Хъуылаты Владимир
Æз æрыгон нал дæн. Мæхи æмбарынхъом куы фæдæн, уæдæй нырмæ Къостайы рухс фæлгонц мæ хъуыдытæй никуы схицæн. Нæ хæдзары Къостайы уæлдай уарзт кодта мæ фыд Буцки. Тынгдæр, æвæццæгæн, йæ уарзон мады ’фсымæр Цоцкойы хуыздæр æмæ уарзондæр хæлар кæй уыдис, уый фæдыл. Мæ фыдæн Къостайы «Ирон фæндыры» фыццаг рауагъд чиныг Цоцкойы лæвар уыдис, кæсынæй йæ не ’фсæст, кусгæ-кусын дæр арæх зарыд йæ зарджытæ. Раст цыма Къостайы æмдзæвгæтæй зарджытæ мæ фыд йæхæдæг арæзта, афтæ мæм-иу каст.
Ме ’взонджы азты æз бирæ рæстæг æрвыстон мæ фыды мады фсымæр Æмбалты Цоцкоимæ. Цоцкойæ бирæ фехъуыстон Къостайы тыххæй.
Йæ фыссæн стъолы лагъзы дардта, Къостайæ цы фыстæджытæ фæиста, уыдон. Цалдæр уыдысты, æз дæр сæ кастæн. Хъыгагæн, уыцы фыстæджытæй æрмæст иунæг бахаудис Къостайы уацмысты фондзтомон академион рауагъдмæ (5-æм том, 274 фарс). Иннæтæ, æндæр фыстæджытимæ, Цоцкойæн йæхи бирæ къухфыстытимæ фесæфтысты 1937 аз октябры, — уæд æнаххосæй æрцахстой Цоцкойы дæр; чиныгæй-гæххæттæй сæ уæзласæн машинæйы бакалдтой, йæхи дæр ын гуыффæмæ схизын кодтой æмæ фесæфт лæг!
Æрмæст нудæс азы фæстæ рабæрæг, Цоцко дæр, æнаххосæй цы милуангай адæймæгты бабын кодтой фыдазты, уыдонæй кæй уыд, уый.
Мæнæ ис, Къоста Дзæуджыхъæуæй Æрыдонмæ цы чысыл фыстæг æрæрвыста, уый:
«Дорогой Цоцко!
Какой-то нечистый дух создает какие-то совершенно непонятные препятствия нашему делу. Гнездится эта нечистая сила в грязной душе тебе самому известной хорошо особы. Но нам с тобой надо вырвать из ее когтей несчастную Люлю. Сообщи мне точный адрес Иорама. Твой Коста.»
Ацы фыстæг иунæгæй райсгæйæ дæр фаг æвдисæн у, Цоцко Къостайæн йæ иузæрдион хæлар кæй уыд, йæ царды ахъаззагдæр фæзилæнты йыл йæ иннæ хæлæрттæй фылдæр кæй æууæндыдис.
Æз мæ зæрдыл бадардтон: Къоста ацы фыстæджы размæ кæй фыста Цоцкомæ, ууыл уыдис стыр дамгъæтæй фыст: «Æмбалты саузараг лæппу, ды мæ къухылхæцæг!..» Афтæ чи фæнды дæр зæгъдзæн æрмæст йæ тæккæ хионæн.
Мæнæ куыд фыста Къоста 1899 азы 6-æм июлы Очаковæй Байаты Гаппомæ фыстæджы: «Цоцко своей припиской в твоем письме растрогал меня до того, что я не мог удержать слезы. Спасибо ему! Лучшего успокоения я бы не желал даже перед виселицей! Тынг мын æй бафæрс!»
Къоста уыцы ранмæ йæ райгуырæн Ирæй хаст уыдис уæд, адæмы фарс хæцгæйæ хицæуттæн сæ фыдракæндтæ кæй нæ барста, уый тыххæй.
Цоцко Гаппойы фыстæгимæ Къостамæ цы ныхæстæ арвыста, уый бæрæг нæу (кæм сты Гаппо Къостамæ цы бирæ фыстæджытæ фыста, уыдон? ЦИНИИ-йæн бæргæ афон у, Гаппо Къостайы æнæрынцой æхсæнадон тохы æцæгдзинадæй цы бынат ахста, уыдæттæ раиртасын).
Къоста æмæ Цоцкойæн лымæндзинад сæ фыдæлтæй баззад: Леуан æмæ Бицо (Цоцкойы фыд) æмгуыстгæнджытæ уыдысты Дзæуджыхъæуы милицæйы. Хъæбатырæй тох кодтой давджыты, æвзæргæнджыты ныхмæ архайды. Кæй фесгуыхтысты, уый тыххæй сын лæвæрд æрцыд суанг паддзахадон хæрзиуджытæ, æфсымæртау уарзтой кæрæдзи. Фыды фарн мæрдтæм нæ цæуы: Къоста æмæ Цоцко дæр æфсымæртау кæрæдзи уарзгæйæ адæмы æхсæн рухс тауыны хъуыддаджы разæнгардæй иумæ тох кодтой.
Къоста Очаковæй Гаппомæ кæй арвыста, уыцы фыстæджы фæдыл 1890-æм азы 7-æм июлы Цæлыккаты Юлианæмæ фыстæджы ногæй æрæмысыд, Цоцкойы ныхæстæ йын йæ зæрдæ куыд фæцагайдтой, йæ цæстысыг ын куыд фемæхсын кодтой, уый тыххæй: «Один только Цоцко своей небольшой припиской в письме Гаппо тронул меня до слез... Какой он действительно славный!»
Гъе афтæ уарзта Къоста Цоцкойы. 1905 азы Цоцко Æрыдоны хъæуы хицау уыдис. Уалдзæджы кæрон Æрыдоны фæсивæд майовкæ скодтой Бехъаны. Зæрдæрухс уыдысты, уалдзыгон куыстытæ фæсте кæй аззадысты, уымæй. Фæлæ чидæр бафиппайдта, Цоцко хъæлдзæг кæй нæу, йæ хъуыдытæ йæ дард кæдæмдæр кæй ахастой... Æмæ йæ афарстæуыд:
— Цоцко, цæуыл æнкъард дæ?
— Хъæлдзæгдзинад хорз у, бæргæ, фæлæ сымахæй мæ маст нæ бамбæхсдзынæн. Цалдæр боны размæ Лабæйæ фыстæг райстон. Нæ Иры ном, нæ зарæггæнæг, мæгуыр адæмы сæрыл тохгæнæг Хетæгкаты Къоста тынг уæззау уавæры ис,— низ æй йæ быны скодта. Æз а-дыууæ боны Зæнджиаты Бæбуимæ цæуын Лабæмæ. Чидæртæ æрвыстой Къостайæн се ’ххуысы хай. Æмæ хорз уаид, мах дæр исты капеччытæ куы амбырд кæниккам...
— Разы стæм мах, — æмдзыхæй загътой цалдæрæй. Саламты Дзæдзиу фæндон бахаста:
— Æхца æрæмбырд кæнын бафæдзæхсæм ахъуыргæнджытæ Дзугаты Иссæ, Зæнджиаты Мæхæмæт, Æмбалты Дзыккын æмæ Дзугаты Катяйæн...
Рынчынфæрсджытæ куы ’рбаздæхтысты, уæд Цоцко дзырдта, Къостайы зæрдæ куыд фæцагайдта æрыдойнæгты æрхъуыдыдзинад, уый... «Раст цыма мæ низ фæлыгъдис, афтæ æхсызгон мын у уæ фенд» — дзырдта сын Къоста йæ цæссыгтæ згъалгæйæ...
Уæд Цоцко æмæ Бæбумæ уыдис Къостайы Дзæуджыхъæумæ раласыны фæнд. Фæлæ йæ Олгæ нæ рауагъта, æгæр лæмæгъ у, зæгъгæ...
Ацы хабæрттæ æз фехъуыстон мæ фыд Буцкийæ æмæ Цоцкойæн йæхицæй.
(Хъуылаты Владимиры уацхъуыдæй газет «Рæстдзинады», 1989 аз).
Ист сты у чиныгæй:
Æмбалты Цоцко. «Удварны хæзнатæ».
Чиныг сарæзта Соттиты Р. — Дзæуджыхъæу: 2009.)