Сæрд у афæдзы уыцы рæстæг, Ирыстон куывддон кæд свæййы. Уæд ирон адæммæ фæд-фæдыл æрцæуынц, сæ фыдæлтæ кадджын æмæ радджынæй кæй кодтой, уыцы бæрæгбæттæ. Зæрдæрухсæй сыл æмбæлдысты, зæдтæ æмæ дауджытæн цыт кодтой, куывтой сæм, табу сын кæнгæйæ сыл фæдзæхстой сæхи, сæ кæстæрты, сæ фидæн. Абон дæр уыцы уаг нæ халынц ирон адæм: уалдзæджы кæрон æмæ сæрды райдианы Рекомы, Дзывгъисы Уастырджийы, Цыргъобауы, Уациллайы, Дауджыты, Хетæджы Уастырджийы бæрæгбæттæм афæдзæй-афæдзмæ æхсызгонæй фенхъæлмæ кæсынц æмæ сыл хъæлдзæгæй, зæрдæрайгæ сæмбæлынц, сбæрæг сæ кæнынц. Сæ номыл нæ горæтты æмæ хъæуты сыхы куывдтæ сарæх вæййынц. Алкæй номыл дæр дзы Ирыстоны ис кувæндæттæ, найфаттæ æмæ цардахътæ. Сæ бынмæ адæм цæуынц рæсугъд хъуыдытимæ, сыгъдæг зæрдæйæ, афтæ — удæй, зондæй æмæ буарæй дæр, цæмæй сæм сæ куывд сыгъдæгæй фæхæццæ уа, сæ кувинæгтæ æмæ мысайнæгтæ сын айсой. Дунескæнæг Иунæг Стыр Хуыцауы хæрзтæй сæ фæхайджын кæной.
Ирон адæймаг дзуары номыл цыдæриддæр кодта, уый зæрдæрайæ, æхсызгонæй, сыгъдæг, рæсугъд хъуыдытимæ. Ныр дæр хъуамæ афтæ уа.
Кувæндоны бын, Хуыцауы раз куыд у, афтæ хъæздыг æмæ мæгуыр, зондджын æмæ зондцух æмсæртæ сты. Хуыцауы, йе сконд зæдты æмæ дауджыты æргом дæхимæ нæдæр хъæздыгдзинадæй, нæдæр зондæй раздахæн ис. Зæрдæйæ цы цæуы, уый зæрдæмæ хъары. Æмæ уыдонмæ дæр зондæй нæ, фæлæ зæрдæйы бынæй куывд сæхъуысы. Фыдæлтæй-иу алчи дзуары бынмæ йæ æртæ æртæдзыхонтæ æмæ кусæрттимæ, кæнæ æртæ фæрсчы хаимæ, физонæгимæ нæ цыд. Мæгуыры фадат уый бæрц нæ амыдта. Фæлæ уæддæр йе ’гъдау нæ уагъта, йæ кувинаг æртæдзыхонтимæ йын фаг уыдис дзыккайы къус æмæ бæгæныйы дурын. Уыдонæй скувгæйæ йыл-иу бафæдзæхста йæ бæлццоны, йæ кæстæрты, йæ рынчыны, йæ хорз хъуыддаджы райдайæн.
Ныр дæр, адæм мулчы фыдæй куы ныддихтæ сты, уæд хъуамæ афтæ уа. Кувæндоны бынмæ стыр хæссинæгтимæ цæуын æнæмæнг хъуыддаг нæу. Дæ къух куыд амоны, афтæ кæн, æцæг сыгъдæгæй. Сыгъдæгæй хъуамæ конд æмæ фых æрцæуой дæ кувинæгтæ.
Раздæр кувæндоны мысайнагæн æвæрдтой згъæр æхца — æртæ суарийы. Уымæй дæр хæрзæхсадæй урс бæмбæджы тыхтæй. Уæд уыдон æхца уыдысты. Байаты Гаппойы ракуывды ахæм ныхæстæ ис «Мысыры æвзистæй дын — мысайнаг». Ныр æртæ суарийы згъæр æхца дæр нал ис. Æмæ чидæртæ афтæ срæдау сты, сæ давд æхцаты фæрцы сæхицæй афтæ ныббуц сты æмæ кувæндоны мысайнагæн мин сомы дæр сæвæрынц. Уымæй цы дзуармæ кувынц, уый зæрдæ балхæнынмæ хъавынц. Дзæгъæлы! Иуæй давæггаг æхцайæ мысайнаг æвæрын нæ фæтчы, рæстмæгæнджыты хорзæх нæ ары, къæрныхы куывд Хуыцаумæ куыд нæ хъуысы, афтæ. Иннæмæй гæххæттын æхца чъизи у: кæй æрмтты, æртты нæ вæййы, суанг хуыйы фыд уæйгæнæджы къухты дæр. Æмæ йын згъæр æхцайау ныхсæн нæй. Кувæндон та зæдтæ æмæ дауджытау сыгъдæгдзинад уарзы.
Куыд зонæм, афтæмæй ирон адæм Хуыцаумæ, йе сконд зæдтæ æмæ дауджытæм кувгæйæ фынгмæ æввахс нæ уадзынц хуыйы æмæ карчы фыд, стæй айк дæр. Бæрæгбоны фынг та табуйаг у, дзуары номыл кувинæгтæ йыл ис, уæлдайдæр ма йыл мысайнæгтæ æвæрд куы уа, уæд. Гъе уымæ гæсгæ цыфæнды ног гæххæттын æхца дæр мысайнагæн нæ бæззы! Згъæр æхца у мысайнаджы аккаг, æиæ ис ахæм згъæр æхцатæ фæндзгай сомтæ. Мæгуырæн дзы йæ фадат у иу сæвæрын, хъæздыгæн та — æртæ. Фондз дæр у æнæкъай, стæй — æртæ фондзы — фынддæс сомы дæр. Æцæг, æхсадæй, бæмбæджы, кæнæ урс хæцъилы, гæххæтты тыхтæй хæсгæ сты кувæндонмæ. Хистæр кувгæйæ фæзæгъы: «Барст дын уæд нæ кувинаг, айс нын нæ мысайнаг». Сылгоймæгтæ Мады зæды, Мады Майрæмы, Алардыйы æмæ иннæ зæдты кувæндæтты, чызджытæ та Рекомы фарсмæ Чызджыты кувæндоны бæлæстыл, хъæдтыл бабæттынц урс хæцъилы уадздзагтæ, кæнæ лентытæ, цæмæй сын цот дæттой, чи сын ис, уыдон та æнæниз уой. Чызджытæ та хорз амонд арой.