АВД ЦУХЪАЙЫ
Плиты Грис
Балладæ
Арф Куырттаты комы дуарыл
Саргъæй хъæугæрон æрхиз, —
Къулыл иу ныллæг хæдзары
Ауыгъд авд цухъайы ис,
Æмæ уыдон раз сæркъулæй
Алæуу иучысыл æнцад:
Уым цæринаг авд хъæбулæй
Баззад афтидæй сæ мад...
Хъæуы уæлмæрдты дæр авд и
Ног конд ингæнтæ рæгъæй,
Фæлæ ингæнтæ дæр афтид,
Цухъаты дæр удтæ нæй.
Мад сæ иуæн дæр йæ фырттæй
Нал æрлæгъз кæндзæн йæ сæр,
Фæлæ се сæфтыл бæлвырдæй
Зæрдæ не 'ууæнды уæддæр.
Æмæ ныр цыма йæ цуры
Йе 'гас авд фырты уыны,
Уыйау цухъатимæ дзуры,
Сабыр бустæ сын кæны:
«Уæ, мæ рогбазыр цæргæстæ,
Æз уæ ныййарæг куы дæн, —
Иунæг уæ йæ хабар хæстæй
Уæд куыд нæ зæгъы мæнæн?..
Кæд къуырийæн дæр йæ бонтæ
Мах фыдæнæн фесты авд?
Авд хъæбулы мын хæстонтæй
Бонгай хæст куы фæци давд!..»
Мад йæ хъæбулты рæвдауы
Цухъатæ йæ уырзтæй дауы,
Иуæй иннæмæ цæуы...
Айнæг сау фæрчытæй хауы,
Арв цыхцырджытæй кæуы.
Мæнæ хистæр фырт Мæхæмæт.
Мад æм бадзуры фæлмæн:
«Уæ, мæ фыццаг хур, дæ мæлæт
Никæд бауырндзæни мæн...
Хæст йæ дыккаг боны бацыд,
Сауыгътай дæ цухъа уæд,
Араст дæ фыдбоны балцы,
Нал дæ кой ис, нал дæ фæд...
Æз дæ кæстæрты дæ фæстæ
Уымæн арвыстон, цæмæй
Ме 'взонг, ме 'рыгон цæргæстæ
Зынты уой ныфсджын дæуæй,
Æмæ знæгты скъуыной хæсты, —
Уæд цы ран хæцут, цы бæсты,
Иунæг хабар уæ куы нæй!..»
Цухъа ризгæ къухты змæлы,
Ингæнау ныссабыр къæс,
Æмæ мады хъусты зæлы
Дардæй хистæры хъæлæс:
«Уæ, мæ хæстæфхæрд ныййарæг,
Ма кал, ма, мæныл цæссыг,
Мауал кæн мæ фæдыл хъыг,
Ды мæнæй фæдæ æдарæг;
Æз лæг нал дæн, фæлæ — рыг...
Севастополы къуыпрагъыл
Рацыд танчыты зæй махыл;
Загътон: ме знæгтæй мæ маст
Ацы тохы хъуамæ райсон!
Фарсыл авд гранаты 'рбастон
Æмæ карз фыдгултæн раст
Фатау смидæг дæн сæ гуылфы,
Фехæлдтæн æмæ сæ хуылфы
Сау рыг фестадтæн æваст.
Уæдæ мауал кæс æнхъæлмæ:
Ахæм уавæры фæдæн —
Мин мин азмæ дæр фæстæмæ
Нал ис раздæхæн мæнæн».
Мад йæ уырзтæй цухъа дауы
Æмæ хусцæстæй лæууы...
Айнæг сау фæрчытæй хауы,
Арв цыхцырджытæй кæуы.
Мад йæ дыккаг хурмæ бацыд,
Дзуры цухъамæ: «Мæнæй
Араст дæ дыццæджы балцы,
Иу хабар дæуæй дæр нæй.
Уæд кæм дæ — цы дон, цы хусыл?
Ныр дæумæ куы сидын æз».
Æмæ мад кæцæйдæр хъусы
Уæд Дзæрæхмæты хъæлæс:
«Ма хон, ма, гыцци, дæ цурмæ
Ды Мæскуыйы зæххæй мæн:
Сау сыджыт кæй айсы, — хурмæ
Уымæн нал вæййы цæуæн...
Хæст Мæскуыйы цур куы ссыгъди, —
Тас Фыдыбæстæм куы 'рцыд,
Уæд лæджы мæлæт куы хъуыд:
Бабырстон фыдгултæм тыгъды,
Фехстон развæлгъау гранат
Æмæ суагътон автомат,
Гъестæй бацыдтæн æрмхæсты...
Иуæн кард тъыссын йæ цæсты,
Иннæмæн рæхойын риу,
Фæлæ кæм! — æмдых куынæ сты
Хæсты бирæ æмæ иу...
Ме знæгтæ дæр кодтой ме 'мтох, —
Фараст дзы куыд фæдæн цагъд,
Афтæ дæсæмæн йæ джебогъ
Раст мæ зæрдæйы ныссагъд...
Уæдæ мауал кæс æнхъæлмæ;
Саумæр мæ нæ уадзы мæн, —
Мин мин азмæ дæр фæстæмæ
Нал ис раздæхæн мæнæн».
Мад ын ныр йæ цухъа дауы
Æмæ хусцæстæй лæууы...
Айнæг сау фæрчытæй хауы,
Арв цыхцырджытæй кæуы.
Мад æртыццæджы йæ къулыл
Иннæ цухъамæ кæсы
Æмæ йе 'ртыккаг хъæбулы —
Зараг хосдзауы — фæрсы:
«Уæ, Хадзысмел, мады 'нхъæлцау,
Ды хъуытазхъæлæс уыдтæ,
Цæй, уæд та ды зæгъ хуыздæр цау, —
Ныр кæм дæ æмæ куыд дæ?»
Æмæ фырт кæцæйдæр дзуры,
Дзургæ нæ, — цыма йын раст
Зары, раздæрау, йæ цуры
Æмæ мады риуæй суры
Судзаггаг зæрдæйы маст:
«О нæ мад, æрхуымæй ма кæс,
А уынгæг бон фидар лæуу,
Асур цæсгомæй дæ сагъæс,
Цард минутæй уæлдай нæу,
Лæг йæ зонд æмæ йæ къухтæй
Цард рæсугъд кæнынæн у,
Цардæн тас куы уа, рæсугъдæй
Хъуамæ радта уæд йæ уд...
Мысын, хос куыд карстон рагъыл,
Хауди уисы фæдыл уис,
Зарæг зарыдтæн... Уæд махыл
Сæмбæлд сау хабар: фæдис!..
Зарын æз уæддæр нæ уагътон,
Заргæ рацыдтæн салдат,
Хæсты фондз сырды ныццагътон,
Стæй мæ хъуыры туг фæбадт...
Зар, зæгъгæ, мæм мауал бахат, —
Ам мæ хъæлæс у æмыр,
Æз фыццаг æмæ фæстаг хатт
Зарын дæлсыджытæй ныр.
Фæлæ хосгæрдæджы зарын
Рагъæй искæдбон цæуæд, —
Зон, мæхи дзæбæх ныййарæг,
Уый дæ хъæбул зары уæд».
Мад ын ныр йæ цухъа дауы
Æмæ хусцæстæй лæууы...
Айнæг сау фæрчытæй хауы,
Арв цыхцырджытæй кæуы.
Иннæ цухъайæн йæ цуры
Мад æрлæууыдис æмæ
Сабыр къулбæрзæйæ дзуры
Ныр йæ цыппæрæм фыртмæ:
«Радзур-ма, ды та цы бадæ.
О мæ чиныгуарз Махар?
Ды цæуылнæ 'рвитыс мадæн
Иу зæрдæныфсы хабар?»
Цухъа ризаг къухты змæлы,
Ингæнау ныссабыр къæс,
Æмæ мады хъусты зæлы
Уæд Махарбеджы хъæлæс:
«О гыцци, ныууадз мæ, дардæй
Ды дæ цурмæ ма хон мæн,
Хæсты хорзæх æмæ кадæй
Æз æнæнымад куы дæн...
Клейсты 'фсад бырста Кавказмæ,
Æз Хъобаны был йæ размæ
Ме 'фсæддонтимæ лæууын...
Аскъуыд фронт... Фыдгул лæбуры
Æмæ мах йæ разæй суры,
Нал уыд, нал, нæ бон хæцын...
Худинаджы бæсты, — загътон, —
Знагæн исты скæнон хин...
Æмæ Клейсты 'фсадмæ радтон
Хæсты уацарæй мæхи:
«Æз сымах дæн, састы фестæм, —
Дзурын, — акæнут мæ Клейстмæ,
Сусæг цаутæ йын хæссын...»
Клейст мæ байдыдта фæрсын...
Æз æрлæууыдтæн йæ цуры
Æмæ хинымæры дзурын:
«Мæнæ диссаджы сахат!
Нæй мæнæн рæсугъддæр амæй
Фадат амæлынæн. Хъуамæ
Скæнон ам мæхицæн кад...»
Иу сæррæтт! — Мæхи йæм фехстон...
Ацахстон йæ къубал Клейстæн,
Хурхыл андæгъди мæ къух, —
Уайтагъд инæлар ныххурх
Æмæ зæххыл адæргъ мардæй,
Фæлæ хъахъхъæнæг фæкаст:
Ахæм цæф фæкодта кардæй —
Атахти мæ уд æваст...
Æмæ иу лæг дæр нæ зоны,
Марæг Клейст кæй фæци Доны
Мæнæ ацы къухтæй мард.
Æмæ уымæн дæн æнкъард...
Уæдæ мауал кæс æнхъæлмæ,
Æз æнæнымад фырт дæн:
Мин мин азмæ дæр фæстæмæ
Нал ис аздæхæн мæнæн».
Мад ын ныр йæ цухъа дауы,
Æмæ хусцæстæй лæууы...
Айнæг сау фæрчытæй хауы,
Арв цыхцырджытæй кæуы.
Мад йæ фырттыл дарддæр зилы,
Ауыгъд цухъатæм кæсы,
Ныр Созыр æмæ Самилы
Уый зæрдæрыстæй фæрсы:
«Уæ, мæ дыууæ фаззон хуры,
Иумæ алæуут мæ цуры,
Иумæ уæм куы сидын ныр,
Æз сымах мæтæй куы нал дæн...»
Æмæ дзуапп дæттынц сæ мадæн
Уæд Самил æмæ Созыр:
«О нæ мад, æрхуымæй ма кæс,
Фаззон фырттыл ма кæн сагъæс, —
Мах хæрзамонд фестæм тынг:
Иумæ бадтыстæм нæ танчы,
Най дæр кодтам иумæ знаджы,
Бафтыдтам Германыл зынг.
Знæгтæ не 'ппæлдзысты махæй:
Ахæм най сын кодтам цалхæй —
Нал сæ къух уыд, нал дæр къах.
Фæлæ хæст хæст вæййы: знаджы
Бомбæ сæмбæлд æмæ танчы
Иумæ басыгъдыстæм мах...»
Мад дыууæ цухъайы дауы
Æмæ хусцæстæй лæууы...
Айнæг сау фæрчытæй хауы,
Арв цыхцырджытæй кæуы.
Мад йæ фæстаг фыртмæ бацыд, —
Уый хуыцаубон араст балцы.
«Уæ мæ уарзондæр, Хасан,
Уæд ды та кæм дæ, цы ран?
Ратт æхсызгон дзуапп, мæ кæстæр,
Ныр дæумæ куы сидын æз...»
Æмæ мад, цыма, кæцæйдæр
Хъусы йе 'вдæмы хъæлæс:
«Ма хон де 'намонд кæстæры
Ды дæ хæдзармæ, гыцци:
Уый уæлахизы къæсæрыл
Мард æнæнхъæлæй фæци...
Хæст Берлины цыд кæронмæ,
Сыгъд цъæх пиллонæй рейхстаг,
Акалдта йæ гæрзтæ знаг,
Уæд америкæгты бомбæ
Не 'хсæн фехæлди... Цæмæн?!.
Мад, лымæнтæ сæ куы хуыдтон,
Уæд гадзырахатæй уыдон,
Ау, цæмæн амардтой мæн?!.
Æви раздæры лымæн
Махæн баззайдзæни знагæн?..
Охх, куыд зын мын у æнад
Ингæны хуыссын!.. Нæ мад.
Ды дæ фырттыл сагъæс ма кæн,
Уыдон номыл ма тыхс ды:
Авдæй дæр нæ цæфтæ махæн
Раст нæ тæккæ риуты сты.
Æмæ кадимæ нæ фæстæ
Зарæг анæрдзæни дард, —
Мах хæларæй радтам бæстæн
Авд æфсымæрй нæ цард!»
Мад æрхæндæгæй дзыназы, —
Уый ран де знаг дæр фæуæд!
«Ме 'взаг уайдзæфмæ нæ тасы, —
Æз куы нæма дæн ныгæд,
Ау, уæ зæронд мады разæй
Ингæнмæ куыд бырстат уæд?
Фæлæ мады зæрдæ бары, —
Цоты раз æдых у мад...
Мады фæллой уын хæлар уæд,
Рухс дзæнæт та уын — бынат...»
Æмæ зæронд мадмæ къулæй
Джихæй цухъатæ кæсынц...
Авд хæдзары та лæууынц
Авд ирон чызджы сæркъулæй...
1965
|