Спаспет чиныджы ныффыста: «Уæ, Придон, паддзах хъæбатыр,
Сахъ домбайы 'мдых зæрдæйæ, хурты хурзæрин дзæнхъатын,
Барджын, амондджын, æхсарджын, тохы знæгты 'хсæн æгъатыр,
Дардæй дын салам æз радтон, æз — дæ иу кæстæр бæгъатыр!
Мастæй, тухийæ цы федтон, зæрдæ катайæ цы сарыд,
Уыйхыгъд сæххæст и мæ бæллиц æмæ 'хсызгон цин æвзарын;
Хъæды лæгæты домбайæн марг кæй дудгæ сагъæс дары,
Мæнæ бантыст мын фæстагмæ уыцы хурæнгæсы ссарын.
Ахст у каджитæм, Каджетæн нæй ныппырхгæнæн — æгъгъæлынц,
Уырдæм бабырсын уæлбæхæй у мæнæн уæддæр гæнгæлы.
Ногдзыд уардийыл тæрккъæвда 'взист цыхцыр.джытæй кæм кæлы,
Нæй уым хицау, фæлæ йе 'фсад бон-æхсæв фынæй нæ кæнынц.
Цинæй барухс и мæ зæрдæ, мастæй, раздæрау, нæ тонын:
Ды 'мæ де 'фсымæр кæм ыстут, уым зынæй цы уа, — нæ зонын!
Исты сфæнд кæнат, æххæст уын уæд куыд не суыдзæн, цы 'фсоны?
Лæг кæм фæлæудзæн уæ ныхмæ, арт куы суадздзыстут æхсоныл!
Нæй мын фездæхæн дæ бæстæм, курын — азым-иу мæм ма 'рхæсс.
Уайын не 'рдхордмæ фæдисы: Мæйы суæгъд кæнын — мæ сагъæс.
Тагъд дæм бацæудзыстæм иумæ, гъеуæд худгæбылæй ракæс;
Уымæн баххуыс кæнын, зоныс, у нæ иумæйаг уæззау хæс.
Нæй мын бафидæн æнусмæ а дæ цагъарты лæггадæн,
Цин, æххуыс, узæлд цагъарæй ахæм никуы федтон адæн:
Де 'рмдзæф се 'гъдауыл бæрæг у, цæй, цы сæ стауын, æрра дæн —
Чи кæмæй цæуы, уый — йе 'нгæс, — дзурынц зондыкъуыбар адæм».
Радта чиныг, — къухæй къухмæ ахызт цагъарты фæлгуыры, —
Цыма малусджыты чъина кæнæ уардиты дзыгуыр уыд.
Дзуры: «Райгæ уæд уæ паддзах, маст нæ нал хъæуы ныхъуырын».
Рухс налхъуыт-налмас фæрдгуытæ судзынц лал былты зыхъхъыры.
Автандил ысбадти науы, бахызт денджызы гуылфæнты;
Мæй — йæ цæлхыдзаг — æрттивгæ рараст, рухс тынтæ нывæнды.
Усы 'рхæндæгæй ныууагъта, уæвгæ, уый дæр æй нæ фæндыд.
Адæм тугдзæссыгтæ калдтой, ниугæ кастысты йæ фæдыл.
Кодтой еу-додой, æрдиаг цагъартæ, Фатман, Усен дæр:
«Хур, цы ми бакодтай, мæнæ бон куы баталынг, куы фендæр.
Арвыл хурзæрин нæ хæты, — уый дæ тар аууон у, де 'ндæрг.
Цæй, куыд нæ барвыстай мæрдтæм, уый хæлар хъайтарыл не 'мбæдд».