1822 азы сæрды. Калакæй рарвыстой хицæуттæ æфсæдтæ, сæ хицау Попов, Херсоны полчъы хицау. Дзырд ын уыди хицæуттæй: Дзауы ком, Къуыдаргомыл куыд ацыдаид æмæ Згъилы æфцæгыл Мамысонмæ куыд ныххызтаид. Фæдзæхст ын уыди: адæмы сабырæй куыд раздæхтаид Уырысы хицауадмæ, куыд сын бамбарын кодтаид Уырысы тых, се ’гъдау, сæ кад.
Попов Дзауæй Тибмæ сабыргай фæцыди, фæиста фырттæ, хицæуттæ æвæрдта.
Тибы адæм йæ размæ æрлæууыдысты Къоты фæзы Тлийы бын. Фæрсынц Поповы:
— Чи дæ, кæдæм цæуыс, стæй цæмæн цæуыс?
— Æз дæн æрвыст Уырысы паддзахы номæй, æрвыст Калакæй, — дзырдта Попов тæлмацæй, йæ талмачтæ гуырдзиæгтæ. — Паддзахы фæнды, цæмæй Иры дзыллæ басабыр уой æмæ сæхи Уырысы уазæг бакæной, Уырысы æгъдæуттæм гæсгæ сабыр цард райдайой, Гуырдзы куыд бакодта, афтæ.
— Уыдон хорз сеппæт дæр, фæлæ дын зæгъæм: мах бæстыл дæуæн нæй ацæуæн; кæуылты æрцыдтæ, фæстæмæ дæр уыцы рæттыл дæхи айс æд æфсад. Уырысы паддзахæй куы курæм, уæд нæм-иу фæзынæд, фæлæ уал ныр уæхи айсут нæ зæххæй.
Попов разæй фæлмæн ныхас кодта, фæлæ Тиб ком нæ дæттынц, уæд булкъон хъæбæрæй ауагъта йæ ныхас.
Уæд æм Тиб сминæвар кодтой:
— Мæнæ нæ кæрæдзийы бамбарæм, дæ ныхæстыл æрсагъæс кæнæм æмæ дын ардыгæй изæрмæ дзуапп уыдзæн, æрмæст ардыгæй ма фезмæл нæ дзуаппы агъоммæ.
Хъæумæ райстой сæхи Тибы адæм, сæхи æфсæддон арæзт æрбакодтой. Дыууæ дихы фæкодтой Тибы хæцæг адæм сæхи. Тибæн сæ хицау уыди Бибо Боцитæй, аннæтæн та Саулох Кучиты. Саулох æд æфсад бацыд хуссæртты, Бибо та цæгæтты. Уырысы æфсады сæ астæу фæкодтой æмæ цыл хæст самадтой. Бибо ма цыл хуссæрттæй хуыр раскъæрдта бæрзæндты; топпы гæрах, хуыры хъæр иу сысты.
Æризæр, афтæ Уырысы æфсæдтæ хæцын байдыдтой дыууæрдæм. Фæхæцыдысты, цалынмæ цæст уыдта, уалынмæ дыууæрдыгæй дæр. Куы бахсæв, уæд Попов æд æфсад фæстæмæ айста йæхи. Тиб æй сырдтой фæсте. Попов фæстæмæ Згъилы æфцæгыл ахызт Къуыдармæ.
Хъуыддаг ууыл ахицæн.
* * *
1824 аз. Калакæй рарвыстой дыууæ æфсады: иуæн дзы хицауад кодта майор Бобриков, иннæмæн та майор Кершен. Майор Бобриков хъуамæ рацыдаид Згъилы æфцæгыл Тибмæ, Кершен та Захъайыл Нармæ, æмæ дыууæ æфсады сиу уыдаиккой Тибы. Уый фæстæ, Тибы байсыны фæстæ, дыууæ æфсады ацыдаиккой Уæлладжыры комыл Кæсæгмæ.
Кершен æрхæццæ Нармæ. Нар æй суазæг кодтой: радзырдтой йын, Екатеринæ-паддзахæй фæстæмæ Уырысмæ сæхи кæй радтой, Уырысæн кæй куыстой сæ фыдæлтæ, сæхуыддæг дæр кусыныл разы кæй сты. Куырдтой Кершенæй, цæмæй уырыссаг скъола арæзт æрцæуа æмæ ахуыр байдайой уырыссаг чиныджы. Иу-æртæ боны афæстиат Кершен Нары, Бобриковæй йæм хабар нæй. Куы нæ æмæ куы нæ уыди, уæд йæ ныфс нал бахаста Тибмæ. Нар дæр æй не сразы кодтой æмæ аздæхт фæстæмæ Ручъы æфцæгыл. Нарæй разыйæ ацыди.
Кершены ацыдæй йæ дыккаг бон Бобриков Згъилы æфцæгыл рахызт æмæ Тибмæ сарæзта йæ фæндаг. Тиб та уымæн дæр æрлæууыдысты йæ разыл. Бобриков сæм дзуры:
— Хæстмæ не ’рцыдтæн. Фæндаг мын радтут, Кæсæгмæ у мæ арæзт. Хæрзиуджытæ уын ралæвар кæндзæн нæ паддзах, скъолатæ уын сараздзæн, сахуыр уæ кæндзæн.
— Сымах, Уырысæй нæ хъæуы æрмæст иу хорздзинад, — загътой Тиб, — нæ бæсты æмгæрæтты дæр куыд нæ цæуат, афтæ, уадзут нæ цæрын æнцад нæхицæн.
Тиб фæныфсджын сты 1822 азы хъуыддаджы. Уыцы рæстæджы Поповы куы фæсырдтой, уæд Уырысы æфсæдтæй фæмард ссæдз лæджы.
Æхсæвы та Тиб Бобриковы æфсады алфамбылай æрзылдысты æмæ цыл хæцын байдыдтой. Тæрсæн гæрæхтæ фæкодта Бобриков дæр сармадзанæй, æртæ гæрахы, йæхæдæг æмæхсæвæджы алыгъд йæ фæд, йæ фæд.
Райсомæй Уырысы æфсæдтæй дыууæ марды баззад.
Ист сты у чиныгæй:
Æмбалты Цоцко. «Удварны хæзнатæ».
Чиныг сарæзта Соттиты Р. — Дзæуджыхъæу: 2009.)