Iriston.com
www.iriston.com
Цæйут æфсымæртау раттæм нæ къухтæ, абон кæрæдзимæ, Иры лæппутæ!
Iriston.com - история и культура Осетии
Кто не помнит прошлого, у того нет будущего.
Написать Админу Писать админу
 
Разделы

Хроника военных действий в Южной Осетии и аналитические материалы

Публикации по истории Осетии и осетин

Перечень осетинских фамилий, некоторые сведения о них

Перечень населенных пунктов Осетии, краткая информация о них и фамилиях, в них проживавших

Сборник материалов по традициям и обычаям осетин

Наиболее полное на сегодняшний день собрание рецептов осетинской кухни

В данном разделе размещаются книги на разные темы

Коста Хетагуров "Осетинскя лира", по книге, изданной во Владикавказе (Орджоникидзе) в 1974 году.


Перечень дружественных сайтов и сайтов, схожих по тематике.



Rambler's Top100 Рейтинг@Mail.ru Индекс цитирования
Статьи Словари
Здравствуйте, Гость
Регистрация | Вход
Опубл. 30.11.2011 | прочитано 8521 раз |  Комментарии (2)     Автор: Tabol Вернуться на начальную страницу Tabol
Санаты Сем

Хъесаты Валодя 

 

Адæм дыл худдзысты
 

Иу хъæумæ цæугæйæ Сем фембæлд цавæрдæр æдзæллаг лæгыл æмæ йын бауайдзæф кодта: 

— Цæмæн сафыс фыдæлты намыс? Цæмæн халыс кæстæр фæлтæры?! Бакæс-ма дæхимæ: дæ уæрдон пырхытæ, дæ гал кауы зæронды хуызæн. Галæн дæм йæ маст бæргæ тоны, фæлæ... 

Лæг фæмæсты Семмæ, дзурын æй нал бауагъта, фæлæ йæм райдыдта хыл кæнын, æлгъитын, лæбурын. Нал æнцад йæ хъæрæй, йе ’фхæрæн ныхасæй. Хъæумæ куы фæцæйхæццæ кодтой, уæд Сем æрлæууыд æмæ лæгмæ дзуры: 

— Цы дзуринаг, цы ’лгъитинаг ма мын дæ, уый мын ам зæгъ, кæннод дыл хъæуы адæм худдзысты. 

 

Æвзæр аз
 

Сем куырыхон лæг кæй уыд, царды æмæ æрдзы сусæгдзинæдтæ хорз кæй зыдта, уымæ гæсгæ-иу æй адæм фарстой, сæ бон дзуапп раттын кæмæн нæ уыд, ахæм зынбазонæн хабæрттæй. Иу ахæмы та Ныхасы лæгтæ Семы бафарстой: 

— Сем, зæгъ ма нын, дæ хорзæхæй, куыд, цавæр уыдзæн нæ ног аз? Ивгъуыд азæй дæр хъаст нæ кæнæм. Цы уыд, уый зонæм, фæлæ цы уыдзæн, уый зонын хуыздæр у. 

— Æвзæр аз уыдзæн, — дзуапп радта Сем. 

— Цæмæй бæрæг у? Куыд æй базыдтай? — дис кæнгæйæ та йæ афарстой Ныхасы лæгтæ. 

— Сылгоймæгтæ та æгæр арæх æмбырдтæ кæнынц, æгæр цъах-цъах кæнынц, — уыд йæ дзуапп Семæн. 

 

(Хъесаты Бадтайы ныхæстæ, цыдис ыл 81 азы, 

Ногир, 1959 аз). 

 

Авд æвзаджы
 

Санаты Сем зæххыл цы нæ зыдта, иу ахæм ын нæ уыди. Цъиуты цъыбар-цъыбурæй-иу базыдта, цæуыл дзурынц, уый. Хуыцау ын радта æрдзы сусæгдзинæдтæ зоныны бар, уыди адæммæ Хуыцауæй æрвыст лæг æмæ сæ зонгæ кодта Хуыцауы уынаффæтимæ. Гуыргæ дæр уымæн ракодта дзуарджын бынаты: Алардыйы дзуар, Санаты дзуар, Дзуары хох æмæ иннæ дзуæртты æмæ кувæндæтты астæу — Захъагомы Мидæггаг Санаты, Санаты хъæуы. Санаты дзуары бæрæгбон кодтой алы аз дæр, Хетæджы бонимæ-иу иумæ дæр æрæййæфтой. 

Фæлæ ма Сем хорз зыдта æндæр адæмты æвзæгтæ дæр: дзырдта авд æвзагыл. Уый дæр ын Хуыцауы лæвар уыд. 

 

(Радзырдта йæ Беслехъоты Дзадте, цыдис ыл 95 азы. 

Ныффыстон æй 1979 азы 17 ноябры). 

 

Семы ингæн
 

Сем йæ мæлæт зыдта æмæ йæ мæлæн бонмæ бирæ куы нал баззад, уæд фæдзырдта Хохы Санибайы хистæртæм æмæ сын бафæдзæхста: 

— Мæнæн бирæ цæрæнбон нал баззад, фæлæ уæ курын иунæг хъуыддаг. 

— Хуыцау дæ бахизæд мæлынæй, фæлæ зæгъ дæ ныхас, — загъта хистæртæй иу. — Цы нын зæгъай, уый бакæндзыстæм. 

— Курын уæ, куы амæлон, уæд-иу мæ баныгæнут Санибайы хъæуы сæр, æмæ уын уæд мæрдтæй дæр æххуыс кæндзынæн. Уæ хорзæхæй, мæ фæдзæхст-иу мын сæххæст кæнут. Æндæр уæ ницы курын. 

Сем куы амард, уæд ын Санибайы хистæртæ йæ фæдзæхст сæххæст кодтой; баныгæдтой йæ хъæуы сæр уæлвæзы. Фæлæ Семæн йæ ингæн кæм ис, уый абон ничиуал зоны. 

 

(Радзырдта йæ Калоты Лади, цыдис ыл 87 азы. 

Ныффыста йæ Хъесаты Валодя 1992 азы 20 ноябры). 

 

Семы курдиат
 

Санаты Сем зæххыл цы нæ зыдта, ахæм ын нæ уыд. Фæлæ йæм уыцы диссаджы курдиат кæцæй фæзынд, уымæн дзуапп радтын никæйы бон уыд. Алчидæр æй амыдта йæхимæ гæсгæ. Бирæ таурæгътæ зыдта æмæ сæ дзурынмæ дæр дæсны уыд зæронд лæг Хъесаты Алекка. Санаты Семы таурæгътæ æмæ æмбисæндтæ мын куы дзырдта, уæд æй бафарстон: 

— Алекка, бирæтæ тынг дис фæкæнынц Семы курдиатыл, куыд æгъдауæй базыдта сырдты, мæргъты, иннæ цæрæгойты, стæй зайæгойты æвзаг; куыд æгъдауæй-иу базыдта æрдзы сусæгдзинæдтæ, æрдзон фæзындтытæ, цы уыдзæн, куыд уыдзæн, цы ’рцæудзæн, уыдæттæ? 

— Санаты Сем хуымæтæджы лæг нæ уыд, Семмæ Хуыцауы комæвæрд хæццæ кодта, æмæ уымæн уыд ахæм дæсны, уымæн уыдис æппæт зонæг, — дзуапп радта Алекка. 

 

(Радзырдта йæ Хъесаты Алекка, цыдис ыл 85 азы. 

Ныффыста сæ Хъесаты Валодя Ногиры 1959 азы декабры мæйы) 

 

Сем чындзхæссæг
 

Хохы Санибайæ, дам, дард хæххон хъæутæй иумæ цыдысты чындзхæссæг. Семмæ дæр æрхатыдысты, рацу немæ чындзхæссæг, зæгъгæ. Сем сразы æмæ сын загъта: 

— Цæут уал сымах, æз дæр уæ æййафдзынæн. 

Ацыдысты чындзхæсджытæ, уæдæ цы уыдаид. Фæндаг уыцы иу фæндаг — цæуынц, фæлæ сæ фæстæ Сем зынæг нæ уыд. Загътой, асайдта сæ, нæ рацыд. Стæй уæд Сем уæлбæхæй сæ разæй куыд фæцис, уый ничи базыдта. 

 

(Радзырдта сæ Калоты Лади, цыдис ыл 87 азы. 

Ныффыста йæ Хъесаты Валодя 1992 азы 20 ноябры) 

 

Санаты дзуар
 

Захъайæ (Хъесаты хъæуæй, Цъамел дæр ма йæ хуыдтой Цъамелы фæзмæ гæсгæ) Скæсæнырдæм куы ацæуай, уæд фондз — æхсæз километры фæстæ бахæццæ уыдзынæ Захъагомы рæбынмæ; Хуссарырдæм куы ацæуай, уæд та дыууæ-æртæ километры фæстæ бахæццæ уыдзынæ иу цыбыр ком — Санаты комы рæбынмæ. Уым ис рагон, зæронд хъæууат, баззад ма дзы дыууæуæладзыг хæдзæртты къулты пырхытæ, хæлд хæдзæртты бынæттæ æмæ хæлд мæсыг. Ацы хъæу хуыйны абон дæр Мидæггаг Санат. Чи зоны ма дзы уыд ноджыдæр иу Санаты хъæу, фæлæ йæ бынат бæлвырд нал у. Мидæггаг Санат ис Цæгат Ирыстоны Ресы хох æмæ Алардыйы дзуар (уый дæр бæрзонд хохы сæр ис) цы ком хицæн кæны, уыцы комы, Санаты комы. Цардысты дзы Санатæ. 

Мидæггаг Санаты, куыд дзурынц, афтæмæй райгуырд Санаты Сем дæр. Мидæггаг Санатæй Захъайы астæу хохы фахсыл рæсугъд фæзгондыл ис къæйдуртæй амад куывддон, куывды бынат, хуыйны «Санаты дзуар». Кæддæриддæр дзы уыди бирæ уæхстытæ. Захъагомы Алардыты фæстæ тæккæ кадджындæр æмæ стырдæр бæрæгбон уыд «Санаты дзуартæ» Куывд дзы кодтой афæдз ну хатт. Хъæутæй-иу адæм цыдысты хуынтимæ. Алы хæдзар дæр-иу уыцы бæрæгбоны кодта кусарт æмæ-иу дзы дзуары бынмæ ахастой кувинагæн физонæг, æвдасарм, уæливыхтæ, æртыдзыхонтæ, арахъ, бæгæны. Куывтой Стыр Хуыцаумæ, Ресы Уастырджимæ, зæдтæм, дауджытæм. 

 

Сем куыд фервæзт мæлæтæй
 

Дыууæ ’фсымæры Куырттаты комæй ракодтой сæ æртыккаг æфсымæры марынмæ (кæннод та йæ искуы фесафынмæ), лæмæгъ, ницæйаг, фæныкгуыз, дам, у æмæ нæ фæхудинаг кодта, зæгъгæ. Уый та уыди Сем. 

Цæуынц цæуынц æмæ Стыр хохы сæрæй Сем куы ракаст, Захъайы авдæддæгуæлæ аргъуан куы федта, уæд йе ’фсымæртæн афтæ зæгъы: 

— Абон майрæмбон у, фидæн майрæмбоны фæстæ сабаты та мæ мæлæн бон у. 

Æфсымæртæ кæрæдзимæ бакастысты, ацы æфсымæрмæ нын цыдæр Хуыцауы комытæф хæццæ кæны, зæгъгæ, загътой æмæ аздæхтысты фæстæмæ сæ хæдзармæ, нал æй амардтой. 

 

Куыд рабæрæг Семы дæсныдзинад 

Сем балцы цыди саргъы бæхыл бирæ лæгтимæ. Цæуы, цæуы æмæ та бахуды. Лæгтæ йæ фарстой, фæлæ сын ницы дзырдта. Уæд лæгтæ баурæдтой сæ бæхтæ æмæ загътой: 

— Мах демæ нал цæуæм, цалынмæ, цæуыл худыс, уый нын зæгъай, уæдмæ. 

— Мæнгард стут. Мæ зонындзинад хъæр кæнинаг нæ уыдтæн. Цæмæн мæ бафарстат? — Æмæ сын радзырдта, зæххыл алцæй æвзаг дæр кæй зоны æмæ мæргътæм хъусгæйæ кæй худти, уый. 

 

Семы фын
 

Санаты Семы зонындзинад, йæ дæсныдзинад айхъуыстысты æппæт Ирыстоны Хуссарæй, Цæгатæй. Алчи йæ хуыдта сæхимæ æмæ йæ фарстой зондæй, цардæй уæлдайдæр та сæ фидæны цардæй. 

Иуахæмы та йæ ахуыдтой фæрсынмæ Зыгъуыбирмæ. Хуыдта йæ Саулохты Тадзи. 

Сем Хуссар Ирмæ, Зыгъуыбирмæ куы ’рцыди, уæд æй уым хорз суазæг кодтой, йе ’рцыдмæ цæттæ уыдысты алцæмæй дæр. Уый фæстæ Семы райдыдтой хабæрттæй фæрсын. Сем дæр райдыдта дзурын: 

— Дысон куы афынæй дæн, уæд фыны рауарыд фыццаг æрсытæ, стæй — фыстæ, уый фæстæ та — рувæстæ æмæ бирæгътæ. 

— Нæ дæ ’мбарæм, Сем. Уый цавæр фын у? — бадис кодтой зыгъуыбирæгтæ. 

— Уæдæ, æмбæрстæй дзурын раст нæу, — загъта Сем. Фыццаг адæм уыдысты æрсыты хуызæн зондæй дæр æмæ хъаруйæ дæр. Ныры адæм сты сабыр, раст фыстæ æмæ фырыты хуызæн. Мах фæстæ та уыдзæн сайаг, мæнгард, бирæгъ адæм. 

 

(Радзырдта сæ Хъесаты Алекка, цыдис ыл 85 азы, 

Ногир, 1959 азы декабрь). 

 

Куыд схъæздыг мæгуыр лæг
 

Мæгуыр лæг бафтыди фыййæуттæм. Чысыл фæстæдæр уырдæм бахæццæ Сем дæр. Уыцы рæстæджы фыййæутты фосæй иу фыс ныззад æмæ ныййардта дыууæ уæрыччы: сыл æмæ нæл. Уæрыччытæ уасыдысты, уæдæ цы кодтаиккой. Сем сæм хъуыста лæмбынæг æмæ мæгуыр лæгæн афтæ зæгъы: 

— Ацы дыууæ уæрыччы ма ныууадз æнæ балхæнгæ. 

— Мæ хæдзары никуы ницы ис, уыдонæй дæр ма цы кæнын, сæ масты аргъ нæ уыдзысты, — æнкъардхуызæй дзуапп радта мæгуыр лæг. 

— Нæ, нæ, балхæн сæ, — загъта та Сем. Уæртæ куыд дзурынц, уымæ ма байхъус. Сыл уæрыкк афтæ зæгъы иннæмæн, уæртæ, дам, мæ уыцы мæгуыр лæг куы балхæнид, уæд, дам, ын мин фысы мад уаин. Æмæ йын нæл уæрыкк афтæ: «Бæргæ, мæн дæр куы балхæнид, уæд ын æз та мин фысы фыд уаин». 

Мæгуыр лæгæн кæд уæрыччыты нæ уæй кодтой, уæддæр нал ныууагъта фыййæутты æмæ йын сæ ауæй кодтой. Бирæ рацыд — чысыл, чи зоны, фæлæ мæгуыр лæгыл Семы ныхас æрцыд — йæ фос, йæ исбон æфснайын дæр нал фæрæзта — схъæздыг. 

 

(Радзырдта йæ Быгъуылаты Бицо Угъалыхъы фырт, цыдис ыл 77 азы, 

Нартыхъæу, 1960 азы февраль). 

 

Семы балц
 

Хуссар Ирыстоны Зыгъуыбиргомы цæрæг Саулохтæ Санаты Семы хуыдтой сæхимæ. Сем ма йемæ куыннæ акодтаид æмбæлттæ. Араст сты æмæ Куырттаты комы Андиаты фыййауыл сæмбæлдысты. Фосы астæуæй иу уæрыкк уасы, ратæх-батæх кæны, агуры йæ мады. Стæй йæ мады куы ссардта, уæд банцад, уæдæ цы. Уæд Сем йе ’мбæлттимæ æрфысым кодта Андиатæм. Андиатæ сæм хорз куыннæ æркастаиккой? Дыккаг бон уазджытæ цæуынмæ куы хъавыдысты, уæд фысымтæ Семæн стыр лæвæрттæ кæнын фæнд скодтой, фæлæ Сем ницы куымдта. 

— Кæд мын исты хорз фæуынмæ хъавут, уæд мын знон фосы астæу чи уасыд, уыцы уæрыкк аргæвдут, — загъта Сем. 

Фысымтæ фыййауы афарстой, кæцы уæрыкк уыд, зæгъгæ, æмæ аргæвстой уыцы уæрыччы. Фæлæ уæрыкк куы аргæвстой, уæд ын йæ тугæй цуанон куыдз асдæрдта. Уазджытæ сæхи хорз куыннæ федтаиккой уæрыччы фыд, хæрд, нозтæй. Куы цыдысты, уæд та Семы æнæ лæвар нал уадзынц, æмæ сын Сем афтæ зæгъы: 

— Уæдæ мын кæд лæвар кæнут, уæд мын уæ куыдзы радтут, æндæр уæ ницы домын æппындæр æмæ ницы райсдзынæн. 

— Ау, уый та куыд? Куыд хъуамæ балæвар кæнæм цуанон? — загътой фысымтæ. — Дæ хуызæн уазæгæн зынаргъ, кадджын лæвæрттæ хъæуы дæттын. 

Бирæ фæрадзур-бадзур кодтой, фæлæ Сем ницы бакуымдта æндæр. Уæд куыдз (цуанон) бауад æмæ хæдзары астæуккаг цæджындзыл бамызта. Сем уый куы федта, уæд куыдзы дæр нал райста, фæлæ сын афтæ зæгъы: 

— Андиатæ, уæ амонд уæхи у æмæ уæхицæй никуыдæм цæуы. Æнамондæй тас уын нæу. 

Уырдыгæй ацыдысты æмæ ныххæццæ сты Захъагомы рæбын Абайты хъæумæ. Семы йе ’мбæлттæ фæрсынц: 

— Сем, уыдон чи сты, цавæр адæм сты, цæмæй цæрæг сты? 

— Уыдон сты Абайтæ. Ис сæм хорз зæххытæ, сты магусайæ хъал адæм. Цард сыл хæцы сæ зæххы фæрцы. 

Уырдыгæй ацыдысты Хуссар Ирыстонмæ, Саулохтæм. Уыдон дæр сæ хорз суазæг кодтой, фæлæ сын Сем афтæ зæгъы: 

— Саулохтæ, хорз адæм стут, фæлæ уæ зындгонд, дзырддзæугæ адæмæн кад кæнын нæ зонут, æмæ уæ размæ бирæ ницы рацæудзæн. 

Æмæ æцæгдæр афтæ сты абоны онг дæр уыцы мыггæгтæ. 

 

(Радзырдта йæ Калоты Самсон Никъалайы фырт, 

цыдис ыл 67 азы, 1959 азы ноябрь, Ногир). 

 

Семы фæдзæхст
 

Санаты Сем райгуырд æмæ цард Санибайы. Иу рæстæджы ныхасы адæмæн афтæ зæгъы: «Æз тагъд нæ амæлдзынæн, фæлæ куы амæлон, уæд-иу мæ уæртæ Санибайы ныгуылæн фарс цы къæдзæх ис, уым баныгæнут». 

Рацыд бирæ рæстæг. Иуахæмы йæ йæ мадырвадæлтæ Саулохтæ хуыдтой сæхимæ (Саулохты хæрæфырт уыд). Иунæгæй куыд ацыдаид æмæ йемæ акодта æмбæлттæ. Фæндагыл фембæлдысты иу хъомгæсыл. Сем хъомвосыл йæ цæст куы ахаста, уæд дзуры хъомгæсмæ: «Хорз лæг, дæ къамбец заинаг у, йæ рæуæд та зыгъар у». Уæд ын хъомгæс афтæ зæгъы, мидбылхудгæйæ: 

— Къамбец заинаг у, раст зæгъыс. Фæлæ йæ рæуæд зыгъар нæу, уый йæ къудийы урс кæрон йæ ныхыл æвæрд у æмæ дæм уымæн зыгъар кæсы. 

Сем æмæ хъомгæсæй ничи састи, кæд стыр быцæуы бацыдысты, уæддæр. Фæстагмæ стыр хæснаг скодтой, чи растдæр дзуры, зæгъгæ. Раргæвстой къамбецы æмæ рæуæдæн йæ къуди йæ ныхыл æвæрд разынд. Уæд Сем йæ царды бонты фыццаг хатт фембылды. 

Сем йæ хæснаг бафыста, уæдæ цы уыдаид. Цæуынц дарддæр æмæ Сем хохæй Захъамæ куы ’ркаст, уæд æрлæууыд, æрхызт йæ бæхæй æмæ æнкъардæй арф ныуулæфыд. Семы йе ’мбæлттæ афарстой. 

— Цы кодтай, Сем, цæуыл фенкъард дæ? — Уæд сын Сем афтæ зæгъы: 

— Дæлæ Захъайы авдæддæгуæлæ аргъуан уынут? Уымæн фидæн абон йæ кæлæн у, мæнæн та — мæ мæлæн. 

Кæм бауырныдта бæлццæтты Семы ныхас, дзурын дæр æй нал суагътой, дæхæдæг дæр æмæ, дам, уыцы аргъуан дæр нырма бирæ адæмты батондзыстут. Уырдыгæй ацыдысты Ручъы æфцæгыл Зыгъуыбирмæ, Саулохтæм. Саулохтæ сæ хæрæфырты хорз суазæг кодтой йæ уазджытимæ. Сем сын бирæ хорз ныхæстæ, бирæ æмбисæндтæ фæдзырдта. Радзырдта сын, йæ фыны цытæ федта, уыдон дæр. Лæвæрттæ дæр ын куыннæ кодтаиккой. 

Уырдыгæй куы раздæхтысты, уæд, æцæгдæр, афæдзы фæстæ майрæмбоны ныккалд Захъайы аргъуан. Уыцы бон амарди Сем дæр. Сем, йæ фæдзæхстмæ гæсгæ, ныгæд æрцыд Санибайы къæдзæхы. 

 

Семы райгуырд
 

Куырттаты комы иу ус æмæ лæгæн (Санатæй) алы хатт дæр гуырди лæппутæ, фæлæ та-иу сын уайтагъд амардысты. Сæ тæригъæдæй адæм зæрдæскъуыд кодтой, бæстæ тъæппытæ хаудта. Уæд та сæм иу бон устытæ къордæй фæцæйцыдысты æнкъард ныхæстæ кæнгæйæ. Иу зæронд лæг сыл амбæлд æмæ сæ бафарста: 

— Цæмæн афтæ æнкъард стут? Рынчын, зианæй Хуыцау бахизæд?! 

— Уæртæ та уыцы æнамонд бинонтæ æнамонд гуырдмæ æнхъæлмæ кæсынц абон. Судзгæ фæбада уыцы ныййарæг, цин æмæ зианмæ та иумæ чи æнхъæлмæ кæсы, — загъта устыты хистæртæй иу. 

Зæронд лæг йæ боцъотæ даугæйæ цъусдуг зæхмæ фæкаст, стæй устытæн афтæ зæгъы: 

— Бахатыр кæнут, уæ фарн бирæ уæд, фæлæ-иу уыцы гуыринаг æддæмæ куы зына, афтæ-иу æй хуыйы сойæ айсæрдут. Куы райгуыра, уæд та-иу ын йæ алыварс хъамайы фындзæй хахх æркæнут, уæд æй æнæзæгъинæгтæ нал айсдзысты. 

Устытæ æцæгæй дæр афтæ бакодтой, æмæ бахастой хуыйы сой, хъама æмæ сывæллон æддæмæ куыд зынд, афтæ йæ тагъд сæрстой хуыйы сойæ. Куы райгуырд, уæд та йын йæ алыварс хъамайы фындзæй хахх æркодтой, фыдбылызтæ сургæ. 

Санатæн та ацы хатт дæр райгуырди лæппу, æрмæст ныр мæлгæ нал акодта. Ном ыл сæвæрдтой Сем (Санаты). 

 

(Радзырдта йæ Хъесаты Алыкка, цыдис ыл 85 азы. 

Ныффыста йæ Хъесаты Валодя 1959 азы 17 декабры Ногир). 

 

Сем æмæ хæйрæг
 

Куырттаты комы, дам, Уæлхъæриуы Сем хос карста. Йæ фæстæ хæйрæг дæр хъæдын цæвæгæй кæрды хос. Сем куыд акæны, уый дæр æй афтæ афæзмы. Сем ахъуыды кодта æмæ йæ къæхтæ хосбæндæнæй бабаста. Хæйрæг дæр афтæ. Сем сæ цæвæгæй слыг кодта. Хæйрæг дæр. Сем фидар уæрдæхæй ног бабаста йæ къæхтæ. Уый дæр та афтæ бакодта. Сем цыргъ цæвæгæй уæрдæх алыг кодта. Хæйрæг дæр ма бæргæ афæлвæрдта хъæдын цæвæгæй уæрдæх лыг кæныныл, фæлæ йын дзы куы ницыуал рауад, уæд дзуры Семмæ: 

— Зондæй мыл фæтых дæ, æрцахстай мæ. Ныр цæрдзынæн сымахимæ. 

Æркодта йæ Сем сæхимæ æмæ иумæ цардысты. Хæйрæг дæр æрхæдзарон ис. Алы майрæмбоны дæр ын йæ сæр сæрдасæндзæф кодтой. Хæйрæг-иу дон хæссынмæ куы ацыд, уæд-иу æрбаздæхт тынг æрæгмæ. Куы йæ фарстой, цæмæн афтæ æрæгмæ фæцæуыс, уæд загъта: 

— Æз ын йæ сыгъдæгæй фæисын, кæннод дон йемæ бирæ чъизидзинæдтæ ласы. 

Уæд-иу донмæ бирæ фæкаст æдзынæг æмæ-иу хатт æвиппайды фелвæста къусы дзаг дон, йе ’ннæ, дам, сыгъдæг нæу. 

Иу майрæмбоны (майрæмбоны йæ æрцахста Сем) хъæуы лæгтæ иууылдæр ацыдысты хъæуæй. Хæйрæг уынгты æд сæрдасæн ратæх-батæх фæкодта æмæ йын йæ сæр сæрдасæндзæф чи фæкодтаид, уый нæ уыд. Сылгоймагæн та сæрдасæнмæ ’вналын не ’мбæлд. Уый адыл хæйрæг фæдæлдзæх. 

 

Халæтты ’взаг
 

Цымытийы, дам, Сем бадти лæгтимæ Ныхасы. Сæ сæрты дыууæ халоны кæрæдзи тонгæ ’рбатæхынц. Сем фæрсы лæгты: 

— Цæуыл тох кæнынц уæлæ уыцы хæлæттæ? 

— Æмæ сын чи цы зоны? — сдзырдта чидæр. 

— Уыдон уартæ комы Андиаты бæхы мардмæ тæхынц æмæ тох кæнынц «нæ, æз ын къахдзынæн йæ рахиз цæст, нæ, æз, зæгъгæ». 

Ныхасы адæмы нæ бауырныдта Семы ныхас æмæ Андиатæм арвыстой бæрæггæнæг. 

— Уæ бæх кæм ис? — бафарстой æрвыст лæгтæ. 

— Нæ бæх рæгъауы хизы. 

— Цом-ма, бабæрæг æй кæнæм, — загътой та лæгтæ æмæ ацыдысты рæгъаумæ. Бæхы ссардтой комы мардæй, йæ рахиз цæст къахт, афтæмæй. 

 

Къонайы маст
 

Сем хæхбæстыл куы азылд, уæд Хилакъæй Захъамæ цæугæйæ, Стыр хохæй Абайты хъæумæ рагъæй æркаст. Иу хæдзары сæрмæ фæздæг зилдух кæнгæ хæрдмæ цæвы. Семы лæгтæ бафарстой: 

— Уый цавæр диссаджы фæздæг у? 

— Фæздæг кæцæй цæуы, уыцы хæдзары ис хуынд, — загъта Сем. — Сæ бадты адæм уырдыглæууæгæн иу хай, иу нуазæн дæр нæма радтой æмæ къона мæсты кæны. 

Æрцыдысты хъæумæ. Æцæгдæр, хъæуы уыди куывд. Бахуыдтой сæ. Æрбадын сæ кодтой. Сем фысымтæн арфæйы фæстæ нуазæн авæрдта уырдыглæууæгæн. 

— О, амондджын уазджытæ фæуат, уæддæр ма мæ сымах æрхъуыды кодтат. Абондæргъы кæй уæлхъус лæууын, кæмæн лæггад кæнын, уыдон мæ не ’рхъуыды кодтой, фæлæ сымах Хуыцауы зæрдыл хорзæй фæлæуут. 

Сем куы рацыд йе ’мбæлттимæ, уæд скаст фæздæгмæ, уый рæстмæ цæуын райдыдта. 

(Абайтыхъæу ис Захъагомы). 

 

Санаты дарæнтæ
 

Ам, Куырттаты комы, Дзывгъисы сæрмæ рагъæй куы ахизай, уæд уым сты Санаты дарæнтæ. Уым раджы кæддæр Санатæ дардтой сæ фос. Стыр, дардыл тъæпæнтæ сты. Ис дзы Санаты лæгæт, фосдарæн уæтæртæ, дуцæнтæ, сисамæдтытæ, сæрвæттæ, уыгæрдæнтæ. Æз фыййау бирæ фæцыдтæн хæсты размæ, æмæиу мæ фос арæх дардтон Санаты дарæнты. Фæстагмæ уыцы дарæнты сæ фос дардтой Куырттаты комæй фондз мыггаджы. 

Уыцы хъæздыг æмæ фадатджын дарæнтæ Санаты Семы номимæ истæмæй баст сты, æви нæ, уымæй дын бæлвырд ницы зæгъдзынæн. Чи зоны, уыцы хабæрттæ хистæртæ зыдтаиккой, чи зоны ма ныр дæр исчитæ хъуыды кæнынц таурæгътæ Санаты дарæнты тыххæй, Санаты Семы тыххæй. Семы кой хъусгæ арæх кодтон, æмбисонд-иу дзы хастой. 

 

(Радзырдта йæ хæсты æмæ фæллойы ветеран Елхъанаты Табег 1992 азы декабры. 

Ныффыста йæ Хъесаты Валодя) 

 

Æхсыры цад
 

Захъагомы Мидæггат Санаты хъæуæй хуссарырдæм куы скæсай, уæд уым æппæты бæрзонддæр хæхтæй иу хуыйны Дзуары хох. Дзуары хох ис Ресы хохы фарсмæ, хурыскæсæнырдыгæй, фæлæ дзы у ныллæгдæр — Рес се ’ппæтæй бæрзонддæр хох у. 

Куыд дзурынц, афтæмæй Дзуары хохы сæр къæдзæхты астæу ис Æхсыры цад. Уыцы Æхсыры цады, дам, Уастырджи йæ бæхы фæнайы. Адæмæн Дзуары хохмæ, Æхсыры цадмæ æввахс цæуæн нæ уыд, табугонд сæ хуыдтой. 

Чи зоны, Æхсыры цады æхсырæй сывæллонæй фæхъæстæ Санаты Сем æмæ йæм уæларвон тых дæр уымæн фæзынд. Мидæггаг Санатæй — Семы райгуырæн хъæуæй — Æхсыры цадмæ хæстæгдæр хъæу нæ уыд Захъагомы. 

 

(Радзырдта йæ Калоты Лади, цыдис ыл 87 азы. 

Ныффыста йæ Хъесаты Валодя 1992 азы 20 ноябры, Дзæуджыхъæуы) 

 

Санаты Семы тыххæй
 

Захъайы зæххыл Хъесаты хъæуы фале Санаты комы ис Санаты хъæу. Уыцы ран райгуырди Сем. Хъæуы быууат у лæгъз. Иудыууæ километры дæлæмæ куы’ руадаис, уæд уым уыди ку вæндон. «Санаты дзуар» æй хуыдтой. Адæм дзы куывды бадтысты алыаз дæр. Хъесатæ стыр мыггаг уыдысты æмæ сæ сыхаг хъæуты цæрджыты тыхсын кодтой. Гъемæ уæд Семы зæрды æрæфтыд йæхицæн æндæр цæрæнбæстæ бацагурын. Зилын райдыдта алы рæтты: тарсти, стыр мыггагимæ исты фыдбылызтæ куы ’рцæуа, уымæй. Иуахæмы æрбафтыди Хъæнимæ. Ам æрдзыхъæд йæ зæрдæмæ фæцыд, адæмимæ балымæн и. Бынæттон цæрджытæ дæр æй бауарзтой, стыр зонды хицау у, уый куы базыдтой, уæд. Радтой йын зæххы хай, æмæ дзы хæдзар сарæзта, фæзындис ын байзæддæгтæ. Хъæнийыхъæуккаг Цырыхаты Ладе (100 азæй фылдæр фæцард) æмæ тменыхъæуккаг Царахаты Газакк дзырдтой, иу хатт, дам, Хъолайы цъитийы рæбынмæ ссыд, æмæ фæстæмæ куы æрыздæхт, уæд загъта: «Цъити хъæн у, æмæ куы ракæла, уымæй тæссаг у». Æмæ уый фæстæ цъити æцæг дæр ракалд æмæ авд хъæуы (авд Гæналы) бабын кодта. Семы ныхас ма абон дæр æрымысынц: «Авд Гæналы — гæныстон, æстæм Гæнал — ривæддон». 

Сем Санаты комы кæй цард, уыцы хабæрттæ арæх кодта Хъесаты Дохцыхъо, 100 азы бæрц ыл цыдаид. Æз дæр сæ уымæй æрыхъуыстон. Мæхæдæг Захъагомы райгуырдтæн, Зригæттæ, зæгъгæ, уыцы хъæуы. Санаты хъæуæй мах æхсæн уыдаид иу цыппар километры. 

 

(Радзырдта йæ Хохы Санибайы цæрæг Калоты Тылатт 2003 азы 17 июлы. 

Тылаттыл цыдис 72 азы. Ныффыста йæ Хъодзаты Æхсар) 

 

Семы хæснаг 

(Таурæгъæй арæзт радзырд)

 

 

Хохаг хъæууынгты æрцæйцыд Санаты Сем. Кæсы æмæ иу хæдзары дуармæ йæ къамбецæн холлаг дæтты мæгуыр лæг. Сем мæгуыр лæгæн салам радта, бакæстытæ кодта заинаг къамбецмæ æмæ афтæ: 

— Дæ къамбец дын зыгъар рæуæд ныййардзæн, хорз лæг! 

— О, уый Сем куы дæ! Алы бон æгас цу! Дæ фенд мын тынг æхсызгон у, фæлæ мæ къамбецæн зыгъар рæуæд нæ уыдзæн, — не сразы Семы ныхасыл зæронд мæгуыр лæг. 

— Æз та дын зæгъын, зыгъар у! 

— Нæу зыгъар. Æвæццæгæн, йæ къæдзилы кæрон урс у, æмæ уый йæ ныхыл æвæрд æрцыд, — нæ сæтты мæгуыр лæг. 

Сæ быцæу тынгæй-тынгдæр кæны. Адæм сыл æмбырд кæнын байдыдтой. Алкæмæ дæр диссаг каст — куыд быцæу кæны мæгуыр лæг Семимæ, куыннæ разы кæны йæ ныхасыл. Ничи æууæндыд мæгуыр лæджы ныхæстыл. Алчидæр дзырдæппарæн кодта: «Сем зондджын лæг у, Сем нæ рæдийы», «Сем дæсны лæг у, цы нæ зоны, ахæм ын нæй», «Кæимæ дзурыс?! Сем йæ уæны кæсы халонау», «Сем раст зæгъы — рæуæд зыгъар у»... Уæд сын мæгуыр лæг загъта йæ фæндон: 

— Уæдæ мыл кæд не ’ууæндут, уæд хæснаг скæнæм: кæд рæуæд зыгъар разына, уæд уын мæ къамбецæй хъæугуывд скæндзынæн. Кæд æз раст зæгъын, уæд мын Сем дыууæ къамбецы балхæнæд. 

Адæм схор-хор кодтой: «Хъæугуывдæн фæтагъддæр кæнæн нæй?», «Дæ къамбец кæд ныззайдзæн?..», «Кæд æй аргæвдæм? » 

— Разы дæн уемæ, — загъта та мæгуыр лæг, — аргæвдут æй абон. Кæд Сем хæснагыл разы у, уæд ныртæккæ дæр. Æрмæст Сем куы фæхæрд уа, уæд кусарт дæр мæхи куыд уа, афтæ. 

— Дæ къамбец дæр, дæхæдæг дæр тæригъæд стут. Фæлæ уæ тæригъæд уæхи — æз разы дæн! — загъта Сем. 

— Ныууадз цæй! Дæ бинонты дарæг куы у! Æрра сдæ, æви! Кæимæ тох кæныс? Санаты Семимæ?! Дæхи æрæмбар! — дзырдтой адæм мæгуыр лæгæн. 

Нæ байхъуыста адæммæ. Аргæвдын кодта йæ къамбец. Æмæ диссаг! — рæуæд зыгъар нæ уыд, фæлæ йæ къæдзилы кæрон — урс! Санаты Сем фыццаг хатт фембылды. Мæгуыр лæгæн радта дыууæ къамбецы. Кусарт дæр баззад мæгуыр лæгæн. Фервæзын кодта «зыгъар» рæуæды дæр йæхицæн мæгуыр лæг, уæдæ цы уыдаид. 

P.S. Ацы таурæгъæн йæ иннæ варианты раст разынд Санаты Сем. 

 

(Ныффыста йæ Хъесаты Валодя, 1985 аз 21 февраль) 

 

Куыд ахъазыдысты Семæй
 

Дыууæ расыг лæджы кæрæдзиуыл хæцгæ æрбацæуынц цудтытæ кæнгæ, хъæлдзæгæй. Сæ иу иннæмæ дзуры: 

— Кæс ма, кæс. Уæртæ чи ’рбацæуы, уый Сем нæу, Сем? 

— Кæд ма исты зонын, уæд Сем у, Сем. 

— Цæй æмæ дзы ахъазæм, и? Куыд зæгъыс? 

— Ахъазæм... Цæуылнæ хъуамæ ахъазæм... Искæмæй йын дон рахæссын кæнæм... 

Сем сæ цурмæ куы ’рбахæццæ, уæд æм фыццаг лæг бухъытæ кæнгæ, хин мидбылты худт кæнгæ дзуры: 

— Сем, уæ Сем! Зæгъ-ма нын, дæ хорзæхæй, куыд растдæр уыдзæн: «Дон нын рахæсс», æви «Дон нын авæр». Дæумæ та куыд растдæр кæсы, Сем, и? Дæу æппæт зонæг куы хонынц, и? 

Сем бамбæрста хъуыддаг; æнæрвæссон каст сæм бакодта, æмæ сын загъта: 

— Уæ дыууæ дæр раст не стут. 

— Уый та куыд?! Уæдæ куыд хъуамæ зæгъæм? — къахæгау æй афарста дыккаг лæг. 

— Сымах хъуамæ зæгъат: «Донмæ нæ аскъæр», зæгъгæ, — дзуапп сын радта Сем æмæ дарддæр йæ фæндаджы кой кодта. 

Дыууæ лæгæн сæ дзыхтæ хæлиуæй аззадысты, кæрæдзимæ фæрсæджы каст бакодтой, Семы фæдыл акастысты, стæй фыццаг лæг афтæ бакодта: 

— Ай нæ фос куы хоны, фос... И?! 

— Дæхи аххос уыд... Семæй, дам, ахъазæм! Цæй ныр, чи кæмæй ахъазыд? — мæстыйæ загъта дыккаг лæг. 

 

(Ныффыста йæ Хъесаты Валодя, 1992 аз) 

 

Уæддæр астæуæй уыдзæн
 

Раджы заманы иу комы рæбын хæххон хъæу йæхи къулмæ æнгом нылвæста. Йæ адæммæ арвæй бирæ нæ зындис: хъæуы алыварс уыдис æрмæстдæр бæрзонд хæхтæ. Ахуырæн дзы æппындæр ницы уавæртæ уыд. Йæ адæм уыдысты талынг, фæстæзад зондыл хæст. Уыимæ — тынг хиуарзон. 

Иуахæмы сæм кæцæйдæр æрбафтыд иу уырыссаг лæг; кæсын, фыссын зыдта æмæ сæм кусын райдыдта писырæй. Зæрдиагæй архайдта адæмы цард фæхуыздæр кæныныл, кæстæртæн амыдта кæсын-фыссын. Фæлæ йæ хиуарзон адæм сæхимæ æввахс нæ уагътой, нæ йыл æууæндыдысты, тæрсгæ дзы кодтой. Цасдæр рæстæджы фæстæ писыр фæрынчын æмæ æвæгæсæгæй амард. Хъæуы дзырддзæугæ лæгтæй йын иу чырын сарæзта æмæ йæ уæлмæрды баныгæнынмæ хъавыд. Адæм йæ ныхмæ сыстадысты, æмæ марды сæ мæрдтæм æввахс ныгæнын нæ бауагътой. Дæлæ, дам, æй кæронæй баныгæн. Уыцы быцæуы рæстæг, дам, сæ цурмæ æрбацыд Санаты Сем, æмæ сæ фæрсы: 

— Цæуыл быцæу кæнут уæ зианы уæлхъус? Дзырддзæугæ лæг ын бамбарын кодта хабар. Уæд ын Сем афтæ зæгъы: 

— Сразы у семæ, уæддæр астæуæй уыдзæн. 

Адæмæн æхсызгон уыд Семы уынаффæ, фæлæ мард мæрдты астæу куыд уыдзæн, уый нæ бамбæрстой. 

Мард кæронæй баныгæдтой. Цард дарддæр кодта йæхионтæ: иутæ — гуыргæ, иннæтæ — мæлгæ. Сæ уæлмæрд стырæй-стырдæр кодта, фæйнæрдæм рæзти, æмæ фæстагмæ уыцы ингæн аззадис астæуæй. Уæд бамбæрстой адæм, Сем цæмæн афтæ загъта, уый. 

 

(Ныффыста йæ Хъесаты Валодя) 

 

Фæсныхас
 

Санаты Семы цард æмæ сфæлдыстады (дзыхæйдзургæ сфæлдыстады) тыххæй чиныг ныффыссынмæ мæхи рагæй цæттæ кодтон, фæзылдтæн бирæ хъæутыл, фæфарстон зæронд, дзырддзæугæ лæгты, хуыздæр базыдтон адæмы зондахаст, сæ цæстæнгас Семмæ; арфдæр банкъардтон йæ нысаниуæг нæ адæмы рагзаманты царды, стæй ныры дуджы дæр. Семы хуызæн диссаджы æрдзон курдиат кæмæ уыд, ахæм лæджы ном æндæр адæм бæрзонд сисиккой, дун-дунетæн æй базонын кæниккой. Семы сурæт, йæ фæлгонцыл, чиныджы сюжетыл, йæ сæйраг аппыл бирæ фæхъуыды кодтон, æмæ мæм афтæ кæсы, цыма зæрдæмæдзæугæ рауадаид. Фæлæ мæ уæззау низ нал бауагъта мæ фæндон сæххæст кæнын. Ныфс мæ ис, Семыл чингуытæ фыст кæй æрцæудзæн, йæ ном æнусон скæнынæн цы хъæуы, уыдон арæзт кæй æрцæудзысты. Уыцы куыст у ахсджиаг ныры фæлтæрæн, ноджы ахсджиагдæр уаид фидæны фæлтæрæн. 

 

 

Хъесаты Валодя  

«Санаты Сем» 

ОАО «Осетия-Полиграфсервис»  

Владикавказ, 2010 

 



<==    Комментарии (2)      Версия для печати
Реклама:

Ossetoans.com OsGenocid ALANNEWS jaszokegyesulete.hu mahdug.ru iudzinad.ru

Архив публикаций
  Января 2024
» О чем рассказали восточно-европейские руны
  Ноября 2022
» От Кавказа до Волги
  Августа 2022
» Кавказцы глазами русских: говорят архивные документы...
  Марта 2022
» К вопросу о заселении Фиагдонской котловины, по данным фамильных и народных преданий
» О новых именах в истории царственного дома средневековой Алании
  Февраля 2022
» К ВОПРОСУ ОБ УДЕЛЬНЫХ ВЛАДЕТЕЛЯХ УАЛЛАГКОМА ПО ФАМИЛЬНЫМ, НАРОДНЫМ ПРЕДАНИЯМ И АРХИВНЫМ МАТЕРИАЛАМ
  Декабря 2021
» Осетинская религия; религия осетин (Ирон дин)
  Мая 2021
» Иверская (Моздокская) икона Божией Матери
  Мая 2020
» Соотношение понятий Æгъдау, религия (дин), вера во внутриосетинской дискуссии
  Июля 2019
» Открытое обращение представителей осетинских религиозных организаций
  Августа 2017
» Обращение по установке памятника Пипо Гурциеву.
  Июня 2017
» Межконфессиональный диалог в РСО-Алании состояние проблемы
  Мая 2017
» Рекомендации 2-го круглого стола на тему «Традиционные осетинские религиозные верования и убеждения: состояние, проблемы и перспективы»
» Пути формирования информационной среды в сфере осетинской традиционной религии
» Проблемы организации научной разработки отдельных насущных вопросов традиционных верований осетин
  Мая 2016
» ПРОИСХОЖДЕНИЕ РУССКОГО ГОСУДАРСТВА
» НАРОДНАЯ РЕЛИГИЯ ОСЕТИН
» ОСЕТИНЫ
  Мая 2015
» Обращение к Главе муниципального образования и руководителям фракций
» Чындзӕхсӕвы ӕгъдӕуттӕ
» Во имя мира!
» Танец... на грани кровопролития
» Почти 5000 граммов свинца на один гектар земли!!!
  Марта 2015
» Патриоту Алании
  Мая 2014
» Что мы едим, или «пищевой терроризм»