Хъыгагæн, адæм мæлынц, гуыргæ нæм цас кæны, уымæй фылдæр. Æмæ удæгæстæ фæлмæцынц, иуæй нæ адæмы нымæц кæй къаддæр кæны, уыцы хъуыдыйæ, иннæмæй — зианы æгъдæуттæй. Фæлæ цы гæнæн ис, адæймаг цардæй куы ахицæн вæййы, уæд ын йæ фæстаг фæндаг бадзæбæх кæнын фæхъæуы. Æмæ мæрддзыгой адæм Ирыстоны иу сыхæй иннæмæ, иу хъæуæй иннæмæ, иу горæтæй иннæмæ цæуынц æгъдауы фæдыл. Æрбацæуæг адæм æрлæууынц, сыхы номæй зианджыны кæрты æгъдау чи фæдæтты, уыцы хистæрты раз. Уыдон кæрæдзийæн ракæнынц бузныджы ныхас æмæ тæфæрфæс. Чи сæ хъуамæ раздæр зæгъа йæ ныхас? Алы ран алыхуызон у. Æмæ куыд растдæр у? Арæх сæвзæры ацы фарст мæрддзыгой адæммæ.
Тæфæрфæс у зианджынæн йæ бинойнаджы амарды фæдыл хъыгтæ ракæнынæн. Абайты Васо куыд зæгъы, афтæмæй у тынг рагон ирон дзырд, ариаг динæй нæм чи æрхæццæ, ахæм. Ис ма нæм дзырдтæ: тæфæрмæт æмæ мæсæллæй дæр. Уыдоны нысан дæр абоны ирон æвзагыл амоны хъыгтæ ракæнын. Æцæг мæсæллæй нæдæр ариаг, нæдæр абоны ирон æвзаджы дзырд у. Араббагау амоны: «Аллахы фæндон у». Фылдæр æй дзурынц Хуссар Ирыстоны. Абайты Васо куыд фыссы, афтæмæй, дам, æй ирæттæ райстой сæ сыхаг пысылмон адыгтæй.
Зæххыл мæлæтæй æгъатырдæр, риссагдæр, удмарæндæр хъуыддаг нæй, æмæ, исчи куы амæлы, уæд хионæй, хæстæгæй, хæларæй, зонгæйæ, уымæн атагъд кæнæм зианджыны фарсмæ балæууынмæ, йæ хъыг, йæ зын цæмæй баурома, уымæн ын исты ахъаз фæуыны тыххæй. Уыцы хъуыддаг мæрддзыгой адæмæй раздæр йæхимæ райсы сыхбæстæ. Мард æмæ зианджынæн балæггад кæнын свæййы сæ сæйраг архайд. Уыдон æгъдау дæттынц кæрты æмæ æрбацæуæг адæмæн дæр. Сæ разы мæрддзыгой куы æрлæууы, уæддæр сын уыдон фæзæгъынц бузныджы ныхæстæ: «Æнæхъиамæт ут, уæ къахы фыдæбон мардæн æхцон уæд, хæрзмæ уыл аудæд. Абонæй фæстæмæ рæсугъд хъуыддæгты архайæг ут» æмæ афтæ дарддæр. Уый бузныджы ныхас дæр у æмæ арфæ дæр, кæй бафыдæбон кодтой, зианы хъуыддаджы фæдыл сæ фарсмæ кæй æрбалæууыдысты, сæ сыхаджы зиан сын æгъдауæй кæй сбуц кодтой, уый тыххæй. Уыцы хуызы сын дзуапп радты æрбацæуæг мæрддзыгой дæр тæфæрфæс ракæныны фæстæ: «Мард рухсаг уæд. Йæ фæстæ кæй уадзы, уыдон цардæй бафсæдæнт. Абонæй фæстæмæ хорз хабæрттæ цæуæнт бинонтыл, мыггагыл, сыхбæстыл. Уæ фыдæбон ын хæлар уæд, хæрзмæ уыл аудæд».
Мæрддзыгой адæм зианджыны раз куы æрлæууынц, уæд та фыццаг ныхасы бар уыдонмæ ис. Хъыгтæ йын ракæнынц, ныфсдæттæн ныхæстæ йын фæзæгъынц. Уымæн фыдохы уавæры йæ бон дзуапп радтын, бузныг зæгъын нæ вæййы, æмæ уыцы æгъдау кæны, хиуæттæй йæ фарсмæ чи æрбалæууы, уый.
Адæм зианы фынгæй куы сыстынц, хæдзары раз зианджынтæ, сыхбæсты æмæ æрцæуæг адæм кæрæдзийы ныхмæ куы æрлæууынц, уæд та æрцæуæг адæмы хистæрæн радтынц дзырды бар, цæмæй хиуæттæ æмæ сыхбæстæн раарфæ кæна, мардæн йæ фæстаг — мæрдон фæндаг кæй саив кодтой, уый тыххæй. Стæй сын бузныджы æмæ фæндарасты ныхас фæзæгъы сыхы хистæр.