«Джеоргуыба у ирон адæмы кадджындæр, дæргъвæтиндæр бæрæгбон. Кадимæ йæ æхсызгонæй сбæрæг кæнæм æрвылаз. Зонæм, Уастырджиимæ баст кæй у, уый, фæлæ бæрæгбоны ном цы амоны, уый нæ зонæм. Кæддæр, дам, цыдæр газеты чидæр ныффыста, лæг æмæ усы нæмттæй, дам, арæзт у: Джеор æмæ Гуыбайæ. Хорз лæг æмæ ус, дам, уыдысты, кæрдзындæттон, æмæ сын сæ номыл бæрæгбон скодтой. Иннæ та сæ дыууæ æфсымæры хоны. Уый цас раст хъуамæ уа? Афтæ нæ вæййы, уæлдайдæр ахæм стыр бæрæгбон, æппæт ирон адæмы бæрæгбон куыд хъуамæ хæсса зæххон лæг æмæ усы, кæнæ дыууæ æфсымæры нæмттæ иумæ?» — арæх рауайы ахæм хъынцъым ныхас дæр.
|
Джеоргуыба рагон ирон бæрæгбон кæй у, уый бæрæг у, адæмон сфæлдыстады йыл арæх кæй æмбæлæм, уымæй дæр. Баст у Уастырджиимæ, фæлæ бæлвырд нæу, афтæ цæмæн хуыйны, уый. Джеоргуыба арæзт у чырыстон дины сыгъдæг уд — хæстон лæджы ном Георги æмæ гуырдзиаг дзырд оба — бæрæгбон-æй. Джеор (Георг)+уыба(оба)=Джеоргуыба. Йæ номыл гуырдзиаг æвзаджы, стæй чырыстон дины тæваг бæлвырдæй зыны. Бæрæг у, чырыстон дин ирæтты æхсæн цы гуырдзиæгтæ — дины лæгтæ парахат кодтой, уыдон зæрдиагæй кæй бакуыстой. Ацы стыр бæрæгбонæн, æвæццæгæн, раздæр æндæр ном уыди — Уастырджийы номимæ баст, æмæ сын æй фæивын кæнын сæ къухы бафтыд. Афтæмæй та сыгъдæг уд Георгийы мысæн бон вæййы уалдзæджы. Джеоргуыба та нæм æрцæуы фæззæджы, ирон адæм сæ фæззыгон куыстытæ конд куы фæвæййынц, уæд. Хонæм æй Уастырджимæ кувæн къуыри, Уастырджи къуырийы дæргъы Ирыстоны куы вæййы, ахæм бæрæгбон.
Уастырджимæ кувæн къуыри вæййы ноябры фæстаг къуырийы, йе’ рвитæн бон дæр ноябрмæ куыд хауа, афтæ.