Журнал «Мах дуг», 2001, №3
Лæг æмæ ус æмдæндаг ысты.
Лæг æмæ ус — фæрæты хъæдæй барст.
Лæг æмæ ус кæрæдзи куы ‘мбарой, уæд сæ цард æнцон у.
Сылгоймæгтæй иутæ лæгуарзаг ысты, иннæтæ — зæнæгуарзаг.
Ус хæдзарæн йæ чысыл хур у, йæ зæды хай.
Ус — æнæдымгæ фæлмæн хур, бинонты зæды хай.
Хорз сылгоймаг — хæдзары зæд.
Хорз сылгоймаг авд мыггагæй хæс дары.
Хорз ус — лæгæн й‘ амонд.
Нæлгоймагæн кад цы сылгоймаг кæна, уый — йæхицæн.
Сылгоймаджы алы хъуыддаг хъуамæ нæлгоймаг ма зона.
Сылгоймаджы амонд — æфсарм æмæ хæрзæгъдау.
Сылгоймагæн йе ‘хсарæй йе ‘фсарм хуыздæр у.
Сылгоймаг йе ‘фсармæй æхсарджын у.
Сылгоймаг йе ‘фсармæй фидауы.
Сылгоймагæй æфсæрмы хъæуы.
Алцыдæр сылгоймагыл баст у.
Бæркад сылгоймаджы къухæй цæуы.
Хæдзары бæркад æфсиныл баст у.
Æнæфсин хæдзары бæркад нæй.
Æнæфсин хæдзары кæрчытæ артдзæсты бæгъдулæг кæнынц.
Æфсинты армæй сой тæдзы.
Зæронд æфсин — бæркадкъух.
Бæркадкъух Сатана.
Лæгæмдзыт ус.
Усæй цæуы хæдзары бæркад æмæ лæджы хорз.
Усы хорз лæгыл дæр зыны.
Хорз ус кæмæн уа, уый куывды бады.
Ацы мæнг дунейыл хорз усæй хуыздæр хорз нæй.
Бæсты фидауц — сылгоймаг.
Дæ хъæуæй дæ маст куы уа, уæд дæ бинонтæм балидздзынæ. Дæ бинонтæй дæ куы уа маст, уæд дæ усмæ балидздзынæ, фæлæ дæ дæ усæй куы уа маст, уæд та кæдæм алидздзынæ?
Сылты хъæр цы хæдзарæй рацæуа, уыцы хæдзар фехæлд.
Æвзæр усæн барын хъæуы, фыдбинонтæй — уарын.
Фыдусæн кæнæ барын хъæуы, кæнæ та дзы уарын хъæуы.
Фыдсылæй дæхи бахъахъхъæн — фыдсылæй бирæ федзæрæг ис.
Сылгоймаджы зондæй хæдзарыл райсомæй сихормæ хъуг æфты, сихорæй изæрмæ та гал хауы.
Лæг — иудзырдон, ус — сæдæдзырдон.
Иуырдыгæй — сылгоймаг, иннæрдыгæй — дыууадæс цæды ‘мæ дам сæ сылгоймаг йæхирдæм аласта.
Сылгоймаг лæджы хъаруйыл æфтауы, сылгоймаг лæджы хъару сафы.