Уæд хæкъуырцгæнгæ, дзыназгæ чызг йæ уарзонмæ ныффыста.
Цæссыг кадд, æниу кæд ма уыд уарзтæн сау цæссыг æххуыс та!
Лæг фæуыдаид зæрдæхæлд, — зæгъгæ, уый додоймæ хъуыста,
Уарди базыхъхъыр, æрттывта урс дзæнхъа фæрдыг — æгъуыстаг:
«Ацы судзаджы чиныг дæм æз фыссын, мæ хур, ахæсты;
Сис — мæ тасгæ гуыр, тулын æй ризгæ ме 'рхæндæг сагъæсты,
Ам нæ зæрдæтæ сиу кодтон, — дзурæнт чиныджы мах бæсты.
Бастъæл, ба, мæ уд, ма бацу уæгъды таримæ карз хæсты!
Уый дын, гъе, мæ бон, нæ хъысмæт: туг ныл уары æмæ уары;
Хур алдзæн тæмæнтæ калæд, джиуын саудалынджы, тары!
Цард æлгъыст æмæ мæнгард у, — алы зондджын дæр æмбары.
Уас, мæгуыр мæ бон,-дæ мæтæй ай цы дудгæ фыд æвзарын?!
Ай цы сныв кодтой нæ удтæн карз хъысмæт æмæ фыдрæстæг:
Иу нæ иннæйы хæстæгмæ райгæ нал федта йæ цæстæй!
Ныр ды кæмæн нал дæ, — зæрдæ тъæпп куыд нæ фæхауы мæстæй!
Мæнæ райхæлди мæ сусæг, раргом ме 'рхæндæг ныхæстæй.
Хурты хурзæрин, дæхистæн, загътон — удæгас мын нал дæ;
Асаст, бадон и мæ хъару, уæнгтæ баззадысты калдæй.
Ныр Ыстыр Хуыцауæн табу, — цинæй худгæбыл, ысхъал дæн!
Ныр йæ дард кæрон æрцыдис мæнæ ме 'нтъыснæг æнкъардæн.
Цæр, дæ сæрвæлтау амæлон, уадз, фыдхъысмæт мæ бадома,
Уадз, мæ сыгъд зæрдæ ноджыдæр дудгæ сагъæсты бадон уа!
Уарзон, мыс мæ-иу дард бæсты, — риу мæстæлгъæдæй ку' атона.
Уыцы тар бонтæм абуздзæн уарзт мæ зæрдæйы суадонау.
Цæй, цы ма фыссон, уадултыл уайы цæстысыг сахатæй, —
Нæй мæ хабæрттæн радзурæн, нæй мæ диссæгтæн рахатæн;
Мæн Фатман-хатун ратыдта сау кæлæнгæнæг цагъартæй,
Цард йæ сау кæнон бакодта, — ногæй уацары бахаудтæн.
Бафтыд фыд мæ фыдтыл, цард мын у зынудисæн æрмæстдæр, —
Цыма карз хъысмæт мæ удæн фаг нæ фæдардта йæ хъæстæ!
Хины каджитæ мæ 'рцахстой, нал ис алидзæн сæ бæстæй.
Уый, мæ удлæууæн, фыдхъысмæт, зинау, сагъуыди нæ фæстæ.
Цæст нæ сæххæсдзæн йæ сæрмæ, бадын иу ахæм гæнахы;
Ис æм иу фæндаг æнахуыр, — къæдзæх зæххы бын фæкъахыр;
Бирæ 'фсад æхсæвæй-бонæй хъахъхъæнæг лæууынц сæ къахыл,
Нæй сын басæттæн, фыдгулы семæ бахъæуæд хылкъахын!
Ма кæс каджитæм æндæртау, уæгъды ма 'рбабырс уæлбæхæй;
Зонын, мардæй дæ куы фенон, — рыст æнæуый дæр, зæрдæхæлд, —
Цыма зных æрцъыкк-æхсонæй — арт ысуадздзынæн æмдзæхæр.
Нæй фæрæз, дæ къух мыл ауигъ, басгуых фидардæр къæдзæхæй!
Уæ, мæ удлæууæн, макуы уæд, ма, дæ фæсонæрхæджы дæр, —
Дæу дæ талмвидыц баива, искæй равзара каджитæй.
Нæ, дæуæй дарддæр никæй дæн, ма мæм бабæллæд мачи дæр;
Былæй атæхин, зæрдæсæр кардæй акæнин саджилтæ.
Ард хæрын, — дæ мæй æндæрæн никуы рухс цырагъ нæ дардзæн,
Арвæй хуры фырт куы 'рхиза, риумæ уый уарзт дæр нæ хъардзæн.
Былæй асхъиудзæн дæ уарзон, — раздæр хи, мæ бон, ныммардзæн.
Кув мын уæд, мæ уд уæларвмæ кæд бæрзонд ыстæхид, мардзæ!
Кув мын, кув, æмæ схицæн уон а мæнг дунейы сагъæстæй, —
Артæй, дон æмæ сау зæххæй, зилгæ уæлдæфы ахæстæй.
Арвмæ сфардæг уон, банкъарон, — арв мын бахицон, бахæстæг.
Бон уа, тар æхсæв, — хатон æй, хуры рухс тынтæм баххæстæн.
Хур æнæ дæ гуырдз нæ уыдзæн, ды йæ иу хай дæ, йæ хъæстæ,
Йемæ дун-дунейы зилыс йе 'мбуар, йе сконды ныхæстæй.
Фенин рухс хуры дæ фæлгонц, райгæ ракæсин мæ цæстæй;
Цард мын марг дары, мæлæт мын раттид удæнцой йæ фæстæ.
Иугæр ис мæ уд дæ бæрны, — цæй, цы ма тæрсон мæлæтæй!
Фæлæ сбастай мын мæ зæрдæ уарзты судзаджы кæлæнтæй, —
Нæй ысуæгъдгæнæн æнусмæ уымæн сагъæсы къæлæтæй!
Æз, цыфæнды уæд, — хъæцдзынæн, ды уæддæр ма тай мæ мæтæй.
Атындз Индимæ, мæ фыдæн туг йæ зæронд сæрыл уары:
Бирæ — йе знæгтæ, зæрдæ та никæй баххуысыл нæ дары.
Ратт ын удæнцой, куы зоныс — уый йæ чызджы мæт дæр мары.
Уым-иу тохы бон æрымыс, — ам цы дудгæ фыд æвзарын.
Цæй, æгæр дæр ма фæкодтон æз мæ судзаджы хъæстытæ;
Дзурай — нæ, уæддæр æмбары зæрдæ зæрдæйы рæстытæ.
Маст мæ бадомдзæни, къахдзæн сынт мæ уарзæгой цæстытæ:
Уый — дæ дзæбæх удæн радтон цард-цæрæнбоны мæстытæ.
Айс, нысанæн дæм æрвитын, хур, мæ кæрдæнæй гæппæл дæр,
Уайтагъд фестъæлфдзынæ, зонын, — уый дæ лæвар у — мæ кæрдæн.
Атад де стыр цин, ныфсæнцой дар мæ нысаныл дæ зæрдæ.
Зилгæ авд арвы фыдазар махæн басыгъта нæ сæртæ».
Ахæст йе 'рдаг кæрдæн систа, сау чысыл гæппæл дзы хъауы, —
Йе 'нкъард чиныгмæ йæ хъавгæ, — цыма цины хос, — æфтауы.
Даргъ, ыставд дзыкку фæпырх и, чызг бæгъæмсарæй фидауы,
Сау сынты базыр рæдауæй уаты буды хæрздæф тауы,
Систа чызджы чиныг цагъар, ног фæпæррæст кодта уадид,
Уыцы иу цæсты ныкъуылдмæ Гуланшаройы куы 'рбадид.
Автандилы ма цы хъуыди, — хъуыддаг ныр рæстырдæм уади!
«Табу Стыр Хуыцауæн!» — загъта, уарди худгæбылæй ради,
Лæппу ракодта хæларæй усæн бузныджы ныхæстæ:
«Уый куы сæххæст и мæ бæллиц, уæд куыд бафидон дæ хæрзтæ?
Хæс дæ дардзынæн æнусмæ, ныр цæуон, фæци мæ рæстæг;
Тагъд æз каджитæм æркæнон, — чи сын сыскъуына сæ хъæстæ!»
Ус зæгъы: «Домбай, мæ риуы уый дывыдон арт æндзары:
Хур куынæуал уа мæ цуры, — зæрдæ бастъæлдзæни тары,
Фæлæ уайгæ уал, бæгуы дын нæй гæдзæгæнæн, — æмбарын;
Фердæх, цалынмæ нæма ис Дулардухт йæхи хæдзары».
Автандил ныр та йæхимæ басидт Придоны цагъартæм,
Загъта: «Тнымæг ис йæ пиллон риуы сагъæсты цъæх артæн:
Ме 'рцыд дзæгъæлы нæ фæцис дард арабты бæстæй ардæм;
Ныр фыдгултимæ уыдзæнис тагъд мæлæты зиу мæ кардæн!
Уайгæ, ракæнут Придонæн рæвдздæр ацы 'хцон ныхæстæ,
Æз тындзгæ кæнын кæдæмдæр, мæн кæм амоны мæ рæстæг!
Карз хæстон фæдис ныннæрæд, дардыл сызмæлæд уæ бæстæ.
Айсут ацы мулк, æндæр уын ам цæмæй фидон уæ хæрзтæ!
Рох нæ уыдзæнис уæ лæггад, бирæ, бирæ хорз уæ зонын;
Уе 'гъдау дардзынæн мæ зæрдыл, — мæнæ фембæлон Придоныл,
Федтат, абырджытæй байстон ацы цъус фæллой дæр доны,
Дарддæр ницы ис мæ къухы, — исчи кæд æлгъин мæ хоны?
Нæй хуыздæр гæнæн, цы раттон, — дард дæн ам мæхи хæдзарæй».
Нау сын — йемыдзаг хæзнайæ — уый ысхай кодта хæларæй.
«Уайгæ, байрайут сын загъта — ныр уæ хорз Мулгъазанзарæй,
Ме 'рдхорд Придонмæ уын мæнæ чиныг йе 'нувыд æмгарæй».