Уыд Аравийы стыр паддзах, Ростеван, зæгъгæ, — кады лæг.
Амонд йе 'мдзæрин бакодта, никуы банкъардта царды мæт, —
Зондджын, намысджын, хъомысджын, хорз хæстон фæтæг, дардуынæг,
Йе 'фсад, йе 'нувыд адæмæн кодта разамынд барджынæй.
Уæвгæ, паддзахæн ничи уыд фырт, бындайрагæй дунетыл.
Лæг сылвæстагæй базæронд: — иунæг байрæзт ын хуры тын;
Хаста раст цыма стъалытæ чызг йæ зæрдæскъæф сурæты.
Уый цы 'взаггæлтæ сныв кæной, — хъавгæ цасфæнды дзурæнт ыл?!
Тинатин, зæгъгæ, — чызджы ном, — байрæзт, рухс тынтæй байдзаг и.
Бацыд хурзæрин й' аууоны, — мæнæ минæвар уалдзæгæй!
Паддзах басиды визиртæм, бады бандоныл хъæлдзæгæй; —
Исты 'хсызгойнаг ног хабар ис йæ хъуыдыйы 'вæццæгæн.
Дзуры: «Иу фæнд мæм ис æмæ ныр сымахмæ дæр байхъусин:
Зæгъгæ, уардийы дидинæг бампылд, базæронд, бахус и,
Уый æрызгъæлы, уый бæсты уарди ног къуыбыр рахæссы.
Уæдæ ме 'хсæв дæр ралæууыд, хур мыл акъул ис, ахуыссыд.
Æз ныззæронд дæн: низты низ, ризгæ, ме уæнгты бацыдис.
Бирæ нал баззад м' адзалмæ, — у мæлæты хос ацы низ.
Рухс куы схæццæ уа таримæ, — рухс ысхонæн ма цас ын ис?!
Тинатин, зæгъын, спаддзах уæд, — хур кæй сурæты схъазыдис.
Визиртæ загътой: «Хур-паддзах, дæу зæронд хонын не 'мбæлы;
Худгæ уардийы дидинæг афтæ рагацау не 'мпылы,
Бампылд, — гъе уæддæр зæрдæйыл, уыйау, дидинæг не 'мбæлы:
Мæй, цырен мæйы стъалытæн, зæгъ, куыд бахынцæм се 'мбалыл!
Ма, цытджын паддзах, карджынæй афтæ карз дæхи ма рафау:
Искæй амындты диссагдæр у дæ зонды цур кадавар.
Уæвгæ, чызгæй дæр раст зæгъыс, — ноджы де 'рхъуыды бадывæр, —
Хорз у, сæвæр æй — ус-паддзах хурау адæмы батава.
Чызг паддзахы зонд рахаста гуырдзæй, арфæгонд — дауджытæй.
Ныхас цуронмæ ма бамбар, — мах дзырдтам ма йæ раджы дæр.
Хурты хур куыд у, афтæ ма зоны алы ми 'гъдауджынæй:
Нæй сылæй-нæлæй домбæйттæй, гъе, сæ лæппынтæй хъауджыдæр».
Автандил, зæгъгæ, се спаспет, уыд амирспасалары фырт,
Хурты, мæйты 'нгæс милрихи, номы диссаджы 'хсары гуырд.
Уый цырен цырагъ фестади, уарзтæй катайаг, царæфтыд, —
Судзгæ сагъæс ыл бафтыдта буц Тинатины сауæрфыг.
Чызг йæ зæрдæйы ныххаудис, — арф æй сусæгæмбæхст дары,
Уарди уардийæ фæхицæн, уæд мæрдонвæлурс фæдары,
Ие 'ввахс балæууыд — йæ уындæй лæппуйыл цъæх арт æндзары:
Уарзтæй чи райсы зæрдæниз, уый цынæ фыдбон æвзары!
Лæппу хатыди — чызгмæ йын тагъд-тагъд бауайын не 'мбæлы;
Ростеваны фæнд фехъусгæ цинты цинимæ фембал и.
Загъта: 'взистбазыр хурыл-иу ныр кæд арæхдæр фембæлин,
Дард æнхъæлцауы 'рхæндæгæй, дойны уардийау, не 'мпылин.
Атахт паддзахы фидиуæн — уайтагъд фембæлццон уадимæ;
Тинатины, дам, сæвæрдтон æз мæ сыгъзæрин бадæны.
Уый — мæ зæрдæйы дидинæг — хурау тавдзæнис адæмы.
Хонын дунейы 'взаггæлты — ном ын чи скæна кадимæ!
Кæс Аравийы уæздæттæм, — галуаны æрлæууæн нал уыд:
Бирæ мин æфсады спаспет Автандил — æрттивгæ стъалы,
Гъе, визир Сограт — дзырддзæугæ... — цæй, лæг дзы нымайа цалы!
Рухс паддзахбадæн къæлæтджын рæбыны тæмæнтæ калы.
Чызджы сбадын кодта паддзах барджын хицауы бынаты,
Систа кады худ йæ сæрæй, — айс, дæу у, зæгъгæ, йæм хаты.
Фыд йæ бындармæ фæдзæхстæй уаз паддзахы лæдзæг ратты.
Тинатин — зæндджын, æгъдауджын — хурау къæлæтджыны бады.
Адæм алæууынц фæстæмæ, сæр æркъул кæнынц йæ разы.
Дардыл уадындзтæ ныццæгъдынц, сыкъа цинвæдис ныууасы.
Чызг кæуы, — цыма зæрин хур тар, хъуынтъыз мигъты 'хсæн хъазы;
Сау сынтыбазыр цæстыхау ризгæ 'взист цæссыгæй тасы.
Фыды бандоныл рабадын чызг нæ нымайы аивыл,
Æмæ уалдзыгон уарынау цæссыг уардийыл аивылд.
Фыд ын амоны царды 'гъдау: «Кæстæр хистæры раивы,
Æви февæстаг де схæссæг, æви цæстытыл уайы фын!
Уæдæ, ма мын кал сау цæссыг, ма схæц катайыл, сагъæсыл.
Ныр ды спаддзах дæ а бæсты, æз мæ ныфс, мæ бон, нал хæссын.
Уадз, Аравийы стъалыйæн ма уа мин азтæм ахуыссæн! —
Рухс дæ зонд куыд у, афтæ мын у дæ уагæй дæр номхæссæн.
Тауы уардийæ, фаджысæй хур æмхуызон рухс алцæуыл;
Хуры фæзм, мæ чызг, — адæмыл ныр дæ зæрдæйы бар цæуы.
У рæдау æмæ парахат, ма кæн ауæрдгæ мацæуыл:
Фурдты бацæуæн денджызæй бирæ 'ддæмæ дæр рацæуы.
Мах нæ рæдауæй фидауæм, буд — йæ хæрздæфæй дзæнæты!
Лæг йæ парахатæй царды тых кæны мæнгард, мæлæтыл.
Мулк нæ хардз кæныс? — нæ хæссы удæн амонды тæмæн тын.
Байтау хорз, цæмæй йæ 'ркæрдай, — сæфы тауинаг æнæтыд!»
Хъуыста чызг æнцад, æмбаргæ, ради, раздæрау, нæ куыдта.
Цинæй барухс ис йæ зæрдæ, — райдыдта цæлкæнын фыд та:
Ныр йæ цардамонд фæхудтис æмæ бабæстон и хъуыддаг.
Хурты-хурзæрин йæ фауæг буц Тинатины фæзмыдта.
Чызг фæсидт æмæ йæ уæлхъус февзæрд йе 'нувыд дыджызæ,
Загъта йын: «Æрхæсс, — мæ номыл ис кæм цы чырын, цы чыссæ».
Систой 'нæнымæц сыгъзæрин, алы стæм дзаумæттæ, чызг сæ
Цас фæлæвæрдта фæйнæрдæм, — нæй йын радзурæн, ныффыссæн.
Бирæ ракодта лæвæрттæ, адæмæн хæларæй уары,
Алкæй иухуызон рæвдауы: не 'взары цагъар, æлдары.
Уый йæ фыды фæдзæхст ахæм Тинатин йæ зæрдыл дары:
«Хур йæ рухс тынтæ рæдауæй алцæуыл æмхуызон луары».
«Лæгъзтæ байгом кæнут тагъддæр, — уаргæ 'взист, сыгъзæрин, — дзуры,
Бæхгæс, де 'фсургъты рæгъæуттæ рауадз, — райуар сæ мæ цуры!»
Адæм байдзаг ысты мулкæй, исынц — цас сæ зæрдæ куры,
Æфсад хæзнамæ хæлæфæй раст абырджытау лæбурынц.
Цыма Турчы зæххыл тохы бафтыд а хæзна сæ къухы,
Алчи ласы 'фсургъ — араббаг, — уадсур, чи басгуыха дугъы.
Уары 'взист æхца, цæвиттон, дымгæ митуылæн ыздухы.
Хистæрæй, чызгæй, лæппуйæ алкæмæн йæ чыссæ цух уыд.
Галуан куывд кæны дыккаг бон, фынг — алæмæтон, æгъуыстаг.
Æфсад уытæппæтæй бадынц, иу сæ знон-абон нæ сыстад.
Ростеван йæ сæр æруагъта, зæхмæ 'рхæндæгæй ныхъхъуыста.
Фынгтыл сусу-бусу систой: «Ау, цæмæн фæцыд йæ хуыз та?»
Æфсадæн сæ сæр, сæ фæтæг Автандил — домбай, хъæбатыр,
Рухс тæмæнкалгæ уæлейæ фынгыл хурзæринау бады,
Урсзачъе Сограт — йæ фарсмæ. Паддзах фенкъардгъуыз и, — хатынц,
Сусæгæй фæрсынц кæрæдзи: «Хицау нал у цыма й' адыл?»
Нæ, хуымæтæджы нæ нымдзаст зæхмæ тарæрфыгæй афтæ,
Хъыгцы фæкæсдзæнæм фынгыл — цæл, минас, къæрццæмдзæгвд, кафтæй!
Автандил зæгъы Согратæн: «Цом-ма, хъазгæмхасæн, хъавгæ,
Бафæрсæм нæ буц паддзахы йе 'нкъард, йе 'рхæндæджы равгæй».
Сабыр сыстадысты фынгæй, талас талм бæлæстау тасынц,
Айстой нуазæнтæ сæ къухы, хур — сæ зæрдæскъæф æнгасы.
Кæс — сæ зонгуытыл æрхаудтой уæртæ паддзахæн йæ разы.
Райдыдта Сограт — дзырдарæхст — хъавгæ, худгæбылæй хъазын:
«Фарн дæм бадзурæд, буц паддзах, хур дæ цæсгомæй нал кæсы;
Уый, — дæ хæзнаты байуæрстæй кæд нæ бахаудтæ сагъæсы? —
Чызг сæ схай кодта дзыллæйæн, — цин кæмæ нæ каст с' ахæссын!
Ма йæ спаддзах кæн уый фæлтау, æмæ ма 'взарай ахæм зын».
Ростеван æм сабыр хъусы, стæй йæ мидбылты фæхуды:
Дис кæны, зæгъгæ, куыд уæнды, — ацу, бахынц æй тæппудыл!
Дзуры йæм: «Зæндджын дæ, 'взаггæл, фæлæ хатт дæ тæрхон цуды;
Чи зæгъа мæнæй — «æлгъин у», уый рæстдзинадæн цы 'мбуды!
Уый мæ не 'ндавы, хорз визир, уый мæ не 'фтауы сагъæстыл:
Раттæд адæмæн хæзнатæ, — мур нæ мæт кæнын с' ахастыл.
Цард мыл баизæр мæнæ 'мæ лæг нæ баззайдзæн а бæстыл, —
Райса кард æмæ раива мæн тыхæвзарæн карз хæсты.
Иу сыл-бындар мын баззади, — цæй, куыд æй дарон азымы!
Нæй зæрдæдарæн иу кæстæр, нæй мын иунæг фырт а зыны, —
Ме 'мсæр чи уаид пуртийæ, фат æмæ 'рдынæй хъазыны.
Автандилмæ ма иу чысыл хатт мæ хъаруйæ разыны».
Автандил нымад куынæ 'рцыд арæхстæй паддзахы 'нгæсыл,
Аив мидбылты фæхудгæ зæхмæ 'фсæрмгъуызæй ныккæсы:
Ферттывтой дзæнхъа дæндæгтæ: дардыл рухс уылæн æнхъæвзы.
Хицау æй фæрсы: «Мæ дзырдтæй худæгау дæумæ цы кæсы?
Цæй-ма, зæгъ æргом — цы худыс уа былысчъилæй мæ цуры? —
Паддзах лæппумæ ныууырдыг, — æви исты 'взæртæ дзурын?»
Лæппу: «Хорз, цæуыл фæхудтæн, уый зæгъон, æрмæст дæ курын:
Раттæд мын Хуыцау дæ хорзæх, — ма мæм сис хæцын, лæбурын».
Буц Тинатинæй карз сомы паддзах ракодта барвæндæй:
«Раст мын зæгъ æмæ 'фхæрды хыгъд айс мæ зæрдæбын арфæтæ!»
«Уæдæ бауæндон, хорз паддзах, — дзуры 'фсæрмгъуызæй Автандил,
Фатæхсынæй дыл, чи зоны, не 'мбæлд хистауын афтæ дæр.
Æз — дæ къæхты рыг — ахызтæн кæд хæрзæгъдауы арæнтæй,
Уæд — хатыр, фæлæ бафхæрдæн нæй рæстгæрхоны барæнтæ,
Фатæй ерысы бавзарæм, уæвгæ, не стæм æмкарæнтæ.
Пуртихъазæгæн фæз æмæ пурти — йе сгуыхты барæнтæ!»
«Хорз, кæд афтæ у, — сфæлварæм, фæлæ карз фæсмон ма 'ркæ ды!
Райсом ацæуæм, бавзарæм сырдты милмæ 'хсын тар хъæды.
Демæ ерысы 'вдисæнтæн ракæ не 'фсады 'взаргæты,
Фенæм, — чи тынгдæр бафтауа дисы хъуыддаджы 'мбаргæты!»
Ууыл балхынцъ и сæ ныхас лæппу 'мæ цытджын паддзахæн,
Æмæ хъазгæмхасæн систой ныр кæрæдзийæ дзырдкъахæн.
Куывд куы бацыдис йæ тынджы, уæд хæснаг ыскодтой ахæм:
«Фод æртæ боны бæгъæмсар — састы чи баззайа махæй».
Ростеван зæгъы: «Дыууадæс немæ барджытæ цæудзысты,
Ноджы нын цагъар дыууадæс рæвдз нæ къухмæ фат дæтдзысты.
Шермадин — æнувыд — семæ, сырдтæм цырддзастæй кæсдзысты,
Чи дзы цал амара махæй, уый нын уый фæстæ зæгъдзысты».
Паддзах цуанон лæгтæн расидт: «Уайгæ бондзирдзурыл гъæйттæй
Æмæ растын кæнут сырдты хъæдтæ, быдырты кæрæттæй».
«Райсоммæ цæттæ ут!» — бардзырд раттой хотыхдар æфсæдтæн.
Ууыл цин, цæлы фынг райхæлд æмæ ног фенддаг æрцæттæ.