Iriston.com
www.IRISTON.com
Цæйут æфсымæртау раттæм нæ къухтæ, абон кæрæдзимæ, Иры лæппутæ!
Iriston.com - история и культура Осетии
Кто не помнит прошлого, у того нет будущего.
Написать Админу Писать админу
 
Разделы

Хроника военных действий в Южной Осетии и аналитические материалы

Публикации по истории Осетии и осетин

Перечень осетинских фамилий, некоторые сведения о них

Перечень населенных пунктов Осетии, краткая информация о них и фамилиях, в них проживавших

Сборник материалов по традициям и обычаям осетин

Наиболее полное на сегодняшний день собрание рецептов осетинской кухни

В данном разделе размещаются книги на разные темы

Коста Хетагуров "Осетинскя лира", по книге, изданной во Владикавказе (Орджоникидзе) в 1974 году.


Перечень дружественных сайтов и сайтов, схожих по тематике.



Rambler's Top100 Рейтинг@Mail.ru Индекс цитирования
Статьи Словари
Здравствуйте, Гость
Регистрация | Вход
Опубл. 20.08.2011 | прочитано 6375 раз |  Комментарии (1)     Автор: Tabol Вернуться на начальную страницу Tabol
Максим Ковалевский - ФÆНДАГГОН ФЫСТЫТÆЙ

Максим Ковалевский
Максим Ковалевский
Журнал «Мах дуг», 2001 аз, №12 

 

Ковалевский Максимы фырт Максим райгуырди 1851 азы 27 августы Харьковы. Гимназы фæстæ каст фæци Харьковы университеты — Уæрæсейы рагондæр ахуыргæнæндæттæй иуы — юридикон факультет. 

Зыдта францаг, немыцаг, англисаг, испайнаг æвзæгтæ. Йæ ахуыр дарддæр ахæццæ кодта Францы, Англисы æмæ Германы университетты, уыцы иу рæстæг куыста архивты æмæ библиотекæты, базонгæ бирæ ахуыргæндтимæ æмæ æхсæны кусджытимæ, бахæлар Маркс æмæ Энгельсимæ. 

1877 азы æрбаздæхти Уæрæсемæ, райста магистры ахуырадон къæпхæн æмæ ссис Мæскуыйы университеты юридикон факультеты ахуыргæнæг. 1880 азы бахъахъхъæдта докторы диссертаци «Англисы æхсæнадон цардæвæрд астæуккаг æнусты кæрон». Диссертаци бахъахъхъæныны фæстæ дыууæ азы æмгъуыдæй ногæй ацыди фæсарæнтæм æмæ куыста Италийы, Испанийы, Америчы Иугонд Штатты. Уæрæсемæ куы æрбаздæхт, уæд сси Мæскуыйы университеты профессор. Всеволод Миллеримæ уадзын райдыдтой журнал «Критическое обозрение». Миллеры фæрцы сразæнгард Кавказы хохаг адæмты æгъдæуттæ æмæ цардæвæрд иртасынмæ. Ирыстонмæ фыццаг хатт Миллеримæ ссыди 1883 азы сæрды. Дзæуджыхъæуæй уайтагъд ацыдис Алагирмæ, Æрыдонмæ æмæ Чырыстонхъæумæ. Балцы рæстæг ын иудадзыг æххуыс кодтой этнограф Кокиты Саввæ, сауджын Гатуты Алексей, Санаты æфсымæртæ Гацыр æмæ Гуыцыр. 

Кавказы хохаг адæмты Максим Ковалевский бабæрæг кодта æртæ хатты, æрæмбырд кодта бирæ этнографион æмæ археологион æрмæг. Ирон адæмы тыххæй ныффыста æмæ 1886 азы рауагъта монографи «Современный обычай и древний закон» дыууæ томæй. Монографи йæ заманы банымадтой Уæрæсейы юридикон литературæйы хуыздæр иртасæн куыстыл. <...> 

М.М. Ковалевский уыдис историк, юрист, этнограф, социолог, æгас дунейы ахуыргæндты базонгæ кодта Кавказы адæмты цардæвæрдимæ. Йæ фæллæйттæ тæлмацгонд æрцыдысты къорд европæйаг æвзагмæ æмæ сын кæнынц стыр аргъ. 

М.М. Ковалевскийы фæндаггон фыстытæ мыхуыр кæнæм цыбыргондæй. 

 

Алагир — Салыгæрдæн
 

Амы сауджын Гатуйы-фырт мын хъаст кодта, баййарынц, дам, мæ, номылус ракур, зæгъгæ. Чырыстон ирæттæн номылус курыны бар кæй нæй, уымæ гæсгæ бирæтæ райсынц пысылмон дин. 

Ирон адæмæй чырыстон дин æппæты разæй райстой туал, æрбафтыди сæм гуырдзыйæ. 

Дыгурæн сæ фылдæр сты чырыстон: номылусы цот сæм хуыйнынц хъуымийæгтæ. 

Чызджытæ гæны фæскъау куы фæуафынц, уæд усгур лæппутæн сæ размæ бацæуыны бар нæй. 

Алагирæгтæ уæздæттыл æмæ сау адæмыл дихгонд нæ уыдысты. Дудараты (Слонаты) æлдæрттæ рацыдысты Уæлладжыргомы Æрхонмæ хæстæг Трайæ, Санаты æлдæрттæ та — Уæлладжыргомы Ксуртмæ хæстæг Сыкъаджынæй; Есенатæ дæр сты Уæлладжыргомы Мызурмæ хæстæг Ногхъæуккаг æлдæрттæ; Алыккаты æлдæрттæ — Бадæй рацæуæг, Кодзыртæ æмæ Хъуысатæ дæр — Джимийæ рацæуæг æлдæрттæ. Иууылдæр сæхи хонынц тæгиатæй, уæвгæ та сты уæлладжырæгтæ. 

Дударатæ Уæлладжыры адæмы кæй хъыгдардтой, уымæ гæсгæ сæ уырдыгæй фæтардтой. Иу сылгоймагæн дзы йæ мой куы амарди, уæд родгæсæй бацыд æххуырсты. Фынæйæ йæм хъомгæс фæныхылдта æмæ басывæрджын. Сывæллон ын куы райгуырди, уæд æй схуыдтой Слонатæй, ома, сылгоймаджы, сылы фырт. 

Салыгæрдæны мын 75-аздзыд Гозымты Абырæг æмæ 63-аздзыд Хъуылаты Иналыхъо радзырдтой мæнæ ахæм хабæрттæ: 

Кодзыртæ æмæ Хъуысатæ Алагирмæ æрбафтæг уыдысты æмæ сæ уæлладжырæгтæ нымадтой сæ дæлбартыл. Санатæ, Хъуысатæ, Есенатæ, Алыккатæ уыдысты змæнтæг, адæмы хъыгдардтой æмæ сæ уымæ гæсгæ Уæлладжыргомæй фæсырдтой. Æрбынатон сты Арвыкомы фæндаджы фæйнæфарс, Гуырдзыстонмæ æфцæг бацахстой. 

Бынæттон адæмы уæздæтты бартæ раиртасыны къамис саразыны рæстæг æлдæрттæн сæ рагфыдæлтæ чи уыдысты, уый базонынмæ фæрсæг ацыдысты уæлладжырон хистæртæм. 

Бадилайæн фæдзæхст уыд Æрæфгом хъахъхъæнын. Уæлладжыр æмæ гæлиатæгты æхсæн быцæутæ цыдысты хизæнуæтты тыххæй. Ахæм хъуыддæгтæ, искуы-иу хаттæй фæстæмæ, лыг кодтой хъæуты мидæг æвзæрст тæрхонылæгтæ. 

Туджджынты хъуыддагмæ æркæсыны тыххæй æвзæрстой фараст тæрхонгæнæджы: фондз — тугагурджытæй, цыппар та 3 тугдартæй. Бафидауыны тыххæй тугдар хъуамæ бафыстаид 360 туманы, кæнæ уый аргъ радтаид фос. Тугдарæн йæ бон ахæм аргъ бафидын куынæ уа, уæд сæ бæсты хъуамæ тугагурæн раттаид æнæцыд чызг æмæ саргъыбæх. Мыггагмæ чындздзон чызг куынæ разындаид, уæд æй æлхæдтой искæмæй æмæ-иу ссис тугагуры мыггагæй искæй ус, æмæ афтæмæй туджджынтæ нымад уыдысты фидыдыл. 

Сæйраг тæрхондон уыди Дагомы. Тæрхонылæгтæ йын æвзæрстой хæстæгдæр æртæ хъæуæй — Дагомæй, Цъамадæй æмæ Урсдонæй. Бынæттон тæрхонылæгты уынаффæимæ разы чи нæ уыдис, уыдон сæ хъаст хастой Дагомы тæрхондонмæ. Уый хъуыддаг æвзæрста, Мадызæд кæй хуыдтой, уыцы бынаты. Дагомы тæрхонгæнджыты бахъуыды рæстæг æвзæрстой æртæ хъæуы цæрджытæй — æдæппæт фараст адæймаджы. 

Хъастгæнджытæ кæм цардысты, уыцы хъæутæй тæрхондонмæ цыдысты æрмæст æвдисæнтæ æмæ хабархæсджытæ. Дыгурæй æмæ туалтæй фæстæмæ иннæтæн сеппæтæн дæр, ома, тæгиатæн æмæ уæлладжырæн тæрхон хастой Дагомы. 

Дагом ис Уæлладжыргомы. Хъæумæ нæма бахæццæ уыдзынæ, афтæмæй фæзы разыны егъау къæйдур. Уыцы тъæпæн дурыл бадтысты тæрхоны лæгтæ. Тæрхондон ис дыууæ комы саджилы. Хъастгæнджытæ ардæм цыдысты гæрзифтонгæй. Хъуыддаг æвзарынмæ бавналыны размæ сын-иу сæ хотыхтæ райстой. Хъастгæнджытæй иутæ кæнæ иннæтæ тæрхонимæ разы куынæ уыдаиккой,уæд-иу сын сæ хотыхтæ фæстæмæ нал лæвæрдтой. Æнæ хотыхæй æрбаздæхын æгадыл нымад кæй уыдис, уымæ гæсгæ-иу бар-æнæбары сразы сты тæрхонимæ. 

Зылынгæнæг æвдисæнтæ фаг куынæ разындаид, уæд хæрын кодтой ард. Тæрхонгæнджытæ уынаффæ хастой ард бахæрын кæныны размæ, фæлæ сæ тæрхон хъусын нæ кодтой, ард бахæрыныл куы нал сразы уой, уый тæссæй. Ард хордтой зылынгонд йæхæдæг нæ, фæлæ йæ хæстæджытæ, сæ ныхасыл баууæндæн кæмæн уыд, ахæм лæгтæ. Æвзаргæ та сæ хъуамæ ракодтаид хъастгæнæг. Сæ нымæц хæццæ кодта фондз æмæ ссæдзмæ. Ардхæрджытæ-иу æрбацыдысты дзуармæ, сæ худтæ-иу систой æмæ сæ дзуармæ æппæрстой мидæмæ. Тæрхонылæгæ сын-иу загътой: ард кæй тыххæй хæрут, уый кæд æнаххос у, уæд дзуармæ бацæут æмæ уæ худтæ рахæссут. 

Иуахæмы Мыкалыгабры дзуары ард хæрын бахъуыди Бутаты Беппызары. Адæм иууылдæр зыдтой: мæнг ард хæрынмæ цæуы. Æмæ йæ дзуары азар баййæфта. Ард кæй тыххæй хордта, уыимæ фæбыцæу дзуармæ фæндагыл. Хыл сын бацайдагъ, кæрæдзимæ фæлæбурдтой, дыууæйæ дæр рындзæй асхъиудтой æмæ фæмард сты. 

Ардхæрджытæ дзуармæ цыдысты æртæ чъириимæ æмæ далысы кусартимæ. Дзуармæ-иу йæ номæй бакуывтой æмæ загътой: 

— Ард кæй тыххæй хæрын, уый кæд æмæ аххосджын у, уæд мæ дæ фыдæх баййафæд. 

Ард хордтой æнæ дзуармæ бацæугæйæ дæр: 

— Кæд æмæ ард кæй тыххæй хæрын, уый, кæнæ мæхæдæг аххосджын стæм, уæд мæ мæрдтæн куыйтæ фæлдыст фæуæд! 

Аххосджын кæй кодтой, уый æвдисæнты ныхæстæ тæрхонылæгтæм нымады нæ уыдысты (нымайын сæ райдыдтой, Уырысы хицауад куы æрфидар Ирыстоны, уæдæй фæстæмæ). 

Тæрхон фехъусын кæныны размæ тæрхонылæгтæ аххосджыны хæстæджытæй æвæрдтой «фидартæ». Уыдонæн фæдзæхст уыди тæрхон сæххæст кæнын. Кæд æмæ тæрхон æххæстгонд не ’рцыдаид, уæд «фидар» дзуапп æвæрдта йæ исбонæй. 

Тæрхонылæгтæ фæсаууонмæ уынаффæ никуы хастой; хъастгæнæг кæнæ дзуапдæттæг тæрхоны бон куынæ фæзындаид, уæд хъуыддаг æргъæвтой фæстæдæрмæ. 

Зæххы фæдыл хъаугъа алыг кæныны тыххæй быцæугæнджытæ æвзæрстой дзырддзæугæ лæджы. Уый хъуамæ æркъахтаид, кæрдæг кæм нæй, ахæм зæххы белгом, йæ дыууæ къухмæ йæ систаид, хуымгæнды арæнтыл æрзылдаид æмæ, зæххы хай кæй у, уый загътаид. 

Ирон адæммæ ис кæнгæ æфсымæртæ. Дыууæ æмгары кæрæдзийæ æфсымæртæ фæзæгъынц, иу агуывзæйæ арахъхъ бануазынц æмæ ард бахæрынц: 

— Нæ дыууæйæ иу иннæуыл гадзрахатæй куы рацæуа, уæд æй ацы кадджын нуазæны азар басудзæд! 

Кæнгæ æфсымæртæн кæрæдзи хотæ курыны бар нæй. 

Туджы аргъæй мадырвадæлтæн хай нæ вæййы. Ирæд куы фæфидынц, уæд усгуры хардзæй æмбæлы мадырвады бæх, дыгурмæ та — мадырвады гал. 

Ирмæ дæр æмæ дыгурмæ дæр æгад у, ус чи нæ куры, уый: хонынц æй дзæдæл. 

Раджы заман ирæттæ чызджы тыххæй хатгай суанг авдæнмæ дæр йæхицæй дзæвгар хистæр усгурæн фидыдтой æмæ ныр дæр ма фидауынц Туалгомы. Æрыдойнаг сауджын Такъойы-фырт æмæ алагираг сауджын Гатуйы-фырт 1881 азы ахæм фидыдæй тыххæйты баиргъæвтой иу хæдзар. 

Гатуты сауджынæн зæронд устытæ дæр æмæ æрыгон сылгоймæгтæ дæр куыд басастысты, афтæмæй амардтой сæ ноггуырд сывæллæтты, уæлдайдæр та чызджыты: кæнæ сын-иу дзидзи нал лæвæрдтой, кæнæ та сæ-иу доны бæлæгъы сæвæрдтой. Ахæм хабæрттæ арæх уыдысты 1835 азы æххормаг рæстæджы. 

50-аздзыд ацæргæ сылгоймагæн ныййарын худинагыл нымад у, уымæ гæсгæ хатгай сæ ногард сывæллæтты амарынц. Гатуты сауджын куыд зæгъы, афтæмæй сылгоймæгтæ æфхæлц дæр кæнынц. 

Чындзмойы ирон адæм худинаг кæнынц мæнæ ахæм хуызы: аххосджыны хæрæгыл фæстæрдæм сбадын кæнынц æмæ йæ афтæмæй ласынц уынгты, уыимæ алкæмæн дæр ис йæ бафхæрыны, дур кæнæ йыл фаджыс ныццæвыны бар. 

Æнæус лæг æнæлæг сылгоймагмæ куы хъуыза, уæд уый ирон адæммæ ницы уадиссаг кæсы. Банымайæн ис, æмæ сæм нæлмойтæ нæй. Гатуйы-фырт куыд зæгъы, афтæмæй сауджынæй цы фынддæс азы кусы, уыдоны дæргъы нæлмойы кой никуы фехъуыста. 

Гатуты сауджыны ныхæстæм гæсгæ, чындзаг æвзаргæйæ, æппæтæй тынгдæр кæсынц йæ уынд æмæ кондмæ. Афтæ дæр рауайы, æмæ усгур иунæг хатт йеддæмæ нæ фены чызджы (куывды кæнæ чындзæхсæвы), афтæмæй йæм минæвæрттæ барвиты дзырддзæугæ лæгты. 

Раджы заман чызгыскъæфт уыди тынг арæх, уæлдайдæр дыгурмæ. Аскъæфыны фæстæ фидын хъуыд ирæд Æгъдаумæ гæсгæ фæд-фæдыл ракурæн ис мадызæнæг дыууæ хойы. Лæппу усгурыл нымад у æхсæрдæсаздзыдæй, чызг та чындздзоныл — æртындæсаздзыдæй. Чызджытæ моймæ лæвæрд хъуамæ æнæмæнг цæуой куыдхистæрæй. Чызг раттыныл хъуамæ разы уа канд йæ фыд æмæ хæдзары хистæр нæлгоймаг нæ, фæлæ суанг мыггаджы хистæр дæр. Чызгæн йæ мад разы куы уа, уæд хистæр сылгоймæгтæ фарсты нæ цæуынц. 

Чызгæн йæ ныййарджытæ разы куынæ вæййынц, уæд стæм хатт алидзы лæппуйы фæдыл. Чызг кæй фæдыл алидза, уый хъуамæ бафида фылдæр ирæд. 

Лæг æмæ усæн фырт куынæ вæййы, уæд скæнынц кæнгæ фырт. Кæнгæ фырт кæнынц æрмæст хæстæджытæй. Хатгай фырт фæзæгъынц сиахсæй дæр (сæ чызджы лæгæй). Кæнгæ фырт фæзæгъынц, ныгæнæг æмæ сын æгъдæуттæ кæнæг цæмæй уа, уый тыххæй. Кæнгæ фырт ноджыдæр фæзæгъынц, сæ мæлæты фæстæ сæ зæххы хай хæстæджыты æхсæн уаринаг цæмæй ма фæуа, уый тыххæй. Кæнгæ фыртæн йæ кæнгæ фыды чызг ракурыны бар нæ дæтты æгъдау. Кæнгæ фырт фæзæгъынц, хæстæджытæ сæ цуры куыд уой, афтæмæй; лæппу йæ кæнгæ мады дзидзийыл андзæвы æмæ фæзæгъы: амæй фæстæмæ мын ды мад дæ, æз та дын фырт дæн. Сылгоймаг дæр ын дзуапп ратты: æз дæ мад дæн, ды та —мæ фырт. 

Чызг лæппуимæ куы алидза, уæд сиахсæн ирæды уæлæмхасæн хатыркурæггаг фидинаг — иу саргъыбæх. Арæх чызджы æмæ лæппуйы фæрсгæ дæр нæ бакæнынц, фæндон сын у æви нæ, уымæй, афтæмæй бафидауынц сæ фыдæлтæ. Хи хъæуккаг кæнæ æндæр хъæуккаг чызджы куы ракура лæппу, уæд хъуамæ хъæубæстæн бафида æртæ сомы æмæ æрдæгæй фараст сомы онг — йæ дзыпп куыд амона, уымæ гæсгæ; уыцы фиддон хуыйны хъæувæндаг. 

Иуæй-иу хæдзæрттæ сæ чызджы ирæдæй уæлæмæ хъæубæстæн домдтой 25 сомы аргъ саргъыбæх. Хуыдтой йæ фатыбæх, бацис-иу хæстæджыты. 

Ирæд фыстой 250–300 сомы, ома, 30–35 галы аргъ (уыимæ æртæ галы бæсты — 30 фысы). Хъуг æмæ дыууæ фысы тардтой галы аргъ. Ирæды хыгъдмæ раттæн уыди хъримаг — æхсæз галы аргъ; æхсаргард — дыууæ-æртæ галы аргъ; дыууадæсхъусыг бæгæныфыцæн цæджджинаг — 6–8 галы аргъ; къонайы рæхыс — æртæ хъуджы аргъ. Æфсымæртæ уæрст куынæ уой, уæд ирæд фиды хæдзар æнæхъæнæй дæр, уæрст куы уой, уæд та йæ фиды фыд. Чызджы хæдзармæ æндæр фæнд куы æрцæуа æмæ сæ чызджы куы нал раттой, уæд ирæд æнæхъæнæй дæр здæхт цæуы фæстæмæ, стæй ма хъуамæ уæлæмхасæн бафидой фондз туманы. Лæппуйы хæдзармæ куы ’рцæуа æндæр фæнд, уæд та ирæдæй чызджы хæдзары ныууадзгæ уыди фондз туманы æхца, кæнæ та гал æмæ хъуг. Уыцы фондз туманы хуындысты уадзæггаг гал æмæ хъуг. 

Чындзæхсæв арæхдæр-арæхдæр аразынц ноябры кæнæ январы — æвдæлон мæйты: иуæй хортæ æфснайд фесты, иннæмæй та фысвос уæтæрты сты. 

Æнæус лæппутæ сæ фыды хæдзары куы цæрой æмæ уарынвæнд куы скæной, уæд дзы алкæмæн дæр бинонты иумæйаг исбонæй ирæдваг дихгонд цæуы, хистæр æфсымæр цас бафыста, уыйас. 

Усгуры хъуамæ чызджы хæдзары хистæртæй мачи фена, чызг та æмбæхст усгуры бинонтæй се ’ппæтæй дæр, уыимæ чызг æмæ лæппуйæн кæрæдзи феныны бар нæй. Афон куы ралæууы, уæд усгур чызджы хæдзармæ бацæуы йæ хæстæджытимæ, балæвар кæны саргъыбæх кæнæ 25–30 сомы æхца. 

Раджы заман чызджы хæдзары лæбурдтой чындзхæсджытæм, скъуыдтой сын сæ цухъхъатæ, байстой-иу сын сæ худтæ. Ныртæккæ та чындзы куы рацæйхæссынц, уæд фæсивæд æрæхгæнынц кулдуар æмæ чындзхæсджытæй домынц лæвæрттæ. Чындз йæ райгуырæн хæдзарæй куы рацæйцæуы, уæд хъуамæ æртæ хатты æрзила къонайы алыварс æмæ бавнала Сафайы рæхысмæ. 

Чындзы куы æрбахæссынц, уæд йæ сæрæй æртæ хатты ныллæг æркувы хæдзары хистæр сылгоймагæн, йæ цуры зонгуытыл æрлæууы, йæ рахиз уæраг ын царв æмæ мыдызмæстæй айсæрды, зæронд ус та йын арфæ ракæны: «Амондджын къах æрбавæр, æмæ царв æмæ мыдау адджын цард фæкæнут дæ моимæ». 

Чындзы æрбахæссынц цыллæ хызы бын. Дыккаг бон ын йæ хыз сисы йæ мойы мыггаджы кæстæр лæппутæй иу æмæ раарфæ кæнынц: «Фараст лæппуйы æмæ иу чызджы мад дæ фæкæнæд Хуыцау». 

Чындзæхсæвы фæстæ лæг цасдæр рæстæг фембæхсы йæ ныййарджытæй, йæ усмæ дæр бахъуызы æрмæст æхсæвыгон, йæ къухылхæцæг дæр йемæ куыд уа, афтæмæй. Цалдæр боны фæцæры къухылхæцæджы хæдзары, уым ын кусарт акæнынц, стæй йын уæд йæхи хæдзармæ фæндаг вæййы къухылхæцæгимæ æмæ хæстæгдæр æмгæрттимæ. 

Чызгæн рагацау æрцæттæ кæнынц æмæ моймæ куы фæцæуы, уæд ын йемæ раттынц чындзы фæлыст: рон, хуыссæнгæрзтæ, æрхуы тас æмæ хъуывгъан, чырын, хæсгард, сæрвасæн æмæ алы лыстæг дзаума. Æппæт уыцы исбонæн хицау вæййы, цалынмæ йæ лæгимæ цæра, уæдмæ. Куы амæлы, уæд та баззайынц лæджы хæдзары. 

Йæ лæджы хæдзарæй ацæуыны бар ис æрмæст æнæзæнæг сылгоймагæн. Лæгæн ис йæ усы ауадзыны бар. Уыимæ сывæллæттæ æдзухдæр баззайынц сæ фыды хæдзары. Лæг йæ усы куы ауадза, уæд ын йемæ дæтты йæ чындздзон фæлыст: рон, чырын, хуыссæнгæрзтæ æмæ иннæ дзаумæттæ. Ус йæхæдæг куы сыста лæджы хæдзарæй, уæд та йæм йæ чындздзон фæлыстæй æппындæр ницы хауы. 

Ус хъуамæ æххæст кæна лæджы домæнтæ иууылдæр. Чысылдæр коммæ нæ бакасти, зæгъгæ, уæд баййафдзæн над. Раджы заманты лæгæн уыдис йæ усы амарыны бар дæр. Лæг разы куынæ уа, уæд усы бон нæу æфстау райсын, исты балхæнын кæнæ ауæй кæнын. 

Сывæллæттæ мад æмæ фыды æвджид сты æмхуызонæй, фæлæ сæ хъысмæт лыггæнæг у æрмæстдæр фыд Раджы заман фыды бон уыдис йæ сывæллоны суанг амарын дæр, æмæ йын уый тыххæй тæрхон нæ кодтой. Хи сывæллæттæн ауæйгæнæн нæ уыди, фæлæ кæддæр номылусы сывæллæтты уæй кодтой. 

Цотæн сæ ныййарджытыл тæрхонмæ бахъаст кæныны бар нæй, сæ хъаст бахæссынц æрмæст хæстæгдæр къабæзтæм. Номылусы цоты хонынц кæвдæсæрдтæ; сæ фыды бынтæй сын хай нæ вæййы, фæндонæй сын балæвар кæнынц уæрдон, фæрæт, бæндæн æмæ æндæр дзаумæттæ. Уæвгæ та хæссынц сæ фыды мыггаг. Фидиссаг цæмæй ма уой æмæ сæ кæвдæсæрдтæ цæмæй ма хоной, уый тыххæй арæх райсынц сæ мады мыггаг, кæнæ та сæ мыггаг схонынц мады номæй. Лæджы амарды фæстæ цы сывæллæттæ райгуыры, уыдоны хонынц дзæгъæлзæдтæ. 

Салыгæрдæны ис, 40–50 адæймаджы иумæ кæм цæрынц, ахæм бинонтæ. Æфсымæртæ байуарынц, файнустытæ кæрæдзиимæ кæй нæ фидауынц, уымæ гæсгæ. Фæстаг рæстæг ахæм хабæрттæ кæнынц арæхæй-арæхдæр. Бинонтæ цы бакусой, уый иууылдæр хæссынц иумæйаг къæбицмæ; ахæм фæтк сеппæты зæрдæмæ нæ цæуы æмæ уæд байуарынц. 

Уаргæйæ хистæр æфсымæрмæ æмæ кæстæр æфсымæрмæ хауы уæлæмхасæн хæйттæ. Хистæры уæлæмхасæн хай вæййы 300 фысы, гал æмæ хъуг, хæдзар, къонайы рæхыс æмæ аг; хæхбæсты та — зæххы хай. 

Кæстæры уæлæмхасæн хай вæййы 25 сомы. Астæуккаг æфсымæртæм уæлæмхасæн хæйттæ нæ хауы. Лæгæн чызджытæ йеддæмæ куынæ уа цот, афтæмæй куы амæла, уæд йæ исбон хауы йе ’фсымæртæм Идæдз ус йæ цотимæ куы цæра, афтæмæй куы амæла, уæд йæ кæндтытæн раттынц гал, хъуг, зæххы хай, фондз мæрты мæнæу кæнæ дæс мæрты хъæбæрхор. 

Æфсымæртæ куы байуарынц, уæд сæ идæдз мад баззайы кæстæр фыртимæ. Æнæзæнæг идæдз хæдзарæй куы сысты, уæд йемæ ахæссы йæ хуыссæнгæрзтæ. 

Алы ссæдз хæдзарæй дæр равзарынц иу æууæнкджын лæджы æмæ уый халæппæрстæй хуымзæххытæ байуарынц фондз азы æмгъуыдæй. 

Фосæн ис иумæйаг хизæнтæ. 

Æрбалидзæгæн æрцæрыны бар ис, хъæубæсты фылдæр хай разы куы уой, уæд. Фæлæ хъуамæ бафида 200–300 сомы æмæ йын афтæмæй раттынц æхсæны хизæнтæй æмæ хъæдæй пайда кæныны бар. 

Туджы аргъ у æстдæс хатты æстдæсгай хъуццытæ. Уыдонæй фыццаг æстдæсы аргъ у фæйнæ 30 сомы, дыккаг æстдæсы — фæйнæ 25 сомы, æртыккаг æстдæсы — фæйнæ 20 сомы, цыппæрæм æстдæсы — фæйнæ 19 сомы, фæндзæм æстдæсы — фæйнæ 15 сомы, æхсæзæм æмæ уымæй фæстæмæ æстдæсты — фæйнæ 9 сомы. Ноджыдæр саргъыбæх, хуымзæххы дыууæ бонгæнды; цыты чызг — марæджы кæнæ йе ’фсымæры чызджы æнæ ирæдæй хъуамæ радтой марды хæстæджытæй искæмæн. Уымæй уæлдай тугдартæ æвæрдтой цыты фынг — æргæвстой тæккæ хæрзхастдæр гал, фондз хæрзхаст фысы æмæ фыхтой бæгæныйы цæджджинаг. 

Фæндагыл бастигъынимæ абаргæйæ, хæдзары мидæг бастигъыны тыххæй хæссынц карздæр тæрхон. Хæдзары дуар куы басæттай, афтæмæй адавыны тыххæй бафидын хъæуы, цы адавай, уый æртывæр аргъ, стæй хъуамæ сæвæрай фидыды фынг, æнæ дуарсастæй та — æртывæр аргъ æнæ фидыды фынгæй. 

Дзуарæй исты чи радава, уый йæ хæдзармæ ничи уагъта. Уыйхыгъд сыхаг адæмтæй радавын, сæ фос сын раскъæрын нымад уыди лæгдзинадыл. 

Чырыстонхъæуккаг Кокиты Саввæ куыд радзырдта, афтæмæй 1862 азы Дыгургомы хуымæтæг адæм æмæ Цæргæсаты уæздæттæ фæбыцæу сты, Хæресы фосхизæнтæ кæй исбон сты, уый фæдыл. Хъаугъа ахаста дæргъвæтин рæстæг. 1877 азы Кокийы-фыртмæ, ноджы ма æхсæз дыгуронмæ, иу асиагмæ æмæ иу тæгиатагмæ фæсидтысты быцæу алыг кæнынмæ. Æвдисæн уыдысты зæронд лæгтæ. Уыдон куыд радзырдтой, афтæмæй Хæресы фосхизæнтæ незамантæй фæстæмæ иумæйаг уыдысты хуымæтæг адæмæн æмæ Цæргæсатæн. Майы кæрон, фос Хæресмæ скъæрыны рæстæг, Цæргæсатæ алы фыййауæн дæр раттынц фæрæт, аг, бæндæн, лалым, къæпытæ. Фысвос Хæресы фæхизынц августы кæронмæ, стæй сæ раскъæрынц æмæ æртæ æхсæвы фæвæййынц Цæргæсаты зæххыл. 

Кокийы-фырты мадырвадæлтæ 1880–83 азты иу хæдзары мидæг цардысты 30 бинойнаджы бæрцæй, сæ мыггаг — Тæмутæ. Бинонты хицау уыди сæ фыд — хистæр нæлгоймаг. Уый æвастæй бинонтæн ницы саразыны бар уыди. Хонгæ дæр æй кодтой хицау. Къæбиц æмæ дæгъæлтæ уыдысты йæ усы — æфсины — къухы. Хæдзары хицау æмæ æфсин быдыры куыстытæм нæ цыдысты. Бинонтæн хæринаг файнустытæ кодтой радыгай. 

Бинонты иумæйаг исбон уыдысты хæдзар, хуымзæххытæ, уыгæрдæнтæ, фысвос æмæ стурвос. Хæдзары, зæххы æмæ фосы куыстытæй уæгъд рæстæг бинонтæй чи цы самал кæна, уый уыд йæхи исбон. Ноджы нæлгоймæгтæм æмæ сылгоймæгтæм лæвары хуызы цы æрбафта, уый дæр у сæхи исбон. Къуымбил сылгоймæгтæй вæййы, чи йæ бауафа, уый исбон. 

Йæ фыд цалынмæ æгас уа, уæдмæ фырты бон æгъдаумæ гæсгæ нæу хæдзарæй байуарын. Æфсымæртæ байуарынц сæ фыды баныгæныны фæстæ. Арæхдæр-арæхдæр байуарынц файнустыты аххосæй. Хæдзар хауы кæстæр æфсымæрмæ, йемæ цæргæ баззайы сæ мад дæр. Уарынмæ кæй æрбахонынц,уыдон мадæн дæр радих кæнынц исты хай. 

Æфсымæртæ хатгай байуарын бадомынц, сæ фыд ма æгас вæййы, афтæмæй. Уарджытæ вæййынц хæстæджытæй, сыхæгтæй, хъæубæстæй — хæдзары исбон хорз зындгонд кæмæн у, ахæм адæм. Фыдæн раттынц æфсымæртæй къаддæр хай æмæ цæргæ баззайы, фырттæй йæ кæимæ бафæнда, уыимæ. Фыд цалынмæ æгас уа, уæдмæ хæдзар кæстæр фыртмæ нæ хауы, фæлæ фыд куы амæлы, уæд баззайы мадæн, мад та кæстæримæ кæй фæцæры, уымæ гæсгæ хæдзар æппынфæстаг бавæййы кæстæры. Чызджытæн хай не ’мбæлы. Байуарыны фæстæ æнæцыд чызг цæргæйæ баззайы, æфсымæртæй йæ кæимæ бафæнда, уыимæ. 

 

Чырыстонхъæу
 

Чырыстонхъæуккаг 86-аздзыд Къорнаты Бреджы ныхæстæм гæсгæ, Бадила Маджарæй куы æрбафтыд, уæд Дыгургомы фондз хæдзары йеддæмæ нæ уыди. Бадила раздæр царди Венгрийы, уырдыгæй æрбалыгъди Маджармæ, Маджарæй та — Дыгурмæ. Йемæ æмбалæн уыд Акъо. Дыгургоммæ куы æрбахæццæ сты, уæд уазджыты иу хæдзармæ бахуыдтой дзуары куывдмæ. Фæндагыл Акъо бадти бæхыл, Бадила та — хæргæфсыл. Бадила æмæ Акъо куывддон адæмы дардмæ куы федтой, уæд Бадила Акъойæн загъта: «Ды мæ хæргæфсыл сбад, æз та — дæ бæхыл. Хæргæфс дæ рæвдздæр бахæццæ кæндзæн». Акъо сразы Куывдмæ куы бахæстæг сты, уæд сын адæм сыстадысты. Бадила бæхыл кæй бадти, уымæ гæсгæ раздæр уымæн загътой æгасцуай æмæ йæ фынгмæ бахуыдтой. Акъойæн хабар йæ зæрдæмæ нæ фæцыди, фæлæ ницы загъта, æрмæст бахъуыр-хъуыр кодта. Уымæ гæсгæ Акъойы байзæддаджы абон дæр ма хонынц Хъуыр-хъуыратæ. Бæх æмæ хæргæфсы хабар куы базыдтой дыгур, уæд Акъойæн зæххы хай радтой, Бадилайæн та нæ раттой хай. 

Дыгур уæды заман Доныфарсимæ фыдæх хастой, уымæн æмæ сын-иу сæ фос аскъæрдтой. Дыгур Бадилайы сæ фосæн хъахъхъæнæг баххуырстой. Уæды онг топп нæма зыдтой, хæцыдысты фатæй. Бадиламæ та уыди хъыримаг. Доныфарсы фæсивæд иуахæмы дыгурон лæппуйы куы адавтой æмæ йæ куы фæцæйтардтой, уæд сæ Бадила хъыримагæй багæрах ласта. Давджытæн сæ сæр сæ кой сси, цы фæцадаиккой, уый нал зыдтой: æнхъæлдтой, арв æмæ хæхтæ сæхæдæг сыстадысты сæ ныхмæ. 

Уыцы хабары фæстæ дыгур Бадилайæн радтой Астаны байзæддæгты зæххы хай. Астаны æртæ фырты уыцы хай байуарын нæ фæрæзтой, хъаугъайы хос сын разынди æмæ йæ уæд ныууагътой æмæ ног цæрæнуæттæ агурæг ацыдысты: сæ иу — Урсхъæумæ, иннæ — Къæмынтæм, æртыккаг — Уæхъæцмæ. Бадила Дыгуры бæстæйы цæргæ баззад, ус ракуырдта æмæ дзæвгар цот рауагъта. 

Дыгурмæ æввахсдæр уыди Уæллагком. Уæллагкомы æмæ Астаны царди фæйнæ æртæ хæдзары. Дыууæ хъæуы иумæ хуыдтой Дыгуры бæстæ, се ’хсæн уыди æрмæст иунæг цыбыр ком. Иу хæдзары хицау уыд Алуан, иннæйы — Болат, æртыккаджы — Галаон æмæ Басил. Иннæ æртæ хæдзары хицæуттæ уыдысты Астаны фырттæ. Уыдоны байзæддагæй равзæрдысты Дыгуры бындурон цæрджытæ. Рæстæг куыл цыд, афтæ сæм æндæр рæттæй æфтын байдыдтой адæм. Хæхбæсты абон дæр фенæн ис бындурон мыггæгты гæнæхты пырхæнтæ. Адæм Дыгурмæ лыгъдысты Балхъарæй (ирæттæ сæ хонынц Асы). Фыццагдæр æрцæрæг мыггæгтæ æнæнцойæ хæцыдысты кæрæдзиимæ. 

Бадила ардæм куы æрбафтыд, уæд дыгур уыдысты чырыстон, Бадила та — пысылмон, æмæ кургæ дæр ракодта доныфарсаг пысылмон чызг. Уыцы рæстæджыты райдыдтой иры æмæ кæсæджы фыдæх быцæутæ. Кæсæг архайдтой дыгурæн пысылмон дин райсын кæныныл. Бадила та пысылмон кæй уыди, уымæ гæсгæ йæ хуыдтой сæхион, хæцыдысты йæ фарс. 

Дыгур хохæй быдырмæ лидзын куы райдыдтой, уыцы рæстæгмæ кæсæг бацахстой дæлвæзтæ, æмæ дыгуры фидын бахъуыди хъалон — хæдзарæй иу фыс.. Уæды заман алы хæдзарæн дæр уыдис, йæ бон цас бакусын у, уыйас зæхх æрцахсыны бар. 

Кæсæг уыдысты Бадилайы фарс, дыгурæн иудадзыг дзырдтой, пысылмон дин райсут, зæгъгæ. Кæсæг давтой иры сывæллæтты, арæх-иу бастыгътой ирон хъæутæ. Кæм фæфосгæнæн ис, уый кæсгон къниæзтæн амыдтой Бадилатæ. Куыдфæстæмæ ирон адæм Бадилатæн æнхъæлын райдыдтой кæсгæттæ æмæ сын сæ домæнтæ æххæст кодтой. Кæсæг æмæ Бадилатæ нæ æгæр æлхъивынмæ куы бавнæлдтой, уæд æххуысгур фæсидтыстæм уырысмæ. Ацы зæххытæ Ермолов байста. Бадилатæ Уырысы хицауадæй курын байдыдтой, цæмæй сын быдыры зæххытæ банымайа сæ исбоныл, дзырдтой, зæххытæ, дам, балхæдтам Тасолтантæй, Мулдартæй æмæ Биаслантæй. Уæвгæ та ирон адæм ацы зæххытæ бацахстой Бадилатæй раздæр, Воронцов Тифлисы хицау куы уыдис, уæд. Хицауад ирон адæмы хистæртæй дыууæмæ фæсидтысты, æмæ уыдон ард бахордтой, Бадилатæ зæхх Тасолтантæй кæй нæ балхæдтой, уый тыххæй. Иннæ дыууæ æвдисæны — Гæбуты Гаги æмæ Агънаты Саханбег та хъæддыхæй загътой: дыгур Бадилатæм не ’рбацыдысты, фæлæ Бадилатæ дыгурмæ æрбацыдысты. Уырысы хицауад зæххытæ Бадилатæй байста æмæ сæ ирон адæмæн радта. 

Цæргæсатæ Гуырдзыстонæй æрбацыдысты Туалгоммæ. Æфсымæртæй иу — Цæразонты Гæуыс — ныр дæр ма цæры уым. Иннæ Цæргæсатæ æрбалыгъдысты Стыр Дыгурмæ, фысым сын фæлæууыд дыгурон лæг Хæмыц æмæ сын хъæумæ хæстæг Хæресы радта зæххы хай. Æмæ уыцы зæхх абон дæр у быцæйуаг — Стыр Дыгур æй хонынц иумæйаг, Цæргæсатæ та йæ хонынц сæхи. 

 

Терчы облæсты хицауады тæрхондоны 1880 азы 28 июлы уынаффæ 

Дзæуджыхъæуы зылды ирон адæмы æхсæн 

тæрхон сфидар кæныны тыххæй

 

Мах, Дзæуджыхъæуы зылды ирон адæмы минæвæрттæ, æрцыдыстæм ахæм фидар хъуыдымæ, æмæ йе ’гъдæуттæй бирæтæ зианхæссæг кæй сты æмæ гæвзыкмæ кæй тæрынц, уымæй уæлдай тæккæ стырдæр цæлхдур сты адæмы æнтыстджын рæзтæн. Уымæ гæсгæ сæ 1879 азы 20 декабры бындзарæй фесафинагыл банымадтам ацы уынаффæйæ. 

     

  1. Ирæд. Ирыстоны суанг рагзаманты сфидар чындз æрхæссыны тыххæй ирæд фидыны зианхæссæг æгъдау, куыд никуыма уыд афтæ тынг скарз фæстаг рæстæг, бынтон мæгуырмæ тæры адæмы, у чырыстон дины æмæ европæйаг цивилизацийы ныхмæ. 

    Къаддæр хæрдзтæ нæ домы чындз æрхæссыны размæ сиахсыцыд дæр. Сиахс æппынкъаддæр ссæдз æмгаримæ бацæуы чызджы хæдзармæ æмæ сын фынгтæ æрæвæрыныл йæ каисты бахъæуы бынтон æнæхъуаджы егъау хæрдзтæ бакæнын. Пысылмæттæ та ирæдæй æмæ сиахсыцыдæй уæлдай фидынц нæчех дæр — бæрæгбæрц æхца. Нæчехæн ис граждайнаг къайады нысаниуæг: мыййаг, пысылмон сылгоймаджы йæ лæг æнæбындурæй куы атæра, уæд æм йæ æфхæрды хыгъдмæ баззайы нæчех æнæхъæнæй дæр. 

    Ирæд æмæ сиахсыцыд талынг æмæ æнæхъола æгъдæуттæ кæй сты, уымæ гæсгæ амæй фæстæмæ бынтондæр ивд æрцæуæд. Нæчех та пысылмон къайад фидар кæнынæн ахъаз кæй у æмæ йæ дин дæр кæй амоны, уымæ гæсгæ баззайæд, æрмæст ирæды хуызы куыннæ ацæуа, афтæмæй; чызджы ныййарджытæн дзы афонæй раздæр пайда кæныны бар ма уæд, фæлæ сæ чызг лæджы аххосæй куы рахицæн уа, уæд ын цæрæнхос куыд уа, афтæ. 

    • Фиппаинаг: æфсымæртæ куы байуарой, кæнæ йæ лæг куы амæла, уæд пысылмон сылгоймагмæ амæй фæстæмæ нал ис нæчех домыны бар, фæлæ хъуамæ хъуыддаг лыггонд æрцæуа граждайнаг тæрхондоны кæнæ шæриаты уагыл.
     

    Ацы уынаффæ чи фехала, уый хъуамæ ивар бафида 200 сомы; ивары æхца, 10 процентæй фæстæмæ, ратгæ сты æхсæны хъуыддæгтæн.

  2.  

  3. Хист. Ирон адæм мардæн афæдзы дæргъы кæнынц цалдæр егъау хисты, æмæ хæдзар бынтон смæгуыр вæййы. Æппæт уыцы хистытæ амæй фæстæмæ ивд цæуынц æмæ сæ бæсты сауджын æмæ молло бацамондзысты: чырыстæттæн — мард ныгæныны бон уæлмарды хæрнæг, хъуамæ дзы иу гал æмæ фондз фысæй фылдæр æргæвст ма уа; стæй дыууиссæдзæм боны хист — æрмæст иунæг фыс; алы хисты дæр, бæгæныйæ фæстæмæ, цас æмбæлы, уыйас арахъхъ æмæ сæн; пысылмæттæ та хистытæ кæндзысты комуадзæны æмæ хъуырманы бонты. 

    Ацы уынаффæ чи фехала, уыдон ивар бафиддзысты 100 сомы; ивары æхца 10 процентæй фæстæмæ, лæвæрд уыдзысты æхсæны хъуыддæгтæн.

  4.  

  5. Уымæй уæлдай ирон адæммæ ис мардмæ бынтон дæрддзæф рæттæй цæуыны æнæсæрфат æгъдау. Уыимæ мæрдджын хæдзар нæлгоймаг мæрддзыгойыл ницы уадиссаг бахардз кæны, фæлæ сылгоймæгтæ дæсгæйттæй æрцæуынц мæрдджынтæм æмæ хæдзар гæвзыкмæ æрцæуы; цæссыг сæ никæмæй æрхаудзæн, афтæмæй сæ кæуын æмæ æрдиаг дардмæ фæхъуысынц, ноджы ма сæ цæсгом æмæ сæр тымбылкъухæй фæхойынц, сæрыхил рæдувынц, цæсгом сæ ныхтæй ныттонынц. Ахæм хъæддаг митæ кæныны бар амæй фæстæмæ нал и марды тæккæ хæстæгдæр къабæзтæн дæр. 

    Ацы уынаффæ чи фехала, уыдон ивар бафиддзысты 25 сомы; ивары æхца, 10 процентæй фæстæмæ, лæвæрд уыдзысты æхсæны хъуыддæгтæн.

  6.  

  7. Амæй фæстæмæ нал ис мардæн стыр дугъ, фысы дугъ æмæ æлæм аразыны бар. Ацы уынаффæ чи фехала, уыдон æхсæны пайдайæн бафиддзысты: стыр дугъы тыххæй — 100 сомы, фысы дугъы æмæ æлæмы тыххæй — фæйнæ 30 сомы æвзист æхцайæ. Бар нал ис фæндаггæрæтты цырт æвæрынæн дæр; чи сæвæра, уый ивар бафиддзæн 30 сомы.
  8.  

  9. Карз æфхæрд æййафдзысты чызгыскъæфджытæ, уымæн æмæ чызгыскъæфты аххосæй дыууæ мыггаджы сфыдæх вæййынц, се ’хсæн суанг лæджы мæрдтæ дæр рауайы. Чызгыскъæфты тыххæй тæрхондон цы уынаффæ рахæсса, уымæй уæлæмæ æхсæны пайдайæн усгур ивар бафиддзæн 200 сомы, скъæфджытæ та — фæйнæ 100 сомы.
  10.  

  11. Давыны, стигъыны, фæливыны, фосы къæдзил лыг кæныны, холлагыл, бæстыхæйттыл арт сæндзарыны æмæ æндæр ахæм фыдракæндты тыххæй иумæйаг æмæ фидауынгæнæг тæрхондæттæ цы уынаффæ рахæссой, уымæй уæлæмæ æхсæны пайдайæн ивар бафидгæ уыдзæни 50 сомы. Ноджыдæр давджытæ, артæндзарджытæ æмæ фосы къæдзил лыггæнджытæ Терчы облæстæй хаст цæудзысты, фæстæмæ æрбаздæхыны бар сын никуал уыдзæн, афтæмæй.
 



<==    Комментарии (1)      Версия для печати
Реклама:

Ossetoans.com OsGenocid ALANNEWS jaszokegyesulete.hu mahdug.ru iudzinad.ru

Архив публикаций
  Января 2024
» О чем рассказали восточно-европейские руны
  Ноября 2022
» От Кавказа до Волги
  Августа 2022
» Кавказцы глазами русских: говорят архивные документы...
  Марта 2022
» К вопросу о заселении Фиагдонской котловины, по данным фамильных и народных преданий
» О новых именах в истории царственного дома средневековой Алании
  Февраля 2022
» К ВОПРОСУ ОБ УДЕЛЬНЫХ ВЛАДЕТЕЛЯХ УАЛЛАГКОМА ПО ФАМИЛЬНЫМ, НАРОДНЫМ ПРЕДАНИЯМ И АРХИВНЫМ МАТЕРИАЛАМ
  Декабря 2021
» Осетинская религия; религия осетин (Ирон дин)
  Мая 2021
» Иверская (Моздокская) икона Божией Матери
  Мая 2020
» Соотношение понятий Æгъдау, религия (дин), вера во внутриосетинской дискуссии
  Июля 2019
» Открытое обращение представителей осетинских религиозных организаций
  Августа 2017
» Обращение по установке памятника Пипо Гурциеву.
  Июня 2017
» Межконфессиональный диалог в РСО-Алании состояние проблемы
  Мая 2017
» Рекомендации 2-го круглого стола на тему «Традиционные осетинские религиозные верования и убеждения: состояние, проблемы и перспективы»
» Пути формирования информационной среды в сфере осетинской традиционной религии
» Проблемы организации научной разработки отдельных насущных вопросов традиционных верований осетин
  Мая 2016
» ПРОИСХОЖДЕНИЕ РУССКОГО ГОСУДАРСТВА
» НАРОДНАЯ РЕЛИГИЯ ОСЕТИН
» ОСЕТИНЫ
  Мая 2015
» Обращение к Главе муниципального образования и руководителям фракций
» Чындзӕхсӕвы ӕгъдӕуттӕ
» Во имя мира!
» Танец... на грани кровопролития
» Почти 5000 граммов свинца на один гектар земли!!!
  Марта 2015
» Патриоту Алании
  Мая 2014
» Что мы едим, или «пищевой терроризм»