Бæрæгбæтты нысаниуæг æмæ сæ мидис, се ’мгъуыдтæ хынцыны иумæйаг фæтк нын дæттынц культурæйы вазыгджын фæзынд — къæлиндар хуыздæр базоныны фадат. Нæ ныхас сахаддзæн, ам зындгонд адæмон бæрæгбæттыл куы æрдзурæм, уæд. Бацархайдзыстæм афæдзы алы афонты бæрæгбæттæй дæр иуы миниуджытæ æххæстæй равзарыныл. Фыццаджыдæр, нæ хъус æрдардзыстæм, къæлиндары хыгъд бæрæгбæттæй хъæууонхæдзарадон куыстытимæ æмæ бинонты фæткимæ баст чи у, уыдонмæ.
Бæрæгбон æмæ къæлиндар кæрæдзиуыл куыд баст сты, уый бамбарыны тыххæй бафиппайын хъæуы, сæ иуæй-иутæн бæлвырд æмгъуыдтæ кæй нæй, уый. Адæмы нымадмæ гæсгæ-иу бæрæгбон къæлиндары нысангонд æмгъуыдтæм гæсгæ нæ кодтой, фæлæ-иу цалдæргай суткæтæ дæр хаста. Æгъдæуттæ зонæг фенынджынтæй цы æвдисæйнæгтæ райстам, уыдон æдзух кæрæдзиуыл нæ фæбадынц. Зæгъæм, хорæрзады бардуаг æмæ æмкъайады Хуыцауы дзуары номыл Куырттаты комы куывд кæнынц уалдзæджы, иннæ рæтты та — фæззæджы. Сæ хицæндзинæдты тыххæй дзурдзыстæм фæстæдæр.
Ахæм дæнцæгтæ ма æрхæссæн ис ноджыдæр, фæлæ уал ныртæккæ ахсджиаг у, царды чи ис, æви афтæ æнхъæл кæмæй стæм, уыцы хицæндзинæдты тыххæй æрдзурын. Бæрæгбæттæ кæрæдзи афтæ ивынц, цыма се ’хсæн бæлвырд арæнтæ кæй нал ис, уымæ гæсгæ се ’хсæн æгæр стыр æмгъуыдтæ вæййы. Алы бæрæгбон дæр йæ тæмæны куы бацæуы, къæлиндары хъуамæ уыцы бон нысангонд уа. Уый нæ, фæлæ ма ис, афæдз дыууæ хатты кæй кæнынц, ахæм бæрæгбæттæ дæр. Ахæмтæ сты Аларды, Тутыртæ, Фæлвæра æмæ æндæртæ. Гутнаты Елбыздыхъойы æрмæджытæм гæсгæ Мыкалгабырты бæрæгбон нысан кодтой афæдз цыппар хатты. Ныр аныхас кæнæм бæрæгбæттæн сæхи тыххæй.
Уарзиаты Вилен
Ирон бæрæгбæттæ незамантæй абонмæ
Ратæлмацгæнæг — Бицъоты Гриш
[Цæгат Ирыстоны гуманитарон иртасæнты институт, 1995]