Уый, æнæдызæрдыгæй, афтæ у. Кæд Таболты Солтанбег афтæ нымадта, цард, мах æй куыд уынæм æмæ куыд æвдисæм, уымæй хъæздыгдæр у, уæд мах та хъуамæ дзурæм: нæ, Солтанбег хъæздыгдæр уыд цардæй. Уымæн æмæ цард адæймагæй цы миниуджытæ домы, уыдон иууыл рæсугъддæр æмæ иууыл мидисджындæрæй уыдысты Солтанбеджы удысконды.
Уый йæ цард зæрдæбынæй снывонд кодта йæ Фыдыбæстæйы хæрзæбонæн. Уымæй йæхицæн скодта стыр ном, самадта, æнустæм Иры бæрзæндтæй сæрыстырæй чи фæлгæсдзæн, ахæм кады мæсыг. Уый хицауады куыст кодтаид æви зонадон - йе 'ргом, сæйраджыдæр, здæхт уыд йæ раттæг адæмы хъысмæтмæ, ницы йын уыдис Ирыстоны фарнæй бæрзонддæр æмæ æвæджиагдæр. Ирыстоны та, кæйдæртау, нæ дих кодта Цæгат æмæ Хуссарыл, уый нæ, фæлæ ма йын чидæртæ йæ цæстмæ дæр дардтой, Хуссар Ирыстоны фылдæр уарзыс, зæгъгæ.
Солтанбег уыд куырыхон зонды хицау, дардмæуынаг политик. Йæ алы къахдзæф, йæ алы дзырд дæр уыдысты, куыд фæзæгъынц авд хатты йæ сбар æмæ йæ иу хатт алыг кæн. Уый йæ æрвылбонон хъуыдæгтæй алкæцыйы тыххæй дæр хъуыды кодта, сомбон ын цы фæстиуæг уыдзæн, ууыл.
Афтæмæй цард, афтæмæй куыста.
Кæддæр Дзуццаты Хадзы-Мурат загъта, зæгъгæ, Ирыстон Къостайæ хуыздæр никæй радта æмæ Ирыстонæн Къостайæ фылдæр ничи радта. Кæд ацы ныхæстæ Къостайы фæстæ искæй тыххæй зæгъынæн æнтысынц, уæд сæ Солтанбеджы разæй цæст никæй тыххæй зæгъын бауарздзæн.
Бирæ сарæзта, бирæ радта Ирыстонæн. Ноджы йын фылдæр бантыстаид, йæ æнафоны трагикон мæлæтæй Ирыстонмæ сау халон куынæ бауасыдаид, уæд.
20 июны йыл сæххæст уыдаид 66 азы. Уый цытæн Цæгат Ирыстоны сæйраг сахар Дзæуджыхъæуы уагъд æрцыд йæ номарæн чиныджы презентаци. Чиныг «Жизнь богаче наших представлений»-мæ хаст æрцыдысты, алы æмæ алы азты Солтанбеджы тыххæй цы æрмæджытæ æрцыд мыхуыр, уыдон: уацтæ, интервьютæ, мысинæгтæ, æмдзæвгæтæ, зарджытæ. Чиныг аразджытæ сты Фидараты Булат æмæ Черчесты Хъасболат. Чиныг рухс федта Республикæ Хуссар Ирыстоны Информаци, бастдзинад æмæ дзыллон комуникациты паддзахадон комитеты хардзæй.
Цымыдисон æмæ зæрдæагайгæ сты, чиныгмæ хастæрцæуæг æрмæджытæ се 'ппæт дæр. Ам ирдæй зыны ирон адæмы æнæкæрон уарзондзинад Таболы фыртмæ. Уый хуыйны, мæлæт кæмæн нæй, ахæм уарзт.
«Таболы фырты номæн рохуаты баззайынæй тас никуы уыди. Бирæтæн лæууы сæ зæрдыл, бирæтæ йæ мысынц æхсызгонæй, зæрдæуынгæгæй, бирæтæ сæ мидвæндты уынаффæ кæнынц йемæ. Йæ удуæлдай куыст, йæ бирæ æнтыстытæ, йе 'нæнцой зæрдæйы тырнæнтæ афтæ ахадгæ сты, æмæ нæм бар-æнæбары сæвзæры дыууæ сыгъдæг æнкъарæны: арфæ æмæ дис»
Бзарты Руслан, профессор.
«Мæ хъуыдыйæ Солтаныл иттæг хорз сфидауиккой зарæджы ныхæстæ: «Уый хуызæн лæппу макуы райгуыра, куы райгуыра, уæд та макуы амæла!..» Нæ фæци мах ахæм амонд, йæ тæккæ цард аразыныл куы уыд, уæд ахицæн махæй Солтан…Фæлæ мæнæ цæуын Таболты Сергейы уынгыл æмæ миднымæр дзурын йемæ: Иры дзыллæ дæу æнустæм дардзæн йæ зæрдыл хъæбатыр лæппу, зондджын лæг æмæ курдиатджын раздзогæй!..»
Нафи.
«Солтанбег фæмард, уый куы æрбайхъуыст, уæд æз куыстон Рухсады министрады. Æмкуыд кодтам иууылдæр, зæрдæ фæйнæрдæм тыдта»
Бигъуылаты Людмилæ, педагогон зонæдты доктор.
«Таболты Солтанбег мæ зæрдыл куы 'рлæууы, мæ цæстытыл куы ауайы, уæд æз æдзухдæр мæхимид ныккæрзын:
- Мæнæ цы лæппу фæхъуыд, мæнæ цы хорз хæларæй фæцух дæн…
Афтæ мæм кæсы, цыма абон уый не 'хсæн куы уаид, уæд, цыма æндæргъуызон цæриккам, цыма æндæргъуызон уаиккой нæ ахастытæ нæ сыхæгтимæ, цыма Солтанбег Беслæны трагеди æрцæуын нæ бауагътаид»
Дауыраты Дамир, фыссæг.
«Афтæ фæзæгъынц, хъæр мæрдтæм дæр хъуысы, зæгъгæ. Æмæ уый кæд, æцæгæйдæр, афтæ у, уæд дæм уырдæм фехъуысæд, Солтанбег: ды æдзухæй цæмæ бæллыдтæ, уыцы æхсызгон хабар ныл æрцыд - Хуссар Ирыстон ссис хæдбар паддзахад!»
Черчесты Хъасболат, журналист.
Бирæ адæм æрцыд чиныджы презентацимæ. Ам уыд Парламенты Сæрдар Хæбыцаты Ларисæ йæ хæдивджытимæ, Хицауады Сæрдары хæдивæг Таболты Сергей (Солтанбеджы фырт), интеллигенцийы минæвæрттæ, фысджытæ, ахуыргæндтæ, нывгæнджытæ.
Адæм уал фыццаграды бакастысты Таболты Солтанбеджы тыххæй ногарæзт документалон кинонывмæ. Уый фæстæ раныхасгæнджытæ зæрдæбынæй дзырдтой Солтанбеджы рæсугъд æмæ мидисджын цардвæндагыл. Раныхас дзы кодтой Ходы Камал, Цыбырты Людвиг, мыггаджы номæй Таболты Владимир æмæ æндæртæ. Адæм сæ цæссыг тыхурæд кодтой, афтæмæй хъуыстой Солтанбеджы хо Земфирæйы ныхасмæ.
Раныхасгæнджытæн хицæн æмæ хицæн фадгуытыл уыд сæ ныхас, фæлæ се 'ппæты дæр иу кодта райгуырæн уæзæджы æнувыд хъæбулмæ æнæкæрон уарзондзинад, зæрдæйы рыст æмæ сæрыстырдзинад. Уымæн æмæ адæм сæрыстыр вæййынц Солтанбеджы хуызæн лæгтæй.
Газет «Хурзæрин»