыдтой хæстдзаутæн. 

...Зæрдæ агуры хъарæг: мæ фыдымад уæдæ цæй бирæ бонты фенхъæлмæ каст, цæй бирæ азты фæкуывта, фæтæхуды кодта, фæфарста къамæй-хъæдурæй фæрсджыты... 

 

Джитъыри-митъыри къабуска! 

Сталин Гитлеры абырста! 

 

Æмæ-иу æцæгæйдæр цæстытыл уад: Сталин стыртæ, домбæйттæгонд. Гитлер та цыдæр хуымгонды æнтъæрд рувас, дæларм-уæларм ирон хъæбысхæсты бацыдысты. Сосо йæ æнцонæй алхъывта æмæ йæ зæххыл фæкодта!.. Æнцонæй... 

Уалынджы дын рацæй-рабон (æви: рацæй-рахсæв) æмæ, дам... 

Æмæ, дам, Сталин æмæ Гитлерæй куы ницы хъауджыдæр ис! Фæлæ ма ноджыдæр уый нæ, уый, фæлæ, дам, Сталин Гитлерæй Гитлердæр уыд,Гитлеры, дам, уый йæ дзыппы сæвæрдтаид! Мæнæ цытæ цæуы зæххыл, мæнæ æмæ мæнæ цытæ хъусы бонæй-бонмæ къуырма лæг! 

Цы диссаджы, цы 'мбисонды хорз фын уыдта лæг, цы! Мæгуыры зæрдæ хъалгæнаг дæргъвæтин фын. Фæлтæрæй йæ фæлтæрмæ уын æмæ дзы дæ иугæндзон тыхст бонты дæхи рæвдау, æнхъæлцау бæхау фæллад ма зон — уырнæд дæ! Уырнæг лæг ысу — коммунизмы диныл уырнæг лæг. Æмæ уыцы хорз фынæй ныццамондджын дæ, суæнгрог, фæлæ дæ сонтæй фехъалчындæуыд æмæ дын уый мæлæты хъыг фæцис, — чи дæ райхъал кодта, уымæй раст де сæфт федтай. Ныр ма бæргæ архайыс дæ цæстытæ афтæ тынг бацъынд кæныныл, дæ рæсугъд фын фæстæмæ куыд раздæха, фæлæ ма кæм ис ахæм амонд, æмæ фароны хур абоны къæвдайыуазалы лæджы батава! Иннæмæй та, уæддæр æмæ уæддæр, хъысмæтæй разы дæн, зæгъгæ, зæгъ: æгайтма дæ удцардхъомæй, дæ зонд дæхи мидæг, афтæмæй аргъауы кæрон федтай, дунемæ дæ сонт тарст цæстытæй акастæ — парахатæй акастæ, парахатæй æмæ æдæрсгæйæ, ома цы ахъуыды кæнай æмæ суанг хъæрæй цы зæгъай; уый тыххæй æдæрсгæйæ. Чи цы у æцæгдзинадæй, мæнæ гамбургаг хыгъдæй, уыдæттæ хурмæ калдæй сбæрæг сты. Хуыцауæн табу, ныр хъуыдыгæнæг лæг цъиуты-хæйрæджыты сайдæй нал амæлдзæн, сæлхæр цагъарæй, уырнæг цагъарæй, фæлæ йæ зондзæн, дуне æгъатыр кæй у æмæ дзы цырд лæууын — ахуыр æмæ зонындзинæдтæй ифтонгæй рæвдз лæууын кæй хъæуы, уый. Уæвгæ, бындуронæй цард рагæй дæр афтæ уыд, фæлæ, дам, иннæрдыгæй та блат выше наркома, фæлæ, дам, не подмажешь, не поедешь, сæ бæрзонд трибунæтæй та адæмæн ныллæгмæ былдауæн, чъырæйцагъд ныхæстæ кодтой... Стæй кæд лæгæн йæ кæстæртæ дæр ныр дунемæ гом цæстытæй кæсын райдаиккой чысылгай-чысылгай æмæ се 'рыгонæй дæр зыгуымы муртæй сайын нал комиккой. Бирæтæ дзы ныридæгæн дæр тынг фæцарæхстысты, æмæ кæд æцæг хъæздыг суаиккой æмæ сæ цот афтæ зыд æмæ кæрæф нал уаиккой, се 'хсæнæй æцæг ирон интеллект равзæрид, ирон культурæ æмæ аивадыл æмцеггæнджытæ, йæ быцæутæ æмæ цæджындзтæ... 

...Сæрибар у, зæгъæн куыд нæй, ахæм уæззау æмæ æнæкæрон бæрн, сæрибар лæг фыццагон цагъайрагау афтæ нал бакæндзæн: пусть, дам, лошадь думает — у нее голова большая; пусть начальство решает, им, дам, виднее... 

Сæрибар лæгæн искæй бæллæхы йæхи æнæ азымджыныл нымайæн нæй... 

Сæрибар лæг та у æрмæстдæр бонджын лæг — мулкæй бонджын уа, æви курдиатæй, уды хорздзинæдтæй, уый та уæлдай нæу. Æцæг ын хъуамæ паддзахады ’рдыгæй хъахъхъæд цæуой, ма йын уа йæ бынтæм фæныхилæн, ма йын сæ уа байсæн. Æрмæст ын иунæг фæлгæт, иунæг цæлхдур ис сæрибар адæймагæн — йæхи лæджы æфсарм æмæ æхсæндзарды фидар закъон. Гъа, хатгай ма æфсармæн дæр кæд фæсдуар фæуадзæн ис, уæддæр закъоны тых, йæ цæлхдур хъуамæ æнæсцухæй куса, уый хъуамæ кæстæриуæг æмæ уисæнгæнæг макæмæн уа — уый нæй, уæд та мачи макæмæй хъаст кæнæд, иугæр иу æхсæнады уæнгтæ кæд сты, уæд Уымæн æмæ, дам, бирæгътимæ бирæгъ у, куыйтимæ — куыдз, рувæстимæ — рувас, адæмимæ — адæймаг. 

Фæлæ цыфæнды мæгуыр, уазал æмæ стонгæй, бæгънæгбæгъæмвадæй дæр, ацы æнæхъола æмæ æнæджелбетт царды бæсты дæр Хуыцау фæстæмæ коммунистон хицаудзинад мауал æрбынатон кæнæд. Æз афтæ уымæн нæ зæгъын, æмæ мын æппæтæй æнæуынондæр у, фæлæ та уый иуахæмы æнæмæнг хæлгæ кæнид, æнæмæнг та йæ кæрон саст, дыууæ дихы арынгмæ цæудзæн, мæнæ абон цы боны фыддæртæм æрцыдыстæм, уымæ та æрхаудзæн цард... Фаг эксперимент фæуæд.. 

...Исход дела — урок для неразумных, — афтæ дзырдтой рагон латинæгтæ. 

...Чехов йе 'фсымæрæн фæдзæхста, æнхъæлдæн, афтæ, зæгъгæ, дам-ма, мæнæ хъæуæй горæтмæ иу æрыгон лæппу куыд сæфтыд æмæ йæ уд цагъайраджы миниуджытæй куыд сæрибар кæны сабыргай, цъусгай, куыд æй фæрсудзы — как, дам,он по капельке выдавливает из себя раба, — уый тыххæй, дам-ма, ныффысс, уый тыххæй. 

Æмæ ис уый тыххæй, о, ныффыссæн. Раздæр, мæнæ ма советон фысджытæ сæ тыхы куы уыдысты, сæ тæккæ ракæнонæй, уæд дзы исчи уыцы лæппуйæ коммунар скодтаид, уымæн æмæ, дам, коммунары не будут рабами... Кæнæ та йæ исты коммунизмы стыр арæзтадмæ арвыстаид фанер чумæданимæ. 

Фæлæ йæхи сæрибарæй куыд æнкъары лæг, уый та цæмæй базындæуа — кæд æмæ нæм кæцы советон фыссæг уыд йæхæдæг сæрибар ахуыр?.. 

Зæрдæ, ай-гъайдæр, агуры хъарæп ахæмтæ, ома сæрибарахуыр, нæм чи уыд, уыдоны та... 

1937 аз... 

Ног аз уыд уый дæр, 1937 аз... 

Ног амæндтæм куывтой уæддæр дзыллæтæ, табу, тæхудытæ кодтой, арфæтæ æрвыстой кæрæдзимæ... 

Стæй дунейы бæрзæйсæттæн 1917 аз дæр уыд хъæлдзæг Ног аз... 

...Нæ, афтæ зæгъæн нæй, æмæ советон дуджы адæмы æппæт фæлтæртæ дæр æмхуызонæй уыцы иу адджын фын уыдтой, се 'ппæт дæр коммунизмы Дзæгъæл коммæ фæндаггæрдгæйæ æдылы барджытæ-донсгарджытæ уыдысты. Нæ! Мах дæр — ирæттæй зæгъын комкоммæ — сæрибаруарзаг сæрыстыр хохаг адæм кæй уыдыстæм, уый ма нæ революцийы фæстæ дæр къорд азы кæйдæрты зæрдыл лæууыд Фæлæ коммунистон партийы адджын цай цас фылдæр цымдтам, бæллиццаг мыды нын цас фылдæр тылдтой нæ дзул, уыйас къаддæр уыдыстæм «свободолюбивые горцы», уыйас «законопослушныйдæр» кодтам.Къостайы «Цъиу æмæ сывæллæтты» мидис зыгъуыммæгонд фæцис ныр советон цъиу сæрибарæй нал æппæлы, уымæ нал тырны, фæлæ йæ райдзаст къалати хъæуы... Адæмтæ, дам, дзы хæларæй цардысты.... Иуæйиу адæмтæй фæстæмæ: сæ фылдæр не 'мхохаг кавказæгтæ... 

Æмæ уыцы цъиуыл — мæнæ æцæг трагеди! — худæн дæр нæй, худæн: цагъарæй чи райгуырд, æд туг, æд зонд цагъарæй, уый хъуамæ цагъарæй амæла — сæрибар йæ ахæстон у,йæ удмарæг.Цы бæллæх ыл акæнид, цы мæгуыр уаид фыдæлтыккон зондджын лæг, абон йæ кæддæры ирон дзыллæмæ куы 'рбакæсид, уæд.. Иу ирон зæрдæрыст поэт (Дзуццаты Хадзы-Мурат) зæрдæхæлд поэты æмдзæвгæ тæлмац кодта æмæ ныффыста: «Нæртон фыдæлты фидиссаг бындартæ...» 

...Æдылы дæ, зæрдæ, æндæр цы агурыс хъарæг... 

...Иу бон дын иу дынджыртæ хъæуккаг ирон лæг кæд æмæ йе 'ккойы фæцæйхаста авдæн! Ахæм хорз зымæгон хъæрмуст бон уыд æмæ! 

Æмæ уæдæ ницы ис рохгæнæн, ницы — куы дæ ферох уа знон, уæд та уый бæллæх ногæй æртыхсдзæн, авдæн кæмæн фæцæйхастæуыд, ууыл дæр... 

...Ахæм лæг ма дзы искуы райгуыргæ уыдзæн: дунеты цæджындз, дунеты ныфсы цæджындз раст, адæмты дарæгуромæг, Хуыцауы æмкад, раст Хуыцауы — тæригъæд æм ма фæкæсæд Сфæлдисæгмæ,ноджы йæхи сконд рæстдзинад куы дзурын. Хурæмдых раст, хурæмдых! Уый нæ, уый, фæлæ ма уыдонæй дæр цытджындæр æмæ цæхæркалгæдæр! 

Æмæ дын ахæм лæг дæ зæрдæ, дæ туг, дæ дунетæ йæ уарзтæй бацахсæд, цы дæ, уымæй дæ йæхи бакæнæд, стæй... Стæй а!хæм арвуромæг, хурдарæг цæджындз ныккæлæд — Сталин амæлæд æмæ ды та, уый амондджын хъазайраг, цæргæйæ баззай! Йæ фæстæ ма дæм цæрын цæуæд... 

Æмæ йæ уæдæ асайдтам, афтæ тынг æй нæ уарзтам.. 

Сырд дæн, ницæйаг уды хицау сырд, æндæр уæдæ цæй æххæст адæймаг ис мæнæй. Сырд дæн æмæ мæ къалатийæ рауагъдæуыд сæрибармæ. Чидæртæ дзы мæлæты тагъд фæцарæхстысты, уымæн , æмæ, æвæццæгæн, нæдæр сæ ардхæрæн партийы уарзтой, нæдæр советон æрымысгæ цардарæзты хиконд æгъдæуттæ истæмæ дардтой. Æндæр уæдæ цæй рæвдз цæттæ разындысты ацы хъæддаг царды æууæлты хорз цæрынмæ?..Нæ саст арынг сын сугæн бабæззыд.. 

Æмæ галуантæ суанг фæсарæнты алхæдтой, ам дæр сæ ацъапп ластой, æмæ ма ноджыдæр ерысæй аразынц, æз иннæтæй уæлдæрты акæсон æмæ уæрæхдæрты мæхи аивазоныл ерысæй... 

Мысын æй бæгуыдæр. Ахсджиагæн. Сосойы! Кæмдæр мæ мидæг цы ницæйаг уд ис, хæлæггæнаг кълассон удысконд, уый та йæ мастисæн мондæгтæ уый фæрцы суадзид: иугайдыгай-дæсгай сæ рацъипп кæниккой æмæ... æмæ... Æмæ та — æмдзæгъд! Нæргæ къухæмдзæгъд! 

Æндæр уæдæ мæ хорз цард мысын йæ заманьп хъалонтæ каркæй-хæрæгæй, халсарæй-бæласæй, айкæй-хъуынæй се 'ппæтыл дæр... Облигацитæ... Фæллойбонтæ... Хæсты размæ, дам-иу, уыйбæрц байуæрстой хор æмæ, дам-иу, адæм сæ дуæрттæй дзаг уæрдæттæ фæстæмæ здæхтой. 

Уæдæ! Цагъары йæ гуыбыны мæтæй дарддæр цы мæт ис — бафтъæрыны фаг ын уæд абон, æндæр æй нæ хъæуы... 

...Фæлæ ма нын уæд Ленин дæр уыд ныфсвидарæн æмæ бафæрæзтам суанг Сталины мæлæтæн дæр. Уалынджы та дын уый номыл дæр къæм нæ абадт, къæм, фæлæ... 

Бунин чи у,Иван, стыр фыссæг, Нобелы лауреат, уый тынг карз ныхæстæ загъта сæ дыууæйæ дæр: «Ленин — нравственный идиот.»,Сталины зиан куы фехъуыста, уæд та, дам, афтæ: «Вот и сдох, наконец, этот скотина...» Уартæ Бисмарк та, дам, афтæ бакодта йе 'мтуг Марксы тыххæй: «С этим бухгалтером еще наплачется вся Европа». 

Уæуу мæнæ... Цы акæна хуымæтæг, бонзонгæ лæг, цы? Иу Хуыцау куы уадзиккам нæхицæн, иу æрвон Хуыцау æмæ нæ зонд куынæ галиутæ кæниккам зæххон фæрæтамад æмæ хъулон-мулон ахуырст дидигонд хуыцæутты уарзынæй... 

Ленины гæххæттытæй, йæ документтæй фæстаг боны онг сусæг уыдысты æртæ мины бæрц — лæг та рæстдзинад куынæ зона, уæд йæ асайынæн цы хъæуы!.. 

Æмæ ныр нæхи ирон лæджы, йæ фыдæлтæ чи уыдысты, уый чи нæма ферох кодта, уыцы фæрнджын ирон лæджы бафæрс, дæ ирон туг æмæ зондæн, дæ хохаг лæджы æфсарм æмæ æгъдауæн цы бавæййы МЭЛС-ы ахуырад, зæгъгæ, уæд цымæ цы зæгъидЛ. Хæрзаг та æппæлыныл схæцид, уартæ 30æм азты куыд фидар æгъдау уыд, куыд хорз æмæ хъæлдзæгæй зарыдысты-цардысты адæм, цы разæнгардæй арæзтой колхозтæ-совхозтæ, ЭМТЭСтæ-йедтæ, Днепрогэстæ... Дыууадæсаздзыд сабитæн æхсыны тæрхон хастой, адæмы 'взаргæдæрты ахстой æмæ мардтой, адæмты генофонд бабын, æнæхъæн денджызтæ, цæугæдæттæ, хосгæрстытæ-уыгæрдæнтæ, хуымзæххытæ, хъæдтæ бабын сты, бирæ бынæттæ æмæ горæттæ цæрынæн нал бæззынц, уый та... 

...Цæй бонзонгæ, фыдæлты кад æмæ ма намыс хъуыдыкæнæг ирон лæг ис, коммунистон идеологийы æлдыгъы йæ уд кæмæн фæудæст уал æмæ уал фæлтæры, уымæй! 

Бирæ цæуылдæртыл нал риссы зæрдæ, ссау. Сарыд Нырчъиагдзарм. Фæлæ та куы æрымысы уыцы Стыр хæсты зынгхуыстыты, уæд та риссы æмæ уынæргъы: йæ туджы зæйтæ фылдæр уыдысты хæстæн, æви йæ чъизи лæсæнтæ, уый бæрæг абон дæр куынæма ис. Цас додойаг рæдыдтæ æруагътой адæмы бæрны бацæуджытæ, цас тæригъæдтæ райстой сæхимæ, цас! Уартæ сæм лæджы цард хуынкъ суарийы кад дæр нæ тардта, уартæ! 

Нæ Уæлахиз... Йæ уæлæты кæд ахызтыстæм знагæн, уæд бынæй цæмæн фестæм, бынæй?.. Уæлахиздзау састы бынаты цæмæн ис? 

Фæстагмæ йæ цалдæр паддзахадæй иумæ æмвосæй цы дæрæн ныккодтой, цы дæрæн — дур дзы дурыл нал баззад, фæлæ та йæхиуыл афтæ схæцыд Герман æмбисгондæй дæр æмæ... 

Стæй йæд та, йæд — Япон? Дыууæ атомон бомбæйæ дæр ма йæ ныффалгæрон кодтой, фæлæ та уый дæр схъæздыг, æрфидар. 

Уæлдайдæр, æнæ Коммунистон Партийы разамындæй. Æнæ Сталинæй. 

Кæд коммунизм æцæгдæр наукæ у, фын нæу, рæсугъд æмæ тугæйдзаг фын, уæд, йæ наукон бындурæвæрджытæ кæцæй сты, уым, уыцы бæстæйы цæуыннæ æрбынатон?..Æви Бисмаркы коммæ кæсынц, уый та, дам, афтæ загъта : æвгъау уæм цы бæстæ нæ кæсы, уым саразут социализм-коммунизм. Полигон... 

...Уæрæсе дæр, æвæццæгæн, тагъддæр снывыл уаид — æмæ йемæ мах дæр, иугæр нын æнæ уый цæрæн дæр æмæ мæлæн дæр кæм нал ис, уым — йæ зондджын лæгты коммæ куы кæсид уый дæр, уæд: цалынмæ, дам, коммунистон хъуыдыты фæдыл цæуæг уа, уæдмæ хорзæй мацæмæ 'нхъæлмæ кæс, — зæгъы Виктор Астафьев, стæй ма афтæ ноджы бирæтæ зæгъынц уырысы намдзыд адæмæй. 

Хъæу тыхтонайæ сæдзæрæг кæн ,æмæ дзы рувас æлдар суа: гæдывад уа, тугдзых уа, æнæдæндаг уа, расыггæнаг уа уыцы рувас, уый уæлдай нæу... 

Адæмтæм урсдзых Цоцкотæ куынæ уа, Цоцкойы цæстæй кæсджытæ куынæ уа хъуыддæгтæм, уæд ахæм адæм фарны ад æмæ рухс нæ зонынц Не сты дзыллæ, не сты адæм... Уымæн æмæ цагъаргонд адæм адæм не сты... 

...Хорз. Хорз, мæ къона паддзахад, мæнæ дын мæ хæстхъом иунæг фырт, мæ хæдзардарæг, мæ бындар, акæн æй æфсадмæ, батæр æй хæсты пиллон артмæ. Хорз. Йæ цытджын, кадджын, намысджын хæс у уый. Фæуæд Уымæй дæр дæ нал фæрсын, йæ цоты буцхастæй дарын кæй бон у, уыдонæн та кæм сты сæ хæстхъом фырттæ, зæгъгæ.Фæлæ ныр мæнонмæ адæмымыггаг хæцæнгарз фаг æрхаудзæн? Бахъуаджы сахат дзы арæхстджынæй архайын зондзæн? Йæ хæстон фæтæг исты æмбардзæн? Ауддзæн ыл? Куы фæцæф уа мæ иунæг — о Уастырджи, дæуыл æй фæдзæхсын! — уæд æвæгæсæгæй, уæд зæфцы фыдæй нæ бабын уыдзæн? Æмæ... Æмæ... Æмæ... Æмæ йæд та... Куы фæйæд уа... Куы... Куы... Тобæ, Хуыцау! 

...Æгæстимæ дæр, дам, нæй æмæ мæрдтимæ дæр... Кæцы у, ацы мæрдтæй дæууон, уый бæрæг, дам, нал ис Мæ зæрдæ дæр æфсымæры зæрдæ, ныййарæджы зæрдæ, зæххон рыстæй риссаг адæймаджы зæрдæ у æмæ агуры хъарæг... Сидзæры хъарæг. 

 

Додой фæкæна т, мæ райгуырæн хæхтæ...  

 

...Уацар. 

...Махмæ, дам, — Сталины хиконд тæрхон, — уацайрæгтæ нæй, махмæ ис æрмæстдæр гадзрахатæйцæуджытæ, уæйгæнджытæ... 

Ацы буржуйтæ махæн æцæгæйдæр куыд ницы бавæййынц, куыд æцæгæлон сты сæ туг, се стæг, сæ алы 'гъдауæй дæр, уый диссаг у! Амырык чи у, уартæ Амырык, уый, дам, уæлдай буц, уацары чи бахауд йæ хæстонтæй, уыдоны кодта. Уымæн æмæ, дам, уыдон бирæ хъизæмæрттæ бавзæрстой, сæ удтæ уæлдай рыст сты, уæлдай æфхæрд... 

Мах адæмæй хуыздæр лæвар хицауæн Хуыцаумæ дæр нæй: цыфэенды дæр нын кæн, цыфæнды дæр нын ма кæн — быхсдзыстæм Ногæй -ногмæ æхсызгонæй сайды кæндзыстæм. Кæй æмæ нын цы уарзын кæнай паддзахады цæрайы номæй, уый уарздзыстæм, науæд та нæ фæтевзæфæлдæхт фæкæн, æмæ нын ныр та æнæуынон уыдзысты зноны табугæнинæгтæ... 

...Уæлахизы аргъ... Мы, дам, за ценой не постоим... 

Хæсты чи бабын, уыдоны нымæц бирæ азты дæргъы — Сталины фæрцы — дæс милуанæй уæлдæрмæ нæ хæццæ кодта. Стæй дын Хрущев Кеннедиимæ куы сæмбæлди, уæд ын уый афтæ, ссæдз милуанæй, дам, уæ къаддæр нæ фæцагъды. Æмæ та сæ бирæ азты уый бæрцæй нымадтам Уалынджы та Горбачевы нымадмæ гæсгæ авд æмæ ссæдз милуаны онг схæццæ сты. Ай-фыццаг та Солженицын загъта, зæгъгæ, дам, нæ иуæндæс æмæ ссæдз милуаны фæхъуыд.. «АиФ»-ы та 48–50 милуаны кой цæуы... 

...Кæд стыр диссаг у, стыр, уæддæр ахæм гуманисттæ дæр ис, æмæ сæ зæрдæ нæ ныккæрзы милуанты сæфтæй. 

Иу лæг бабын — бæллæх,мингæйттæ-милуантæ байсæфтысты — статистикæ, дам... Маркс уа, Ленин уа, Троцкий уа, Сталин уа, Мао уа, Гитлер уа — кæд цыфæнды зондджын уой, уæддæр сæхи се 'фсармы ’рдыгæй ссæрибар кæнынц æмæ, тæригъæд циу, уый нал фæзонынц, сæ нысанмæ цæугæ-бырсгæйæ. 

...Демократи ма 'взæр уымæн у, æмæ æппæтæй хуыздæр фадæттæ йе знæгтæн аразы.... 

Æмæ уæдæ абоны рæстæг дæр ахæм у. Æмæ уымæн ахæм у, æмæ уæды рæстæг АХÆМ кæй уыд, уый тыххæй, уый низæй, уый азарæй, уый фæстиуæгæй — фæстинон рынчын у абоны дуг. Уымæн æмæ нын уæд мады гуыбынмæ не 'рдзон æнæхæрам зонд баивтой æрцæугæ кæмæддæрæгон хиконд зондæй. 

Худæг дæр куыд не стæм, худæг: æппæт хабæрттыл чи дзуры, фæлæ дын иу заманы нæ Парламенты сæрмагонд къамис сарæзтой, миллиардтæ, дам, чи адавта, уый сбæлвырд кæнæм Къамисы сæргъы сæвæрдтой Поймановы. Никæй ссардта зылынджынæй. Не пойманов — не вор! Уæуу дæ хицау! Адæмы куыдзы фæстагмæ дæр ма дар! Цу, дам-ма, халон, халоны Цæст скъах... Демæ иу Парламенты чи бады, уыцы халоны! 

Æмæ, дам, Алания... 

Кæд фæстæрдæм, нæ ивгъуыдмæ, нæ гуырæнтæм хæстæгдæр тындзын райдыдтам, уæд уал дзыхъхъынногæй фыдæлтыккон ирæттæ суæм, ирон адæм ирон цæмæй уыдысты, уый. Æндæр цы бавæййæм кæддæры хæдбар, паддзæхтæм æмæ дунейы адæмтæм нымад Аланийæн? Цыдæр гуырысхойаг сты нæ базыртæ... 

Уæдæмæ бонзонгæ цы хорз у хицæн лæгæй дæр æмæ хицæн адæмыхаттæй дæр: дæ мæгуыргуры куатæ бынмæ ма уадз, æдзух дæ «хистæр æфсымæртæн» æри-æри кæн, æмæ, дам, суверенон паддзахад стæм, конституци, дам, нын ис, арæнтæ, финанстæ-романстæ, гимнтæ, тырысатæ... 

...Иу хæст дæр, дам, нæ уыдаид, нæ, дам, нæм æрбауæндыдаид Гитлер, Сталин,дам, куы нæ уыдаид, советон хицаудзинад, дам, куынæ уыдаид, уæд.. Ау? Ау, афтæ дæр та уа? 

Цыдæр рæстдзинад та ис уыцы ныхæсты дæр: социал-демократон партиты Сталины амындæй фашистон партитæ рахуыдтам, æмæ уыдон дæр нæ ныхмæ фесты. Стæй та фашизмæн йæхи кой дæр нал уагъта Сосо кæнын, уæдæ ныл йæ ног æмбал Гитлеры зæрдæ куы фæхуда, зæгъгæ. Ома, дам, ууыл хинæй архайдта Сосо, йæ цæрæнбоны гаджидæуттæ дæр нын уый дымæгмæ уагъта. Æмæ йæ хин нæхиуыл фыдæй рацыд. 

Уæлахиз... 

Уалдзæг цыма уыд.. Цæхæрадоны куыстытæ цыма кодтой нæ бинонтæ. Хурбон уыд, стæй ныссаубон: ныссаудзæсгом сты цыма мæ фыдымад, мæ фыдыхо, мæ мад.. Цыдæр сау гæххæтты кой кодтой... Кауы æдде цы ус лæууыд, уый йæ цыма æрбахаста... 

Хæст — хур фæкæсы, фæлæ зæрдæсау хур вæййы... 

Ау, никуы ралæудзæн уыцы дуг, æмæ хæцæнгарзæй хæцын худинаг кæд суыдзæн, искæй ныхмæ хæсты цæуын паддзæхты се 'фсарм кæд нал уадздзæн?.. А-а-а, æфсармы кой политикæйыл дзургæйæ... Цæй æфсарм æмæ цæй æндæр... Фæлæ, дам, Бельгийы паддзахад афтæ загъта æрæджы, зæгъгæ, æмæ йæ æфсад нал хъæуы, уымæн æмæ, дам, мын æддагон знæгтæ нæй... 

Фæлæ хæсты йæ зынг кæмæн ахуыссы, уыдоны цыма Хуыцау дæр уымæн сфæлдисы, цæмæй афтæ æрыгонæй нывондæн хаст æрцæуой?.. Уæд цæмæн, цы тæригъæдджын-иу вæййынц? Æви уый паддзæхтæн искæй хъæбул нæ риссы? Хатгай ма сын суанг сæхион дæр нæ риссы — цы мæрддаг у адæймаг, цы?.. 

Нæма, никæмæ ма сæ бахъардта рæстзæрдæ адæймаджы рыст паддзæхтæй, Чырыстийы размæ цардаид, æви уый фæстæ — алчи дæр сæ йæ тугныккалдæн исты æфсон æрхъуыды кæны, амæйай цытджындæр æмæ ахсджиагдæр. 

...Цæмæн, цымæ, фыссын, цытæ фыссын, уыдон? 

Мæ мастæй. 

Мæ уарзтæй. 

Хуыцауы тæрхонгондæй. 

Нæй маст — нæй уарзт. Æмæ — иннæрдæм. Уымæн, æмæ кæд цыфæнды интернацион зондахаст у ирон туджы зондахаст, уæддæр æрдзон æгъдауæй лæг æппæты разæй йæхи уарзын байдайы. Æмæ йæ мид-зæрды фæзæгъы, бæргæ, бæргæ, ацы революцитæ, партитæ-йедтæ куынæ баййæфтаид Ирыстоны сæр дæр æмæ иннæты сæр дæр, уæд кæд цард йæ историон æхсæны æгъдауæй снывыл уыдаид, æмæ уыйбæрц дзæбæх фæсивæд нæ бабын уыдаиккой, кæд махæй нæ алкæмæн дæр абон йæ хъысмæт бынтон æндæр уаид... Фæлæ, дам, в истории не бывает сослагательного наклонения... 

Хæсты тыххæй нæм цы романтикон, агитацион-пропагандистон, фæрсыгъд аивгонд литературæ уыд æмæ ис, уымæн кæддæр иу хагстдзау поэт (Плион Грис) бауæндыд йæ ауæдз фехалын, уый дæр хъавгæ-æндзæвгæйæ, æмæ йæ фæцæйныхъуырдтой, йæ къуындæг хъузг æдзухдæр сомыгæнæн патриотон хъузг кæмæн у, уыдон. 

...Хæсты чи фæмард, уыдонæй цыма иу дæр галиузонд нæ уыд, иу дæр сæ хин-кæлæн нæ зыдта, иууылдæр цыма дзыллæйы æцæг лæгтæй басгуыхтаиккой, афтæ фæуырны зæрдæйы. 

Фæлæ хæсты быдыры хъæбатыр лæг чи уыд, уый цымæ хицаудзинады галиу хъуыддæгтимæ тохы быдыры фæскъудзи цæмæн æрныгъуылы? Иуæндæс мин Хъæбатыры цыдæр уыд хæсты. Се 'ппæт æгасæй нæ баззадысты. Фæлæ иннæтæ, ау, иу галиу хъуыддаг дæр нæ уыдтой уæд та Хрущевы æмæ уый фæстæ рæстæджы? Цæуылнæ искуы исты загътой æмхъæлæсæй? 

Уæлдай буц уыдысты кæддæриддæр, хъулонхайджын. Цы адæмы сæраппонд калдтой сæ туг, уый цардæй иппæрд, уый цардæй иртæст, иуварсгонд, хицæн. Фæллойы Хъæбатыртæ æмæ алы депутаттимæ иумæ дзаджджын хайджын уыдысты нардуарæг хицауады ’рдыгæй... 

Кæд алкæмæн дæр ис балхæнæн, дæ дзыхыл хæц æмæ дзидза хæрай, зæгъгæ; кæд ма суанг рæстдзинадæн йæхи дæр ис дæлбар скæнæн алы зæрдæлхæнæнтæй-æртхъирæнтæй, уæддæр цыма æппæтæй тæригъæдджындæр уæййаг дзырд вæййы: кæй йæ бакуырм кодтой зонгæ-зонын, фыссæг уый зоны, уый æмбары, уый уыны — ай дын æмæ фатер уæлæмхасæн фæзуатимæ, ай дын æмæ чиныг чиныджы фæдыл, ай дын æмæ сфæлдыстадон хæдзæрттæ, хæрзиуджытæ, кадджын нæмттæ, премитæ...Æлхæд у, саргъæвæрд æмæ дзьь ларæфтыд у йæ дзырд, куырм у, куырм, фæлæ уæддæр адæмæн фæндагамонæг лæууыд].. 

Диссаг кæм нæ уыд ацы Петр Чаадаев дæр! Я, дам, предпочитаю унижать и оскорблять свою Родину, лишь бы ее не обманывать... 

...Немыцыл, ай-гъай, фæуæлахиз стæм — нæ мæрдты цæнды бын сæ фæкодтам, — зæгъы Астафьев Виктор, хæстон лæг, фыссæг. Жуковы та кæд æмæ хоны «браконьер русского народа»... 

...Хæст йæ кæронмæ кæй фæхæццæ кæны, уый куыннæ уыдтой, куыннæ, кæд æмæ Германæн йæхи зæххыл, Берлиныл хæстыты бацыдысты, уæд! Хæрзаг зæрдиагæй-иу бакуывтой, батæхуды кодтой, гъæй-джиди, æмæ чи аирвæзы, зæгъгæ! Фæлæ ацы политикæ, ацьп алы революцион æмæ æнæуи бæрæгбæтты кадæн ныббырстытæ... Жуков бардзырд радта, зæгъгæ, дам, хъуамæ 1 Маймæ Берлин йæ уæрджытыл æрлæууа, æмæ æртæ сæдæ мин салдаты Зееловы бæрзæндтыл фæцагъды сты... Бæрæгбоны сырх кадæн... 

Космосмæ дæр бæрæгбæтты кадæн талф-тулфæй тахтыстæм, æмæ та-иу бабын сты куы иугæйттæй, куы æртыгæйттæй, куы та 92-йæ, сæ сæргъы маршæл Неделин, афтæмæй Стæй Чернобылы 4-æм реактор дæр бæрæгбоны лæвар уыд Мы, дам, сказку сделаем былью — черной... 

Фæлæ цыма цыдæр аивта адæмы зондахасты, раздæрау ахæм быдылотæ (Хъодзаты Æхсары дзырд у — быдломæ гæсгæ) нал стæм: «цы агурæм, уымæн йæ аргъыл дзурын райдыдтам цыма, любой ценой нæ цыма æппæт нал хъæуынц... Цыма дыккаг Афганистан æмæ дыккаг Цæцæн нал уыдзæн... 

Мæгъа, мæгъа... 

Тыхджын — ноджы ма йе 'нæфсармæй — цы нæ кæны рагæйæрæгмæ дæр, стæй мæгуыр цы нæ бары... Фæлæ уыцы тыхджынтæн нæ сæрмæ схизынæн асинтæ нæхæдæг кæй сæвæрæм, уый нæ цæмæй рох ма уа, тынгдæр уымæ у мæ ныхасы хъавд.. 

... Кæмæн сæ-иу уыд цымæ зындæр нæ хæстон баглццæттæйЧехойты Сæрæби цы уавæрыл фыста: «Ничи мын загъта „фæндараст“, никæмæн загътон „хæрзбон“», — уый уыд трагедиондæр уавæр, æви... 

Кæуылты хистæр дæн ныр æз мæ фыдæй Нæй дзы хъæбулы рыстæн æмбал — хуылфаджы рыст, дам, хуылфхалæн у... Æмæ хæстмæ куы цыд мæ фыд, уæд Чабæханæн, йæ хойæн, афтæ,цæмæй мæн иуварс адава æмæ мæ мæхи бар суадза, мæ къахыл куыд уайын, уый ма фенæ..Йæ мад Дыдта та-иу, бирæ азты йæм куы фенхъæлмæ каст дзæгъæлы, уæд-иу афтæ бахъарæг кодта: дæхæдæг мын цуаны цæугæйæ тæрхъусы лæппынтæн дæр тзеригъæд куы кодтай,уæд ныр дæхи лæппынтæ сидзæрæй куы баззадысты... 

...Нæ цæуы мæ зæрдæмæ уыцы ерыс, ома, дам, мах ирон адæм, иннæ адæмтимæ абаргæйæ, фыццаг бынат ахсæм нæ Хъæбатырты нымæцæй иу лæджы хыгъдмæ Цыма афтæ уайьс мах нæ иу къухæй дыууæ харбызы исæм, сымах — дыууæйæ иу сисынмæ дæр нæ арæхсут æмæ чи стут, чи, сымах та.. 

Хъæбатыртæй æппæлын мæн сидзæртæ æмæ сидзæргæсты нымæц дæр нæ уадзы — уыдонмæ гæсгæ дæр фæстагæттимæ нæ уыдзыстæм...Æмæ хорз у, алы сгуыхт хæстонтæн, зынгхуыст хæстонтæн иумæ цыртдзæвæнтæ кæй аразынц, уый. Фæлæ — йæхх! — иу цыртдзæвæн ма уæд Сидзæр æмæ Сидзæргæсæн — Иратаманæй нырмæ нæм алы хæстыты фæстæ чи уыд, уыдонæн иумæйагæй... 

Мæ уд сæ фæхъхъау уæд уæлахиздзаутæн. Цард сын фенон, æгас ма сæ чи у, уыдонæн. Æмæ — сидзæргæстæн. Æмæ — сидзæртæн... 

...Уæлахиз. Уæдге, рæстæг сæрдау даргъкъах у æмæ уайтагъд фæтары вæййы. Замантæ дæр ивынц, лæг ихсийы, зæронд кæны буарæй дæр æмæ зæрдæйæ дæр, фæлæ та уæддæр уды рис сног вæййы, исты ахæм æдзæллаг, тæссармæзонд хабар та куы базоны лæг Стыр хæсты тыххæй, уæд. 

...Далæ, дам, Саратовы фæсбыдырмæ æнæхъæн сæдæ мины нæхи æфсад батардтой Сталинграды хæстыты бонты æмæ, дам, уым ферох сты — нæдæр дон, нæдæр хæрд Æмæ сыдæй фæцагъды сты... 

...Хæст хæст у, фæлæ дæ хæстон раздзæуæг æдылы куы уа, уæд ма дзы уымæй заманадæр ис!.. Мæ мадыфсымæр Дзгойты Хадзымырзæ мын æй дзырдта. Абанайæ, дам, дын рацыдыстæм — уый цы амонды æхсызгон хъуыддаг у, уый куы зонис, уый — хæсты дæхи абанайы цынайын.... Цæуæм, нæ фæндаг нæхимæ дарæм. Уалынджы немыцы хæдтæхджытæ. Уæдмæ горæтгæрон цæугæдоны сæрты хидмæ рахæццæ стæм Æмæ командир фæхъæр кодта: 

— Иууылдæр хиды бынмаг! 

Фæлæ мæнмæ хæстæгдæр чи уыд, уыдонæн та æз афтæ, — дзырдта Хадзымырзæ, — мæнæ, зæгъын, ам, къудзиты аууæтты æрæмбæхсæм, науæд немыцæн сæ хъавд комкоммæ хидмæ уыдзæн Æмæ æцæгдæр, чидæриддæр балыгъд хиды бынмæ, уыдон уым æд командир баззадысты... 

...1937 азы майæ 1938 азы октябрьмæ Сырх Æфсады репрессигонд æрцыдысты 36 761 — æртын æхсæз мины авдсæдæ æхсай иу — хæстон разамонæг лæджы, Хæстон-Денджызон флоты та 3 000 — æртæ минæй — фылдæр. Ахæм диссæгты диссаг историйы никуыма уыд, æмæ дæм знаг топпы кæсæнæй кæсæд, йæ кард дæм æрдæгластæй дарæд, ды та дæ разагъды хæстон фæтæгты сæртæ куыд дæсныдæр æмæ зондджындæрæй хауын кæн! 

Рæстæджытæ, дам, ахæм уыдысты. Кæй æмæ цæй азарæй уыдысты рæстæджытæ АХÆМ, ууыл нал дзурæм?.. Фæуæд Фæлæ уал æмæ уал милуан æнахуыргонд зæхкусджытæй райдай æмæ стыр ахуыргæндтæ, маршæлтæ, партион фæтæгтæ, хуымæтæг писыртæ æмæ фыссæг-классиктæй фæу — кæд æцæгдæр бирæ милуантæй «адæмы знæгтæ» уыдысты, уæд уыцы адæмæн афтæ ахъуыды кæнын не 'мбæлд стæ-ма, уый цавæр адæм дæн, цавæр социализм мын у, цавæр парти, уыйбæрц знæгтæ кæмаён ис айдагъ нæхионтæй?.. 

Уæдæ тæссармæ дæр вæййынц адæм æмзонд æмæ æмдых. Хох дæр сын нæ фæлæууы. Фæлæ йыл уый фæстæ куы ахъуыды кæнынц, æрчъицгæйæ, уæд та фæсмойнаг фæвæййынц, ныр бындзарæй цæмæн сфæлдæхтам уыцы хох, зæгъгæ. 

Æрмæст та уæдмæ ног æмæ ног пехуымпартæ байрæзы æмæ та адæмы ногæй сæ искæцы галиузонд хъуыдыйы фæдыл асайынц Сайды кæнут, зæгъгæ, чи фæамоны адæмæн йæ цæфыл сæ рæдыд уыдоныл та кæнæ хъоды бакæнынц, кæнæ сæ куыдзæппарæн былæй асхойынц.. 

История, дам, учит лишь тому, что она ничему нас не учит. Æмæ уый æцæг афтæ уа, уый та уарзæгой зæрдæйы нæ фæнды — æппын мацы, фæлæ уæд та нæ рæзинæгтæ сты тæригъæд.. Æмæ кæд иутæ искæй сайынæй нæ фæллайынц, уымæн æмæ сын пайда у, уæд иннæтæ та хъуамæ рæстдзинад дзурынæй ма стайой æмæ ма тыхсой. Науæд уый адæмы быныхъæр деградаци амоны. 

... Давæг стъæлфаг у. Коммунистон хицаудзинад давæггаг хицаудзинад уыд, уымæн æмæ уый йе 'рдзон, йæ историон рады нæ бацахста паддзахиуæггæнæджы бынат. 

Æмæ давæггаг кæй уыд, æнæлегитимон, уымæ гæсгæ нæ батад историйæн. Стъæлфаг кæй уыд, уымæ гæсгæ та адæмæй чидæриддæр хæдзонд уыд раст лæг, йæхи сæрибар æмæ сæрыстыр адæймагæй æнкъардта, уыдоны йе знæгтыл нымадта. Стæй йын уыдоны чи мардта йæхи бардзырдмæ гæсгæ, уыцы сæркъуыртыл дæр нæ ауæрста — æвдисæнтæ уыдысты, бирæ зыдтой.. 

...Исчи ма цымæ нæ газетты бакæсы «1930–1950 азты æнаххосæй кæмæн стæрхон кодтой æмæ фæстæдæр растгонд чи æрцыд» уыцы адæймæгты НОМХЫГЪДТÆ?» Кæд фæкæсы, уæддæр ма кæд хион-хæстæгыл бахъынцъым кæны... 

Мæнæ ацы амæттагæн йæ хыгъдон номыр — 2156. Хæблиаты Саукуыдз Уырысы фырт, райгуырд 1875 азы, Зилгæйы, ирон, уыдис æм чысыл ахуыргонддзинад Ленины номыл колхозы бæхтæмзилæг. Цæгат Ирыстоны АССР-йы НКВД-йы тройкæ йæ базылын кодта знагиуæджы æмæ колхоз фехалынмæ арæзт архайды тыххæй æмæ йын 1937 азы 19 октябры хаст æрцыд фехсыны тæрхон. 

Йæхх, йæхх... Рухсаг у, мæ хъæуккаг... 

Стæ-ма, иннæты та цæмæй зылын кодтой, зæгъгæ, кæсын номхыгъд бæлвырдæй. Уыртаты Уырыспи, антисоветон агитаци æмæ контрреволюцион организацийы уæнг, дам, уыдтæ — 6 азы ахæстоны фæбадын. Уырымты Алыксандр, антиколхозон халæн æмæ састы бынаты баззайыны фæдыл агитаци, дам, кодтай — фехсыны тæрхон. Уырымты Дзамболат,антиколхозон агитаци — 10 азы ахæстоны фæбадын. Фидараты Раман, капиталистон бæстæты царды уавæртæй æппæлыны, советон æцæгдзинадыл, колхозон арæзтадыл хахуырты тыххæй — 1952 азы 7 июны йын хаст æрцыд 10 азы ахæстоны фæбадыны тæрхон. (Æвæццæгæн, хæстон лæг уыд æмæ истытæ федта фæсарæнты...) Фрайты Аслæнбег, транспорты знаггадиуæджы куыст, советон хицаудзинады мадзæлтты ныхмæ агитаци — фехсыны тæрхон. Хабæты Виктор, хор дæттыны æмæ коллективизацийы ныхмæ агитаци — 5 азы æмгъуыдмæ Цæгатмæ хаст æрцыд Хæдарцаты Душетæн, Райгуырæн бæстæйыл гадзрахатæй рацæуæджы бинонты уæнг — 5 азы æмгъуыдмæ хаст æрцыд Казахстанмæ. (Æмæ, дам, сын-дочь за отца не отвечает...) Хадыхъаты Григори, хор дæттыны æмæ колхозмæ цæуыны ныхмæ агитаци 10 азы концлагеры фæбадын. Хадыхъаты Ислам, советон хицаудзинад цæсты 'фтауын æмæ йыл хахуыртæ кæнын — фехсыны тæрхон. Диссаг диссаг нал у, адæттæ кæсгæйæ, фæлæ уæддæр куыннæ бадис кæндзынæ Хамилонты Мойсейы хъуыддагыл: чысыл ахуыргонд уыд, куыста колхозы сæрдарæй, 1930 азы йын стæрхон кодтой 10 азы концлагеры фæбадын, уымæн æмæ, дам, ды уартæ 1918 азы сырхæфсæддонты стыгътай æмæ мардтай! Хататы Владимир, коллективизацийы ныхмæ агитаци — фехсыны тæрхон... 

Ацы номхыгъды (кæс «Рæстдзинад», 23 февраль, 1995 аз) æдæппæтæй ис 27 лæджы. Ирæтты ранымадтон, фæлæ ма дзы ис къорд уырыссаджы, белорусаг, болгайраг, польшæйаг, сомихаг, мæхъхъæлон, дыууæ хъуымыхъхъаджы — уыдонæй чи немыцаг фашисттæй æппæлы, чи япойнаг империализмæй, чи цы, чи цы... Гъа, иу адæмыхатт-ма рæдийæнт, исты ахæм контрреволюцион æмæ антисоветон уæнт, фæлæ æппæт адæмтæ... 

Уыйбæрц æгъатыр цы паддзахдзинад уыд, уыйас знæгты чи 'рхъуыды кодта йæхицæн æмæ сæ афтæ æнауæрдонæй чи сæфта; уыйбæрц æнæуынондзинад чи байтыдта адæмты 'хсæн, хицæн адæймæгты 'хсæн кæрæдзимæ, уымæн йæ Уæлахиз æппын фæстагмæ састы бынат ма расайа, уымæн уæвæн нæ уыд Стæй кæрæдзиуыл кълассон хуызы ардыд адæмы фæстагæттæ дæр æвыдæй баззайой, ма фæсырддзæф-схъæддагхуыз уой, уымæй дæр аирвæзæн нæ уыд Уæддæр ма иу амонд ис, æмæ Хуыцау адæймаджы арфы цы æрдзон дзæбæх уд сæвæрдта, уый афтæ æнцонты басæттын æмæ бынтон фехалын нæ бакомдзæн, знæт замантæн дæр иуахæмы æнæрфæлмæн нæй, æмæ та уæд тугæфхæрд аив дзырдмæ дæр кæд йæ арфæйаг рад æрцæуид... 

...Уæлахиз. 

Суанг-ма абон дæр нæ ирон хæстон лæгтæ сæ мысинæгты хæсты карз рæстдзинад нæ дзурынц, героикон æмæ йæ романтиконæй æвдисынц — патриотты, дам, хъуамæ хъомыл кæнæм. Мæнæ,дам, абон ахæм лæппутæ цымæ разынид: сæ астæуылиу хъатаратау гранаттæ бабастой æрыгон салдæттæ æмæ-иу сæхи немыцаг танчы бынмæ баппæрстой. Уæдæ, адæмæй пушечное мясо куы кæнай, уæд цæуыннæ уа»уый ахæм «патриот» дæр. Тухачевский сын афтæ дзырдта, ныры хæст танкты, моторты хæст уыдзæн, зæгъгæ, æмæ йæ фехстой, уый хыгъд Буденный æмæ Ворошилов астæумæ миты сæ бæхтыл æд æхсаргæрдтæ немыцы танкты ныхмæ бырстой... Хорз, æмæ фæстæдæр куыйты сахуыр кодтой гранатты бæстытимæ танкты бынмæ гæпп кæныныл. 

Æй, мæгуыр лæппутæ, йæ! 

...Нæ уæлдæр хæстон разамынды куысты фæтк уыд ахæм:Генштабы хицау Жуков хъуамæ фронтты уавæры тыххæй бæстон бæлвырдæй фехъусын кодтаид Хъахъхъæнынады адæмон комиссар Тимошенкойæн. Стæй-иу уыимæ иумæ Кремльмæ ацыдысты æмæ æнхъæлмæ кастысты, Сталин сæм кæд фæдзурдзæн, уымæ. Стæй та фæстæмæ Генштабмæ раздæх æмæ æрмæстдæр уæд арвит бардзырдтæ æфсæдтæн. Йæ тæккæ цæфыл, æвæстиатæй бакæнинаг-йу цы хъуыддаг уыд, ууыл-иу ацыд 7–8 сахаты. «Уæдмæ-иу немыцаг танктæ размæ 40–50 километры абырстой. Мах та-иу ног хъусынгæнинæгтæ райстам, ног уынаффæтæ та-иу рахастам æмæ та-иу ногæй бай-рæджы кодтам», — фыста Жуков. 

...Æфсæдтæн арæхстджын разамынд чи лæвæрдтаид, уый нæ уыд æмæ лейтенанттæ полкътæн сæ раздзог уыдысты. Афтæмæй та 41 азы 28 октябры Куйбышевы горæты къорд уæлдæр хæстон разамонæджы фехстой — Г. Штерны, А. Локтионовы, Я. Смушкевичы, П. Рычаговы, Г. Савченкойы æмæ æндæрты. Иу æртæ сæдæйы та Лубянкæйы ныккæнды агæрах кодтой — цы ма, дам, сæ ралас-балас кæнæм ахæстæттæм æмæ лагерьтæм... 

Рокоссовский, Мерецков, Горбатов æмæ ма чидæртæ тыхтæйфыдтæй аирвæзтысты. 

...Хатгай лæг йæхицæн фæзæгъы: йæхх, æмæ ацы цардмæ иуварсæй кæсæг ма у, дæ удæй дзы куыд ницы рисса, дæ уд ын куыд нæ зона йæ фыдмитæ, фыдæвзарæнтæ, афтæмæй. Æмæ дын Хуыцау ахæм курдиат æмæ царды тыхтæ ма раттæд, цæмæй дын ацы æлгъыст дуджы нывтæ нывджынæй равдисын куыд бантыса — ахæм ма дзы æндæр искуы уырсиуæг уыдзæн адæймагыл! 

Лæг-иу хæсты размæ, йæ сæрæн ницы зонгæйæ, лагеры мæрдтæм хæлæг кодта, афтæмæй бадт, фæлæ та-иу кæйдæрты раст уырдыгæй дæр хæстмæ акодтой. Афтæ-иу хæцыд, афтæ æмæ-иу суанг ныххорзæхджынтæ. Уæлахизы бон, хæрзаг, уымæн дæр йæ цин йæ риуы нал цыд, уыцы æрдхæрæны уалдзæгау арвы кæрæттæм æнхъæвзта. Уалынджы рацæй-рабон æмæ... Æмæ та, дам, ахсты кæм уыдтæ, уырдæм фæстæмæ дæ хæстдомд-хæствæллад къæхтæ раст араз: цы рæстæг нæ фæбадтæ дæ раздæры æмгъуыдæй, уый ныр кæронмæ æрдау!.. 

...Кæм дæ, фыццагон ирон хъарæггæнæг ус, кæм? Кæм дæ, тугдзæссыгæй кæуæг Къоста? 

Чи ма йыл сæмбæла бæрæгб.оныл кæддæры уæлахиздзаутæй, уыдоныл, хуыздæр арфæ сын зæрдиагæй чи ракæндзæн, уый ныхæстæ æрцæуæнт. Æцæг сын... Æцæг сын сæхицæй бирæты фæндиаг нæ цардарæзт Хуыцау ма фæкæнæд — сæхи ивгъуыд цард хонынц æрмæстдæр тæхудиаг æмæ фæзминаг, æд сырх тырысатæ æмæ партион фæтæгтæ, æд октябронтæ, ногдзаутæ, фæскомцæдисонтæ, партионтæ, æнæпартионтæ æмæ коммунизмы скъолатæ — цы ахуыргонд æмæ дзы цæуылтыл ахуырæй рацыдыстæм, уый абон нæ кæстæртæ сæхи удтæй дæр æвзарынц æмæ йæ махыл дæр уынынц..Фидар зондæй гуырæг паддзахадон фидар фæткы ныхмæ та чи у — уæлдайдæр абоны бон, абоны æнæ Хуыцау, æнæ дзуар бон... 

Хорз адæмтæ та алы рæстæджыты дæр вæййы Суанг ма абон дæр ис Йæ Хуыцауы хæрзтæ ма ныр дæр йæхимæ кæмæн сты, дуне куы бабьш уа, уæддæр ма иу лæгæй дæр адæймагау цæрыныл чи хъардзæн йæхи, рæстырдæм чи æппардзæн йæхи, ахæмтæ. Дуне, цард æмæ фарн ирвæзынгæнджытæ. 

...Æвзонг лæппу уæлмæрдтæм ссыд æмæ йæ фыдымады ингæнмæ базылд айфыццаг. Уый фенгæйæ фыссæг Субботины, хæстон лæджы, зæрдæ барухс æмæ фæныфсæнхъæлцау. Бацин кодтон æз дæр уыцы чысыл цауыл, æхсызгонæй ауад мæ цæстытыл. 

Мæнæ ацы хабар та комкоммæ «Комсомольская правда»-йæ рафыссон хъуамаг: æрмæст мæн нæ бафтаудзæн,ай-гъайдæр, хорз зæрдæйыл — хорз хъуыдытыл: «16 февраля во время занятий по метанию боевых гранат в учебном центре Камень-Рыболовского погранотряда (Приморье) один из рядовых выронил себе под ноги гранату с выдернутой чекой Находящийся рядом подполковник Виталий Половников оттолкнул бойца, а сам накрыл ее своим телом и принял все осколки на себя. Благодаря быстро и умело проведенной хирургической операции Половникову удалось спасти жизнь»... 

Уый Половников нæу, фæлæ æнæхъæн Полторавников у: бæргаг, ахæм хæстон лæг куы уыдаид нæ Сæйраг Командæгæнæг Фыдыбагстæйы Стыр хæсты, уæд нæ кæд уыйбæрц хъæбатырты сæр нæ бахъуыдаид, кæд нæм уыйбæрц сидзæртæ æмæ сидзæргæстæ, уыйбæрц хуылфхæлд, зæрдæсау ныййарджытæ нæ уыдаид, уыйбæрц.. 

Гъæй, ирон лæг, ды дæр мын дæ сæрыстыр фыдæлты рæнхъæй иуварс макуал фæцудай æмæ кæм дæ æгасæй, уым рухс тауай; цы мæрдты дæ, уым сызгъæрин талатæ суадзай.. 

Иу хъуыдыйаг хабар та ма нæм ахæм ис, æмæ хатгай лæджы царды æууæлтæ æрмæст йæ сынты уæлхъус базонæм Мæнæ сæдæгай минты хъысмæт: хъæбатырæй хæцыд, уæззау цæф фæцис, уацары бахауд Стæй немыцы концлагеры зындонæй куы раирвæзт, уæд та йæ Сыбыры концлагерьты смидæг кодтой — стæмтæ ма дзы сæмбæлдысты сæ фыдыуæзæгыл. 

Хъæрæцаты Амырхан (Бха) дæр уыцы фыдвæндæгтыл налат паддзахады сырддон закъонты азарæй бафтыд, тыхтæ-амæлттæй ма йæ хæдзар ссардта, хæлддзаг-хæррæгъæй. Фæлæ йæ Хуыцау хорз зæрдæйы хицау фæкодта,гæрзарм æмæ куыстуарзаг. Схæцыд йæхиуыл, фæбинонджын, фæцотджын... Адæм цæмæй цардысты, уымæй сæ дардта, схъомыл сæ кодта. Мæнæ уæдмæ пенсиисæджы кары дæр бацыд, фæлæ... 

Фæзиан Бха. Йæ чырыны уæлхъус ын йæ сыхаг, йæ хорз æмгар Хъазиаты Хъылцыхъо йæ ныхæстæ фæзмыдтæ æз, дам, ын дзырдтон, дыууæ æвдисæны ссар, хæсты кæй фæцæф дæ, уымæн æмæ дьш хорз пенси фидой. Уый, дам, мын афтæ: 

— Мæн сæ пенси ницæмæн хъæуы, æз, Хуыцауæн табу, нырма мæ къухты фæллойæ мæ бинонты дарынхъом дæа Мæн уал æмæ уал азы мæ уды рæстæй Сыбыры чи фæдардта, уыдонæй мæн ницы хъæуы.... Уацары айдагъ кæрдæгхалæй куы ирвæзтæн... 

Куыд нæ æнкъуыса зæхх дæр, куыд нæ, кæд æмæ дзы уыйбæрц зæрдæнкъуыст адæм ныгæд сты!.. 

Зæрдæргъæвд куы уа лæг, уæд бонæн æмбисонд хъусы æмæ бонæн æмбисонд базоны. Ирыстонæн йæ хъæуты 'хсæн кæд номгæнæн хъæутæ ис сæ хорз кад æмæ намысæй, уæд дзьг иу æз Уæлгинскæ хонын — бирæ цытджын адæм рацыд ардыгæй. Мæнæ дзы иу диссаг та ахæм у: хæсты заман Дзгойты Михал 100 мин сомы радта, цæмæй дзы хæдтæхæг саразой Арфæйы гæххæтт райста Сталины къухæвæрдимæ, газетты йæ кой цалдаер хатты уыд Хæсты фæстæ йын йæ бинойнагмæ бауырдьгг сты, колхозы, дам, цæуыннæ кусыс Уый сын афтаг: 

— Нæхион дзы нæ кусы стыр хъазуатæй? Кусы. Æмæ уымæн йе 'рбацыдмæ хъарм хæринаг нæ хъæуы, йæ дарæс ын æхсадæй дарын нæ хъæуы, хæдзары зилæнтæ чысыл сты?.. 

Цыбыр ныхасæй, ахастой сылгоймаджы Сыбырмæ. Михал бавдæлд æмæ йæ фæдыл барвæндæи ацыд Амард уым Ус сыздæхт цардæфхæрдæй, йæ уд мастæй хъæнджынтæй, фæлæ уайтагъд фæстæмæ аздæхт, æз, дам, мæ сæрыхицауы ингæн кæм ис, уырдæм цæуын. Æмæ уый дæр уым амард. 

Ахæмты тæригъæд та кæй фæдыл æфтыд фæуа, чи йæ исы йæхимæ? Рæстæджытæ, дам, ахæм уыдысты — цъаммар æмæ налат. Адæм та æнæдзырдхъом цагъартæ? Сæ цагъаргæнæг та — æназым? 

Уæлахиз... Хæсты уæлахиз. Фæлæ уый цалынмæ нæ хæраймаг зондахастыл уæлахизмæ расайа, уæдмæ нæ цины бæрæгбæттæ дæр цæссыгæхсад, тугдзæссыгджын уыдзысты. 

Нæ удысконды чъизитыл, нæ кæрæдзимæ фыдæхыл уæлахизæй та нæ рухсы бадинаг фыдæлтæн æхсызгондæр ницы уаид сæ Ахæрæты фæндагыл. Æмæ уæд риссаг-дудаг зæрдæ дæр хъарæг нал агурид, сахуыр уаид циныл парахатæй цин кæнын , æвæсмойнагæй... 

 

 

 

Журнал «Мах дуг», 2010 аз, №5 

Букуылты Алыкси 

 

ХИД 

 

Радзырд

 

 

Мурат, ме 'фсымæр! 

Кæд дæм ацы фыстæг искуы фæхæццæ уа, уæд-иу дæ фаг фæхуд. Æрмæст афтæ ма зæгъ, æмæ витебскаг Денис, сагау дзæгъæлы ныууасыд, зæгъгæ. Цы кæнон, мæ хур, хæсты фæндæгтыл мын дæ хæлардзинад мæ риссаг уды цы фарн фæзынын кодта, уый мæ йæхи зондыл атардта æмæ мæ азмæлын нæ бауагъта. Цалынмæ дын, Мурат, дæ сау цæстыты арфмæ æдзынæг нæ ныккæсон æмæ, мæ фæндон дæ зæрдæмæ цæуы, æви нæ, уый сын сæ мидæг фенон, уалынмæ ацы тæссаг фæндагыл иу къахдзæф дæр нæ акæндзынæн. 

Кæрæдзи нæ бафæрсгæйæ, мах никуыдæм цыдыстæм æмæ ныр дæр нæ цæуын, æнæ демæ бауынаффæгæнгæйæ. Ды куы фæцæф дæ, уæдæй нырмæ нæ дыууæйы 'хсæн цы рæстæджы цæугæдон фæзынд, уый сæрты æвæрын хид — ацы фыстæг. Æфсон дæ фæуыдзæн, ме 'фсымæр, æмæ-иу дæ зæрдæйы дзæбæхæн фæхуд, уымæн æмæ дын дæ адрис искуы сбæлвырд кæндзынæн æви нæ, уый нæ зонын, уæддæр дæм Ванькæ Жуковау фыссын: «Цæгат, Ирыстоны АССР, Дзæуджыхъæу, Горькийы уынг, 15, сæйраг пост, Боциты Муратмæ». 

Хиды коймæ йæ æрбаймысыдтæн, Мурат: чысылæй-иу, хъазгæйæ, хынджылæг кодтам, ныфс ивылд доныл арæзт хид у, зæгъгæ, ныфссаст зæрдæйæн та къада дон дæр æнæхид Двина у. Двинайы сæрты æз йæ ивылдæй дæр ахиздзынæн, фæлæ кæд искуы мæ ныфсы хид ныссасти, уæд ныссасти, ды мæ фарсмæ кæй нæ дæ æмæ, хъæмæ здæхгæйæ ацы æвирхъау нывтæм æнæ дæу кæй кæсын, уый тыххæй. Фенинаг, стæй уыимæ быхсинаг ам ахæм хабæрттæ ис, æмæ, де 'фсæртæ кæрæдзимæ фидар куынæ нылхъивай, уæд, чи зоны, дæ кæуын дæ хъæбысæй зынгсахайау ныссæххæтт ласа. Хæсты сармадзанты зæрдæхалæн богъ-богъ æмæ бынмæ æмдзæхгæрмæ æрцæйтæхæг хæдтæхæджы цъæхснаг æхсидтæй дунейы æгуыппæг уавæрмæ хъусын бирæ зындæр кæй у, уый нæ дыууæ иу æмæ дыууæ хатты нæ бавзæрстам. Фæлæ нæ хъуыдыйы кæрон дæр никуы уыд, мæнæ ныр сæ тæккæ астæу мæ тыбыртæ цы æвирхъау нывтæн цæгъдын, уыдон фенын... 

Мæнæ мæ райгуырæн Витебск, æдзæрæг быдырау, ныхъхъус æмæ йæ дæрæнгонд уынгты цъиуызмæлæг нæ зыны. Декабры арф митæй уæлæмæ зынынц пырх бæстыхæйтты хæлддзæгтæ, алайæ арыд дыргъдæттæ. Стæгдартау ныхъхъилтæ сты хъайвантæ æмæ фæйнæджытæ, стъарапилтæ æмæ рейкæтæ... Бæхы æхсыд фæрсчытау фæхицæн сты систы къуымтæ. Агуыри, дур æмæ хъæдæрмæджы пырхæнты æхсæн æвиппайды мæ цæст æрхæцыд, цыдæр æгъдауæй хъен лæугæйæ чи баззад, ахæм тулдзæй арæзт нывæфтыд дуарыл. Йæ цæнгæт хæцæныл ын мæхирдæм рахæцыдтæн æмæ къæсæры сæрты афтæ бахызтæн, цыма зæххæмдзæлх бæстыхайы хуылфмæ æндæр бацæуæн нæ уыд Ме 'взаг мæ комы бахус, Мурат, æмæ дзурын мæ бон нал у, фæлæ дæ зæрдæйы цæст ныттынг кæн æмæ исчердæмыты дæхæдæг фен, уыцы нывæфтыд дуары фале æз цы федтон, уый. 

Ницыуал æнкъардтон, ницыуал уыдтон. Бæстæ ныццудыдта, мæ сулæфæнтæ хъæбæр пуртитæ фестадысты, афтæмæй мæ хурхы ныццæхгæр сты. Истæуыл куынæ фæхæст уыдаин, уæд зæххыл мæ тъæпп фæцыдаид. Тыххæйты ма фиппайдтон тæссар-мæссар аххæрджытыл ауыгъд урс гобанæмбæрзæнтæ æмæ хъæццулты бырæгътæ, къуымты калд чысыл сынтæджыты цъæлтæ, йæ амонæнтæ кæмæн базгъæлдысты, ахæм фæлдæхт рояль... Уæлæ уым, дыккаг уæладзыджы кæройнаг хатæны рахиз къуымы, лæууы мæ чысыл сынтæг. 

Æз хуыссын фæлмæн сынтæгыл æмæ мæм дард кæцæйдæр хъуысы мæ уарзон дыджызæ Василисæйы адджын зарæг. Хъуысы мæм æндæр дунейæ хъуысæгау æмæ мæ æрлæмæгъ кодта. Стæй дзы уд бацыд, мæ къухыл мын ныххæцыд æмæ мæ бакодта хуызджын ахорæнтæй фæлыст аргъауы дунемæ. 

Уалынмæ нæ рудзынджы тарвазыл бæлон абадт, æмæ йæ фæлмæн хъуырру-хъуыррумæ фæтары ис хуызджын ахорæнтæй фæлыст дуне. Æз мæ къух бæлонмæ адардтон æмæ æнхъæлмæ кæсын, цæмæй уый фена, æрдæбон фынгæй цы дзулы муртæ радавтон, уыдон. Бæлон йæ уардихуыз бырынкъæй дзулы муртæ уидзы, Василисæ йæ адджын зарæг дарддæр кæны, æмæ æз ногæй фестадтæн уыцы аргъауы дунейы. Æвиппайды зарæг йе 'мбисыл фескъуыдта æвирхъау уынæр. Дун-дуне срæмыгъта, мæ къух рудзынджы тарвазыл ныхæстау аззад, фæтары сты Василисæйы адджын зарæг хъулон-мулон фæлыст аргъау, мæ хуыссæг... Уый уыди, мæ хъизæймараг удыл дæлгоммæ чи æрхауд æмæ æнусмæ егъау дур чи фестад, æнахъом сабиты ахæм зæлланггæнæг хъæр. Чидæр мыл ныххæцыд æмæ мын ме 'рагъæй систа, йæ быны кæмæн фæцæйцъист кодтон, уыцы уаргъ! Тыххæйты разылдтæн æмæ нæ капитан Игорь Золотухины куы федтон, уæд мæ кæуындзæг нал баурæдтон, мæ дзæгъæлтæгæнæг сæр нæхи «Швейкы» уæхскыл æрæвæрдтон, афтæмæй ныббогъ кодтон... 

Хъуыды ма йæ кæныс, Мурат, нæ капитан сабийау рæстзæрдæ кæй уыд æмæ-иу æппæты тæссагдæр уавæрты дæр хъазæн ныхас кæй уарзта, уый? Æмæ йыл «Швейк» сæвæрдтам. Ныр мын мæ сæр даудта, мад йæ хъæбулы сæр куыд фæдауы, афтæ æмæ кæуынхъæлæсæй дзырдта: «О, Хуыцау, кæм ис дæ рæстдзинад, сабитæ та цы гæнæг уыдысты!» 

Дæрæн хæдзæртты дуртыл гæппытæгæнгæ уадтæн æмæ æррайау хъæр кодтон: 

— Адæм, о адæм! Ам Якуб Коласы номыл скъола кæм ис? Чи уæ йæ зоны? Æз дзы дæс азы куы фæцахуыр кодтон!.. «Швейк» мæ фæдыл уад æмæ мæм дзырдта: «Денис, ныууадз хæдзæртты номыртæ агурын!» Капитаны тыхст хъæлæс мын мæ зæрдыл æрбалæууын кодта, уæ сæйраг горæтмæ фашисттæн сæ фæндаг Джызæлы цур цы бон æрæхгæдтам, уый. Райдианы ды дæ сæр акоппы лæхъир къулыл хостай, стæй сармадзанты тæхгæ нæмгуыты сырх фæдтыл дæ цæст ахастай æмæ ныккуыдтай. Ныппырх кæнæнт горæт дæр, басудзæнт мын мæ фыды къона дæр, æрмæст уæддæр уыцы нæмгуытæ Ирыхъæуы аргъуаны кæрты ма 'рхауæнт æмæ Къостайы стджытæ ингæнæй ма скалæнт, зæгъгæ, æрдиаг кодтай ды! Хæрзаудæн дыл кæнæд уæ Къоста... 

Мæ фыд цыппор фыццæгæм азы дыууын æртыккæгæм июны фæмард Бресты фидар хъахъхъæнгæйæ. Дыууын фарæстæм июны та йын йæ сау гæххæтт райстам, фæлæ иуæй-иутæн нырма сæ фæсонæрхæджы дæр нæма уыд, сау хæст кæй райдыдта, уый. Æз мæ цахъхъæнтимæ Двинайы цæугæдоны кæсаг ахстон, мæ мад та æхгæддуар хатæны мæ фыды сау гæххæтты уæлхъус йæ рустæ тыдта. Цæмæй мæ цæссыгтæй ма фæхуыдуг уыдаин, æмæ мæ уд мæ хъæлæсæй ма схаудаид, уый тыххæй дын бавдæлдтæн æмæ схæцыдтæн, кæддæр мын хæрзчысылæй мæ фыд цы пурти балхæдта, уый агурыныл. Ссардтон æй тыххæйты, тъахтины бынæй йæ райстон æмæ уатмæ бацыдтæн. Мæ мад мæ фыды къамыл хъарæг кодта, æз та йæ тæккæ уæлхъус дымстон мæ зæронд пурти! Мæ рустæ фыр дымстæй куыд ныссырх сты, уымæ кæсгæйæ исдуг фæхъус. Цы ми кæныс, дæ мад дæ быныл баззайа, сау бон ныл куы ныккодта, уæд ды та дæ зæронд пурти дымсын нырмæ æрхастай, зæгъгæ, ноджы карздæр ныккуыдта. Æз мæ дымст пурти баппæрстон, кæцæй йæ райстон, уырдæм. Стæй æфсæддон комиссариатмæ ацыдтæн, мæ фыдыл иу цæссыг дæр не 'рæппæрстон, афтæмæй. 

Ныр мæ батальонимæ Якуб Коласы уынджы фæцæуын, тагъд бахæццæ уыдзынæн нæ хæдзармæ. Нæ дæ бауырндзæн, Мурат, фæлæ мæ цыд сси роботы змæлды хуызæн æмæ нæ хæдзары ’рдæм фæкæсынмæ мæ ныфс нæ хæссын, уымæн æмæ йæ зæрдæйæ хатын: уым нал дæр хæдзар ис, нал дæр кæрт. Ме уæнгты мигъ бацыд, фæлæ уæддæр æппæты тынгдæр тæрсын, мæхи куынæ бауромон, уыцырдæм куы фездæхон æмæ тъахтины бын немыцаг нæмгуытæй тæбæкгонд пурти куы баййафон, уымæй... 

Хæсты алы архайд дæр æвронг хъуыдыйæ нымайын хъæуы æмæ нын фашисттимæ фæстаг хатт ныхæй-ныхмæ æнæфембæлгæ нæй, фæлæ йæ гæрзтæ куы акала æмæ йын йæ къухтыл уæлæмæ куы схæцын кæнæм, уæд нын бабæздзæн йемæ уазал зондæй дзурын. Æмæ нын кæм уыдзæн æппæт бæллæхты, йе 'ппæт фыдракæндты фæстæ ахæм зонд^ Хъуамæ нæм разына, Мурат! Нæ риссаг зæрдæйы æнкъарæн саст знаджы баззайæццæгтæн хъуамæ ныббара сæ тæригъæддаджы митæ æмæ нын фервæзын кæна нæ хъизæмайраг адæймагдзинад! 

Хъуыды ма кæныс, немыцы нæ «Катюшæтæй» куы ныффалгæрон кодтам æмæ стæй акоппыты ныгъуылд фрицтæм куы балæбурдтам, уый? Дæ риу дын тугамæстæй куы федтон, уæд дæ медсанбатмæ акæнинаг уыдтæн, фæлæ мын ды афтæ: 

— Дæ Хуыцаумæ скæс, Денис, ма мæ акæн! Немыцæгтæн æз хъуамæ комкоммæ сæ хъылмадзаг цæстытæм бакæсон! Уыцы цинæй мæ æнæхай ма фæкæн! 

Чысыл фæстæдæр дæ уæддæр сæмбæлын кодтон дохтыртыл, дæ адрис райсын та мæ ме 'фсарм нæ бауагъта, уæззау цæф лæг æнæуи дæр тыхст у, ды та ма йæ уæлдай цы тыхсын кæныс, уæддæр изæры йæ фенынмæ куы æрбацæуай, уæд ын æй базондзынæ, зæгъгæ. Афтæмæй тæккæ уыцы бон ныгуылæны ’рдæм афтæ дард афсæрстам, æмæ ма мæн фæстæмæ раздæхын чи бауагътаид... 

Хæстæн йæхицæй бирæ тæссагдæр цы у, уый зоныс, Мурат? Джызæлы цур мын афтæ куы загътай, ардыгæй мæ хæдзармæ авд километры йеддæмæ нæу, зæгъгæ, уæддæр дæ дæ адрисæй цæуылнæ афарстон, уый, мæнæ абон ацы туглæсæн фæндæгтыл цæугæйæ, зонын. Фæлæ мæ райсом, сабырады фыццаг райсом мæ рыст зæрдæ куы бафæрса, куыд рауад, Денис, дæ хæстон æмбал дын абон сæфтау агуринаг цæмæн у, зæгъгæ, уæд ын цы зæгъдзынæн, уый нæ зонын. Афтæ у, ме 'фсымæр: салдатæн цард æмæ мæлæты арæнтæ сиу вæййынц æмæ йæ дыууæ дунейы сæмæныл бауромынц нæмгуытæй хуынчъытæ бонтæ, топпыхосы туагадгæнæг смаг, сармадзанты зæхмæ богъ-богъ, дæлæмæ йæ ных саразæг хæдтæхæджы зæрдæхалæн æхсидт æмæ бомбæты артæй дæргъытæ-хъулæттæ арвы тыгъд. Фæлæ уыдонæй ноджы тынгдæр тæссаг уый у, æмæ хæстон лæг сабыр царды дæр æхсæнгарз æмæ джебогъæй архайын куы райдайа, лæгъз æмæ фæлмæн ныхас куынæуал зона. 

Немыцæгтæн Двинайы ацы фарс лæууын сæ бон куынæуал бацис, уæд фаллаг былгæрон æрфидар сты. Уыцы фарсмæ ахизгæйæ, хид не срæмыгътой. Цæуыннæ, цымæ? Сæ зæрды цы уыд, уый кæронмæ нæма райхæлдтон, фæлæ иу цæуылдæр гуырысхо нæ кодтон: сæ ног бынатыл хæцыны ныфс сæ куынæуал уа, уæд нын нæ тæккæ фындзы раз хид срæмудздзысты! 

Ау дивизийы штабы нæ хъуыды кæндзысты немыцæгты митыл æмæ Двинайы сæрты иунæг хиды «хинтæ» нæ нымайдзысты?.. Æмæ ныридæгæн æрбарвыста дивизийы командир бардзырд хид бацахсыны тыххæй! Æмæ уыцы тæссаг операци Швейк æмæ йæ батальонæн куы бахæс кодтой, уæд куыннæ хъуыды кæнынц! 

Швейк æнæхъæн æртæ сахаты дæргъы блиндажы фæбадт æмæ йæхимæ æмгæрон никæй бауагъта. Бадтис зыбыты иунæгæй æмæ хъуыды кодта. Ехх, Мурат, ахæм уавæрты дзы дæуæн æмбал нæй, фæлæ ныр ды госпиталы сынтæгыл уæлгоммæ хуыссыс, æмæ Швейк фæсидтис мæнмæ. 

— Æмбал капитан, рæнхъон Денис Кулеш фæзынд дæ бардзырдмæ гæсгæ! 

— Æрбад, Денис! — капитан мæ æрдæгталынг блиндажы цыдæр бæласы къуыдырыл æрбадын кодта æмæ йæхæдæг дæрзæг фæйнæджытæй конд фынгыл картæ айтыгъта. 

Æввахсдæр æрбабад, Денис! Картæмæ иумæ æркæсæм æмæ хъуыды дæр иумæ акæнæм! 

— Æмæ мын уыцы картæйы алы тæпп дæр мæ армытъæпæнау зындгонд куы у, уæд ма йæм кæсгæ та цы кæнон, æмбал капитан? 

— Уый та куыд? — йæ цæстытæ фæуæрæх сты. 

— Уæдæ ды картæмæ кæс, æз та дын йæ тæппытæ нымайдзынæн! 

— Цæй райдай уæдæ! — йæ цæстытæ хинæрттывд фæкодтой. 

— Уыцы фарс, хидæй уæлæмæ анымайгæ, бæрцæй æртæ километры æмæ æхсæз сæдæ метры ныддæргъæн Кулешовойы хъæу. Кулештæ дзы тынг бирæ цæры. Витебскмæ сосæвæндаг хъæуы уæллаг кæрон фæсаджил вæййы. Йæ иу къабуз Кулешовойы тæккæ астæуты ацæуы, иннæ та Двинайы донбылгæрæтты дæлæмæ аивæзы, æмæ æхсæвæй-бонæй ууылты немыцаг патрультæ фæцоппай кæнынц. Фæндаджы саггомыл фрицтæ шлагбаум сæвæрдтой, æмæ хъарагъултæ æрмæст бæлццæтты сгарыны куыст нæ кæнынц, фæлæ хъахъхъæнынц цæугæдон дæр. Куыддæр ын йæ уæлцъар гуырысхойаг исты фæфиппайынц, афтæ йыл автоматæй афыссынц свастикæтæ... 

— Шлагбаумы хабар та кæцæй базыдтай, нырма йæ знон куы сæвæрдтой, уæдр — фæурæдта Денисы капитан. 

— Æмбал капитан, хæсты заманы знаджы фидæрттæ басгарыны бар алкæмæн дæр ис. Уæлдайдæр та, йæ хæдзары фæсдуар бирæгъты тард куыдзау чи фæджиуы æмæ йæ артдзæстмæ бацæуыны фадат кæмæн нæ вæййы, ахæм салдатæн. 

— Ницы кæны, Денис, нæ артдзæстытæм бацæуыны фадат дæр нын фæуыдзæн! — йæ хъæлæс бынтон æрфæлмæн Швейкæн. 

— Æмæ дын уый дзырдтон, æмбал капитан! Шлагбаумæй дæлæмæ цæуæг лæг кæуылтыфæнды фæраст уæд, уæддæр æм хидыхъусы онг фараст хатты баджигул кæнынц. Æниу дын хиды зарджытæ цæмæн кæнын, Кулешовойæ ацырдæм цъиуызмæлæг куынæ уадзынц æмæ хидмæ æввахс бацæуыны бар сæхионтæн дæр куынæ дæттынц, уæд! 

— Ау, уæдæ нæ бынтон æвадат куы скодтой фрицтæ! 

— Фадæттæ ис нæ къухы, æмбал капитан, фæлæ нын куынæ уа, уæддæр сæ хъуамæ ссарæм, уымæн æмæ мæ фыды артдзæст тынг æрымысыдтæн æмæ хъæмæ бацæуынмæ мæ былыцъæрттæ æхсынын. Ацы декабры уазалы Двина салд кæй нæу, уый нын пайда дæр у æмæ зиан дæр. 

— Ома, цæмæй? 

— Пайда нын у, бахъуаджы сахат нын-иу доны бын амбæхсыны фадат кæй уыдзæн æмæ нæм, уыцы фарсмæ хизгæйæ, немыцаг патрультæ æппындæр æнхъæлмæ кæм нæ кæсынц, нæ сæртæ донæй ахæм ран кæй сдардзыстæм Зиан нын у, их нæ фæбæзджын æмæ йæ уæлæ фистæгæй кæй нæ ауайдзыстæм, уымæй. 

— Куыд дæм байхъуыстон, афтæмæй уыдæттæ немыцæн дæр пайда сты. 

— Не сты! Пайда сты æрмæст махæн. Æз бавдæлдзынæн æмæ ацырдыккаг былтыл дон-дон уæлæмæ ссæудзынæн æмæ уым фаллаг фарсмæ ахиздзынæн, фашисттæн сæ цæст дæр æмæ сæ прожекторы рухс дæр кæдæм не 'ххæссы, ахæм ран. 

— Ды ахиздзынæ? — фæджихау капитан. 

— Уæдæ чи хъуамæ ахиза, æмбал капитан? Мæнæй хуыздæр чи зоны ацы бынæттæ?! 

— Стæй уæд цы кусдзынæ? 

— Стæй уæд Бисмаркы дымджыты бынты афтæ абырдзынæн, æмæ мæ немыцаг патруль нæ, фæлæ сæ овчаркæ куыдз дæр нæ базондзæн. 

— Куыд загътай, куыд? Кæй дымджыты кой кæныс? 

— Æз дын кæнын Бисмаркы дымджыты кой, æмбал капитан. 

— Æмæ ахæмæй картæйыл куыницы зыны, уæд мын цæй Бисмаркы дымджыты кой кæныс? 

— Раст зæгъыс, æмбал капитан, ахæмæй картæйыл ницы уыдзæн, уымæн æмæ Бисмаркы дымджыты сусæгдзинад зонын æрмæстдæр æз. — Швейк сыстад, картæмæ йæ чъылдым фездæхта æмæ мын цæмæй мæ цæстытæм комкоммæ ныккастаид, уый тыххæй мæ тæккæ раз дзуццæджы абадт. 

— Дзур дарддæр, Денис! — бардзырд мын нæ радта, фæлæ мæм уæддæр лæгъстæгæнæгау æрбадзырдта капитан. 

— Æмбал капитан, кæд Двинайы донбылгæрæттæм искуы æдзынæг æркастæ, уæд фаллаг фарс æнæфæфиппайгæ нæ фæуыдаис хæрзчысыл обæуттæ. Уыцы обæуттæ сты митæмбæрзт хæрис къутæртæ æмæ сын сæ нысаниуæг нæ батальоны, æвæццæгæн, мæн йеддæмæ никæй сæр æрцахста. 

— Ма мын зæгъ, уыцы къутæрты æхсæнты бабырдзынæ æмæ хиды фаллаг хъусы онг ныйирвæздзынæ, зæгъгæ! — йæ комыкъулты дон тыххæйты аныхъуырдта. 

— Ахæм сæрхъæн æнхъæл мын дæ, æмбал капитан? 

— Дзур, Денис, дзур! 

— Къутæртæ тынг арæх сты æмæ сæ уидæгтæй зæххы цъар сфидар кодтой. Уалдзæджы дон куы раивылы æмæ сыджытæн йæ фæлмæнтæ куы аласы, уæд къутæрты уидæгтæй кæрæдзимæ баст зæххы цъар уæле дæлæмæ æрзæбул вæййы. Уый фæстæ кæд дон йæхиуыл ноджы уæлдæр схæцы, уæд дымджыты йæ сæрмæ сисы æмæ куы фæкъаддæр вæййы, уæдта, сæх-сæхгæнгæ, æркæлынц. Кæд дон дыккаг хатт нæ фæуæлдæр вæййы, уæд та дымджытæ ауындзæгæй аззайынц æмæ къæдзæхы былтыл саразынц, йæ бынты сусæгæй абырæн кæмæн ис, ахæм байбын... 

— Æмæ дзы Бисмарк та цы гæс у? 

— Æмбал капитан, хъуыды ма кæныс историйы ахуыргæнæн чиныджы карикатурæ? Уыцы нывы Бисмарк йæ сæрыл тевтонты ордены цъупп худ ныккодта, афтæмæй ехсæй нæмы йæ министрты æмæ йæ галуангæсты... 

— Хъуыды йæ кæнын, Денис. 

— Æппæт дæр райдыдта уырдыгæй. Уыцы ныв нын нæ удхæссæг фестын кодта Бисмаркы... Дун-дунейыл нæм æппæты мæнгарддæр æмæ хиндæр адæймаг кастис Бисмарк... 

— Дæ хъуыды дын уæддæр нæма æрцахстон, Денис! 

— Ныртæккæ дын æй бамбарын кæндзынæн, æмбал капитан. Сабийæ-иу ацы рæтты хæстæй хъазыдыстæм æмæ-иу æппæтæй тынгдæр архайдтам, цæмæй-иу хинæй чи цыд, уымæн йæ хин йæхирдыгæй фæкæныныл. 

Уацары-иу хъуамæ райстаиккам дунейы хин æмæ кæлæн Бисмаркы. Æмæ-иу нæ уацайраджы Кулешовойы уæллаг кæронæй хидыхъусы онг уыцы дымджыты бынты афтæ хъуамæ абырын кодтаиккам, æмæ йæ доны сæхи найæг лæппутæ дæр куыд нæ бафиппайдтаиккой, хъæуы цæрджыты цæст ыл куыннæ схæцыдаид æмæ дон дæр дзæвгар куыд аныхъуырдтаид. 

— Æмæ Бисмаркы дымджыты бынты хиды онг куы ныйирвæзай, уæд къæдзæхы бынæй уæлæмæ та куыд схиздзынæ? — фæурæдта мæ капитан. 

— Уый дæр мын хъуыдыгонд у, æмбал капитан. Кæддæр Бисмаркы дымджыты дæллаг кæрон уæлæмæ скодтам бырæн хуыкком. Уыцы хуыкком дæлдзæххæй уæлæмæ йæ дзых сдары цыппæрæм пулеметчикы тæккæ фындзы раз... 

— Пулеметчикты нымæц дæр банымадтай, Денис? 

— Æмбал капитан, рæстæгмæ оккупацигонд хъæутæ æмæ горæтты сæрибарадыл хъуыды кæнын æрмæст маршалтæ æмæ инæлæртты хæс нæу! 

— Æмæ уыцы хуыкком ныгæд куы разына, уæд та?.. 

— Уæд та хъуыддаг хъуамæ саразой архъан æмæ кард! Ноджы ма дзурон, æмбал капитан, æви мæ хъуыдыйы рæстдзинад сбæлвырд кæнынæн фаг у, кæй загътон, уый? 

— Денис! — Швейкæн цæмæндæр йæ хъуыры æлхынцъ дæлæмæ-уæлæмæ кæнын райдыдта. — Уыцы фарсмæ ахизыны къæдзилыл баст цы ис, уый æнæзонгæ нæ уыдзынæ. Зондджын лæппу дæ, ма йæ банымадтаис, уый мæ нæ уырны. Гъеуый тыххæй дын æз бардзырд нæ дæттын, фæлæ демæ кæнын лæгæй-лæгмæ æргом ныхас. Витебскы сахар ссæрибар кæныны операци хид бацахсынæй кæй хъуамæ райдайа, уый дæхæдæг дæр хатыс æмæ ма дын æй æз та цы дзурон! Иу цыбырдзырдæй, ахсæв уыцы фарсмæ кæнæ ды хъуамæ ахизай, кæнæ та æз. 

— Æмбал капитан, æвæдза, дæ ацыд стыр рæдыд уаид! 

— Ома? 

— Уым ды мæ бæрц нæ сахаддзынæ, ам та батальон фæцух уыдзæн йæ командирæй. 

— Хорз, Денис, дæ фæндыл разы дæн, фæлæ дæ ахæм тæссаг хъуыддаджы цал лæппуйы бахъæудзæн? 

— Хъазахаг Избасар Токомбаев мын цалдæр хатты дзырдта, чысылæй нырмæ, дам, нæхимæ бæхгæс фæцыдтæн æмæ архъан æхсын афтæ сахуыр дæн, æмæ мын йæ цæст тæхгæ цæргæсы къахæй дæр нæ фивгъуыйдзæн, зæгъгæ... Уый уал дын иу хорз лæппу! Немæ ма иу лæппу ис, йæ ном Азо Мешвелиани, уый та афтæ фæзæгъы: «Топпæй милмæ æхсын махмæ тынг хорз зонынц, тæхгæ чъырттымы цæст дæр акъуырдзынæн...» Украинаг Остап Цвирко, курскаг Ваня Богульный æмæ башкираг Салават Юзбашев ахæм самбисттæ сты, æмæ цыфæнды лæджы дæр æрбырсдзысты æмæ йæ сбæтдзысты... Уый дын фондз ахъаззаг лæппуйы! Уыдон мын мемæ куы арвитис, уæд авд бауиккам æмæ цыппар немыцаг пулеметчикæн сæ удтæ сæлвасынæн уымæй фылдæр нæ бахъæуид, æмбал капитан. 

— Авд кæцæй бауиккат, демæ æхсæзы йеддæмæ куынæ банымадтай, уæд? 

— Æвдæм та Боциты Мурат у, æмбал капитан. 

— Ау, æмæ Боциты Мурат госпиталы куы хуыссы, уæд уый куыд ацæудзæн демæ? — ныддис кодта Швейк. 

— Мурат ма абон госпиталы хуыссы, фæлæ бон-дыууæ бонмæ ам уыдзæн. Сæйрагдæр та уый у, æмæ мын ацы пълан уый бацамыдта... 

Швейк бандоныл йæхи æруагъта æмæ йæ цæстытæ цырдцырд æрныкъул-æрныкъул кодта: 

— Хорз, Денис, хорз! — капитан йæ фæлмæст цæсгомыл йæ къух æруагъта æмæ йæ цæхæр цæстытæ æхсæвы талынгмæ сарæзта. — Ацы цъаммæрттæ нын нæ зæхмæ æрбалæбурдтой, фæлæ уый нал банымадтой, хуымæтæг салдат цæттæ балхонау цы бæсты хъуыды кæны, уымæн басæттæн кæй нæй... 

Капитан йе 'фсæр аууæрста æмæ иу цасдæр рæстæджы фæстæ загъта: 

— Фæлæ, Денис, фашисттæ афтæ æдылытæ не сты! Уыдон сфæнд кодтой, цæмæй мах сæйраг цаутæ иуварс фæуадзæм æмæ, фæстæмæ куы лидзой, уæд нын хид нæхицæн срæмудзын кæной... 

— О-о-о, сæйрагдæр уый у — хид!.. 

— Хид у минæтæй ифтыгъд, æмæ немыцы ардыгæй нæ разæй куы айсæм, уæддæр нын ыл ацæуæн нæй. Гъемæ, Денис, цалынмæ уымæн йæ минæтæ сæдас кæнæм, уæдмæ дæу та де 'хсæз лæппуимæ бахъæудзæн немыцы æнæхъæн пъолчы ныхмæ хæцын. 

— Хорз бынæтты æвæрд цыппар нæмыгызгъалæнæй иу хуыссæгхъæлдзæг полкъ сæргой фæкæнын зын хъуыддаг нæу, æмбал капитан. 

— Мурат, никуы дын æй загътон æмæ дын æй ныр зæгъон: дæу æмæ Швейкы хуызæн адæймæгтимæ цæрын дæр æнцон у, æмæ мæлын дæр. Хъуыды ма кæныс, йæ дзæбæх зæрдæйыл уæвгæйæ-иу нын куы загъта: «Сымахыл кæй аудын, уымæй хъахъхъæнын мæхи дæр. Мæлæты фæсайын мын бантысы, фæйнæрдыгæй уын уе уæхсчыты аныдзæвд куы фенкъарын, уæд!» 

Игорь Фаддеичмæ хъæбатыр лæджы миниуджытæ цас ис, сабийы æнæхин миниуджытæ дæр æм уыд уый бæрц. Йæхæдæг куыд æргом у, æз афтæ æргом нæ уыдтæн, йемæ ныхас кæнгæйæ, æмæ ныр æфсæрмæй мæ цæсгом судзы, уымæн æмæ йын не схъæр кодтон, Бисмаркы дымджыты бынты зымæджы кæй никуы абырыдтæн, уый. А мæхæдæг истытæ кæндзынæн, фæлæ куыд бафæраздзысты лæппутæ?.. Хуыдалынджы цæст ницы уыны. Хатт-иу зæхх нæ къæхты бын ныфтыд, æмæ-иу нæ резинæ бæлæгъмæ ихдон нæ риуты онг скалд, фæлæ æдзух нæ зæрдыл дардтам, нæ хæцæнгæрзтæ нæ цæсты гагуыйау кæй хъуамæ хъахъхъæдтаиккам, уый. 

Дон-иу куы фæтæнæг ис æмæ-иу сур зæхх куы разынд, уæд-иу ныл нæ салд пысултæ æруæз кодтой. Æлыг сыджытыл-иу фæбырыдыстæм æмæ-иу цæмæй æдхæцæнгарз нæ тъæпп доны мидæг ма фæцыдаид, уый тыххæй-иу нæ сæрмæ ауыгъд дымджыты нæ ныхтæ ныссагътам. Избасар Токомбаев стыхстис: «Аксакал, автомат хуылыдзæй нæ бæззы, фæлæ уымæй фæллойагдæр та у хуылыдз архъан: коммæ нал фæкæсы...» Уæд дын æм Азо фæкомкоммæ ис æмæ дзы схынджылæг кодта: «Хæцæнгарз æмæ архъан ма дæ цæмæн хъæуынц! Цъыфы мидæг афтæ сæвдылдтæ, æмæ немыцæгты дæ уындæй дæр дзыхъмæрдтытæ фæкæндзынæ!» Нæ хурхы онг ихдоны лæгæрдæм, нæ пысултæ цæнгæтау ныхъхъæбæр сты æмæ сæ хъæбæр тигътæ æргъæфст буар хафынц, ацы æнаккæгтæ та ахæм хынджылæг скъæрынц, цыма, хуры хъæрммæ бадгæйæ, сæ рæстæг цыбыр кæнынц! Нæ, уыдоны хуызæн лæппутæ лæгæн нæ ратдзысты мæлæтыл хъуыды кæныны фадат! Афтæ нæу, Мурат? 

Къæдзæхы бынæй уæлæмæ сбырæн хуыккомæй мæ сæр, уырыйау сдардтон æмæ, куыддæр фæйнæрдæм афæлгæсыдтæн, афтæ æрлæмæгъ дæн. Мæ уæрджыты дон бацыд, ме уæнгтæ æрлæмæгъ сты æмæ змисæй дзаг голлагау фæстæмæ æрхаудтæн. Ау, фæндагыл афтæ бирæ бафæстиат стæм, æмæ ныл æрбабон?! Избасар Токомбаевæн куы загътон, æрбабон ныл ис æмæ нæ хъуыддагæй ницуал рауайдзæни, зæгъгæ, уæд йæ сæр уæлæмæ едардта, уазал уæлдæфмæ басмыстытæ кодта æмæ сабыргай ныххудтис: 

— Э-э-э, аксакал, горæтаг кæй дæ, уый дыл куыд тынг фæбæрæг! Бон не ссис, уый ахæм талынгæй кæй сбырыдыстæм, уымæн дæм фæкаст æхсæвы тар афтæ тæнæг! 

Хуыккомы былæй немыцы нæмыгызгъалæны онг уыдаид фынддæс метры. Уымæй дыккаджы онг та фæндзай метры. Цæмæй нын фашисттæ нæ ныхас ма фехъуыстаиккой, уый тыххæй-иу дзургæ-дзурын нæ чъылдымтæ хуыккомы хæлиу комыл сныхæстам. Уалынджы уазалæй лæхурæджы хуызæн цы мит ссис, ууыл ныддæлгоммæ Азо æмæ йæ сæр дæлæмæ хуыккоммæ æрдардта: 

— Тыхсгæ ма кæн, Денис, мæ финкæ æхсæвы тары дæр йæ фæндаг йæхæдæг срухс кæндзæн! — Æмæ кобрæимæ хыл кæнынмæ цæттæ мангустæйы лæуд скодта. Минуты бæрц немыцы ’рдæм æдзынæг фæкаст, стæй йæ рахиз къух размæ афтæ цæхгæр ауыгъта, цыма йын æй исчи атыдта. Уый фæстæ мæрдæмыр æхсæвы тыхæскъуыд хæцъилы пъæртт фæцыд, æмæ йæ æз бамбæрстон, Азойы кард йæ нысаныл кæй сæмбæлд, уый. Ногæй та æрхауд лæппу æмæ лæхурæджы хуызæн митыл аленкгæнæгау кодта. Гыццыл куы адард, уæд æз Остапы мæ рæмбыныкъæдзæй бакъуырдтон, марадз, ды дæр йæ фæдыл уай, зæгъгæ... Æз та фæхатыдтон: Азо мард фашистæн йæ дарæс ласта æмæ йæ йæхиуыл кодта. Уалынмæ дыккаг пулеметчикы хъæр айзæлыд æмæ йæм фыццаг дæр — Азо ома — цахæмдæр дзырдтæ баппæрста æмæ размæ йæ цыды кой кæны. Æрдæбонау та ногæй тыхыскъуыд хъуымацы пъæртт фæцыд. Азойы кард та ногæй йæ нысан ссардта, æмæ уæд Остап Цвирко дæр æнæхицау нæмыгызгъалæны цур слæууыд уырдыг... 

Ваня Богульныйæн загътон, нæхионтæм бабыр, уым баззай, Азойы та мæнмæ рарвит, зæгъгæ. Ахæм рæстæджы дæм иу минут æнæхъæн æнусы дæргъæн фæкæсдзæн. Уæлдайдæр та дæ тæккæ цур де знаджы прожекторы адзалы зыр-зырмæ куы кæсай æмæ дæ уыцы рухс йе 'рттиваг базыры иу расæрфтæй кæй раргом кæндзæн, уый куы зонай, уæд... Нæй, сæ иу дæр нæ зыны. Цы баисты? Чи дын хъуамæ радтаид дзуапп?.. 

Æнхъæлмæ кæсыны фадат нал уыд. Избасар æмæ Салаваты мемæ акодтон æмæ хиды бынты абырыдтæн. Æхсæзæй архайæм. Мурат, ды ам немæ кæй уыдтæ, уый мæ удæй æнкъардтон, æмæ мæ ныфс ис, худинаджы хай кæй нæ фæуыдзыстæм, уымæй. Избасар архъанæй немыцаджы йæхимæ æнæсыбырттæй æрбатеу-теу кодта. 

Мæнæн фыр цинæй мæ уд мæ хъуырмæ ссыд æмæ сцæйкуыдтон!.. Нæ дæ бауырндзæн, Мурат, фæлæ уæд ды цыдæр æнахуыр хуыз райстай, цыма дæ фыны уынын, афтæ нæм зынд: дæ уæлæ æфсæддон кæрдæгхуыз гимнастеркæйы бæсты уыдис уæхи ирон дарæс æмæ дæ сау цухъхъайы æвзист бæрцытæ цырæгътау сыгъдысты. Дæ сæры алфамбылай æрвхуыз нимб æрттывта. Йæ рухс дæ цæсгомыл хъазыд, æмæ дын йæ тæмæн лæвæрдта цахæмдæр æнахуыр æнгас. Фæсте мæм хъуыстис хъуызгæ къахдзæфты уынæр æмæ миты хъыррыст, фæлæ мын дæ фенд афтæ æхсызгон уыдис, æмæ мæ фæстæмæ фæкæсын нæ фæндыд. Фæлæ мыл ды дæ хъæлæсы дзаг схъæр кодтай, Денис, мæнмæ, дам, цы нымдзаст дæ, фæстæмæ фæкæс, зæгъгæ. Чъылдымырдыгæй мыл немыцаг нæмыг цæуылнæ суагъта, уымæн ницы зонын! Æвæццæгæн, Салават Юзбашев æмæ Избасар Токомбаевы фæфиппайдта æмæ загъта, мæн кардæй куынæ ныргæвда, уæд ын йæ автоматы къæр-къæр уыцы дыууæ фехъусдзысты æмæ мын мæхи ныргæвддзысты, зæгъгæ. Цæхгæр фæзылдтæн, йæ къух ын кардимæ ацахстон æмæ йæ ме уæхсчы сæрты райстон. Карды цæфæй бæргæ фервæзтæн, фæлæ лæгæн митыл йæ дзæхст куы фæцыд, уæд ын бантыст автоматы мæнгвæдæг æрбалхъивын æмæ куыддæр гæрах фæцыд, афтæ фале Азо, уæуу, нана, зæгъгæ, фæкодта. Мæ кард немыцагæн йæ галиу дзидзийы тæккæ бын ныссагътон, æмæ цæф лæппумæ батахтæн. Йæ сæр ын мæ хъæбысы æрбакодтон, дзурын ын: «Азо, мæ чысыл æфсымæр, бахъæц, бафæраз! Ма амæл, ма амæл!» Стæй йæ тугæй амæст митыл æрхуыссын кодтон, нæмыгызгъæлæнмæ фæлæбурдтон, æмæ иугæр сусæгæй архайынæн ницыуал нысаниуæг уыд, уæд фанарæй дзырдгонд сигнал раттон æмæ фæхъæр кодтон: 

— Лæппутæ, цæвут ацы цъаммарты! 

Æмæхст фæкодтам, сæ раззæгты сын æркарстам. Æхсæвы тар арты сырх-сырхид хæххытæй ныггæрзытæ ис, алфамбылай тай-тай æмæ газ-газæй байдзаг, хиды гæзæнхъæдæй фесхъиуæг нæмыг цъæхснаг ныууасыд. Немыцæгтæ нæм донбылгæрæтты лæгæрстой, фæлæ сæм автоматты æмæ нæмыгызгъалæнты арт куы фæцарæзтам, уæд Кулешовойы уынгтæм багæр-гæр кодтой æмæ нæ уырдыгæй райдыдтой æхсын. Уалынмæ нæхионтæ фæзындысты. Лæхъир æмæ цъыфы æвдылд æфсæддонтæ нæм хæрзæввахс куы æрбацыдысты, уæд сын нæмгуыты рухсмæ сæ разæй ауыдтон Швейкы тызмæг цæсгом. «Цæмæн æрæджы кæнынц сапертæ? Цæмæн æрæджы кæнынц сапертæ? Цæмæн æрæджы кæнынц сапертæ?» — æртæ хатты ныхъхъæр кодта уый. Раст уыцы рæстæджы хиды бынмæ цалдæрæй ныууадысты, кæй агуырдта, уыдон. 

Батальоны хæстонтæ минæтæй сæрибар хидыл ура-хъæргæнгæ æрбагæр-гæр кодтой. Сæ фæдыл гуыв-гуывгæнгæ æрбатылдысты танктæ. Фашисттæ лидзæг фесты. Капитан дыууæ марды — Азо Мешвелиани æмæ Ваня Богульныйы — æхсæн æрбадт æмæ сылгоймагау ныккуыдта. Мурат, дæуæн никуы схауд дæ дзыхæй æмæ мæнæн дæр никуы æрцыд мæ хъуыдыйы нæ капитаны стауын, фæлæ уый хуызæн ныфсхаст нæлгоймæгтæн сæ кæуын дæр хъæбатырдзинадæй хъауджыдæр нæ вæййы хатгай... 

Хæст йæ уд исы æмæ тагъд нæ риссаг зæрдæты мысинæгтæ раивылдзысты. Искæд бон дæм æз Дзæуджыхъæумæ зындзынæн, исты амалæй дын дæ хæдзар ссардзынæн, дæ дуар дын фегом кæндзынæн æмæ дæм бадзурдзынæн: 

— Дæ бон хорз уа, Мурат! 

Двинайы хиды цур мæ мæлæтæй куыд фервæзын кодтай, уый ма дæ зæрдыл лæууы, ме'фсымæр? 

Хæст у царды знæгты знагдæр, фæлæ йæ иунæг хорз миниуæг та уый у, æмæ капитан Игорь Фаддеич Золотухин æмæ мах — Денис Кулеш, Избасар Токомбаев, Азо Мешвелиани, Остап Цвирко, Ваня Богульный, Салават Юзбашев æмæ ды, Боциты Мурат, æнувыд бинонтау кæй скодта, уый... 

 

 

Журнал «Мах дуг», 2010 аз, №5 

Баситы Михал 

 

ЦÆФ САЛДАТ ХÆЦÆНÆЙ КУЫ ССÆУЫ 

 

Роман «Цардæнхъæл»-æй сæргæндтæ

 

 

Ныр æртыккаг бон ис Иран сæхимæ. Уæззау цæфтæй дзæвгар кæм фæхуыссыд (Ереваны госпитæлтæй иуы), уырдыгæй йын фæдзæбæхы охыл хæдзармæ ацæуыны бар куы радтой, уæд куыннæ бацин кодтаид. Уыцы бонмæ æнæрхъæцæй кæдæй нырмæ æнхъæлмæ каст! Æмæ мæнæ æрхæццæ. Бинонтæ ницыма зонынц... Æвиппайды къæсæрæй куы бахиза... Йæ иу къахыл лæдзæджы æнцæйтты зына-нæзына чиугæ, фæлæ цардхуызæй, сæрæгасæй. Цинтæ, хъæбыстæ, тæригъæды цæссыгтæ... 

Мæты йæ цы 'фтыдта, — куыд ацæудзæн, цæм ацæудзæн Ереванæй Ирыстонмæ зын, тæссаг хæххон фæндæгтыл? Уымæй дæр, æххæст чи нæма сдзæбæх, ауæрдын кæуыл хъæуы, уыцы къахыл? Йемæ йын æмбалæн кæй ратдзысты — Майрæм йæ зонæг. 

Уыцы сагъæстыл куыд фæци, афтæ палатæмæ 'рбахызт æндæр хайады дохтыртæй иу. Цæф рынчынтыл йæ цæст ахаста. Уымæ фæкомкоммæ. 

— Хасиев... Иран? — хæстæг æм æрбацыд. — Громкое у вас имя. Я запомнил. 

— Имя, может быть, и громкое. Сам я не громкий. 

— Это похвально. Скромность, как известно, украшает человека. Вот пришел познакомиться... 

Уыцы æргом ныхасмæ чи нæ баджиххуыз уыдаид. Цæмæн ма йæ бахъуыд «познакомиться»? Мыггаг дæр куы зоны... 

— Вижу, вы в недоумении. Я тот, кого назначили вашим сопровождающим до дома. 

— «Врача сопровождающим?»... — сцæй дзы ирвæзт, фæлæ йæхиуыл фæхæцыд. Фæлæуу-ма, фæлæуу, ай Вадим Петрович куы у, хирург Сулимов! Куынæуал æй базыдта!... Боцъо рауагъта æмæ... Сæйраг дохтыр ын йе стыр мæтаг уæраг рараст кæнынæн исты амал ссарыны тыххæй сæрмагонд консилиум куы сарæзта, уæд Сулимов дæр иннæ хирургтимæ йæ уæлхъус куы лæууыд. 

— Не стоит удивляться. Иногда и врачи выполняют эту обязанность. Ситуация... Я вам все потом объясню. А пока... Как у вас с ногой? 

— Не перехвалить бы. Очень доволен. Спасибо Всевышнему. Его воля, что, на мое счастье, профессор-знаток вовремя оказался здесь. 

— Тебя, Иран, оперировал специалист высшей квалификации, — Сулимов фыццаг хатт «ды», зæгъгæ, сдзырдта. — Он достоин самой горячей благодарности... Будь терпелив. Ногу не перегружай. Вижу, костыли забросил, заменил клюкой. 

— Спасибо, Вадим Петрович, за заботу и добрые советы. На душе стало спокойнее. Мне с вами будет легко общаться. 

— Я в этом не сомневался, — æхсызгон мидбылты йæм бахудт. 

— Все хорошо, но когда поедем? И на чем? Говорят, поезда ходят, но с большими перебоями, многочасовыми остановками... Этак и за неделю нам не добраться до дому. 

— Выход есть, — Сулимов йæ цæсты тигъæй иннæ цæфтæм бакаст, йæ хъæлæс фæныллæг кодта. — Ты наверное, слышал: колонны грузовых машин, которые возят наших бойцов к турецкой границе, на обратном пути обязательно заезжают в Ереван. Кстати, недавно такой колонной воспользовалась молодая женщина из Осетии. Чтобы проведать брата в нашем госпитале. 

— Эта была моя сестра, — загъта Иран. 

— Отважная у тебя сестра! — раппæлыд дзы Вадим Петрович. — Решиться на такую дальнюю поездку и в такое время!.. К тому же, без надежного друга... Хотя, как выяснилось, она была прокурором района. 

— Руководителем той колонны был наш односельчанин, сосед по дому — Дудар Царагаев. Ему и доверилась сестра... 

— Ладно, Иран. Готовься в дорогу. Надо и мне собраться. У тебя много вещей? 

— Шинель и тощая котомка. 

— Тем лучше. Завтра к одиннадцати мы должны быть уже на базаре. Колонна обычно в это время подъезжает туда. 

Куыд баныхас кодтой, афтæ нысангонд рæстæджы уыдысты сæ бынаты. Машинæтæн сæ кой, сæ хъæр дæр нæма уыд. Æнæрхъæцæй кæмæ 'нхъæлмæ кæсай, .уый фæстиатæй зындæр ницы вæййы адæймагæн. Сæ цæстытæ сæм ныуурс сты кæсынæй. Тыхсын райдыдтой: кæд, мыййаг, æппындæр не 'рбацæудзысты... Уалынмæ моторты гуыр-гуыр ссыд, æмæ уæзласæнты даргъ хал сæ тæккæ цур æрлæууыд. Раззаг машинæйы дуар фегом æмæ дзы æрхызт... Цæрæгаты Дудар! 

— Мæнæ царциатæ!.. Æцæг уый у æви?.. Кæса, йæ тæккæ йæхæдæг!.. 

Дудар æй куы ауыдта, уæд бадисхуыз, йæ цурмæ 'рбацыд. 

— Куыд кæсын, афтæмæй дзæбæх дæ, мæ сыхаг. Хæдзармæ ма сфæнд кæн?.. 

— Уæллæй, афтæ. Мемæ æмбал ис. Дохтыр. 

Цыбыр рафæрс-бафæрстæ, цæстуарзон арфæтæ, стæй Дудар дыккаг машинæйы шофырмæ фæдзырдта. 

— Адон де уазæг, Аким. Дæуыл сæ фæдзæхсын. Раст цыма де 'фсымæртæ сты, ахæм цæстæй сæм кæс. Мæнæн бахатыр кæнут. Цыдæр хъуыддæгтæ ма мæ ис... — Шофырæн сæрæй ацамыдта кабинæйы ’рдæм. — Кæй æрбахастай, уый фæстæмæ ахæсс. Бахъæудзæн уæхи... 

— Ис нæм алцыдæр. Нæ хъæуы, — уайтагъд æй фембæрста Иран. 

— Хæдзармæ уæз нæй, — не сразы йемæ Дудар. — Стæй дард фæндагыл цынæ вæййы... Мæныл ма мæт кæнут, алцыдæр уыдзæн нывыл. 

Ныхас дардыл цæуы, фæлæ, цыбыр дзырдæй, дыууæ бæлццоны, æнхъæл куыд нæ уыдысты, афтæ æнæ фыдбылыз, æнæ маст, æнæ «цы нæ вæййытæй» афоныл æрхызтызты Акимы уæзласæн машинæйæ Дзæуджыхъæуы æфсæнвæндаджы вагзалы раз. Дударæн стыр арфæтæ ракæныны фæстæ ма сын йæ къух ноджы тынг фæхорз и: афоныл баййæфтой, Арвыхъæумæ цы поезд цыди, уый. Фондз сахаты бæрц дзы баулæфдзысты æмæ — сæ уæззау балц фæци... 

Бæргæ, афтæ куы рауадаид, фæлæ сæ уыцы зæрдæйы ахаст фæсайдта. Къулвахсыхъæумæ æцæгдæр æрхæццæ сты æнæкъуылымпытæй. Поезд дарддæр нал цыд. Дыууæ бæлццоны фæстаг вагонæй куы æрхызтызты, уæд Иран цытæ федта, уыдæттæй зæрдæдзæфау фæци. Рагæйдæр бирæ уарзта ацы бынат. Йæ хистæр æфсымæр Муратимæ сæ кæддæр ардæм æрласта сæ фыд, стыр цæугæдоны сæрты цы æфсæнвæндаджы хид арæзтой, уый, стæй йе 'нахуыры æрдзон рæсугъддзинæдтæ фенынмæ. Абон дæр стыр æхсызгонæй æрымысы уыцы бон. Ныр ай циу?.. Базонæн куынæуал ис станцæйæн. Вагзалы агъуыстæй ма цыдæртæ аирвæзт, фæлæ æфсæнвæндаг...Бынты-быны пырхытæ... Æдæрсгæ дзы азмæлæнтæ нал и бомбæдзæф арф уæрмытæ æмæ æвирхъау здыхтытæ рельсытæй, зæххы пырхæнтæй. Перроны кæрæтты цы рæсугъд кæрз, тæрс, бæрз, акъаци æмæ бал бæлæстæ зади, уыдоны дæрæнтæм кæсгæйæ дæр зæрдæ уынгæг кодта. 

— Вот уж чего не ждал, что здесь у вас увижу такой погром, — маст йæ хъуыры нал цыди Сулимовæн дæр. Однако нам надо двигаться дальше. Может, попадется какой-нибудь транспорт. 

— За поворотом мост, но он, как говорят местные, тоже пострадал... 

Вагзалæй цæугæдоны ’рдæм куы фæзылдысты, уæд та сын, цæуыл бадис кæной, уый разынд. Хæсты размæ-иу куыд уыди, афтæ канд æввахс ран нæ, фæлæ хиды фале дæр бæлццæттæм æнхъæлмæкæсджытæй цæст никæуыл æрхæцыд. Æрмæст дзы сидзæрхуызæй лæууыд зæрондгомау автобус. Йæ уæлхъус цалдæр нæлгоймаджы, ацырдæм фæкæс-фæкæс кæнынц. 

— Похоже, нас ждут, — бацырын Сулимов, — поторопимся. 

Сæ цыдыл куыд бафтыдтой, афтæ сæ фæсте чидæр æрбаййæфта: 

— Чысыл ма фæлæуут! — нæлгоймаджы хъæлæсыхатт — тæригъæдгæнæгау дæр, уайдзæфгæнæгау дæр. — Уыцы лæппуйы цæф къах мæгуыр нæу?! Автобусæн ма тæрсут, æнæ сымах нæ алидздзæн. 

Иран йæ бынаты сагъдауæй аззад. Кæд ма исты зоны, уæд Уыбæдз!.. 

— Мæнæ диссаг, нæхи Иран куы дæ! — Лæг æм ракæсбакæс кæны, йæ цонг ын узæлгæ æрсæрфта, арæхстгай йæ æрбахъæбыс кодта. — Къахыл цæуылнæ фæцауæрдыс? 

— Ницы йын у... 

— Гъемæ, кæд æцæг афтæ у, уæд хорз. Алы бон æгас цу! Хъыгдард, фæлæ æгайтыма сæрæгасæй! Ацы лæг дын чи у? 

— Мемæ мын æй æмбалæн рарвыстой. Кæм хуыссыдтæн, уыцы рынчындоны дохтырæй кусы. Йæхи бафæндыд. Йæ мад ам цæры. Змейкæйы. Тынг æррынчын, æмæ йæ цыды сæр уый у. Познакомьтесь, Вадим Петрович, это мой близкий родственник. 

Дыууæ лæджы кæрæдзимæ сæ къухтæ радтой, сæхи бацамыдтой. 

— Æгæр нæ ныффæстиат стæм, Убæдз? — æнхъæлмæгæсджыты ’рдæм ахъахъхъæдта Иран. — Хæдтулгæйы чи ис, уыдон куы рамæсты уой, мах ам лæугæйæ куы фæуадзой. 

— Фæуадзæнт æмæ сæхи сарæзтой!.. — бахудæнбыл Убæдз. — Мæнæ мæ дæ дзæбæх æмбалы мæт и, кæдæм ма йæ цæуын кæнæм?.. Чидæр цыдæр дон-дон куыд ласта... Йæ уæззау рынчын мадмæ йæ цæуыннæ ауадзæм? — Сулимовмæ фездæхт. — Есть предложение, Вадим Петрович. Отпустить вас к матери, Огромное вам спасибо за все. 

Лæгæн йæ цæсгом куыннæ ныррухс уыдаид. 

— Это вам огромное спасибо, дорогой Убаз! — йæхи нал баурæдта æмæ дыууæйæн дæр ныхъхъæбыс кодта. 

— Счастливой встречи с матерью, Петрович. Скорейшего ей выздоровления! 

Дыууæ хионы автобусмæ нæма схæццæ сты, афтæ дзы чидæр рагæпп ласта æмæ сæ размæ æрызгъордта. 

— Диссæгтæ, Иранбег ссыд! Рагæй хабар кæмæй нæ уыд... Гъы, ахæм æрыгонæй ныридæгæн лейтенант!.. Куыд дæ, мæ дзæбæх сыхаг? — йæ цæф къахмæ йын ракæс-бакæс кæны. — Цы хорз у, Убæдз, кæй афæстиат стæм, уый, дæ тугхæстæг æрвад йæ бирæ фыдæбæтты фæстæ ам уæлæмæ фистæгæй фæхафтаид... Хæдзары зонынц, Иран, ссæуыс, уый? 

— Уыдæттæй йæ автобусы фæрсдзынæ, — нал ын фæгæдзæ кодта хицау. — Мауал нæ фæстиат кæн, Ацце Хæмæтджеевич. Хæдтулгæйы чи бады, уыдон дæр адæм сты. Афонмæ нæ цы схуыдтой?.. 

Цæсты фæныкъуылдмæ Хæмæтджеевич цыдæр æрбацис. 

Йæ мидбылты бахудт Иран: сæ рагбонты йæ куыддæриддæрæй зыдта, ахæмæй баззад. Уый карæнæй адæймаг хъуамæ æмбаргæдæр уа. Куыд фæразы а нæхион йемæ?.. Кæд кусынмæ рæвдз у... 

— Ды кæбинæмæ схиз æмæ уым сбад, — йæ дзæкъул ын райста Убæдз. 

— Дæхæдæг та? — батыхстхуыз Иран. — Уадз мæ иннæтимæ... 

— Æз куыд загътон?... — йæ цæстытæ йæм сзылдта Убæдз. 

— Хистæрмæ нал хъусæм? Фæстæмæ дæм разил-базил кæндзынæн? Мæ къубал къуыбылойы æндахæй лыстæгдæр куыд суа, афтæ? 

Автобус араст. Иуцасдæр рæстæг йæ моторы фæлмæн æнæкъуыхцы гуыр-гуыр йеддæмæ сым дæр нал хъуыст. Æнæзонгæ бæлццæттæ сæ мидныхæстæ фæуагътой æмæ æнхъæлмæ кастысты, хицау сæ истæмæйты кæй фæрсдзæн, уымæ. Йæ фарст уыди хæрз цыбыр: как устроились пассажиры? Все ли довольны? В порядке ли документы? Хъæстгæнæг дзы куы нæ разынд, уæд йæ армытъæпæн Ираны уæхскыл æрæвæрдта: 

— Куыд дæ, ме 'фсымæры хай, æнцой бадт кæныс, æви дæ исты хъыгдары? 

— Ма тыхс, дæ хорзæхæй, — йæ сæр æм разылдта æфсæрмхуызæй уый, — æз мæнæ кънйазы бадт кæнын, ды та... Ме 'нцой бадт мæ фарсыл нæ хæцы... 

Лæг æм йæ сæр хæстæг æркъул кодта, æрдæгхъæлæсæй йын йæ хъусы бадзырдта: 

— Дзæгъæлы, ды, мæ бынаты уæвгæйæ, дæхи куыд дардтаис? Рыст, къабаздзæф, даргъ фæндагыл фæллад Уыбæдзы кæмфæнды сбадын кодтаис, фæкæсæг æм кæм нæ уыдаид, уым? Не 'нхъæлын. Нæ, мæ хур, уый хаситаг гуырдтæн сæ хъуыраны фыст нæу! Так что, æнцад бад. Тыхст нæй!.. 

Убæдз цæсты тигъæй ахъахъхъæдта тæргайгопп шофыры. Йæхи куыд ныкъкъуырма кодта, джауырæй гуырд. Æрдæбонсарæй дзы иу дзырд нæма схауд, афтæмæй йын зæгъинæгтæ цас и...Шофырæй уæлдай ма кассир дæр у. Йæ хæс: чи кæйонг æмæ кæдæм цæуы, уый бæрæг кæнын, билеттæ чи не 'лхæны, лæвар цæуын чи уарзы, уыдонæй дзуапп агурын... 

Фæззыгон бон — скаст æмæ ныккаст. Хур, йæ аныгуылыны размæйы фæстаг тынтæ куыдкадавардæрæй Арвыхъæуы къуылдымтæ æмæ быдыртыл таугæ, цадæггай рагъы фæсчъылдыммæ ныттылди. Хæхты куыд вæййы, афтæ уайтагъд фæталынггæрæттæ, Скæсæны ’рдыгæй, арв кæм фæтардæр, уым ранæй-рæтты фыццаг стъалытæ ссыгъд Адæм сæ сараты сæрдыгон пецты арт бандзæрстой, æмæ фæззæджы карз тæф сатæг уæлдæфы ленк кодта, фындзыбылтæ цавта. Æввахс кæртытæй хъуысти сылгоймæгты æнæвдæлон, талф-тулф ныхас, уынгтæй ивылди æрæджиау хъæддзауты бæхуæрдæтты хъинц-хъинц, куыйты æнæрынцой рæйын. 

Бинонтæ дыууæизæрастæуы зилæнтыл кæй уыдысты, уымæ гæсгæ Хаситы Сибойы хæдзары цырагъ нæма ссыгътой. 

Сарайы сæ куыстытæ кодтой дыууæ сылгоймаджы. Кæстæр — иу æртæ 'мæ дыууиссæдзаздзыд, сывæллæтты мад Сæниат, тæнтъихæгтæ, асæй рæстæмбис, хъуымбылдзыкку, йæ уæлæ урс тæппытæ тарбын зæлдаг сæрбæттæн. Иннæ, Дадигка, ходыгъд, асæй чысыл ныллæгдæр, азтæй — бирæ карджындæр, фæлæ нырма сæрæн, цæрдæг сылгоймаг, йæ уæлæ морæ фæсмын къаба æмæ кæрдæгхуыз цъында æддæгуæлæ. 

Сæниат, йæ къухы афтид къæрта, афтæмæй, хъуг сарайы кæрон хъæдынкъул скъæты бастæй кæм лæууыд, уырдæм бакаст. Стуры раз хосы цъупп æрæппæрста, дымст фæздон хъæрмуст донæй æрæхсадта, ахуыр къухтæй фæдджытæм февнæлдта. Æвиппайды сæнтурс лыстæг цыхцырджыты æмыр гыбар-гыбур ссыд къæртайы бын. Ногдыгъд хъарм æхсыры тæф сылгоймаджы фындзыбылтыл уад æмæ, алы хаттау, ныр дæр цыдæр æхсызгондзинад хаста зæрдæйæн, фæлæ йæ уæззау заманы хæсты азары тæссаг хъуыдытæ сæ быны кодтой æмæ удæнцойы фаг нæ уыди. 

Чъылдымырдыгæй сарæх сты фæрæты гуыппытæ. Уый цæттæ фаст сугтæ æндзарынæн сæтты Дадигка. Рæхджы куыстæй æрбацæудзысты хистæр хотæ Зирæ æмæ Фарузæ, сæ кæстæр, скъоладзау Ирмæ та быдырæй сыздæхдзæн — хистæр кълæсты ахуыргæнинæгтæ ацы æнæвдæлон, удисæн бонты иууылдæр æхсæны хæдзарады тынд халсартæ æвзарынмæ сты. Се 'рбацыдмæ пецы арт бандзарын, хъуг æрдуцын, æхсыр æрфæрсудзын æмæ сфыцын дыууæ сылгоймагмæ кæсы. Ноджы ма сын æхсæвæр сцæттæ кæнын дæр хъуамæ бантыса. 

Иууылдæр æрбацæуынц фæлладæй, æххормæгтæй, уæлдайдæр кæстæр кълæсты ахуырдзаутæ — стонгæн æбыхсонтæ. 

Дыгъд фæци Сæниат æмæ исдуг къæртайы хуылфмæ джихæй кæсгæйæ аззад. Иæ сæр ныттылдта, ходыгъды цурмæ бацыд. 

— Æркæс-ма, дæ хорзæхæй, цас та æркодта æхсыр нæ дарæг... — зæрдæрыст хъæлæсы хаттæй йæм дзуры. — Цыдæр афтон нæ сæр не скуыста, нæ хъус æм не 'рдардтам æмæ, æвæццæгæн, хъуг хуыскъæй баззад... 

Дадигка фæрæт иуварс авæрдта, йæ астæу сраст кодта. Æхсырæй æрдæгдзаг къæртамæ ныккаст æмæ тынг фæсагъæсхуыз, йæ сæр банкъыста. 

— Уымæй бæллæх дæр ма цы уаид, чындз, — загъта саст хъæлæсы хаттæй. — Уæд ма утæппæт бинонты цæмæй дариккам, цард сын фестон? 

Йæ къухтæ фæйнæрдæм акодта Сæниат, бамæгуырхуыз, йæ цæсгом, рæстмæдзуаппæн чи нал вæййы, ахæм адæймагау ныттар. 

— Тобæ, тобæ... Æз дæр цытæ ралæхурдтон... — фæтæригъæд кодта ходыгъд сидзæргæс чындзæн. — Уыйбæрц бинонты хæссын, дæлæ кæнæм-уæлæ кæнæм, уæддæр махмæ кæсы, фæлæ ацы тыхст, заууат заман хæдзары хуыскъ хъуг дарын... И, куыд дæм кæсы? Уæд та йæ ауæлдай кæниккам? 

— Канд æз æмæ ды нæ — сывæллæттæ йыл иууылдæр афтæ сахуыр сты æмæ... Сæ комыкомдзæгтæ дæр ма йын куы фæцæйскъæфынц абуц кæнынæн... Æниу, кæм ссардзынæ ныртæккæ уый хуызæн æнæмаст, бинонтыл ахуыр стур? 

— Уымæй дæр раст зæгъыс Йæхицæй сабырдæр, æнæмастдæр фос стæм кæртæй рацæугæ фендзынæ, бæгуыдæр... — къæхтыбынæй ныуулæфыд зæронд ус — Зæрдæ йæ нæ комы ауæлдай кæнын... Иннæрдыгæй та, чындз, сомбон нæм цы кæсы, уый хынцгæйæ... Æвиппайды нын стгæ æмæ æрмттæдæлармæй лидзгæ куы 'рцæуа, Хуыцау бахизæд фæлæ... Доны къусы сæфт нæ кæны уæд мæгуыр хъуг? Чызджытæм банхъæлмæ кæсæм. Цы ног хабæрттæ æрбахæсдзысты — Майрæм йæ зонæг. Иумæйаг уынаффæ — æвæсмондæры хос. Æниу, ныр мæгуыр нал стæм, чындз. Иран нын дзæбæх у, нæ кæстæр бæлццон, нæ ныфсы цæджындз. Нæхи Асæбейы фырт Темырхъан хæсты быдырæй ссыд æмæ хорз хабар сласта: æрæджы йыл Доны сæрты хидыл амбæлд.. 

Дадигка йæ хъæбысмæ сугтæ сæвгæдта, Сæниат та йе 'хсыры къæртайыл схæцыд, æмæ дыууæ сылгоймаджы мидæмæ ахызтысты. 

Хæдзарыдзаг бинонтæ ныууагъта йæ фæстæ, зæгъæн ис, хæрз æрыгонæй сæ дарæг, мыггаджы нымаддæр лæгтæй иу, Сибо: дыууæ фырты, дыууæ конд кæрдзыны — йæ уарзон иунæг хо Дадигка сæ афтæ хуыдта — æмæ фондз чызджы. Амæй-ай кæстæртæ. Сæ хистæр Зирæйыл уыцы рæстæг цыди æхсæрдæс азы, кæстæр Витæйыл — афæдз æмæ æрдæг. Бинонтыл судзаджы бæллæх сæмбæлди бынтон æнæнхъæлæджы. Мидæгхохы куыста Сибо æмæ, куыд дохтыр, афтæ арæх азилаг уыд фæсвæд хохаг хъæутыл. Сæрдæй, зымæгæй хонæг, хатæг никæмæ 'нхъæлмæ каст, уайтагъд-иу рабæлццон. Йæхæдæг рынчынтæгæнаг цас нæ уыд, уыйбæрц уæззау низæй хъæрзæджы тыхст æмæ тыхст хорз æмбæрста. Йæ цард, йæ куысты ахъаззагдæр фæтк сси Гиппократы ардбахæрд æмæ йæ уый æнцад-æнцой, æнæмæтæй бадын нæ уагъта, æдзух æй размæ схуыста йæ низæфхæрдты сæрылхаст зæрдæ. 

Уыцы æрæгуалдзæг, мартъийы хъуынтъыз бон дæр та йæ цæуын бахъуыд рæбинаг бæрзонд хъæумæ уæззау рынчыны фенынмæ. Зын сæфтæн къахвæндæгтыл æй тымыгъ æрцахста, астæумæ миты фæлæгæрста, схид ис, æмæ дзы уазал бацыд. Фæстæмæ фæндагыл йæхи нæ бахъахъхъæдта — æниу, хъахъхъæнгæ дæр куыд бакодтаид уыцы æвадат уавæрты?! — æмæ низ рæуджыты бацыд. Тæвд дыууиссæдз градусмæ схæццæ. Йæ къæхтыл ма тыххæй лæууыд, афтæмæй сæхимæ, Арвыхъæумæ исты амæлттæй рафтыныл йæ уд бахъардта. Расыг лæгау цухтæ-мухтæгæнгæ уынгты сыхæгты цурты куы фæцæйцыдис, уæд адæм фыр дисæй джихтæ кодтой, сæхи фарстой: «Ай цы хабар у, цы 'рбамбæлди Сибойыл, чи йын батых кодта, хъæбæр нозт йæ дзыхмæ куы никуы схаста?!» 

Сыхбæстæ, бæлас фыццагдæр кæуыл кæлы, уыдон, хионæй, æддагонæй хæдзармæ бæрæггæнæг уадысты. Кæрт уайтагъд адæмæй байдзаг. Се 'ппæт уаты кæм бацыдаиккой, фæлæ, бинонтæм хæстæгдæр чи уыди, уыдон лæджы баййæфтой тынг тарфæй. Уыцы æдзæмхуызæй хуыссыд цъæтджын сынтæджы, фыр тæвдæй йæ фæсхъуыстæй йæ фæздæг калд. Сæнттæ цагъта. Æрчъицгæйæ ма-иу стæм кæйдæрты тыххæйты базыдта. 

Æвæстиатæй рынчындонмæ аластой лæджы. Йæ фарсмæ æхсæвбадæн кодтой хойæ, бинойнагæй, хионæй, фæлæ къуыри дæр нал ахаста, мæгуырæг — ахицæн. Дохтыртæ загътой, йæ зæрдæ фæлтæрд нæ уыди, уæззау низæн нæ бафæрæзта. Зæрдæ, бæгуыдæр, æфсæйнаг нæу, уазал дуры гуыбыны дæр хъары. Афтæмæй йæ Хуыцау йæхимæ айста. Цыппæрдæс æмæ дыууиссæдзаздзыдæй. Йæ тæккæ лæджы кары. Цас ма фервæзын кодтаид, æвæдза, æвæджиауы курдиатджын дохтыр мæлæтæй, ацарди ма, уæд, алы мыггаг низтæй æфхæрд адæмы! Фæлæ йæхæдæг фæраздæр. 

Йæ адзал разæууæлтæй базыдта Сибо. Æвæццæгæн, уæззау рынчын халонау йе уæны кæсы. Æбæрæг цыдæртæ йæм бæлвырдæй разынынц, æрцæуинаг хъуыддæгтæ йæ цæстытыл ауайынц. Йæ фæстаг бонтæй иуы æрсидти йæ иунæг хо Дадигкамæ. Йæ фарсмæ йæ æрбадын кодта, æнæхъару, фæлурс армытъæпæнæй сылгоймаджы куыстæфхæрд, уæзæгджын къух ссардта. 

Цасдæр рæстæг афтæ æнцад, æдзæмхуызæй хуыссыд, йæ хойы зыр-зыргæнаг æнгуылдзтæ нæ уæгъд кæнгæйæ, зæрдæйæн адджын, удæн зынаргъ цæсгоммæ æнкъар цæстæй каст. Мадызæнæджы уарзæгой зæрдæ куыннæ бамбæрстаид, йæ разагъды æфсымæр, йæ лæугæ хох, цæугæ мæсыг йæ адзалы къахыл кæй ныллæууыд. Канд бинонтæ, хиуæттæ нæ — æгас сыхбææстæ, хъæубæстæ дæр фæлмæн ныхас, буц зæрдæлхæнæнтæй дарддæр маст, хæрам ми кæмæй нæ зыдтой. Зондæй фæрсынмæ æмæ удыхосагур кæмæ цыдысты. 

Дунейы рухс æрталынг Дадигкайыл. Кæуын хъуырмæ схæццæ. Цæстытæ доны зылдысты, æмæ мигъ бадти акæсæнты. Тæригъæддаг хъуыдытæ нал цыдысты сæры. Дæ адджындæр, зынаргъдæр хионæн, дæ туг, дæ стæгæн йæ тыхстдæр сахат дæ бон æппын мацы уæд!.. Цы ма уа уымæй зындæр, уымæй бæллæхдæр!.. Иунæг мадзал ма зыдта хо: йæхиуыл ныххæцыд æмæ ныфсытæ æвæрдта йе 'фсымæрæн. Фæлмæн армытъæпæнтæй йын узæлгæ адау-адау кодта йæ хидæйдзаг тæвд ных, зæрдæтахт хъæлæсæй йын рæвдаугæ дзырдта: 

— Тыхсгæ ма кæн, мæ зæрдиаг... Тæссагæй дзы ницы ис... Дохтыр загъта: рæхджы дæ тæвд æрхаудзæн, æмæ дын бæлвырд фенцондæр уыдзæн... Мæнæ чындз дæр ам и... Æхсæвæй-бонæй дæ уæлхъус лæууы... Исты йын кæд зæгъыс?.. 

Рынчын, цыдæр æнахуыр фæлмæн, уарзæгой, рухс цæстæй скаст йæ бинойнагмæ. Иæ ирон æфсарм, фырнымд зæрдæйы уаг цыма иуварс авæрдта низы хатырæй. Ног даст хуыздзыд цæсгомыл уæлдай бæрæгдæрæй зындысты тæрбын, зына-нæзына халасдзыд рихитæ; æлвынинаг къæбæлдзыг сæрыхъуынтæ æмхæццæ къæлæсытæй æрзæбул сты фæтæн ныхыл. Йæхи ныффидар кæныныл бæргæ архайдта, фæлæ йе 'гæр тыхст æмæ æнæбон уавæр бамбæхсын нæ фæрæзта. Хатгай-иу йæ улæфт ферхæцыд, цыдæр уæззау хæр-хæр-иу сыхъуыст риуы арфæй. Æрæджиаугомау къæхтыбынæй ныуулæфыд, йæ хъуыр расыгъдæг. Афтæ зынди, цыма йын чысыл фенцондæр. Уый бæрæг уыд йæ сабыр, æнæкъуыхцы æмбаргæ ныхасæй: 

— Зонын, æфсин цыдæриддæр хъæуы, уый бакæндзæн... Йæхи иуварс ницæмæй аласдзæн... Йæ удыхъæд ахæм нæу... Фæлæ, Дадигка, мæ адджын хойы хай... Кæд бинонтыл цыфæнды иузæрдион, цыфæнды æнувыд у, уæддæр иунæгæй... — Сибо арф ныуулæфыд, хойы къуырфæвæрд тасдзыд цæстытæм æдзынæг ныккаст. — Сæрæн у, коммæгæс, уæздан туг, йæхи цур дзы æппæлæм... фæлæ куыдтæ, цытæ уыдзæн иунæгæй?.. Хæдзар мæнгуæраг, къæбæлдзыг, хъуымызбыл уæрыччытæ æмæ сæныччытæй йе дзаг... Ды мæ зæрдæдарæн, Дадигка. Фыййауæн дæ уадзын, мæ иунæг хо... Дæхицæн — хъæбул, уый кæсынхъуаг нал у, бинонтæ æрхаста... Бамбардзæн мæн дæр, дæу дæр... 

Сибо йæ даргъ ныхасæй афæллад, йæ хъуыр та ахгæдта, цалдæр хатты хæстулæфт скодта æмæ ныхъхъус. Цыдæр æнхъæлцаухуызæй æнцад ахуыссыд, иу каст йе 'фсинмæ кодта, иннæ каст Дадигкамæ. Æнахуыр тæригъæддаг, фæсмонгонд хъуыдытæй дзаг каст. Æрæджиау ма йæ ныхасыл бафтыдта: 

— Чындзимæ уе стырдæр, ахъаззагдæр хæс — кæстæрты раст фæндагæй фæцудын ма бауадзут... Царды фæсдуар куыннæ баззайой... — Лæг тыххуыфт скодта, исдуг йæ цæстытæ бахгæдта æмæ афтæ йæхимæ хъусгæ афæстиат, стæй йæ ныхас фæци: — Æфсинимæ... — къæмдзæстыгхуызæй бахудæнбыл, йæ рæдыд сраст кодта: — Фæсæфсины æфсинимæ хæларæй, кæрæдзи æмбаргæйæ цæрут... 

Уый уыдис йæ фæстаг сулæфт. 

Бирæ бинонтæн бынæн баззайгæ хæдзар кæд Арвыхъæуы астæумæ хæстæг æрæнцад, кæд раздæры аргъуан æмæ й 'алфамблайы æрдзон цъæх фæлыстмæ хæстæг æвæрд фæци, уæддæр хæдзаронты цæсты, сæ сины сæртыл дзы æрхæцой, уый онг нæ ахадыдта. Мæнæ мæгуырау урссæр барæг зæронд дзамбасыл саргъы бæсты æфтаугæйы хæррæгъ куы баппарай æмæ йыл афтæмæй адæмы æхсæнмæ куы рацæуай, уымæй уæлдай ацы агъуыст дæр хъæуы фидауцыл ницы ахъаз уыди. Рæстæджы фыдтымыгътæй фæцудыдта, фефсæрста, ныккæлæддзæгтæ. Йæ хъæдын къултæ багæлиртæ сты, цартæ кæмдæрты æртасыдысты, сæрст згъæлдтытæй æркæлынæввонгæй лæууыдысты. 

Цыдæр амæлттæй йæ зиууæттæ бадзæбæхтæ, балвæстытæ кодтой адылидæргъæн лæсгæрæвдузæнтæй. 

Иуцасдæр рæстæгмæ та, бинонтæ сæ сæр кæм фæцæвой, уымæн сбæззыдысты цалцæггонд уæттæ. Ноджы сæм æфснайд, сыгъдæгдзинад уарзаг, сæрæн сылгоймаджы къух куы фæхæццæ, уæд та бацæуæндон йæ хуыз скалдта. Сыхбæсты ма дисы дæр æфтыдта Сæниат йæ æмбисондæн хæссинаг куыстуарзон æмæ хæдзардзин æрæвнæлдæй, йæ цоты дæр, уæлдайдæр хистæр чызджыты, хуыскъастæу ма уой, сыгъдæгдзинад уарзой, зæгъгæ, куыд хъæддыхæй ахуыр кодта, уыдæттæй. 

Разы куыннæ уыдаид, йæ зæрдæ рухс куыннæ кодтаид йæ рæстæджы Сибойæн ахæм бинойнагæй. Хуыцаумæ куыннæ куывтаид, Сæниаты хуызæн удыхъæдджын æмæ кондджын сылгоймаг æй цардæмбалæн кæй фæци, уый тыххæй. Æмæ уымæн арæх дзураг уыд йæ уарзон хо Дадигкаимæ, царды хъуыддæгтыл ныхас кæнгæйæ: «Сылгоймаг бæсты фидауц у. Уымæй раст сты бирæ чидæртæ. Фæлæ дзы цотуарзаг чи разыны, бинонты цардамонд уыдонæй аразгæ у, хæдзар уыдоныл æнцайы. Уæдæ, мæ хойы гæппæл, дæ фарн бирæ, фæлæ лæджы дæр лæгау лæджы хуызæнæй адæмы æхсæнмæ рацæуынæн бæзгæ ахæмтæ кæнынц...» 

Сомбоныл хъуыды кæнгæйæ, бирæсывæллонджын фыд æмбæрста: бутъро цæрæндон цыфæнды тынг куы сæрттивын кæнай, цыфæнды тынг æм куы базилай, уæддæр бутъройæ баззайдзæн. Уымæ гæсгæ, 1929 азы, сæ тæккæ фарсмæ мидхæсты заманы зынгдзæгъдæнтæй цы æрдæгсыгъд агуыридур хæдзар аирвæзт, уый балхæныныл ныллæууыд. Уыйас зынаргъ дæр æй нæ кодта йæ хицау (лидзынмæ хъавыд æндæр ранмæ), фæлæ йæ арм нæ амыдта Сибойæн, æмæ катайы хай фæци. 

Ам дæр та йæ бæллиццаг удыхъæд, йе 'нувыд зæрдæйы ахаст рабæрæг Сæниатæн. Иуахæмы сæхæдæг иунæгæй куы аззадысты уаты, уæд ус йæ сæрыхицауæн узæлгæ хъæлæсы хаттæй афтæ бакодта: 

— Цæуыл тыхсыс уыйас?... Цы капеччытæ нæм бамбырд, уыдоныл ма мæнæ мæ мад, ме 'фсымæрты лæвæрттæ бафтаудзыстæм. Сау æфсæйнаг кæнæ æрхуыйæ конд не сты, мыййаг. Хæзна дуртæ æмæ зынаргъ згъæры номыл мын сæ фæлæвар кодтой. Кæд афтæмæй исты хуызы аххæссиккам... 

Сибо къухæмхасæнтæй цы фæрæзтæ фæамæлттæ кодта, уыдонмæ æфсины хæзнатæ æвæджиауы хорз уæлæмхасæн разындысты. Сæниат йæ рæбыны ницыуал ныууагъта. Сызгъæрин къухдарæнæй, цæнгдарæнæй, хъуырæгънæгæй, зынаргъ дуртæй фæлыст риуæгънæджытæй, камари ронæй — иууылдæр сæ Уæййаг хæдзары хицауы фыццаг скодтой. 

Æлхæд агъуыст сцалцæг кæнынваг ма кæм суыдаид Сибо, ®мæ уыцы хъуыддæгтæ хуыздæр заманмæ аргъæвта. Ныр та уал цæрынæн, бинонты хæссынæн исты амæлттæ хъуыди. Даргъ сарайы æрдæг райхæлдтой, цы зæххы гæппæл дзы суæгъд ис, уый руаджы сæ чысыл цæхæрадон фæуæрæхдæр. Бæстыхай, кæй зæгъын æй хъæуы, фæкъудахуыз, февидауц, фæлæ ма уыдæттæ-йедтæ кæй æндæвтой. Цард сын фæзындæр, сывæллæтты исты амæлттæй аирвæзын кæнын хъуыд, æмæ кæрты æддаг кæроны фегомыл Сибо йæ къух ауыгъта. 

Зæрдæ бирæ цæуылдæрты рысти. Кæд хæдзары хицау чиныгджын, ахуыргонд лæг уыд, уæддæр хъæуы схъомыл æмæ бирæ уарзта хæдзары фос. Кæддæр сарайы фаллаг къуымы бæхдон сарæзта æмæ уым дардта алыппаг саргъы бæх. Йæ фыд Бесойæ арæх хъуыста мæнæ ацы ныхæстæ: «Ирон лæг саргъы бæхыл куы сбады, уæд дзы Хуыцау ферох вæййы, йæ бæхæй куы 'рхизы, уæд та дзы бæх ферох вæййы...» Йæ зæрдæйы ныххауд уыцы æнахуыр æргом хъуыды æмæ йæ никуы рох кодта Сибо. Чи зоны, æмæ йын уый стыр зонды хос фæци йæ цард-цæрæнбонты фосмæ, уæлдайдæр та диссаджы æмбаргæ цыппæркъахыг хайуанмæ зæрдæджын цæстæй кæсынæн. 

Арвыхъæуы рæхджы бонты иумæйаг хæдзарад куы рантыст, уæд Сибо йæ уарзон дугъонмæ æрхæндæгхуызæй бацыд, йæ сæрыфахсыл ын йæ рус авæрдта, сынты базырау сау æрттиваг бæрзæй узæлгæ æрсæрфта: «Нæ фæхицæны сахат æрхæццæ и, мæ сагартæн æрмахуыр ертугъан... Иунæг Хуыцау æвдисæн, куыд зын мын у дæу мæ зæрдæйæ атонын... Фæлæ цардимæ хъæбысæй хæцæн нæй, мæ хур, æмæ фæцæуыс кæйдæр æнæзонгæ, æбæлвырд дæрзæг къухтæм... Фидар лæуу, Цæрддзу!.. Зонын æй, мысдзынæ мæ, æмбаргæ, æнувыд хионау, фæлæ дæ æз къаддæр кæй нæ мысдзынæн, уый дæр дæ рох ма уæд!.. Гъер хорз байрай, дæ дзæбæхдзинæдтæ мæм хъуысæнт...» 

Æмæ саргъы бæх тæккæ уыцы бон æхсæны хæдзарады хайуанты рæгъауыл бафтыд. Ноджы ма йын Сибо уæлæмхасæн лæварæн йæ фарсмæ æрлæууын кодта æртæаздзыд хаст галы. 

Исчи зæгъдзæн: «Гъери-гъе, кæцæй йын æрцыд ахæм гал, уæларвæй, мыййаг, æрхаудис? Сæ фарсмæ уыцы уæййаг агъуыст æндæрырдæм ма фæуайы адæргæй лæг йæ рæбынтæ халамæрзæнæй хæфæгау куы ныххафта. Æхца æмæ зынаргъ дзаумайæ хæдзар куы байафтид кодта. Ноджы ма цыдæр хæсты дæр куы бацыд, кæрт та къухы ныхæй гæмæхдæрæй куы аззад. Дуцгæ хъуг сæм уыд, хохаг хъуг, æмæ ууыл куыд суæлæхох уыдзынæ, кæд æхсыр æртæ-цыппар литры йеддæмæ нæ лæвæрдта, уæддæр? Хæдзарыдзаг бинонтæн сæ хъуырыл куыд бахæцдзынæ?.. Фæлæ гал... гал дуцгæ хъуг нæу. Куыд æгъдауæй, цы амалæй аирвæзт æртæаздзыд, сæрд-сæрддæргъы Хъосæджы уæлвæз хизæнты къорийау чи сси, уый? Куыннæ йæ ауæлдай кодтой сæ хъуæгтæ бампъузыны охыл?..» 

...Уыцы бон Сибо мидæгхохæй рацæуинаг нæ уыди хæдзармæ, фæлæ йæм облæххæсткомæй фæсидтысты æмæ уæд йæ фæндаг Арвыхъæуыл ракодта. Куыддæр иучысыл йæхимæ азылд, йæ рыгтæ æрцагъта, афтæ кæртыдуарыл чидæр æрбахызт. Тыргъæй кæсы, æмæ йæ сыхаг, хъæубæсты нымаддæр хистæртæй иу — Сæхмæрза. 

Цыдæр æнахуыр тарст тыхстхуыз. Хæдзары хицауы куы ауыдта, уæд йæ къухтæ хæрдмæ феппæрста, уæларвмæ кувæгау дзы цины улæфт сирвæзт: «Хуыцау æвзæр хабар...» — йæ зæрдæ бамæгуыр Сибойæн. Тыргъæй тагъд-тагъд йæ размæ 'рхызт. 

— Сæхмæрза куы дæ, — хъавгæ ныхас æм скодта. — Цы хабар у? Хуызы 'ртау дæ куынæуал и... 

— Сæфæм, сæфæм, Сибо, мæ зынаргъ сыхаг... Фæдисы тахт ракодтон нæхицæй. Табу Хуыцауæн, ам кæй разындтæ!!! Нæ амондæн... 

— Цы кодтат? — тынг фæтыхсти Сибо. 

— Сæфы нæ бындар, не 'нхъæлцау!.. 

— Зауырбег? Саджы фисынтыл амад утт-утт лæппу? 

— Йе 'мбæлттæ йæ арра кодтой... æмæ ...цуангæнгæйæ... — йæ хъуыр ахгæдта лæгæн, йæ былтæ базыр-зыр кодтой, — дзæгъæл нæмыгæй... 

— Æллæх-æллæх-æллæх, — ныккæрзыдта Сибо. — Тынг хъыгдард у? Дохтыртæ цы зæгъынц? 

Сæхмæрза йæ къух ауыгъта, ноджы тынгдæр базыр-зыр кодтой йæ былтæ. 

— Нæ бон, дам, ын ницы у... 

— Ау, Дзибка дæр?.. Фæлтæрдджын дохтыр куы у!.. 

— Тынг дæ батыхсын кодтон, Сибо, æмæ стыр хатыр курын, кæд дæ исты ахсджиаг хъуыддæгтæ ис. 

— Иннæ хъуыддæгтæ — уый фæстæ. Ныртæккæ нын мæгуыр лæппуйæ ахсджиагдæр ницы ис! 

...Цалдæр дохтыры тæрхоны сæрты ахизыны бирæ бæрн æмæ æфсарм ис. Исдуг сæ цуры къæмдзæстыгхуызæй слæууыд Сибо, йæ къухтæ фæйнæрдæм акодта, ома мыл уæ зæрдæ ма фæхудæд, æмæ удаист зæрдæйæ æрлæууыд мæгуыр цæф лæппуйы уæлхъус. Дæ фыдгул дæр уый уавæры куы фæцадаид: цардæй мæлæты 'хсæн утæхсæн кодта, удмидæг, фæлæ уадзыгæй хуыссыд. Æвнæлдтай йæм, не 'внæлдтай, цæф бынат хъыгдардтай, нæ хъыгдардтай — рыст не 'мбæрста. 

Лæг басагъæсхуыз, йæ сæр нынкъуыста, æрфыгæлхынцъæй иу æхсгæ каст скодта зонгæ æмæ æнæзонгæ бынæттон дохтыртæм. 

Цы ма бамбарын хъуыди Сæхмæрзайæн, йæ иунæг хъæбулæй байафтиды маройаг сахат ын кæй ралæууыд. Цикъæйау ныффæлурс, былтæ базыр-зыр кодтой. Æвирхъау уадтымыгъæн чи нæ ныффæразы, уыцы æнусон тулдзбæласау ныццудыдта. Фæлæ ирон лæг зынæн фæразон у. Иæхи ныхъхъæддых кодта, Сибомæ дзуармæ кæсæгау бакаст: 

— У-у, Сибо, рыст адæмы зынтæ сурæг, нæ удылхæцæг! Дæ Хуыцаумæ скæс, нæ ныфсы хох. Ау, æппындæр ын ницыуал хос ис, дохтырты дохтыр? Ма йыл атигъ кæ дæхи, мæ уд дæ фæхъхъау. Хуыцауæй курæгау дæ курæм. Мах æппæтыл дæр разы стæм. Ма ауадз æнамонд кæстæры фалæмæ. 

Цы загътаид лæг мæгуыр, тæригъæддаг фыдæн, бинонтæн, цы зæрдæтæ сын бавæрдтаид? Уыцы сагъæсхуызæй лæууыд, йæ цæстытæ сæ æмбæхста. 

— У-у, Сибо, нæ удылхæцæг, фæтæригъæд кæн лæппуйæн, чи йæм æнхъæлмæ кæсы, уыдонæн. Фæстаджы амал, дæ рынтæ бахæрæм. Мæ зонгуытыл дæр дын æрлæудзынæн. Мыггагмæ дын дæллаг галæй фæцæудзынæн. 

Дæлиауæй ныуулæфыд Сибо, Сæхмæрзайы бинойнаг Марта æмæ йæ чызгмæ фемдзаст. Сæ фæлурс, цæстысыгæй æхсад цæсгæмттæм фæзæрдæхæлд: бæгуы тæригъæдæй мардтой, цыдæр æнæкæрон ныфсæнхъæлцауæй йæм кастысты. 

Иæхицæн лæгъстæ, мыййаг, нæ агуырдта дыууæ зынджы астæу бахауæг, фæдисы æрцагуырд дохтыр. Зæрдæ йæхи риуы къултыл хоста: йæ бирæ фыдæбæттæй куы ницы рауайа, лæппуйы фервæзын кæнын йæ къухы куы нæ бафта... Цæрæццаг гуырд карды бын мæлæт куы ссара... Уый æнцон хъуыддаг у хосгæнæг, фæстаджы ныфсдæттæг дохтырæн?! 

Тæригъæддаг бынонтæм та фæкомкоммæ. Йæ цæстытæ æлхынцъæрфгуыты бын æвиппайды цæхæр зынгтæ акалдтой, рахиз къух цæхгæр иуварсырдæм рариуыгъта: 

— Операцимæ! 

Медицинон хотæ нæлгоймæгты æххуысæй цæф лæппуйы сæ къухты куы фелвæстой æмæ йæ, кæдæм сын загъта, уырдæм куы ахастой, уæд Сæхмæрзайы ’рдæм фæзылд, йæ сæр банкъуыста: 

— Нæ сыхы нымаддæр хистæр... Æмбаргæ лæг куы дæ, уæд уæууа, æрдæбон уый цы загътай?.. Мæ зонгуытыл, дам, ...И?! Дæ былыбынæй дæр макуыуал суадз, Сæхмæрза, ахæм хъуыдытæ... Ныр бахатыр кæн... — фæзылд æмæ операцигæнæн уатмæ атагъд кодта. 

Цыппар сахатæй фылдæр арвыста Сибо цæф Зауырбеджы уæлхъус. Æххуысгæнджытæ йын йæ хидæйдзаг ных асæрфасæрф кодтой, цæттæввонгæй лæууыдысты йæ алы сныхасмæ дæр, лыггæнæн, февналæн, тугсургæнæн комрадзтæ цух æй нæ уагътой. Хуыссæгхъуæгтæй, фæлладæй рацыд мидæгхохæй. Ныр йæ астæу йæхицæй нал уыди, уæрджытæ йæ быны нал цыдысты, уæдæ æххормаг дæр куыннæ уыдаид йæ даргъ балцы фæстæ. Фæлæ ма уыдæттæ кæй æндæвтой... 

Иу афон йæ сæр схъил кодта, æмбудæнтæ æхгæнæн хæцъил æриста, тæнтыдзагæй ныуулæфыд, æмæ æрхæцгæйæ сдзырдта: 

— Хуыцауæй разы... Цыма фестæм... — Æххуысгæнджытыл йæ сау фæллад цæстæнгас ахаста. 

— Цæрдзæни, дохтыр? 

— Хуыцауы фæрцы. Æнхъæл стæм... 

Мæйæ чысыл фылдæр рацыдаид, афтæ Зауырбеджы рафыстой рынчындонæй. Æххæст дзæбæх нæма сси, фæлæ æдæрсгæ йæ къæхтыл цæуын байдыдта. 

Бинонты цинæн ма кæрон кæм уыди: сæ зæрдæдарæн, сæ бындар дыккаг хатт райгуырд, æмæ Сибойы цæрæнбонтæм дзуармæ кувæгау куывтой. 

Ницæуылуал бацауæрста Сæхмæрза. Хæстæгдæр хуыцаубоны йæ нæуудзар уæрæх кæртæй дардыл зæлыдысты фæндыры цагъд, фарны гаджидæуттæ, цины арфæтæ. Фæсивæды хъæлдзæг зард æмæ къæрццæмдзæгъдæй хæхтæ арыдтой... 

Æцæг Сибо Уæзæгаты гуыпп куывды нæ сæмбæлд: нæ йын фæци амал. Бинонтæ тынг бахъынцъым кодтой, уæлдайдæр хæдзары хицау. Зын куыннæ уыдаид Сæхмæрзайæн, сæрмагонд хонæг, барæг кæмæ арвыста, уый не 'рцыды хабар. Æмæ уæд йæ зæрдæйы бавæрдта æндæр фæнд. 

Сибо, куыд загътам, афтæмæй йæ куысты бынатæй Арвыхъæумæ арæх не 'фтыд. Хатгай-иу дыгай-æртыгай мæйтæ дæр нæ фæзынд. Сæхмæрза тыхсти, йæхицæн бынат нæ ардта: йæ уæлæ ахæм стыр хæс, æмæ йæ йе уæхсчытæй æрисын нæ фæрæзта. Йæ удылхæцæг, йæ хæрзгæнæгмæ фыр æнхъæлмæ кастæй йæ цæстытæ ныуурс сты... 

Æцæг, искуыдæр-ма лæг зæрдæбынæй цы агура, уый не ссары! 

Рагуалдзæджы хур дзæбæх куы 'ртавта æмæ митгобæттæ куы 'ртадысты, уæд хæстæгдæр хуыцаубоны Сæхмæрза Сиботы ногахуырст кулдуар бахоста. Бинонтæй искæй рацыдмæ дæр нал фенхъæлмæ каст, фæлæ дæ зæрдæ-мæ зæрдæ хицон адæймагау кæртмæ баскъæрдта дынджыр хаст галы. 

Рудзынджы раз лæууыд хæдзары хицауы фырт Мурат æмæ тынг бадис кодта, цы федта, ууыл. Фæрсгæ дæр куы никæйуал кæнынц Уæзæгатæ, зæгъгæ, стурмæ ныккаст. Исты низ æм фæзынд, æвæццæгæн, æмæ йæ бæппуйæн фенын кæнынмæ хъава. Диссæгтæ! Цыма нæ фыд хъомты дохтыр у. Ау, зондджын, æмбаргæ лæг куы у, уæд... 

— Кæимæ дзурыс, Мурик? — йæ цонг ын æрлæгъз кодта фыд. — Ныртæккæ мах бафидудзыстæм... 

Дыууæ лæджы кæрæдзиуыл бацинтæ кодтой. Къухистытæ, зæрдæбын фæрстытæ, салæмттæ, арфæтæ... Стæй уæд Сæхмæрза фæзылд, галы сæрбосыл ахæцыд æмæ стур сарайы рæбинаг цæджындзыл æрбаста. 

— Уый та циу? — фæджих и Сибо, фæлмæнгаст бæгæныхуыз цæстытæ бæзджын æрфгуыты бынмæ, арвыдуар гомæй фенæгау, сыхырнайы быныйæстæ аисты, цæсгом ныддаргъ. 

Æфсæрмыхуызæй уæзæгджын æрмттæ кæрæдзиуыл сæрфгæ йæ цурмæ æрбаздæхт Сæхмæрза, уæлдзарм худ йæ сæрæй систа. 

— Фарн уæ фæрныг хæдзары, мæ хорз сыхаг, мæ удылхæцæг Сибо, — зæрдæбынæй, сойхъæлæсæй зæгъы зæронд — Ныронг дæр нын æнæ бабæрæггондæй кæй баззадтæ... Фæлæ нæм куадзæнау афæдз иу хатт фæзыныс æмæ... Дæ бирæ хæрзтæ дын Æрыдоныдонæй дæр нæ бафиддзыстæм, зонæм æй. Дæу фаг буцдзинæдтæ кæм ис.. — Лæг фæкъуыхцы, хæдзары хицауы цæсгом куыд фæтар, уымæй куыннæ фембæрстаид цыдæр йæ зæрдæмæ нæ фæцыд. 

— Цы ныффæнд кодтай, Сæхмæрза?.. 

— Фæндтæхъуаг бæргæ не стæм, Сибо, фæлæ ацы цыбыркъух заман... Дæ зæрдæ ныл ма фæхудæд, дæ рын бахæрон. Фос, хосы Фæлвæрайы хорзæх нæ уæд. Кæрæдзийæн адджын сыхæгтæй фæцардыстæм, Сибо, мæ хур, æмæ нæ дарддæр дæр Дунейы фарн уыцы амондæй ма фенæхай кæнæд! Уымæ кувæм æгас бинонтæй дæр. Ныр Хуыцауы хатыр бакæн, фæлмæн цæстæй мæм ракæс. Уынын, цыдæр дын фæзын, Сибо, курын, мæнæ уыцы стур уæхицæн садджын кæнут... Ницы уыйас диссаг у, фæлæ уæддæр нæ зæрдæ цæуылдæр лæудзæн... Бынтон æбузн, æнæрхъуыды адæмыл нæ нымайдзыстæм нæхи... 

— Нæ-æ, Сæхмæрза, — йæ къæхты бынмæ ныккасти Сибо, сæр уæззау нынкъуыста, — афтæ мæ бафхæрдзынæ, уый æнхъæл никуы уыдтæн. Уæд уый куыд у? Ау, æз тæригъæддаг, бецайуаг кæстæры уæлхъус мæ бæрны куыст уымæн бакодтон, æмæ ахæм лæвæрттæ исон? Иу та ма дзы цæсгом æмæ æфсарм вæййы... Нæ, мæ хорз сыхаг, æз дæ фæндыл куы ацæуон, уæд адæмы æмæ мæ мæрдты цæсгомы раз мæхимæ цы кæсдзынæн? Куыд æй æрбакодтай, афтæ йæ фæстæмæ дæр акæн. 

Ныр та сыхаг лæг ныттардзæсгом æмæ ныллæгъстæхуыз. 

— Уæд мæ бинонты хуыздæры сæфтмæ æрцу, Сибо, ды дæ фæнд куы нæ аивай æмæ мæн дæ къæсæрæй æгады цыдæй куы арвитай! Хистæры сæр æрхъуыды кæн, кæд ма йæ нымайыс æмæ, кæрæдзийæн цæмæй адджын сыхæгтæй баззайæм, уый дæ фæнды, уæд, — сомыгæнæгау карз ныхас скодта Сæхмæрза. — Ау, Сибо, нæ кæстæрæн, уыйбæрц хорз кæмæн фæдæ, уымæн уыцы ницæйаг цыппæркъахыджы аргъ дæр нæ кæныс?.. Ныхас дæр мауал схауæд дæ дзыхæй, — лæг дохтыры хъуырыл ныттыхст, цавддурау æй кæрты астæу лæугæйæ фæуагъта æмæ раивгъуыдта, йæ къух æм, бæрзонд сисгæйæ, хатыр курæгау тылдта. 

Фырнымд, дæрдтыл хъуыдыгæнаг лæг, сыхы хистæры куыд фæндыд, афтæ лæваргонд стуры йæхицæн нæ садджын кодта. Дадигка æмæ Сæниаты бæргæ фæндыд галы хардзæй сæ хъуæгтæ, сæ гæмттæ бампъузын æмæ бамбæрзын, фæлæ Сибо, æндæр зондыл хæст адæймаг, не сразы семæ. Афтæмæй ертугъан саргъы бæхы фæдыл Сæхмæрзайы хаст гал дæр хъæубæсты иумæйаг хæдзарады фосрæгъауыл бафтыд. 

Лæваргонд стур лæвар кæнын бынтон аив кæй нæу, кæй нæ фидауы, уый бæргæ æмбæрста, фæлæ сыхы хистæрæн, хъæубæсты нымаддæр лæгтæй иуæн йæ сомытæ æппын мацæмæ 'рдар æмæ йын йæ гал фæстæмæ аздах, уый та ноджы æвидауцдæр, æнаивдæр ми уыдаид. Уымæ гæсгæ Сибо равзæрста дыууæ уæззау тæрхонæй рогдæр. Йæ зæрдæ дардта, цыфæндыйæ дæр æй хæрззонд хистæр кæй бамбардзæн. Йæхицæн æй æфхæрдæн кæй нæ айсдзæн. 

Æмæ æцæгдæр афтæ рауад. Дыууæ рагон æнæкъæм, æнæлаз лымæны уайтагъддæр кæрæдзи бамбæрстой. Æмæ — уæхст дæр æнæхъæн, физонæг дæр хæрзарыд... 

...Гъей, хæдзаронтæ, ам стут, цы? — уынджы ’рдыгæй дуары хъинц фæцыд, æмæ мидæмæ 'рбахызт постхæссæг, дзонгой, ныллæггомау, мызыхъарæзт лæппулæг, йе 'фсæр иуварсырдæм къæдз. 

Кæрты рæбын сонт рæйд сыхъуыст, æмæ йыл йæхи раскъæрдта стыр сау куыдз. Уырдæм æввахс ран пæлæхсар æнгузбæласы бын аууоны ныллæг стъолы фарсмæ бадти хæдзары хицау æмæ цыдæр мæстыхуызæй æвзæрста, хохы сæ санаторийы сæйраг хыгъдхæссæг, лæгойарæзт, æргомдзырд сылгоймаг Дарикъо йæм цы гæххæттытæ ныууагъта, уыдоНс Фæстæдæр сæм æрбауайдзынæн загъта. Ссæдзаздзыд рагвад чызг мыййаг нæу. Дзæгъæлы йæ фæцæуын кæн, уæд уымæн цæсгом дæр хъæуы. Ныр куыд?.. Раст цыма барæй уыдис: ардæм цæугæйæ йын йæ кæсæнцæстытæ дурыл æрхаудысты æмæ ныссастысты. Æнæ уыдон та цавæр лыстæг фыст документтæ равзардзынæ?.. 

Куыдзы рæйынмæ фестъæлфыд, хъуынтъыз æрфгуыты бынæй кулдуар ахъахъхъæдта. 

— Фæстæмæ, Мила! — схъæр ласта куыдзыл. — Фæстæмæ дын куы зæгъын! — лæг уыцы мæстыхуызæй гæххæттытæ стъолы кæронмæ ассыдта, æрбацæуæгмæ æдзæнæг ныккаст. — Дарикъо, ды дæ? Æви... А-а, Хъуыдæберд... 

— Æз дæн бæргæ, Уыбæдз, кæд ма уæ куыдзæй аирвæзон, уæд, — бахъуыр-хъуыр кодта постхæссæг. — Иунæг къух ма мын ис, æмæ уый та уæ бирæгъы хæссинаджы амæттаг нæма фæци... 

— Хуыцауы уазæг у, Хуыцауы уазæг у. Ма дзы тæрс, куыд рæйы, афтæ нæ хæцы. Лæппу йæ 'рбахаста гыццыл къæбылайæ. Куыд æй ауæлдай кæна лæг, дæ рынтæ бахæрон. Куы ссæуа, уæд ын цы зæгъдзынæн?.. 

Уыбæдз куыдзы асырдта, уазæджы цæстытæм лыстæг ныккаст, раст ын цыма йæ зæрдæйы рæбинагдæр къуымты æмбæхст хабæрттæ рахатынмæ хъавыд. Куыннæ йæ фембæрстаид Хъуыдæберд: цал æмæ цал ахæм тарст, удаист цæстæнгасы фены бон-изæрмæ... Се 'ппæты дæр нындзыг вæййы иу фарст: «Уæ, нæ удылхæцæг Берд, цы уац, цы хабар нын æрбахастай ацы хатт та?.. Æвзæр хабар нæм ма 'руадз Дунейы фарн!..» 

— Мидæмæ рахиз, Хъуыдæберд, — æрхатыд æм фысым. — Æфсин истытæ ацамал кæндзæн. Кæд æз дæр дæ руаджы... 

— Нæ, мидæмæ нæй, уыйбæрцтæ мæ нæма 'вдæлы. Нæ зоныс, æнæрхъæцæй æнхъæлмæкæсджытæ мæм цас ис... 

— Уæллæй-биллæй, Хъуыдæберд, æз дæр дæумæ нæ бæллын. Дæ хызыны куы хъарм уалдзæг хæссыс, куы хъызт зымæг... 

— Æргомдæр æй зæгъ, Уыбæдз: куы цинтæ, куы цæссыгтæ... 

— Уæллæгъи, афтæ. Æууæнк ыл нæй. Æвзæр хабархæссæг барæг рахизырдæм куыд æрхизы, афтæ цыма дæ хызын дæр уыцырдæм æгæр арæх феуæз кæны. 

— Бæгуы раст дæ, Уыбæдз, — арф ныуулæфыд Берд. — Мæхи удæй хуыздæр та чи зоны, цавæр уæззау уаргъ рахæссбахæсс кæнын бон-изæрмæ. Бæргæ, дзывылдарау уалдзæджы фидиуæг куы уаин... 

Уыцы дзуапмæ лæг куыддæр фæджих, фæзæрдæхсайгæ, фæлæ постхæссæджы цæсгомы æвæрды æвзæр хабархæссæджы хуызæй ницы раиртæста æмæ æнцонæй сулæфыд. Йæ каст æгасæй дæр скодта, цавæр фыстæг æм ратдзæн, уымæ. 

Хъуыдæберд йæ иунæг къухæй æртæтигъон писмоты гуцъула систа хызынæй, тагъд-тагъд сæ авзæрста æмæ дзы иу хæдзары хицаумæ балæвæрдта. 

— Гъа-ма, мæ дзæбæх сыхаг, ацы æртæтигъоны цыма тæссагæй ницы ис. Йæ уындмæ гæсгæ уын, зæгъæн ис, цыкурайы уалдзæг æрбахастон. 

Ныхæстæм уатæй тыргъмæ рахызт Уыбæдзы бинойнаг Сæна, рæстæмбис кар, тыппыртæ, саулагъз сылгоймаг кæрдæгхуыз къуымбил æддæгуæлæйы. Постхæссæджы фендæй йæ цæсгом бамæтхуыз, фæлæ йæ мойы къухы æртæтигъон гæххæтт ауыдта, æмæ йæ зæрдæ фенцаддæр, уæрæх æвæрд цæстыты фæйнæфæрсты арф æнцъылдтæ сыхæлдысты. Гъе, уæддæр, æвæдза, мады зæрдæ... Ус исдуг æнцад алæууыд, стæй постхæссæгмæ афтæ куы ныддзурид: 

— Кæд нын æцæг æхсызгон хабар не 'рбахастай, Хъуыдæберд, уæд мын цы 'нхъæл дæ... 

Лæппу йæм дихуызæй скаст, йæ былтæ бампылдта: 

— Æз æппæт хабæрттæ зонæг Санаты Сем нæ дæн, Сæна. Искæй писмотæ кæсын та мæ туджы нæй. Бæргæ, царды мидæг алцы æнхъæлæй кæнгæ куы уаид, ацы фыдзаманы — уæлдайдæр... Фыстæг цавæр у? Куы йæ уыныс — æртæтигъон!... Значыт, дæ фырт æй фыссы, дзæбæх, сæрæгас кæй у. Цинаг дæр ма цы вæййы?! Так что... де 'ртæ кæрдзыны кой кæн, де 'ртæ æртæдзыхоны кой... И?.. 

Хъуыдæберд кæд бынтон схуыст ныхас нæ кодта, уæддæр бæрæг уыди: сылгоймагæн йе 'нæрхъуыды домæн йæ арфæйы ныхасæй кæй фæраздæр, уый йын тынг фæхъыг æмæ къæбæрыл фæстæмæ хæцаг æфсиныл дæлгоммæ уайдзæфтæй нал бацауæрста. Ануазаг уыд Берд. 

— Æфхæрды хуызы йæ нæ загъта, Хъуыдæберд, бауырнæд дæ, — йæ бинойнаджы сæрыл рахæцыд Уыбæдз. — Дунескæнæг иунæг кадджын Хуыцау дæ æдзухы цины хабæрттæ хæссæг фæкæнæд, хæрзæггурæггæгтæ дæттын нæ куыд хъæуа. 

— Бахатыр кæ, Хъуыдæберд, — йæ сæр бакъултæ кодта ус. — Хъазæн хуызы йæ загътон, мæ мад, мæ фыды стæн! Æфхæрдмæ йæ ма ис. Дæ хорзæхæй. Ахаф-иу дæхи фæскуыст махуылты. Дæ хæрзæггурæггаг бакуыстай бæгуыдæр. 

Уыбæдз постхæссæджы ацыды фæстæ писмо йæ къухты азылдтытæ кодта, йæ бинойнагмæ скаст. 

— Æмæ чызг та кæм и, чызг? Æппын æм хъаргæ дæр ницыуал кæны? 

— Уæ, дзеудзæлæй, цыма йæ нæ зоныс, уый ныхæстæ куы байдайыс... Уæртæ рæбинаг уаты йæ уроктыл бады æмæ йæ чысыл бауадз. 

— Омæ йын йæ хъусты бæмбæджытæ батъыстæуыд, æви уый цавæр къуырма къуыртты бадт у? Уæд та майдыма лæппу йæхæдæг схæццæ... 

Тыргъы асинтыл тындзгæ æрызгъордта иу-фынддæсаздзыд тæнæг арæзтытæ чызг æмæ йæ фыды уæлхъус алæууыд, писмо йын йæ къухæй райста. 

— Аккайæ у? — æртæтигъон къонверт йæ риумæ нылхъывта, йæ мидбынаты цъилау ныззылд фыстæгæн апъа кодта. Тагъд-тагъд ыл йæ цæст æрхаста, цæмæндæр æй иннæрдæм азылдта, тынг бадисхуыз. 

— Ай мах писмо куы нæ у... — саст хъæлæсæй дзы схауд, йæ ныййарджытæм сæтцæхуызæй кæсгæйæ аззад. Йæ хъуыр ахгæдта, скæуынмæ йæ бирæ нал хъуыд. Фыстæг та ногæй йæ къухты араздух-баздух кодта, раст æй цыма, стыр цины фæстæ сайды кæй фæци, уый нæма уырныдта, йе та писмо йæ фыны уыны æмæ æрыхъал уæвын йæ бон нæу... 

Уыцы æнæнхъæлæджы риссаг нывмæ хорзау нал фесты лæг æмæ ус дæр. Се уæнгтæ æрызгъæлдысты дыууæйæн дæр. 

— М' арт бахорз и... — йæ риуы бынæй сирвæзт Сæнайæ. — Кæд æцæг афтæ у, уæд постхæссæгæй хатыртæ дзæгъæлы куырдтон!.. Фæскуыст-иу дæхи махуылты ахаф дæр ма йын куы загътон, дæ хæрзæггурæггаг бакуыстай... 

— Цытæ дзурыс уый? — йæ цæстытæ йæм сзылдта фыд. — Хъуыдæберд мах нæ зоны? Искæй писмо нæм куыд хъуамæ 'рбахастаид? 

— Æз дæр ууыл дис кæнын, дада. Фæлæ ам постхæссæг ницы аххосджын у. Писмо цасдæр рæстæг кæмдæрты фæрахау-бахау кодта. Адрис баумæлтæ, дзæбæх нал зыны. Мæнæ ма дзы нæ уынджы ном æмæ æрмæстдæр мыггаг Хасиевой равзарæн ис. Цавæр Хасиевой?.. 

— Оу, мæнæ Хуыцауы диссаг! — йæ сæр нынкъуыста Уыбæдз. — Куыд æмæ кæм хъуамæ фæрахау-бахау кодтаид писмо? Кæцæй йæ рарвыстой, уый бæрæг нæу? 

— Мæнæ æппæты бынæй равзарæн ис иу дзырд — Ереван, иннæтæ иууылдæр — лæбырд. Ереваны махонтæй чи ис? Акка ныронг хæсты быдырæй куы фыста... 

— Адрис нæхи лæппуйы къухæй фыст у, æви нæ, уый нæ рахатыдтай? — басагъæсхуыз фыд, арф ныуулæфыд — Уæвгæ, уыйбæрц цы писмо фæрахау-бахау кодта, уым ма цы раззардзынæ? Уæддæр бынатыл кæй сæмбæлд, Хуыцауæй разы! Ереван... Уый уа-артæ кæм и. Туркмæ бафтæнты. Куыннæ ныффæстиат уыдаид фыстæг. Иуæй, фæндæгтæ даргъ, тæссаг, уæлдайдæр Арвыкомыл рафтæнты, иннæмæй, не 'мцæдисон паддзахадтæй нæм хæсты быдырмæ ууылты цыдæриддæр ласынц, уыдон цыфыддæр знаджы амæттаг бавæййынц: бомбæтæ згъалынæй сыл нæ ауæрды маргзæрдæ фашист, йæхи сафинаг сæр дзы бынсыгъд бакæна! 

— Бакæсын хъæуы писмо, — нал сæм фæлæууыд Сæна. — Уæд та дзы, Хуыцау бахизæд, фæлæ исты æвзæр хабар и... Сонт-монтæй йæ хæдзарыл сæмбæлын кæн, уæд цытæ рауайдзæн... Бинонтæ тæригъæд не сты? Æллæх-æллæх-æллæх... 

— Райхал æй, чызг. Искæй писмо бакæсын бæргæ не 'мбæлы, фæлæ æндæр гæнæн нæй. 

Тинæ арæхстгай райхæлдта писмо, лыстæг æм æркæстытæ кодта, стæй йæ йæхинымæр кæсын райдыдта. 

— Хъæрæй кæс, къулбадæджы сæныкк! — фæтъæлланг ыл ласта фыд. — Уый та сын цы ахуыр у, уый, сæхицæн сæ фындзы бын дыв-дыв кæнын байдайынц. Писмо чи фыссы, писмо, йæ ном уал нын уæддæр зæгъ, гормон! 

— Нæхи Иран! — дзуапмæ фæцырд и чызг æхсызгон хъæлæсæй, цингæнгæ. — Уæддæр æй кæй базыдтам! Мæнæ æппæты бынæй йæхи амоны: «...Стыр зæрдæбын саламтимæ Иран»... Цы хорз у, дада, нана, писмо чи фыссы, уый базонын уæддæр нæ къухы кæй бафтыд! 

— Постхæссæг æцæгдæр аххосджын нæу, — сразы Уыбæдз чызгимæ. Хæсты быдырæй æрæджы ссыд. Амы хъуыддæгтæн нырма уыйас ницыма зоны. Иран — нæхи Сибойы кæстæр фырт, нæ туг, не стæг. Кæм и, уым дзæбæх, æнæмаст уæд. Хæдзар æнæхъыгдардæй куыд ссара, уыцы амонд ын ралæвар кæнæд Дунейы фарн. Сæ бинонтæ рагæйдæр ам, Арвыхъæуы цæгатварс Тулдзджыны цардысты, мах сыхы, фæлæ фарон горæты астæумæ хæстæг ранмæ сивтой. Писмо мах йеддæмæ кæмæ бахастаид Хъуыдæберд?.. Кæс дарддæр, чызг, æцæг, куыд загътон, афтæ. 

Тинæ фыстæг хъæрæй кæсын райдыдта: 

«Уæ бонтæ хорз, нана æмæ Дадигка, нæ бонзонгæ, фыдæбонджын, зынтæн фæразон мад æмæ фыдыхо, мыггаджы номхæссæг, нымад, дзырддзæугæ фыды фарн, мах, кæстæрты, æдзух кадимæ хæссыныл чи ахуыр кодта æмæ абон уый тыххæй стыр бузныг кæмæй стæм! Уæ бонтæ хорз, нæ дзæбæх, æгъдауджын, уарзон хотæ Зино, Фарузæ, Уæлгæ, Ирмæ æмæ Витæ. Рагæй уæм нал ныффыстон, тынг рагæй. Æвæццæгæн, уæ цæстытæ ныуурс сты мæнæй исты хабæрттæ фехъусынмæ æнхъæлмæ кæсгæйæ. Уый тыххæй уæ стыр хатыр курын. Иууыл мæхи аххосæй афтæ нæ рауад, фæстаг рæстæг нæ нæ сæр схъил кæныны бон дæр нæ уыди — хæст хæстыл цæнд кодта... Æниу, уæхæдæг дæр, кæд фыссут, уæддæр кæдæм цæуой, кæм мæ агурой уæ урсбазыр бæлæттæ? Цигантæй уæлдай куы нæуал уыдыстæм фронты... Уыцы хабæрттæ кæуылты сты! Иу писмойы сæ фыст нæ фæуыдзынæ. 

Мæ зæрдæ уæм тынг æхсайы. Знаг, цард ма ссара, æгæр арф æрбаирвæзт бæстæмæ. Ноджыдæр ма йын дарддæр абырсын куы бантыса, уымæй тæрсы лæг. Фæлæ мæ уырны, уыйонгты не 'рцæудзæн хъуыддаг. Хатгай йын нæхиуæттæ ахæм цæлхъытæ, ахæм риуыгъдтытæ нылласынц, æмæ ма мысты хуынкъ, куыд фæзæгъынц, туманæй агурыныл свæййы!.. 

Æмбарын, æппæты тынгдæр уæ мæхи хабæрттæ бæлвырддæрæй базонын кæй фæнды. Ма фæтæрсут, фæлæ уын æй куыннæ зæгъон. Куы зонут, рагæйдæр дзæгъæл расай-басайтæ нæ уарзын. Уыдон æнæхъуаджы рамбæхс-бамбæхстæ сты... 

— Фæлæуу, чызг, — фæурæдта йæ Уыбæдз. — Уый лæугæйæ кæй кæсай, уыцы писмотæй нæу. Тыргъмæ цомут. Куыдтæ, цытæ рауади, уыдæттæ фыссы æмæ сæ мах дæр куыннæ хъуамæ зонæм. Исчи нын нæу, мыййаг. Ереваны куыдæй балæууыд?.. 

Тыргъмæ схызтысты. Фыд зæронд тъахтиныл æрбадт. Сæна исдугмæ тыхстхуыз, æфсæрмхуызæй алæууыд, стæй уый дæр йæ фарсмæ йæхи æруагъта, афтæ бакодта: 

— Мæ къæхтæ сæ дыз-дызæй не 'нцайынц. Мæ хæдзарыл, цы кæной, цымæ?.. Уæнгты цыдæр къæм бады... 

— Рагацауы тыхстытæ... Байхъусæм, — аздæхти фыд чызгмæ. — Дæ хъуыддаг кæн. 

«О-о... куыдтæ, цытæ рауад нæ фæстаг тохы... Æфсæддон хицауады бардзырдмæ гæсгæ нæ полкъæн цæугæ æрцыди Доны фаллаг фарсмæ. Хъуамæ æрæхгæдтаиккам, тынг зын уавæрты чи бахауд, уыцы æфсæддон хай чъылдымырдыгæй. Стыр заинтæ баййæфта дæргъвæтин хæстыты — адæмæй дæр, хæцæнгарз, хæцæнхостæй дæр, суанг хæлцæй дæр. Уый махæн уыди фæцу æмæ ма 'рцуйы фæндаг. Зæгъæн куыд нæй, ахæм æвирхъау æууæрстыты, хъаймæтон зынгдзæгъдæнты бахаудыстæм уым. Хæрз стæмтæ ма нæ раирвæзт æгасæй. Уыдонимæ æз дæр, фæлæ — уæззау цæфæй... 

— Гъе, мæ игæр айхæла Сæниатæн... — бахъарæг кодта Сæна, фæлæ йæм Уыбæдз йæ цæстытæ сзылдта, цæрдуд лæппуйыл кæдæм хъарæг кæныс, зæгъгæ, æмæ уæд йæхиуыл фæхæцыд, æрмæст ма йæ тъизын цыд. Фыд чызгмæ фездæхт: 

— Дæ хъуыддаг кæн. 

...Тобæ, тобæ, тæрсгæ мацæмæй фæкæнут, тæссагæй дзы ницы ис, — дарддæр касти зыр-зыргæнаг хъæлæсæй Тинæ. — Ныртæккæ дæн Ереваны, æфсæддон госпитæлы. Ам ис тынг дæсны дохтыртæ. Дзæбæх мæм зылынц. Операци кодта зынгæ хирург, профессор. Дызæрдыггаг нæу, рæхджы мæ мæ къахыл кæй слæууын кæндзысты. 

Цæй, уыдæтты тыххæй æгъгъæд фæуæд. Уæхæдæг куыдтæ цæрут? Мæ зæрдæ уæм тынг æхсайы. Ныр мæ бынат сбæрæг æмæ мæм хабæрттæ ныффыссут. Бæлвырд æмæ æргомæй. Муратимæ мын бастдзинад нæй æмæ мæт кæнын. Кæд ын йæ адрис зонут, уæд мæм æй æвæстиатæй рарвитут. 

Ныр ма иу диссаджы хабары тыххæй... Лæг уæм æй куыннæ ныффысса!.. Уымæн, æмæ ацы хатт та стыр æхсызгон цау уыди. Фæцу æмæ ма 'рцуйы фæндагыл Доны сæрты хиды астæумæ нæма бахæццæ стæм, атфæ кæсын, æмæ мæм уæртæ нæ ныхмæ 'рбацæуæг уæзласæн «ЗИС» машинæйы кабинæйæ чидæр тынг нымдзаст, стæй æвиппайды куы ныхъхъæр ласид: 

— Иран! Иран! Ме 'фсымæры хай! Мæнæ кæй уынын!.. — Лæппуйыл хистæр лейтенанты дарæс, йæ сæр бинтæй тыхтытæ. Машинæ фæуромын кодта, арæхстгай æрхызт зæхмæ æмæ лæдзæджы æнцæйтты, йæ иу къахыл чиугæ, комкоммæ мæнырдæм фæраст. 

Ныр ма йæ цы базонын хъуыд: нæхи, иу артæй дих хæстæг, уарзон æрвад Соцъиты Азæбейы фырт Темырхъан! Æз взвод мæ хæдивæгыл афæдзæхстон æмæ лæппумæ фездæхтæн. Цинтæ, хъæбыстæ. Кæрæдзимæ æхсызгон, æнувыд, дис ракæс-бакæстæ... 

— Хуыцауы тыххæй, куыд мæ базыдтай, Темыр, ацы æнæхъола фæйнæрдæм дзолгъо-молгъойы? Ноджы æнæуи дæр рыгæй куынæуал зынæм?.. 

— Туг, туг, ме 'фсымæры хай, хионы дардмæ дæр хаты. Дæ хорзæхæй, кæдæм гачъыны ’рдæм лæгæрдут? Адæм Доны фаллаг фарсмæ куы лидзынц, уæд сымах та?.. 

— Бардзырд, мæ хур, бардзырд! Ууыл дзæгъæл ракæбакæтæгæнæн нæй. Уыдæттæ ма уадз, фæлæ куыд дæ? Иуæй — сæр, иннæмæй — къах... 

— Цы бакæнæм, афтæ рауад. Ныр чысыл фæдзæбæхдæр дæн... 

— Æмбал хистæр лейтенант, — райхъуысти машинæйы ’рдыгæй. — Дæ хорзæхæй, фæтагъддæр кæнут, не 'мбæлттæ æгæр адард сты. 

Бæргæ ма ацинтæ кодтаиккам кæрæдзиуыл, фæлæ — нæ уавæр... 

— Хъахъхъæ дæхи, Темыр, ме 'фсымæры хай. Диссаджы æхсызгон фембæлд нын балæвар кодта хъысмæт. 

Ууыл фæхицæн стæм. Цымæ, цы баци Темыр? Кæд æй, мыййаг, сæхимæ ауагътой? Фæхабар ма-иу мæм кæнут. Йе 'фсымæртæ... Науырыз æмæ Батрадзæй йæ фарстон æмæ, дам, алы рæтты хæцынц. Мæн та Муратæй фарста. Кæмдæр, дам, Дард Скæсæны ис æфсæддон тæхджыты училищейы, фехъуыстон. Уый, зæгъын, кæд уыди... Ныр кæмдæр Воронежы бынмæ хæцы. Растдæр зæгъгæйæ, хæцыд. Уым дæр махуæттæ чъылдымырдæм фессæстой, æмæ йын ницыуал бæрæг зонын... 

Гъе, афтæ ныссаджилтæ зæрдæ алырдæмты нæ бирæ хæстон къабæзты мæтæй... 

Диссаг та куыннæ у, æвæдза, хæсты быдыр! Диссаг куыннæ сты, хæрзцыбыр тарф фынау, йе 'нæнхъæлæджы фездыхсæнтæ, фæзилæнтæ! Гъер мæнæ мах æнахуыр, сонт фембæлд Темырхъанимæ æнахъинон дыууæрдæм змæлды, хæснагыл дæр æй куы нæ рамбылдтаид лæг! Æмæ иунæг ахæм цау куы уыдаид. Раст мыл цыма, тæссаг, уæззау фæндагыл кæй цыдтæн, уый тыххæй мын Хуыцау рæстаудæнтæ кодта: цалдæр минуты фæстæ та мæ размæ фæци нæхирдыгон хорз зонгæ лæппу, Мураты æмбæлттæй иу. Æмæ та — цинтæ, хынцфæрстытæ, дистæ, ныфсæвæрæнтæ, цæстуарзон фæдзæхстытæ... 

Хорз зонгæ йæ схуыдтон, фæлæ æз уæд ракæс-бакæстыл нæ уыдтæн æмæ мæм йæхæдæг сдзырдта. Фæкастæн æмæ — бæрзондгомау, бæзæрхыгтæ, хуыздзыд, фæлæ ногæхсад дарæсы æрбацæуы мæ ныхмæ чидæр. Сержанты пъагæттæ йыл. Йæ дæргъæлвæс, уындджын цæсгом чъизи хидлæсæнтæй амæст. Ацу æмæ йæ ды базон: чи у? Тынг ныддисхуыз сержант. Темырау та уымæн дæр йæ фарст: «Дæ хорзæхæй, Иран, кæдæм ныййарц стут? Ай мæнæ адæмæн сæ сæр сæ кой куы сси, Доны сæрты фаллаг фарсмæ баирвæзыны тыххæй кæрæдзи сæрты куы хауынц». Цы йын загътаин, уымæн дæр мæ дзуапп уыди — бардзырд! 

Бирæ дзыбандытæн нын рæстæг кæм уыд. Кæрæдзи фæндагсар Уастырджийыл бафæдзæхстам æмæ нæ алчидæр йæхи фæндагыл фæраст. 

...Æгæр ныддаргъ и мæ писмо. Æмæ мæм иуырдыгæй уый Диссаг дæр нæ кæсы. Хæсты быдыры нал дæн, уæгъд рæстæг мын ам дзæвгар фылдæр и — фысс æмæ фысс. Æцæг, алЦыдæр бæрцæй фидауы. Фæлæ адæймаджы хуылфы уыйбæрц зæгъинæгтæ сцæнд æмæ сæ ацу 'мæ ды цыбырæй радзур... 

Ууыл фæуынмæ хъавын мæ фыстæг. Хорз байрайут. Æнæмаст, æнæрыст ут. Уæ дзæбæхтæ мæм хъуысæнт. Адæймаг рагуалдзæджы дзывылдары æртахтмæ куыд æнæрхъæцæй фенхъæлмæ кæсы, афтæ æнхъæлмæ кæсдзынæн уæ дзуапмæ. Стыр зæрдиаг саламтимæ Иран. 

Р. 5. Иу хатт ма уын фæдзæхсын: мацæмæй мын тæрсут. Тæссагæй дзы ницуал ис. Дохтыртæ куыд æнхъæл уыдысты, афтæ уæззау цæф нæ разынд. Ацы писмо фысгæйæ мæ æрбаййæфта профессор, операци мын чи кодта, уый. Ногæй та мæм æркаст, уæраг асгæрста алырдыгæйты, риссы, нæ риссы, афæлвæрдта, тасы, нæ тасы, рараст вæййы, нæ рараст вæййы. 

Тынг баразыхуыз, ме уæхск мын фæлмæн æрсæрфта, раст цыма йæхи хъæбул уыдтæн, афтæ. 

— Ницы дæ æмбæхсын. Цин кæн, кавказаг... ирон джигит, хæдоны райгуырдтæ! Иууылдæр тарстыстæм, уæраг куынæуал рараст уа æмæ дæ... ахæм æрыгонæй... æдзух лæдзджыты æнцæйтты цæуын куы бахъæуа... Стыр тæригъæд уыдаид уый Хуыцауы раз... 

О-о, куыннæ сцин котаин æз уыцы амондджын хабарыл! Æниу уый цы хонын? Мæ цинæн ма кæрон уыди!.. Хъуыр æхгæдта, скæуынмæ мæ бирæ нал хъуыд, фæлæ... джигит мæ куы схуыдта профессор... Ноджы ма йемæ дыууæ сылгоймаг дохтыры... 

Мæхи тыххæйты баурæдтон. Дохтыр мын мæ уавæр фембæрста æмæ исдугмæ фæхъус, стæй ма йæ ныхасмæ бафтыдта: 

— Вижу по глазам, хочешь спросить, сколько еще тебе пребывать здесь. Недельку, отсилу — десять дней. Делай упражнения. Ходи с палочкой по палате. К концу срока будешь как новая копейка! Дальше — отдых на дому, а медкомиссия решит твою дальнейшую судьбу. 

Ныр, кæд Хуыцауы фæнда, уæд рæхджы кæрæдзи фендзыстæм. Ме 'ртæтигъон писмо уæм фæцæуы. Иæ хæдфæстæ та — мæхæдæг. Цинæйдзаг саламтимæ Иран». 

— Æнæнхъæлæджы диссаджы æхсызгон хабар! — бахъæлдзæг Уыбыдз. — Куыд тынг нæ фæтæрсын кодта, æвæдза, райдианы. 

— Мæ уд йæ фæхъхъау æнæлаз кæстæрæн, — бадзæбæхзæрдæ Сæна. — Нæ тарст нын æвиппайды цинмæ куы фæзылдта! 

Бинонтæ писмо куы бакæсой... Сæниат æрцæрдзæн, мæгуыр... Æллæх-æллæх, мæ зæнгты дыз-дыз дæр цыдæр æрбаци... О, сыгъдæг Мады Майрæм, нæ кæстæрты рыст нын макуы фенын кæ. Мах дæр рæхджы ахæм хъарм, худгæ хур куыд батава нæ бæлццон æртæтигъон писмойæ, уыцы арфæ нын дæ цæст бауарзæд — Оммен Хуыцау, — тъахтинæй сыстад Уыбæдз. — Æвæстиатæй фæхæццæ кæнын хъæуы фыстæг бинонтæм. Дæхицæн цæугæ 'рцæудзæн, æфсин. Амонын дын нæ хъæуы. Æртæтигъон цæмæн райхæлдтам, уый сын бамбарын кæн. Мураты тыххæй сæ афæрс. Фæстæмæ цæугæйæ-иу дæ фæндаг Асæбетыл ракæн æмæ Темыры хабар базон — ссыди, не ссыди? Бабæрæг кæнын æй хъæудзæн. Нæхи туг-стæг у... 

Хæсты быдырæй хæдзармæ сыздæхт бæлццон фæстинонæй æппæтæй тынгдæр цæмæй фæтыхсы, — бирæ азилинæгтæ, бирæ æрæвналинæгтæм фездæхын йæ бон кæй нæу. Лæджы ном бæргæ хæссы, Иран фæлæ ма дзы цæй лæг и рынчындоны фæстæ?.. Æмæ хъеллау кæны бон сауизæрмæ, йæхимæ хъусы, зæрдæмæ иу рухсы цъыртт никуыцæй кæсы. Хатгай, йæхи цы фæкæна, уый дæр нал фæзоны. 

...Рæстæгæй чи сбур, авгау чи слæгъз, уыцы даргъ къæлæтджын тъахтиныл йæхи æруагъта. Хъуыдытæй ныууæззау сæр. Тыхсы, йæхицæн бынат нæ ары. Сыхбæсты, хъæубæсты искуы-иуæй фæстæмæ йе 'мгæрттæй никæй фендзынæ. Иууылдæр — хæцæны. Иæхæдæг цæфтæй, фæлæ уæддæр сæрæгасæй хæдзар ссардта. Мурат, стæй иннæтæ та... Гъа-гъа-гъа, кæдæй нал уыди хабар йæ иунæг хистæр æфсымæрæй... Цы бадт у ай, писмо та ныффыссын хъæуы æфсæддон хаймæ. Куыд вæййы, цы вæййы... Кæд афонмæ фæзынд.. 

Лæдзæджы 'нцæйтты цырд фестад, стъолы фарсмæ 'рбадти, разизырдыгæй кæройнаг лагъз раласта. Диссаг нæу? Хæстмæ куы цыди, уæд æй куыддæриддæрæй ныууагъта, афтæ хæрзæфснайд, æнæвнæлдæй лæууыди. Хъуыддаджы гæххæттытæ бæстон æвæрд, тетрæдтæ æддæгуæлæ амад, сæ фарсмæ — фыды фыстытæ, чысыл хъæбæрцъар чиныг-низты бæрæгуат, даргъ цыргъ кърандæстæ... 

Байгом кодта иннæ лагъз, систа дзы цалдæр сыгъдæг сыфы. Æнæнхъæлæджы фæкомкоммæ донхуыз хъæбæрцъар гæххæтдонмæ. Раздæр ыл ам йæ цæст никуы 'рхæцыд. Цы уа, цыма? 

Рафæлдæхта машинкæйæ мыхуыргонд къухфыст — цъæхбын гæххæтты сыфтæ, рæнхъытæ кæрæдзимæ æнгом æвæрд, дамгъæ «æ» зына-нæзына бæзджындæр æмæ хæрдмæ иртæстдæр. Ранæй-рæтты дзы къухæй барастгонд бынæттæ. Фысты сæргонд ставд дамгъæтæй бæрæг дардта: «Нæ фыд. Мысинæгтæ». 

Уæлгайы æрмдзæф. Акæса уымæ. Цымæ, цытæ фыссы сæ фыды тыххæй хо? 

Уæлга литературæмæ æмхиц кæй у, уый Иранæн сусæггаг нæ уыди. Астæуккаг скъола каст фæуыны фæстæ фыццаг аз ам, Арвыхъæуы, бынæттон газеты редакцийы куыста сæхи Асæбейы чызг Залиханимæ. Иран æй зыдта: Мурат ын йæ фыстытæ — очерктæ, уацтæ, рецензитæ — иу хатт æмæ дыууæ хатты нæ касти сусæгæргомæй. Йæхæдæг дæр зæрдæргъæвд фæцис уыцы хъуыддæгтæм, хорз сын зоны сæ рахæцæнтæ. Уымæ гæсгæ сæ фыццаг аргъгæнæг — йæхæдæг. Уæлгамæ уæле бынмæ каст, хатгай-иу стох сты фыстыты иу кæнæ иннæ хайы тыххæй. Фæлæ бæрæг уыди: йæ зæрдæмæ цæуынц, Сæ æнæихсыд, аив нывæфтыд æвзагæй, цыргъзонд хъуыдытæй, адæмон æмбисæндтæй куыд арæхстджынæй пайда кодта, уымæй. Сæйрагдæр та, цæуыл фыста, уый кæддæриддæр хорз зыдта. 

Хо фыды тыххæй цы зæгъы, уымæ куыннæ бацыбæл уыдаид Иран! Искæй æмбæхст фыстытæ кæсын аив нæу, фæлæ ныййарæджы тыххæй мысинæгтæ... Ау, кæсыны тыххæй сæ нæ раргом кодта! Æмæ стъолы фарсмæ бæстондæр æрбадт. Цалдæр сыфыл йæ цæст ахаста. Ныхас йæхи æмæ Мураты тыххæй кæм цыди, уым афæстиат. 

«...Мæ цæстытыл арæх ауайы бæппу, — фыста Уæлга. — Мæцкъуыджыны ма куыста дохтырæй уыцы азты. Иу хатт куы уыди, уæд скъолайæ уæгъд рæстæджы бинонты аласта йæхимæ, мидæгхохмæ. Иран ма хæрзæрыгон уыди, æртыккаг къласы ахуыр кодта. Муратæн уæдмæ йæ фынддæс азы йæхи фесты æмæ хуымæтæджы гуырд сси! Уайтагъд хъæуы лæппутимæ фæлымæн. Горæтаг! — æмæ йыл æмбырдтæ кодтой. Куы йæ кæдæм хуыдтой, куы кæдæм, цымыдисаг бынæттæ йын æвдыстой. Иумæ сæхи надтой, мæкæрæзтæ къахтой, мæнæргъы, мæцкъуыдзуан кодтой. Хæлд лæппу нæ рахаста. Мурат, æмæ йыл ныййарджытæ æууæндыдысты. Æнæфæрсгæйæ никуыдæм цыди. 

Фæлæ йæ иуахæмы йæ ног лымæнтæй чидæр арра кодта, æмæ йыл сайд æрцыд...» 

Иран æгасæй сцымыдис — йæхæдæг дæр хорз хъуыды кæны уыцы хабар. Стæ-ма, кæддæра йæ Уæлга та куыд æвдисы, зæгъгæ, ноджы лæмбынæгдæрæй кæсын райдыдта. 

«Боны 'мбис кæмыты зылдысты, кæмыты балæууыдысты дыууæ дзæгъæлдзуйы, уый сæ къона зоны. Хур рагъы фæстæмæ ныттылд. Фæталынггæрæттæ, уæддæр Мурат зынæг нæма ис. Мад стыхсти, скатай: кæртæй уынгмæ уади, уынгæй — кæртмæ. Мах, чызджыты, бакъуымы кодта, уе 'фсымæр нырмæ кæм и, цы ма хъахъхъæнут хуыздæр æртæйæ, ныр æй кæм агурæм, кæдæм фæцæуæм, зæгъгæ. 

Куыд дарддæр — фыддæр. Рæстæг цыд, лæппу зынæг нæй. 

— Дæдтæдæдæй, — йæхимæ-иу фæлæбурдта нана, — уæ фыд йæ куыстæй куы фæзына æмæ мæ куы фæрса, ды та кæм уыдтæ, кæдæм кастæ, цы хъахъхъæдтай, зæгъгæ, уæд ын цы дзуапп ратдзынæн, мæ игæр айхæла? Мæнæ ныл Хуыцау йæ бæллæх куыд сæвæрдта!.. Мæнæ мыл цы судзгæ бон акодта!.. Дæдæй, Дадигка, дæ разы та цы цæсгомимæ æрлæудзынæн?!. 

Зæрдæ нæ, дур аскъуыдаид нæ ныййарæджы тæригъæдмæ кæсгæйæ. Иу къуым, иу кæрт æнæсгæрстæй нал ныууагътам, суанг ма хæстæг хъугæмттæм дæр ахæццæ стæм, уæддæр никуы æмæ ницы. 

Хъæубæстæн уарзон лæг Сибойы фырты тыхстаг хабарыл куыннæ бамæт кодтаиккой адæм. Уайтагъд æрбамбырд сты кæртмæ. Уæдмæ æхсæв йæ тар нымæт æрытыдта нарæг комы зад хуымты гæппæлтыл, хъæдкъуылдымтыл. Цæст гæзæмæ ницыуал ахста. Фæдисæттæ нæзы цырæгътæ ссыгътой, къæрццытæгæнгæ сæ бæрзонд систой æмæ зилгæ, сгаргæ ацыдысты зæрдæхсайгæ бынæттыл. Бæстæ æгасæй дæр саупиллонхæццæ рухсы ивылæнтæ сси, писийы карз тæф уæлдæфы ленк кодта...» 

Хабæрттæ куыд дзæбæх бахъуыды дардта Уæлга. Чызджытæ, Иран дæр семæ, афтæмæй тыргъæй æрхизæны тарвазы рæбын, уаридзавд карчы цъиутау, мады дæлвæдджи баныгъуылдысты æмæ тарст цæстæй кастысты къæр-къæрæй судзгæ нæзы цырæгъты рухсыты ивылдмæ. Фыр мæтæй сæ удты тæпп-тæпп цыдис. Иуæй Муратæн тарстысты — афтонмæ цы баци, кæм и?! — иннæмæй та мадæн тæригъæд кодтой, кæуынæй йæхи хордта, зæрдæхъæрмтты онг-иу сси. 

«...Фæдисæттæ стыр фæсахсæвæртæм фæцагуырдтой сæфт лæппуты, фæлæ та никуы æмæ ницы. Ныр мардæрцыдау сæргуыбыр, уæнтæхъилæй лæууынц хæдзары тарст хицауы раз. Йæ фырты йын кæй не ссардтой, уым .цыма аххосджын уыдон сты. Хатгай йæм дзы чидæртæ баздæхы, ныфсытæ, зæрдæтæ йын авæры: ма йын тæрсæд, иунæг нæу Мурат, рæхджы фæзындзысты... Фæлæ, æвæццæгæн, сæ ныхæстæ сæхи дæр тынг нæ уырныдтой, æмæ хæрзаудæнау, нымдгæнæгау кастысты бæппумæ: нæхицæй йæ хорз æмбæрстам мах. 

Адæм æфсæрмæй кæдмæ хъуамæ лæууыдаиккой кæрты астæу, кæд сæ тæригъæддаг бинонты цурæй сæ къах нæма хаста, уæддæр. Бæппу сæ тынг фæбузныг, сæ тыхсты сæ иунæгæй кæй нæ ныууагътой, сæ фыдæбоны хай кæй бакодтой, уый тыххæй. 

— Бузныг, ме 'фсымæртæ, — загъта 'фсæрмыхуызæй, сæркъулæй. — Хуыцау уын раарфæ кæнæд мах бæсты. Ныр уæ лæуды сæр уæлдай у. Ницæмæй бацауæрстат уæхиуыл. Алкæмæ дæр уæ æнхъæлмæкæсджытæ ис æмæ уæ нал уромæм... Уыдон кæстæртæ сты, кæд ма нæ уыцы амонд уа — дзæбæхæй сæ хæдзæрттæ ссарæнт. Уæд та кæрæдзи агурдзыстæм мах дæр... 

— Фарн уæд уæ фæрныг кæрты, Сибо, нæ удылхæцæг, — размæ ралæууыд фæдисæтты хистæр, мадзурайæ хæрззонд, æфсармджын сыхаг лæг Муссæ, йæ къæхты бынмæ ныккаст. — Арфæ нын кæныс, æмæ цæй арфæйаг стæм... Мæнæ æмхуызонæй нæхимæ куы хъусæм... Фæлæ ныл тагъд æхсызгон хабар сæмбæлæд!.. Ирон лæг фыдæй-фыртмæ йæ кæстæры цæрайæ цæры, йæ хъæбулы амондмæ бæллы. Хъæубæстæн адджын стут, Сибо, æмæ нын тынг зын у уæ тыхст. Мурат — æмбаргæ лæппу, æвæджиауы суинаг гуырд. Сызгъæрин Уастырджийы уазæг уæд... чи йæ акодта, уыимæ. Ма йын тæрсут, ардæм æй хъæуы, зæрдæ йæ зоны. Гъемæ уæ Хуыцауæй курæгау курæм, Сибо, уæхимæ хъусыныл ма фæут... Æртæ кæрдзыны кувынмæ уæм мах зындзыстæм сом... 

Фæдисæттæ ныфс æмæ хорзæхæнхъæлцауæй сæ фæрныг хæдзæрттæм фæцыдысты. 

Мах, бинонтæ, дуар зыхъхъырæй ныууагътам, афтæмæй сау сагъæсты ныгъуылгæйæ бадтыстæм фæтæгены цырагъы рухсмæ. Æлхъывд зæрдæтимæ хъуыстам алы сыбыртт, алы уынæрмæ дæр. Бæппу дæр дуаргомæй бадт иннæ уаты, ныддур, йæ дзыхæй сым нæ хауд. Æрмæст-иу рæстæгæй-рæстæгмæ тæнтыдзагæй ныуулæфыд. Бæрæг уыди, йæ маст йæ хуылфы кæй нал цыд æмæ йæхи тыххæйты кæй урæдта. Иунæг æнарæхст, æнæууылд ныхас — æмæ бинонтыл мæгуыры бон акодтаид. Афтæ касти не 'ппæтмæ дæр. Аххосджын мах уыдыстæм... 

Иу афон, æнхъæлмæ кæсынæй куы нал фæрæзтам, нæ хъуырмæ куы систæм, уæд цыма къæсæргæрон цыдæр мынæг сыбыртт фæцыди. 

Зирæ, нæ хистæр хо, йæ бынатæй фестъæлфыд, дуар бынтон фегом кодта. Тæккæ 'рбахизæны цырагъы рухсмæ сæргуыбырæй лæууыд... Мурат. 

Æхсызгон цины хъæр сирвæзти нанайы риуæй. Фæтæррæтт ласта йæ бынатæй, фæлæ дзы бæппу фæраздæр. 

— Æнцад! Мæхи бар æй уадзут ныр... 

Лæг исдугмæ сыстынæн нæ уыди: цыдæр кодта. Фыр катайы фæстæ фыр цинæй афтæ уыдаид æвæццæгæн. Æрæджиаугомау йæ къæхтыл слæууыд, сындæггай фæраст и гом дуары ’рдæм. Уæзбын, хъавгæ цыды йæ ныхыл хаста йæ судзгæ маст. Йæ фæлурс цæсгом сырх хъулæттæ адардта, афтæмæй æрлæууыд лæппуйы уæлхъус. 

— Гъы-ы, фæзындтæ?!. Сæфт гуырд... 

Мурат йæ мидбынаты нымпылд, ныччыпыхуыз уæлæмæ скæсын дæр нал уæндыд. 

— Ам та дын цы и? — æнæууæнк кæстытæ йæм систа бæппу. 

— Хытъын куы рауагътай... — Æмæ йын йæ хæдоныл рахæцыд. Хорæй дзаг къорыппы кæроныл куы схæцай, уыйау пъолмæ æнæнхъæлæджы æргæр-гæр кодтой хохаг цъæх хъæдуры цыбыр кæрддзæмтæ, йæ къæхты алыварс хуртуанау аци. 

Санчъех фæстæдæр ралæууыд фыд, цыма йæ цæстытыл не 'ууæндыд. 

— Цы сты уыдон? — къуызæгау дзы схаудис æрæджиаугомау, йæ цæсгом ныссау. — Дæу нæ фæрсын, лæппу, цы нын сты адон? Хуыснæг ма басгуых? Æви дæ боны мызд райстай? Уый бæрц бæркад... И?.. Дзур! 

— Гæбæлиндзæ загъта... — æрæджиаугомау сирвæзти Муратæй. — Æртонæм дам цъæх хъæдуртæ... Сæ тæккæ хæрынæн бæзгæ... 

— Æмæ махæн ам хохаг хъæдуры хуым кæм и? Гæбæлиндзæты хуымтæ та далæ дæллаг фарс куы сты... Бузныг, хæдзары знаг. Дыууæ хорзы нын ракодтай... — иуварс алæууыд бæппу. 

— Ахиз мидæмæ! 

Нæ удты гæртт-гæртт ссыди махæн: уыцы «еблагъуæйы» хорзæй ницы касти Муратмæ. Ныгъуылдтытæгæнгæ бахызт мидæмæ, уыцы тарстхуызæй къулрæбын æрлæууыд. Фыд ын сæрæй ацамыдта Хъæдын рагъæныл ауыгъд æфсæйнагæргъæвæгджын гæрзын ронмæ. 

— Ныххатыр ын кæн, бæппу, ацы хатт! — æвиппайды уаты ныййазæлыд гыццыл Ираны кæуын хъæлæс. — Нал бакæндзæн афтæ. 

— Байхъус дæ кæстæрмæ! — æрхатти нана дæр йæ сæры хицаумæ. — У, гормон, тæригъæд у мæгуыр сывæллон. Бамбæрста йæ рæдыд. Бакæс ма йæм уæртæ, хуызы цъыртт дзы куы нал и!.. 

— Æнцад! — йæ артыл ын уазал дон бакалдта бæппу. — Уыдæттæй нæ халæм, нæ, кæстæрты? Сымах уæ сау куыст бакодтат, ныр æнцад бадут! 

Цыдæр хорзыл ма йæ зæрдæ дардта Мурат — йæ бынатæй не змæлыд, фæлæ йæ йæ фыды тызмæг цæстæнгас размæ фесхойæгау кодта æмæ уæд рон æриста. 

— Раст слæуу, куы нымпылдтæ! — йе уæхскæй йæ чъылдымырдæм азылдта фыд. — Кæмдæр куы лекка кодтай, уæд дæм цы кæсы, уый нæ зыдтай? Дæхиуыл æппын ницæмæй худыс? Æгас хъæубæстæ фæдисы рацæуын кæн!.. Дæ мад, дæ хотæ, де 'фсымæр фыр адæргæй цы фæуой, уый куы нал зыдтой!.. Кæд искуы былæй ахаудис... Кæд дæ бирæгътæ бахордтой... Кæд дæ дон фæласта... Æппын мацæуыл ахъуыды кæн!.. — Йæхирдæм æй разылдта. — Æрбадар дæ къух! 

Гæрзын рон бæрзонд фæтахти æмæ армытъæпæныл æрныдзæвыд. Мурат æнцад лæууы, йæ цæстытæ ныццъынд кодта, судзгæ риссаг дзæхстытæм æнхъæлмæ кæсы. 

— Цæмæ ма лæууыс? — рон ын йæ къухы бакодта бæппу. — Дæхион дæхи фæци æмæ цæугæ... Уый та йæ бынаты сауындз, мыййаг ма куы бахъæуа. 

Хъуыддаг ууыл ахицæн, уый нæ никæй ма уырныдта. Æнхъæлдтам, фæлваргæ нæ кæны. Фæлæ фыд азылд æмæ йæхи уатмæ ахызт. 

Мах сæтцæйæ нæ бынæтты бадгæйæ баззадыстæм. Уыциу рæстæг нæм кæуын дæр цыдис æмæ худын дæр. Сой нын ныттагъта нæ зæрдæты нæ фыд æмæ йын нæ удтæ дæр авæрдтаиккам ныртæккæ! Йæ зæрдæмæ айста нæ зæрдæты конд: «Лæппуйæ рæдийаг нæ вæййы æвзæр». 

О-о, бæппу, куыд тынг дæ æмбарæм абон! Фыдаудæн, тыхми бæгуыдæр ном нæ кæны. Уый нæ, фæлæ зæрдæ къахы, фыдæхмæ сайы. Фæлмæн ныхас, ауæрдæн ми та кæстæрæн 

цæрæнбонтæм дывæр, æртывæр зонды хос... 

Адæймаг æрмæст фыдæбонæн нæ равзæры ацы рухс дунемæ, кæд нын уыцы ныхас фыдæлтæй æмбисондæн баззад, уæддæр. Йæхи æмбарынхъом фæуынæй фæстæмæ алчидæр — рæстмæ зондыл хæст уæвгæйæ — йæ номæн цæры. Рагзаманы фæлтæртæ йын бынæн ныууадзынц амæй-ай арфæйагдæр удварны хæзнатæ — сæрызонд, æгъдау. Æфсарм, ныфс, лæджыхъæд. Й' алы ми, й' алы фезмæлд дæр кæмæй фидауы, цæрыны аккаг æй чи кæны. Дæ гæнæнтæ, дæ авналæнтæ цас сты, уыйас тырн царды бæрзæндтæм, æрмæст «хи гуылы бын æндзарынæй» фæстæмæ ма дæ сыгъдæг уды фæллойы хай хæсс иумæйаг къæбицмæ, æхсæны хæзнадонмæ. Адæмы цæсты дæ уæз куыд уа, дæ фæстагæттæн сæрбæрзондæй мысынæн куыд баззайай. 

Фыдæй-фыртмæ уыцы фæрнджын, арфæйаг зондахаст истой сæхицæн царды бындурæн ирон дзыллæтæ. Цæрынæйхæрынмæ уыцы хæзна, уыцы цæрæццаг зондыл хæст уыди бинонты хистæр Сибо дæр. Йæхи раппар-баппар кодта, йæ удæй арт цагъта, йæ кæстæртæ искæмæй дæлдæр куы нæ уаиккой, адæмы рæнхъы цæуынæн куы бæззиккой, зæгъгæ. Цотуарзаг фыдæн йæ бирæ зæнæг — йæ цины суадон, йæ хуры рухс, йæ царды сæр. Кæуылты ныфсытæ сæ æвæрдта йæхицæн, цы нæ бæрзонд бæллицтæ баста семæ, адæмæн сæ уарзонæй, цæстæй хайджынæй, бæрнджын, фæрнджын æмæ фидауцджынæй уыдта йæ сæнтты æмæ йæ фыны... 

Æцæг алкæмæн дæр йæ амонд — конд, йæ сæвзæрды бонæй фæстæмæ — йæ ныхыл фыст. 

Ахуыргонд уæвгæйæ, хуымæтæг хъæуккæгты æхсæн Сибо æзуон кæнын йæ сæрмæ никуы 'рхаста, хистæртимæ хъуамæ хистæр уай, кæстæртимæ — кæстæр. Раст æм цыма йæ уд дарынæн нæ уыдис, — æдзух йæ иугæндзон хъавд уæззаудæр куыстытæм, зынвадатдæр бынæттæм. Низæфхæрд адæммæ хæстæгдæр лæуд куыд уа, йæ зонд, йæ зæрдæйы хъармæй сæ куыд тава, сæ рыстытæ сын куыд сура. 

Мидæгхохы рæбинагдæр хъæутæй иу — Мæцкъуыджынмæ йæ бафæндараст кодта фæстаг рæстæджы йæ хъысмæт. Авд æмæ дыууиссæдз азы — нæлгоймагæн йæ тæккæ лæджы кар. 

Бирæ федта хорзæй дæр, æвзæрæй дæр йæ царды дæргъы Сибо. Ныр та ма йын ноджы уæлæфтауæн иу цардыуаджы æвзарæн: йæ бонтæ æрвыста бинонтæй иппæрдæй. Куы æххормаг, куы уазал, куы зылдхъуаг æмæ рæвдыдцух. Къуыригæйттæ, мæйгæйттæ не 'фтыд сæхимæ быдырмæ. 

Фæлæ фадат — цардаразæг. Адæймаг алцæмæн дæр фæразон у, фыдæбонæн райгуыры, фыдæлты загъдау. Æмæ фæрæзта Сибо дæр, дунеон фыццаг хæсты фæлтæрд лæг. Фæрæзта йе 'ппæт зынтæн æнæуæлдай хъынцъымæй. Æрмæст-иу сау фæлладæй йæ хуыссæнмæ куы бахæццæ, сæр-иу фæлмæн баз куы ссардта, уæд-иу ыл хъуыдытæ ныккалдысты. 

Сибо райгуырд æмæ схъомыл хохæй быдырмæ ралидзæг цыбыркъух бирæсывæллонджын зæхкусæджы хæдзары. Хуыцау æй фæкодта æхсæз æфсымæры æмæ иу хойы хистæр. Фыд Бесо, хохаг зынвадæтты æхсыст, куыствæлтæрд, фатхъæдбæласау нуарджын, хъæубæсты, сыхбæсты астæу нымад, фидар æгъдæуттыл хæст ирон лæг, æмæ йæ кæстæртæй дæр уыцы уаг домдта. Фыдæбонджын сæ уыдысты йæ бинойнаг Гоцъионимæ, сæ комыкомдзæгтæй сæ фæхастой, гыццылтæй сын сæ арм фынгæн дардтой. Раст фæндагыл сæ æфтыдтой. 

Зæрдæрухс æмæ сæрбæрзонд уыди Бесо йæ рæгъмæдзыд, лæгау лæг фырттæй. Ирон ныййарæг рагæй-æрæгмæ — рухсбæллон, æмæ Бесо йæ игæрæй арт цагъта лæппутæн ахуырмæ фæндаг акъæртт кæныныл. Мæхæдæг куырм галау талынджы фæцыдтæн зæронды бонмæ, фæлæ нæ цот кæд цардæй уæддæр исты фениккой, зæгъгæ, æхсæв-бон нæ хыгъта, йæ астæу нæ раст кодта амалæнхъæлцауæй. Зæххыл æввонгæй ницы ис, хæдзар та кусæгæй срæзы. Домд фыртты февнæлд — удæнцойы хос. Хуымгæнæнты йын — гутондартæ, рувынафон — хæд-зиууæттæ, хосгæрдæнты — цæвæгармтæ, суг кæнгæйæ — фæрæтфæсрон гуыппырсартæ... 

Цоты хистæр — рады фыццаг. Каст фæци Сибо бынæттон скъола, стæй та Æрыдоны дины семинар. Даргъ хил рауадзын, зæриндонытылд пæлæз скæныныл йæ къух систа. Зæрдæргъæвд лæппу йæ былыцъæрттæ хордта кæнæ инженеры, кæнæ дохтыры дæсныйад райсынмæ. Дыууæ азы ахуыргæнæгæй акуыста скъолайы, цыдæр капеччытæ бамбырд кодта æмæ йæхи аппæрста Уæрæсемæ. Сгуыхтæй каст фæци йæхи цахъххъæн ирон лæппутæй цалдæримæ Тартуйы университет. Йæ сырх диплом нæма æрæхсадта, афтæ сидтоны гæххæтт райста æмæ йæ цалдæр æмбалимæ æфсæддон дохтырæй æмбойны балæууын кодтой арвы кæрон — Маньчжурийы, Харбины фистæгæфсæддон полчъы. Ныййарджыты, æфсымæрты, хойы фенын дæр ын нал бантыст. 

Хъæмæ ссæуыны фадат ын фæцис æрмæст дыууæ азы фæстæ. 

Бесо æмæ Гоцъионæн сæ игæртæ артыл сыгъдысты, хистæр фыртыл дæлæ иставæр уырдыгон сылыстæг куы 'рхæца зæгъгæ. Сæ амондæн дзы ахæмæй ницы разынд, фæлæ йæ уæддæр фæстæмæ иунæгæй нал ауагътой. Тарггæройнаг хорз бинонты, Хæрзæгаты нымад лæджы чызг Сæниат-рæсугъды йын æрхастой. Сæ фыццаг хъæбул Зирæ райгуырди Харбины... 

Хæрзæгонимæ афæдз дæр æххæстæй нæ ацардысты, афтæ йæм Маньчжурийы фæсидтысты Фыццаг дунеон хæсты быдырмæ. Бинойнаджы ныййарджытæм рарвыста, йæхæдæг та амынд бынатмæ фæраст и. Сæ полкъимæ хæцгæ-хæцын афтыд суанг Галицимæ. Уым фæцæф æмæ цалдæр мæйы фæхуыссыдис алы лазаретты. 

Сæхимæ сыздæхт æрдæгдзæбæхтæй, хъыгдæрдтытæй. ам æрбынæттон, куысты ныллæууыд. Фыдыуæзæг адджын у, фыдыуæзæг фæрнджын у, æрмæстдæр дын сæрфæцæвæн, бацæуæндон уæд Арвыхъæуы дæллаг хай — Тулдзджыны ... Ныййарджыты хъæдын къæс ма, чи байрæзт, уыцы бинонты фаг кæцæй уыдаид, æмæ Сибойы цæрæндонамæлттæ бахъуыд. Уæдмæ лæг йæхиуыл фæхæцыд, бантыст ын хъæуы астæумæ хæстæг хæдзар балхæнын — æд тыргъ, æд сара, чысыл зæххы гæппæл æмæ цæхæрадон цалдæр дыргъбæласимæ. Зæрондгомау хъæдынкъул ныллæгсæр агъуыст, фæлæ — хи ахстон. 

Сындæггай бахæдзархуыз Сибо. Йæ хъæдгæмттæ байгас сты, буары рыстытæй фервæзт. Кæстæртыл æфтгæ цыд. Сæниат дæр йæхи 'мхуызон цотуарзаг, хæдзардзин разынд, цъиуджын каркау бæдулты сæрылхаст. Хæрзæгонимæ сын рантыст дыууæ лæппуйы æмæ фондз чызджы. Æхсæзæм чызг — æрбайсгæ. Дыууын фыццæгæм раууатон æххормаг азы æнæнхъæлæджы дзыкъына лæвар... Уæрæсейы, Уркаинæйы хур зæххыл куы атылд, хоры хуымтæ уæлхъæдæй куы бавзалы сты, æмæ сæфты къахыл ныллæууæг адæм, нæ удтæ ма уæддæр куы аирвæзиккой, зæгъгæ, адæргæй æнæхæрддæр бынæттæм куы фефсæрстой, сæ афтид рифтæгтимæ, хызынтæ, голджытимæ чыртæйчыртæй уæлæмæ куы ивылдысты, уæды хабар. Æнахуыр бирæ дзы сæфтыд ардæм дæр. Зæрдæ мæгуыр кодта сæ маройаг уындæй. Кæрдзындæттон ирыстойнагæн йæ цæхх-кæрдзын уæрст никуы никæмæ уыди. Йæхæдæг дæр тыхст, уырыд, уæддæр амал æмæ фадатæй ницæуыл фæстæмæ хæцыд. Æххуыс кодта уынгæджы бахауæг, тæригъæддаг æрцæуæггæгтæн. Фæлæ чи аххæстаид æппæтыл... 

Изæрæй, фæскуыст хæдзармæ здæхгæйæ, Сибойы хъустыл æрцыд сывæллоны хæкъуырццæй кæуын. Баздæхти, æрдиаг кæцæй хъуыст, уырдæм. Фæндаггæрон рыджы мардæй хуыссыдысты лæг æмæ ус, æххормагæй фыдрæсыдтытæ. Сæ уæлæ рахил-бахил кодта, афæдзы бæрц кæуыл цыдаид, ахæм бурдзалыг, цæссыг æмæ рыгæй амæстытæ чызг, мады риутæ агуырдта. Йæ сæр ссыст, хъæмпхуыз дзыккутæ счъиу сты æнæ зылдæй, йæ уæлæ чъиллон бызгъуыртæ. 

Мад æмæ ма фыдæн цы акодтаид, фæлæ Сибо чызджы къухыл рахæцыд æмæ йæ сæхимæ 'рбакодта. 

— Цынай, æфсин, ацы мæгуыр сабийы. Базил æм, исты уæлæдарæс ын бацамæлттæ кæн. Уадз æмæ рæза нæхионтимæ... 

Æндæр сылгоймаг балхынцъæрфыг, батардзæсгом уыдаид, йæ къæхтæ сцагътаид лæгыл. Сæниат йæхи æндæрхуызон дæр нæ фæкодта, нæ фелгъ ис æнæзылд чызджы уындæй æмæ нæ ахызти йæ мойы ныхасы сæрты. Хи хъæбулау æй цынадта, ног дарæс ыл скодта, йæхи цоты рæнхъы йæ æххæстбарджынæй ауагъта. Схуыдтой йæ Катя, Катеринæ. 

Хъулон цæстæй касти Сибо æрбайсгæ чызгмæ. Зын рæстæг уыди, алцæмæй æххæст кæм æййæфтаиккой бинонтæ, уæлдайдæр уал сывæллоны кæмæн уыдис, уыдон. Уæддæр — лæвæртты дзæбæхдæр уымæн, дзадджындæр хай Катяйæн, къафетты сæр — Катеринæйы... Мидæгхохмæ цæуа — Катя йæ фыццагдæр фæндарастгæнæг, хохæй кæнæ горæтæй æрыздæха — Катя йæ æзфæраздæрон æмбæлæг, цины хабархæссæг: 

— Ура-а! Ура-а! Бæппу 'рцыди! Бæппу 'рцыди! — æмæ æхсызгон кæл-кæлгæнгæ, йæ бæгъæввад зæвæттæй ферттивферттивгæнгæ дæлæ йæ размæ фæтæхы... 

Æдде, дуармæ, уæрдоны хъæр фæцыди, кæйдæрты дзурын æрбайхъуыст. Иран йæ хъуыдытæй фæхицæн, рудзынджы ’рдæм ахъахъхъæдта. Цыдæр зонгæ хъæлæстæ... 

Чи уой? Йæ дзæбæх къахыл слæууыд, лæдзæджы æнцæйтты тыргъмæ рахызт. 

Уарын фенцаддæр. Бон фенгæстæ æмæ ма æрмæст лыстæг сасирæй луарæгау гæзæмæ сæлфынæг хаста. Уынджы, кулдуармæ хæстæг лæууыди ифтыгъд хæрæгуæрдон, гуыффæйы ссады голджытæ. Голджытæ, зæгъгæ, æрдæг дзæгтæй. Цы ма йæ базонын хъуыди, — сæ сыхаг лæг Дзаххотты экипаж, тагъд æххуысы хæдтулгæ. Афтæ йæ хуыдтой сыхбæстæ. Йæ уаг нæ халы ацы тыхст рæстæджы дæр. Йæ фыдæбоны хай та бакодта, Дадигкайы ссинаг куыд аласта, афтæ йæ фæстæмæ дæр æрхæццæ кодта. Уæртæ йæ кæртыты йе 'ккойы фæхæссы, Дадигка — йæ фæдыл, æххуысæнхъæлæй голлагмæ й 'армытъæпæнтæ баиваз-баиваз кæны. 

— Уадз æй мæхи бар, Дадигка, — йе уæхсчыты сæрты йæм фæстæрдæм дзуры Дзаххотт. — Хæссинаг уыйбæрц дæр куы уаид, фæрныг хæссинаг, хæддзу æлдариуæггæнæг лæбурджыты æдасæй... 

— Уæрæсейы уæрæх быдырты гагадзагъд фæуæнт нæ цæрæццаг хæстдзау фæсивæды тæригъæдæй!.. Уый сын мæ хуыздæр арфæ, — фæбæлвырддæр, фæкарздæр ын кодта йæ ныхас Дадигка. 

Дзаххотт, цæстуарзон, хæларзæрдæ сыхаг, рагæй дæр æргомыздæхт у ацы бинонтæм. Сибоимæ лымæнæй фæцардысты, цæххкæрдзын бирæ фæхордтой иумæ. Дадигка æмæ йын Сæниат цæхджын хойраг уый фæстæ дæр никуы бахæлæг кодтой. Æмæ уыцы зæрдæ рахаста кæрæй-кæронмæ. Цæмæдæриддæр æм баулæфой дыууæ сидзæргæс усы — уазал цæстæй сæм никуы ракаст, афтидармæй, æнæ се 'хсызгон саразгæйæ сæ никуы рарвыста. 

Дыууæ сылгоймаджы йын сарайы бын аххуыс кодтой голлаг æрисынæн, гоны йæ æрæфснайдтой. Рæбынæй æлыгæй сæрдыгон сæрст пецы гуыр-гуырæй сыгъди арт. Сæниат уайтагъд пецы уæлхъус зилæнтыл фæци, Дадигка та лæгмæ æрхатти: 

— Дæхи ахъарм кæ, Дзаххотт. Иу хъарм арахъхъ дæр аназ, дæ хорзæхæй. Дæ фыдæбон схæлар кæн. 

— Иу арахъхъ загътай, Дадигка? — бахудызмæл сыхаг. — Æмæ уын æгæр уæлæнгæйтты нæ ауайдзæн?.. — йе 'нцъылдтæ цæсгом бахъазынæнгæс. 

— Иу кæм уа, уым кæд дыккаг дæр разынид... — фæлмæн зæрдæхæлар худт бакодта сылгоймаг, æртæкъахыг фынг пецы фарсмæ байста, ныллæг бандон ын йæ цуры æрæвæрдта, раздарæны кæронæй йæ асæрфта. — Æрбад ма, дæ хорзæхæй. 

— Дзæгъæлы уæхи тыхсын кæнут, — фецæгхуыз Дзаххотт. 

— Хæрæг æдде ауыгъдæй лæууы, голджытæ та уымæл кæнынц... 

Иран сæм исдугмæ тыргъæй каст, стæй дæлæмæ æрхызт. 

— Уыдон æз кæттагæй æрæмбæрздзынæн, Дзаххотт, ууыл ма тыхс, — уазæгæн йæ къух райста. — Сылгоймæгты зæрдæхудты ма бацу. 

— Гъер ма лæджы бон цы у?.. — йæ къухтæ сдардта Дзаххотт. 

— Æртæ иуæн — æфсад. Мæ дин мын халын кæнут, фæлæ гъа... Хæдтулгæйы здахæны фарсмæ бадгæйæ нуазæн нæй, уый куы зонут. Алы тигъыл дæр милицæ... — йæхи та ныццæгхуыз кодта лæг. 

— Цас ма дæ хъæуы... — хъазæн ныхæстæн хъазæн ныхасæй дзуапп дæтты Иран дæр. — Кæд дæ нæ фæнды — æртæ... цыппар хæдзары дæлдæр... Ныйирвæздзынæ... искуыдтæй... 

Æрбадтысты фынджы уæлхъус Дзаххотт лæдзæгæй арт бацагайдта, йæ куыстæфхæрд, уæзæгджын къухтæ йæм батавта. Фатхъæд æмæ тæрс сугтæ сырхзынг систы, уæддæр ма сæ кæрæттæй дон æддæмæ хъардта чысыл фыцгæ таппузтæй. Иран æнцад касти, таппузтæ тæвды куыд цъыс-цъыс кодтой, сысгæ куыд цыдысты, уымæ. 

Зæхбын æрдæггом сарайы цывзыджын хъарм арахъхъ æмæ дзæрнайы æхсызгон тæфмæ, гуыпп артмæ зæронды уæнгтæ сындæггай стæфстысты. Уалынмæ Сæниат фынг арæвдз кодта. Графины дзаг нуæзт, хъæбæр цыхт, цæхджын къабуска, хъарм кæрдзын. 

— Фæйнæ, фæйнæ, фæйнæйы... — æрхатти фысым цæстуарзонæй сæ дзæбæх сыхагмæ. — Ацы уымæл уазалы хæлар уыдзæн. Куыд уарзыс, Дзаххотт, афтæ йыл сырх цывзы дæр асыгътон. 

Иран арахъхъ рауагъта. 

— Лæг кæрдзынæй дæр æфсæды гутоны... куыройбалцы фæстæ, — зарæгау бакодта æмæ дзаг сыкъа уазæгмæ дæтты. 

— Амæн йæ чысыл — удыхос, йæ бирæ — хæйрæджьгты хойраг, — кæстæры фæдзæхсæгау бакодта Дзаххотт, нуазæн исгæйæ. Лæппумæ йæ тарбын зондджын цæстытæ фæирд кодта. — Цæуыннæ фæдæ Иры зæххон пехуымпары ныхæстæ кæронмæ?.. «Рагæй нал фæци нæ гæды урссаджы хъæстæ...» 

Цæстхиз каст бакодта Иран йæ хистæрмæ: 

— Хъæвдынты Саулох нæ бады мæ уæле... Уымæн æй нæ бацауæрстаин. Чысыл раздæр дæ зæрдæ-мæ зæрдæ аныхæстæ кодтам.. 

— Бæсты иблис... — йæ къух ауыгъта Дзаххотт. — Уый уадз æмæ лæууа. Нæ фынджы кой кæнæм... 

Уынгæй æрбаздæхт Дадигка, йæ тарбын чырынтæ кæлмæрзæны кæрон уæхсчы сæрты баппæрста, цæрмын къандзол армытъæпæнтæй æрсæрфта. 

— Хъилхъусы хæдтулгæмæ дæ зæрдæ ма 'хсайæд, Дзаххотт. Голджытæ хосæй æрбамбæрзтон. Абадут Иранимæ. 

Сылгоймагмæ йæ сæр фæзылдта уазæг, йæ мидбылты æнæбарыгомау бахудт. 

— Ацы хъуыддаджы мæ амонд — сæгъ сæгъæй стырдæр... — Сыкъайыл уæлæмæ схæцыд. Галиу къухæй йæ пыхцыл рихитæ адаудта, хъуынджын æрфгуытæ бæрзонд систа. — Цæй уæдæ, стыр Хуыцау, табу дæхицæн. Хъуыддæгтæ рæстмæгæнæг дæ æмæ ахъаз бакæн мæгуыр адæмæн. Бирæ хæрзтæ дæм ис æмæ дзы ацы рæстаг бинонтæ дæр хайджын куыд уой, уыцы амонд саккаг кæн. Уæ бæрзондыл бадæг сыгъдæг Уастырджи! Нæ кæстæртæ зын балцы сты æмæ сæ дæ рахиз базыры бын бакæн, сызгъæрин Уастырджи, байрагæй бæх чи кæны, лæппуйæ лæг чи кæны, уыцы тæхгæ-нæргæ Уастырджи! Хуыздæр кæй куывд айстат, мах куывд дæр уыдон æмбал куыд фæуа, ахæм арфæ ныл сæмбæлын кæнут. Ныр бирæ куывдæй бирæ хорз хуыздæр, æмæ дзы, кæстæр, ды саход, — нуазæн Иранмæ балæвæрдта. 

— Æз дæр ссинæгтæ ласынмæ уыдтæн? — фефсæрмхуыз лæппу, фæлæ кувæггаг райста: æгъдау æппæтæй хистæр. Дзаххотты табутæн оммен загъта, сахуыста нозтæй, байдзаг кодта сыкъа æмæ йæ фæстæмæ уазæгмæ радта. 

Фæйнæ банызтой, сахуыстой. 

Иран рауагъта дыккаг нуазæн. 

— Нал, нал, — й 'армытъæпæнтæ йæм фæдардта Дзаххотт. — Худинаг у, чидæртæ ма се ссинæгтæм æнхъæлмæ кæсынц. 

Иу æлгъыст у... Стæй дзы æнæуи дæр лæгмæ ацы уымæл бон цы бахъардзæн?.. 

— Иу æлгъыст у, дыууæ фæлдыст у... Афтæмæй бабирæ вæййынц, лæггаг... Цæй, сæрмагондæй Уастырджийы ном ссарæм. Ирыстоны кадджындæр дзуæрттæй иу, бæлццæтты бардуаг, табу йæхицæн. Дæуæн дæр баххуыс кодта. Ныр та дæ хистæр æфсымæр Мураты ныффæдзæхсæм. Бæрзондыл бадæг сызгъæрин Уастырджи, мæнæ дын ацы фæрныг, адæмæн уарзон бынаты кувæм æмæ уыцы мæгуыр лæппу де уазæг, дæ фæдзæхст! Йæ хæдзарыл дзæбæх, сæрæгасæй куыд сæмбæла, уыцы хорздзинад бинонтæн дæ цæст бауарзæд Фыдгулы фæндиаг нын ма фæкæн нæ кæстæрты. Знагæн Æрджынарæгмæ сæфтæнтæй йæ быныхъæр куыд айхъуыса, уыцы стыр амонд нæ цæстæй куыд фенæм! 

Иран бануазынмæ нæ хъавыд, хистæримæ æмнызт кæнын æм кæддæриддæр æгад касти, фæлæ Дзаххотт йæ цæстæнгас уæларвмæ еиста: 

— Уастырджийы тыххæй!.. Гъеуый æндæр хъуыддаг у, — фæбузныг лæппуйæ, йæ нуазæн куы анызта, уæд. 

Сæниат сæ уæлхъус алæууыд, тæвд алгъац сын йæ тæф калгæ сæ цуры æрæвæрдта цагъд хъайлаимæ. 

— Тагъд æххуыс æрбахæццæ, — бахудт Иран. 

— Хъарм хæринаг... Нæ уазæг тагъд кæны æмæ... — бафсæрмыхуыз йæ лæппуйы ныхæстæм ус. — Кæд фæлæудзыстут, уæд ныртæккæйы минутыл цæрвджын сойыфыхтæ... Нæ фæлæ уæливыхтæ дæр арæвдз уыдзысты. Мæ хыссæ цæттæ у. 

— Нæ, нæ, Сæниат, — фестади Дзаххотт йæ бынатæй. — Дæ мад, дæ фыды хатырæй!.. Æгæр афæстиат дæн... — йæ худ агурыныл фæци лæг, фæлæ Иран сьжъа байдзаг кодта æмæ йæм æрхатти: 

— Ау, Дзаххотт, бæркад дæр нал зæгъæм? Уæртæ мæм Дадигка та уæдæй нырмæ цæстæй куы амоны, нуазæн, дам, авæрæм уазæгæн... Æниу, дыууæ сидтыл фæуа бадт? Фынг æртæ къахыл лæууы!.. 

Кæцы ирон лæг не 'ртасдзæн ахæм æгъдаумæ, фæкъæмдзæстыджы онг йæхиуыл æрхуддзæн. Æмæ нуазæн æфсæрмæй райста сыхаг. 

— Йæ, Хуыцæутты Хуыцау, уæдæ абон сындзытыл кæй фыдæй бадæгау кæнæм, йæ догъытæй сæрст æфсæйнаг зæвæтджын фæтæнхъус цырыхъхъытæй нæм ссæндыны сау фæндтимæ чи сбырсы, уыдон Елхоты гæмæхтæй фæстæмæ сæ фæд-сæ фæд сæрбихъуырæйттæгæнгæ куыд лидзой хæстæгдæр бонты, уыцы арфæ рауадз, Дунейы фгрн. Сымахæн та уæ нуазæн бирæ уæд, бæркадкъух æфсинтæ. Бузныг. Кæрæдзи зæрдæхудт куыд никуы ссарæм, уыцы хорздзинадмæ кувæм. Уе 'взæр сыхаджы сæр уæ кæм бахъæуа, уым табуафси, хорз ракæнын — удыбæстæ. Цалынмæ нын Хъилхъус æгас уа, йæ «тагъд æххуысы хæдтулгæ» куса, уæдмæ — тæрс нæй!.. 

Дадигка æмæ Сæниаты зæрдиаг арфæтимæ Дзаххотт кæрты дуары ’рдæм куыд фæраст Иранимæ, афтæ къæлиткæйы зыхъхъырæй йæ тарцъар, хъуынджынæрфыг цæсгом æрбадардта Мадзигка, уазæджы бинойнаг, сыхы мидæг зындгонд фыдбоны сыл. 

— Дæ Хъилхъус уарынмæ йæ гæндзæхтæ цæгъды, ды та хæдзари-хæдзар арахъдзуан зилыс! — бабустæ йæ мойыл Мадзигка. — Иу та ма дзы æфсарм вæййы — хæрзиуæджы куы бацыдтæ ноджыдæр ма кæмæндæрты! 

Дзаххотт фысымты ’рдæм фæзылд, йæ цæстытæ уæларвмæ систа, мидбылты æнкъард худт пыхцыл рихиты бын амбæхста. Ираны цонгмæ февнæлдта: 

— Аæуу, уæйыг, лæуу. Дæ цæрæнбон бирæ. Аныхас кæныны бон дæр нæ нæ фæци... Адзæбæх у, мæ хур, дзæбæх баулæф дæ бирæ зынтæй... 

Уæздан, хиуылхæцгæ лæг — йæ рахатын зын нæ уыди — уыцы зæрдиаг ныхæстæ кодта йæ бинойнаджы æфсæрмиаг ахасты адæргæй, йæ цæстытæ зæххы ныццæвгæйæ, æмæ цы уыдаид уымæй зындæр фырнымд кæстæрæн... 

 

 

Журнал «Мах дуг», 2010 аз, №5 

Гусалты Барис 

 

УАСТЫРДЖИЙЫ УАЗÆГ 

Этюд

 

 

... Ныр — нæ Уæлахизы бон. 

Плиты Грис 

 

... Хур куы фæкъул, уæд йæ гуыпп-арт дæр зынгæ фæмынæг. Æмæ сæрдыгон бон мадыхойау фæфæлмæн, ныззæрдæхæлар. 

Хуымæллæджы дон зилгæтæ здыхстытæй уæнгрогæй кæлы Зилгæйы астæуты, ранæй-рæтты æхсидавы рухсау хурмæ сæрттивы — дуне цæрынмæ бынтон хæлæггаг свæййы. 

Къохы иуварс Къодахджыны малы дыууæ æнахъом лæппуйы баиу сты — сæ иу йæхи найынмæ æрбацыд, иннæ кæсаг ахсынмæ — даргъуисджын æнгуыр æм. 

Хинайæг æм кæсы, æмæ уый æнгуыры къæпсыримæ куыд архайы, уымæй тыхсы: нæ арæхсы уаллон къæпсырыл бакæнынмæ. Цы дзы агурыс, æнæхъæн æртæ азы кæстæр дзы чи у, уыцы хъуымызбылæй!... 

Бацыд æм, райста йын йе 'нгуыр, къæпсыры фындз фæныхсынæввонг куыд уа, афтæ йыл бакодта уаллон æмæ загъта: 

— Казик, æз дын æртæккæ дынджыр сардзан æрцахсдзынæн мæнæ ам, былгæрон малы. 

— Мæн хуыдзых хъæуы... 

— Хуыдзыхтæ сабыр доны не сты, уыдон уартæ тæккæ гуылфæны ленк кæнынц, æмæ уым ахсынæн та былæйдаргæ æнгуыр нæ бæззы, æвæргæ 'нгуыр хъæуы. 

Бирæ дæр нæ адардта, афтæ дын Казик кæуын хъæлæсæй куы зæгъид: 

— Мауал мын дар ме 'нгуыр доны — кæсаг мын мæ уаллоны бахæрдзæн! 

Иннæ лæппу худæгæй бакъæцæл. Стæй æнгуыр уыциу цъортт фæласта хæрдмæ — уæд уаллон къæпсырæй ацъыввытт ласы. Афтид къæпсыр æм æвдисы: 

— Мæнæ дын æцæгæй куы бахордта уыцы куыдзæйгуырд дæ мæгуыр уаллоны, ноджы æдзæххæй! 

— Фæлæуу, æз дæ Бедоттыл куы нæ сардауон, папæйыл... 

...Сæумæйыл адæм сæ хъом хъæуы сæрмæ ратæрынц. Ам сæ хъуццытæ, уæнгуытæ æмæ дыгæрдгуыты хъомгæсы æвджид бакæнынц, стæй, къордгæйттæй лæугæйæ, исты хабæрттæ кæныныл фæвæййынц. 

Ныр æртыккаг бон сылгоймæгтæ сæ цæст æрæвæрынц ацы дыууæ лæппуйыл, кæй суинæгтæ, дам, сты, афтæ раджы куыд æнæзивæгæй фестынц æмæ фос хъоммæ кæй бæсты раскъæрынц... Абон нал фæлæууыдысты, кæрæдзи фæрсынц, уыдон чи сты, зæгъгæ. 

— Зæлинæйы лæппутæ сты. Диссаджы ирон коммæгæс, уисæнгæнаг. Æмæ, дам, горæтæгтæ буцахуыр вæййынц, бирæ хуыссын уарзынц... 

— Кæй Зæлинæйæ зæгъут, кæй? 

— Бедотты чызг, рынчындоны куы кусы. 

— Сæ хуртæй сын бафсæдæд! Уæдæ, лæджы хæрæфырттæй амонд куы уа, уæд уый дæр, искуыдæр ма, амонд нæу... 

...Æрæджыты фæзындысты ацы дыууæ сагсур лæппуйы хъæуы. Æмхуызон бæрзонд æмæ хæрзконд, сæ бакасты æууæлтæ уæзданæнгæс, худгæбыл кæддæриддæр. Саламдæттон. Зилгæйы Хуры сых раст сæ уындæй сфидауы, барайдзаст вæййы. 

Фæлæ æдзух иумæ, кæрæдзиуыл бастау, ай-гъай, нæ фæцæуынц горæтмæ сæ уæлдæр скъолатæм ахуырмæ. Æмæ сæ абон мæзджыты цур автобусы рæсæны иу йеддæмæ нæ лæууы. Стæй дзы, иннæ бонтæй хъауджыдæр, æнæуи бæлццæттæ дæр нæй: æвæццæгæн, адæм фыццаг автобусæй аивгъуыдтой... 

Чысыл фалдæр цæугæдоны тæккæ былгæрон пæлæхсар хæрис бæлæсты бын хъæуы æгуыст лæппутæ сæхицæн найфат сарæзтой. Сæ уæззаудæр хъиамæт — нозтдзуан. Се стырдæр цин — искæуыл дæ пырх акалын. Сæ къухы ныронг ницыма бафтыд сæ цард райсомæй йæ бæрæг ауæдзыл сæвæрынæн æмæ мæстæй хæлынц. Дыууæ æфсымæрмæ та сæ дæндæгты къæскъæс рагæй цæуы: ацы хъæуы цыма райгуырдысты, уыйау сæхи æнæстъæлфгæ сæрбæрзонд дарынц, стæй æдзух ногитувæрдау æфснайдхуыз сты, æмæ сæм баст хæрæг дæр нæ фæлæудзæн æнæ балæбургæ. 

Йæ уæлхъус æнæхъæн æфсадæй — фондз гуыппырсарæй алæууыдысты, сæ фæлвых уæнгтæ алырдæмты æрзæбул сты. Сæ иу фесхъæл: 

— Мæлхъ, ей, æмæ дæм тамако нæй? 

— Нæй, нæ дымын. Стæй сымахæн дæр нæ амонын. 

— Дæ уынаффæ хъуаг не стæм, фæлæ дæм уæддæр тамако цæуылнæ ис — ды нæ дымыс, зæгъгæ, уæд иннæтæ дæр ком дарынц? — æмæ йæ алыварс æркæрт сты. 

Цы бамбарын ма йын хъуыд, хылкъахæн кæй кæнынц, уый. Фæлæ йæ хуыз æппындæр нæ аивта — нæдæр фæлурс аци, нæдæр сæм мæстæй рафыхти. Фæлæ сæм кæд сабыр уæзданæй дзырдта, уæддæр йæ хъæлæсы дæрзæг мыртæ фæзынди: 

— Лæппутæ, кæд искæдæм цæуинаг стут, уæд уæ фæндаг куы дариккат, науæд та, кæцæй æрбацыдыстут, уырдæм аздæхут афтæ сымахæн дæр æмæ мæнæн дæр бирæ хуыздæр уыдзæн... 

— Æртхъирæнтæ дæр ма нæм кæныс?! — æмæ йыл сæхи андзæрстой. 

Хъæу æндæр ницыуал дзырдтой: 

— Кæй дзы цонгæлвæст фæкодта, кæй æфсæрзылын, кæй фæрсксаст, кæй нокауты арвыста. Уæд цы 'нхъæлдтой, уый сын сæхиау цъæхæй тыхдомд лæппу нæу. Дураччытæ, бауырдыг мын сты Астæуккаг Азийы чемпион каратейæ! 

— Кæй сæрæнгуырд у, загътат, кæй? 

— Уалæ Казиччы, Бедотты фырт Хъазыбеджы. Булкъон цыдæр куы ссис йæхæдæг та — ныр пенсийы рацыд æмæ сыздæхт йæ фыдæлты уæзæгмæ. Замманай лæппутæ сты йæ фырттæ, æгъдауджын, ахуырмæздæхт... 

...Ирон театр хъæумæ гастрольты ныццыд. Клубы адæмæй къах бавæрæн нал уыд. Спектакль цæуы, адæмы 'хсæнæй иу сыбыртт нæ хъуысы. Цардæфхæрд чызджы ролы чи хъазы, уыцы артисткæ фæрсы ацæргæ лæг æмæ усы: 

— Чи дæн æз, кæй чызг дæн æз? 

Залы чидæр нал фæлæууыд, ныхъхъæр ласта сценæмæ: 

— Мелыкаты Замирæ дæ! Бедотты чызг! 

Адæм афтæ худтысты, æмæ артисттæн цасдæр рæстæг дарддæр хъазыны амал нал уыд, стæй сæхæдæг дæр сæ худын нæ урæдтой. 

...Изæрыцæстыл цалдæр сылгоймагæй уынджы тигъыл лæууынц, цыдæр æвдæлон ныхас сын бацайдагъ. Уалынджы сæ иу удаистæй фестъæлфыд: 

— Æллæх! Байрæджы мын уыдзæн, згъорон! 

— Циу, цы хабар у? 

— Ныртæккæ телевизорæй «Кармелитæ» райдайдзæн. Æмæ дзы нæхи Алан хъазы. 

— Цавæр нæхи Алан?! 

— Нæхи Замирæйы лæппу, Бедотты хæрæфырт. Йæ фыр уæзданæй æппындæр цигайнаджы хуызæн нæу, фæлæ хъазгæ та хорз кæны цигайнаг усгур лæппуйы ролы. 

...Хæсты фæстæйы бæгънæг-æххормаг азтæ, скъола сидзæр сывæллæттæй йæ тæккæ дзаг — сæ фыдæлтæ хæсты быдыры баззадысты. Фæлæ уæддæр æвзонг дуне царды цинтæм æмхиц у, æмæ та чидæр ныр минæм хатт дзуры нæ физкультурæ æмæ æфсæддон хъуыддаджы ахуыргæнæджы тыххæй: 

— Бедотт хæсты куыд фæцæф, уый зонут? Йæхæдæг æй дзырдта — мæхи хъустæй йæ фехъуыстон: 

— Немыц нæ æхсынц. Æз мæхи сисы фæстæ бафæсвæд кодтон. Стæй мæ сæр тигъæй радардтон. Кæсын, æмæ дын далæ иу нæмыг стæхы. Ай кæдæм тæхы, уый куы нæ базонон, зæгъгæ, йæ хъахъхъæнын. Гъемæ фыдбылызæн бирæ хъæуы: мæ тæккæ ныхыл сæмбæлд — мæнæ уынут, цы нос мыл ныууагъта! — Æмæ та минæм хатт дæр лæппутæ худæгæй артæнхæлдтæ кæнынц. 

Бедотт... Мелыкаты Темырболаты фырт Бексолтан. Йæ дæсныйадмæ гæсгæ уымæй цæй ахуыргæнæг уыд, кæд афицеры пъагæттæ хаста, уæддæр. Фæлæ-иу, бæргæ, æппæт ахуыргæнджытæ уыйау хæларзæрдæ, хиуылхæцгæ, сабиуарзон кæддæриддæр хурдзæсгом куы уаиккой! Фæлмæн фыды ад лæвæрдта йæ сидзæр ахуырдзаутæн. Нæ тæккæ зондхæлоф дуджы-иу цымыдисæй хъуыстам хæстон лæджы — æцæг хæстон лæджы — мысинæгтæм. 

Уæды дард азтæ зæрдыл куы 'рбалæууынц, уæд та лæгмæ уæдыккон хуры рухс æрбагуылф кæны — нæ уарзон ахуыргæнæг Бедотты рухс. Арæх-иу рæдигæ дæр афтæ фæкодтам: Бексолтан нæ, фæлæ Бедотт Темирболатович... 

Йæ фыццаг скъоладзаутæй ма æгас чи у, уыдоныл ныр фæйнæ æстай азы цæуы. Бедоттæн та йæхиуыл мæнæ ныры апрелы райдианы сæххæст 90 азы... 

Мæ фыд Мустæ (Хадзымуссæ) хæстмæ æххæст лæгæй ацыд. Хъæуы мидæг нымад лæгæй. Йæ кафт æмæ зардæн та, дам, æмбал нæ уыд, уæдæ цуанонæй дæр ахæм цуанон басгуыхт, æмæ, дам, дзы цъиуы цæст нæ ивгъуыдта — дзæгъæлы йæ нæ равзæрстой цуанæттæ сæ бригадирæй, уæгъды йæ нæ ахуыдтой Мæскуымæ дæр цуанæтты Æппæтцæдисон съездмæ цæмæдæр... 

Æмæ уый хæсты æбæрæгæй фесæфт (уæвгæ та, махонтæй æбæрæгæй фесæфт Советон Цæдисы хъæбатыртæй дæр ма минæй дзæвгар фылдæр — суанг уыдоны хъысмæт дæр тынг никæй æндæвта...) 

Æз дæр-иу иннæтимæ зæрдиагæй хъуыстон Бедотты мысинæгтæм, фæлæ-иу мæхимидæг афтæ хъуыды кодтон: «Немыцæгтæй цасфæнды дæр ныццæгъдæд, фæлæ йын уæддæр æмхуызонæй цагъды нæ фæуыдаиккой, æмæ уæд куыд аирвæзт йæхæдæг та, куыд^! Куыд раирвæзт уыцы цæхæрæй, уыцы пиллон артæй?! Уæззау цæфтæ дæр иу æмæ дыууæ хатты куы нæ фæцис, уæддæр уартæ ис, худгæбылæй дзуры куы бынтон æцæгтæ, куы та сæм къæхтæ æмæ къухтæ амхасæнтæ кæны...» 

Хæрз æрыгонæй — Урюпинскы æфсæддон скъолайы бакаст иу æмæ ссæдзаздзыдæй — æмæ лейтенантæй йæ сæр фæцавта хæсты гуыр-гуыргæнгæйæ судзгæ арты. Æмæ дзы удæгасæй раирвæзт. Иннæтæй хъæбатырдæр нæ уыд, стæй хиндæр нæ уыд — уæззау цæфты фæстæ дæр йæхи никуы фæтылиф кодта фронтæй, фæстæмæ та-иу баздæхт нæмгуыты тыгъдызæймæ. Зæгъæн ис, æмæ-иу ничиуал баззад йæ взводæй, йæ ротæйæ, уый та — сæрæгас, хæрзиуæгджын... 

Æппæт дæр амæндтæгæнæгæй у, уæдæ æндæр цы загъдæуа, æмæ йыл йæ хæрзгæнæджы куывд æрцыд, Уастырджийы уазæг æй чи кодта йæ тохмæ цæуæн бон, уый куывд. 

Сыздæхт уæззау цæфтæй, йæ рахиз цонджы схаста сармадзаны нæмыджы схъистæ. Æмæ бавнæлдта цæрынтæм. Æрхаста бинойнагæн хи хъæуккаг хорз чызг Дауыраты Муслимæты, ирон æвзаг æмæ литературæйы ахуыргæнæджы. Бирæ азты ма иумæ фæкуыстой скъолайы, стæй, ног фæлтæры ахуыргæнджытæ куы фæзынди физкультурæйæн дæр, уæд Бексолтан куыстмæ бацыд Беслæны æфсæнвæндаджы станцæмæ æмæ дзы фондз æмæ ссæдз азы дæргъы æнæзæрдæхудт фæллой фæкодта. 

Царды гæзæмæ цинтæ зыдта, царды иугæндзон мæстытæ æвзæрста: бафснайдта йæ цоты мады, йæ дыууæ æфсымæры Солтан æмæ Алымбеджы, уыдон дæр йæхиау хæстон лæгтæ уыдысты. Æмæ дарддæр цæры, рæстæгыл дæр уæлахиздзауæй, йæ уды бирæ хъæрзæнтыл уæлахиздзауæй — цардцæрæнбонты куыд сахуыр, куыд фæцалх, афтæ... 

Бексолтан! 

Дæ бирæ ахуырдзауты номæй дын арфæ кæнын дæ бирæ уæлахизты тыххæй, уæлдайдæр та ацы боны тыххæй — дæ Уæлахизы боны фæдыл. 

Цы цæрæн дуг ма дын схай кодта Хуыцау, уый, нырау куыд цардтæ, афтæ ирон домбай лæджы аккагæй фæцæр. Æмæ ма демæ де 'ппæт хæстон æмбæлттæ дæр. 

 

 

Журнал «Мах дуг», 2010 аз, №5 

Бибылты Граф 

 

ÆЦÆГ ХАБÆРТТÆ 

 

ГÆРАХ

 

Хæсты гæрæхтæй фылдæр цы вæййы, уæдæ цæмæй хæст у! Дæ хъусты къæрмæджытæ куы бакæнай, уæд дæр дæм алырдыгæйты хъуысдзысты. Уæззау тохы фæстæ исдугмæ куы афынæй уай — нæй, нæ сæ фервæздзынæ æмæ ма фыдфынты хай дæр фæуыдзынæ. 

Цъæхил дæр бирæ гæрæхтæ федта æмæ фехъуыста, фæлæ дзы абоны онг иу нæ рох кæны. 

Уый уыди 1944 азы сæрды тæккæ тæмæны Львов-Сандомиры операцийы рæстæджы. Цъæхил цы æфсæддон хайы уыд, уый ссæрибар кодта иу стыр украинаг хъæу, Яблоници йæ хуыдтой. Уæззау тохтæ цыди уыцы ран. Хъæу цалдæр хатты къухæй-къухмæ хаудис: куы-иу æй махуæттæ байстой, куы знæгтæ, фæлæ йæ фæстагмæ нæхиуæттæ байстой. 

Уыди хъуынтъыз бон. Къæвда къæртайæ калæгау кодта. Хæсты фæздæг бæзджынæй бадти хъæуы сæрмæ. Хæстонтæн сæ фылдæр иу иннæмæй нал хицæн кодта — цъыф æмæ фæздæджы афтæ зынди, цыма сæ кæрæдзи цæрмыстыгъд бакодтой. Цъæхилæн дæр ма йæ къæсхуыр цæсгомыл дыууæ гагуыйы цы æрттывтой, æндæр дзы ницыуал зынди. 

Хъæуы кæд тох ныссабыр, уæддæр ма стæм рæттæй хъуысти гæрæхтæ. Цъæхил лæууыд иу хæдзары раз йе 'мбæлттимæ. Уыцы рæстæджы хæдзарæй райхъуысти цалдæр гæрахы. Цъæхилы æмбал æваст йæ фарсмæ фæлæбурдта æмæ æрхаудис. Цъæхил автомат æргъæвдæй фæмидæг, æхст кæцæй райхъуыст, уыцы хæдзары. Йæ разы лæууыди немыцаг афицер, йæ къухы дамбаца, афтæмæй. Иу хъæр ма фæкодта, «хайль Гитлер», зæгъгæ, æмæ йæхи фехста. Нæмыг фæивгъуыдта, къулыл ауыгъд егъау айдæныл сæмбæлд æмæ йæ бамуртæ кодта. 

— Цъаммар, дæхи марынæн дæр куы нæ дæ, уæд нæ ныхмæ цы ныфсæй цыдтæ! — фæхъæр кодта Цъæхил, автоматæй афицеры размæ расхуыста æмæ йе 'мбалмæ ратындзыдта. 

 

ЧЕМПИОН
 

Цъæхил цы ротæйы уыд, уый ахста иу бæрзонд бынат. Ардыгæй немыцы позицитæ дзæбæх зындысты. Знаг цалдæр хатты фæлвæрдта ацы бæрзонд байсыныл, фæлæ та-иу стыр зиантимæ фæстæмæ æппæрст æрцыд. 

Боныгон афтæ тæвд уыди, цыма хур зæххыл атылд. Æфсæддонтæ дойныйæ мардысты, фæлæ дон хæстæг никуы уыди. Ласгæ та йæ дардæй кодтой. Ахæм уавæры уыдысты немыц дæр. 

Æрмæст дыууæ знаджы 'хсæн, хæсты «никæй зæхх» кæй хонынц, уым уыди цъай. Зынгæ нæ кодта нæдæр махуæттæм, нæдæр немыцмæ. Махуæттæ цалдæр хатты фæлвæрдтой уырдыгæй дон æрбахæссын, фæлæ нæ дыууæ салдаты куы фæмард сты, уæд цъаймæ хæстæг нал цыдысты. 

Иу изæр Цъæхил бацыди взводы командирмæ æмæ йын загъта: 

— Æмбал лейтенант! Бар мын ратт æмæ ахсæв цъайæ дон æрбахæссон. 

Лейтенант йæхи фæтызмæг кодта: 

— Дæуæй хъæбатырдæртæ уыдысты, уырдæм донмæ чи ацыд, уыдон, фæлæ сæ сæртæ дæр нал æрбахастой. 

— Адæймаг Хуыцауæй иу мæлæт дары, æмæ кæдфæнды дæр уæд. Æрмæст дæ курæг дæн: ауадз мæ. 

— Кæд дæ афтæ тынг фæнды, — сдзырдта взводы командир, — уæд иу салдаты демæ акæн æмæ — фæндараст. 

Дзæбæх куы 'рталынг, уæд Цъæхил æмæ йе 'мбал райстой фæйнæ дыууæ къæртайы, сæ автоматтæ æхстæввонгæй сæ риутыл æрцауыгътой æмæ араст сты. Ахызтысты сæхи раззаг хаххæй. Сæ амондæн æхст никæцæй хъуыст. Æрмæст кæмдæр дæрддзæф хæлдысты уæззау сармадзаны нæмгуытæ. 

Мæнæ «никæй зæхх». Цъай дæр ныр хæстæг у. Сæ разы февзæрд егъау уæрмгонд. Æвæццæгæн дзы уый размæ уæззау сармадзаны нæмыг фехæлди. Цъæхилитæ æрæмбæхстысты æмæ фæйнæрдæм айхъуыстой. Хъыпн-сыпп никæцæй цыди. Чысыл фæстæдæр райхъуысти къæхты хъæр. Æмæ кæд талынг уыд, уæддæр цъæх арвы дыдзырухсмæ ауыдтой бæрзонд, фæтæнтæарæзт немыцаг салдаты. Уымæн дæр йæ дыууæ къухы — фæйнæ къæртайы, йæ риуыл автомат. Аракæс-бакæс кодта, стæй, цъайы цур даргъ хъилыл цы къæрта уыд, уый дæлæмæ ауагъта, дон систа æмæ йæ къæртатæй иу байдзаг кодта. 

Цъæхил æмæ йе 'мбал бынтон ныхъхъус сты, стæй немыцаг ногæй хъил цъайы куы ауагъта, уæд ыл æнæнхъæлæджы сæхи андзæрстой, йæ къухтæ йын аздыхтой, йæ автомат ын рарæдывтой, æмæ фæхъæбысæй-хъæбысмæ сты. Фыццаг немыцаг фæбынæй, стæй — Цъæхил, æмæ ма Цъæхилыл, немыцаг донæй цы къæрта байдзаг кодта, уый дæр ракалди. Немыцаджы тымбылкъухы цæфæй йæ фындзы туг дæр рацыди. 

Ногæй та фрицы сæ быны акодтой. Цъæхил ын автоматы хъæдæй йæ сæр фæцæф кодта æмæ уæд фæкъуырма. Йæ дзыхы йын хисæрфæн нытътъыстой. 

Цъæхилы æмбал къæрта донæй байдзаг кодта. Дыууæ дзы уацайрагмæ радта, дыууæ та йæхæдæг хаста. Цъæхил дæр дыууæ автоматы æмæ доны къæртаимæ цыди сæ фæстæ. 

Фашисттæ, æвæццæгæн, сæ салдаты хъысмæт базыдтой æмæ æхсын байдыдтой, фæлæ сын байрæджы. Дондзаутæ сæ уацайрагимæ сæрæгасæй сæмбæлдысты сæ ротæйыл. 

Райсомæй Цъæхил æмæ йе 'мбалмæ фæдзырдта ротæйы командир. 

— Арфæ уын кæнын, «никæй зæххæй» дон кæй æрбахастат æд чемпион, уый тыххæй. 

Цъæхил фæджихау, стæй æрæджиау бафарста: 

— Цæй чемпионы кой кæныс, æмбал хистæр лейтенант? 

— Уæ уацайраг разынд Европæйы чемпион боксæй, — худæндзастæй загъта командир. 

— Уæдæ нæ ахъаззаджы цæфтæ дæр уымæн фæкодта, уымæн, — загъта Цъæхилы æмбал æмæ йæ мидбылты бахудт. 

— Мах дæр ын хорз фестæм, йæ чемпион йæхирдыгæй фæци, — сдзырдта Цъæхил дæр. 

— Бирæ хабæрттæ ралæхурдта уæ чемпион сæ хъахъхъæнынады тыххæй. Хорзæхтæм уæ бавдыстам, — йæ ныхас балхынцъ кодта хистæр лейтенант æмæ сын сæ къухтæ райста. 

 

КЪАМ
 

Цъæхил фронты куы уыд, уæд йæ ахсджиагдæр бæллиц уыди Германы зæхмæ уæлахиздзауæй бацæуын. Æмæ фронт куыд дарддæр кодта Ныгуылæны ’рдæм, афтæ йæ циныл дæр æфтыд. Æниу хæсты цы нæ вæййы: знаджы нæмыг кæнæ дыл бомбæйы схъис кæд сæмбæлдзæни — хæйрæг йæ зонæг. Фæлæ цыдæр амондæн фыдбылыз Цъæхилмæ æввахс нæ цыд. Афтæмæй ныххæццæ Берлинмæ æмæ ма Рейхстаджы къулыл йæ ном дæр æрфыста. 

Берлины сæрмæ Уæлахизы тырыса куы сфæйлыдта, уымæн йæ дыккаг бон, Цъæхил цы батальоны уыд, уый лæууыди Бранденбурджы кулдуæрттæм хæстæг. Цъæхилæн бахæс кодтой салдæтты взводимæ бомбæтæй пырхгонд хæдзары раз расыгъдæг кæнын. Цалдæр сахаты фæкуыстой, æмæ бæстыхаймæ бацæуæн иуырдыгæй расыгъдæг. 

Уыцы рæстæджы сæм ныккæндæй райхъуысти сылгоймаджы цъæхахст æмæ сывæллоны кæуын. Цъæхил йæ салдæттæн бардзырд радта, ныккæндмæ ныххизæн расыгъдæг кæнут, зæгъгæ. 

— Рæвдздæр кусут, æвæццæгæн, цæрджытæ хæдзары пырхæнты бын фесты! — загъта Цъæхил. 

Ныккæнды уыди талынг. Цъæхилæн йæ къухы рухсгæнæн, афтæмæй къуымы ауыдта æвзонг сылгоймаджы сывæллонимæ. Ныккæнды цар æрсаст æмæ бынмæ калдысты пырхæнтæ. Сылгоймаг йæ сывæллоны йæ риумæ нылхъывта, афтæмæй тарстхуызæй касти салдæттæм. 

— Хенде хох! — фæхъæр кодта салдæттæй иу. 

— Цæй «хенде хох» дæ хъæуы! — дзуры йæм Цъæхил. — Нæ уыныс тæригъæддаг сылгоймаджы сывæллонимæ? — Æмæ сабийы райста йæ хъæбысмæ. 

Салдæттæ ма ныккæнды фæракæс-бакæс кодтой, æмæ дзы куы ничиуал уыд, уæд æддæмæ рацыдысты. 

— Спасибо, русь, спасибо, — загъта мад, стæй йæ тармæ нывнæлдта, систа дзы къам æмæ йæ Цъæхилмæ радта. Уый йæм æркаст æмæ ауыдта мады йæ чызгимæ. Сылгоймаг ын ацамыдта къухæй, ома айс æй дæхицæн. Цъæхил æй райста æмæ йæ йæ хæдоны дзыппы нывæрдта. 

Уæлахизы бонæй иу мæй рацыд. Не 'фсæдтæ здæхтысты сæ Райгуырæн бæстæмæ. Цъæхил цы эшелоны уыд, уый ныр цыппар бонæй фылдæр цыд æнæхъæн Европæйыл. Алы ран дæр — дæрæнтæ-пырхæнтæ, алы ран дæр — хæсты æвирхъау нысæнттæ. Фæлæ адæм цин кæнынц, дидинджытимæ æмбæлынц сæ сæрибаргæнджытыл. Цъæхилы эшелон бирæ бонты фæстæ æрхæццæ Ростовы вагзалмæ. Азмæлæн дзы нал уыд адæмæй. Ардæм хорз зындысты цалдæр пырхгонд æддæгуæлæ хæдзары. Куыстой дзы немыцаг уацайрæгтæ. Цъæхилæн дидинджыты стыр баст йæ къухы, афтæмæй йе 'мбæлттимæ лæууыди вагоны цур. Германæй советон æфсæддонтæ здæхынц, уый уацайрæгтæ куы базыдтой, уæд сæ хъахъхъæнджытимæ æрбацыдысты. Иу æвзонг уацайраг Цъæхилæн, мидбылты худгæйæ, афтæ: 

— Гитлер капут! 

— Капут, капут, фриц! Нырма йæ ныр бамбæрстай? 

Уацайраг ноджы хæстæгдæр бацыди Цъæхилмæ: 

— Дойчланд девучка гулял? 

— Æз сæ сæрибар кодтон, фриц, бамбæрстай? Мæнæ мæ девучка, кæсыс? — æмæ Цъæхил йæ дзыппæй систа къам, уацайрагмæ йæ радта. 

Уый цавддурау æндзыгæй аззад, йæ бон дзурын дæр нал уыд. Æппынфæстаг йæ цæсгомыл цины нысæнттæ фæзынд æмæ хъæлдзæгæй сдзырдта: 

— Гут, гут... Это мой жена и мой девочка. Спасибо, жив жена и девочка! — æмæ Цъæхилмæ йæхи баппæрста, хъуамæ йыл атыхстаид. 

— Æз фашисттимæ хъæбыстæ нæ кæнын, — загъта Цъæхил æмæ лæппуйы йæ рахиз къухæй аиуварс кодта. 

— Спасибо, русь, спасибо, — сдзырдта ногæй уацайраг æмæ ныв йæ риумæ нылхъывта. 

— Зынаргъ мын у ацы НЫЕ, фæлæ дæу фæуæд, фриц, — загъта Цъæхил æмæ йын йе уæхск æрхоста... 

 



<==    Комментарии (3)      Версия для печати
Реклама:

Ossetoans.com OsGenocid ALANNEWS jaszokegyesulete.hu mahdug.ru iudzinad.ru

Архив публикаций
  Января 2024
» О чем рассказали восточно-европейские руны
  Ноября 2022
» От Кавказа до Волги
  Августа 2022
» Кавказцы глазами русских: говорят архивные документы...
  Марта 2022
» К вопросу о заселении Фиагдонской котловины, по данным фамильных и народных преданий
» О новых именах в истории царственного дома средневековой Алании
  Февраля 2022
» К ВОПРОСУ ОБ УДЕЛЬНЫХ ВЛАДЕТЕЛЯХ УАЛЛАГКОМА ПО ФАМИЛЬНЫМ, НАРОДНЫМ ПРЕДАНИЯМ И АРХИВНЫМ МАТЕРИАЛАМ
  Декабря 2021
» Осетинская религия; религия осетин (Ирон дин)
  Мая 2021
» Иверская (Моздокская) икона Божией Матери
  Мая 2020
» Соотношение понятий Æгъдау, религия (дин), вера во внутриосетинской дискуссии
  Июля 2019
» Открытое обращение представителей осетинских религиозных организаций
  Августа 2017
» Обращение по установке памятника Пипо Гурциеву.
  Июня 2017
» Межконфессиональный диалог в РСО-Алании состояние проблемы
  Мая 2017
» Рекомендации 2-го круглого стола на тему «Традиционные осетинские религиозные верования и убеждения: состояние, проблемы и перспективы»
» Пути формирования информационной среды в сфере осетинской традиционной религии
» Проблемы организации научной разработки отдельных насущных вопросов традиционных верований осетин
  Мая 2016
» ПРОИСХОЖДЕНИЕ РУССКОГО ГОСУДАРСТВА
» НАРОДНАЯ РЕЛИГИЯ ОСЕТИН
» ОСЕТИНЫ
  Мая 2015
» Обращение к Главе муниципального образования и руководителям фракций
» Чындзӕхсӕвы ӕгъдӕуттӕ
» Во имя мира!
» Танец... на грани кровопролития
» Почти 5000 граммов свинца на один гектар земли!!!
  Марта 2015
» Патриоту Алании
  Мая 2014
» Что мы едим, или «пищевой терроризм»