Бон æрбацъæх и, галуанмæ бацыд урс бæхыл хурзæрин;
Лæппу — буцвæлыст двдинау, худы сарыхъхъы бур зæрин, —
Артæмсырх дари дарæсы хъоппæг бакодта хурдзæрин,
Сиды паддзахмæ ерысы, — фат-æрдынæй дæр дзурдзæни.
Паддзах дæр ысбадт йæ бæхыл æмæ цуан кæнынмæ рацыд.
Сырдтæй цуанон лæгты хъула иу дæр фæсвæдмæ нæ уадзы.
Ростеванæн йе 'фсад — йемæ, уайынц йе 'мвæдисы балцы,
Хъазынц фат-æрдынæй, кардæй, се 'фсургътыл фидауы хъал цыд.
Уæд дыууадæсмæ фæсвды хицау йе 'нувыд цагъартæй, —
«Фаттæ нæм цæрдæг дæтдзыстут, — дзуры сын сæ хæс, сæ бартæ, —
Гъе стæй цырддзастæй хынццзыстут сырдты — рогдзæфæй, дзыхъмардæй».
Райхъуыст уалынмæ сæ уынæр хъæды сырдрæгъæуттæн дардæй.
Æмæ даргъ æрдузмæ къордгай мæнæ рагуылф кодтой хъæдæй
Сæгъ, сæгуыт, зæгъай, сæрджын саг æмæ цырд сугъахъ ызнæтæй.
Автандил æмæ сыл паддзах ихуарæн кæнынц сæ фæттæй;
Гъæйтт, рæстдзæвин лæг, цы фæдæ! — Ныр дæ хъару 'мæ дæхæдæг.
Рыг ысбадт сæ сæрмæ мигъау æмæ хуры цæст ныттар и,
Зæххыл туг лæсæнтæ кодта — кæрдæг фестади сырх дари.
Фатæн фат йæ фæдыл тахти, — их дæр афтæ тынг нæ уарид!
Цырддзаст цагъартæ нымайынц — фенæм, чи цал сырды 'рмарид!
Аззад хъæдæрдуз фæстейæ, сырдтæн ныр сæ размæ уайынц.
Ноджы дзы дзæвгар ныццагътой — уый Хуыцауы фыдæх сайынц.
Автандилæй алчи дзуры, зæрдæ, дам, йæ уындæй райы:
«Ахæм талм бæлас гуырвидыц иу æрмæст дзæнæты зайы».
Æрдузæн йæ фале дон и, доны цур — бæрзонд къæдзæхтæ,
Сырдтæй баирвæзти хъæдмæ, тархъæды куыд цæуой бæхтæ!
Автандилитæн сæ ныхæй ферттывтой сæ хиды 'ртæхтæ.
Иу сæ иннæмæн фæзæгъы: «Фенæм, чи 'хста ныр дзæбæхдæр!»
Ерыс балхынцъ и, рацæуынц ныр æдыхст æмæ сабырæй.
Хицау байради, хъæлдзæгæй хъазы номдзыд бæгъатырæй.
Тагъд сæ 'рбаййæфтой се 'фсад дæр, паддзах цагъартæн: «Хатын æй,
Ис цыдæр аргъуыц уе 'нгасы, мацы бамбæхсут хатырæй».
Загътой йын: «Дæ фыдæх исæм, фæлæ д' амæттаг — нæ сæртæ,
Раст тæрхон кæнын фæдзæхстай махæн, не 'вдисæн — дæ зæрдæ.
Уæдæ спаспетæй куыд зæгъæм, ома 'хста дæуæй æвзæрдæр, —
Алы фатæхстæн рæстдзæфæй сырдты чи кодта дзыхъмæрдтæ!
Иумæ бахынцгæ уæ къухæй сырдтæй мард дыууæ сæдæ сты,
Фæлæ ссæдз уæлдай æртыддта спаспет уыдонæй нæ рæзты,
Фат нæ фæивгъуыдта, барста цыма й' алы фехст тæрæзтыл.
Уæд дæ рогдзæф сырдтæй мах та цагътам бирæты дæ бæсты».
Уæдæ хорз хабар — саггуырд æй тохы раивдзæн кардимæ!..
Паддзах бахъæлдзæг, афтæ ма хъазгæ байрайы нардийæ.
Уарзы лæппуйы йе схæссæг — цыма булæмæргъ уардийы,
Ныр йæ зæрдæйы судзгæ маст ахстон, сау калмау, нал бийы.
Æфсад, хицæуттæ сæ фæллад иу ран бæлæстæм æрхæссынц,
Сатæг аууон уыд сæ быны, уым æрбынат кодтой фæзы.
Æмæ цагъартæй дыууадæс цырддзаст, дардуынаг цæргæсы
Донбыл тархъæды кæрæттæм дардыл къухаууон фæлгæсы.