«Мæ мадæн Зæрдæвæрæн кæнын, фыс аргæвдын, дам, æнæмæнг хъæуы, фæлæ йын уæлмæрдыл йæ кæцы къах ныгæнгæ у?» — зæгъгæ, мæ бафарстæуыд. Æмæ æрмæст иу куы уыдаид, фæлæ фæрсджытæ бирæ уыд, суанг хистæртæй дæр. Чи фарста, «зæрдæ иууылдæр æвæргæ у?», зæгъгæ, кæнæ «кæсаг дæр ма дзы хъæуы?» æмæ æндæртæ.
Зæрдæвæрæн у мæрдты бон, вæййы уалдзæджы кæнæ сæрды райдайæны. У тынг рагон бæрæгбон. Нæ рагфыдæлтæ сæ мардæн цырт æвæрдтой къæдзæхæй æфтыд дурæй (афтæ бакодтой Куырттаты комы цæрджытæ дæр, Ленинæн цырт куы æвæрдтой, уæд), стæй йын-иу йæ уæлмæрдыл æрфæлдæхтой къæй. «Дæ ингæны къæй дыл æрфæлдæха», — ахæм æлгъыст дæр ма нæм æрхæццæ. Ног мæрдтæн-иу ацы бон сæ къæйы алыварс, стæй, къæй кæуыл нæ уыд, уыдонæн та сæ æппæт уæлмæрдыл æвæрдтой нæуу — бааив-иу æй кодтой. Гъе, уымæ гæсгæ ацы мæрдты бон хуыдтой нæууæвæрæн. Нæуу рагон ирон æвзаджы, стæй ма абон дæр дыгуронау у зæлдæ. Ацы дзырды сонорон мыр «л» йæхи фæивта иннæ сонорон мыр «р»-йæ, æмæ дзы рауад зæрдæ — зæрдæвæрæн.
Ацы дзырдæй фæпайда кодтой, чырыстон дин Ирыстоны чи парахат кодта, уыдон, æмæ бæрæгбон бабастой Йесо Чырыстиимæ. Уый, чырыстон дины чиныг Евангелийæ куыд зонæм, афтæмæй райгас Куадзæны. Куадзæн дæр ирон адæммæ, дæргъвæтин — 7 къуырийы комдарыны фæстæ, уыд комуадзæн. Æмæ уый дæр аргъуан бабаста Йесо Чырыстийы райгасимæ. Комуадзæнæй-Куадзæнæй 40 боны фæстæ ирон адæм бæрæг кодтой Зæрдæвæрæн. Чырысти куы райгас, уæд ма зæххыл фæци 40 боны, стæй ацыд уæларвмæ йæ Фыд Хуыцаумæ. Куы цыд, уæд йæ ахуыргæнинæгтæ тыхстысты, æнæ уый цы фæуыдзысты, цы кусдзысты, зæгъгæ. Чырысти сын уыцы бон зæрдæ бавæрдта, иунæгæй сæ кæй нæ ныууадздзæн, кæй сæм æрыздæхдзæн, уымæй. Уымæ гæсгæ, дам, уыцы бон рахуыдтой Зæрдæвæрæн. Йесо Чырысти сæ нæ ферох кодта, дæс боны фæстæ Синайы хохы сæр куы бадтысты хъынцъымгæнгæ, уæд сæм арвæй æрдзырдта: бацамыдта сын, адæмы кувын куыд хъæуы; уый. Кувын та, дам, хъæуы Хуыцаумæ, йæ Фырт æмæ Сыгъдæг Удмæ. Уыдон уырыссагау хуыйнынц, стæй бæрæгбон дæр: Троица, иронау — Æртæ Иууоны, гуырдзиагау — Самеба. Нæхи дины та Зæрдæвæрæнæй дæс боны фæстæдæр вæййы Кæрдæгхæссæн.
Мæ ныхас дæрдтыл уымæн у, æмæ, куыд бакастыстут, афтæмæй дзы кусарты зæрдæ æмæ къахы кой иу ран дæр нæй: нæдæр чырыстон, нæдæр нæхи дины. Чидæртæ æрмæст кусарты зæрдæ æмæ къах нæ ныгæнынц, фæлæ ма — ногахст кæсаг дæр. Кæй зæгъын æй хъæуы, уый раст нæу. Уый нæ, фæлæ худинаджы ми у. Ныгæд зæрдæ æмæ къах куыйтæ тæфæй базонынц æмæ ног мæрдты уæлмæрдтæ сфæйлауынц. Æнæмбаргæ митæ æгъдæуттæ не сты, фæлæ хынджылæггæгтæ.