
Таболты Солтанбег
Таболты Солтанбег кӕм ныгӕд ис, уым ын, уалӕ горӕты сӕрмӕ, нӕ номдзыд инӕлар Плиты Иссӕйы фарсмӕ ӕрӕджы ӕвӕрд ӕрцыд цыртдзӕвӕн. Уым ӕз дӕр йӕ бирӕ ӕмбӕлтты фарсмӕ сӕркъулӕй бирӕ фӕлӕууыдтӕн. Мӕ мидзӕрдӕйы стыр арфӕтӕ фӕкодтон йӕ саразджытӕн. Уӕлдайдӕр та скульптор Тотиты Барисӕн. Уый йын ирд ӕмӕ бӕлвырдӕй равдыста йӕ сурӕт. Афтӕ зӕгъӕн ис, ӕмӕ дуры бауагъта уд.
Цыртдзӕвӕнӕн ис арф символикои хъуыды. Дыууӕ стыр къӕдзӕх дуры сурӕты хуызы ӕвдыст цӕуынц Цӕгат ӕмӕ Хуссар Ирыстоны фӕлгонцтӕ. Се 'хсӕн та йӕ зӕрдӕ фӕйнӕрдӕм байтыгъта ӕмӕ афтӕмӕй лӕууы Солтанбеджы бронзӕйӕ арӕзт бюст.
Чи йӕм кӕса, уый уайтагъддӕр бамбардзӕн, Солтанбег кӕддӕриддӕр кӕй бӕллыд дыууӕ Ирыстоны баиумӕ ӕмӕ нӕм цыма мӕрдтӕй дӕр афтӕ дзуры: «Дыууӕ Ирыстонӕн ӕрмӕстдӕр ис иунӕг зӕрдӕ! Хъусут, ӕрмӕстдӕр — иунӕг зӕрдæ! Ӕмӕ йӕ, уӕ хорзӕхӕй, ма бауадзут дихтӕ кӕнын...».
...Кӕсын Солтанбеджы ног арӕзт цыртдзӕвӕнмӕ. Кӕсын ӕм ӕмӕ та мӕ цӕстытӕ доны разилынц. Ног ӕмӕ та ногӕй ӕрӕмысын иумӕ скъоламӕ куыд цыдыстӕм. Ӕрӕфы доны нӕхи куыд надтам, хъӕугæрон футболӕй куыд хъазыдыстӕм. Фӕстӕдӕр Ставд-Дуртӕй горӕтмӕ куы рафтыдыстӕм, уӕддӕр кӕрӕдзиимӕ куыд арӕх ӕмбӕлдыстӕм, ӕппӕт уыцы хабӕрттӕ.
Солтанбег-иу йӕ райгуырӕн хъӕу Ставд-Дуртӕм куы ныццыд, уӕд-иу ыл цин кодтой стырӕй-чысыдӕй. Йӕ алы отпуск дӕр-иу хъӕуы ӕрвыста. Мад, фыд ын рагӕй нал уыд, фӕлӕ йын уыдоны бӕсты кӕддӕриддӕр стыр ӕгъдау лӕвӕрдта йӕ хо Земфирӕ.
Земфирӕйы бӕркаддӕттӕг къухӕй Солтанбегимӕ мах дӕр, йӕ бирӕ ӕмгӕрттӕ, адджынӕй бирӕ цӕхх, кӕрдзын бахордтам. Уыимӕ нын-иу фынгыл дзаджджын уӕливыхтимӕ цы хорӕй конд арахъхъ ӕрӕвӕрдта, уымӕй дæр мисхалы бӕрц никуы фӕрыстыстӕм. Ӕрмӕст ныл-иу хъӕлдзӕгдзинад ӕмӕ худӕг бахӕцыд. Фынджы фидауц та-иу кӕддӕриддӕр уыдис Солтанбег. Уыимӕ дзургӕ дӕр ӕмӕ худгӕ дӕр кодта зӕрдӕйӕ.
Куы-иу ныххудт Солтанбег, уӕд-иу уый худынмӕ мах дӕр нал урӕдтам нӕхи. Ӕмӕ та нын-иу уӕд Земфирӕ аивӕй бамбарын кодта. ома ӕгӕр ӕй ма худын кӕнут, науӕд та йӕ туджы ӕлхъывдад бӕрзонд схиздзӕн ӕмӕ бавзӕр уыдзӕн йӕ зӕрдӕйӕ, зӕгъгӕ.
Земфирӕ мын Солтанбеджы тыххӕй ӕрӕджы ахӕм цау радзырдта. Фӕстагдӕр хатт, дам, ма йын йӕ хæлафыл иту куы ӕвӕрдтон, уӕд, дам, йӕ дзылпӕй æнӕнхъӕлӕджы ӕрхаудта иу чысыл уираг тымбыл дур. Солтанбег, дам, мӕм фӕлмӕн йӕ мидбылты бахудт, фелвӕста пъолӕй уыцы дур ӕмӕ йӕ фӕстӕмӕ Йӕ дзылпы нывӕрдта. Уыцы дур та æрбахаста Ӕрӕфы былӕй. Дардта йӕ ӕдзухӕй йӕ дзыппы. Ӕмӕ-иу искӕдӕм дард балцы куы цыд, уӕд-иу ӕй систа, фӕлмӕн-иу ӕй йӕ армы тъӕпӕны нылхъывта ӕмӕ-иу ӕхсызгонӕй мысыд ӕмӕ мысыд йӕ райгуырӕн хъæу Ставд-Дуртӕ...
Гуырдзыйы лӕгмартӕ Хуссар Ирыстоныл арт куы бафтыдтой, уӕд уырдӕм фыццаджыдӕр ардыгӕй ӕххуысмӕ чи ацыд, уыдонӕй иу уыди Солтанбег. Фӕдисы йемӕ йӕ фарсмӕ уыд йӕ цардӕмбал зындгонд журналисткӕ Таболты Ирӕ дӕр. Солтанбег нӕ хуссайраг хотӕн ӕмӕ ӕфсымӕртӕн материалон ӕххуыс кодта, ныфс сын лӕвӕрдта, Ирӕ та гуырдзиаг лӕгмарты хъӕддаг ӕмӕ ӕгӕнон митӕ ӕгас дунейы адӕмтӕм хӕццӕ кодта.
Иухатт Солтанбегыл изӕрыгон фембӕлдтӕн нӕ горӕты проспекты. Уыд ӕнкъард, фӕлладхуыз. Ӕрбадтыстӕм бандоныл. Куыд базыдтон, афтӕмӕй чысыл раздӕр ӕрбатахт вертолетӕй Цхинвалӕй. Ницы дзырдта. Ӕнкъард цӕстытӕй каст зӕхмӕ. Ӕрӕджиау арф ныуулӕфыд, комкоммӕ мӕм цыдӕр ӕнахуыр ӕнкъард цӕстытӕй ӕрбакаст ӕмӕ мын ризгӕ хъӕлӕсӕй афтӕ: «Гаппола (афтӕ мӕ хуыдта), ды зоныс, уым цы лӕппутӕ мӕлы, уый... Ехх!.. Уыдон ӕцӕг хъӕбатыртӕ сты... Стӕй кӕд нымӕцӕй чысыл сты, уӕддӕр сӕ ничи басӕтдзӕн... Аланты тугӕн сӕттӕн нӕй!..»
1992 азы мӕхъӕлы фыдгӕнджытӕ немӕ куы схӕцыдысты, уӕд дӕр уыцы тохы йӕхи сӕрӕнӕй равдыста Солтанбег. Кӕддӕриддӕр нӕ фӕсивӕдӕн цыдис сӕ разӕй.
Ирыстоны куыд ӕнӕкӕрон уарзтӕй уарзта Солтанбег, уымӕн ӕвдисӕн у ацы цау дӕр. Иӕ хо Земфирӕ уыд нӕ республикӕйы Сӕйраг Советы депутат. Иу бон ын Солтанбег афтӕ:
— Мӕ хо, Ирыстон ныртӕккӕ ис тынг зын уавӕры... Мӕ ныхас мын раст бамбар... Курын дӕ ӕмӕ дӕ депутатон хӕстӕ сис... Ирыстоны ацы тӕссаг рӕстӕг фылдӕр ахӕм депутаттӕ хъӕуы, кӕцытӕ ӕрмӕст ӕмбырдты ма бадой, фӕлӕ хъуыддагӕй ӕххӕст кӕной сӕ хӕстӕ.
Земфирӕ дӕр дыууӕ нал загъта Солтанбеджы ныхасыл. Систа йӕ депутатон хӕстӕ йӕхицӕй ӕмӕ йын йӕ бӕсты равзӕрстой депутатӕй инӕлар-майор Суанты Станиславы.
Уӕдӕ, ирон адӕмы рӕстдзинады тыххӕй фыссӕг Логинов йӕ чиныг «Ад криминала»-йы цы стыр уац ныммыхуыр кодта, уымӕн дӕр ын хъӕздыг, ӕцӕгдзинад ӕвдисӕг ӕрмӕджытӕ Солтанбег радта.
Бирӕ арфӕйаг хъуыддӕгтӕ сарӕзта Ирыстоны рӕсугъд фидӕны сӕраппондӕн Таболты Солтанбег, бирӕ фарны хъуыддӕгтӕ та йын ӕрдӕгарӕзтӕй баззадысты.
Цӕмӕй Солтанбеджы рухс ном ӕнустӕм цӕра, уый тыххӕй йын йӕ райгуырӕн Ставд-Дурты хъӕуы кӕм цард, уыцы уынг схуыдтой йӕ номыл, Цхинвалы стырдӕр уынгтӕй иуӕн дӕр радтой йӕ ном. Хорз уаид ӕмӕ Солтанбег фӕстагмӕ цы гуманитарон инстнтуты куыста директорӕй, уымӕн ын йӕ ном куы радтнккои. уӕд. Уый у, Солтанбегимӕ фӕрсӕй-фӕрстӕм чи куыста, хорз ӕй чи зыдта, уыдон фӕндон дӕр.
...24 сентябры Таболты Солтанбегӕн кӕндзысты йӕ афӕдзы кӕнд. Уыцы бон сӕ саутӕ сисдзысты нӕ райгуырӕн Ставд-Дурты хъӕубӕстӕ дӕр.
Афтӕ фӕзӕгъынц, мард дам, афӕдзмӕ биноитыл нымад вӕййы, зӕгъгӕ. Фӕлӕ Солтанбеджы хуызӕн адӕймӕгтӕ никуы амӕлынц, стӕй ӕрмӕст афӕдзмӕ бинонтыл нымад нӕ вӕййынц, фӕлӕ ӕнустӕм дӕр цӕргӕйӕ баззайынц адӕмы зӕрдӕты.
Черчесты Хъасболат.
Къамы: Таболты Солтанбеджы цыртдзӕвӕн.
Газет «Рæстдзинад» 1994 азы 22 сентябры.