Санибайаг Санаты Сиунц иттæг бамæсты Тибмæ Æмзорыхъойы æфхæрдыл. Санаты Сиунц уыди уæйыджы йас — хæрæг æд уаргъ йæ дæларм хаста иукъахыг хидыл, галмæ-иу куы фæлæбурдта, уæд-иу æй йæ къухты, йæ хъæбысы уæрыккау систа.
Иу аз рацыди Æмзорыхъойы хæцæнæй, афтæ Саниба куывды бадынц Уациллайы бон. Уæд Санаты Сиунц сыстад йæ бынатæй, иуварс рацыд æмæ æрыздæхт æмбырды адæммæ:
— Мæнæ хорз адæм, уæ дзуары хорзæх уæ фод, фæлæ мæм иу дыууæ дзырдмæ байхъусут. Адæм æм байхъуыстой, æмæ Сиунц дзурын байдыдта:
— Æз лæбурынмæ цæуын Тибы тыхгæнæг балмæ, — сæ фæндæгтыл, сæ рындзытыл та баддзысты ацы сахат, стигъдзысты, адæмы та ласдзысты сæхимæ. Æз цæуын тыхджын æндзарæнмæ, æмæ уын фæдзæхсын: мæ аргъ сцæттæ кодтон, чи зоны куыд рауайа, æмæ мыл кæд фæтых уой, уæд мæ-иу бирæ ма ныууадзут. Фæлæ сымах астæу дзырд дæттын: авд азы гæрзтæ нал фæдардзынæн, авд азы бандоныл нал сбаддзынæн тæсчъы йеддæмæ, авд азы куывды уæ астæу нал æрбаддзынæн, авд азы уæлдзарм худ мæ сæрыл нал æркæндзынæн сæрд уæд — зымæг уæд нымæтхуд йеддæмæ, авд азы дæргъы гæрзрон нæ бабæтдзынæн мæ астæуыл нымæтрон йеддæмæ, авд азы нозт нал баназдзынæн нуазæнæй къусæй фæстæмæ.
Ныхас ууыл фæци. Сиунц куывдæй ацыд сæ хæдзармæ, æфсæддон арæзт скодта йæхицæн, хæрзбон зæгъы йæ бинонтæн. Мад бæргæ нæ уагъта тых кæнынмæ:
— Мæ разы дæм цы зæрдæ ис, ахæм зæрдæ дæм нал уыдзæн, куы дыл æрбамбырд уой, мæ хъæбул.
— Ма тæрс, нана, æз дын лæг нæ дæн, уыдонæй дын иу мæ дæларм куы нæ æрдавон.
Агуры Куырттаты æфцæгыл Сиунц Тибы тыхгæнджыты, бирæ цæ фæцагуырдта æмæ цыл иу ран амбæлд.
Тибы тыхгæнджытæ бадынц дуррæбынты, фугæты бын, аууæтты. Уалынмæ кæсынц æмæ дæлæ иу нæртон лæг ссæуы хъæргæнгæ:
— Кæд Тиб ам искуы бадынц фæсдурты, уæд уын мæнæ лæг, Санаты Сиунц.
Къордгæйттæй бадынц Тиб. Дæллаг къорд æм нæ бахастой сæ ныфс, уæллæгтæ дæр гуызавæ катайыл систы:
— Ахсæм æй æмæ йын куы ницы бафæразæм, нæ йæм лæбурæм — æмæ худинаг: нæ хæдзæрттæм цы цæсгом равдисдзыстæм.
Сæхи йыл ныццæвынц, бæргæ, фæлæ йæм раздæр чи бахæццæ, уый йе ’ккой баппæрста æмæ дæлæ хъæбысы фæхæссы лæджы. Рамбырдтæ йыл сты дыууæ къорды æмæ сæ куы иуырдæм, куы иннæрдæм айсы йæ разæй Сиунц. Йæ рахиз къухæй-иу кæуыл фæхæст, уый-иу фехсы, фæлæ лæджы уæгъд нæ уадзы. Уæд Тибы балхон Мæхтæ Кучиты фæхъæр кодта:
— Иуфарс айсут уæхи!
Æмбæлттæ фæпырх сты. Мæхтæ хъримаг топпы хæтæл Сиунцы сагæхты ацавта æмæ йæ иуырдæм фæзылдта: Сиунц æд уаргъ афæлдæхт. Сæхи йыл ныццавтой, йæ гæрзтæ йын стыдтой, уæлæмæ йæ нал суагътой, бæттынц æй.
Сиунц сæм дзуры:
— Тиб, ма мæ бæттут, кæм мыл фæтых стут, уым уын дзырд дæттын, куыд цæуын уæ фæдыл.
Ахæм лæгыл нæ баууæндыдысты Тиб, сбастой йæ. Уæд æй балхон Мæхтæ фæрсы:
— Чи дæ? Дæ ныфс куыд æрбахастай Тибы бадæнтæм Захъагомы, уыимæ иунæгæй?
— Æмзорыхъойыл худынц, фидис ын кодтой, стæй Уациллайы куывды дзырд радтон дзыллæйæн, иунæгæй уæ лæг кæй рахæсдзынæн.
Тибы Кучиты Саулохмæ радтой Санаты Сиунцы. Къуыдыр ыл сæвæрдтой, ахæм къуыдыр, æмæ йæ дыууæ лæджы сисын нæ фæрæзтой. Æмбисондæн баззад ныр дæр ма — «Сиунцы къуыдыр».
Алырдыгæй цыдысты уынæг Сиунцмæ, дис ын кодтой йæ асыл. Уадидæгæн æрбаскъæрдтой йæ аргъ æмæ Сиунц афардæг Санибамæ.
Сиунц йæ уæлæ цы уаргъ сæвæрдта, уый сæххæст кодта. Иу бон дæр нæ бахатыр кодта йæхицæн, æнæгæрзтæй, æнæхуд.
Ист сты у чиныгæй:
Æмбалты Цоцко. «Удварны хæзнатæ».
Чиныг сарæзта Соттиты Р. — Дзæуджыхъæу: 2009.)