Хетæджы къох
Хетӕджы Уастырджийы кувӕн къохы равзӕрды таурӕгъ ирон адӕмӕй чи нӕ зоны, ахӕм зын ссарӕн у. Куыд зонӕм, афтӕмӕй йыл Къоста фыста кадӕг ӕмӕ йын кӕронмӕ нӕ фӕци. Уырыссагау дӕр ӕм ис "Хетӕг", йӕ сӕргонды бын ын бафыста: "Кӕрон кӕмӕн никуы уыдзӕн, ахӕм поэмӕйы райдайӕн". Йӕ этнографион очерк "Особа"-йы та Хетӕджы хоны йӕ мыггаджы фыдӕл. Уый фыссы: Нары комы цӕрӕг Хетӕгкатӕ сӕхи нымайынц Хъубаны цӕугæдоны фале ӕрбалидзӕг Хетӕджы байзӕддагыл...
Хетӕг йӕхӕдӕг, куыд дзурынц, афтӕмӕй уыдис къниаз Иналы кӕстӕр фырт. Уыдон цардысты Хъубаны цӕугӕдоны ӕдде йӕ къабаз Стыр Зеленчукы был. Хетӕг чырыстон дин куы райста, уӕд ӕм йе'фсымӕртӕ сфыдӕх сты, ӕмӕ уый адыл ралыгъд Ирыстонмӕ хӕхбӕстӕм. Хетӕджы хистӕр ӕфсымӕр Биаслан нымад цӕуы Кӕсӕджы къниазтӕн сӕ мыггаджы фыдӕлыл, дыккаг Аслӕнбаг та ӕнӕзӕнӕгӕй баззад. Хетӕг Ирыстоны фыццаг хатт кӕм ӕрбынат кодта, уыцы ран ныр дӕр ма кувӕндоныл нымад у. Уый у рагон егъау бӕлӕсты иттӕг рӕсугъд, хъӕдӕй иппӕрд къох Куырттаты комы дымӕгмӕ. Рагон таурӕгъ куыд зӕгъы, афтӕмӕй Хетӕджы фӕсте сырдтой кӕсгон тыхгӕнджыты бал, ӕмӕ уӕд хъӕды къох Хетӕджы сидтмӕ хъӕдӕй сыстад ӕмӕ Хетӕджы знӕгтӕй бааууон кодта". Уый Уастырджийы фӕрцы. Уый йын баххуыс кодта. Уый йӕм рацыд ӕргом, ӕмӕ йӕ ӕргом зӕд дӕр уымӕн хонӕм. Йӕ тыхсты йӕ фарсмӕ кӕй ӕрбалӕууыд, уымӕ гӕсгӕ та йӕм фӕкувӕм: "Уастырджи, табу дын. Царды нӕ тыхсын макуы бауадз, фӕлӕ-иу, мыййаг, куы фӕтыхсӕм, уӕд Хетӕгӕн куыд баххуыс кодтай, афтӕ — махӕн дӕр!".
Хетӕг чырыстон диныл иузӕрдион кӕй разынд, уымӕ гæсгӕ йӕм йе 'фсымӕртӕ, йӕ хиуӕттӕ, кӕсгон хъӕздгуытӕ сфыдӕх сты. Фӕстагмӕ тæссаг уыди йӕ цардӕн дӕр ӕмӕ йӕ сӕр бафснайынмӕ Хъубанӕй ралыгъд Ирыстонмӕ — зӕгъы адӕмон таурӕгъ. Фӕсте йӕ карз ӕмӕ ӕгъатыр знӕгтӕ кӕй сырдтой, марынмӕ йӕ кӕй хъавыдысты, уый бӕрӕг у таурӕгъы кульминаци — Хетӕджы къохы равзӕрдӕй.
Куыд зонӕм, афтӕмӕй ацы таурӕгъы фӕдыл алыхуызон хъуыдытӕ цӕуы адӕмы ӕхсӕн. Уымӕн ӕмӕ Хетӕджы фыд Инал цы адӕмыхаттӕй уыд, уый таурӕгъы бӕрӕг-бӕлвырд нӕу. Поэмӕ "Хетӕджы" сау къухфысты йыл бирӕ фӕсагъӕс кодта Къоста дӕр. Иналы адӕмы хоны куы кӕсӕг, куы — алан. Хетæджы хабӕрттӕ кӕцы историон дугимӕ бабӕтта, ууыл дӕр, йӕ къухфыстӕй куыд зыны, афтӕмӕй уыд дызӕрдыг хъуыдыты: куы Чингисханы кой кӕны, куы — Мамайы, Хъырым-саухалы ӕмӕ Хъырым ханы. Поэмӕйы урсфысты ӕрцыд ахӕм хатдзӕгмӕ: "Алан фӕтӕрынц Мамайы ӕфсӕдтӕ".
Уӕдӕ кӕд Иналы адӕм алан уыдысты, уӕд ма таурӕгъы кӕсӕджы кой цӕмӕн ис ӕмӕ Хетӕг алантӕй Ирыстонмӕ цӕмӕн лыгьд? Иуӕй алантӕ ӕмӕ ир иу адӕм куы сты, иннӕмæй сӕ дин дӕр иу куы уыд. Куыд зонӕм, ахуыргӕндтӕ куыд раиртӕстой, афтӕмӕй Хъубаны зылды цы алантӕ цардысты, уыдон чырыстон дин уырысӕй раздæр райстой. Уымӕн ӕвдисӕн Стыр Зеленчукы ӕмӕ Ӕрвхуызы (Архызы) историон аргъуантӕ. Уымӕй алантӕ нӕ ферох кодтой сӕ фыдӕлты ариаг дин дӕр. Уый дӕр раиртасӕн ис, уӕлдӕр амынд историон цыртдзӕвӕнты арӕзтадтыл. Гъе уымӕ гӕсгӕ Хетӕджы чырыстон дин райсыны сӕр ницӕмӕн хъуыд. Ӕмӕ кӕд чырыстон диныл иузӕрдион кӕй разынд, уый тыххӕй йӕм сызнаг сты, уӕд йӕ сӕр хъуамӕ бафснайдтаид чырыстон адӕммӕ. Зӕгъӕм, Гуырдзыстоны, кӕнӕ Хъырымы грекъмӕ.
Ӕвӕццӕгӕн, растдӕр уыдаид, Хетӕг Хъубанӕй чырыстон Абхазмӕ йӕ ных куы сарӕзтаид, уӕд. Ирыстонӕй йӕм Абхаз ӕввахсдӕр уыд, фӕлӕ уый равзӕрста Ирыстон. Уымӕн ӕмӕ зыдта, уым кӕй цӕрынц йе 'мирон адӕм. Гуыргӕ та ракодта, манголты-тӕтӕры ныббырсты фæстæ ма кӕсӕджы ӕхсӕн алантӕй цы къордтӕ-къордтӕ баззад, уыдонӕй. Ахуыргӕндтӕ куыд зӕгъынц, афтӕмӕй аланты бӕстӕ манголтӕ-тӕтӕр гӕныстон куы фӕкодтой, уӕд нӕ рагфыдӕлтӕн сӕ иу хай йӕхи бааууон кодта хӕхты, иннӕтӕ къордгӕйттӕй Кавказы иннӕ адӕмты ӕхсӕн баззадысты. Ферох кодтой се 'взаг, се 'гъдæуттӕ, сӕ дин, ӕрмӕст дзы иу хайӕ бынтон нӕ байрох сӕ равзӕрд. Хуымӕтӕджы балхъайрӕгтӕ ӕмӕ хъӕрӕсейӕгтӕ аланты сӕ фыдӕлтӕ нӕ хонынц.
Мӕ хъуыды бафидар кӕныны тыххӕй ӕрхӕсдзынӕн В.А. Кузнецовы чиныг "Очерки истории алан"-ӕй цитатӕ: "Таким образом, аланы имеют ощутимые генетические связи и контакты и с некоторыми другими народами Северного Кавказа — карачаевцами, балкарцами, ингушами, чеченцами, адыгами, в состав которых в различные исторические периоды и по разным причинам оказались включенными более или менее значительные аланские этнические группы".
Уӕдӕ афтӕ: Хетӕг уыд кӕсӕджы ӕхсӕн цы аланты къордтӕ баззад ӕмӕ, пысылмон кӕнын чи райдыдта, уыдонӕй. Чырыстон дин райсыны сӕр ӕй ницӕмӕн хъуыд. Уыцы ӕгъдау йӕ фыдӕлтӕ бакодтой ӕмӕ йӕ пысылмон динӕй баивтаид, йӕ ирон ӕвзаг ӕмӕ ӕгъдӕуттӕ рауӕлдай кодтаид, уый йӕ сӕрмӕ нӕ хаста ӕмӕ йӕм иннӕтӕ хӕрам кодтой. Ууыл сӕ ардыдтой пысылмон дин парахатгӕнджытӕ. Ӕмӕ йӕм ӕгӕр куы сфыдӕх сты, уӕд йӕ сӕр бафснайдта йе 'мӕвзаг йе 'мгуг, йе 'мдин, адӕмы — ирон адӕмы ӕхсӕн.
Цгъойты Хазби
«Рæстдзинад» №120 2007 азы 7 июль