УАЛДЗЫГОН ФÆНДОН
Кæсын æз нæ хæхтæм,
Нæ урссæр къæдзæхтæм, —
Ныгъуылынц цъæх арвы кæмдæр.
Кæсын æз нæ къултæм, —
Кæрдæгхуыз цъæх къултæм, —
Зæлдагау æрттивынц хуыздæр.
Кæсын æз нæ кæмттæм,
Фæхъусын нæ дæттæм, —
Куы зарынц гъеныр дæр дзæбæх.
Хур хъазы йæ хъазтæй,
Хур тавы йæ кастæй,
Хур уафы йæ тынтæ уæрæх.
Мæ зæрдæ нæ райы,
Мæ зæрдæ æхсайы,
Æхсайы гъеныр дæр дæумæ.
Мæхинымæр дзурын,
Зæрдæбынæй курын:
«Фæзын мæм, мæ уарзон, кæм дæ?
Ды мемæ куы уаис,
Мæ фæнд мын æмбарис;
Кæм уаид мæ цинæн кæрон!
Зæгъин уæд æцæгæй,
Æнæмæт хъæлдзæгæй:
«Куыд рæсугъд у уалдзыгон бон!»
Кæсын æз нæ хæхтæм,
Кæсын æз нæ кæмттæм,
Мæ хъуырмæ та ссæуы мæ маст.
Зæгъ-ма мын, мæ уарзон,
Кæмæн æй фæзарон,
Кæмæ йæ фæхæссон мæ хъаст?
ФÆНДЫ МÆ МÆН...
Фæнды мæ мæн, цæмæй нæ Иры
Мæгуыр лæг царды уаг æмбара.
Фæнды мæ мæн, цæмæй нæ Иры
Лæджы фæллой йæ кад ыссара.
Фæнды мæ мæн, цæмæй нæ Иры
Рæстдзинад адæммæ куыд хъара.
Фæнды мæ мæн, цæмæй нæ Иры
Нæ тых, нæ фæнд, нæ сæр нæ бар уа.
ДОНЫ ЗАРÆГ
Нæуæгæй та бадын, æхсæрдзæн,
Дæ разы... Фæкæсын.
Нæуæгæй та хъусын, æхсæрдзæн,
Дæ рæсугъд, дæ диссаг ныхæстæм.
Фæуæн дæр цын нал ис, æхсæрдзæн,
Дæ рæсугъд, дæ диссаг аргъæуттæн.
Цытæ-иу фæзарыс, æхсæрдзæн,
Цытæ-иу фæдзурыс?..
Æмбарын дæ хъæлдзæг ныхæстæ,
Сæрдыгон уæлдæфы куы цæуы дæ зарæг,
Куы 'рттивы дæ пырхæндæг хурмæ,
Куы хъазы дæ сыгъдæг дон къулыл.
Дæ цины ныхæстæ, дæ уарзон ныхæстæ
Мæ зæрдæйæ 'мбарын. Мæ хуылфы
Мæ уарзондзинад та ысхъазыд,
Мæ уарзон æхсæрдзæн.
СУСÆГ НЫХАС
Куы дын зæгъин мæ царды маст,
Мæ зæрдæ 'мæ мæ удмарæг, —
Цæф цæргæсы уæззаудæр хъаст,
Цæф сæгуыты зындæр хъарæг;
Куы дын зæгъин мæ сусæг хъыг,
Мæ тынгдæр мæт, мæ къорд фынтæ, —
Фыдæфхæрды тымбыл цæссыг,
Фыдиунæджы фыдуаг зынтæ;
Куы дын зæгъин, мæ хуры тын,
Æгасæй дæр мæ хъуыдытæ,
Æдзухæй дæр цæмæ бæллын,
Цæуыл лæууынц мæ рухс сæнттæ;
Куы дын зæгъин, куы радзурин,
Уæд бамбарис мæ сонт ныхас,
Мæ къуызгæ дзырд, мæ сусæг цин,
Уæд бамбарис мæ цæстæнгас...
|