Iriston.com
www.IRISTON.com
Цæйут æфсымæртау раттæм нæ къухтæ, абон кæрæдзимæ, Иры лæппутæ!
Iriston.com - история и культура Осетии
Кто не помнит прошлого, у того нет будущего.
Написать Админу Писать админу
 
Разделы

Хроника военных действий в Южной Осетии и аналитические материалы

Публикации по истории Осетии и осетин

Перечень осетинских фамилий, некоторые сведения о них

Перечень населенных пунктов Осетии, краткая информация о них и фамилиях, в них проживавших

Сборник материалов по традициям и обычаям осетин

Наиболее полное на сегодняшний день собрание рецептов осетинской кухни

В данном разделе размещаются книги на разные темы

Коста Хетагуров "Осетинскя лира", по книге, изданной во Владикавказе (Орджоникидзе) в 1974 году.


Перечень дружественных сайтов и сайтов, схожих по тематике.



Rambler's Top100 Рейтинг@Mail.ru Индекс цитирования
Статьи Словари
Здравствуйте, Гость
Регистрация | Вход
Опубл. 30.11.2011 | прочитано 5745 раз |  Комментарии (1)     Автор: Tabol Вернуться на начальную страницу Tabol
Санаты Сем

Хъесаты Валодя 

 

Ирон адæмы иумæйаг хъуыдытæ, сæ зондахаст, сæ сагъæстæ, сæ бæллицтæ, сæ хорз æгъдæуттæ, фыдæлтыккон хъæздыг, мидисджын таурæгътæ æмæ æмбисæнттимæ лæвæрд цыдысты фæлтæрæй-фæлтæрмæ, æнусæй-æнусмæ куыд æппæты зынаргъдæр хæзнатæ, афтæ. Æмæ сын стыр аргъ кæнгæйæ XIX æнусы, стæй XX æнусы фыццаг æмбисы ирон интеллигенцийы раззагдæртæ, уæлдайдæр та литератортæ, филологтæ, историктæ, этнографтæ æнувыдæй æмæ зæрдиагæй æмбырд кодтой цыкурайы фæрдгуытау адæмон сфæлдыстады зæрин хæзнатæ. 

Хъыгагæн, ныр уыцы ахсджиаг куыстмæ хъæугæ æргом здæхт нал цæуы. Адæмон сфæлдыстадæй æмбырдгонд цы ’рцыд, уыдонæй дæр ма ис, мыхуыргонд чи нæма у, ахæм къухфыстытæ, чи сæ æмбырд кодта, уыдоны архивты. Уыдон та ирон адæймаджы удыхъæд хъæздыгдæр кæнынæн стыр ахъаз кæй сты, уый дызæрдыггаг нæу. 

Æмбисæндтæ æмæ таурæгътæй адæмы царды чи ныффидар вæййы æмæ адæмон сфæлдыстад чи свæййы, уыдон æнустæм сæхицæн скæнынц аккаг бынат æппæтадæмон культурæйы къæбицы, аргъ кæмæн нæй, ахæм хæзнаты æмрæнхъ. Уыдонæй сты Санаты Семы æмбисæндтæ æмæ таурæгътæ дæр. Нæ номдзыд, нæ разагъды лæг, нæ дзырддзæугæ фыдæл Семы æмбисæндтæ æмæ таурæгътæ хистæртæн дæр æмæ кæстæртæн дæр сты зонды хос, æмæ хъуамæ рохуаты макуы уой. 

Ирон адæмон сфæлдыстады Санаты Сем ахсы зынгæ бынат, фæлæ йæм нæ фольклористты ’рдыгæй нырма хъæугæ цæстæнгас здæхт не ’рцыди. Афтæмæй ирон адæмæй тынг арæх фехъусæн ис, суанг ма аив литературæйы дæр бакæсдзынæ: «Семау дæсны», «Сем басгуыхт», «Исты Сем дæн?», «Семау æппæт зоны», æмæ бирæ æндæр ахæмтæ. 

Семы æмбисæндтæй æмæ базырджын ныхæстæй æрхæссæм иу цалдæр: «Ахæм дуне скæндзæн, æмæ зонд мады гуыбынæй хæсдзысты», «Лæппу дзураг æмæ чызг æфсины рæстæг æрцæудзæн», «Куыдфæстагмæ зымæг æмæ сæрд сæмхæццæ уыдзысты», «Ахæм рæстæг æркæндзæни æмæ сылгоймаг нæлгоймагыл стых уыдзæни, зондамонæг ын суыдзæни, лæг йæ худæн дæр хицау нал уыдзæни, æмæ бæсты сæфт цæудзæни» æмæ афтæ дарддæр. Ирон лæджы тыххæй Сем арф хъуыды кодта. Профессор Хацырты Æмзор йæ чиныг «Аланика — мудрость народа»-йы фыссы: «Санаты Сем дзырдта: „Ирон лæг цæсгомджын у æмæ йæ сафæгæн йæ бон афтæ зæгъын нæу: Алæ-ма, ай мын цы ми кæныс? Зæхх адæмæн æхсæны у, адæм иу донæй хъомыл сты“. Ирон лæгæн ных нæй, йæ цæсгом æй нæ уадзы». (Анзор Хачиров. Аланика — мудрость народа. Владикавказ «Иристон», 1999, ст. 120). 

Бæркадкъух æфсины Сатанаимæ куыд фæбарынц, зондджын лæджы — Уырызмæгимæ, дæсны зарæггæнæджы — Ацæмæзимæ, хъаруджыны — Сослан æмæ Батрадзимæ, афтæ зондджын адæймаджы, цы ’рцæудзæн, уый чи фæзоны, уый та фæбарынц Санаты Семимæ. 

Æмæ уый хуымæтæджы нæу. Семимæ цы æнæкæрон бирæ таурæгътæ æмæ æмбисæндтæ баст сты, уыдон дзурынц, зæгъгæ, Сем зыдта цард куыд уыд, куыд у æмæ куыд уыдзæн, уый. Зыдта мæргъты, сырдты, зайæгойты, хилæгойты, æппæт цæрæгойты æвзæгтæ: фидæны цы ’рцæудзæн, уыцы хабæрттæ. Адæм-иу зондæй фарстой Семы æмæ-иу сын уæд уый дæр, Эзопау, цыргъæвзагæй лæвæрдта комкоммæ, кæнæ фæсномыг дзуаппытæ. 

Санаты Сем дæр рагон грекъаг æмбисæндтæ фыссæг Эзопау (Эзоп цардис ног эрæйы агъоммæ VI—V æнусты) у æрдæг таурæгъон цæугæцардгæнæг, хæтæг, бæстыл зилæг зонынджын адæймаг. Зыдта æрдзы æмæ царды сусæгдзинæдтæ. Уыд цыргъзонд, дзырдарæхст. Уыцы миниуджытæ зæрдыл даргæйæ, Абайты Васо йæ уырыссаг-ирон дзырдуаты дзырд «мудрец» ратæлмац кодта афтæ: дæсны, зондджын, «Сем». Мæнмæ гæсгæ Семмæ «мудрец»-æй «пророк» (пехуымпар) хæстæгдæр лæууы. Цы уыдзæн, цы ’рцæудзæн, уый чи зоны, уый пехуымпар у. 

Профессор Блиты Макс æмæ Бзарты Руслан дæр сæ чиныг «Ирыстоны истори...»-йы Санаты Семы хонынц «пророк, мудрец». 

Семы æрдзон стыр æмæ бирæкъабазон курдиат дызæрдыггаг нæу. Фæлæ ма зæгъын хъæуы уый дæр, æмæ Семыл нымад кæй цыдысты æндæр курдиатджын, дзырддзæугæ, дæсны, куырыхон лæгты цыргъ ныхæстæй æмæ æмбисæндтæй дæр. Ахæм курдиатджын, кадджын лæгтæ бирæ хъæуты уыдис. Фæстагмæ Санаты Семы сурæт ссис æппæтадæмон, иумæйаг сурæт, уырыссагау «нарицательный образ» кæй хонынц, ахæм. 

Уыцы миниуæг арæх æмбæлы, ома сæйраг геройы фæхуыздæр, фæхъæздыгдæр кæнынц, йæхимæ цы миниуджытæ нæ уыд, ахæмтæй. Афтæ рауайы аив литературæйы, историйы, адæмон сфæлдыстады сæйраг геройты сурæттæ аразгæйæ. Афтæ арæзт у, мæнмæ гæсгæ, Санаты Семы сурæт дæр æмæ Санаты Сем ссис иумæйагон, æппæтадæмон лæг, зондамонæг, зынаргъ, кадджын пехуымпар. Æниу тынг зын сбæлвырд кæнæн у, Семы ныхæстæй, æмбисæндтæй, таурæгътæй æндæр автортæ кæмæн уыд, уый. 

Адæмы, искæцы нацийы сагъæстæ, сæ зондахаст, сæ бæллицтæ равзарынц иу курдиатджын, генион лæгмæ æмæ уый номыл ахæлиу вæййынц æппæт дзыллæтыл. Ахæм курдиатджын ирон лæгтæй иу уыд Санаты Сем дæр. Йæ хъуыдытæ уыдысты бирæвæрсыг, парахат, æргом, сæрибар æмæ æнцонæмбарæн. Дзырдта рæсугъд, хъæздыг æмæ зæрдæмæхъаргæ æвзагыл. Адæм, дам-иу æм хъусынæй не ’фсæстысты, хайджын уыд ораторы дæсныйадæй, æмæ-иу кæимæ ныхас кодта, уыдонимæиу хæрзæнцонæй уайтагъд ссардта иумæйаг æвзаг. Адæм æм хъуыстой цымыдисæй, уымæн æмæ дæсны пайда кодта фыдæлты таурæгътæй, æмбисæндтæй, фæсномыг ныхæстæй, дзырды аив фæзилæнтæй. Уыцы аив мадзæлттæй пайда кæнын дæр æвдисæн у йе стыр курдиатæн æмæ йæ дзырдамондæн. Æмæ нын йæ ныхæстæ баззадысты афоризмты хуызы, сты тæлæссаг. Фидар зонды хицау, дзырдарæхст, дæсны ныхасгæнæг æмæ зондамонæг Санаты Семы курдиат æмбисондæн баззад. 

Уæлæрдзон зонындзинæдтæй, дам, уыд хайджын Санаты Сем, дзырдта дунейы сконд æмæ æрдзы ивддзинæдты тыххæй, царды цы уыд æмæ цы уыдзæн, уыдоны тыххæй. 

Æппæтзонаг уыдис Сем. Суанг ма йæхæдæг кæд, цы боны амæлдзæн, уый дæр зыдта. Хæхтыл, рæгътыл, хъæутыл зилгæйæ Ручъы æфцæгæй Захъамæ куы ’ркасти, уæд фондзуæладзыгон аргъуанмæ æнкъардæй бирæ фæкасти, стæй уæд загъта: «О, дæлæ аргъуан, иннæ майрæмбоны дæуæн дæ кæлæн бон у, мæнæн та мæ мæлæн бон у». Æмæ, дам, æцæгдæр, иннæ майрæмбоны ныккалдис Захъайы зæронд аргъуан: уыцы майрæмбоны амарди Санаты Сем дæр. 

Стыр хъуыдытæ-иу равдыста, раргом кодта фæсномыджы, æмбæхст ныхасы, дзырдæппарæны, бакой кæныны, æрдæгæмбæрст ныхæсты фæрцы. Кæй зæгъын æй хъæуы, Семы æмбæхст, сусæг хъуыдытæ, нывæфтыд ныхæстæ адæм се ’ппæт не ’мбæрстой. Æмæ-иу сæ уæд кæнæ Сем йæхæдæг, кæнæ йе ’мдзугæнæг дæсны, зондджын лæгтæ раиртæстой, бамбарын кодтой. 

Æмбæхст хъуыдытæй, фæсномыг ныхасæй арæх пайда кодтой Нарты кадджыты сæйраг архайджытæ Уырызмæг, Сатана, Сырдон æмæ иннæтæ дæр. Нарты Уырызмæг йæ хæстон хиндзинады, йæ дæлгоммæ ныхасы æмæ Сатанайы цыргъ зонды фæрцы фервæзтис мæлæтæй Саденджызы ’лдармæ уацары куы бахаудис, уæд («Уырызмæджы фæстаг фосы сконд»). Уыцы мадзалæй дæсны пайда кодтой нæ фысджытæ дæр. Зæгъæм, Хетæгкаты Къоста «Уæлмæрдты», Брытъиаты Елбыздыхъойы пьесæ «Хазби»-йы Хазбийы фыдфынтæн Нанайы дзуапп... 

Сем уыди мæлгъæвзаг. Адæм-иу ыл æмбырдтæ кодтой, хъусынæй йæм не ’фсæстысты, уарзтой йæ, нымадтой йæ. Йæ ныхас — мидисджын, сурæтджын, цыбыр, æлвæстхъуыдыджын. Алæмæттаг дæсны уыд æвæджиауы, нæуырнинаг хабæрттæ æмæ цаутæ дзурынмæ. Адæймаджы аиппытыл æмæ лæмæгъдзинæдтыл кодта худæн, хъазæн, хæларзæрдæ ныхас. 

Семы æмбисæндтæ, таурæгътæ æмæ базырджын ныхæстæ-иу царды кæй æрцыдысты, уый тыххæй йыл адæм æууæндыдысты: фарстой йæ уынаффæйæ æмæ сын уый дæр уыд хорз зондамонæг. Суанг ма йæ бирæ хъæуты Ныхасы хистæртæ дæр фарстой зондæй. 

Семмæ уыд стыр æрдзон зонд, æрдзон сусæг тых, развæлгъау зыдта, цы ’рцæудзæн, уый: адæмæн кæддæриддæр æнæвгъауæй хай кодта йæ зонындзинæдтæй. Ирон адæмæн, уæлдайдæр та фæсивæдæн, Сем уыдис æмæ у зонды хос, æмбисондæн ын хæссынц йæ ныхæстæ, йæ таурæгътæ, йæ цыргъзонд хъуыдытæ. 

Фыссынад нæм куы нæма уыд, уæд адæмæн уыдысты æрдз зоныны, цард зоныны хуыздæр фæрæзтæй иу — Семы зондджын, арфхъуыдыджын номхæссæны æмбисæндтæ æмæ таурæгътæ, йæ базырджын ныхæстæ. Сем уыд стыр курдиаты хицау, уымæн афтæ дардыл æххæстысты йæ хъæздыг зонындзинæдтæ. Æгæрон бирæ уарзта йæ адæмы æмæ сæ цæстуарзонæй зонгæ кодта, йæхæдæг цы бирæ диссæгтæ зыдта, уыдонимæ: уый тыххæй зылди йе ’мдзугæнджытимæ ирон хъæутыл, куыд Цæгат Ирыстоны, афтæ Хуссар Ирыстоны дæр. Адæм дæр æй зыдтой, уарзтой, æмбырдтæ йыл кодтой æмæ йæм зæрдиагæй хъуыстой. Дзырдарæхст уыд Сем, йе ’взаг — хуымæтæг, æнцонæмбарæн, зæрдæмæхъараг, кæд-иу йæ ныхасы арф, æмбæхст хъуыдытæ уыд, уæддæр. Амыдта, цæмæй адæм сæхи хъарой зонындзинæдтыл, арф хъуыдыйыл, уарзой цард, аргъ кæной сæхицæн; цыфæнды уавæрты дæр арæхсой растдæр æмæ хъæугæдæр мадзæлттæ ссарынмæ. 

Семы æмбисæндтæн æмæ таурæгътæн сæ сæйраг мидис вæййы баст адæмы цардимæ, адæмы хъуыддæгтимæ; стæй уæд та — æрдзы фæзындтимæ, сырдты æмæ мæргъты миниуджытимæ, сæ ахастдзинæдтимæ. Йæ æмбисæндты æмæ таурæгъты ис æцæгдзинад, реалон цаутæ, ис дзы, мифон бындурыл арæзт чи у, ахæмтæ дæр. Сæ ахадындзинад стыр уыд æмæ ма дзы бирæтæ сты актуалон. 

Санаты Семы фæлгонц у адæмы хъуыдытæ æвдисæг лæджы фæлгонц. Семы сурæт хорз, зæрдæмæхъаргæ æвдыст цæуы Джыккайты Шамилы пьесæ «Санаты Сем»-ы. Шамил ма йæ пьесæ фæхайджын кодта абоны мæнгард, фæлдурæджджын, фыддуджы тæвагæй дæр, æмæ Сем ахæм дзуапп дæтты йæ монолоджы фарстæн, фидæны та цы уыдзæн, зæгъгæ, уымæн: «Адæмыл зыд бафтдзæн. Æфсис нал зондзысты æмæ сырдтау кæрæдзи хæрдзысты. Давджыты хондзысты амалджын. Худинагыл ничиуал худдзæн. Фыдгæнæгæн макæ зæгъæг нал уыдзæн. Хæтаг чызг уыдзæн кадджын. Хъахбай сыл — фæткæвæрæг. Æвзæр хъаст кæндзæн йæ фыдæлтæй, ингæнтæ къахдзæн æмæ стджытыл кафдзæн. Адæмы Ныхасы къæзæнæг уыдзæн дзурæг, хæсты заманы тæппуд — тохмæ сидæг. Гæртамхор уыдзæн тæрхонгæнæг: йæ усы ус чи у, уый — уынаффæгæнæг. Бынхортæ Иры зæхх уæй кæндзысты не знæгтæн». (журнал «Ирæф», 1998 аз, № 4, 91 ф.) 

Ирон адæмæн сæ цардвæндаг зын æмæ тæссаг уыд, фæлæ уæддæр нæ рох кодтой сæ рагфыдæлты адæмон сфæлдыстады сызгъæрин хæзнаты, уыдонимæ Санаты Семы цымыдисаг зондамындты дæр, уымæн æмæ сын æххуыс уыдысты йæ цыргъзонд æмæ арфхъуыдыджын ныхæстæ; адæм сыл æууæндыдысты, уарзтой сæ æмæ сæ лæвæрдтой фæлтæрæй-фæлтæрмæ. Йæ æмбисæндтæ æмæ таурæгътæ арф хъардтой адæмы зæрдæмæ, æфтыдтой сын сæ ныфсыл ныфс: уый ма ноджыдæр уыд уый фæрцы, æмæ сæ дзырдта зæрдæргъæвдæй, æнæгуырысхойæ курдиатджын, мæлгъæвзаг Сем. Адæм-иу хуыздæр базыдтой сæ алфамбылай цы æрдз ис, уый, йæ сусæгдзинæдтæ. 

Сем йе ’мдзугæнджытимæ, уыдон та-иу уыдысты дыууæ лæгæй дыууадæс лæджы онг, хъæутыл зилгæйæ дзырдта адæмæн, цæмæй цæрой хæларæй, кæрæдзи уарзой, хъахъхъæной æрдзы хъæздыгдзинæдтæ; цæмæй сæ хъус дарой се ’мзæххон мæгуыртæм, æххуыс сын кæной; цæмæй сæ уырна, хуыздæр цард кæй æрцæудзæн, уый, кæй фæуыдзысты фыддуг-фыдзамантæ. 

Санаты Семы ныхæстæ, æмбисæндтæ, таурæгътæ сты арф хъуыдытæ æвæрд кæм ис, ахæмтæ: сæ алкæцы дæр нæ цæуылдæр асагъæс кæнын кæны, зондамонæнтæ фæкæны æрдзы, царды æцæгдзинæдтæй цыбыр, аив, æлвæст хъуыдыты руаджы. 

Кæй зæгъын æй хъæуы, Семы рухстауæн куыст зынаргъдæр, хъæугæдæр уыд, йæхæдæг цы заманы цард, уæд, скъолатæ нæм куы нæма уыд, адæм кæсын-фыссын куы нæма зыдтой, уæд. 

Цы зонæм Семы царды тыххæй? Æрмæстдæр зонадон æгъдауæй æнæсбæлвырдгонд æнхъæлæн ныхæстæ. 

Санаты Сем кæд æмæ кæм райгуырдис, уый, мæнмæ гæсгæ, бæлвырд нæма у. Ис ахæм хъуыды, цыма дыууæ сæдæ азы размæ райгуырдис. Фæлæ уыцы хъуыды зонадон æгъдауæй нырма ничи сбæлвырд, ничи сфидар кодта. Чи зоны, бирæ æнусты размæ райгуырд: æбæлвырд ныхæстæй фидар, бындурон хатдзæгтæ кæнæн нæй. Уæдæ йæ райгуырæн бынаты тыххæй дæр ис цалдæр варианты: Куырттаты комы, Хохы Санибайы, Захъагомы Мидæггаг Санаты хъæуы. Чи зоны, ма ис æндæр варианттæ. Кæцы сæ у раст? Кæцы хъæуы райгуырд Санаты Сем? Æви Санаты Сем легендæ у? Кæд æй адæм сæхæдæг æрхъуыды кодтой æмæ йын сæхæдæг радтой ахæм уæлæрдзон миниуджытæ: кæд дзы сæхæдæг сарæзтой сæхицæн пехуымпар. 

Кæм райгуырди Санаты Сем? Уыцы фарстайæн цалдæр æнхъæлæн дзуаппы ис, фæлæ дзы иуæн дæр ахадгæ æвдисæйнаг, наукон бындур нæма ис, уымæ гæсгæ сын бауырнинаг хатдзæгтæ схонæн нæй. Мæнмæ дзы растдæр кæсы, афтæ чи фыссы, райгуырди Захъагомы Мидæггаг Санаты, зæгъгæ, уыдоны вариант. Цæмæн? 

Фыццаг: Сæрмагондæй Санаты мыггаджы номыл дыууæ хъæуы — Дæллаг Санат æмæ Мидæггаг Санат — æрмæст Захъагомы ис. Абон дæр ма уым сты сæ фыдæлтыккон цыртдзæвæнтæ, хъæууæттæ, хæдзæртты хæлдтæ, мæсгуыты къултæ, къæйдурæй амад бырутæ... Санаты ком ис Захъагомы (стыр комæн ма йæхи мидæг ис къаннæг кæмттæ). Комæн йæ галиу фарс у Ресы хох, йæ рахиз та — нæудзарæй æмбæрст бæрзонд хохы сæрыл Ресы хохы бакомкоммæ — Рухс Алардыйы кувæндон. Захъайæ Санаты коммæ ис дыууæ километрæй фылдæры бæрц, хуссардæр. Комы рæбынмæ ввахс ис хæххон хъæу Мидæггаг Санат, комы кæрон та — хъæу Дæллаг Санат. Уыцы хъæуты ма Санатæй фæстæмæ цардысты Лацойтæ, Хъесатæ æмæ æндæр мыггæгтæ. Абон дæр ма Захъагомы чи цард æмæ ма дзы чи цæры, уыдон хорз хъуыды кæнынц Санаты мыггаджы зæххытæ, Санаты хуымтæ, Санаты уыгæрдæнтæ, Санаты дарæнтæ... кæм уыдысты, уый. Мидæггаг Санаты ис Ресы Уастырджийы кувæндон дæр. 

Дыккаг: Санаты комæй рахизæны Захъамæ фæзилæны дзæбæх фæзгонды та ис Дæллаг Санатмæ хæстæг Санаты Дзуары кувæндон. Куывд ын кодтой алы аз дæр сусæны мæйы — июлы. Куывдмæ йæм цыдис бирæ адæм Захъагомы хъæутæй. Æз дæр цалдæр хатты уыдтæн Санаты Дзуары бæрæгбоны хæсты фæстæйы азты, сæрды каникулты-иу Захъайы куы уыдтæн, уæд. Ирыстоны ма Санатæн искуы ахæм сæрмагонд кувæндæттæ ис? Не ’нхъæлын. 

Æртыккаг: Захъагомы цæрджытæ, уæлдайдæр хистæр кары адæм, Семы тыххæй дзырдтой, куыд се ’мкоймаг лæг, афтæ. Бирæ зыдтой Семы æмбисæндтæй, пайда сæ кодтой сæ ныхæсты, сæ царды. Афтæ æнæгуырысхойæ никуы æмæ ничи дзырдта, Сем кæм райгуырд, уый тыххæй: Сем райгуырд Мидæггаг Санаты. Уыцы ныхас-иу фидарæй загътой Захъагомы зæронд лæгтæ, уæлдайдæр та Хъесаты Дохцыхъо (зындгонд ахуыргондэтнограф Калоты Барис куыд фыссы, уымæ гæсгæ, Дохцыхъо фæцард 125 азы, уыд уырыссаг-туркаг хæсты активон архайæг). Семы хуыдтой дзырддзæугæ, алцызонаг хъуыстгонд лæг. Уыцы æрдхæрæны зонындзинæдтæ, дам, ын æрдзæй лæвæрд уыдысты; хæццæ, дам, æм кодта Хуыцауы комулæфт, халонау йæ уæны касти, цы ’рцæудзæн, уый рагацау зыдта. 

Уыцы бæлвырддзинæдтæ хынцгæйæ, æз дæр æрцыдтæн ахæм хатдзæгмæ: Санаты Сем райгуырди Захъагомы Мидæггаг Санаты хъæуы. 

Санаты Семы райгуырды æмæ йæ номы тыххæй цы таурæгътæ ис, уыдонæн сæ иутæ æрымысгæ сты, тыхарæзт, аргъæутты куыд вæййы, афтæ. Уымæ гæсгæ сын иумæйагæй ницы ис цардæгас чи уыд, йæ адæмимæ чи царди æмæ сын чи æххуыс кодта, уыцы лæгимæ. Йæ райгуырды тыххæй æрымысыдæуыд ахæм аргъау. 

Ус æмæ, дам, лæгæн гуырдис æрмæст лæппутæ, æмæ-иу куы райгуырдысты, уæд амардысты. Æвдæм лæппу куы райгуырд, уæд æй уырыссаг лæджы амындмæ гæсгæ хуыйы сойæ сæрстой æмæ удæгасæй баззад. Ном ыл сæвæрдтой Сем, уырыссаг лæг, дам, «семь» загъта, ома æвдæм. Æмæ уыцы ус æмæ лæгмæ уырыссаг уазæг афæдз раздæр куы бафтыдаид, уæд сæ фыртыл хъуамæ ном «шесть» сæвæрдтаиккой? Ацы аргъау æрымысæгæн æфсон фæци, ирон ном Сем æмæ уырыссаг нымæц «семь» æмзæлд кæй кæнынц, æмхуызон кæй хъуысынц, уый. Фæлæ уый рæдыд хъуыды у. Æмзæлд бирæ дзырдтæ кæнынц, афтæмæй сæ хъуыдымæ гæсгæ, сæ нысаниуæгмæ гæсгæ сты бынтондæр хицæн æмæ хицæн дзырдтæ. Зæгъæм: ирон дзырд «хор» (хоры къуту) æмæ уырыссаг дзырд «хор» (мужской хор), ирон дзырд «бал» (балбæлас) æмæ уырыссаг дзырд «бал» (бал-маскарад). Адæймаджы нæмттæй бирæтæн сæ равзæрд тынг зын раиртасæн у. Уыдонæй у Семы ном дæр, æмæ йæ равзæрды тыххæй мысæггаг ныхæстæ ницы пайда сты. 

Семæн йæ фыды ном дæр чи хоны Бердыхъ (афтæ фыссы Æлборты Барысби), чи йæ хоны Мырзахъон (Беджызаты Дудар), чи цы. Ахæм алыхуызон зондахаст ис йæ мады мыггаджы тыххæй дæр: Æлборты Барысби йæ хоны Санахъотæй, Беджызаты Дудар та йæ хоны Хъайтыхътæй (журнал «Фидиуæг»: 1964 аз №6; 1981 аз №11). 

Фыссæг Хъайтыхъты Азæмæт зæгъы: 

«Таурæгъон лæг, Хайтыхъты хæрæфырт, Санаты Сем, дам-иу афтæ загъта: 

— Цытджын Ходы фарнæн сæфæн нæй, уый у фæстагмæйы цæрæн бынат» 

(Хъайтыхъты Азæмæт, Ход. Таурæгъ æмæ цард. Дзæуджыхъæу, «Ир», 1998 аз, 123 ф.). 

Æндæр мыггæгты хæрæфырт æй чи хоны, ахæмтæ дæр ис. 

Уыдон дзурæг сты ууыл, æмæ Семы биографи бæлвырд кæй нæу. Йæ райгуырды хабар дæр æрымысгæ у. Зын бауырнæн у: мады гуыбынæй сывæллæттæ судзгæйæ гуырдысты сæ «хъæлæсæй-иу зынджытæ схауди»: æвдæм сывæллон, Сем, дæр судзгæйæ райгуырд, фæлæ фервæзт. Уый легендæ у. 

Куыдфæнды куы уа, уæддæр Санаты Сем ирон адæмы царды, нæ адæмон сфæлдыстады, ирон литературæйы бацахста йæхи сæрмагонд бынат æмæ дзы цæрдзæн фæлтæрæй-фæлтæрмæ, æнусæй-æнусмæ. Уымæн æмæ Сем у æппæт ирон адæмы иумæйаг зынаргъ хæзна, æмæ хъуамæ нæ культурæйы хæзнадоны ссара йæхи аккаг бынат. 

Адæмы ахастдзинæдтæ, æрдзы сусæгдзинæдтæ аив æмæ рæсугъд æвдыста Санаты Сем йæ дæсны ныхæсты, йæ дæсны таурæгъты. Уыдонæн ис егъау удварнон-зондамонæн нысаниуæг. Скойы, æмбарæн ныхасы фæрцы дæ хъуыдытæ де ’мныхасгæнæгæн бамбарын кæнын ирон адæм рагæй дæр хонынц Семы æвзаг, хатиаг æвзаг. Семы æвзаг æмæ хатиаг æвзаг, мæнмæ гæсгæ, сты иу, кæнæ та бынтон хорз хæстæг æвзæгтæ, сусæг æвзæгтæ, æрмæст сæрмагонд адæмы къорд кæй æмбæрстой, ахæм æвзæгтæ. Абоны царды дæр уыцы фæсномыг, сусæг æвзагæй пайда кæнынц бирæтæ, суанг ма æрыгон фæсивæд дæр. Усгур лæппуйы ус ракурын фæнды, фæлæ йæ куыд зæгъа йæ мадæн, — æфсæрмы кæны. Иу бон та йæ мады раз æрлæууыд æмæ йæм, зæхмæ кæсгæйæ, дзуры: 

— Нана, цыдæр зæгъынмæ дын хъавын æмæ... 

— Зæгъ, зæгъ, мæ къона, хъусын дæм. 

— Ме ’мгæрттæ устытæ хæссынц, чындзæхсæвтæ кæнынц... 

Нæ ныхасы уаг, нæ литературæ тынг хъæздыг, тынг аив кæнынц Семы æвзаг, хатиаг æвзаг — сусæг, фæсномыг æвзагæй, æмæ сæ пайда кæнын хъæуы дæсны, арæхсгæ. 

Кæд Санаты Сем кæсын-фыссын нæ зыдта, уæддæр ирон адæмæн ныууагъта бирæ аив, хъæздыг æмæ цыргъзонд таурæгътæ, æмбисæндтæ æмæ цымыдисаг хабæрттæ. Уыдон адæмæн æххуыс кодтой æмæ кæнынц сæ царды. Ирыстоны Цæгатæй Хуссармæ йæ ном дардыл у хъуыстгонд. Семы сфæлдыстад у ирон адæмы дзыхæй-дзургæ сфæлдыстады ахсджиагдæр хæйттæй иу. Абон дæр нæ сæфы йæ цардхъомдзинад, йæ нысаниуæг ирон адæмы истори, ирон адæмы миддуне, ирон адæмы цардыуаг хуыздæр базоныны хъуыддаджы. 

Афтæмæй та Семы сфæлдыстад нырма æмбырдгонд нæма у. Хицæн таурæгътæ æмæ æмбисæндтæ дзы искуы-иу хатт фæзыны чингуыты, журналты, газетты... Фæлæ уыдон дæр се ’ппæт иумæ хицæнæй мыхуыры никуы рацыдысты. Æмбырдгонд дзы чи нæма ’рцыдис æмæ сæфынæй тас кæмæн у, уыдон та цас сты? Эзопы æмбисæндтæ незаманты рацыдысты мыхуыры цалдæр æмбырдгондæй. Семы æмбисæндтæ æмæ таурæгътæ æмбырдгонд дæр нæма сты. Хъæуы сæ æрæмбырд кæнын, цалынмæ ма сæ чи зоны, уыдон удæгас сты, уæдмæ. Уыцы ахсджиаг æмæ бæрнон куыст æнхъæлмæ кæсы, нæ ирон адæмон сфæлдыстад чи уарзы, чи зоны, чи иртасы, уыдонмæ, не сфæлдыстадон интеллигенцимæ, нæ зонады кусджытæм, фысджытæм... 

Эзопы сфæлдыстад дæр цæттæйæ, къухфыстæй нæ баззад йæ фæстæ: æмбырд сæ кодтой адæмы фæрцы, дзыхæй-дзыхмæ куыд лæвæрд цыдысты, афтæмæй. Уæлдай хуыздæр сæ бахъахъхъæдтой грекъаг дины кусджытæ, уыдон сæ кæрæдзимæ лæвæрдтой фæлтæрæй-фæлтæрмæ æмæ фыст дæр тынгдæр уыдоны фæрцы, уыдоны æххуысæй æрцыдысты. Ахæм куыст бакæнын хъæуы Семы сфæлдыстадыл дæр. 

Нæ культурон царды стыр цауыл банымайæн уаид, Санаты Семы сфæлдыстад хицæн чиныгæй куы рацыдаид, уæд уый. Бæлвырд фæхъæздыгдæр уаид нæ фольклор. Семы таурæгътæ æмæ æмбисæндтæ æмбырд кæныны, сæ бабæлвырд кæныны æмæ сæ мыхуырмæ бацæттæ кæныны тыххæй Цæгат Ирыстоны Хицауад хъуамæ сараза сæрмагонд паддзахадон къамис. Уымæн æмæ уыцы стыр куыстæн ис егъау аивадон нысаниуæг. Хæрдзтæ дæр ыл гыццыл нæ бахъæудзæн æмæ уыцы хæрдзтæ хъуамæ фыст цæуой республикæйы бюджетæй. Уыцы чиныг куы рацæуа, уæд уый уыдзæн ирон адæмы культурæйы хæзна, нæ культурæйы стыр бæрæгбон. 

Ирон адæм рагæй-æрæгмæ дæр стыр аргъ кодтой лæджы ныхасæн. Хорз зыдтой дзырды нысаниуæг, йæ ахадындзинад. Дзырдæн йæ бон у адæймаджы мæрдтæм барвитын, мæрдтæй раздахын; рынчыны сдзæбæх кæнын, æнæнизы фæрынчын кæнын; туджджынты бафидауын, æфсымæртæн кæрæдзи амарын кæнын; их батайын кæнын, дур фехалын... Дзырд фæсайынæй æгаддæр ницы уыд ирон адæммæ. Æмæ уый йæ сæрмæ ничи хаста — фæлтау мæлæт хуыздæр. «Мæнгард фæу!» æлгъыстæн баззад. Фæлæ кадджын уыд, йæ дзырдæн хицау чи уыд; уыимæ ма йæ ныхас ахадгæ, нуарджын, сурæтджын кæмæн уыд, уыдонмæ та адæм хъусынæй не ’фсæстысты. Уыцы хорз миниуджытыл-иу иннæтæ дæр сæхи ахуыр кодтой, цыдысты зондагур дзырддзæугæ лæгтæм. Уымæн баззад ахæм æмбисонд: «Зондджын уый у, æмæ зонд чи агуры. Æдылы зондагур нæ цæуы». 

Æмæ Санаты Семыл бирæтæ сæхи ахуыр кодтой æмæ кæнынц абон дæр рæсугъд, нывæфтыд ныхасыл; цыргъзонд, цыргъæвзаг уæвыныл. Уымæн æмæ Семы сфæлдыстад хъæздыг у номхæссæны таурæгътæ æмæ æмбисæндтæй, æгæрон бирæ фæзилæнтæй, æмæ æнæнхъæлæджы цыргъзонд ныхæстæй. 

Стыр зонды хицау уыд Сем. Тырныдта уымæ, цæмæй адæм зоной хæрзæгъдаудзинады, удварны хæзнатæ æмæ сæ пайда кæной сæ царды, хъахъхъæной сæ, цæмæй уыцы зондахастыл хъомыл кæной рæзгæ фæлтæры. Санаты Сем уыд æмæ у Ирыстоны хъуыстгонддæр куырыхон лæгтæй иу. Ам зæгъын хъæуы дзырд «куырыхон»-ы тыххæй фиппаинаг. Йæ нысаниуæг ын чидæртæ аивынмæ хъавынц, суанг ма «Ирон-уырыссаг дзырдуат»-ы дæр 190-æм фарсыл (1993 азы уагъд) кæсæм: 

«куырыхон — 1. трудолюбивый, работящий; 2. хороший работник, работяга». 

Ома кусаг, куыстуарзон лæг у куырыхон лæг. Нæ, уый раст нæу. Куырыхон лæг у бирæзонаг, бирæфенæг, стыр зонды хицау, кадджын, дзырддзæугæ лæг, зондамонæг. Куырыхон лæгты кой куы фæкæнынц, уæд фæзæгъынц Санаты Семæй, Хетæгкаты Гуыбайæ, Томайты Созырыхъойæ, Демыраты Кацойæ æмæ æнд. 

Семы æмбисæндтæ æмæ таурæгътæ дзурæг сты, ирон адæм дæсны кæй уыдысты зондджын, фæлгонцджын, сурæтджын, аив ныхас кæнынмæ; рæсугъд, нывæфтыд, мæлгъæвзагæй дзурынмæ, æмæ адæймаджы дисы бафтауынц Семæн йæ зонд, йæ уæлæрдзон тых, йæ алы ныхасы, йæ алы дзырды æлвæст æмæ арф хъуыдытæ, сæ рæсугъд нывæст, се стыр нысаниуæг царды, уыимæ хъомылады хъуыддаджы дæр. Уыдон дзурæг сты, ирон адæм курдиатджын, нæртон, зонынджын, куырыхон адæм кæй уыдысты; царды сæм хъæздыг фæлтæрддзинад кæй уыд. Сем равзæрдис ирон адæмы астæу; адæм æй фæхайджын кодтой сæ зонд, сæ фарн, сæ курдиат, сæ намысæй. Æмæ абон дæр йе ’мбисæндтæ, йæ таурæгътæ сызгъæрин нæмгуытау тæмæнтæ калынц ирон адæмон сфæлдыстады, ирон æвзаджы. 

Уыцы æмбисæндтæ æмæ таурæгътæй, йæ зондамонæн ныхæстæй арæхсгæ чи фæпайда кæны, уымæн йæ ныхас, йæ фыст æрмæджытæ вæййынц аивдæр, рæсугъддæр, æнкъарæнджындæр, адæмондæр. 

Æрдзимæ æнгом баст кæй у, æрдзы сусæгдзинæдтæ хорз кæй зыдта Санаты Сем, уый ирон фольклоры ногдзинад нæу. 

Ирон адæмон сфæлдыстады тынг арæх æмбæлы, адæймаг хæдзары фосимæ, сырдтимæ, мæргътимæ, иннæ цæрæгойтимæ, зайæгойтимæ, хæхтæ, дæттæ, быдыртæ, къæдзæхтимæ кæм ныхас кæны, ахæм бынæттæ. Уыцы миниуджытæй хайджын уыдысты Нарты кадджыты сæйраг архайджытæ иууылдæр. 

Сослан Балсæджы цалхимæ хæцгæйæ, стæй йæ мæлæты размæ ныхас кæны сырдтимæ, мæргътимæ, зайæгойтимæ, быдыримæ, хохимæ, кæмæн дзы арфæ кæны йæ лæггады тыххæй (бæрз бæласæн, хуымæллæгæн, зæрватыккæн...), кæй та æлгъитгæ кæны. Уыдон дæр йемæ ныхас кæнынц, дзуапп ын дæттынц. Кадæг «Нарты сæфт»-ы Хуыцауы æрвыст зæрватыкк цы дзырдта Нарты Ныхасы, уый бамбæрста Уырызмæг. Уæдæ Ацæмæзы уадындзы цагъдмæ сырдæй, маргъæй, бæласæй, хохæй, быдырæй иууылдæр хъазыдысты, зарыдысты, кафыдысты, хъырныдтой йын, кæрæдзи хорз æмбæрстой. Афтæ Сатана, Батрадз, Сырдон æмæ иннæтæ дæр. 

Ахæм æнгом бастдзинæдтæ æрдзимæ уыдис Санаты Семæн дæр, кæд бынтон афтæ парахатæй æвдыст нæ цæуынц йæ таурæгъты, уæддæр. Зыдта зайæгойты æмæ цæрæгойтæй бирæты æвзæгтæ. 

Зæгъын ма хъæуы уый дæр, æмæ Санаты Сем кæд райгуырдис, кæцы заманы цардис, уый иуæй-иу таурæгътæм гæсгæ, цыма æнцон банымайæн у, афтæ зыны. Фæлæ таурæгъты амынд рæстæгмæ бæлвырддæр куы ’ркæсай, уæд дзы иутæ иу рæстæг амонынц, иннæтæ бынтон æндæр рæстæджы кой кæнынц. Таурæгътæй иутæ дзурынц, зæгъгæ, Санаты Сем цардис дыууæ æнусæй фылдæры размæ, иннæтæ — дыууæ æнусæй къаддæры размæ. 

1992 азы мын Калоты Къоста (цæуы йыл 60 азæй фылдæр, ис ын цæуæты цæуæт) куыд радзырдта, афтæмæй йæ фыды фыды фыд Аста зонгæ уыд Санаты Семæн йæ фырты фырты фыртимæ. Ацы хабар Къоста фехъуыста йæ фыд Уæгъалыхъæй. Кæд Уæгъалыхъы ныхæстæ раст сты, уæд Санаты Сем цардис аст-фараст фæлтæры размæ. 1979 азы Мæскуыйы рацыд «Советон энциклопедион дзырдуат», уым 1036 фарсыл дзырд «поколение» амонгæйæ фыссынц: «промежуток времени между рождением отца и сына, матери и дочери называется длиной поколения (около 30 лет)». Æмæ кæд иу фæлтæр дæс æмæ ссæдз азмæ ’ввахс рæстæг ахсы, уæд ацы таурæгъмæ гæсгæ Санаты Сем цардис 240–270 азы размæ. 

Санаты Сем кæд цардис, уыцы рæстæг абоны бонмæ бынтон æрбаввахс кодта (æнæхъæн æнусы бæрц) йæ таурæгъы Цоколаты Насырбег. Таурæгъ «Санаты Семы таурæгътæй» мыхуыры рацыд газет «Рæстдзинад»-ы 1994 азы 1 мартъийы. Уым ныхас цæуы, Куындыхаты Алхæстæн, дам, цæуæт нæ цыд, фæлæ Хохы Санибайы иу куывды рæстæджы Санаты Сем загъта: «Куындыхаты Алхæсты æртæ чъири Хуыцау барстæн айста æмæ рæхсджы йæ бинойнагæн райгуырдзæн лæппу». Æцæгдæр сын лæппу райгуырдис æмæ йыл ном сæвæрдтой — Муссæ. Уый уыдис, ирон адæмы Туркмæ чи алидзын кодта, уыцы инæлар Куындыхаты Муссæ Алхæсты фырт. Муссæ райгуырдис 1818 азы, амардис 1889 азы. Уæдæ кæд таурæгъы ныхæстыл æууæндæн ис, уæд Санаты Сем цардис, Насырбег таурæгъ куы ныммыхуыр кодта, уымæй 176 азы размæ (чи зоны ма уымæй къаддæры размæ — Сем кæд амард, уый дæр бæрæг нæу). 

Санаты Сем кæд райгуырд, уымæн цалдæр варианты ис, Профессор Æлборты Барысби 1994 азы журнал «Фидиуæг»-ы 6-æм номыры фыста: «Адæмон таурæгътæм гæсгæ Санаты Сем райгуырд 200 азы размæ Захъагомы Санаты хъæуы». 

«Самый известный Сем из тагаурской фамилии уазданов Шанаевых жил в XVII веке» (М.М.Блиев, Р.С.Бзаров. История Осетии с древнейших до конца XIX в. Владикавказ, «Ир», 2000 г., стр.182.). 

Уыдонæн дæр æнæдзырддаг, æнæгуырысхойаг схонæн нæй, уымæн æмæ нæм уæд нæма уыд фыссынад, нæ архивты уæды заманæй ницы ис; иууылдæр сты таурæгъты варианттæм гæсгæ фыст. 

Сем кæд амардис, уый тыххæй дæр нæм ницы бæрæгдзинад ис. Йæ амæлæты боны хабæртты фыссы Беджызаты Дудар: «Сем дарддæр нал сфæрæзта дзурын, йæ цæстытæ бахгæдта æмæ йе ’нусон фæндагыл ныллæууыди. Дунейы адæмтæ йæм мæрддзыгой фæцыдысты Уæлладжырæй, Дыгурæй, Куырттатæй, Цъалагомæй, Хъобангомæй, Урстуалтæй. Захъагомы зæхх дæр сæ нал урæдта, уый бæрц адæм æрцыдис. Стыр кад ын скодтой адæм. Бавæрдтой йæ æмæ йын бæхдугъ сарæзтой. Бæхдугъы барджытæ уыдысты: Хъайтыхъты Слоныхъ, Андиаты Мырзæг æмæ Тотыраты Тохтæби. Бæхдугъы фыццаг лæвар райста Тотырайы-фырт, дыккаг лæвар Андийы-фырт, æртыккаг лæвар — Хъайтыхъы-фырт. Æртæ боны адæм Захъагомæй нæ рацыдысты, уый фæстæ алчи цыди йæ фæрныг хæдзармæ. Уарихъан æмæ йæ фырт дæр æрцыдысты сæхимæ» (Журнал «Фидиуæг», № 5, 1985 аз, 106 ф.). 

Фæлæ Дудар дæр нæ фыссы Сем кæм амард, кæцы азы ахицæн цардæй, уый, уымæн æмæ йæм бæлвырд æрмæг, архивтæй ист æрмæг нæ уыд. 

Цыбыр дзырдæй, Санаты Сем кæд райгуырд, кæм райгуырд, кæд амарди, уыцы хабæрттæ бæлвырд бæрæг кæй не сты, уымæ гæсгæ сæ абоны бонмæ чи хæстæгдæр кæны, чи — дарддæр. 

Уыдонмæ ма таурæгътæй уæлдай хъуамæ уаид, зонадон бындур кæмæн ис, ахæм æвдисæйнæгтæ, бæлвырдгæнæнтæ. Уыдон дзы куы нæ уой, уæд таурæгъты æцæгдзинадыл фидарæй æууæндæн нæй. Таурæгъ таурæгъ у, йæ ном йæ уæлæ ис, æмæ йын варианттæ дæр бирæ вæййы. 

Æмæ ма иу фиппаинаг кæйдæр фæсномыг «Санаты А»-йы тыххæй. Фæсномыгы (псевдоним) æвзæрæй ницы ис, фæлæ йæм чидæртæ бынтон æбæрнон цæстæй кæсынц. Газет «Рæстдзинад»ы-иу арæх фæзындис æнæбары цыдæр æрмæджыты бын авторы мыггаджы бæсты фæсномыг «Семты А.». Тынг хъыг-иу мын уыдис ахæм æнæрхъуыды ми. Æрмæджытæ-иу уыдысты къуымых æвзагæй фыст хæрз хуымæтæджы, ницæййаг информацитæ. Дис-иу кодтон: цы ис ацы æрдæгфых хъуыдытæ æмæ хъуыдыйæдтæн иумæйагæй Санаты Семимæ? Цæмæн бахъуыд уыцы хæмпæлгæрдæджы бын Семы ном бафыссын? 

Рагон Грекъы фæсномыгæй дзурæг, æмбисæндтæ фыссæг Эзоп уыдис тынг кадджын, номдзыд адæймаг. Ирон адæммæ та Эзопы фæдон схонæн ис Санаты Семæн. Сем дæр у кадджын, номдзыд ирон адæмы астæу. Æмæ йæхи фæсномыгæй Эзоп куы ничи хоны, уæд алчи йæхи Сем цæмæн хъуамæ хона? Уæлдайдæр та ницæйаг информациты автор. Ахæм æбæрнон автортæм редакциты дæр хъуамæ домагдæр цæстæнгас дарой. 

Санаты Семы æмбисæндтæ æмæ таурæгътæ сты ирон фольклоры хæзнатæй, æмæ сæ хъахъхъæнын хъæуы, хæзнайы куыд фæхъахъхъæнынц, афтæ. 

Чи зоны, Санаты Семы тыххæй нæ фарстатæн дзуаппытæ ис аргъуанты чингуыты, уæлдайдæр та Захъайы зæронд аргъуаны чингуыты, паддзах Тамар стыр дзæнгæрæг кæмæн балæвар кодта, Сем кæмæй дзырдта: «Майрæмбоны дæуæн дæ кæлæн у, мæнæн та мæ мæлæн бон у», уыцы аргъуаны чингуыты. Захъайы зæронд лæгтæ сæ фыдæлтæй фехъуыстой, зæронд аргъуаны уыд цалдæр уæладзыджы. Хорз уаид, гуырдзыйаг æвзаг чи зоны, уыцы зонадон кусджытæй исчи куы ’ркæсид Тифлисы архивты Цæгат Ирыстоны аргъуанты чингуытæм, кæцытæ фыст æрцыдысты XVII æмæ XVIII æнусты, кæд мыййаг нæ фарстатæн уым ис ссарæн дзуаппытæ Семы тыххæй; уæд йæ ном дæр, йæ фыды ном дæр, кæд райгуырд, кæм райгуырд, кæд амард, уыдæттæ æххæстæй базониккам. 

Алкæмæн дæр зындгонд у цыртдзæвæны зонадон, эстетикон, историон, хъомыладон нысаниуæг. Ирыстоны бирæ ис хорз цыртдзæвæнтæ, æмæ ма сыл адæмы зæрдæмæ чи фæцæуа, ахæм куы бафтид — æз Санаты Семæн цыртдзæвæн саразыныл дзурын — уæд уымæй нæ культурæ ноджы фæхъæздыгдæр уаид. Кæд мыййаг нæ скульптортæй исчи бакуыста, кæнæ кусы Семы фæлгонц саразыныл, уæд æй адæмы рæгъмæ рахæссын хъæуы. 

Цæвиттон, фыццаг ирон профессор Æлборты Барысбийы чызг Фатимæ йæ фыды архивæй Къостайы фыццаг чиныг Къостайы автограф кæуыл фыст уыд, уый балæвар кодта скульптор Санаты Барисæн — Барис зæрдиагæй кæй райдыдта кусын Барысбийы бюстыл, уый тыххæй. Хъыгагæн, Барис бакуырм æмæ бюст нал сарæзта. Уæд Фатимæ æмæ Барис бауынаффæ кодтой Къостайы фыццаг чиныг мæнæн балæвар кæнын, дæ фæрцы, дам, адæм базыдтой Æлборты Барысбийы тыххæй æцæгдзинад. Цингæнгæ бацыдтæн мæ лæвармæ Санаты Баристæм 1998 азы 2 февралы. Æнæхъуаджы зынаргъ хæзна мæ къухы куы бафтыд, уæд Фатимæ æмæ Барисæн зæрдиаг арфæтæ фæкодтон. Уый фæстæ ныхас кодтам Барисæн йæхи цард æмæ сфæлдыстады тыххæй. Куы йæ бафарстон, Санаты Семы сурæтыл никуы куыстай, зæгъгæ, уæд мын ахæм дзуапп радта: «Раздæр мæ куыст «Кадæггæнæг»ы схонынмæ хъавыдтæн «Санаты Сем». Растдæр уыдзæн номы фæстæ Санаты Сем къæлæтты ныффыссын». 

Æз сæххæст кодтон Барисы фæдзæхст (рухсаг уæд), йæ скульптурæ «Кадæггæнæг»-ы хæдфæстæ къæлæтты ныффыстон Санаты Сем, афтæмæй мыхуыры рацыд мæ чиныг «Мæсыгамайджытæ»-йы. Фæлæ уæддæр Барис Семы кадæггæнæджы фæстæ кæй æрфыссын кодта, уый мæм раст нæ кæсы. Кадæггæнджытæ нæм бирæ уыд æмæ ма ныр дæр ис. Сем та искæмæй фехъусгæ кадджытæ нæ дзырдта, фæлæ йæхæдæг уыд таурæгъты æмæ æмбисæндты гуырæн, сæ автор. Сем уыд бирæвæрсыг курдиаты хицау, зыдта æрдзы сусæгдзинæдтæ, уыдис æм бирæ æндæр диссаджы миниуджытæ (уæлдæр сæ кой кодтам). Махæн Санаты Сем у ирон адæмы легендарон Эзоп. Сем уыдис дæсны, зонынджын адæймаг, уырыссагау «мудрый» кæй фæхонынц, ахæм лæг. Абайты Васо дзырд «мудрый» ирон æвзагмæ тæлмац кæны — дæсны, зонынджын, «Сем». Семæн кадæггæнæг схонæн нæй, кадæггæнджытæ йæм дард лæууынц, уыдон сты «исполнители». 

Санаты Сем уыд йæ рæстæджы Ирыстоны курдиатджындæр хъæбултæй иу, кад æмæ радæй лæггад кодта йæ уарзон ирон адæмæн, уыдис сын ныфсдæттæг, зондамонæг; нæй йын йæ адæмæй фæхицæнгæнæн; нæ дзыхæйдзургæ адæмон сфæлдыстады æнусты дæргъы цард, цæры æмæ кæддæриддæр цæрдзæн; хъæздыгдæр, аивдæр нын кæндзæн нæ ирон æвзаг, нæ ныхасы уаг. 

Цæмæй адæм Семы хуыздæр зоной, уый тыххæй хорз уаид профессор Æлборты Барысбийы фæдзæхст сæххæст кæнын. Барысбийы фæндонмæ гæсгæ Санаты Семæн хъуамæ цыртдзæвæн æвæрд æрцæуа «Хъæрмæдоны хохы къулыл». Ацы ахсджиаг хъуыддагыл хъуамæ зæрдиагæй бæрнон куыст бакæной нæ хуыздæр скульптортæ æмæ архитектортæ конкурсы бындурыл: цавæр хъуамæ уа цыртдзæвæн æмæ кæм хъуамæ æвæрд æрцæуа, ууыл. 

Мыхуыр кæнæм, мæхи къухы цы бафтыд Санаты Семы таурæгътæй æрæмбырд кæнын, уыдон. Радзырдтой мын сæ зæронд лæгтæ Хъесаты Бадта, Хъесаты Алыкка (Алыксандр), Калоты Самсон, Быгъуылаты Бицо, Беслехъоты Дзадте æмæ иннæтæ. Абон уыдонæй удæгас ничиуал у. Рухсаг уæнт. 

Нæ кадджын хистæртæй ма ирон адæмы рæсугъд æгъдæуттæ, кадджытæ, таурæгътæ сæ кæстæртæн цæстуарзонæй чи амоны, уыдонæй бирæтæ зонынц, Семы æнæмæлгæ сфæлдыстадæй мыхуыры чи нæма фæзынд, ахæм æмбисæндтæ, таурæгътæ, цыргъ ныхæстæ... Уыдон ныффыссын æмæ мыхуыры рауадзын хъуамæ йæхицæн хæсыл нымайа, адæмон дзыхæйдзургæ сфæлдыстад æмбырд кæнын чи зоны, уыдонæй алчидæр. 

Стыр арфæйаг куыст бакæниккой нæ нывгæнджытæ, скульптортæ Семы фæлгонц, Семы сурæт куы саразиккой, уæд уымæй. 

 

Хъесаты Валодя 

"Санаты Сем" 

ОАО «Осетия-Полиграфсервис».  

Владикавказ, 2010 

 



<==    Комментарии (1)      Версия для печати
Реклама:

Ossetoans.com OsGenocid ALANNEWS jaszokegyesulete.hu mahdug.ru iudzinad.ru

Архив публикаций
  Января 2024
» О чем рассказали восточно-европейские руны
  Ноября 2022
» От Кавказа до Волги
  Августа 2022
» Кавказцы глазами русских: говорят архивные документы...
  Марта 2022
» К вопросу о заселении Фиагдонской котловины, по данным фамильных и народных преданий
» О новых именах в истории царственного дома средневековой Алании
  Февраля 2022
» К ВОПРОСУ ОБ УДЕЛЬНЫХ ВЛАДЕТЕЛЯХ УАЛЛАГКОМА ПО ФАМИЛЬНЫМ, НАРОДНЫМ ПРЕДАНИЯМ И АРХИВНЫМ МАТЕРИАЛАМ
  Декабря 2021
» Осетинская религия; религия осетин (Ирон дин)
  Мая 2021
» Иверская (Моздокская) икона Божией Матери
  Мая 2020
» Соотношение понятий Æгъдау, религия (дин), вера во внутриосетинской дискуссии
  Июля 2019
» Открытое обращение представителей осетинских религиозных организаций
  Августа 2017
» Обращение по установке памятника Пипо Гурциеву.
  Июня 2017
» Межконфессиональный диалог в РСО-Алании состояние проблемы
  Мая 2017
» Рекомендации 2-го круглого стола на тему «Традиционные осетинские религиозные верования и убеждения: состояние, проблемы и перспективы»
» Пути формирования информационной среды в сфере осетинской традиционной религии
» Проблемы организации научной разработки отдельных насущных вопросов традиционных верований осетин
  Мая 2016
» ПРОИСХОЖДЕНИЕ РУССКОГО ГОСУДАРСТВА
» НАРОДНАЯ РЕЛИГИЯ ОСЕТИН
» ОСЕТИНЫ
  Мая 2015
» Обращение к Главе муниципального образования и руководителям фракций
» Чындзӕхсӕвы ӕгъдӕуттӕ
» Во имя мира!
» Танец... на грани кровопролития
» Почти 5000 граммов свинца на один гектар земли!!!
  Марта 2015
» Патриоту Алании
  Мая 2014
» Что мы едим, или «пищевой терроризм»