Оны Калачы базаргæнджытæ-иу цыдысты Стыр Калакмæ базайрæгтæм. Уыдон-иу куыд нæ уæндыдысты, уымæ гæсгæ сæ-иу ирхæфстой дыууæрдæм дæр Дзапартæ æд æфсад. Базаргæнджытæ сын уыдысты хъалондар уый тыххæй. 1839 аз Оны Калачы сæудæджергæнджытæ æрбацæйцыдысты Стыр Калакæй сæхимæ æд фос. Кодтой сæ Дзапартæ. Сæ фæндаг уыди Дзауы ком, стæй Къуыдарыл, Къуыдарæй та Онмæ.
Къадзты Чъебойæн бамбарын чындæуыд, Оны сæудæджертæ бирæ фосимæ кæй æрбаздæхынц Стыр Калакæй.
Чъебо Тибы фæсивæды æрæмбырд кодта, бабадт сæ размæ Къуыдарæй Дзауыкомы ’хсæн Чъехы рагъыл. Фæлæбурдтой сæудæджертæм. Хæст бацайдагъ. Дзапарты мыггагæй дзы фæмард æртæ, аннæ æфсадæй иу фондз. Тибæй фæмард иу — Чъебойы фыды ’фсымæры лæппу, иу фондзæй уæззау цæфтæ.
Тиб рахастой сæ марды, сæ цæфты, стæй фосыл дæр фæхæст сты.
Уыцы хъуыддаджы уæлвæд Дзапарты Уæхтæнг, Цъеретели Георги ацыдысты Калакмæ. Хицæуттæм бахастой Тибы фыдуагдзинæдтæ: Поповы хъуыддаг, Бобриковы лыгъд. Стæй загътой:
— Цалынмæ Тиб пырх æрцæуа, уалынмæ нæй сабырдзинад хæхбæсты, алы ран дæр бафидыдтой, басабыр сты, æрмæст Тиб нæ фидауынц, нæ сабыр кæнынц, æмæ адæмы æнцад нæ уадзынц. Уæхтæнг æмæ Георги бавгæдтой Тибыл ахъаззаг.
Наместник дзырд радта, Тибы бынтон куыд фесафой.
1839 азы сентябры Калакæй рацыд æфсад, къниаз Илиа Андроников сæ хицау, æмæ Дзапарты Уæхтæнг æмæ Георги Цъеретели. Андроников уыди булкъон, Цъеретели — æрдæгбулкъон.
Хетæгкаты-Балаты Солтæ фехъусын кодта Тибæн, æфсæдтæ уæм фæцæуы Калакæй, зæгъгæ. Солтæ уыди паддзахы куысты. Кæд цæм цыдысты æфсæдтæ, уый Солтæ дæр нæ зыдта.
Тиб сæхи бацæттæ кодтой, сæвзæрстой хицæуттæ — Чъебойы Къадзты æмæ Тыгæйы Боциты.
Дыууæ фæндаджы æрæхгæдтой Зджыдгомыл Джийы, стæй Тлийы бын фæз — Чъырехы. Æхсæн дзы сарæзтой рæдыдæй. Солтæ арвыста Тибмæ: раззаг æфсæдты хуызæн сæ ма æнхъæлут, зæгъгæ, ома тыхджын æфсад сты.
Уырысы æфсæдтæ иу æхсæв Нарыл æрбацыдысты Тибмæ, хæцæнтæ æрцахстой. Суары фæз, Цъыфы фæз, фæндаджы сæр хæцæнтæ бацахстой, сармадзантæ дзы сарæзтой хъæутæм.
Тиб бонæй федтой Уырысы æфсæдты, знагæн кæуылты æнхъæл уыдысты, ууылты нал æрбацыд.
Уырысы æфсæдтимæ уыдысты Ирæй — Дзауы комæй адæм, Куырттатæ æмæ Нар. Æфсады хицау Андроников Цъыфты æрбадт æмæ штабы тæрхон кодта, цы ’гъдауæй ахицæн кæной хъуыддаг Тибимæ. Дзапартæ æмæ Гуырдзы, Дзауы ком, Куырттаты афтæ фæндыди, цæмæй Тибы ныппырх кæной тыхæй. Хетæгкаты та — Солтæ æмæ Гæуыс Гуыбаты — фæндыди, хæст цæмæй не ’рцæуа æмæ фидыдæй ахицæн уа хъуыддаг. Андроников Солтæ æмæ Гæуысимæ сразы. Тибæн радта æмгъуыд аходæнæй сихормæ: уæдмæ Тиб хъуамæ дзуапп радтой.
Гæуыс æмæ Солтæ уыдысты минæвæрттæ. Радзырдтой Тибæн Андрониковы фæндон. Æрæмбырд та сты Тибы дзыллæ.
Дыууæ дихы фесты Тибы адæм. Иутæ лæууыдысты Чъебойы фæндыл, уый фæндыди хæцын, аннæтæ лæууыдысты Боциты Тыгæйы фæндыл, уый фидауыныл архайдта.
— Уырысмæ фидыд у тæсзæрдæ æмæ æнæлæгдзинад, — загъта Чъебо Къадзты, — фæтасыдысты Тиб, зæгъдзысты Уырыс æмæ фæстагмæ нæхи худинаг кæнæм, æфсæрм уыдзæн нæ фæстагæттæн. Хæцæм, æмæ та сæ фæтæрдзыстæм, ай агъоммæ сæ куыд фæтардтам, афтæ.
— Æнæмбарæн хъуыддаг, æдылы ми куы уыдзæн схæцын, — загъта Тыгæ Боциты: — Хæцæнтæ кæм æрцахстой, хъæумæ кæм æрбацыдысты, уым нæ бон ницыуал бауыдзæн, нæхи дзæгъæлы бафхæрын кæндзыстæм.
Тыгæйæн Балаты Солтæ уыди йæ каис æмæ æууæндыди уый дзырдыл. Солтæ йæ кодта фидауын. Тыгæ фидауыныл ныллæууыд.
— Æз азым мæхимæ нæ исын, фæстагæттæ мæ зылын кæндзысты, байсафын нæ кодтой, сæ бон ницы уæвгæйæ, зæгъгæ.
Чъебо загъта:
— Хæцын кæй фæнды, уый мæ фæдыл рацæуæд.
Тыгæ та афтæ:
— Фидауыныл чи у, уый та мæ фæдыл.
Хæцæг адæм иууылдæр Чъебойы фæдыл фесты, Тыгæ иунæгæй аззади. Тыгæ йæ фырт Цæлыччы къухыл фæхæцыд æмæ йæ Андрониковмæ радта фыртæн — фидарæн. Андроников ын радта тырыса. Тыгæ тырыса Боциты мæсгуытæй астæуккагыл æрфидар кодта.
Хæцæг адæм бацыдысты мæсгуыты Уæллаг Тибы æмæ Дæллаг Тибы — алчи йæхи мæсыджы. Уалынмæ иу — Дзаххотт Киситы — æдылыгомау, æмæ фæгæрах кодта уый топп:
— Уый та дын сымахæн, Захъа.
Уырысы æфсæдтæ Уæллаг Тиб сæхи бакодтой, сармадзантæй йын йæ мæсгуытæ апырх кодтой, хæдзæрттыл, мустыл арт бафтыдтой. Хæцæг адæм мæсыгæй мæсыгмæ лыгъдысты æмæ уырдыгæй хæцыдысты. Фæстагмæ хæцæг адæм иуæй Къадзты стыр мæсыг Сачърейы бацыдысты, афтæмæй доны фаллаг фарс хъæдмæ сæхи байстой æмæ уыцы цæттæйæ хæцыдысты.
Авд боны фæхæцыдысты. Мæсгуытæ ныппырх сты. Баззад ма дзы Сачъре.
Андроников сагъæсы бацыд — хæцæнгарзæй æххæст нал ис, стæй æфцджытыл мит куы æруара, стæй ныл амы Ир сайдæй куы рацæуой. Баздæхт æмæ Гæуысæн дзырдта, цæмæй Сачърейæ исты хинæй куыд ралидзой. Къадзты Чъебойæн Æхæлты Али уыди йæ усы æфсымæр, Гæуысы фæндæй Андроников Алийы барвыста хæцæг адæммæ.
— Уæхи айсут, — загъта Али. — Мæ хæстæг стут, æмæ фесæфат, уый мæ нæ фæнды. Куы нæ алидзат, уæд Лонкъациты бын кæнут. Егъау сармадзантæ æрбаласынц галтæй, ноджы æфсæдтæ æрбацæуы — нал уæ ныууадздзысты.
Байхъуыстой йæм, баууæндыдысты йыл. Фæнд уыди мæсыджы. Чъебойы цыппар фырты: Саулæг, Мурты, Богъи æмæ Дзонг уыдысты фæнды. Фæнды уыдысты аннæ хæцæг адæм. Боциты Бæтæ, загъта:
— Тас нын нæу, стæй нын тас куы уа, уæддæр амæй хуыздæр ингæн кæм ссардзыстæм.
Богъи:
— Ацæуæм, ам фесæфынæн æгæр сбон, мæ мады æфсымæр мæ нæ сайдзæн.
Иу æхсæв ацыдысты. Чъебо уый агъоммæ фæцæф æмæ уыди зынджы. Уырдæм ын хастой хæринаг æмæ йын бастой йæ цæфтæ.
Хæцæг адæм иууылдæр хъæдмæ бацыдысты æмæ ардыгæй хæцын байдыдтой.
Андроников дзырд радта, цæмæй сæ æхсарæй фæтæрой хъæдæй.
Æфсæдтæ Сачъре мæсыджы бын топпхос бакодтой æмæ йыл арт бандзæрстой. Хос сгуыпп ласта, фæлæ мæсыг лæугæйæ баззад, йæхи мидæг сзилгæйæ.
Хæцæг адæм Халачъайы хъæдмæ балыгъдысты. Уырдæм сæм нал бацыдысты Уырыс.
Æмæ ма иу зæгъинаг:
Хæстæн йæ райдайæнæй йæ æртыккаг бон Уæллаг Тибæй цыппæрдæс лæджы æрцыдысты Уырысмæ хæсты карзæй. Уыдысты Икъотæй, Кучитæй, Джергатæй æмæ Багатæй. Иуы фæндæй плены фесты цыппæрдæс дæр æмæ фесæфтысты. Устытæ æмæ сывæллæтты ныккодтой хæцæг адæм Андрониковмæ. Уый сæ суæгъд кодта.
Уырдыгæй фæстæмæ Тиб сæ сыхæгты фæндиаг фесты. Æрсабыр сты Тиб. Уырыссаг хицау сын æрывæрдтой. Се знаг Дзапарты Симон сын байдыдта хицауиуæг.
Ист сты у чиныгæй:
Æмбалты Цоцко. «Удварны хæзнатæ».
Чиныг сарæзта Соттиты Р. — Дзæуджыхъæу: 2009.)