Iriston.com
www.iriston.com
Цæйут æфсымæртау раттæм нæ къухтæ, абон кæрæдзимæ, Иры лæппутæ!
Iriston.com - история и культура Осетии
Кто не помнит прошлого, у того нет будущего.
Написать Админу Писать админу
 
Разделы

Хроника военных действий в Южной Осетии и аналитические материалы

Публикации по истории Осетии и осетин

Перечень осетинских фамилий, некоторые сведения о них

Перечень населенных пунктов Осетии, краткая информация о них и фамилиях, в них проживавших

Сборник материалов по традициям и обычаям осетин

Наиболее полное на сегодняшний день собрание рецептов осетинской кухни

В данном разделе размещаются книги на разные темы

Коста Хетагуров "Осетинскя лира", по книге, изданной во Владикавказе (Орджоникидзе) в 1974 году.


Перечень дружественных сайтов и сайтов, схожих по тематике.



Rambler's Top100 Рейтинг@Mail.ru Индекс цитирования
Статьи Словари
Здравствуйте, Гость
Регистрация | Вход
Опубл. 10.01.2012 | прочитано 9657 раз |  Комментарии (3)     Автор: Tabol Вернуться на начальную страницу Tabol
УРС МÆНÆРГЪЫ

Дзасохты Музафер 

Журнал «Мах дуг», 2001 аз, № 9 

 

Уацауæй скъуыддзаг
 

Дзасохты Музафер
Дзасохты Музафер
Дзенаго телеуынынады кæй куыста, уый ма мæнæй рох дæр фæци. Раст зæгъын хъæуы, бирæ дзы нæ бафæстиат, фæлæ хорз равдыстытæ кæй арæзта, уый мæ зæрдыл бадардтон. Мæн æххуысмæ дæр-иу фæдзырдта. Исты колхоз кæнæ совхозæй-иу хуызисæгæн фæндзгай-æхсæзгай къамтæ сисын кодта æмæ-иу мын, уыдон кæрæдзиуыл чи бабастаид, ахæм ныхæстæ ныффыссын кодта. Æз телеуынынады куыстæн ницы ‘мбарын, зæгъгæ-иу ын бæргæ загътон, фæлæ мæм никуы байхъуыста. Къамтæ-иу мæм æрæрвыста æмæ ма-иу мæнæн дæр цы гæнæн уыд. Куыд зыдтон, афтæ ныффыссыныл-иу бацархайдтон, кæд-иу дзы фæстæдæр бирæ ивддзинæдтæ раиртæстон, уæддæр. Мæ фæллойы тыххæй-иу æхца куы райстон — исгæ та-иу ракодтон, цасмæ æнхъæлмæгæсæн уыд, уымæй фылдæр, — уæд-иу фырæфсæрмæй цы фæуыдаин, уый нал зыдтон. Цыма искæмæй лæвар æхца истон, афтæ мæм каст. Мæ хъуыдытæ-иу Дзенагойæн бамбарын кодтон, фæндыди мæ, къамтæ мæм куынæуал æрвыстаид, уый, фæлæ мæ сдзырд никуы бауагъта. Æрвыста æмæ мæм сæ æрвыста... 

— Хорз лæппу у. 

— Ма мын æй амон. Æз æй дæуæй æвзæрдæр нæ зонын. 

— Институты йæ куыст ахæм хъуыддæгтимæ баст у, æмæ хъуамæ фысгæ дæр исты ныккæна. 

— Уымæй раст зæгъыс. Немæ йæ рахоныны зонд дæм кæй æрцыд, уымæй мын цыма цыдæр хорзы бацыдтæ, афтæ мæм кæсы. Генæимæ мах хæххон фæндæгтыл дæр ауадыстæм. Суанг ма йын Куырттаты комы цы хæдзар ис, уым дæр бахсæвиуат кодтон. Æз та кæй рахонынмæ хъавын, уый зоныс? — фæрсæджы каст мæм æрбакодта Дзенаго æмæ йæхæдæг мæ бæсты, бæлвырд нæ, фæлæ уæддæр дзуапп радта: — Ницы хуызы йæ базондзынæ æмæ дын æй мæхæдæг зæгъын: Дзыбыны. Уадз æмæ йæхи цæстытæй фена, нæ фыдæлтæ кæм цардысты æмæ цы зæдтæн куывтой, уыдоны кувæндæттæ. Кæннод æм хъус, уæд æдзух «мæ хъæу, мæ хъæу» кæны, цыма иннæтæй иу дæр хъæуæй дæр нæ рацыди æмæ къуылдым дæр нæ федта. 

— Ахæм дард ранмæ ацæуын æй бафæнддзæн? 

— Фæнды йæ. Айфыццаг ын дæс æмæ ссæдз азы размæйы хабæрттæ кодтон æмæ, дам, æз дæр ацæуин уæ фыдæлты кувæндон фенынмæ. 

— Нæ зонын, искуы-иу хатт нæ колхозæн феххуыс кæнынмæ куы фæхонынц, уæд ын йæ низтæ нымайынæн иу къухы æнгуылдзтæ нал фæфаг кæнынц. 

— Хин æмæ кæлæн кæй у, уый нæма базыдтай? Дзæбидырæй æнæниздæр у. Уæдæ ма-иу æм кæс, кæддæра хохыл хæрдмæ лæппуйæ цæрдæгдæр не згъорид... 

Дзенагомæ бирæ æнхъæлмæ кæсын нæ бахъуыд. Уыцы изæр мæм нæхимæ телефонæй æрбадзырдта æмæ мын загъта, йæ кайыс нæм хуыцаубон райсомы фараст сахатыл Мызурыбын кæй æнхъæлмæ кæсы. Æз дæр хъуыддæгтæ дардмæ нал аргъæвтон, Генæйæн фехъусын кодтон, цæмæй йæм Хуыцаубонмæ мацы фæндтæ уа. 

Майрæмбоны ма Дзенагоимæ ноджыдæр иу хатт фембæлдыстæм. Дзыбынмæ дæр фæдзырдтон, æмæ нæ балцы хабæрттыл бæстон æрныхас кодтам. 

— Дзуары бынмæ кæй цæуæм, уый нæ хъуамæ рох ма уа, — загътон æз. 

— Æнæмæнг афтæ, — мæ ныхас фæцыд Дзенагойы зæрдæмæ. — Йæ боны куы ацыдаиккам, уæд бæргæ хуыздæр уыдаид, фæлæ ницы кæны. Дзуармæ сыгъдæгзæрдæйæ куы кувай, уæд æм дæ ныхæстæ кæдфæндыдæр фехъуысдзысты. Хуыцауы фæндæй ардыгæй иннæбонмæ рæстæг нæ фехæлдзæн. Ахæм рæстæджы та хæхтæм абалц кæнын удыбæстæ у. 

— Кувинæгтæ нæхимæ сцæттæ кæндзысты, — Дзенагойы ныхас фæудыл банымайгæйæ сдзырдтон æз. — Æртæ уæлибæхы, æртæ æртæдзыхоны æмæ æртæ фæрсчы... Æрмæст нæм ирон арахъхъ дзаг у, водкæ нæм ис, фæлæ... 

— Ирон арахъхъ дæр ссардзыстæм, — ныхас йæхимæ айста Дзенаго. — Ницæуыл стыхсдзыстæм. Суанг ма нæм ирон сыкъатæ дæр уыдзæн. 

Дзенагойы ныхæстæ мæ хъуыдытыл бафтыдтой. Сыкъатæ рахæссын йæ зæрды кæй æрæфтыд, уый мын æхсызгон уыд, уæлдайдæр, йæхæдæг куыд зæгъы, кæд ахæмтæ сты, уæд. Уæвгæ мæм хъуамæ йæ ныхæстæ дызæрдыгдзинад ма ‘взæрын кæной, уымæн æмæ йыл мæнг дзуры, зæгъгæ, никуыма фæгуырысхо дæн. Иуæй-иу хатт ма æгæр æргомдзырд дæр вæййы — цыфæнды чысыл рæдыд йæхицæн дæр чи нæ бары, уый ма йæ иннæтæн куыд хъуамæ ныббара?! 

— Дзыбын, хъуыддæгтæ дын иууылæр æмбæрстгонд сты? 

Дзыбын, æвæццæгæн, ахæм фарстмæ не ‘нхъæлмæ каст æмæ, мæнмæ гæсгæ, йæ бынаты чысыл фестъæлфæгау кодта. 

— Хуыцаубоны авд сахатыл мæнæйуый нæ куысты дуармæ цæттæйæ лæудзæн, — дзуапп раттыныл зына-нæзына афæстиаты фæстæ хъæрдæрæй загъта Дзыбын. 

— Генæйæн дæр ма иу хатт куы зæгъис, — мæнырдæм разилгæйæ сдзырдта Дзенаго. 

— Изæры ма йæм бадзурдзынæн. 

Хуыцаубоны куы райхъал дæн, уæд балкъонмæ рауадтæн æмæ арвмæ скастæн. Иу мигъы цъуппыл дæр дзы мæ цæст куы не ‘рхæцыд, уæд мæ риуыдзаг сулæфыдтæн æмæ мæхи рæвдз кæнынмæ фæдæн. Уæвгæ мæ уыйас рæвдз кæнын дæр ницы хъуыд. Мæ сæйраг хъуыддæгтæ аразæг Тимæ уыд æмæ дысон бонмæ мæ куыст кодта. Хуыны тæбæгътæ урс хæцъилты тыхтæй фынгыл цæттæйæ лæууыдысты. Мæ дзаумæттæ дæр мæм хызыны æвæрдæй къæсæргæрон æнхъæлмæ кастысты. 

Авд сахаты фынддæс минуты хъуаг уыд, афтæ мæ куысты дуармæ лæууыдтæн. Мæн йеддæмæ дзы куы ничима уыд, уæд фæтарстæн, кæд, зæгъын, æгæр раджы цыд фæдæн. Кæд мæ сахат ныллæууыд, зæгъгæ, йæ мæ хъусыл авæрдтон: йæ цъыкк-цъыкк уыцы зæллангæй цыд. Уалынмæ тигъæй æрбазындысты Дзенаго æмæ Дзыбын. Сæ фæстæ уæлæрдыгæй æрцæйцыд Генæ. Æппæты разæй кæй фæдæн, уымæй мæхицæй разыйæ баззадтæн. 

— Дыууæ машинæйы нæ истæмæн хъæуы? — бафарста мæ Дзенаго, цыппар йеддæмæ куы нæ уыдыстæм, уæд. 

— Фалæ дæр нæ бахъæудзæн машинæтæ. Дæ кайысимæ-ма исчи куы уа, уæд та? 

Дзенагойы зæрдæмæ мæ ныхæстæ фæцыдысты. 

— Уымæй раст зæгъыс. 

Цыдæр лыстæг хъуыддæгты тыххæй ма горæты иуцалдæр ранмæ бауадыстæм, стæй, срæвдз стæм, зæгъгæ, куы загътам, уæд Дзыбыны зæрдыл æрлæууыд, йæ резинæ цырыхъхъытæ рахæссын æй кæй ферох æмæ та уырдæм дæр базылдыстæм. Цæвиттон, Мызурыбынмæ фараст сахатыл бахæццæйы бæсты Дзенагойы кайысы дуармæ æрлæууыдыстæм дыууадæсæм сахатыл. Лæг сæхимæ нæ разынд. Йæ бинойнаг куыд радзырдта, афтæмæй, дам, уæм фенхъæлмæ каст æмæ куы нæ зындыстут, уæд уæллаг сыхмæ чызгæрвыстмæ ацыд. 

Дзенагойæн хъыг уыд ахæм ныхæстæ фехъусын, фæлæ дзургæ ницы скодта. Чызг чи ‘рвыста, уыдон ын зонгæ уыдысты æмæ шофырæн, кæдæм цæуын хъæуы, уый бацамыдта. Æрыдоны доны сæрты стыр хиды галиу фарс бауромын кодта, йæхæдæг фаллаг фарсмæ бахызт æмæ рахизырдæм фæзылд. Мах Генæимæ машинæйæ рахызтыстæм, доны рахизфарс бæрзонд къуыбыргондыл æрлæууыдыстæм. Бынæй Æрыдоны æрра уылæнтæ размæ абухгæ бырстой, æмæ сæ уынæрæй кæрæдзийы ныхас дзæбæх нал хъуыстам. Нæ фарсмæ йæ пæлæхсар къалиутæ фæйнæрдæм уæрæх айтыгъта дынджыр æнгузбæлас. Йæ къалиуты фылдæр хай доны сæрмæ æрзæбул. 

— Цымæ ацы æнгузæй исты пайда ис? — дзурын Генæмæ. 

Уый, бæласыл йæ цæст ахæсгæйæ, загъта: 

— Æвæццæгæн æй чи сагъта, уый йын сыстыр æнхъæл нæ уыд. 

— Хъазыбег нæ дæ, Хуыцауы тыххæй? 

Фæстæмæ фæкастæн æмæ дзы дыууæ сылгоймаджы лæугæ ауыдтон. Сæ дыууæйы дæр къахæй сæрмæ сбарстон æмæ сæ цыма никуы федтон, афтæ мæм фæкаст. 

— Нал та мæ зоныс? 

Ахæм хабæрттæ мыл арæх æрцæуы. Мæ хæстæджытæй искæимæ зианы кæнæ цины хъуыддаджы базонгæ вæййын, стæй йæ цалдæр азы нал фенын æмæ та уый фæстæ æнæнхъæлæджы куы фембæлæм, уæд æй нал базонын. Адæм се ‘ппæт иухуызон не сты. Иутæ, цы феной, уый сæ никуыуал ферох вæййы. Иннæтæн та, иу хатт нæ, фæлæ цалдæр хатты фенын дæр фаг нæ вæййы. Иу адæймагæй æз ахæм дæн. Мæ цæстæй цы фенон — уæлдайдæр иу хатт — уый сæры нæ ныффидар вæййы, йæ хуыз уайтагъд æрбайсæфы æмæ бирæтæм, цыма барæй фæкæнын, афтæ фæкæсы. 

Сылгоймæгтæй иу мæ чындз разынди, иннæ та — йæ хо. Дыууæйыл дæр, кæй зæгъын æй хъæуы, фембæлдтæн, фæлæ мæм сæхæдæг куы нæ сдзырдтаиккой æмæ мын сæхи куы нæ бацамыдтаиккой, уæд сæ нал базыдтаин. 

Уыдон хиды фале фесты, афтæ, Дзенаго цы уынгыл фæхæрдмæ кодта, уырдыгæй æрзынд бæрзондгомау лæппулæг, йæ сæрыл хъæзын къусы хуызæн тымбыл къуырф гуырдзиаг худ. Хуымæтæджы бæлццон кæй нæ уыд, уый бамбæрстон, уымæн æмæ комкоммæ махмæ æрцæйцыд. Дзæвгар нæм куы ‘рбаввахс, уæд æй базыдтон: не ‘рвадæлты лæппу. Нæ къухтæ нын райста. Нæ дарæсмæ нын бæстондæр куы ‘ркаст, уæд нæ бафарста: 

— Кæдæмдæр сфæнд кодтат... 

Нæ хабæрттæ йын радзырдтам. Цыма, чи ‘мбæлы, ахæм хъуыддаг кæнæм, афтæ йæм фæкаст æмæ мын æхсызгон уыд. 

— Æмæ æгæр æрæджиау нæ цæут? — йæ сахатмæ æркæсгæйæ, бафарста ме ‘рвад. 

Æз дæр мæ сахатмæ ‘ркастæн. Дыууадæс сахатмæ бирæ нал хъуыд. 

— Бæргæ раджы рацæуинаг уыдыстæм, фæлæ фæндагыл ныкъкъуылымпытæ стæм. Цас рæстæг бахъæудзæн Сидæнмæ схизынæн? Æви дзы никуы уыдтæ? — бафарстон ме ‘рвады. 

— Бирæ хæттыты. 

— Абон ма йæм схæццæ уыдзыстæм? 

— Цæуыннæ?! Сахат-сахат æмæ йæм æрдæджы цыдæй фылдæр нæй. 

— Уæдæ йæм æнæсхизгæ нæй. 

— Æмæ ам цæмæ лæуут? Цомут уал нæхимæ. 

— Дзенаго дæр немæ ис. Æви Дзенагойы нæ зоныс? 

— Кæй Дзенагойы? 

Бацамыдтон ын æй. 

— Куыннæ йæ зонын. Æрдæбон чысыл раздæр йæ кайыс ам уæлæмæ фæцæйцыд. 

— Дзенаго дæр уый агурæг ацыд. 

— Чызгæрвысты уыдзæн. 

— Чызгæрвысты ис. Йæ бинойнаг нын загъта. 

— Цы нæ ферох, уый зоныс? — мæ хъусы мын æрбадзырдта Генæ. — Донгарз. Куы сдойны уæм, уæд стыхсдзыстæм. 

Генæйы ныхæстæ ме ‘рвад дæр фехъуыста æмæ уый дæр загъта, дон цæм ныккæнат, ахæм исты гарз, дам, уæ бахъæудзæн. 

— Æз уын ныртæккæ исты фендзынæн. 

Не ‘рвадæлтæ, кæм лæууыдыстæм, уымæй галиуырдыгæй — уæвгæ уынгæн йæ рахизырдыгæй гаражтæ йеддæмæ хæдзæрттæ нæ уыди — æртæ хæдзары уæлдæр цардысты æмæ уайтагъд, дæс литры кæм цæуы, ахæм боцкъагонд нæ цуры лæууыд. 

— Мæнæ ацы боцкъа уæ машинæйы сæвæрут, — дзуры мæм. — Хорз дон у, знон æй Тибæй раластон. 

Æз дæр æмæ Генæ дæр боцкъа ласыныл не сразы стæм: хæххон фæндæгтыл æй чи хастаид?! Махæн фаг уыдысты хуымæтæджы пластикон донгæрзтæ æмæ нæ хъуыды ме ‘рвадæн бамбарын кодтон. 

— Ныртæккæ уын ахæмтæ дæр фендзынæн, — æмæ та, чысыл раздæр цы фæндагыл ацыд, ууыл фæраст. 

Хур дзæбæх æндавын райдыдта, æмæ дыууæуæладзыгон хæдзары чъылдыммæ аууонмæ бацыдыстæм. Иуцалдæр уысмы алæууыдыстæм, афтæ иумæйаг бацæуæнæй рахызт ныллæггомау саулагъз тынг тыппыртæ лæппулæг. Чи нæ йæ зыдта, ахæм æм доны иннæ фарсæй, чи зоны, ноджы хæстæгдæрæй дæр, куы ‘рбакастаид, уæд загътаид, иу æртиссæдз азæй йыл къаддæр нæ цæуы, зæгъгæ, афтæмæй та æввахсмæ тынг æрыгонхуыз зынди. Куыд бамбæрстон, афтæмæй дыккаг уæладзыгæй каст æмæ мæ куы ауыдта, уæд æрхызт. 

— Дæ бон хорз, Хъазыбег! — дзуры мæм мæ номæй. 

Уымæ дæр та кæсыныл фæдæн. Мæ номæй мæм кæй сдзырдта, уый дæр мæм афтæ диссаг нæ фæкаст, иронау кæй сдзырдта, уый мæм куыд диссаг фæкаст. Сомихаг æй фенхъæлдтон. Сомихаг куы нæ разындаид, уæд та йæ æнæмæнг схуыдтаин азербайджайнаг. 

Цалынмæ кæрæдзимæ ракæс-бакæс кодтам, уæдмæ ме ‘рвад нæ уæлхъус алæууыд æмæ мæ ме ‘нæзонгæ зонгæмæ æцæгæлон кастгæнгæ куы федта, уæд афарста: 

— Нæ йæ зоныс? 

Æз ме уæхсчытæ базмæлын кодтон. 

— Де ‘мхæрæфырт дæн, стæй дæ кайыс, — лæппу йæхи амонынмæ фæраздæр. 

Ног та æфсæрмыйы уавæры бахаудтæн. Цыфæндыйæ дæр хъуамæ адæймаджы чи зоны, уыдоны йæхæдæг дæр зона, уæлдайдæр кæрæдзийæн хæстæг-хион куы ‘ййафой, уæд, кæннод æй адæм æнæрвæссоныл банымайдзысты. Мæнмæ æнæрвæссондзинадæй кæй ницы ис, уый иннæтæ дæр мæхи хуызæн куы зониккой, уæд мыл, æвæццæгæн, никæй зæрдæ фæхудид. Уæвгæ, иу хаттæй иннæ хатмæ кæй нал фæзонын, уыдонæй уайдзæфы ныхас никæмæй-ма фехъуыстон. Иууылдæр мыл баууæндынц, æцæг сæ кæй нал фæзоны, фæлæ-иу сæ, куы базонин, уый мæ кæй фæфæнды. Нæ мæм фæхæрам и мæ кайыс æмæ ме ‘мхæрæфырт дæр. Уый нæ, фæлæ дзуары бынмæ цæуæм, уый куы базыдта, уæд уæллаг уæладзыгмæ цыдæр æнахуыр номæй сдзырдта, æмæ уайсахат рудзынгæй ракаст, иу-15–16 азы кæуыл цыдаид, ахæм чызг æмæ йын бардзырды хъæлæсæй загъта: 

— Иу-æртæ авджы-ма водкæ радав. 

Уысмы бæрцæй бирæ фылдæр нæ рацыд, афтæ бæрзондгомау саулагъз саудзыкку чызг дзæкъулыл хæцгæ нæ уæлхъус алæууыд. 

Алцыдæр нæм ис, зæгъгæ, йын загътон, фæлæ мæ сдзырд дæр нæ бауагъта. 

Уæдмæ машинæ нæ цуры æрлæууыд. Шофыры бынаты чи бадт, уый рæвдзгомау рагæпп кодта, нæ къухтæ нын райста æмæ нын машинæмæ амоны, сбадут, зæгъгæ. Машинæмæ бакастæн æмæ дзы фæстаг бадæны бадгæ ауыдтон Дзенагойы. Йæ фарсмæ ма чидæр кæй бадт, уый не ‘рхъуыды кодтон, цалынмæ рахызт, уæдмæ. Дзенагойæн дæр-ма цы ‘нæрахизгæ уыд, æмæ иууылдæр ме ‘рвад æмæ ме ‘мхæрæфырт æмæ мæ кайысы къухтæ райстой. Генæ чысыл дарддæр лæууыд æмæ фæстæдæр та уымæ бацыдысты. 

Мæ хæстæджытæн хæрзбон загътам æмæ, шофырæй фæстæмæ, иууылдæр фаллаг фарсмæ фистæгæй бацыдыстæм. 

Дзыбын æнхъæлмæ кæсынæй бафæллад. Кæд ма цæудзыстæм, зæгъгæ, бахъуыр-хъуыр кодта, фæлæ уый дæр нæ балц фæтагъддæр кæнынæн ницы феххуыс. 

Дзенаго цы машинæйы æрцыд, уым шофыры бынаты чи бадт, уый разынд йæ кайыс, не ‘рцыдмæ нын сычъи амаринаг чи уыд, уый. Йæ фарсмæ чи бадт, уый, куыд рабæрæг, афтæмæй æз дæр зыдтон. Дзенагоимæ хæрзæрвадæлтæ уыдысты æмæ хъуамæ махимæ ацыдаид. Доны иннæ фарс дæр та иуцасдæр бафæстиат стæм. Æппынфæстаг машинæты сбадтыстæм æмæ араст стæм. Нузалы та æрлæууыдыстæм. Бирæ радзур-бадзуры фæстæ мæ машинæ рынчындоны кæрты ныууагътам, нæхæдæг дыууæ машинæйы — иу ма, Дзенагойы æрвад йæ зонгæйыл уынджы фембæлд æмæ уымæй ракуырдта, — бабадтыстæм æмæ дарддæр нæ фæндаг дардтам. 

Æнхъæлдтон Цъуалыйы дæр та бафæстиат уыдзыстæм, зæгъгæ, фæлæ уæдмæ арæнтæм цæстдарджытæ сæ бынат Ручъы æфцæджы бынмæ баивтой æмæ нæ иу уромæг дæр нæ фæци. Иу æртæ-цыппар километры-ма бауадаиккам, афтæ, Дзенаго цы машинæйы бадт, уый æрлæууыд, йæ фæдыл мах дæр. Иууылдæр рахызтысты æмæ Æрыдоныдоны сæрты цы дыууæ æфсæн бæндæны айтынг, уый цурмæ бацыдыстæм. Дыууæ адæймаджы кæм цæуы, ахæм æфсæн уæрдонгонд фалæрдыгæй разынд. Куыд бамбæрстон, афтæмæй хъуамæ гуыдырæвæрдæй æдзухдæр доны рахизфарсырдыгæй уыдаид. 

— Адон мæ зæххытæ не сты, — йæхи раст кæнынмæ фæци Дзенагойы кайыс. 

Куыддæр æй федтон, афтæ дæр мæ зæрдæмæ нæ фæцыдысты йæ митæ. Дзенаго йæхæдæг ахæм нæу æмæ мæм цæмæдæр гæсгæ мæ хъæуккаджы аккаг кайыс нæ фæкаст. Æрбацæудзыстæм, уый зыдта æмæ нæм хъуамæ банхъæлмæ кастаид. Уæд та, Хуыцау ма зæгъæд, фæлæ исты фыдбылызы бахаудтам. Чызгæрвыстмæ цæмæн фæтагъд кодта? Стæй зæрдæ куы бавæрдта, уе ‘рцыдмæ уын исты сырд амардзынæн, зæгъгæ. Дзенагойы æрымысгæ ныхæстæ нæ уыдысты уыдон. Æнæмæнг йæхицæй рацыдаиккой. Ныр та рацæй-рабон, æмæ фаллаг фарсмæ цæуыл бахизæм, уый дæр нæ разынд. 

Лæг амалæн конд у, зæгъгæ, дзæгъæлы нæ фæзæгъынц. Цал уыдыстæм, уалæй хъуыды кодтам, авдæнхуыз чысыл вагон ацырдыгæй цы ‘гъдауæй фæкæнæм, ууыл. Роликты æххуысæй æфсæн бæндæнтыл æнцонæй тылди, фæлæ йæ фæндаг фалæрдæм къул уыд æмæ иннæ фарс дæр уымæн ныллæууыд. Рæхыстæ цы дынджыр дурмæ фидаргонд уыдысты, уый фæйнæфарс Генæ æмæ Дзенагойы æрвад бацыдысты æмæ бæндæнтыл сæ уæз æруагътой. Фалæрдыгæй вагонгонд йæ бынатæй фезмæлыд æмæ иу-æртæ метры бæрц ацырдæм æрбатылд. 

Æз куыддæр машинæйæ рахызтæн æмæ вагонгонд фаллаг фарс ауыдтон, афтæ мæ ныфс асаст. Уыцы бон Сидæнмæ кæй нал схæццæ уыдзыстæм, уый мæ бауырныдта æмæ, уавæрæй фервæзыныл чи архайдта, уыдонмæ хæстæг нал цыдтæн. Ахæм зондыл хæст уыд Дзыбын дæр. Уый фæндаджы был лæууыд æмæ цыма йæ алыварс цытæ цыд, уыдонмæ æппындæр ницы бар дардта, уый хуызæн къæдзæхтæм каст æмæ, йæ цæсгомы хуыз куыд раив-баив кодта, уымæ гæсгæ зæгъæн уыд, æрдзы рæсугъддзинад æм кæй хъары, алыхуызон æнкъарæнтæ йæм кæй æвзæрын кæны. 

— Хæстæгдæр-ма æрбалæуут, — дзуры нæм Дзенагойы æрвад. — Рæхыстыл фылдæрæй куы ‘руæз кæнæм, уæд вагонгонд ацырдæм æрбатулдзæн. 

Генæ нарæг æмуырдыг къахвæндагыл дуры рахизфæрсты доны былмæ ныххызт æмæ дзы лыстæг синаг фанеры гæбазыл тыхтæй ссардта. Цыма хæзнайыл фæхæст, уый хуызæн æй цингæнгæйæ сдавта æмæ фæндаджы был разил-базилыл фæци. 

— Цы агурыс? — фæрсын æй. 

— Æфсæйнаджы гæбаз куы ссарин, уæд æй синаджы кæроныл бабæттин, вагонгондмæ йæ баппарин, уым истæуыл фæхæцид æмæ йæ афтæмæй ацырдæм раласиккам. 

Генæйы ныхæстæ мын цыдæр ныфсы хос фесты æмæ йæ æз дæр бафæзмыдтон. Мæ алыфарс афæлгæсыдтæн. Иу къудзийы бынæй мæм ферттывта цыдæр æфсæйнаджы гæбаз. Хæстæгдæр æм бауадтæн æмæ дзæбæх уæззаугомау лæсгæр разынд. Цингæнгæ йæ фелвæстон æмæ Генæмæ дзурын: 

— Мæнæ ма ацы æфсæйнаг фен. 

Генæ йæм æркаст æмæ йыл уый дæр бацин кодта. Тагъд-тагъд синаг æфсæйнаджы кæрон абаста æмæ йæ кæм ссардта, фæстæмæ уырдæм ныххызт. Уырдыгæй донмæ иу-æртæ метры хæстæгдæр уыд æмæ вагонгонд Æрыдоны доны астæумæ уæддæр куы ‘рбахæццæ уыдаид, уæд æм лæсгæр сæппæрстæуыдаид. 

— Хæстæгдæр-ма ‘рбацæут! — фæхъæр нæм кодта Дзенагойы ‘рвад. 

Дзыбынæн, цыма йæ адджын фынæй фехъал, уый хуызæн йæ хъуыдытæ æрдæгыл аскъуыдысты. Æз иуырдыгæй бацыдтæн, уый — иннæрдыгæй æмæ æмхуызонæй нæ тых, нæ бонæй куы ‘руæз кодтам, уæд вагонгонд фезмæлыд æмæ уырдыгмæ дугъ кæныныл фæци. Æнхъæлдтон, цалынмæ æрбахæццæ уа, уæдмæ йæ цæуынæй нал банцайдзæн, фæлæ-ма иу-6–7 метры куы хъуыд, уæд зивæггæнгæ æрлæууыд, иучысыл «ахъуыды кодта» æмæ сындæггай фæстæмæ араст. Генæ вагонгондмæ ныхъхъавыд æмæ, синаджы кæрон цы лæсгæр баст уыд, уый йæ тых, йæ бонæй фехста æмæ вагонгонды цæуылдæр фæфидар. Синаг аивæй райвæзта æмæ, фидар хæцы, уый куы бамбæрста, уæд æй йæхимæ ласын райдыдта. Вагонгонд йæ коммæ бакаст. Мах уый куы ауыдтам, уæд та æмхуызонæй рæхыстыл нæ уæз æруагътам. Вагонгонды цыдыл бафтыд æмæ куыддæртæй Дзенагойы æрвады цурмæ æрхæццæ æмæ йæ уый тыххæй-фыдæй рацахста. Цыма Хъарсы фидар басастам, уый хуызæн æмхуызонæй дæр æхсызгонæн сулæфыдыстæм. 

Адæм иууылдæр цин кодтой, цин кодтон æз дæр, фæлæ уыцы-иу рæстæг мæхицæн кодтон уайдзæфтæ дæр. Мæ ныфс кæй асаст æмæ уыцы бон доны фаллаг фарсмæ бахизыныл мæ зæрдæ кæй нал дардтон, уый тыххæй. Цыфæндыйæ дæр гæрзтæ рагацау æвæрын нæ хъæуы. Кæронмæ тох кæнын чи сахуыр, уæлахиз дæр уый къухы бафты. Æз та хатгай тохы бацæ-уынмæ дæр мæ ныфс нæ бахæссын, рагацау мæхи састыл банымайын. Ахæм адæймагæн та царды бирæ нæ бантысдзæн. 

Цалынмæ Генæ дæлбылæй цыди, уæдмæ мах, цал уыдыстæм, уалæй фидар хæцыдыстæм вагонгондыл, афтæмæй та йын иунæг дæр фаг уыд. Генæ цæугæ-цæуын лæсгæр синагæй фæхицæн кодта æмæ Дзенагойы ‘рвады ‘мбуар æрбалæууыд. Уый вагонгондмæ хæстæгдæр лæууыд, стæй йæ фарсмæ сæрибар бынат дæр уыйбæрц никæмæн уыд. 

— Æри ма дæ синаджы кæрон ардæм, — дзуры йæм Дзенагойы ‘рвад. 

Генæйы, æвæццæгæн, хъуыддаг кæронмæ йæхæдæг куы ахæццæ кодтаид, уый фæндыд æмæ æнæдзургæйæ Дзенагойы ‘рвады иуфæрсты йæхи баивæзта æмæ синаг вагонгонды хæцæны астæу фидар бабаста, йæхæдæг тыхтон халгæ суанг фæндаджы былгæронмæ ацыд. Мах ма уæддæр вагонгондыл фыццагау хæцæм. 

— Суадзут æй, — нæ уавæрæй нæ фервæзын кодтой Генæйы ныхæстæ. 

Уæддæр æй æваст суадзын нæ бауæндыдыстæм. Æппæты фæстагмæ ма йыл æз æмæ Дзыбын хæцгæйæ баззадыстæм. Цæмæдæр гæсгæ нæм Генæйы ныхæстæ æгъгъæд нæ кастысты. Æппынæрæджиау нæ уæддæр бауырныдта, вагонгондæн алидзынæй тас кæй нал у æмæ йæ суадзæн кæй ис. Генæ ма вагонгондыл йæхирдæм рахæцыд. Уый æнцонæй йæ коммæ бакаст æмæ ма дурмæ цы чысыл дæрддзæг уыд, ууыл æнцонæй æрбатылд, йæ æмыр гуыпп фæцыд æмæ æрлæууыд. 

Æппæты разæй вагонгондмæ бахызт Дзенагойы æрвад, дыууæ бадæнæй иуыл æрбадт æмæ былгæронмæ дзуры: 

— Мауал лæуут, исчи уæ сбадæд. 

Кæрæдзимæ æгæр куы ракæс-бакæс кодтой, уæд мæхæдæг фæразæй дæн. Куыддæртæй бахызтæн æмæ кæлæхы гал ихы сæр куы скатай уа, уый хуызæн нæ лæууын мæ бон уыд, нæ бадынмæ нал арæхстæн. Мæ бынмæ мæм зæхх афтæ дæлæуæз фæкаст, доны уылæнтæ та афтæ хæстæг, æмæ иуцасдæр цы гæнгæ у, уый мæ сæр нал ахста. Æххуысмæ мæм фæзынд Дзенагойы ‘рвад: 

— Æрбад, цæмæ лæууыс?! 

Расыг лæгау цудтытæгæнгæ æрбадтæн. 

— Уым ма хæц, — фæхъæр мыл кодта Дзенагойы 'рвад. — Вагонгонд куы феуæгъд уа, уæд дын дæ къухтæ роликтæ сæ разæй ахæсдзысты. 

Æз рæхыстæ феуæгъд кодтон æмæ, вагонгонды фæрстыл цы хæцæнтæ уыд, уыдон фидар нылхъывтон. 

— Цæттæ стут? — фæндаджы былæй æрбахъæр кодта Генæ. 

О, зæгъгæ, йын Дзенагойы ‘рвад дзуапп куы радта, уæд Генæ сындæггай бæттæн уæгъдгæнгæ цыд. Вагонгонд уырдыгмæ фæндагыл згъорынмæ фæци. Уайтагъд знæт уылæнты æрра хъæр фæтынгдæр. Астæумæ æввахс уыдаиккам, афтæ донæй æппындæр ницыуал зынд. Иууылдæр æхсырхуыз фынк æмæ æвзист æртæхтæ фестад. Ноджы йæ хъæр хъустæ къуырма кодта. Фæлæ уый цалдæр уысмæй фылдæр нæ ахаста. Нæ «бæх» фаллаг былгæрон дуры рæбын куыд балæууыд, уый зонгæ дæр нæ бакодтам. Фæстæдæр куыд базыдтон, афтæмæй Дзенагойы ‘рвад хæхбæсты схъомыл, цуаны уæвгæйæ цы фæндæгтыл н ‘ауад, ахæм нал баззад. Æрыдоны доны сæрты дæр иу æмæ дыууæ хатты нæ бахызт æмæ йын, кæй зæгъын æй хъæуы, амонын ницы хъуыд. Вагонгонд куы 'рлæууыд, уæд рæхыстыл хæцынæй ницыуал тас уыд, Дзенагойы ‘рвад сæм æдæрсгæйæ фæлæбурдта æмæ уайтагъд тъæпæн дуры сæр февзæрд. Æз дæр æй бафæзмыдтон æмæ вагон афтидæй аззад. Фаллаг фарсмæ цыфæнды хъæр ныхас дæр нæ фехъуыстаид, уæддæр Дзенагойы ‘рвад йæ тых, йæ бонæй ныццарыдта: 

— Алас æй! 

Вагонгонд йæ бынаты лæууыд. Дзенагойы ‘рвад къухæй амонынмæ рахызт æмæ йæ уæд Генæ дæр бамбæрста. Бæттæн базмæлыд, ныттынг, стæй вагон æнæбары йæ бынатæй фенкъуыст. Генæ йыл тынгдæр ахæцыдаид, цы! — æваст йæ цыдыл бафтыд. Астæумæ ‘ввахс ын згъорынмæ рахызт, фæлæ та уайтагъд йæ зонгæ бынаты æрлæууыд. 

Иууылдæр фæфале стæм. Дзенагойы кайыс æмæ иннæ машинæйы шофырæй фæстæмæ. Уыдон фæстæмæ аздæхтысты. Æнæзонгæ шофыр ныл æнæнхъæлæджы æрбамбæлд æмæ уымæн, кæй зæгъын æй хъæуы, æнæцæугæ нæ уыд, фæлæ мæ дисы Дзенагойы кайыс бафтыдта. Бирæ цæмæйдæрты нын зæрдæтæ чи ‘вæрдта æмæ нæ ныфс кæуыл дардтам, уый нæ æрдæгфæндагыл ныууагъта. Дзенаго уæлæмæ ницы дзырдта, фæлæ æмбæрстон, йæ митæй йын разы кæй нæу. Йæхицæй йын уæздандзинад йеддæмæ ничи ницы зоны. Йæ кайысæн дæр чысыл лæггæдтæ нæ бакодтаид, фæлæ йын сæ цыма уый бафидын нæ бафæраздзæн, афтæ мæм фæкаст. 

Нæ дзаумæттæ пæлæхсаркъалиу нæзы бæласы бын æрæвæрдтам. Сахатмæ æркастæн, æмæ æмбисбонæй чысыл фæфылдæр. Дзенагойы ‘рвад дæр мæн бафæзмыдта æмæ, фæсмонгæнæгау йæ сæр батилгæйæ, загъта: 

— Сидæны бынмæ нал схæццæ уыдзыстæм. Ардыгæй бакувæм, нæхи йыл бафæдзæхсæм... 

Нæ фæцыдысты йæ ныхæстæ мæ зæрдæмæ. Уыцы хуызæнæй йын нæхимæ дæр скуывтаиккам. Арвы кæронмæ та ма цæмæн цыдыстæм?! 

— Уый та куыннæуал схæццæ уыдзыстæм? — йæ ныхæстæ йын кæронмæ нæ бамбæрстон. 

— Æрæджы у. 

— Куыд æрæджы у? Афтæ куы зæгъынц, сахат-сахат æмæ йæм æрдæджы цыд йеддæмæ нæй... 

— Чи дын загъта? 

— Ме ‘рвад, Мызурыбын кæимæ лæууыдтæн, уый. 

— Нæ дæ бамбæрста, æвæццæгæн. Мыкалгабыртæм хъæуы уый бæрц цæуын. 

— Нæ зонын, — загътон дызæрдыггæнгæйæ æз. — Мæнмæ гæсгæ, иугæр сфæнд кодтам, уæд нын цæугæ у. 

Иннæтæ дæр сагъæсы бахаудысты. Куыд бамбæрстон, афтæмæй Дзенагойы зæрдыл дæс æмæ ссæдз азы размæйы хабæрттæ бынтон хорз нал лæууыдысты, æндæр кувæндонмæ схизынæн цас рæстæг хъуыд, уый зæрдаивæй зæгъын йæ бон уæд та куыннæ уыд! Бæлвырд ныхас зæгъынмæ йæ ныфс нæ хаста йе ‘рвад дæр æмæ не ‘ппæт дæр дызæрдыджы ахæсты бахаудыстæм. 

— Кæм ис, уый куы зонин, уæд æз иунæгæй дæр ацæуин, — æргомæй загътон мæ хъуыды. — Ахæм фадат ма мын кæд фæуыдзæн?! 

— Куыд зæгъай, афтæ бакæндзыстæм, — ардыгон кæй у, уымæ гæсгæ, фысымы бартæ йæхимæ райсгæйæ, загъта Дзенагойы 'рвад. 

— Æрдæгфæндагæй фæстæмæ аздæхын аив нæ уыдзæн, — загъта Дзенаго дæр. 

— Уæдæ мауал фæстиат кæнæм, — загъта Дзенагойы ‘рвад æмæ йæ дзаумæттæ ивынмæ фæци. 

Дзенаго адæмыл йæ цæст ахаста æмæ цыма стыр рæдыд æруагъта, æмæ йе сраст кæнынæн хуыздæр фадат нал фæуыдзæн, уый хуызæн сдзырдта: 

— Хатыр уæ курын, абондæргъы уæ ме ‘рвадимæ кæй нæ базонгæ кодтон, уый тыххæй. 

Дзенагойы ‘рвад мæнмæ хæстæгдæр уыд æмæ мын мæ къух райсгæйæ, мæ ном Майрæм хуыйны, зæгъгæ, загъта. Бацамыдтон ын æз дæр мæхи. Афтæ бакодтой Генæ æмæ Дзыбын дæр. 

Иууылдæр фæндаггон дарæс скодтам, æмæ Майрæм йæ хуын халынмæ фæци. 

— Æртæ ‘ртæдзыхоны, æвæццæгæн, Сидæны бын кувгæ сты, — загъта Майрæм æмæ ныл радыгай йæ цæст ахаста. 

— Мæнмæ гæсгæ дæр афтæ растдæр уыдзæн, — йæ хъуыды бамбарын кодта Дзенаго. 

Уыцы ныхæстæ фехъусгæйæ, уæлибæхтæ тыхт кæм уыдысты, уыцы баст райхæлдтон æмæ йæ иннæ хæринæгты цур — уæдмæ Генæ цы фынг ацарæзта, уым фæзынд алыхуызон халсартæ æмæ дыргътæ — æрæвæрдтон. 

— Водкæ дæр дзы ис, — загътон, Дзенаго йæ хызынæй ирон арахъхъ куы систа, уæд. 

Арахъхъæй скувын се ‘ппæтмæ дæр хуыздæр фæкаст æмæ мын ме ‘мхæрæфырт æмæ мæ кайыс цы хуын сæвæрдта, уый фæстæмæ нæзы бæласы къалиуыл æрцауыгътон. 

— Сыкъатæ рахæссынæй чидæр зæрдæ куы ‘вæрдта... — дæлгоммæ ныхасæй бамбарын кодтон мæ хъуыды. 

— Ис сыкъатæ, — фестъæлфæгау кодта Дзенаго æмæ йæ дыууæ уæхскыл хæсгæ хызын сгарынмæ фæци. Æртæ æмхуызон сыкъайы дзы систа æмæ мæм сæ дæтты. 

Сыкъаты кой айхъусгæйæ, Майрæм йæ хызын радавта æмæ дзы систа, Дзенагойы сыкъатæй дзæвгар къаддæр чи уыд, ахæм сау сыкъа. 

— Хуымæтæджы сыкъа нæу, — не ‘ппæт дæр æй куыд уынæм, афтæ йæ хæрдмæ сисгæйæ загъта Майрæм. — Сидæнæн нывонд кусæрттаджы сыкъа у. 

Не ‘ппæты хистæр Дзенаго уыд æмæ дзы уымæн рауагътон. 

Дзенаго алы хъуыддаджы дæр йæхи уæзданæй февдисы. Фыццаг нуазæн уымæ куы радтон, уæд цыма не ‘хсæн йæхицæй хистæр агуырдта, уый хуызæн ныл йæ цæст ахаста, стæй йæ хъуыды æргомæй дæр загъта:. 

— Мæнæй хистæр дзы ничи ис? 

Куы зæгъын, Дзенагойæн й ‘алы уæнджы алы ‘гъдау ис, æндæр æй йæхæдæг дæр зыдта, нæ хистæр кæй у, уый, фæлæ ма но-джыдæр иу хатт йæ уæздандзинад равдыста. Йæ сыкъайыл уæлдæр схæцыд, йе ‘ргом Сидæны ’рдæм аздæхта æмæ кувын райдыдта. Мах алы куывды фæстæ дæр, цас æмбæлд, уымæй хъæрдæрæй «аммен» кодтам, уымæн æмæ доны уынæрыл фæуæлахиз уæвын хъуыд. Хуыцауы номыл сидт иууылдæр банызтам. 

— Ныр ахуыйæн акæнут, — дзуры нæм Дзенаго, — æмæ нæ фæндаг дарæм. 

Чи куыд арæхст, афтæ тагъдгомау февнæлдта æмæ уайтагъд фынджы уæлдæйттæ тухынмæ фæдæн. 

— Бæрзонддæр ран сæ æрцауындз, кæннод исты сырд фæзынынæй тæссаг у, — дзуры мæм Майрæм. 

Мæнæн мæхи зæрды дæр афтæ уыд, æмæ, бæрзонддæр цы къалиумæ æххæссыдтæн, ууыл сæ æрцауыгътон. 

— Хуыцау, фæндараст нæ фæкæн, — нæ разæй ацæугæйæ загъта Дзенаго. 

Мах дæр æй бафæзмыдтам. Майрæм Сидæны дон кæй хуыдта, уый сæрты бахызтыстæм æмæ йæ галиу былгæрæтты дынджыр дурты сæрты хизгæ фæуæлæмæ кодтам. Дон калди цæссыджы хуызæн сыгъдæгæй. Мæ къух дзы атъыстон æмæ цыма ихдон уыд, афтæ мæм фæкаст. Иуцасдæр куы ауадыстæм, уæд нæ алчи йæ бынат æрцахста. Æппæты разæй фæци Майрæм. Сидæнмæ фæндаг кæй зыдта, уый, йæхимæ фæндагамонæджы ныфс кæй ссардта, уымæй дæр бæрæг уыд. Йæ фæстæ — мæхицæн дæр æнæнхъæлæджы уыд, афтæмæй — æрлæууыдтæн æз. 

Хохы бирæ хæттыты уыдтæн. Мæ мадырвадæлтæм-иу мæйгæйттæ дæр фæдæн æмæ-иу къæдзæхтæм арæх схызтæн. Мæ мадырвадæлты лæппутимæ дæр, сæ сыхæгтимæ дæр. Фадат-иу мын куы фæци, уæд та-иу иунæгæй дæр абалц кодтон. Куы ничи-иу мæ хъыгдардтаид, уый-иу мæ фæндыд æмæ-иу арæх иунæгæй, уымæй размæ лæппутимæ дæр кæдæм никуы схызтæн, уыцы бæрзæндтæй дæр ракастæн. Æмæ мæхимæ иу ахæм миниуæг раиртæстон. Улæфгæ-улæфгæ-иу куы цыдтæн, уæд-иу тагъддæр бафæлладтæн, фæлæ-иу сабыргай, æнæулæфгæйæ куы цыдтæн, уæд мын-иу уæлдæрмæ схизын бантыст, бæрзонддæр рындзæй-иу ракастæн. 

Майрæмы баййафыныл нæ архайдтон, искæй разæй фæуынмæ нæ тырныдтон, афтæмæй дыккаг бынаты ныффидар дæн æмæ, куы фæхæрдмæ кодтам, уæдæй сахатæй фылдæр рацыд, уæддæр мæ разæй дæр ничи фæци, йæ разæй дæр никæмæн ма фæдæн. Искуы-иу хатт-иу Майрæм æрлæууыд, йæ алыварс-иу акæстытæ кодта, фæлæ йæ сæййафыныл никуы бафæлвæрдтон. Чысыл дæлдæр-иу æз дæр æрлæууыдтæн æмæ-иу мæ фæллад иунæгæй уагътон. Мæн-иу бафæзмыдтой иннæтæ дæр. 

Ноджы ма иу сахат фæцыдыстæм. Сидæны донæн-иу куы йæ иу фарсмæ бахызтыстæм, куы йæ иннæмæ. Иуцалдæр цæхгæр фæхæрдгæнæны дæр бынæй фæуагътам, уæддæр цыма дæле цы æхсæрдзæны æвзаг æрттывта, уымæ нæма фæхæстæгдæр стæм, афтæ мæм фæкаст. Майрæмы ныхæстæм гæсгæ хъуамæ уыцы æхсæрдзæны сæрты рахизырдæм бахызтаиккам, стæй йæ сæрмæ цы къæдзæх зынди — уымæй бæрзонддæр йæ фæстæ хох нал уыд — уый фæстæты æрзылдаиккам æмæ рæгътыл фæбынмæ кодтаиккам. 

Куыддæр фыццаг хатт Сидæны доны сæрты æрбахызтыстæм, афтæ нæм дзæбæх разындысты æхсæрдзæнтæ. Чи дзы стырдæр уыд, чи — къаддæр, фæлæ мæм дзы æппæты уæллагæй даргъдæр никæцы фæкаст. Цыма кæм фæбынмæ кодта, уырдыгæй фалæмæ фæз уыди, афтæ зынди. Куыд уæлдæр цыдыстæм, афтæ мæм раздæры хуызæн бæрзонд нал каст, хатгай та-иу мæм зынгæ дæр нал кодта. Ахæм заман-иу нæ, зæгъæн ис, æмæ æмхæрд къултыл хилын бахъуыд. Хуыцау хорз, æмæ дзы бæрзонд æмæ уидагджын кæрдæг зад, æмæ-иу адæймаг уыдон æххуысæй куы йæ иу къах, куы йæ иннæ къах зæххæй фæхицæн кодта. Цыфæндыйæ дæр кæрдæг кæрдæг у, стæй алы кæрдæг мæрыл иухуызон уидæгтæй баст нæу æмæ куы стыдтаид, уæд мæ зыв-зыв сæрсæфæны ссыдаид. Æмхæрд къæдзæхы фахсыл быргæйæ-иу мæ размæ исты къудзи кæнæ бæласы тала куы фæци, уæд ыл-иу æдæрсгæйæ фæхæцыдтæн. Æрмæстдæр-иу уæд сулæфыдтæн мæ риуы дзаг, æрмæстдæр-иу мæм уæд æрцыд иучысыл мæ улæфт суадзыны зонд. 

Майрæм дзæвгар адард. Фадат мын-иу кæм фæци, уым-иу фæстæмæ ракастæн. Уæлдайдæр та-иу тæссагдæр рæттæй куы раирвæзтæн, уæд. Ме ‘мбæлццæттæм мæ зæрдæ ‘хсайдта. Мæхицæн ахауынæй кæм тарстæн, уырдыгæй-иу куы аирвæзтысты, уæд та-иу мын иуцасдæр фенцондæр, мæ лæф-лæф-иу фæсабырдæр æмæ та-иу дарддæр мæ цæуыны куыст кодтон. 

Къæдзæхтыл дзæвгар фæхилыны фæстæ та ногæй доны былмæ рахызтыстæм. Майрæмы дынджыр тъæпæн дурыл йæ фарсыл хуысгæ сæййæфтон. Йæ бинокль бæрзонд къæдзæхы хъæбысмæ сарæзта æмæ æнæзмæлгæйæ иудзæвгар фæкасти. Уæдмæ нæ иннæтæ дæр сæййæфтой. 

— Исты дзы зыны? — фæрсы йæ Дзенаго. 

Майрæм ницы дзуапп радта. Рацыд ма иучысыл рæстæг, æмæ Майрæмы дзурын райхъуыст: 

— Уалæ йер фæзынди. Нæл дзæбидыр... 

Кæм, кæм, зæгъгæ, йæ алыварс амбырд стæм. 

— Ацырдæм æрбацæуы. 

Мах иууылдæр, бинокль кæдæм арæзт уыд, уыцырдæм азылдыстæм, фæлæ нæ никæй цæст ницæуыл æрхæцыд. 

— Æмбал дæр ма йын фæзынд, — нæ цымыдисдзинадыл бафтыдтой Майрæмы ныхæстæ. 

— Скæс ма сæм, куыд дзæбæх зынынц, уымæ, — æмæ мæм йæ бинокль æрбадардта. 

Майрæм кæдæм каст, уырдæм æй фæцарæзтон, фæлæ дзы къæдзæхтæ йеддæмæ ницы федтон. Майрæм мæм хæстæгдæр æрбацыд æмæ мын мæ бинокль дзæвгар рахизырдæмдæр азылдта æмæ та мæм æй радта. Фæракæс-бакæс та кодтон, фæлæ дзы змæлæджы мыггагæй ницы раиртæстон æмæ йæ Генæмæ радтон. Уый сæ уайтæккæ дæр ауыдта. 

— Иу дзы къæдзæхдуры фæстæмæ бацыд, — цыма нын йæ ныхæстæ дзæбидырты фенынæн исты æххуыс фæуыдаиккой, уый хуызæн дзырдта Генæ. — Иннæ дæр æй бафæзмыдта... Фæстæмæ та рацыдысты. 

Куыддæр уыцы ныхæстæ загъта, афтæ бинокль Дзенагомæ авæрдта. Куыд бамбæрстон, афтæмæй сæ Дзенаго æмæ Дзыбын куынæуал феной, уымæй фæтарст. Дзенагойæн амонын ницы хъæуы. Биноклæй кæдæм кастысты, уыцы бынат уайтæккæ дæр райардта. Куы ницы дзырдта, уæд æй Генæ афарста: 

— Уыныс сæ? 

— Тынг хорз. 

Дзыбын дæр сæ куы федта, уæд ма æз дæр иу хатт акæсыныл бафæлвæрдтон. Цал уыдысты, уалæй мын фæцамыдтой, кæдæм кæсын хъæуы, уый, фæлæ марадз-зæгъай, кæд дзы дзæбидыры хуызæн къæдзæх дæр федтон. Нæ сæ уыныс, нæ сæ уыныс, зæгъгæ, мæ баййардтой, фæлæ, кæд мысгæ исты æркодтаин, æндæр мæ бон ницы зæгъын уыд... 

Мæ зæрдыл, партион газеты куы куыстон, уыцы рæстæджы хабар æрлæууыд. Иу уаты кæимæ бадтæн, уый нозтыл æнувыдгомау уыд. Иу хатт та йæм редактор бауырдыг, куысты рæстæг цæмæн банызтай, зæгъгæ. Уый ныллæууыд: нæ банызтон. Редактор æй куынæуал уагъта, уæд ын афтæ зæгъы: «Кæд мæхиуыл мысгæ æркæнон, æндæр нæ банызтон!» Уыйау, кæд сын гæды ныхæстæ ракодтаин, æндæр ницы федтон æмæ, куыд уыди, афтæ кæронмæ дæр дзырдтон... 

Æппæты бæрзонддæр æхсæрдзæн дæр бынæй аззад. Куыддæр йæ уæлеты æрзылдыстæм, афтæ арвы нæрын райхъуыст. Майрæм, уалæ ууылты Цъæймæ ныххизæн ис, зæгъгæ, цы хохæй загъта, уый сæрмæ сау мигътæ æрбацыдысты. Арвы цъæхыл ныфсджынæй лæгæрстой æмæ лæгæрстой. Гæрæхтæ фæтыхджындæр сты. Комæй дымгæ ныффутт кодта. Рæстæг бæрæггæнджытæ хорз боныхъæдæй зæрдæ ‘вæрдтой, стæй абон райсомæй фæстæмæ дæр хур йæ кæсынæй нæ банцад æмæ уæлæфтауæй, пæлæзæй мемæ ницы рахастон. Иннæтæй кæмæ пæлæз уыд, кæмæ — цы. Дзенаго æмæ Дзыбын та ма суанг резинæ цырыхъхъыты дæр рацыдысты. 

Фыццаг æртах мыл æрхауд. Уый фæстæ — дыккаг, æртыккаг... Æваст къæртайæ калæгау ныккалдта. Генæ ахæм балцыты иу æмæ дыууæ хатты нæ ацыд æмæ дзаумайæ не ‘ппæтæй дæр ифтонгдæр уыд. Мæ гуырыл цыбырдыс цъында хæдон йеддæмæ ницы уыд æмæ рагацау мæхи алцæмæ дæр æрцæттæ кодтон, фæлæ Генæмæ уæлдай пæлæз куы разынд, уæд мæхи амондджыныл банымадтон. Мæ хид къоппæй калд, мæ хæдонæй иу гæбаз хус нал уыд, афтæмæй мæ тæрккъæвдатæн сæ тыхджындæр æрцахста. Кæй фæрынчын уыдзынæн, ууыл мисхал дæр дызæрдыг нал кодтон. 

Иу ссæдз минуты бæрц арв æмæ зæхх кæрæдзийы фæхостой. Сидæны дон уыцы змæстæй бынмæ лæбурдта. Æхсæрдзæнты уынæр фæтынгдæр. Уарын æнцайын райдыдта. Дымгæ дæр фæсабырдæр. Мигъты скъуыдтæй хур разынд. Ставд æртæхтæ лыстæгтæй раивтой æмæ хуры тынтæм æрттывдтытæ калдтой. Рацыд ма иуцасдæр рæстæг, æмæ къæвда бынтондæр банцад. 

Ног та сагъæсты бахаудыстæм. Дывæндтæ кодтам, зæгъгæ, куы зæгъон, уæд раст нæ уыдзæн, уымæн æмæ нæм фæндтæ дыууæйæ фылдæр уыд. Цал уыдыстæм, уалырдæм хæцыдыстæм. Мæн фæндыди цыфæндыйæ дæр дзуары бынмæ бацæуын. Майрæмы коммæ куы бакастаиккам, уæд хъуамæ фæстæмæ аздæхтаиккам. Генæ иу къæдзæхы бынмæ бацамыдта, уым, дам, лæгæты хуызæн зыны æмæ кæд æцæг афтæ у, уæд не ‘хсæв уырдæм бахæссæм, бон цъæхтæ кæнын куы байдайа, уæд та дзуары бынмæ ныццæудзыстæм. 

— Мæнмæ гæсгæ та, куыд цыдыстæм, афтæ цæуæм, — бамбарын кодта йæ хъуыды Дзенаго, — кæм ныл баталынг уа, уым бахсæвиуат кæндзыстæм, арт скæнæн кæмфæнды дæр ис, стæй, Генæ куыд зæгъы, афтæ сæумæцъæхтыл дзуары бынмæ араст уыдзыстæм. 

Дзыбынæй æнцондæр фæндагыл нæ ничи ‘рлæууыд. Ацы донластæй, дам, кæдæм цæуæм, хъæд нæ быны, арт скæнæм, нæ дзаумæттæ схус уыдзысты, уæдмæ изæр дæр кæндзæн, æмæ æхсæв бонмæ арты фарсмæ фæбаддзыстæм. 

Фæндæттæ иууылдæр куы сбæрæг сты, уæд дзы æз æмæ Дзенагойæ хæстæгдæр кæрæдзимæ ничи бацыд. Æрмæст мæ фæндоны уыдис иу хицæндзинад. Дзенаго æмæ Майрæмы ныхæстæм гæсгæ дзуары бынмæ ацæуæн уыди дыууæ фæндагыл: иу къæдзæхы фæстæты æрзилгæйæ, иннæ та — хъæдыл комкоммæ рагъмæ схизгæйæ, фæлæ, дам, хæстæгдæр фæндагыл зындæр цæуæн у, уæлдайдæр къæвдайы фæстæ. Мæ нымадмæ гæсгæ та къæвдайы фæстæ æнцондæр цæуæн иу ран дæр нæ фæци æмæ иууылдæр хъæдыл ацæуыныл сразы сты. Уыцы фæндаг та — фæндагæн дзы йæ кой дæр нæ уыди, фæлæ уæддæр — Генæ лæгæт æнхъæл кæм уыди, уый рæзты цыд æмæ æххæст уый дæр фенæм, зæгъгæ, дынджыр дурмæ нæ ных сарæзтам. Иу афон куы уыд, уæд æм æрхæццæ стæм. Лæгæтæн дзы йæ кой дæр нæ разынд, дынджыр дур цы уа, уый уыди. Дыууæуæладзыгон хæдзары йас дуры — кæцы къæдзæхæй рахауд æмæ кæд — Хуыцау йæ зонæг — лæгæт нæ, фæлæ, лæг йæ къах кæм атъыстаид, ахæм байбын дæр нæ уыд. Æз ма йæ алывæрсты дæр æрзылдтæн, кæд дзы æндæрырдыгæй, лæг дзы йæхи кæм бафæсвæд кæна, ахæм бынат ис, зæгъгæ, фæлæ никуы æмæ ницы. Дарддæр ацыдыстæм. Æнахъинондæр фæндæгтæ зын æрхъуыдыгæнæн уыд. Иу къахдзæф æдæрсгæйæ нæ акодтаис. Къæвдайы фæстæ лæгбæрзæндæн хъамылы цæугæйæ цы тухитæ кæнын хъуыд, уый алчидæр бамбардзæн, фæлæ кæуылты цыдыстæм, уым къæдзæхдурæй азмæлæн нæ уыди æмæ-иу кæм дæ къах дыууæ дуры æхсæн фæуыдаид, кæм-иу дзыхъхъы ныххаудаис, кæм та-иу цъымарайы аныгъуылдаис — уыдис дзы ахæм рæттæ дæр. 

Æппынæрæджиау, бæрзонд къæдзæхы фæстæты æрзилгæйæ, цы рæгътæм бахызтаиккам, уырдæм схæццæ стæм, фæлæ дзы ницы уæлдай æнцондзинад федтам. Уæддæр цыдыстæм æмæ цыдыстæм. Нæ раздзæуæджы хъуыдымæ гæсгæ нын дзуары бынмæ схæццæ афон уыди. Ахæм заман куыд вæййы, афтæ та махæй дæр алчи алы ныхас кодта. Чи загъта, æгæр уæлиæутты æмæ дард ацыдыстæм, чи загъта, комы ’рдæм æгæр раджы фæзылдыстæм, æмæ доны хъæр афтæ хæстæгæй уымæн хъуысын райдыдта, чи — цы. Бынтон æндæр зондыл хæст уыдис Дзенаго. Уый хъуыдымæ гæсгæ коммæ раздæр фæзилын хъуыд, фæлæ йæм хъусæг нæ фæци. Майрæм размæ цæуыныл нæ ауæрста. Дзенаго айтæ-уыйтæ нал фæкодта, фæлæ, йæ къалиутæ зæххы æмбуарæй цы нæзыйæн райдыдтой, уый сæрмæ асинтыл хизæгау æнцонæй схызт æмæ дæлæмæ акаст. Кувæндоны тъæпæн фæз æм дзæбæх разынд æмæ нын бамбарын кодта, иуцасдæр нæ фæстæмæ раздæхын кæй бахъæудзæн. 

Уæдмæ Майрæм агуринаг фæци. Радыгай йæм хъæр кæнын райдыдтам, фæлæ нын дзуапдæттæг нæ уыд. Дзенаго цы бæласæй æрхызт, уырдæм мæ бырын бахъуыд. Ацы хатт мæ хъæрæн дзуапп æрбайхъуыст. Фæстæмæ раздæхын кæй хъæуы, уый йын бамбарын кодтон, æмæ иуцасдæры фæстæ хæмпæлты æхсæнæй разынди. Ацы хатт разæй ацыд Дзенаго, æмæ æппынфæстаг дзуары быны фæзмæ рахызтыстæм. Дзенагойы ныхæстæм гæсгæ дзы иу дзуарæн нæ куывтой, фæлæ цалдæрæн. Иу дынджыр пæлæхсар нæзыбæласы бын та, дам-иу дзы Мадымайрæмы ном ссардтой. 

Сидæны фæзмæ куы бацыдыстæм, уæд дзы фыццагдæр фенынæнхъæл цы уыдтæн, уый — цардахъхъытæ. Цардахъхъытæ æмæ Мадымайрæмы бæлас, стæй стыр цавддур. Цæвиттон, ацы кувæндонмæ сылгоймагæн цæуæн нæ уыд, фæлæ, дам, иухатт иу ус æгъдау фехæлдта æмæ Сидæны бынмæ ссыди. Дзуар ын æй нæ ныххатыр кодта, æмæ цавддур фестад. 

Уыцы диссæгтæ фенынмæ дардæй дæр бæллыдтæн, кæм уыдысты, уырдæм куы ссыдтæн, уæд та мæ цымыдисдзинадыл бынтондæр базыртæ базад æмæ алырдæм цыппæрдзæстæй кастæн. Стыр дуртæ æмæ дзы пæлæхсар нæзы бæлæстæ уыдис цалдæргæйттæ, цавддур æмæ дзы Мадымайрæмы кувæндоныл кæцы нымадтой, уый бацамонынмæ Майрæм æмæ Дзенагомæ æнхъæлмæ кастыстæм, фæлæ йæ бæлвырд ничи зыдта. Цардахъхъытæ та рæстæджы амæддаг баисты. Ранæй рæтты ма бæрзонд хæмпæлтæй сæ хæлд бындуртæ зындысты. Бæрзонддæр цы дур уыд, уый сæрмæ обаугонды ’рдыгæй æнцонæй бацыдыстæм. Нæ фынг уым æрæвæрынмæ хъавыдыстæм, фæлæ нæ Дзенаго нæ бауагъта. Æппæты стырдæр бæласы бын æцæг фынджы хуызæн цы тъæпæн дур уыд, уый уæлхъус æрлæууыдыстæм. Йæ кувинæгтæ систа Майрæм. Райхæлдтон æз дæр ме ‘ртæ ‘ртæдзыхоны æмæ æртæ фæрсчы. Иннæтæ дæр сæ хызынтæ ‘вдæлон кæнынмæ фесты. Ацы хатт кæстæриуæг кæнынмæ Дзыбын фæраздæр æмæ, цы сыкъайæ скуывтам, уым арахъхъ рауагъта æмæ йæ Дзенагомæ радта. Дыккаг сыкъа та Майрæммæ дæттынмæ хъавыд, фæлæ йæ нæ райста, дыууæ ‘фсымæрæй, дам, фæрсæй-фæрстæм лæууын аив нæу, æмæ йæ уæд Генæ райста. Æртыккаг та мæнæн исгæ æрцыд. Дзыбын мæнæй цалдæр мæйы кæстæр уыд, стæй ма уымæй уæлдай йæхимæ уырдыгыстæджы хæстæ дæр райста æмæ йæм куы ‘рхатыдаин, уæддæр нуазæн нæ райстаид. 

Дзенаго йе ‘ргом скæсæны ’рдæм раздæхта æмæ кувын райдыдта: 

— Хуыцау, табу дæхицæн уæд! Зæхх дæр ды сфæлдыстай, арв дæр ды сфæлдыстай æмæ, арвæй зæххы ‘хсæн цы бирæ хорздзинæдтæ ис, уыдонæй нын хай бакæн. Нæ фыдæлтæ дæр дæм æртыгай чъиритæй куывтой, æртæ чъирийы нæ разы ис, æмæ дын барст фæуæнт! Хуыцау, де сконд зæдтæ æмæ нæ дауджытæн се ‘ппæты хорзæх дæр уæд! Чи ацахода, уымæн та уæлдай хæрзтæ ракæн! 

Мах алы куывды фæстæ дæр, куыд æмбæлд, афтæ «аммен!» кодтам. Дзенаго аходæггаг цæмæдæр гæсгæ мæнмæ æрбадардта, фæлæ йын æз Дзыбынмæ ацамыдтон. Ацахуыста дзы, цалдæр æртахы ма дзы рауагъта æмæ йæ фæстæмæ хистæрмæ радта. 

— Æртæдзыхон æмæ фыдæй дæр ацаход, — дзуры йæм Майрæм. 

Дзыбын уыдонæй дæр ацахуыста. Хуыцауы тыххæй не ‘ппæт дæр банызтам. Дыккаг сидт Сидæны номыл рауагъта. 

— О сыгъдæг Сидæны дзуар! — загъта Дзенаго æмæ, цы бæласы цур лæууыдыстæм, раздæр уырдæм скаст, стæй разылд, цардахъхъты хæлддзæгтыл йæ цæст ахаста æмæ дарддæр дзырдта: — Табу дæхицæн уæд! Нæ фыдæлтæн бирæ хорздзинæдты бацыдтæ æмæ мах дæр — де уазæг! Стырæй-чысылæй дыл нæхи фæдзæхсæм. Фыдбылыз æмæ нæ æнамондæй бахиз. Дæ бынмæ кæй нал æфтæм, уый тыххæй та нын хатыр бакæн. Дæ номыл куывдтæ аразæм, нывæндтæ кæнæм. Алы аз дæр дæ æрымысæм. О Сидæны Мыкалгабыртæ, рæсугъддæр æмæ дæм сыгъдæгдæрæй кæй куывд фæхæццæ, уый æмбал мæ ныхæстæ дæр фæуæнт! 

Æртыккаг сидт бæркады тыххæй зæгъын бахъуыд, уымæн æмæ ныл ихæнриз бахæцыд, хуры та æрныгуылынмæ бирæ нал хъуыд, стæй ныл къæвда куы нæ ‘рцыдаид æмæ сæумæрайсом куы уыдаид, уæддæр ахæм фæндагыл лæгæн йæхи нозтæй хъахъхъæнын хъуыд. 

Тагъдгомау нæ хæринæгтæ æрбамбырд кодтам æмæ нæ фæндагыл адардтам. Цалынмæ нæ цæст уыдтаид, уæдмæ нæ цæуынæй банцайынмæ нæ хъавыдыстæм. Æхсæвиуат та хъуамæ бакодтаиккам, куыд бадзырдтам, афтæ: кæм ныл æрталынг уыдаид, уым. 

Хæрдмæ хилын нæ нал хъуыд, фæхстыл дæр нал цыдыстæм, фæлæ нын уырдыгмæ цæуын къаддæр зын нæ уыд. Уыцы хъæды хæмпæлтæ æмæ къудзиты æхсæнты, къæдзæхдуртыл къуырдтытæгæнгæ бабызы цъиутау кæрæдзийы фæдыл ныххал стæм, афтæмæй æнæрлæугæйæ цыдыстæм æмæ цыдыстæм. Хур бæрзонддæр хохы фæстæмæ ныттылд, фæлæ йæ тынтæ скæсæны ’рдыгæй хохы фахсыл сæрттывтой, æмæ нын уый нæ ныфсыл бафтыдта. Æрлæууæм æмæ иучысыл уæддæр аулæфæм, зæгъгæ, ахæм кой нæ иумæ дæр нæ уыд, уымæн æмæ нæм Æрыдоны дон, иуæй, зынгæ ракодта, иннæмæй та нæм йæ хъæр дæр хъуысын райдыдта. Цæстытæ цы уыдтой æмæ хъустæ цы хъуыстой, уый фæрцы нæ тыхыл тых бафтыд, нæ ныфсыл — ныфс æмæ кæд тынг фæллад уыдыстæм æмæ æндæр уавæрты иу къахдзæф акæнынхъом дæр нал уыдаиккам, уæд ныр тырныдтам æрмæстдæр размæ. Цыфæнды зынæй дæр, цалынмæ цæст уыдта, уæдмæ ныйирвæзын хъуыд доны былмæ, кæннод нæ хъуыддаг сæ хæрзтæй нæ уыдаид. Арвыл æмбæлæг арт куы скодтаиккам, уæддæр нæ æнæфæрынчынæй иу дæр нæ баззадаид. Ме ‘мбæлттæй мæнæй бæгънæгдæр ничи уыд. Мæ цыбырдыс цъында хæдон цалдæр хатты — куы хидæй, куы къæвдайæ — мæ уæлæ бахус æмæ та-иу фæстæмæ схуылыдз. Нæ амонд уыд, æмæ иу ран бирæ никуы бафæстиат стæм. Змæлгæйæ та адæймагмæ уазал къаддæр хъары. 

Æрыдоны доны хъæр ноджы тынгдæр хъуысын райдыдта, стæй йæм цыма бирæ цæуын дæр нал хъуыд, не ‘ппæтмæ дæр афтæ каст æмæ нæ цыд иучысыл дæр нæ фæсындæгдæр кодтам. Фæлæ йæ бæллæх цы уыд: нæ алыварс талынгæй-талынгдæр кодта. Скæсæны ’рдыгæй хуры тынтæ ахуыссыдысты. Арвыл иугай стъалытæ фæзынд. Иу сахатырдæг ма талынг уæддæр куы бафæстиат уыдаид, уæд, чи зоны, фаллаг фарсмæ бахызтаиккам... 

Бынтондæр æрталынг. Арв, цыма стъалыйæ цыдæриддæр ис, уыдон иууылдæр ссыгъдысты, уыйау цæхæртæ скалдта. Уыимæ нæ сæрмæ афтæ сыгъдæг æмæ цъæх уыд, æмæ цæст рæвдыдта. Æнхъæлдтон, мæйы скæсынмæ бирæ нал ис, æмæ нæ хъуыддаг цæуы: нæ развæндаг уынын райдыдтаиккам æмæ нæ цыдыл дæр бафтыдаид, фæдзæгъæлæй дæр нын тас нал уыдаид, фæлæ мæ хъуыды æргомæй куы загътон, уæд дзы мæ хуызæн зондыл хæст иу дæр нæ разынд, мæй, дам, зæронд у æмæ йын арвыл фæзынынæй тас нæу. 

Нæ мæ бауырныдтой уыцы ныхæстæ. Цыма мæйы фæзындмæ бирæ нал баззад, афтæ мæм каст æмæ арвмæ арæхæй-арæхдæр кæсын райдыдтон, куыддæр фæзына, афтæ сæм хæрзæггурæггаг фæуыдзынæн, зæгъгæ. Иу хаттæй мæм-иу иннæ хатмæ арв цъæхдæр æмæ рухсдæр фæкаст, фæлæ рæстæг цыд, мæй та никæцæй зынд. Цыфæндыйæ дæр доны хъæрыл æфтыди. Уый та, хæстæгæй йæм хæстæгдæр кæй цæуæм, ууыл дзырдта æмæ, кæд куырмæджы лæгæрстам, уæддæр нæ «хъыбыллæйыл» æууæндыдыстæм æмæ йæ коммæ кастыстæм. 

Майрæм фæндагамонæджы бынат никæмæн радта, стæй йын æй исынмæ дæр ничи хъавыд. Æрмæст-иу чысыл куы фæраздæр — ныр бирæ раздæр цæуæн нал уыд, уымæн æмæ йæ уынгæ дæр нæ кодтам, йæ уынæр дæр нæ хъуыст — уæд-иу æм фæхъæр кодтам, цы фæдæ, зæгъгæ. Уый дæр-иу нын дзуапп радта, æмæ та-иу мах дæр йæ фæдыл куырм галтау пыхсытæ æмæ бæлæсты къалиутæй нæ цæстытæ хъахъхъæнгæйæ, хъæр кæцæй райхъуыст, уыцырдæм азылдыстæм. Майрæмæн, цал уыдыстæм, уалæй бæргæ дзырдтам, дыууæ-æртæ къахдзæфы раздæр йеддæмæ ма цу, зæгъгæ, фæлæ нæм иу хатт дæр нæ байхъуыста. Æз Майрæмы фæстæ дыккаг уыдтæн æмæ-иу мæ размæ цавæрфæнды цæлхдур куы фæци, уæддæр-иу æй мæ фæстæцæуæгæн — мæ фæстæ та-иу куы иу цыди, куы — иннæ — бамбарын кодтон. Дзурыны сæр та-иу мæ, зæгъæн ис, æмæ алы къахдзæфæн дæр бахъуыд, уымæн æмæ-иу кæм фæлдæхт бæлас февзæрд, кæм сындз къутæр, кæм дурты æхсæн ныххауæн. 

Иу заман та Майрæм, æвæццæгæн, дзæвгар аразæй æмæ нæ хъæртæн дзуапп нал лæвæрдта. Æз уæддæр куырмæджы, кæм ын æнхъæл уыдтæн, уыцырдæм зæрдаивæй цыдтæн. Иу-фынддæс санчъехы акодтаин, афтæ та йæм дзурын, фæлæ та мын дзуапп нæ радта. Уæддæр цæуын æмæ цæуын. Мæхинымæр æм мæсты кæнын райдыдтон. Цал æмæ йын цалæй загътам, æгæр тагъд ма цу, стæй дæм куы дзурæм, уæд дзуапп дæтт, зæгъгæ, уæддæр æм ныхас нæ хъардта. Ногæй та йæм — ацы хатт ноджы хъæрдæрæй — фæдзырдтон. Йæ уынæр мæм дæлæуæзæй сыхъуыст. 

— Майрæм! — сдзырдтон æм æз. 

— Былæй ахаудтæн, — уæрмæй дзурæгау райхъуыстысты йæ æнæбон ныхæстæ. — Хуыцау хорз, æмæ ма бæласы къалиуыл фæхæцыдтæн, æндæр къуыбылеццытæгæнгæ сæрсæфæны балæууыдаин. 

Махæй йæ никæй æххуыс бахъуыд. Иу-æртæ метры бæрц йеддæмæ нæ ныххауд æмæ тыхтæ-амæлттæй фæстæмæ схылд. 

— Ницы ныццавтай? — бафарста йæ Дзенаго. 

— Хистæр куы нæ уаис, уæд дын æй зæгъин, кæм ныццавтон, уый, фæлæ мын, æнхъæлдæн, æмæ ницы уыди... 

— Бæргæ дын дзырдтам, куыд дæ æййафæм, афтæ цу, зæгъгæ... 

Майрæм рахизырдæм ссæндгæ ацыд. 

— Былгæронмæ ныххизæн ссарын хъæуы, — загъта Майрæм æмæ та иуцалдæр къахдзæфы махæй аразæй. Арвыл стъалытæ кæд цыфæнды æрттывд кодтой, уæддæр дзы махæн ницы пайда уыд. Нæ фæндагæй нæм иу къахдзæфы бæрц дæр нæ зынди. Мæйæн та, ме ‘мбæлттæ куыд загътой, афтæ йæ был дæр никæцæй разынд. Нæ амонд уыд, æмæ доны хъæр хъуысти æмæ цыфæнды дзæгъæл куы фæуыдаиккам, уæддæр нæ Æрыдоны доны уынæр йæхицæй дард нæ ауагътаид æмæ раджы уа-æрæджы — йæ былмæ фæндаг ссардтаиккам. Нæ хурхы нарæгмæ та ма нæ цы скодта: нæ дон нызт фæци æмæ не ‘взæгтæй нæ былтæ ахуылыдз кæнын дæр нæ бон нал уыд. 

Цас ма фæцыдаиккам, Хуыцау йæ зонæг, фæлæ иуахæмы Сидæны донмæ æрбахæццæ стæм. Иууылдæр дон нуазынмæ фестæм. Иу лæгæй æз мæ дойныйæн басæттын æнхъæл нал уыдтæн æмæ мæ дыууæ армытъæпæнæй нызтон æмæ нызтон. Мæхицæн амæлынæй куынæуал тарстæн, уæд мæ астæу сраст кодтон æмæ æхсызгонæн сулæфыдтæн. Иннæтæй алкæмæ дæр сыкъа уыд æмæ, нызт куы фесты, уæд ма сыкъайæ дæр цалдæр банызтон. 

Сидæны донмæ бæргæ ‘рбахæццæ стæм, фæлæ та йæ сæрты бахизæн нæ разынд: æгæр арф æмæ фæтæн уыд. Хæрдмæ цæуын нæ бахъуыд. Ссардтам стыр дурты сæрты фаллаг фарсмæ бахизæн. Бæлæсты æхсæнты къæдзæхдуртыл, æмдзæхгæр тæссæрттыл тыхтæ æмæ амæлттæй Æрыдоны доны былмæ ныйирвæзтыстæм. Иу-фондзыссæдз сардзины ма уæрджытæм бæрзæндæн кæрдæджы фæцыдыстæм æмæ нæ зонгæ нæзыбæласы цур æрлæууыдыстæм. Спичкæ ссыгътон æмæ сахатмæ æркастæн. Бонæй куы фæхæрдмæ кодтам, уæд дæр уыди ссæдз минуты фыццæгæмæй, ныр дæр фатæгтæ амыдтой уыцы нымæцтæ, æрмæст æхсæвы рæстæг. Афтæмæй фæндагыл уыдыстæм æнæхъæн дыууадæс сахаты. Уыдонæй фылдæр-фылдæр бафæстиат стæм иу сахат: къæвдайы бын — иу-фондз æмæ ссæдз минуты, дзуары бын та — иу-фынддæс æмæ ссæдз минуты. Ме ‘рвад та афтæ загъта, Сидæнмæ, дам, сахат-сахат æмæ ‘рдæджы цыдæй фылдæр нæй. Цыфæндыйæ дæр кæрæдзийы нæ бамбæрстам, стæй, Майрæм афтæ куы загъта, уымæй йæм бирæ фылдæр цæуын хъæуы, зæгъгæ, уæд нæ рæдыди. 

Нæ дзаумæттæ раивтам. Мæ хуылыдз уæлæдарæс æмæ дзабырты бæсты хустæ куы скодтон, стæй мæ гуырыл цъында хæдоны хъарм куы банкъардтон, уæд цыма ног райгуырдтæн, афтæ мæм фæкаст. Мæ зæнгты дыз-дыз фæцыдæр, мæ фæллад дæр мæм раздæрау нал хъардта. Нал мын рыстысты мæ цæфтæ дæр. Мæ сæйраг мæт ма уыди дзæбæхæй фаллаг фарсмæ бахизын. Боныгон дæр æдас куы нæ уыдтæн — стæй, мæнмæ гæсгæ, иннæтæ дæр — уæд æхсæвы талынджы тынгдæр куыннæ хъуамæ стъæлфыдаин?! Фæстæмæ цæугæйæ иунæгæй баззадтæн, фæлæ мæ Майрæм иунæг нæ ныууагъта. Иу хатт ма ацырдæм æрбацыд, вагоны мæ сбадын кодта æмæ дыууæйæ дæр фæфале стæм. 

Мæ къæхтæ зæххыл куы андзæвыдысты, уæд мæ риуы дзаг сулæфыдтæн æмæ Хуыцаумæ скуывтон: «Табу дæхицæн, сæрæгасæй кæй æрбаздæхтыстæм, уый тыххæй!» Кæд иууылдæр нæ къæхтыл лæууыдыстæм, уæддæр мæ нæ уырныдта, дыууадæс сахаты ахæм тæссаг фæндæгтыл фæцу, цъитийы тæккæ рæбын дæ — æхсæрдзæнæй куы фæуæле стæм, уæд доны былгæрæтты иу-æртæ метры бæрзæндæн миты хъæпæнтæ сусæны мæйы тæвдæн дæр тайын нæ бакуымдтой, афтæмæй цæхгæр лыгауæй урс-урсид æрттывтой — тæрк къæвда фæхойæд, хуыдалынджы, адæймаг бонæй дæр æдæрсгæйæ кæм нæ ацæудзæн, ахæм уырдгуыты фæцу æмæ мацы фыдбылызы бахаугæйæ ныхы хуызæн лæгъз фæндагмæ раирвæз. Æрмæст та нæ лæгъз фæндагыл дæр сагъæстæ иу ран нæ ныууагътой. Нæ машинæ нæм æд шофыр Нузалы рынчындоны кæрты æнхъæлмæ каст. Æвæццæгæн, нын Сидæны дзуар кæрæй-кæронмæ дæр æххуыс кодта æмæ, фыццагдæр нæ къух цы машинæмæ фæдардтам, уый нæм фæурæдта. Майрæм дзы абадт æмæ, æнхъæл куыннæ уыдыстæм, фæстæмæ афтæ тагъд фездæхт, æрмæст нæхи машинæйы нæ, фæлæ, йæ сæр æхгæд кæмæн уыд æмæ мидæгæй бандæттæ кæм разынд, ахæм уæзласæн машинæйы. Майрæмæн Цъуалыйы милицæйы посты зонгæ разынд æмæ уый машинæйы фæстæмæ фæзылд. Мах тагъдгомау гуыффæмæ сгæппытæ кодтам æмæ цыбыр рæстæгмæ Нузалы балæууыдыстæм. Мæ куысты «Волгæ»-йы Мызурыбынмæ фондзæй абадтыстæм. Уым Майрæмæн хæрзæхсæв загътам — сæхимæ нæ зæрдиагæй хуыдта, фæлæ махæй иу дæр,стæй, мæнмæ гæсгæ, йæхæдæг дæр — хæрынæн дæр æмæ нуазынæн дæр нал уыд æмæ уырдыгмæ фæцагайдтам. 

Фæсæмбисæхсæв нæ хæдзары дзæнгæрæджы цæппæрмæ рог æвнæлд фæкодтон. Тимæ, кæй зæгъын æй хъæуы, мæнмæ ‘нхъæлмæ каст æмæ куыддæр дзæнгæрæджы мæллæг дзинг райхъуыст, афтæ дуар фегом кодта. Дзæбæхæй æрбацыдтæн, уый йæ куы бауырныдта, уæд мæ бафарста: 

— Куыд уыди уæ балц? 

— Ахсæв мæ мацæмæй фæрс. Мæ къæхтæ мæ быны дыдæгътæ кæнынц. Райсом дын æппæт хабæрттæ дæр радзурдзынæн... 

Тæвд дон та нæм нæ разынди. Æндæр уавæрты мын тынг зын уыдаид, фæлæ мыл ныр цыма стыр хорздзинад æрцыд, уый хуызæн мæхи æфсоны æхсæдтытæ акодтон æмæ мæ хуыссæн тыххæй-фыдæй ссардтон... 

 

XII
 

Мæ фыны, горæты сæрмæ мын цы цæхæрадон ис, уым февзæрдтæн. Цыма сæрд йæ тæккæ тæмæны уыди. Фæткъуы бæласы бын, къуыри раздæр æхсырфæй цы кæрдæг фæкарстон, уымæй чысыл мæкъуылгонд самадтон æмæ уый рæбын мæхи фæстæдзæг ауагътон. Арвыл цæргæс йæ базыртæ ныппака кодта æмæ сындæггай мæ сæрмæ зилдух систа. Хатгай-иу йæ базыртæ батылдта, цыма-иу афтæ куы нæ бакодтаид, уæд ын æрхауынæй тас уыд, уый хуызæн. Кæсынæй йæм бафæлладтæн, æмæ мæ цæстытæ æрцъынд сты. Куыддæр æррæдзæ-мæдзæ кодтон, афтæ уынгæй мæ хуыздæр æмбал Темырхъаны хъæрæй дзурын æрбайхъуыст: «Дæхи уæлгоммæ цы ауагътай? Æви дын дæ зæхх кæй бацахстой, уый нæма фехъуыстай?!» Цавæр зæххы кой кодта, уый æваст нæ бамбæрстон æмæ йæ бафарстон: «Цавæр зæхх?» — «Куыд цавæр зæхх? Хъæуы дын бирæ зæххытæ ис?» — «Цавæрдæр ног æрлидзæг. Æз дæр æй нæ зонын». — «Æмæ цавæрдæр æрлидзæджы мæ зæххимæ цы хъуыддаг ис?»— «Мауал мæ рафæрс-бафæрс кæн. Хæдзар аразынмæ, дам, дзы хъавы. Дыууæ машинæйы, дам, æм дур баласта... Дæхи арæвдз кæн æмæ цом! Æдде саргъы бæх цæттæйæ лæууы...» 

Йæ фæсарц абадтæн, æмæ цыппæрвадæй хъæумæ фæцагайдтам. Иу ран нæ размæ арф, фæлæ нарæг дон февзæрд. Темырхъан бæхы фæрстæ æрцавта, йæ къухæй йæм февзыста, æмæ бæрзонд былгæронæй фаллаг фарсмæ багæпп кæныны бæсты доны бæрæгастæу нæ тъæпп фæцыд... 

Æваст фехъал дæн æмæ мæ цæстытæ фегом кодтон: исты тæссаг фын куы фенын, уæд, цæмæй ме ‘нахъинон уавæрæй тагъддæр фервæзон, уый тыххæй æдзухдæр афтæ фæкæнын. Мæ буар тæфсæгæй рынчынау рызти. Мæ ныхыл мæ къух авæрдтон, æмæ мæ армытъæпæн хидæй ныххуылыдз. 

Сахатмæ æркастæн, æмæ авд дæр нæма уыд, фæлæ боны цъæхтæ фæсте аззадысты. Фæззæг йæ тæмæны бацыд. Нæ фатеры бынмæ, æхсæз азы размæ цы сусхъæд бæлæстæ ныссагътам, уыдоны къалиутæ дыккаг уæладзыгмæ схæццæ сты. Бонæй-бонмæ дæр сæ бур сыфтыл æфтгæ цыд. Дыууæ-æртæ къуырийы-ма рацæудзæн, æмæ иууылдæр бур-буридæй агæпп ласдзысты, бирæтæ та дзы сæ къалиутæн хæрзбон зæгъдзысты æмæ зæххы хай бауыдзысты. 

Мæ фынæй фервæзыныл архайын, фæлæ уæддæр мæ сæрæй нæ хицæн кæны. Цавæр æрлидзæг мын бацахсынмæ хъавы мæ зæхх? Хæдзар аразынмæ, дам, дзы хъавы... Мæ зæрдæ мын судзинæй рæхойæгау кодтой уыцы ныхæстæ. Æмæ, кæд фыны цы федтон, уый æцæгдзинад у, уæд та? Ногæй та сахатмæ ‘ркастæн. Цыма кæдæмдæр тагъд кæнын хъуыд, уый хуызæн зæрдæйы æбæрæг катай йæ базыртæ тылдта... 

Æдзух та мæ фыны мæ цæстытыл ахæм нывтæ ауайы. Æмæ-иу кæд уый размæ алы хатт дæр нæхи хæдзары февзæрдтæн, уæд ныр та, иу белгом дæр кæм нæма скалдтон, иу хоры нæмыг дæр кæм нæма ныппæрстон, фæлæ æрæгæй нырмæ мæхиуыл нымад чи у, уыцы зæххимæ баст хабæрттæй мæ зæрдæ ныррызти. Кæд стын афон нæма уыди, уæддæр, иннæ бинонтæй куыд никæй бахъыгдарон, афтæ æнæуынæрæй сыстадтæн æмæ стыр уатмæ рацыдтæн. 

Хъуыдытæ сæры схъомпал сты, Дзагко мын йæ зæххы хайы æмбис куы радта, уæдæй нырмæ тыллæг сисын афон дæр бæргæ уыд, фæлæ мæ ауалдзæджы ничердæм равдæлд, æмæ зæрæстонæй баззад. Бæлæстæ дзы уæддæр куы ныссагътаин, зæгъгæ-ма иу хуыцаубон Чырыстонхъæумæ дæр ацыдтæн — уым сæрмагонд талайыкуыстгæнæг хæдзарад ис — уæддæр та нæ хъæумæ хæстæг у æмæ, иу мæры хорз чи зайы, уый йе ‘мхуызон мæры дæр хорз æрзайдзæн, зæгъгæ, фæлæ, сæ талатæ æфснайд кæм уыдысты, уыцы скълады хицау бынаты нæ разынд. Дыккаг хатт ацæуын та мæ къухы нал бафтыд, æмæ мæ фæндтæй ницыуал рауад. Цы фын федтон, уый фæстæ мæ фæсмон ноджыдæр фæфылдæр. Цыма дзы бæлæстæ куы ныссагътаин, уæд зæххæн хицау ис æви нæй, уый дызæрдыггаг нал уыдаид, цæмæдæр гæсгæ афтæ нымадтон. 

Хуыцаубон кæй уыд, уый мæ ‘рцардта. Сагъæстæй фервæзынæн хъæумæ ацæуынæй хуыздæр хос нæ уыд, æмæ æвæстиатæй мæхи рæвдз кæнынмæ февнæлдтон. 

— Афтæ раджы цæмæн сыстадтæ? — хуыссæгхъæлдзæгæй мæ уæлхъус алæууыд Тимæ. 

Хабæрттæ йын куы радзырдтон, уæд мыл сбустæ кодта: 

— Ды та æдзух дæ фынтæй дæхицæн уæлдай сæрнизтæ саразыс!.. 

Фынтыл æууæндын мæ нæ фæнды, стæй сæ дзураг дæр нæ дæн. Æдзухдæр бацархайын, цæмæй мæ тагъддæр ферох уой æмæ, уыдысты нæ уыдысты, уый дæр мауал зонон, ууыл, фæлæ дзы иуæй-иуты асурын мæ бон нæ бавæййы. Асурын нæ, фæлæ сæ цæрæнбонты мæ зæрдыл бадарын. Куы зæгъын, фынтыл æууæндын мæ никуы фæндыд, афтæмæй та дзы иуæй-иутыл æнæууæндгæ нæ вæййы. Кæмдæр æй бакастæн æви йæ искæмæй фехъуыстон, уый дзæбæх нал хъуыды кæнын, фæлæ, дам, Ломоносов фæсарæнты уыдис, афтæмæй ам, Уæрæсейы, йæ фыд амард æмæ йæ йæ фырт кæнæ йæ фыны федта, кæнæ йæ кæцыдæр æнкъарæнæй бамбæрста. Йæ балцæй куы ‘рбаздæхт, уæд, дам, йæ фыды æгасæй нал æрбаййæфта. Уæвгæ æрыхъусæггаг ныхæстæ цы дзурын, мæхæдæг мæ фыны цы федтон, уый мыл мæ хъалæй куы ‘рцыдис, уæд?! Мæ худы кой кæнын. Мæскуыйы ахуыр кæнгæйæ мын æмдзæрæнæй цы хъусджын худ адавтой, уыцы худы кой. Уый хæдразмæ æхсæв мын фыны фесæфт, хъалæй та мын æй давгæ акодтой... 

Уыцы хабæрттæ æрымысгæйæ мæ зæххы хайы сагъæс дæр зæрдæйы карздæрæй-карздæр кодта æмæ, æгæр сындæггай кæй архайдтон, уый мæм хардзау æркаст. Куы срæвдз дæн, уæд мæм Тимæ дзуры: 

— Хæргæ та? 

— Мæ зæрдæ ницы зæгъы. 

— Цай уæддæр бацым... 

Цæй цай æмæ цæй цыдæр! Æппындæр зæрдæ ницы агуырдта. Автобусы дæр мæ равг нæ фæхуыздæр. Кæд шофыр, куыд æмбæлд, уымæй тагъддæр йеддæмæ сындæгдæр не скъæрдта, уæддæр мæ фæндыди, цæмæй тагъддæр згъордтаид. Цас тагъддæр ныххæццæ уыдаиккам, уыйас уавæримæ тагъддæр базонгæ уыдаин. 

Ме ‘взонджы бонтæ мæ зæрдыл æрлæууыдысты. Институты куы ахуыр кодтон, уæд алы хуыцаубон дæр хъæумæ цыдтæн. Горæты æнæ худæй цæуын фæцахуыр дæн æмæ-иу хаттæй-хатт хъæумæ гомсæрæй æрцыдтæн. Фæндагыл-иу æй æрхъуыды кодтон, фæлæ ма-иу фæстæмæ куыд аздæхтаин. Цæмæй-иу мыл ме ‘гъдауылхæст хъæуккæгты зæрдæ ма фæхудтаид, горæты дыууæ боны йеддæмæ нæма ис, афтæмæй æгъдæуттæ ницæмæуал дары, зæгъгæ, ма загътаиккой, уый тыххæй-иу уынгты æрцæуыны бæсты автобусæй хъæуысæр рахызтæн æмæ-иу цæхæрадæтты чъылдымты хъуызгæ-ныгъуылгæ æрцыдтæн. Быдыры-иу мæ æнæхудæй куы федтаиккой, уымæй дæр тарстæн. 

Ныр дæр мæ цæмæдæр гæсгæ хъæуы уынгты суанг автобусы æрцæуын дæр нæ бафæндыд æмæ кæддæры хуызæн хъæуы сæр рахызтæн æмæ комкоммæ Дзагкойы зæххы хаймæ мæ ных сарæзтон. Фыны мын мæ зæхх цы æрлидзæг бацахста, уый хæдзар æрдæгамад фæци, æмæ йæ бирæ æххуысгæнджытæ сæ тæккæ кусгæйæ ныййафдзынæн, зæгъгæ, ахæм ныв фенынмæ дæр мæхи цæттæ дардтон. Нæхи цæхæрадоны чъылдыммæ ныххæццæ дæн. Нæ хæдзармæ иуцасдæр фæкастæн æмæ суадоны былты фæдæлæмæ кодтон. Цæхæрадон, мæгуыр, айфыццаг куыдæй ныууагътон, афтæмæй лæууыд. Æрмæст хæмпæлгæрдæг йæ куыст бакодта. Цыма йæм, хуыздæр хъацæн нæй, ахæмæй базылдысты, уый хуызæн дымгæмæ йæ сæрæй хъазыд. Мæ сыхæгтæй иу цъиуызмæлæг дæр уынджы нæ уыд. Уæвгæ мæлæты бирæ сыхæгтæ дæр нæ уыдысты. Дæлæмæ дæр æмæ уæлæмæ дæр — дыууæ. Иу — мæ дæллагфарс, иннæ — уыдоны хæдбакомкоммæ. Мæ фарсмæ зæронд ус цæры. Æргом дзургæйæ йæ «зæронд» рахонын дæр мæ цæст нæ уарзы. Фузæйыл цасфæнды азтæ куы рацæуа, уæддæр зæронд кæнын нæ бакомдзæн. Йæ хъæлдзæгдзинады фæрцы, йе ‘взонг зонд æмæ хæлар зæрдæйы руаджы. Цал æмæ йæ цал азы зонын, фæлæ куыд уыди, афтæмæй лæууы. Йæ цардуарзондзинад нæ фæкъаддæр, йæ цыргъзонддзинадæй нæ ахауд, йæ цæстыты æрттывд нæ фæмынæгдæр. Азтæ йын йе ‘ддаг хуыз кæй аивтой, йæ цыд кæй фæуæзбындæр, йæ къæхтæ раздæры хуызæн йæ коммæ кæй нал кæсынц, уый нымады нæу. Сæйрагдæр зæрдæйы хорзæх æмæ зонды сыгъдæгдзинад у, æмæ дзы Фузæйы дзаджджын хай фæци. Уæдæ цы æртæ чызджы схъомыл кодта, уыдонæй иу йемæ кæй нæ цæры, уый дæр цæстмæ бадаринаг нæу, уымæн æмæ Фузæйы хуызæн сылгоймаджы къухæй æвзæр чызгæн рацæуæн нæ уыд. Хорз чызджы та йæ райгуырæн хæдзары бирæ нæ уадзынц, уайтагъд æй йæ цæрæн хæдзармæ афардæг кæнынц. Фæцыдысты Фузæйы чызджытæ дæр сæ амонды фæндæгтыл. Цæугæ кæд иугæйттæй фæкодтой, уæддæр дзы йæ цæгатмæ иунæгæй ничиуал æрцæуы. Сæ мадæлтимæ сæ мадымады бæрæггæнæг æрцæуынц Фузæйы бирæ хæрæфырттæ, æмæ уæд бинонты хистæр йæ азты уæз ницæмæуал фæдары. Йæ сæйраг мæт вæййы, уазджыты — кæд ахæм адæмæн «уазджытæ» схонæн ис, уæд — куыд тынгдæр сбуц кæна, ууыл. 

Ногбонты мæ тæккæ сойгæнæны кары куы уыдтæн, Фузæ чындзы уæд æрцыди. Мах æндæр сыхыл нымад уыдыстæм, фæлæ-иу ардæм дæр æрхæццæ стæм, уымæн æмæ зыдтам, иуæй-иуты хуызæн нæм æнæракæсгæ кæй нæ фæуыдзысты, куы нæм ракæсой, уæд та нæ кæй барæвдаудзысты. Йæ лæг дæр йæхи хуызæн хæларзæрдæ æмæ адæмимæ цæрæг уыди. 

Гъе æмæ та иу ногбонты Фузæты дуар дæр схостам. Йæ лæг нæм ракаст æмæ ныл йæхи хъæртæгæнæг скодта, афтæмæй йæ цæсгомыл тызмæгдзинады фæд нæ уыди. Нæ фæлæ цас йæхи тызмæгдæрæй æвдисыныл архайдта, уыйбæрц йæхиуыл тынгдæр комдзог цыд, уымæн æмæ йæ мидбылхудт бамбæхсын дæр йæ бон нæ уыд. Æппынфæстаг хъæрæй ныххудт, хæйрæг уæ макуы бахæрæд, зæгъгæ, æмæ нын æртæ сомы радта. Уыцы рæстæджы уыдон стыр æхцатæ уыдысты. Стæй нын хъæуы дуканигæс йеддæмæ æхца чи хъуамæ радтаид! 

Мæ зæххы хайыл хæдзар аразæг куы нæ федтон, уæд мæ уд ме ‘муд æрцыд. Тимæйы ныхæстæ та мæ зæрдыл æрлæууыдысты. Алкæд ницæйы тыххæй мæхицæн сæрнизтæ кæй скæнын, уымæй мын раст фæзæгъы. Стæй мын, цы фæзæгъы, уый та мæнг никуы рауайы, афтæмæй та мæ йæ ныхæстæ, куы сæ фæдзуры, уæд нæ фæуырнынц. Райсомæй нæхицæй куы цыдтæн, уæд мын цытæ дзырдта — цытæ дзырдта, уыдон та иууылдæр раст рауадысты — уыдонмæ мæ фыртыхстæй хъусгæ дæр дзæбæх нæ кодтон. Ныр сæ радыгай куы мысыдтæн, уæд сыл бар-æнæбары æууæндын райдыдтон æмæ тæбæгъы доны уад кæй сыстын кодтон, уымæй разы нал уыдтæн. 

Цæхæрадоны фыццаг рæстæджы гуыдыр æрцауыгътон, фæлæ йæ Фузæ куы федта, уæд мын бамбарын кодта, ам гуыдыр æвæрын ницæмæн хъæуы, зæгъгæ. Æз уыцы хъуыддаг дызæрдыггæнгæ кодтон, уымæн æмæ, цы хъæуы схъомыл дæн, уым цæхæрадон нæ, фæлæ хæдзары дуарыл дæр гуыдыр никуы ‘вæрдтой, стæй дзы сæфгæ дæр никæмæй ницы кодта. Æз дæр хæмпæлгæрдæгæн, мыййаг, нæ тарстæн, фæлæ, зæгъын, сывæллæттæй исчи дуар куы бакæна æмæ йæ гомæй куы ныууадза, фос мидæмæ куы бацæуой æмæ мæ сыхæгты цæхæрадæттæм куы баирвæзой. Фузæйæн дæр æй загътон æмæ, дам, мах æдзухæй дæр ам вæййæм æмæ, чи цы кæны, уый æнæуынгæ не стæм. Уæдæй фæстæмæ цæхæрадоны дуарыл гуыдыр нал сæвæрдтон. 

Цæхæрадоны дуары гуыдырауындзæныл къæдз æфсæйнаджы гæбаз тъыст уыд, иуфарс æй фæзылдтон, æмæ дуар йæхæдæг æддæрдæм байгом. Хæмпæлгæрдæгæй дзы базмæлæн нæ уыд. Æнæкуыстгондæй кæй баззад, уый мæм тæригъæд хъуыддаг фæкаст. Иу бæлас, иу къудзи дзы уæд та куы ныссагътаин, уæд дзы цæуыл мæ цæст æрхæцыдаид, уый уæддæр уыдаид. Ныр та дзы цæмæй мæ зæрдæ барухс уа! Быруйы рæбын цалдæр балбæласæй? Æмæ сын, бæлæстæ сты, уый равзарæн дæр куынæуал ис. Фæдæгъды къудзиты æхсæнæй зынгæ дæр нал кæнынц. Дыууæ хатты бæрзонддæр бæргæ фæцыдысты, фæлæ уæле дæр хъæддаг хуыз райстой. Æвæццæгæн, сæ куы ныссагъдæуыд — кæд хæдæвзæрд нæ уыдысты, уæд — уæдæй фæстæмæ æхсæст никуы ‘рцыдысты æмæ сæ уæлдай къалиутæ хæмпæлтæй арæзт уисæйтты хуызæн уыдысты. Фузæтæй мах арæнтыл чылауи æмæ балы хæдæвзæрд талатæ ауалдзæджы дидинæгæй мæлæты зад уыдысты, фæлæ мын Фузæ куыд радзырдта, афтæмæй апджын бæлæстæй иуыл дæр дыргъ нæ уыди. Чылауийæ, æхсынцъыйæ, балæй, курагайæ — сæ дидинæг, дам, сын уазал бахъыгдардта æмæ иууылдæр афонæй раздæр æрызгъæлд. 

Фæстæмæ уынгмæ раздæхтæн. Нырма ныр бафиппайдтон, мæ зæххы ракомкоммæ кæрæй-кæронмæ дæр куыд сыгъдæг уыд, уый. Фыццаг куы ‘рбацыдтæн, уæд та дзы стуры фаджыс æмæ æнæуи быронæй адæймаджы цæст цæуыл не ‘рхæцыдаид, ахæм нæ уыд. 

— Уазæг, алы бон æгас цу! — мæ хъустыл ауадысты Фузæйы ныхæстæ. Сæ дуармæ бадт, афтæмæй йæ æз не ‘рхъуыды кодтон. Æвæццæгæн, мидæмæ куы фæдæн, уый та уæд рацыди. Йæ бынатæй сыстад æмæ мæ цурмæ сцæйцыд. Æз дæр йæ ныхмæ араст дæн. 

— Чысыл раздæр æрцыдтæн æз дæр æмæ куы никæцæй зындтæ, уæд мæхинымæр загътон, æвæццæгæн, зæгъын, сæхимæ нæй. 

— Кæдæм ма цæуын æз та! — йæхи бынтондæр амæгуыр кодта Фузæ, афтæмæй йæ цы зианы нæ фендзынæ, ахæм нæй. — Уæртæ цæхæрадоны цыдæртæ архайдтон. 

— Цæхæрадон дзы мæнæ ахæм куы нæ уа! — ацамыдтон, хæмпæлæй чи нал зынди, уыцы зæхмæ. 

— Бакусдзыстут æй, — фæлмæн хъæлæсыуагæй ныфсæвæрæгау бакодта Фузæ. — Нырма дын нæма байрæджы. Æрмæст æй ацы фæззæг æнæхуымгондæй мауал ныууадз. Фæлдæхт мæр зымæджы миты бын куы фæлæууа, уæд уалдзæджы куыд æрфæлмæн уыдзæн, уый зоныс... 

— Бацархайын хъæуы. 

— Бацархай, бацархай. Хорз зæхх у. Иу-дыууæ машинæйы йæм фаджыс куы баласис, уæд æвзæр нæ уаид бæргæ. 

— Иу къуым скæнын дзы мæ къухы куы бафтид æмæ — гъа... 

— Скæндзынæ дзы, — æрдæбонæй ноджы фæлмæндæр æмæ лæгъздæр æвзагæй загъта Фузæ. 

Йæ алы ныхас дæр адæймагæн цыдæр ныфсы хос фæвæййы. Цыма, цæуыл тыхсын, уыдонæй иу дæр тыхсты аккаг нæу, Фузæйы ныхæсты фæстæ мæм цæмæдæр гæсгæ афтæ кæсын райдайы. Уыимæ йæ алы дзырдæй дæр цыдæр хъарм ракæлы, цы фæзæгъы, ууыл та лæгæн æнæбаууæндгæ нæ вæййы, уымæн æмæ йæ æвзаг æмæ былты æххуысæй нæ фæзæгъы, фæлæ зæрдæйæ. 

Фузæимæ дзæвгар фæныхæстæ кодтам, афтæ йæ хистæр чызг æд сывæллæттæ фæзынд æмæ мидæмæ бацыдысты. Мæн дæр хуыдтой, фæлæ нæ бакуымдтон. 

Ирон æфсармæн уæддæр ныммæлæн ма уæд! Фузæйы бакъуымы кодтон, уынг чи ныссыгъдæг кодта, зæгъгæ, фæлæ мын æргомæй ницы загъта. Дынджыр гæдыбæлæсты астæу стыр арт кæй уыд, уый дæр йæ бирæ фæныкмæ гæсгæ базыдтон. Æвæццæгæн, мæ хæдæфсарм сыхæгтæ сæхимидæг скарстой, ардыгæй фæстæмæ, ныронг нæ фарсмæ цы зæхх уыд, уымæн ног хицау фæзынд æмæ, нæ фос сæ фæстæ цы фæд уадзой, уый æфснаинаг у, стæй дзы æндæр бырон дæр хъуамæ мауал уа, зæгъгæ. Фосы фаджысы фæд дзы нал уыд, бырæттæ басыгътой, уынг ныммарзтой... 

Фузæты бакомкоммæ чи цæры, уыдон дæлæсыхæй слыгъдысты. Æргом дзургæйæ, æз, цалынмæ ацы зæхх райстон, уæдмæ сæ бинонтæй иуы дæр нæ зыдтон: сæ хæдзары хицау ус, æз горæтмæ куы рацыдтæн, уæд ракуырдта. Чындзы кæм нæ зыдтон, уым нæ зыдтон йæ дыууæ лæппу æмæ чызджы дæр, афтæмæй та лæппутæ сæ лæджы кары бацыдысты, уæлдæр скъолатæ каст фесты, чызг та институты ахуыр кодта. Фыды, кæй зæгъын æй хъæуы, зыдтон, уымæн æмæ æмгæрттæ уыдыстæм, кæддæр иу къласы дæр ахуыр кодтам. Цалдæр азы размæ йæ зæрдæйæ амард... Дзæбæх кæстæртæ йын рахъомыл, сæ мады зæрдæхудт нæ, фæлæ хъæубæстæй иуы зæрдæхудты дæр никуыма бацыдысты. Уæвгæ сæ мад фæсаууонмæ иуæй-иу хатт рахъаст кæны; уый дæр — лæппутæй, хъуыддаг, дам, нæ кæнынц. 

Мад йæхæдæг нырма сæрæн у, фæлæ йæ йæ кæстæрты хорздзинад фенын кæй фæнды, уый тыххæй йæ азымы чи хъуамæ бадара! Æндæр, куы зæгъын, нырма йæ разæй иу хъуыддаджы дæр никæй ауадздзæн. Æрмæст йæ уæздандзинад дæр бирæйы аргъ у. Уый æз мæхиуыл дæр бавзæрстон. 

Асæрды иуцалдæр æмбалимæ ардæм нæ фæллад уадзынмæ æрцыдыстæм æмæ нæ суадоны был бадгæ федта, æвæццæгæн, æмæ нæм хуынимæ ссыди. Кæй зæгъын æй хъæуы, мæ хæлæртты раз мын ахæм æгъдау кæй скодта, уый мын æхсызгон уыд, фæлæ мæ æфсæрмы дæр бафтыдта, мæхицæй мын ницы хорздзинад зыдта, афтæмæй йæхи хæсджыныл кæй банымадта, уымæй... 

Суадоны цурмæ ссыдтæн æмæ мæ зæрдæ бамæгуыр. Махмæ хæстæг бæрæзе иу ран йеддæмæ нæ зад. Нæ бакомкоммæ чи цард, уыдоны дæллаг фарс иу чысыл сакъадахгонды. Ныр, суадоны рахиз былгæрæтты уæлæмæ цы ахаста, уый нæ цæхæрадоны чъылдыммæйы онг лæджы бæрзæндæн бæрæзейы бын фæцис. Суадоны былты уæлæмæ ацыдтæн, æмæ-иу хæмпæлты кæм хуыйы хъох-хъох ссыд, кæм къæхты бынæй карчы базыры пæр-пæр райхъуыст, кæм та-иу гогызы æрдиаг ныццарыдта. Мæ кæддæры цъæх быдырмæ йæхи хуызæнæй ницыуал уыд. Æппæты фыццаг æй сæвидыц кодтой бæрæзетæ. Ноджы мæлæты бæрзонд фæцыдысты. Хæстæг бацæуын дæр сæм адæймаджы зæрдæ нæ тардта. Сæ æнахъинон тæфмæ зæрдæ хæццæ кодта. Нæ кæддæры цæхæрадоны кæрон бынтондæр фаджысдон фестад. Цы нæ дзы фенæн уыд, цы нæ: хъæццулы зæрæдтæ æмæ базы пырхæнтæ, сынтæджы сæстытæ æмæ куклайы сæртæ, хъазæны хæйттæ æмæ бандоны къæхтæ... 

Кæддæр дон кæцæй хастам, уыцы суадон дæр сæ бынтон сыгъдæджытæй нал уыд, фæлæ уæддæр сызгъæрин цæппузыртæй зæххы бынæй æнхъæвзта. Иу ранæй нæ, фæлæ цалдæр ранæй. Рахизфарс æппæты стырдæр донгуырæн ис. Стырдæр æмæ ирддæр. Сыгъдæг змисы муртæ цыма зæххæй доны цæппузыртимæ лæбурынц, уый хуызæн æнæсцухæй бырсынц æмæ бырсынц. Рæсуг æмæ ихы къæртты хуызæн суадоны сæ гуыбыр фæсонтæй ленчытæ кæнынц уытъырнытæ. Цæмæндæр мæ бафæндыди донгуырæны арæнтæ фæуæрæхдæр кæнын, бындæр æй ныкъкъахын. Уымæн та кусæнгарзы сæр ницæмæн хъуыд, хуымæтæджы къухтæ дæр ын фаг уыдысты. 

Мæ дыстæ батылдтон æмæ хуыр суадоны былмæ калын райдыдтон. Иу армы дзаг скалын, дыууæ ахæмы дзы фæстæмæ ныккæлы. Иу дур куы сæппарын, уæд змисæй, лыстæг дурæй йæ бынатмæ згъæлынмæ фæвæййынц. Уæддæр мæ куыст кæнын. Цас фылдæр скалон, уыйбæрц суадон арфдæр æмæ уæрæхдæр кæндзæн. Цы хуыр æмæ змис фæкалдтон, уымæй уæлбыл дзæбæх кæри рауад. Мæ куысты фæстиуджытæ фенын мæ æрфæндыд. Уымæн та рæстæг хъуыд. Цалынмæ змæст æрбадтаид, уæдмæ йын ницы раиртæстаис. Дзæгъæл лæуд кæнын мæм нæ цыд æмæ мæхи Куыройыдоны цурмæ байстон. Галиуырдыгæй йыл цы чысыл суадон æфты, уый сæрты багæпп кодтон æмæ-иу, нæ сæныччытæ цы къуыбырыл хъазын уарзтой, уырдæм схызтæн. Цыфæндыйæ дæр нæ хъæуы фидауц гæдыбæлæстæ сты. Цалдæр километры дарддæрæй йæм куы кæсай, уæддæр æппæты фыццаг дæ цæст уыдоныл æрхæцдзæн. Уыдон сты йæ мæсгуытæ æмæ йæ тырысатæ дæр.Уæддæр фæстаг рæстæг сæ нымæц дзæвгар фæкъаддæр. Иуты дзы калгæ акодтой, иннæтæ та хуыскъ баисты. Мæ алыварс цы хæмпæлджын быдыр уыдтон, уый бынтон æндæрхуызонæй фенæн бæргæ ис. Куыройыдоны былгæрæтты, фондзыссæдзгай азтæй фылдæр чи цæры, ахæм бæлæстæ иу-дæс æмæ дыууиссæдзы уæддæр ныссадз, уæд адæймаг йæхи ном дæр сæнусон кæнид, æнусты дæргъы та бæлæстæ адæмæн циндзинад хæссиккой. Чи зоны, чысыл хъæды хуызæн дзы рауаид, йæ алыварс цы зæххытæ ис, уыдон та дзæвгар фæбæркадджындæр уаиккой, суанг ма дзы æндæрхуызон зайæгойтæ дæр фæзынид. 

Кæннод далæ хиды дæллаг фарс, Куыройыдоны тæккæ былгæрон Сидæны кувæндон бæласы бынаты æндæр бæлас ныссадзынæн бирæ диссæгтæ хъæуы! Нæ хъæуы, фæлæ адæймагæй æрхъуыдыйы фæрцы иу æмæ дыууæ чысыл æмæ стыр хъуыддаджы нæ аирвæзы. Ахъуыды кæнгæйæ нын зивæгæй цыфыддæр знаг нæй. Уый гæрзæхсæнау нæ къæхтыл тыхсы æмæ нæ дугъ кæнын нæ, фæлæ иуæй-иу хатт къахдзæф кæнын дæр нал фæуадзы æмæ нæ мидбынат цоппай кæнын байдайæм... 

Фæстæмæ суадоны былмæ куы ‘рбаздæхтæн, уæд змæстæн йæ кой дæр нал уыд. Дон цалдæр ранæй цæппузыргай кæцæй æвзæрд, уыдоны нымæцыл цыма бафтыд, афтæ мæм фæкаст. Йæ къуырф куыд фæарфдæр, афтæ фæуæрæхдæр сты йæ арæнтæ дæр. Лыстæг хуыртæ уымæй размæ дæр урс уыдысты, фæлæ ныр тынгдæр сæрттывтой. Ахæм суадоны цур лæугæйæ лæгмæ нуазын æппындæр куы нæ цæуа, уæддæр дзы бануаздзæн. Мæ дыууæ армытъæпæны дзаг дзы сæхсæхгæнгæ фелвæстон æмæ йæ цалдæр хуыппæн æхсызгонæн анызтон. Афтæ — цалдæр хатты. Уым дæлæмæ-иу æхсызгон сатæг хæсгæ ацыд. Кæддæры амондджын уысмтæ мæ зæрдыл æрбалæууыдысты... Уæд-иу мын армытъæпæн арæхдæр аивта нымæтхуд — стæй канд мæнæн нæ, фæлæ ме ‘мцахъхъæнтæй алкæмæн дæр — фæлæ мæм мæнтæджы сыфæй къусгонд акæнгæйæ нуазын бирæ хуыздæр каст. Йæ фылдæр-иу зæххы хай баци, мæ риуыл-иу фæдгæнгæ ацыд, хæдон-иу лæмарын бахъуыд, уæддæр-иу мæ былтæ мæнтæджы сыфæй нæ фæхицæн уыдаиккой. Лæг-иу йæхицæн йæ дойны басæттынхъом нал уыд. Фырзыд нызтæй-иу дын улæфт нал фаг кодтаид, уæддæр-иу дæ хъуырттытæн банцайæн нал уыдаид... 

Фаллаг сыхаг лæппу дукани давды тыххæй ахæстонмæ бахауд. Ноджы иу дукани куы фæкъахтаид! Ахсгæ йæ иу дуканийы тыххæй æркодтой, фæлæ ма дзы æндæртæ дæр разынд. Уыцы хабæрттæ горæтæй — йæ хъуыддаг ын горæты æвзæрстой — хъæумæ куы ‘рыхъуыстысты, уæд нæ сыхæгты лæг афтæ загъта: «Ныр тагъд рæстæджы ирон дон нал баназдзæн...» 

Хистæр хистæр уымæн вæййы, æмæ, кæимæ фæцæры, уыдонæй хæтæнты фылдæр ауайы, фылдæр фены æмæ бавзары. Мæ сыхаг зæронд лæг дæр ирон доны кой хуымæтæджы не скодта. Æвæццæгæн-иу æз мæ сабидуджы бон сауизæрмæ æрыскъæфты фæдыл быдырты рацу-бацу кæнынæй бафæллайыны фæстæ зæххы бынæй цæппузыртæ уадзгæ суадонмæ куы бафтыдтæн æмæ-иу залмысыфæй конд къусæй нуазынæй кæмæй нал æфсæстæн, Бимболат дæр-иу уыцы доны кой кодта. 

Цæхæрадоны цурмæ та ныццыдтæн. Горæтæй ардæм цæмæн фæфæдис дæн, уый Фузæ куы базонид, уæд мыл худæгæй дæр амæлид, йæ зæрдæ дæр мыл фæхудид. Худæгæй мыл амæлид, мæ сæры ахæм хъуыдытæн бынат кæй разынд æмæ ницæйаг фынтыл кæй баууæндыдтæн, уый тыххæй. Йæ зæрдæ та мыл фæхудид, мæ зæрдæ йыл кæй нæ дарын æмæ, æз æгас куы дæн, уæд дæ цæхæрадонмæ зулмæ дæр чи хъуамæ бакæса, зæгъгæ. 

— Мæ зæрде ма цæугæ акодтай, — Фузæ та уынгмæ рацыди.— Дзагко та дæу агуырдта æмæ йын ацыдтæ, зæгъгæ, нæ загътон, фæлæ, зæгъын, ныртæккæ ам уыди. 

Фузæйы, кæй Дзагко, зæгъгæ, куы бафарстон, уæд æм цæмæдæр гæсгæ мæ ныхæстæ диссаг фæкастысты æмæ мын мæхи фæрсынмæ фæци: 

— Бирæ Дзагко-агурджытæ дæ вæййы? — Æмæ йæхæдæг йæхицæн дзуапп дæттынмæ фæци: — Дæ хæрæфырт, мæ хур, дæ хæрæфырт. Уый дæ бирæ уарзы. Мæ рæзты цæугæйæ йæ машинæ ацырдæм кæд нæ ‘рбазилы, ахæм заман нæма скодта. Ам нæ уыди, зæгъгæ, мæ æнæмæнг афæрсы. 

Суадоны был лæугæйæ, иу заман мæ хъустыл машинæйы уынæр ауад, фæлæ, зæгъын, кæд уæлмæрдты былты цы хæдтулгæтæ згъоры, уыдонæй иуы гуыв-гуыв фæтынгдæр и, зæгъгæ, афтæ банхъæлдтон. Æнæуи та мæм, Фузæйы дуармæ цы машинæ лæууыдаид, уый суадоны былæй нæ зындаид. 

— Ам ма дæ, уый куы зыдтаин, уæд æй фæурæдтаин, — цыма, кæй нæ сæмбæлдыстæм, уым аххосджын уыди, уый хуызæн хатыркурæгау загъта Фузæ, — мæнмæ гæсгæ, къутуты ’рдæм ацыди. 

Къутутæ уæлмæрдты уæллаг фарс сты. Кæддæр дзы мус уыди. Мæнæуæй, хъæбæрхорæй, сысджыйæ — быдырты-иу цы хор æрзад, уый иууылдæр уырдæм ластой. Уыдис дзы цалдæр къутуйы дæр, æмæ сыл уыдоны ном сбадти. Къутутæ, мах Фузæимæ кæм ныхас кодтам, уырдæм дæр хорз зындысты. Сæ дуармæ цалдæр машинæйы лæууыди, фæлæ дзы Дзагкойы кæцы уыд, уый ничи раиртæстаид. Фузæйы ныхæстæ мын цыдæр ныфс фесты. Дзагкойыл кæй фембæлдзынæн, уый мæ бауырныдта, уымæн æмæ кæд къутуты ’рдæм ацыд, уæд фæстæмæ йæ фæндаг Куыройдоны сæрты хидыл уыдзæн, æмæ æз дæр мæхи хъæугæрæтты уыцырдæм ныйистон. 

Хур арвы астæумæ фæцæйхæццæ кодта, фæлæ мæм уæддæр кæсаг ахсын афон нæма каст, æмæ æртæ лæппуйы — иу-12–13-гай азтæ кæуыл цыдаид, ахæмтæ — сæ тæккæ хыз даргæйæ уыдысты. Дыууæйæ хиды дæллаг фарс дыкъухыг хызы хъæдтыл фæйнæрдыгæй хæцыдысты, æртыккаг та хиды уæллаг фарс даргъ хъилæй байбынтæ рæхуыста. Сæ хыз фелвæстой, фæлæ дзы тымбылкъухы йас хъуынайы гæбаз йеддæмæ ницы разынд. Мæн куы ауыдтой, уæд дон-дон дæлæмæ ацыдысты. 

Ацы хиды сæрты бахизынмæ куы фæхъавын, уæд æнæмæнг мæ цыд фæсабырдæр вæййы. Цыма искæй куы райхъал кæнон, уымæй фæтæрсын, уый хуызæн фæлмæн къахдзæфтæй цæуын райдайын, хиды бын дон кæм фæмидæг вæййы, уый сæрмæ æрлæууын æмæ уылæнтæм мæ каст скæнын. Искуы-иу хаттæй фæстæмæ дзы æнæмæнг мæ цæст кæсагыл æрхæцы. Доны тæккæ цырены йе ‘ргом уылæнты ныхмæ саразы. Йæ къæдзил нырраст вæййы, йæ базыртæ доны уылæнты æмызмæлд байдайынц. Дæхи йæм куы нæ равдисай, уæд уылæнты ныхмæ йæ базыртæ ныппака кæнгæйæ лæудзæн, фæлæ дæ иугæр ауыдта, кæнæ дæ уынæр райхъуыст, уæд хиды бын фæмидæг вæййы æмæ, дзæвгар рæстæг йæхи нал равдисы. 

Цалынмæ хидмæ хæццæ кодтон, уæдмæ лæппутæ, Сидæны кувæндон бæлас кæм уыд, уымæй дæр фæдæлдæр сты. Хиды сæрмæ та уыцы хъавгæйæ бацыдтæн, фæлæ ацы хатт мæ фæндтæй ницы рауад. Чысыл раздæр дæргъæй-дæргъмæ хъилæй байбынтæ кæм рæхуыстой, уым ма балер кæсаг йæ зæрдæйы дзæбæхæн уылæнтимæ куыд хъуамæ хъаза! Фæлæ уæддæр мæ кæсын нæ ныууагътон. Цæстыл уадысты, ныртæккæ байбыны арфдæр хуынчъыты фыртарстæй йæ улæфт йæ зæрдæйыл кæмæн æмбæлы, уыцы балертæ. 

Машинæйы уынæр мын мæ хъуыдытæ фескъуыдта. Дзагко мæ цуры фæурæдта. 

— Цыдæр у, уæддæр дæ ивгъуыд бонтæ æрымысыдтæ, — йæ мидбылты худгæ мæм æрбацыд Дзагко. 

Ахæм адæймæгтæ ис, æмæ сыл хиндзинадæй нæ фæгуырысхо уыдзынæ, гадзрахатæй рацæуынæй сæ нæ фæтæрсдзынæ, искæмæн сæ зæрдæ æвзæрдзинад зæгъы, уый дæ нæ бауырндзæн. Дзагко уыдоны номхыгъдмæ хауы. Мæнæн бирæ хæрзты бацыд, уый тыххæй нæ зæгъын. Фылдæр хорздзинæдтæ дзы чи зоны, ахæмтæ дæр бирæ ис. Мæ хæрæфырт кæй у, уый тыххæй дæр нæ зæгъын. Дæсгай нæ, фæлæ мын, чи зоны, фондзыссæдзгай хæрæфырттæ дæр ис, фæлæ дзы афтæ бирæтæй нæ загътон. Ноджы ма мæм афтæ дæр кæсы, цыма, Дзагкойы тыххæй, чи йæ зоны, уыдонæй æндæрхуызон ничи зæгъдзæн. Æмæ нæ фæрæдидзæн, уымæн æмæ æндæрхуызон зæгъджытæн фадæттæ ныронг дæр фæуыдаид. 

Кæрæдзиуыл куыннæ хъуамæ бацин кодтаиккам, кæд æмæ мын Дзагкойы уынд куыд æхсызгон уыд, мæ уынд уымæн дæр афтæ æхсызгон уыд! 

— Æз та сахатæй фылдæр дæу агурын... 

Мæ сахатмæ ‘ркастæн, æмæ мæ нымадмæ гæсгæ, куы ‘рцыдтæн, уæдæй нырмæ сахатæй бирæ фылдæр нæма цыд æмæ йын æй бамбарын кодтон. 

— Æмæ дæ æз, ардæм куы нæма ‘рхæццæ дæ, уæдæй нырмæ агурын. — Дзæбæх æй кæй не ‘мбарын, уый, æвæццæгæн, мæ цæсгомыл бакаст æмæ мын йæ хъуыды фæбæлвырддæр кодта: — Æрыдойнæгтæ демæ иу автобусы цыдысты æмæ мæм уыдон, сæхимæ дæр нæма бацыдысты, афтæ хæрзæггурæггаг фесты, дæ мадыфсымæры, дам, федтам. 

— Æмæ мæ æрыдойнæгтæ цæмæй зонынц? Стæй дæуæн цы бавæййын, уый та сын чи загъта? 

— Æрыдойнæгтæ алцыдæр зонынц. 

— Фузæ мын загъта, Дзагко, дам, дæ агуры. 

— О, раздæр цæхæрадонмæ бауадтæн. Уым куы нæ уыдтæ, уæд, æвæццæгæн, Темырхъанмæ ис, зæгъгæ, къутутæм ацыдтæн, фæлæ дзы де ‘рдхордæн йæхи дæр нæ баййæфтон... 

Темырхъан та йæ халсарты фæстæ рахау-бахауыл уыдзæн, æндæр цы! Ацафон уæлдай æнæвдæлондæр вæййы. Пъæмидортæн се ‘рзайын кæнын иу хъуыддаг вæййы, фæлæ сæ бахъахъхъæнын æмæ бафснайын фылдæр сагъæсты бафтауы адæмы. Фæйнæрдыгæй ныхилджытæ æфсарм нал фæзонынц. Хъæуы фос гæппæввонгæй фæлæууынц. Уæдæ Ирыстоны алы хъæутæ æмæ горæттæй Темырхъанæн канд йæхи хæстæджытæ æмæ зонгæтæ нæ, фæлæ уыдоны хæстæджытæ æмæ зонгæтæ дæр базмæлынц. Иууылдæр ме ‘рдхордмæ фæцæуынц, уымæн æмæ уый бригад йеддæмæ халсарты куыст ничи кæны. Уæлдай тынгдæр фесгуыхынц йæ пъæмидортæ. Сæ кой дардыл дæр уымæн айхъуыст. Иуæй-иу хатт сæм кæд хæлæг нæ бакæнын, нæ хъæуы пъæмидорты хуызæн хъуыстгонд куы уаин, уæд мæ æнæхъæн Ирыстон дæр зониккой, зæгъгæ. Æмæ, куы зæгъын, Темырхъаны та ныртæккæ йæ фындз амæрзынмæ дæр не ‘вдæлдзæн. Мæхи дæр æм уый тыххæй не ‘вдисын. Æнæ мæн дæр йæ хъыгдарджытæ фагæй фылдæр кæй уыдаиккой, уый мæ уырныдта. Дис ма йыл цæуыл фæкæнын — иуы зæрдæхудты дæр никуы бацыд. Цæуынц æмæ йæм цæуынц. Ласынц æмæ ласынц. Иу фæззæг æмæ дыууæ фæззæджы нæ, фæлæ бирæ азты дæргъы. Æрмæст мæхæдæг æм цал хатты æрцыдтæн æмæ йæм цал адæймаджы æрæрвыстон, уал хорзы мæ уæд! 

— Суадоны был бафæстиат дæн, — загътон мæхи растгæнæгау. 

— Хæрзаг зынаргъ дын сты ацы бынæттæ... 

— Тынг зынаргъ... 

Машинæйы сбадтыстæм. Фузæйы уæллаг фарс цæхæрадонмæ бацæуæн дуары цур æрурæдтам. 

— Мæ зæрды бирæ цыдæртæ ис, фæлæ нырма æххæст цæттæ нæма дæн, — загъта Дзагко æмæ, сæ къалиутæ хус кæнын кæмæн райдыдтой, уыцы ставд æмæ бæрзонд гæдыбæлæстыл йæ цæст ахаста. — Адон дæр калын хъæуы, уæддæр бирæйы фаг нал сты. 

Хистæртæй куыд хъуыстон, афтæмæй кæд гæдыбæлæстæ арвыл æнцадысты æмæ сыл æртæ лæджы кæрæдзийы къухтыл хæцгæйæ нæ аххæссыдаиккой, уæддæр сыл бирæ нæма цыд. Хæсты размæ сæ ныссагътой. Иу адæймаджы бæрц дæр нæма фæцардысты æмæ хус кæнын райдыдтой, афтæмæй, цы зæххыл зайынц, уый ницы хъуаг у. Уæдæ суадон дæр сæ рæзты кæлы. 

Суадон сæ рæзты кæлы, фæлæ йæ уавæр мæ зæрдæмæ нæ цæуы, алы бырон æм бакалдтой æмæ йæ хуыз бынтондæр аивта. Кæддæр лыстæг балер кæсæгтæ кæм цъыллинджытæ кодтой, уым хæфсытæ фæфылдæр сты. Йæ былгæрæтты ма суанг алыхуызон згъæрæй конд дзаумæтты сæстæгтæ дæр фæзынди. Уыдон æрæмбырд кæнынæн бирæ рæстæг дæр нæ хъæуы, стæй дзы зынæй дæр ницы ис. Иугæр мын мæ зæххы хайыл, æхсæвиуат кæм бакæнон, ахæм бынат фæзынди, зæгъгæ, уæд мæ никæй æххуыс бахъæуид. Суадон, йæ гуырæнæй суанг Куыройыдоныл кæм бафты, уыйонгты цæхæртæ скалын кæнин. Сыгъдæгдзинадуарзаг балертæ йæм кæддæрау еугæф калынмæ куыд цæуой. Бæрæзетæн та сæ бынæй рухс суадзин. Иу уидаг дæр дзы нал ныууадзин æмæ та раздæры хуызæн цъæхнæуу йæ бынат бацахсид. 

Дзагко дзæвгар рæстæг ницыуал сдзырдта. Цыдæр хъуыдыты ахæсты кæй уыд, уый æмбæрстон æмæ йæ нæ хъыгдардтон. Нæ мæ хъыгдардта уый дæр. 

— Ацы суадон дæр афтæ кæлынæн æвгъау у, — загъта æрæджиау Дзагко, цыма йæхинымæры хъуыдытæ дарддæр хæццæ кодта, уыйау. 

— Йæ раздæры хуызæнæй йæм ницыуал ис. 

— Уый асыгъдæг кæнынæн ницы хъæуы, фæлæ мæнмæ æндæр фæндтæ ис, — æмæ та хъуыдыты аныгъуылд. 

Цавæр фæндтæ йæм ис, уый базонынмæ мæхи æрцæттæ кодтон, фæлæ дарддæр ницыуал сдзырдта. 

Суадоны гуырæнмæ хъусæй фæцыдыстæм. 

— Кæсæгтæ хъомыл кæнынмæ амæй хуыздæр ран зын ссарæн у, — загъта та Дзагко. — Дæлæ хидыл кæм æрбахызтыстæм, уымæй йæ чысыл уæлдæр æрцауаз æмæ, ам дæлæмæ цы къуырфау ацыд, уый байдзаг уыдзæн. Йæ арф ронбастæй фæуæлдæр уаид. Уыцы уазал æмæ сыгъдæг доны балер æппындæр ницы хъуаг æййафид. 

Дзагкойы ныхæстæй мæ зæрдæ барухс. Æцæгæйдæр, донвæд йæ былты онг байдзаг, зæгъгæ, уæд дзы диссаджы балердон рауаид. Хæрдзтæ та йыл, зæгъæн ис, æмæ ницы бахъæуид. Дзагко хид кæй схуыдта, уый гæдыбæлæсты бын суадон рахизырдæм кæм азылд, уыцы ран ис. Суадонæй уырдæм та балерæн йæ уæнгтæ айвазынæн дзæвгар фадæттæ уаид... 

— Тыхсгæ ма кæн, — зæрдæтæ мын авæрдта Дзагко. — Кæд Хуыцауы фæнда, уæд истытæ саразын нæ къухы бафтдзæн... 

Дзагко мæн дæр йæ хъуыддæгты архайæгыл кæй нымадта, уымæй мын мæ зæрдæ балхæнынмæ хъавыд, æндæр ын мæнæй цæй æххуысгæнæг уыд! Фæлæ йын уæддæр йæ ныхæстæм æхсызгонæй хъуыстон. Адæймаг истæмæ куы тырна, исты дæр йæ къухы уæд бафтдзæн. Дзагкойы та, æрмæст тырнгæ чи кæны, ахæмæй нæ зыдтон. Иугæр йæ дзыхæй ныхас ссыд, уæд уымæй размæ дзæвгар ахъуыды кæны. 

— Хæдзæрттæ дæр дзы аразын хъæуы, — мæ фæндты тæккæ ахсджиагдæрмæ Дзагко дæр бахæццæ. — Чысыл-ма банхъæлмæ кæс. Кæд мæ фæндтæ мæхи фæндиаг ацæуой, уæд нæ никæй æххуыс бахъæудзæн... — æмæ та ног йæ мидхъуыдыты ацыди. 

Дзæвгар ма фæныхæстæ кодтам. Сæхимæ та мæ хуыдта, фæлæ йын сæфсон кодтон, горæтмæ мæ ахсджиаг хъуыддаджы фæдыл дыууæ сахатмæ цæуын хъæуы, зæгъгæ. Æрыдонмæ мæ йæхи машинæйы баласта. 

— Уæд та ам исты комдзаг скæн, — йæ рестораны дуармæ ма мæм иу хатт æрхатыд Дзагко. — Уæдæ æххормагæй куыд цæуыс? 

— Ныртæккæ нæхимæ уыдзынæн... 

 

XIII
 

Хæстæджытæ алы адæймагæн дæр бирæ вæййы, фæлæ дзы алчи зæрдæмæ хæстæг нæ фæлæууы, кæд фæлæууы, уæд та иухуызон хæстæг нæ. Хъулæттæ мады гуыбыны кæм ис, уым дзы хæстæджыты æхсæн куыннæ уыдзæн! Эльбрус мæ хæрзæфсымæр нæу, стæй суанг мæ фыдыфсымæры лæппу дæр, фæлæ мæ фыдыфыдæн йе ‘фымæры лæппу. Уыимæ Эльбрусæн йæ фыд æмæ мæ фыдыфыдæн, кæд сæ фыд иу уыди, уæддæр сæ мадæлтæ хицæн уыдысты. Нæ хæстæгдзинад, чи зоны, искæмæ дæрддзæфгомау фæкæса, фæлæ мæнмæ мæ дардгомау хæстæг мæ бирæ хæстæгдæр хæстæджытæй хæстæгдæр у. Уды сыгъдæгдзинадæй, зæрдæйы парахатæй, æнæхин æмæ æнæуæлдай ми кæй у, уымæй. Сæрмагондæй зæгъын æмбæлы йæ уæздандзинады тыххæй. Йæ алы уæнджы алы æгъдау ис, зæгъгæ, æвæццæгæн, ахæм адæймаджы тыххæй загътаиккой æппæты фыццаг нæ фыдæлтæ. Эльбрусæн йæ мад æмæ йæ фыд дæр адæмæн адджын уыдысты. Чи сæ зыдта æмæ кæй астæу цардысты, уыдоны цур сæ кой куы рацæуы, уæд сæ æхсызгонæн æрымысынц. Æз сæ дыууæйы дæр æрæййæфтон, фæлæ арæх не ‘мбæлдыстæм æмæ сæ уымæ гæсгæ хорз нæ зыдтон. Мæ чындзæй уæздан ныхæстæ мæ зæрдыл бадардтон. 

Иу хатт Мызурыбын — Эльбрусы ныййарджытæ уырдæм Бадыхъæуæй æрлыгъдысты æмæ сæ амæлæты онг уым фæцардысты — фембæлдыстæм, кæд ма исты хъуыды кæнын, уæд — зианы — æмæ мын бирæ ныхæстæ фæкодта. Цæуыл дзырдтам, уыдон мæ иууылдæр ферох сты, æрмæст дзы иу ныхас мæ зæрдыл бадардтон, цалынмæ цæрон, уæдмæ мæ нæ ферох уыдзæн. Сидзæрæй, дам, баззадыстут æмæ уæм нæ къух ницæмæй фæхæццæ. Хатыр мæ куырдта; афтæ кæй рауад, уымæй йæхи къæмдзæстыгыл нымадта. Уæвгæ та йæ хатыр курын дæр нæ хъуыд, къæмдзæстыг дæр ницæмæй уыд. Хохæй быдырмæ кæд исчи хæдзар дардта, уæд — тынг зынтæй. Стæй сæхæдæг махæй бирæ хуыздæр цардаиккой, уый дæр мæ зынæй бауырныдтаид, уымæн æмæ мах æххуысхъуаг куы уыдыстæм, уæд æххуысхъом адæмтæ афтæ стæм уыдысты, æмæ сæ боныгон цырагъы рухсмæ агурын хъуыд. Уыдонæй нæм тугæй хæстæгдæр чи уыд, стæй нæм цæргæ дæр æввахсдæр чи кодта, ахæмтæ суанг нæхи хъæуы дæр уыдис, фæлæ нæ хæдзары къæсæрæй дæр никуы ‘рбакастысты, цы фестут, ме ‘рвады гæбæзтæ, зæгъгæ, дæр дзы никуы ничи загъта æмæ уыдонæй дæр куы никуы рахъаст кодтам, уæд Уæлгæйы — афтæ хуынди Эльбрусы мад — цас æфсæрм уыд, йæхи афтæ цæмæй хордтаид?! Фæлæ та ацы ран дæр фыдæл раст уыд, лæг адæмæй хæс дары, зæгъгæ. Хæстæг хæстæгæй та ноджы фылдæр хæстæ дары, æмæ Уæлгæ дæр уымæн карзæй дзырдта йæхи ныхмæ. 

Уæдæй нырмæ бирæ азтæ рацыд, фæлæ мæ Уæлгæйы ныхæстæ абон дæр тавынц, сывæллонау мæ рæвдауынц. Цыма нын æцæгæйдæр исты хорздзинæдтæ куы фæуыдаид, уæд мæ ферох уыдаиккой кæнæ та сæ афтæ æхсызгонæн нæ мысин, афтæ мæм фæкæсы. Суанг ма афтæ дæр ахъуыды кæнын, кæд, зæгъын, фæстæдæр мын йæ лæппу цы хæрзты бацыд, уыдоныл йæ зæрдæ дардта, ома мах уын кæй ницы фестæм, уый Эльбрус баххæст кæндзæн, зæгъгæ. Кæд æцæг афтæ у, уæд халонау йе уæны каст, уыдис æм, кæддæр цы ‘рцæудзæн, уый рагацау зоныны курдиат. 

Эльбрус æрдзæй гæрзарм рахаста. Куыд дзурынц, афтæмæй, дам, йæ фыд дæр къухæй рæвдз уыди. Иу ныхасæй, æз мæ фыды фырт куыд разындтæн, Эльбрус та йæ фыды фырт афтæ разынд. Æрмæст æз мæ фыды фырт мæ хъæдын къухæй разындтæн, уый куыд ницæмæ арæхст, афтæ æз дæр рæстмæ зæгæл ныкъкъуырын дæр нæ базыдтон. 

Æмæ мын цы нæ куыст бакодта Эльбрус! Ног фатер-иу куы райстон — мæ фатер ивгæ та мын цалдæр хатты æрцыди — уæд-иу Эльбрус къуыригæйттæ хæдзар нал зыдта. Цалынмæ-иу мын мæ дуæрттæ æмæ рудзгуытæ аивта, хæцæнæй, гуыдырæй-иу сын цыдæриддæр хъуыд, уыдон сæвæрдта, уæдмæ-иу æнцой нал ссардта. Æмæ-иу ын йæ зæрдыл йæ мады ныхæстæ æрлæууын кодтон. Никуы-иу ницы сдзырдта, фæлæ-иу ын, мæнмæ гæсгæ, æхсызгон уыд, йæ ныййарæджы-иу ын кæй æрымысыдтæн, уый дæр, стæй йын йæхи фæллойæн дæр ахæм стыр аргъ кæй скодтон, уый дæр. 

Эльбрус Бадыхъæуы схъомыл. Йе ‘рыгон бонтæ уым арвыста, æз та мæ фыдæлты райгуырæн бæстæ, зæгъæн ис, æмæ æрыхъусæггагæй зыдтон. Дыууæ æви дзы æртæ хатты зианы фæдыл уыдтæн, æндæр йæ къуылдымтæм никуы схызтæн, мæ фыд кæм райгуырд, йæ бирæ фыдæлтæ цы зæххыл цардысты, уым никуы ‘рлæууыдтæн, цы донæй нызтой, уымæй дыууæ боны фæд-фæдыл никуы банызтон, сæ фос цы уæлвæзты хызтысты, уымыты никуы æрзылдтæн, фæндгæ та мæ кодта. Мæ цымыдисдзинадыл ма мын не ‘рвадæлты лæг дæр бафтыдта. Архивты, дам, цымыдисаг æрмæг ссардтон. Цы мын радзырдта, уыдонæй мæм æппæты диссагдæр фæкаст мæ фыдæлты райгуырæн хъæуы равзæрд. Ме ‘рвады ныхæстæм гæсгæ Бадыхъæу равзæрд мин æртæсæдæ нæуæдзæм азы! Цыппæрдæсæм æнусы кæрон! Æхсæз æнусы размæ! 

Фыццаг мæм бирæ фæкастысты уыцы азтæ, стæй бирæ уæвгæ дæр уыдысты, фæлæ цымæ зæххыл Бадыхъæу куынæма уыд, уæд та кæм цардысты мæ фыдæлтæ? Æхсæз æнусы мæм цæмæдæр гæсгæ бирæ нал кастысты, уымæн æмæ æхсæзфондзыссæдз азы размæйы хабæрттæ арвау æнæкæрон арфы ныгъуылынц, сæрбæрæгау сын къæдзил бæрæг нæ уыд æмæ мын уыцы хъуыды азты бæрц бирæ хонын нал уагъта. 

Цыфæндыйæ дæр мæ фæндыди Бадыхъæу хæстæгдæр базонын, йæ уæлдæфæй йын зæрдæйы фаг сулæфын, йæ къæдзæхты сæрыстырдзинад банкъарын, йæ æрдзы рæсугъддзинадæй мæхи иу хатт уæддæр бафсадын. Уыцы хъуыддаджы та мæ зæрдæ Эльбрусыл тынг дардтон. Мæ хъуыды йын куы бамбарын кодтон, уæд ма мыл иуцасдæр дис дæр фæкодта, ныронг, дам, мын цæуыннæ искуы загътай. Куыддæр сæрд йæ тæмæны бацæуа, афтæ, дам, ацæудзыстæм, зæгъгæ, мын зæрдæ бавæрдта æмæ æз дæр æнхъæлмæ кастæн. 

Иуахæмы мæм телефонæй æрбадзырдта. Мæ хъуыды нæ аивтон, уый куы базыдта, уæд мын хæстæгдæр сабаты кой скодта, кæд, дам, æвдæлон дæ, уæд ацæуын æвзæр нæ уаид. Куыд баныхас кодтам, афтæ сабаты ацыдыстæм. Бирæ ногдзинæдтæ базыдтон. Федтон, мæ фыд кæм райгуырд, уыцы... куыд æй схонон, уый дæр нæ зонын, уымæн æмæ мæ фыд кæм райгуырд, уымæн хæдзар схонæн нал уыд. 

— Хъæды астæу куыд цардысты? — бафарстон Эльбрусы. 

— Уый ныр схъæд. Раздæр æм бæлас æввахс дæр нæ уыди, фæлæ дзы цæрæг куынæуал и — Бадыхъæу, æвæццæгæн, Бад хонын растдæр уыдзæн, уымæн æмæ дзы хъæу нал и — уæдæй фæстæмæ сæгæндæг. 

Цæрæг кæм нал ис, уым, чи зоны, æппæты растдæр уыдзæн уæлмæрдтæм бацæуын. Кæйдæрты дзы сæ цыртытыл фыстытæй зыдтон æмæ сыл-иу, кæд нæлгоймагæн мардыл къух æвæрын не ‘мбæлы, уæддæр мæ къух авæрдтон, кæд сæ уазал ингæнтæ сæ байзæддаджы армытъæпæны хъармæй иучысыл уæддæр фæхъармдæр уаиккой, зæгъгæ. Бацыдыстæм Эльбрусы мад æмæ фыды ингæнты цурмæ дæр. Эльбрус сын сæ кæрдæг тонынмæ фæци. Зæгъгæ йын ницы кодтон, фæлæ йæ цыма дзæгъæлы тыдта, афтæ мæм фæкаст. Æрдзон уавæрты ингæнтæ хуыздæр фидыдтой — кæд ингæнтæй афтæ зæгъæн ис, уæд. 

— Ам кæмдæр мæ фыдымады ингæн дæр ис, — загътон Эльбрусæн! — Мæ фыдыхо Дзерассæ мын æй куыддæртæ амыдта, фæлæ йæ афтæ амонгæйæ чи ссардзæн?.. 

Эльбрусы кæд тынг фæндыди мæнæн баххуыс кæнын, уæддæр йæ бон ницы баци, уымæн æмæ йын хъуамæ æз баххуыс кодтаин, æз та ахæм рæтты бынтон æгуыдзæг дæн æмæ дарддæр ацыдыстæм. 

— Къуыццелы лæгæты кой рагæй хъуыстон, æрмæст æй уынгæ никуы фæкодтон. Афтæ йæ цæмæн хуыдтой, уый дæр нæ зыдтон æмæ дзы Эльбрусы куы бафарстон, уæд мын загъта: 

— Къуыццел не ‘рвадæлты чызг уыди. 

— Æмæ исты Къуыццел чызджы ном у? 

— Уæдæ йæ нæлгоймаджы ном æнхъæлдтай? Къуыццел уыди мæ фыдыфыды хо. 

— Мæнæн та? 

— Дæуæн та иу «фыд» дарддæр: дæ фыдыфыдыфыды хо... 

— Бæстæ «фыдтæй» байдзаг. Æмæ уыцы лæгæт дард у? 

— Хæстæг нæу, фæлæ дæ кæд фæнды, уæд æм бацæудзыстæм. 

— Сидæны бынмæ куы цыдыстæм, уыцы хабæрттæ дын нæ дзырдтон? 

— Дзырдтай. 

— Ахæм дард балцы цæуынмæ зивæг кæнын. 

Эльбрус йæ сахатмæ ‘ркаст, йæхимидæг цыдæртæ анымадта æмæ ныфсджын хъæлæсæй загъта: 

— Цæуæм, нырма рæстæг ис. 

— Хæхтыл æм бæрзонд хизын хъæуы? 

— Хизын дзы никуыдæм хъæуы. Фæндагыл ис. 

Фæндаг, раст зæгъын хъæуы, хорз уыдис. Æрмæст комы куыд арфдæр цыд, афтæ йæ хæрдыл æфтыд. 

Иу сахат æмæ æрдæджы бæрц куы фæцыдыстæм, уæд тæрсын райдыдтон, — нæ фæндагæн йæ кæрон тагъд куы нæ разына, уымæй, фæлæ иуахæмы Эльбрус æрлæууыд æмæ, рахизырдыгæй цы дынджыр къæдзæхдур уыд, уымæ бацамыдта: 

— Уартæ дын Къуыццелы лæгæт. 

Мæхинымæр бацин кодтон. Чысыл раздæр цы хъуыдыты ахæсты уыдтæн, уыдон фæйнæрдæм лидзынмæ фесты. Арвмæ скастæн æмæ хуры йæ тæккæ астæу лæугæ куы ауыдтон, уæд мæм фæстæмæ здæхыны кой нал уыд, уымæн æмæ ахъуыды кодтон суанг цъитийы рæбынмæ бацæуыныл дæр. 

Кæдæм цæуæм, уый куы базыдтон, уæд дзы мæ цæст нал истон. Къуырфауы бауайгæйæ-иу æй нал уыдтон æмæ-иу мæм цæмæдæр гæсгæ афтæ каст, цыма йын фесæфынæй тас у æмæ та-иу мæм цалынмæ разынд, уæдмæ мæхицæн æнцой нал ардтон. Фæстаг хатт æй дзæвгар рæстæг нал уыдтам, афтæмæй та йæм мæ хъуыдымæ гæсгæ хъуамæ хæццæ дæр-ма бауыдаиккам. Æрæджиау уæлбылмæ схызтыстæм æмæ, мæм дардæй дынджыр дуры æнгæс чи фæкаст, уый нæ цуры уæйыджы хуызæнæй разынд. Дзæбæх æм æркæстытæ кодтон æмæ дзы лæгæты хуызæнæй ницы федтон. Мæхинымæр афтæ дæр ахъуыды кодтон, кæд, зæгъын, Эльбрус фæрæдыди. 

— Ай дын Къуыццелы лæгæт. 

Уæддæр ма гуырысхо кодтон æмæ Эльбрусы бафарстон: 

— Æмæ йæм лæгæты хуызæнæй куы ницы ис... 

— Лæгæтмæ бацæуæн ссарын хъæуы. 

Эльбрус хæмпæлтæ æмæ къудзиты æхсæн къæдзæхмæ фæндаг агурыныл фæцис. Иуцалдæр къахдзæфы куы бацыди, уæд æз дæр мæ бынатæй фезмæлыдтæн. Сидæнмæ фæндаг мæ зæрдыл æрлæууыд. Куыддæр фæндагæй иуварс ахызтæн, афтæ дзы къæдзæхдуры рæдзæгъдтæ йеддæмæ, къах æдæрсгæйæ цæуыл æрæвæрдтаин, ахæмæй ницы уыд. Ноджы хæмпæлтæ цалынмæ дæ къухæй фæйнæрдæм ассыдтаис, уæдмæ размæ иу къахдзæф нæ акодтаис. Эльбрус мæм къæдзæхрæбын дзыхъхъауæй дзуры: 

— Мæнæ ам тæссаг æрхизæн у æмæ арæхстгай архай. 

Пысырайæ, уагъæлыйæ, мæцкъуыйæ чи кæцы уыд, уый хæйрæг дæр нæ равзæрстаид. Эльбрус къæдзæхы чъылдыммæ бацыд. Æз дæр тыххæй-фыдæй йæ фæдыл цæуыныл архайдтон. Дзыхъхъауæй куы сирвæзтæн, уæд мæм Эльбрус разынд. Уый обаугондыл лæууыд æмæ къæдзæхы бынмæ каст. Йæ фарсмæ æрлæууыдтæн æмæ ауыдтон, йæ бацæуæн цыппар метры фæтæн кæмæн уыд, ахæм лæгæт. Мидæмæ цæйбæрц арф уыд, уый мæм нæ зынд æмæ хæстæгдæр бацыдтæн. Нæ та йын федтон йæ рæбинаг къуым. Йæ бахизæны цур дзуццæджы æрбадтæн æмæ федтон, дыууæ хайæ арæзт кæй уыд, уый. Сæ къуымтæ алайæ сау дардтой. Бынæй дзы цæхгæрмæ æмæ дæргъмæ кæрæдзимæ æнгом æвæрдæй лæууыдысты кауы михтæй чысыл ставддæр хъилтæ. Дзæвгар рæстæг сыл кæй цыд, уый сæ дæрдвæдыл бæрæг уыд. 

— Ацы лæгæты цур-иу нæ фыдæлтæ фос дардтой, — дзырдта мын Эльбрус, йæ фыдæй кæй фехъуыста, уыцы хабæрттæ. — Къуыццел та сын хæринаг кодта; сæ дзаумæттæ сын æхсадта, иу ныхасæй, сылгоймаджы куыстытæ иууылдæр уый æккой æвæрд уыдысты. Æхсæвиуат дæр-иу ам кодтой. Къуыццел, дам, чындзы дæр нæ ацыд. Йæ цард фыдæбонджын адæмæн нывондæн æрхаста. Йæ фылдæр рæстæг дæр ам æрвыста, æмæ фæстагмæ лæгæт дæр йæ номæй хонын райдыдтой. 

Дзæвгар азтæ рацыд, Къуыццел куы цард, уæдæй нырмæ. Къорд фæлтæры ацыдысты йæ фæдыл се ‘нусон фæндагыл, фæлæ уыдонæй бирæты нæмттæ зонгæ дæр ничиуал кæны, Къуыццелы ном та цæры. Чи зоны, ахæм рæстæг ралæудзæн, ацы лæгæты ном куынæуал зоной. Æмæ уым диссагæй ницы уыдзæн, уымæн æмæ рæстæг йæ фæлмы бын ноджы номдзыддæр лæгты нæмттæ фæкодта, фæлæ мын уæддæр æхсызгон уыд, мæ зæронд хойы кой кæй нæма фесæфт æмæ мæн онг уæддæр кæй æрхæццæ. Цæмæдæр гæсгæ мæм афтæ кæсы, цыма лæгæтыл йæ ном хуымæтæджы нæ сæвæрдтой. Къуыццелы размæ дæр бирæ дæсгай æнустæ лæгæт куы уыди, уæд æй æндæр искæй номæй цæуыннæ рахуыдтой? Æвæдза, рæстæджы чиныджы сыфтæ фæстæмæ фæлдахын райдай æмæ Къуыццелы дугмæ рахæццæ у, уæд бирæ цыдæртæ рахъæр уаид. Ацы лæгæт мæ зæронд хойы — кæд зæронд нæ уыди, уæддæр Хуыцау йæ зонæг — ном кæй хæссы, уый куыд зонæм, афтæ йын базониккам йæ царды хабæрттæ дæр, фæлæ, хъыгагæн, уыдон æрмæст бæллицтæ сты, бæллицтæ æмæ æцæгдзинад та фылдæр хатт кæрæдзимæ арв æмæ зæххау дард вæййынц. 

Эльбрусы ма бæргæ фæндыди, лæгæты тыххæй-ма мын исты бæлвырд хабæрттæ куы радзырдтаид, уый, фæлæ уый дæр мæнæй хуыздæр уавæры нæ уыд æмæ фæстæмæ фæндагмæ рахызтыстæм. 

— Цъитимæ ма дард у? — бафарстон Эльбрусы. 

— Ой, Хъазыбег, раст дын куы зæгъон, уæд бафæлладтæн... 

Йæ ныхмæ сдзурын ницыуал бафæрæзтон, уымæн æмæ иугæр Эльбрусы дзыхæй ахæм ныхæстæ схауд, уæд ыл æууæндын хъуыд. Уый хуымæтæджы хъуыддæгтæй йе ‘нæхъаруйыл нæ басастаид. 

— Фæндыди мæ, цъити ма дын куы фенын кодтаин, уый, фæлæ мæ зæнгты хъару нал и... Мæхи афтæ лæмæгъ никуы æнкъардтон. 

Эльбрус, цыма мæ разы стыр аххосджын уыди, дзырдта ахæм хъæлæсы уагæй. Æз та дзы æфсæрмы кодтон, кæд уыйонгты дæр зынæй ссыди, зæгъгæ. 

— Ацы хатт мын хатырæй фæуæд... 

— Цы хатыртæ курыс, цыма æнахуыр адæм стæм æмæ кæрæдзийы фыццаг хатт уынæм. Тынг хорз балцы рацыдыстæм. Ныр фæстæмæ здæхын афон дæр у. 

— Фæстæмæ нæма здæхæм. Дæумæ гæсгæ бынтон афтæ æрлæмæгъ дæн? Фæлæ дын æргом куы зæгъон, уæд цъитимæ мæ ныфс нал хæссын. Стæй ныл куы банафон уа, уымæй дæр æдас нæ дæн. 

— Афтæ дард æнхъæл ын нæ уыдтæн, æндæр дæ фæрсгæ дæр нæ бакодтаин. 

— Иучысыл нæ фæллад суадзæм, фæйнæ къæбæры дæр ахæрæм, кæд дæ фæнды, уæд, — дзуры мæм Эльбрус. 

Комы куы фæуæлæмæ кодтам, уæд Бады дон афтæ сæрбихъуырæйттæгæнгæ тахт, æмæ йæ хъæрмæ хъустæ къуырма кодтой. Йæ уылæнтæй дæ кæцыфæнды куы ацахстаид, уæддæр дзы алла-биллатæй нал раирвæзтаис. Къуыццелы лæгæты цур та дзæвгар æртæнæг. Раст зæгъын хъæуы, йæ уынæрæй ам дæр комы сабырдзинад халыныл нæ ауæрста, фæлæ йæ хъæлæс æрра хъæрмæ дард уыд. Кæд исты зæрдыл лæууын кодта, уæд — зарæг. 

Дон комы дæлæуæз баззад. Йæ фæд ставд æмæ лыстæг дурæй нæ зынд. Иууылдæр — хæрзæхсад, афтæмæй донмæ дард уыдысты. Æвæццæгæн, ивылд куы нæ вæййы, уæд йæ арæнтыл ахæцы æмæ стыр донæй агæпп ласы. Æнæивылдæй та къада дон зæрдыл тынгдæр лæууын кодта. 

Йæ цуры дзуццæджы æрбадтыстæм æмæ нæ къухтæ æхсын райдыдтам. Цъитийæ куы раирвæзт, уæдæй нырмæ дзæвгар фæндæгтыл фæцыд, фæлæ йæ уазал нæ фæкъаддæр, йæ сыгъдæгдзинадæй нæ ахауд. Цыма ахæм доны къухтæ æхсын тæригъæд у, афтæ мæм каст. Уæвгæ цæй æхсад æмæ цæй цыдæр! Доны сатæгмæ нæхи ирхæфстам. Мæ цæсгомыл дæр ма дзы скалдтон. Фаллаг фарс замманай дынджыр дур уыд, æмæ уый аууон баулæфын сфæнд кодтам. Иннæ фарсмæ бахизæн ссардтам æмæ йыл дыууæйæ дæр æнцонæй багæпп кодтам. Хур йæ тæккæ æндавгæйæ уыд, фæлæ дуры аууон иучысыл куы абадтыстæм, уæд нæм сатæг æгæр дæр ма бахъардта. Ноджы доны уылæнтæ дурыл сæхи ахæм тыхцæф кодтой, æмæ-иу йе ‘ртæхтæй иуæй-иутæ суанг махмæ дæр æрбахæццæ сты. Иучысыл-ма аууоны абадтæн, стæй мæм хурмæ лæууын хуыздæр фæкаст, æмæ рухсмæ мæхи райстон. 

Сæумæрайсомæй нырмæ кæсынæй кæмæ нæ бафсæстæн, æрдзы уыцы нывтыл та ногæй мæ цæст ахастон. Æвæдза, арв æмæ зæххæн кæрæдзийæ фæхицæнгæнæн куыд нæй, æвæццæгæн, афтæ æнæфæхицæнгæнгæ сты хæхтæ æмæ цæргæстæ дæр. Цыма, уалæ мæ сæрты цы цæргæс фæтæхы, æнæ уымæй Бадыхъæуы бæрзонддæр хох Фæсфидар нал сфидауид, афтæ мæм кæсы. Стæй канд Фæсфидар нæ, фæлæ иннæ хæхтæн дæр цыдæр нал фаг кæнид, нæзыхъæд фæхстæ æмæ кæрдæгæмбæрзт къуылдымтæ цæсты нал ахадиккой, æхсæрдзæнты хъæлæс фæмынæгдæр уаид... 

Цал æмæ цал фæлтæры бауазæг кодтой ацы айнæг къæдзæхтæ сæ дæлбазыр! Цал æмæ цал дзæбидыр æмæ сычъийы дзуджы схъомыл кодтой сæ сойджын кæрдæгыл, цæмæй мæ фыдæлты фыдæлтæ æмæ уыдоны бирæ фыдæлтæ ацы æнæзæхх бæстæйы сыдæй ма амардаиккой æмæ сæ байзæддаг мæны онг æрхæццæ уыдаид! 

Цыфæндыйæ дæр æрмæст рæсугъддзинадæй цæрæн нæй, цæст цы уына, уый фаг нæу фæлтæр фæлтæры бæттынæн. Сæрыстыр цæргæсы уынд адæймаджы зæрдæйы рæсугъд æнкъарæнтæ æвзæрын кæны, цъитийæ ратæдзæг доны уынæр ын уæнгроггæнæг хос у, арвы цъæх æм бæрзонддæр рындзтæм сиды... Айнæг къæдзæхы алы тигъ дæр лæгæн æхсызгондзинад хæссы. Фæлæ адæймаг æрмæст зæрдæйæ конд нæу. Цæмæй æнæрцæф зæрдæ æмæ уæззау зонд æмгуыст кæной, уый тыххæй бирæ фæрæзтæ хъуыди. Уыдонæй та мæгуырау хай уыди амы цæрæг адæмæн, æмæ сæ фылдæр хатт сæ уæзæджы рæсугъддзинадыл цин кæнынмæ не ‘вдæлд. Цы аргъæутты бæстæйы цардысты, уый сын æрвылбоны æцæгдзинад æнкъарын нæ уагъта... Сæрды тæмæны, кæй зæгъын æй хъæуы, ацы æрдзæн æмбал нæй: иуæй, рæсугъд у, иннæмæй — хъæздыг, сырдæй дæр æмæ зайæгойæ дæр. Йæ фæззæгмæ дæр ын бахæлæггæнæн ис: цы йæ бакастмæ, цы йæ бæркадмæ, фæлæ йæ даргъ æмæ уазал зымæг, йæ æрæгмæцæуаг æмæ кадаваркъух уалдзæг! Уыдон уыдысты бирæты фарсыл мæгуыры хызын æфтауджытæ, уыдон-иу фæкодтой адæмы сæхимæ хъусыныл. Уæддæр нæ хæхтæй хъуамæ бузныг уæм, уымæн æмæ уыдон уыдысты нæ ирвæзынгæнджытæ, уыдон басгуыхтысты ирон адæмы мæсгуытæ æмæ дзылаттæ, гæнæхтæ æмæ фидæрттæ. Нæ хæстмондаг фыдæлтæ скæсæнæй ныгуылæнмæ цы тугæйдзаг фæндæгтыл фæцыдысты, уым хæхты хуызæн дæргъвæтин рæстæг сæ къонаты сæрмæ фæздæг никуы бафæстиат, кæцæй цæуынц æмæ кæдæм тырнынц, ууыл асагъæс кæныны фадат сын никуы фæци, уымæн æмæ сæ хъама сæ сины сæр тъыстæй дардтой, цæугæцард кодтой, цæугæйæ та, куыд æмбæлы, ахæм цардæй никуыма ничи фæцард. Æртæфондзыссæдз азы йеддæмæ нæ цæрæм æмæ уый тыххæй хæдзæрттæ цы аразæм, зæгъгæ, нарты адæмы бафæзмыны бæсты лæгæтты чи цард, уыцы гуымирыты хуызæн хъæутæ æмæ сахартæ аразыны мæт никуы бакодтой, разагъды адæмтау зонды тыхæй архайыны бæсты фылдæр архайдтой цонджы тыхæй æмæ иуæй-иумæ дæр уымæн фæцыдысты. Цагъды уæлдæйтты ма хæхтæ бауазæг кодтой, сæ арфдæр кæмтты сæ бамбæхстой, сæ талынг цъассытæ сын æргъæу галуантæ басгуыхтысты. Хъуыддæгтæ аразæг Хуыцау у æмæ, æвæццæгæн, уый бафæндыди йе сфæлдыст адæмы гагадзагъдæй бахизын, сæ равзæрдæй куыд амондджын уыдысты, сæ кæрон сын афтæ æнамонд ма скæнын. Афтæ куы нæ уыдаид, уæд, хæхбæсты йæ сæр чи бафснайдта, уыдон дæр се ‘ннæ ‘мтуг-æмыстæг адæмау зæххы къорийы алы кæрæтты ныппырх уыдаиккой æмæ сæ фарн, се ‘гъдæуттæ æмæ се ‘взагимæ сæхæдæг дæр фесæфтаиккой. Фæлæ Хуыцау куыдзы коммæ нæ кæсы: нæ бакаст Дунесфæлдисæг æгъатыр рæстæджы коммæ æмæ нæртон адæмы сæрыстыр æмæ хивæнд фæдонты дæлимоны фæндиаг нæ фæкодта: фæндаг сын бацамыдта, сæ быныхъæр кæцæй нæ райхъуыстаид, се ‘взаг æнæвнæлдæй кæм баззадаид, се ‘нæлаз æгъдæутты фæрцы Хуыцаумæ кувæг адæмæй кæм баззадаиккой, ахæм бæстæмæ. Æрмæст уый тыххæй дæр хъуамæ Уæллагæй арфæгонд уæм, æрвылбон ын йæ ном арæм, табу йын кæнæм... 

Цымæ нæ фыдæлтæ æндæр фæндагыл куы ацыдаиккой, уæд сæм цавæр хъысмæт æнхъæлмæ кастаид? Афтæ мæм кæсы, цыма мæ фыдæлтæ нæ, фæлæ уыдоны фыдæлты фыдæлты мыггаг дæр раджы сыскъуыдаид, æмæ æз абон Бады доны был сатæджы нæ лæууин æмæ дардыл хъуыдытыл не схæцыдаин, уымæн æмæ фыддымгæ æндæр рæттæм кæй фæхаста, уыдоны хал ахæрыны бæсты не ‘ргом сарæзтам, амонд нæм йæ къух кæцæй тылдта, уыцырдæм. Нæ туг, не стæг дæр сыгъдæгæй уый фæрцы баззадысты. Сыгъдæгæй баззадысты не ‘гъдæуттæ æмæ не ‘взаг, нæ фарн æмæ нæ фæтк... 

— Уæд та сихор скæниккам? — мæ хъуыдыты хал мын аскъуыдтой Эльбрусы ныхæстæ. 

Цыма мæ мæ адджын фынæй атындæуыд, уый хуызæн фæдæн. Мæ алывæрстæ ахъахъхъæдтон. Эльбрусæн ма дуры фæстæ æнхъæл уыдтæн æмæ уыцырдæм акастæн. 

— Мæнæ дæн, — дзуры мæм иннæ фарсырдыгæй. 

Нæ хæринæгтæ, æртæхтæ кæдæм нæ хæццæ кодтой, уыцы ран æрæвæрдтам æмæ уайтагъд нæ фынг арæвдз. Эльбрус æнæуи куыд уæздан у, фынджы уæлхъус дæр — афтæ. Йæ гуыххæлæй мæ-иу дисы бафтыдта. Нозтимæ дæр лымæн нæу. Лымæн, зæгъгæ, иу, фылдæр-фылдæр æртæ баназы, уый фæстæ лæгъзтæ кæнынмæ фæвæййы, мауал мæм æрхат, зæгъгæ, фæлæ мæ ныр дисы бафтыдта: иу дæр фæстæмæ нæ аздæхта. Уæвгæ нуазгæ дæр цастæ бакодтам: Хуыцау æмæ Уастырджийы ном ссарыны фæстæ бæркад загътам æмæ комы фæуырдыг кодтам. 

Цыма æнæуынгæ дымгæ адæймаджы фæсонтыл размæ хæцыд, уый хуызæн даргъ санчъехтæ кæныныл нал ауæрстам. Кæд цыфæнды фæллад уыдыстæм, уæддæр нын иуварсæй кæсæг нæ фæлмæст нæ раиртæстаид. Иуцасдæр куы рауадыстæм, уæд Эльбрус æрлæууыд æмæ мæ бафарста: 

— Фæйнæ лæдзæджы ракæниккам? 

— Нæ дæ бауырндзæн, фæлæ мæнмæ дæр ахæм фæнд фæзынд. 

— Кæннод уырдыг адæймаджы фæцæйхæссы, — фæразæнгарддæр Эльбрус. — Лæдзæг та уæддæр æмбалы хуызæн у. 

Æцæгæйдæр, лæдзæгимæ цæуын дзæвгар фенцондæр. Иу фæз бынатмæ куы ныххæццæ стæм, уæд Эльбрус æрлæууыд. 

— Иучысыл аулæфæм? — бафарста мæ Эльбрус. — Æви дæ нæ фæнды? 

— Куыннæ мæ фæнды! Стæй ма мын ноджыдæр истытæ радзур, кæд дын æппæт хабæрттæ уæлæмæ цæугæйæ конд нæ фесты, уæд. 

— Уыдон бонмæ дæр дзырд нæ фæуыдзысты, — дзуапп радта Эльбрус, стæй раздæр хурмæ скаст, уый фæстæ — йæ сахатмæ, иучысыл хъусæй алæууыд æмæ загъта: — Нырма рæстæг ис. Уæлæмæ цæугæйæ дæр дæ фæрсинаг уыдтæн, фæлæ мæ æрбайрох... Искуы урс мæнæргъы бахордтай? 

— Хæргæ нæ, фæлæ йæ уынгæ дæр никуы фæкодтон. 

— Уæдæ цом, уæлæ уыцы къуылдыммæ схизæм. 

Доны галиувæрсты фæхæрд кодтам. Эльбрусæн, урс мæнæргъы кæй никуы федтон, уыцы хабар фехъусын йе уæнгты ног тыхтæ бауагъта æмæ уыцы разæнгардæй мæ разæй цыди. Бынæй кæсгæйæ мæм къуыбыр хæстæг фæкаст, фæлæ æмхæрд къулыл хизын куы райдыдтам, уæд нал æмæ нал хæццæ кодтам. Иуцалдæр хатты нæ æрлæууын бахъуыд. 

— Алы аз дæр-иу ардæм цыдыстæм. Урс мæнæргъы æндæр рæтты дæр зайы, фæлæ амæй арæхдæр никуы у, стæй — хæрзаддæр. 

— Кæд æм хур тынгдæр кæсы? 

— Æвæццæгæн. Стæй, мæнмæ гæсгæ, йæ зæххы хъæд дæр хуыздæр у... 

Мæ фæллад дæр мæм нал хъардта, урс мæнæргъы фенынмæ афтæ тырныдтон. Хъæлæрдзыйæ цы зæгъыс, уый зæгъ, фæлæ мæнæргъы иу хуыз йеддæмæ никуы федтон. Чи зоны, сырх мæнæргъыйы фарсмæ сау дзедырæг сфидыдтаид, уымæн æмæ æддаг бакастæй æнгæс сты, фæлæ сырх мæнæргъыйы цур урс мæнæргъы... Ахæм ис, нæй, ууыл ахъуыды кæнын мæ зæрды кæрон дæр никуы ‘рæфтыдаид, фæлæ йæ ныр, æнхъæлдæн, æмæ уынгæ дæр фæкæндзынæн. Уæвгæ мæ уыцы хъуыддаг кæронмæ нæма уырныдта. Тарстæн, исчи йæ не ссыдмæ куы ‘ртыдтаид, уымæй. Ме уæнджы мигъ бадт, къуыбырмæ куы схизæм æмæ дзы иу гагайыл дæр куы нæ сæмбæлæм, уымæй. Ахæм уавæрæн та æфсæнттæй фылдæр цы ис: йæ зайæн аз нæ уыд, йæ афон аивгъуыдта... Фæлæ, куыд рабæрæг, афтæмæй, цæмæй тарстæн, уыдонæй иуæй дæр тæрсын нæ хъуыд. Урс мæнæргъы сæййæфтам йæ тæккæ цæттæйæ. Æддаг бакастæй мæм хохаг сырх мæнæргъыйæ ставддæр фæкаст. Куы дзы фæхъæстæ дæн, уæд мæ уæнгты цыдæр æхсызгондзинад ахъардта. Йæ хæрздæф æмæ ад баиу сты. Цыдæр æнахуыр дунейы мæ балæууын кодтой. Афтæ ма дзеджджыны тæфмæ Дзыццайы уæлибæхтæ æмæ карчы бас æрбаймысын, æваст мæ сабидуг мæ цæстытыл ауайы, æхсызгондæр уæвæн нæй, ахæм æнкъарæнтæ мæ зæрдæйы уидæгтæ базмæлын кæнынц. Ахæм тæф цыма раджы, тынг раджы мæ фындзыл ауад, ахæм хæрзад дыргъæй дæр цыма раджы кæддæр фæхъæстæ дæн, афтæ мæм фæкаст. Къудзитыл зилгæ ацыдтæн. Мæнæргъыйы алы бæласыл дæр дыууæ-æртæ дыргъæй фылдæр нæ уыд. Уыимæ иууылдæр — цæттæ. Урс тута рæгъæдæй цы хуызæн вæййы, раст сын уыд ахæм хуыз. 

— Раздæр куы ‘рбацыдаиккам, уæд йæ тæккæ арæхæй уыдаид. 

Эльбрус та ам дæр йæхи къæмдзæстыгыл банымадта. Нæ балцы размæ йæм цæмæдæр гæсгæ афтæ каст, цыма æхсæр йæ тæккæ арæхæй уыдзæн, фæлæ бæлæстыл иу æхсæр дæр не ‘рбаййæфтам. Нæ размæ йæ тонæг кæй фæци, канд уый тыххæй нæ: йæ афон аивгъуыдта. Бæлæстыл ма цы иуæй-иу нæмгуытыл æмбæлдыстæм, уымæй бæрæг уыд, æхсæр кæй фесгуыхт. Иу кæлмхæрд дæр дзы нæ разынд. Уæдæ йæм ставд æмæ дзагаппæй дæр зæрдæ не ‘хсайдта. Ныр урс мæнæргъыйыл дæр афоныл куы нæ сæмбæлдыстæм, уæд Эльбрусы æфсæрм бацыди. Ахæм заман фырнымд адæймаджы фарсмæ æрбалæууын удыбæстæ у æмæ йын загътон: 

— Мæнæн сæйрагдæр урс мæнæргъы мæхи цæстæй фенын уыди æмæ йæ федтон. Цы тæф æмæ цы ад кæны, уый дæр базыдтон æмæ дын уый тыххæй стыр бузныг зæгъын. Зондджын лæджы загъдау, мыд адджын кæй у, уый базоныны тыххæй та дзы боцкъайы дзаг хæрыны сæр ницæмæн хъæуы. Уымæн уидыг дæр фаг у. 

Эльбрусимæ ма иуцасдæр къудзитыл азылдыстæм, стæй фæстæмæ фæндагмæ ныххызтыстæм. Урс мæнæргъы кæд тынг стæм уыди, уæддæр дзы цалдæр армыдзаджы æртыдтон, залмы сыфы сæ батыхтон æмæ сæ арæхстгай мæ дзыппы нывæрдтон. Цыма цыкурайы фæрдыг аныхъуырдтон кæнæ Дзæм-дзæмы донæй фæхъæстæ дæн, мæхи афтæ æнкъардтон. Мæ мæнæргъыйæдзаг къухтæм-иу куы басмыстон, уæд-иу æхсызгон улæфт мæ къæхты бынмæ ныххæццæ, ме уæнгтæ-иу базыртау сæхиуыл схæцыдысты, бумбулийы уæз дæр-иу нал кодтон. 

 

XVI
 

Æхсæвы Мызурыбын баззадыстæм. Эльбрусы мадырвадæлтæ нæ нал рауагътой. Райсомæй куы сыстадыстæм, уæд æппæты фыццаг мæ зæрдыл æрбалæууыд урс мæнæргъы. Кæцæйдæр мæм цыма йæ тæф æрбакалд, афтæ дæр мæм фæкаст. Мæ къухтæм сысмыстон, фæлæ уымæйразмæ цалдæр æхсады чи фæци, уыдонæй ма цæй мæнæргъыйы тæф хъуамæ ракалдаид! Хуыцау хорз, æмæ мемæ цы мæнæргъытæ рахастон, уыдон мæ дзыппы уыцы æфснайдæй лæууыдысты. Нæхимæ куы ‘рцыдтæн, уæд дзы бинонтæй алчидæр фæхъæстæ. Мæнæн та, Бадыхъæуы дзы цы бахордтон, уый дæр фаг уыд, уымæн æмæ мын урс мæнæргъы Фыдыбæстæйы ад скодта, Фыдыбæстæ та мæм урс мæнæргъыйы хуызæн фæкаст. 

 

1997 — 1998 азтæ 



<==    Комментарии (3)      Версия для печати
Реклама:

Ossetoans.com OsGenocid ALANNEWS jaszokegyesulete.hu mahdug.ru iudzinad.ru

Архив публикаций
  Января 2024
» О чем рассказали восточно-европейские руны
  Ноября 2022
» От Кавказа до Волги
  Августа 2022
» Кавказцы глазами русских: говорят архивные документы...
  Марта 2022
» К вопросу о заселении Фиагдонской котловины, по данным фамильных и народных преданий
» О новых именах в истории царственного дома средневековой Алании
  Февраля 2022
» К ВОПРОСУ ОБ УДЕЛЬНЫХ ВЛАДЕТЕЛЯХ УАЛЛАГКОМА ПО ФАМИЛЬНЫМ, НАРОДНЫМ ПРЕДАНИЯМ И АРХИВНЫМ МАТЕРИАЛАМ
  Декабря 2021
» Осетинская религия; религия осетин (Ирон дин)
  Мая 2021
» Иверская (Моздокская) икона Божией Матери
  Мая 2020
» Соотношение понятий Æгъдау, религия (дин), вера во внутриосетинской дискуссии
  Июля 2019
» Открытое обращение представителей осетинских религиозных организаций
  Августа 2017
» Обращение по установке памятника Пипо Гурциеву.
  Июня 2017
» Межконфессиональный диалог в РСО-Алании состояние проблемы
  Мая 2017
» Рекомендации 2-го круглого стола на тему «Традиционные осетинские религиозные верования и убеждения: состояние, проблемы и перспективы»
» Пути формирования информационной среды в сфере осетинской традиционной религии
» Проблемы организации научной разработки отдельных насущных вопросов традиционных верований осетин
  Мая 2016
» ПРОИСХОЖДЕНИЕ РУССКОГО ГОСУДАРСТВА
» НАРОДНАЯ РЕЛИГИЯ ОСЕТИН
» ОСЕТИНЫ
  Мая 2015
» Обращение к Главе муниципального образования и руководителям фракций
» Чындзӕхсӕвы ӕгъдӕуттӕ
» Во имя мира!
» Танец... на грани кровопролития
» Почти 5000 граммов свинца на один гектар земли!!!
  Марта 2015
» Патриоту Алании
  Мая 2014
» Что мы едим, или «пищевой терроризм»