Адæм хæццæ кæнынц ацы дыууæ дзырды нысан дæр. Зианы фæдыл цыдæриддæр æгъдæуттæ конд цæуынц, уыдон сты фыдæбон. Суанг мардæн йæхи дæр зиан куы хонæм. Зианы зындзинад алчидæр исы йæхимæ, фæнда йæ — нæ фæнда, фыдæбон кæнын æй хъæуы — æгъдау, æфсарм, хæс æй домы хъиамæт кæнын. Мæрддзыгой хъæубæсты, сыхбæсты хистæрты раз тæфæрфæс кæнынмæ куы æрлæууынц, уæд сын фыццаг ныхас вæййы: «Æнæхъиамæт ут, уæ къæхты фыдæбон мардæн цæмæн хъæуы, уымæн ахъазгæнæг уæд...» Кæнæ хæрнæджы фынджы хистæр кæстæрты тыххæй рæгъ куы рауадзы, уæд цæмæн фæзæгъы: «Нæ зианы фыдæбонгæнджытæ, нæ цины лæггадгæнджытæ фылдæр сты кæстæртæ, фæсивæд æмæ сæ фылдæр лæггад кæнын куыд хъæуа. Абоны бон та марды фæдыл цы фыдæбон бакодтой, уый йын хæлар уæд. Уый та сыл хæрзмæ аудæд».
Зианы фæдыл фыдæбон кæнынц сыхбæстæ, хъæубæстæ, мæрддзыгой, кæрдзынгæнджытæ, кæстæртæ, ингæн къахджытæ æмæ афтæ дарддæр. Æгъдау ын кæнынц каистæ, цæгат; раздæр-иу маргас чи æрцæттæ кодта, ныр та зианджынтæм хист скæнынмæ хæлц æмæ нозтæй чи фæкæсы, уыдон.
Лæггад кæнæм чындзæхсæвы, куывды. Барвæндæй, æхсызгонæй, хъæлдзæгæй, зæрдæрайæ. Суанг ма къуымæлдзæфæй дæр. Хистæрæй кæстæрмæ сыхæгтæ, хиуæттæ, хæлæрттæ. Арфæйаг хъуыддагмæ къухтæ сæхæдæг тасынц, лæггад кæнын сæхæдæг агурынц, æмæ дзы алчидæр æвзыгъд у.
Фыдæбонгæнджытæ æмæ лæггадгæнджытæ сæ хæстæ куы ахицæн кæнынц, уæд зианы фынг æрæвæрынц фыдæбонгæнджытæн, цины та — лæггадгæнджытæн. Уым фыдæбонгæнджытæн бузныг фæзæгъынц, мард сыл хæрзмæ куыд ауда, лæггадгæнæг арæхдæр куыд уой. Лæггадгæнджытæн ракæнынц арфæ æмæ сын цины нуазæнтæ радтынц.