Iriston.com
www.IRISTON.com
Цæйут æфсымæртау раттæм нæ къухтæ, абон кæрæдзимæ, Иры лæппутæ!
Iriston.com - история и культура Осетии
Кто не помнит прошлого, у того нет будущего.
Написать Админу Писать админу
 
Разделы

Хроника военных действий в Южной Осетии и аналитические материалы

Публикации по истории Осетии и осетин

Перечень осетинских фамилий, некоторые сведения о них

Перечень населенных пунктов Осетии, краткая информация о них и фамилиях, в них проживавших

Сборник материалов по традициям и обычаям осетин

Наиболее полное на сегодняшний день собрание рецептов осетинской кухни

В данном разделе размещаются книги на разные темы

Коста Хетагуров "Осетинскя лира", по книге, изданной во Владикавказе (Орджоникидзе) в 1974 году.


Перечень дружественных сайтов и сайтов, схожих по тематике.



Rambler's Top100 Рейтинг@Mail.ru Индекс цитирования
Статьи Словари
Здравствуйте, Гость
Регистрация | Вход
Опубл. 19.12.2010 | прочитано 2398 раз |  Комментарии (0)     Автор: Tabol Вернуться на начальную страницу Tabol
АВТАНДИЛЫ НЫХАС АСМАТИМÆ ЛÆГÆТЫ

Лæппу бæласæй æрхызти, бæхы бæттæнæй ысуагъта, 

Саргъыл февзæрди, фæцæуæг гомдуар лæгæты 'рдæм тагъд-тагъд. 

Рауад сылгоймаг йæ размæ, «раздæхти мæ барæг», — загъта, 

Фæлæ, 'ндæр лæг у, — куы федта, баззад.мидбынаты сагъдау. 

 

Автандилы уынд йæ удыл чызгæн аныдзæвди маргау. 

Фездæхт, лæгæтмæ ныййарц и, ниуы, бадæн, дам, хæдзаркалд. 

Ауад, ацахста йæ лæппу, бахауд къæппæджы хуыргаркау, 

Йе 'мбу, йе 'рдиагмæ згъæлынц айнæг сау къæдзæхтæ фаркгай. 

 

Тоны, цъелф кæны йæ къухтæй, æлгъ кæны, йæхи дзы хизы 

Æмæ цæргæсы ныхты бын тæсæй, ахст хуыргаркау, ризы, 

«Тариел!» — зæгъгæ, кæмæдæр сиды, хъæр кæны фæдисы. 

Уæд йæ хъуыры цъар ивазгæ лæппу табу кæнын сисы. 

 

Дзуры: «Ма, мæ къона, ма ку, сырд, хъæддаг, мыййаг, куы нæ дæн, 

Ам цы хурдзæсгом уыд, уымæ кастæн джихтæгæнгæ хъæдæй, 

Чи у уыцы сонт? Дæ зæрдæ ма дар уазæгæн æхгæдæй; 

Радзур, уыййеддæмæ ма тæрс, уæгъды ма хъуысæд дæ «дæдæй». 

 

Чызг фæсабыр ис, ыстæй йæм дзуры фидарæй, уæндонæй: 

«Цæй, цы мыл сагъуыдтæ, сонт дæ, æви зин — æрвыст зындонæй?! 

Ды цы хабар домыс, уый дын, ма 'гъгъæл — радзурон æнцонæй, 

Фæлæ дзæгъæлы дæ рæстæг сафыс а лæгæты, зон æй! 

 

Чи дæ, цавæр дæ? Цы фæрсыс мах нæ мæтагæй, нæ зынæй? 

Уымæн нæй зæгъæн, ныффыссæн, уæгъды бирæ йæм бæлдзынæ; 

Иунæг иу хатт мæм куы хатай, «нæ» дын мин хатты зæгъдзынæн, 

Цин мæ не 'ндавы, мæ комдзог у мæ цæстыты тæдзынæг». 

 

«Чызг, — зæгъы йын уый, — нæ зоныс, цавæр дудгæфыд æвзарын, 

Ацы барæджы фæдагур æз кæцæй мæ фæндаг дарын. 

Ныр кæдæй-уæдæй мын бантыст йе 'ввахс удгоймаг ыссарын; 

Алыг, нал дын и ныууадзæн, иу — дæумæ мæ бæллиц хъарын». 

 

Чызг — Автандилмæ: «Ныууадз-ма, айс, дæхи рæстæгыл алас, 

Хуры нал уыныс мæ цуры, уазал уымæн хæссыс, — халас! 

Уæгъды мауал кæс æнхъæлмæ, цæй, цыбырдзырдæй, фæндараст! — 

Кæд дæ зæрдæмæ нæ цæуы, уæд, цы дæ фæнды, уый араз!» 

 

Лæппу зоныгуылæй чызгмæ ног йæ хъуырыцъар ивазы, 

Уый нæ чъил кæны, нæ сæтты, марадз зæгъ, нæ кæны разы. 

Лæппу рахсыст æмæ фестад, дзыкку райвæзта — сынтбазыр; 

Кард ын авæрдта йæ хурхыл: «Уæдæ, ма мæм æрхæсс азым! 

 

Ацы судзаджы фыдмаст дын дарддæр нæу мæ бон ныббарын! 

Ныр кæдæй нырмæ мæ рустыл уæгъды сау цæстысыг уары. 

Бавзар карды бын, дæ риумæ иугæр табутæ нæ хъары! 

Дзургæ тагъд æппæт лыстæггай, науæд дæ ныртæккæ марын!» 

 

Чызг былысчъилæй: «Дæ фæвдон у цыбырхъуыды, фыдамал. 

Зоныс, не скæндзæни дзурын мæн мæ удæгасæй хъама. 

Науæд бафæлвар, дæ бар у, — мæн зæгъынæнхъæл дæр амар, — 

Искæй дзургæ ма кæд федтай ды йæ мæлæты фæсзаман?! 

 

Афтæ, фехъуыстай мæ фæндон. Уæдæ мауал хæц дæ мастыл; 

Æз хъыпп-сыппыскæнæг нал дæн, ме 'взаг зæрдæйыл нæма стых, 

Фæлæ цæв дæ кард, — дæ бар дæн, цыма карз тохы дæ, — басгуых 

Æмæ, сусæджы гæххæттау, тагъд мæ цæрæццаг уд аскъуын! 

 

Уæвгæ, чи зоны, мæлæтæй абон тынг тæрсын, — æнхъæлыс! 

Мæнæ мард куы дæн уæлхъæдæй, цардмæ рагæй дæр нæ бæллын. 

Циу мæ удæгас, уыныс мæ: рустыл цæстысыг куыд кæлы! 

Уæд куыд дын зæгъон мæ ныхас?! — Чи дæ, — зонгæ дæ нæ кæнын». 

 

Лæппу хинымæры дзуры: «Ницы, афтæмæй нæ тасы. 

Исты 'рымысын æмбæлы, нæй йын басæттæн фыдтасы». 

Чызджы суæгъд кодта, йæхицæн фалдæр бабукъ и, дзыназы: 

«Чызг, фæрæдыдтæн: мæ цæсгом, ме 'фсарм бахордтон дæ разы!» 

 

Чызг тæргайæ 'рбадт йæ фарсмæ, у нырма тызмæг, æрхæндæг. 

Автандил ныдздзæм, ныммыр и, рустыл — цæссыгты пырхæндæг. 

Хъарм, æвзистæртах къæвдайы мæнæ уардидон ысцæмтæ, 

Чызг нæ фæлæууыд, æркуыдта, царвау атади йæ зæрдæ. 

 

Кодта лæппуйæн тæригъæд, йемæ судзгæ цæссыг калдта, 

Фæлæ, раздæрау, йæ былтæ уый æмырæнгомæй дардта. 

Ныр зæрдæаивæй лæппу чызджы сабыр равг æнкъардта, 

Сыстад, бацыдис йæ размæ, ниугæ зонгуытыл æрхаудта. 

 

Дзуры: «Зонын æй, дæуæй мын нал и хо зæгъæн, — хъыг мæм дæ, 

Карз дæ бафхæрдтон мæ тыхстæй, сонт ми бакодтон æвæндæй. 

Ныр дæ къухы дæн, мæ удæй ис дæ маст сисæн дæуæн дæр, 

А мæ зæрдæйæ дæ зæрдæ кæд нæ разына фæлмæндæр. 

 

Равдыстон мæхи дæ разы сау хъæддаг лæгæй, — æмбарын, 

Фазлæ уарзтæй сыгъд мæгуыр у, уымæн чи фыдлæг нæ бары! 

Нæй мын баххуысгæнæг ничи, иу — дæуыл мæ зæрдæ дарын. 

Айс мæ уд дæр мын, æрмæст мын бантысæд дæ зæрдæ ссарын». 

 

Чызгæн уыцы дзырдтæм ноджы тынгдæр райхъуысти йæ кæуын, 

Ногæй февналы йæ рустæм æмæ йе 'рдиаг ыссæуы. 

Нал ис хъарæгæн кæрон дæр, уый ныддаргъ æмæ нæ фæуы. 

Автандилы зæрдæ райы, — цæй, æндæр ма йæ цы хъæуы! — 

 

«Зæгъгæ, уарзты коймæ иугæр афтæ тынг йæ зæрдæ дуды, 

Уæд кæйдæр уарзты фыдсагъæс, низау, бафтыди йæ удыл». 

Дзуры: «Уарзоны фыдгул дæр хатт нæ бауадзы фæцудын. 

Уарзон — удуæлдай, — нæ кæны цард-цæрæнбонмæ тæхуды. 

 

Мæн, мæ хойы хай, зæххон хур судзы рухс уарзты фыдæхæй. 

Ацы барæджы фæдагур уый мæн рарвыста уæлбæхæй. 

Æз цы дард бæстæй æрцыдтæн, уырдæм мигъæн дæр — зынтæхæн. 

Ды — мæ иунæг ныфс, уыныс æй, — нæй мын афтæмæй ыздæхæн. 

 

Де 'мбал саг лæппуйы сагъæс мæн мæ уæзæгæй фæхаста, 

Уый мын, цины хыгъд, мæ удæн сусæг судзгæ рис ныббаста. 

У дæуæй кæнгæ: мæ риуы дарддæр цин уа æви маст уа, 

Дарддæр а лæппу фæцæра æви сыджытмæ фæраст уа». 

 

Чызг æм раздæрæй фæлмæндæр, фæлæ 'нкъард хъæлæсæй дзуры: 

«Ныр зæндджындæр у дæ ныхас, уый мын хъыг мæ риуæй суры. 

Науæд расайынц фыд-зæрдæ сонты хыл æмæ лæбурын. 

Ныр æххуысгæнæг ыссардтай; мæнæ æз — дæ хо — дæ цуры. 

 

Иугæр уарзты номæй дзурыс, уымæ 'рбасидтæ фæдисы, 

Уæд æз дæр мæ гæрзтæ калын. Рис дын бафтыдтон дæ рисыл, 

Фæлæ нал кæнын мæхи дзырд, демæ бацыдтæн цæдисы. 

Зын нæ кæсдзæн мæм дæу тыххæй ныр мæ къух мæ цардыл сисын. 

 

Кæд мæнмæ фæндонæй хъусай, архайай, куыд дзурон, афтæ, 

Уæд дæ зæрдæйы бæллиццæн ис рæхджы дæ къухы бафтæн. 

Науæд — дзæгъæлы нæ митæ, бирæ тухитæй дæр рафтæм! 

Зон æй, фыдбылыз — фыдгулты, ис дæуæн мæрдтыл дæр бафтæн. 

 

Автандил зæгъы: «Дæ дзырдтæм иу хабар мæ цæстыл уайы: 

Фæндагыл цæуынц дыууæйæ, иу лæг сæ фæстейæ зайы. 

Размæ ратындзыдта, федта: йе 'мбал аирвæзти цъайы. 

Уый ма ц' акæна, — нæ зоны, ниуы 'рхæндæгæй, кæм райы! 

 

Дзуры йе 'мбалмæ: «Чысыл мын уым фæлæуу, мæ хæлар, доны, 

Æз бæндæн æрдавон, абæтт ды дæхи йæ иу кæроныл, 

Æмæ фендзынæ, — рæхджы мын нал уай уыцы тар зындоны». 

Бинаг бахудти: «Лæудзынæн, уæдæ 'ндæр та мæ цы бон и!» 

 

«Ис, мæ хойы хай, дæ къухы ныр мæ хъысмæтæн йæ бæндæн; 

Иу, — дæ фæрцы мын æрмæстдæр ис рæсугъд амонд нывæндæн. 

Сонтау сæры магъз ысдзæгъæл æмæ хосæнхъæл дæуæй дæн: 

Лæг — æнæниз та кæм федтай: кура 'вдадзыхос кæмæйдæр!» 

 

Чызг зæгъы: «Лæппу, дæ ныхас цинау зæрдæйыл æмбæлы; 

Саггуырд, зондджын дæ. Лæгау дæ кадæй раппæлын æмбæлы. 

Иугæр уый бæрц зынтæ федтай, каст дæм амæлын гæнгæлы, 

Уæд дæ къухы и дæ бæллиц, хъус, дæ цæссыг ма цы кæлы?! 

 

Уыцы барæгæн йæ хабар нæу мæнæй дзургæ, хуымæтæг, 

Уый дын ракæндзæн æрмæстдæр ам йæхи дзыхæй йæхæдæг. 

Бад, æнхъæлмæ кæс, фæзындзæн, фæлæ мауал кæн 'æрхæндæг. 

Ма ку, ма кæнæд дæ цæссыг ихдзагъд уардийыл пырхæндæг. 

 

Ис дын иу мæнæй æрмæстдæр базонæн нæ нæмттæ махæн: 

Тариел хуыйны йæхи ном ме 'нкъард, цардиппæрд паддзахæн, 

У Асмæт мæ ном мæнæн та æмæ дæн сыгъдамонд ахæм, 

Маст мæ чызгон бонты цинæй иудадзыг кæны хылкъахæн. 

 

Ды нæма зондзынæ ницы дарддæр а хъæддаг хæдзары. 

Йе 'фсургъ тыгъдбыдыры скъæфы уыцы тасгæгуыр хъайтары. 

Уый мæн дæр æмæ йæхи дæр ам æрмæст сырдвыдæй дары. 

Уæвгæ, чи зоны, йæ фæндаг афонмæ фæстæмæ дары. 

 

Фæлæ лæуу æмæ йаг фенай. Кæд мæ лæгъстæйæ фæтаса, 

Дæу æфсымæрау, хæларау арф йæ сонт зæрдæмæ райса, 

Уæд йæ хабæрттæ кæндзæнис, хъус æм — цасфæнды дзыназа. 

Ацу, радзур сæ дæ хурæн æмæ дæ тыхджындæр уарза». 

 

Лæппу бакасти йæ коммæ, — цæссыг нал уары йæ рустыл. 

Тагъд тъыбар-тъыбур, цæллахъ дæр ауад адагæй сæ хъустыл. 

Федтой: донуылæнтæй рахызт мæй, тæмæнтæкалгæ, рухстын. 

Ахæм фидыцы гуырд никуы ничи федтаид æнусты. 

 

Чызг зæгъы: «Дæ хъуыддаг тулы, фæлæ зæрдыл дар нæ бадзырд. 

Уæртæ фæскъæдзæх — æмбæхсгæ, фезмæл цырд, куынæ дæ уадзыг. 

Уыцы сонт лæппу сæрхызт у, никæй йе 'мгæрон нæ уадзы. 

Дæу æвиппайды куы фена, — ма 'рцæуа фыдбылыз мацы». 

 

Чызг Автандилы æмбæхсы тагъд-тагъд фæскъæдзæх фæдисæй. 

Лæппу 'рфистæг ис, фидауынц фатдон, кардвæлыст — æвзистæй. 

Чызг æм рацыди, дзыназынц, дудынц судзаджы фыдрисæй, 

Автанднл сæм, хъавгæ, касти, марди се 'рдиагыл дисæй. 

 

Бур, мыдадзæмбур афæлдæхт лал йæ цæссыджы найынæй. 

Уарыд уардийыл миттъыфыл, басыд уазалы майы мæй. 

Бæхы баласта, баирхæфст лæппу хотыхтæ 'фснайынæй. 

Исдуг басабыр, фервæзтис уды дудынæй, тайынæй. 

 

Автандил — æмыр, æдзынæг, дарддæр аивæй фæлгæсы. 

Чызг кæркæ-мæркæ, дзындзæрду стайдзарм гауызæн æрхæссы, 

Номы саггуырд ыл æрбады, ногæй фегуыры йæ цæссыг 

Æмæ тугæмхæццæ рустæм цæсты сау хаутæй лæдæрсы. 

 

Чызг æрцъыкк-æхсон ысцагъта... Артыл физонæг фæхъæбæр 

Æмæ лæппуйы раз уайтагъд фынгыл февзæрдис æхсæвæр. 

Систа, схаста дзы йæ дзыхмæ, кæрдих аууылдта гæзæмæ; 

Нæй, нæ ныххызтис йæ хъуыры, фынгæй абадти фæстæмæ. 

 

Æмæ 'рхуыссыдис, æрфынæй, цъынд куыд ахæцыд йæ цæстыл, 

Афтæ богътæгæнгæ фестад, цыма туг ныууарыд бæстыл. 

Автандил мæрдтыдис кодта йе 'мбу, йе 'рхæндæг дзынæзтыл. 

Чызг ын йе знæт равг кæугæйæ барста сагъæсы тæрæзтыл. 

 

«Зæгъ, цы та 'рцыди? — фæрсы йæ, — гъе, цæмæн фездæхтæ тагъд та?» 

«Дæлæ тыгъд быдыры чидæр бафтыди мæ фæдыл, — загъта. — 

Хъал, паддзах лæг уыдис, цуанон, сырдты фат-æрдынæй цагъта, 

Йе 'фсад — бирæнымæц, минтæ, ме 'рдæм фенкъуыстысты цъахтау. 

 

Ома се 'мгæрон æрцæуон, — уый мæ не схаста мæ зæрдæ, — 

Басыгъд, бауырыд сæ уындмæ ноджы судзаджы цæхæртæй 

Æмæ бамбæхстæн, нæ зындтæн хъæды бæлæсты сыфтæртæй. 

Райсом ацæудзынæн, — загътон, — адон айсой уал сæ сæртæ». 

 

Чызг ыставд цæссыг ныккалдта: «Сырдтæн се 'мдзæрин куы бадæ, — 

Паддзæхтæй дæхи цы хизыс, кæнæ се 'фсадæй? Æрра дæн! 

Рагæй де 'мдзæхдон, дæ хæлар нал ис а дунейыл адæм. 

Бамбар, афтæмæй дæ удæн а цард никуы уыдзæн адæн. 

 

Иунæг иу къуым дæр нæ баззад, — ды кæм нæ уыдтæ, цы бæсты; 

Ау, куыннæ дыл фембæлд ахæм иу лæг, — ма ныхса дæ цæсты, 

Гъе, кæмæн зæгъис дæ сагъæс де 'рхæм — де 'рхæндæг ныхæсты, 

Демæ чи уаид дæ цины, гъе, дæ тугкалæн зын хæсты?!» 

 

«Ехх, бæргæ, мæ хо, дæ ныхас раст у, зонын æй, дæхистæн! 

Фæлæ хосгæнæн уæлæуыл нæй мæ хъæдгæмтгæн, мæ низтæн. 

Ахæм саг лæппу нæ райгуырд, чи мын фесафа мæ ристæ. 

У мæрдтыл бафтын мæ бæллиц, цард-цæрæнбоныл æрмист дæн. 

 

Цыма Стыр Хуыцауæн састон раст йæ сыгъзæрин къæсæртæ, — 

Никуы никæуыл ныккалдта афтæ й' азары цæхæртæ! 

Никæй не 'ндавы мæ сагъæс, никæй нал хъæуы мæ сæр дæр. 

Иу — дæуыл дарын æрмæстдæр зæххæй арвы 'хсæн мæ зæрдæ». 

 

Чызг лæгъстæмхæццæ фæзæгъы: «Уæдæ ма фæхъыг у, — курын, 

Иугæр бафæндыд Хуыцауы, — æз дæ зыны уон дæ цуры, 

Уæд мæн иу ыстыр хъуыддагыл демæ бафæндыд æрдзурын, — 

Маст æгæр æртыхст дæ удыл, мæнæ мигътæ цыма хурыл». 

 

Тариел зæгъы: «Дæ хъуыды райхал, ма 'фсæрмы кæн уæгъды. 

Æз хъысмæтæй дæн æнæмбал, — ам кæй ракъахдзынæн хæхты?! 

Афтæ бафæндыд Хуыцауы æмæ нал лæууын мæ къæхтыл, 

Æмæ бацардтæн, хъæддагау, а цъæх айнæджы дыдæгъты». 

 

Чызг æм хаты: «Уæдæ хатыр, фæлæ мауал лæуу æрхуымæй 

Æмæ ма ракæс фыдæхæй, лæг куы ракæнон дæм къуымæй. 

Ма сис марæн кард йæ ныхмæ æмæ расомы кæн, — уымæй 

Ды кæй зæгъдзынæ дæхицæн дард æнусбонтæм æфсымæр». 

 

Лæппу йе сæфт хуры номæй радта фидар дзырд Асматæн: 

«Хорз, дæ фæндиаг уыдзæнис, чи у, ардæм мæм æй ракæн. 

Баууæнд, — фембæлдзынæн ууыл райгæ, цинимæ, хæрзуагæй. 

Гъе стæй йе 'гъдауæн уыдзынæн æз цырагъдарæг дæндагæй». 



<==    Комментарии (0)      Версия для печати
Реклама:

Ossetoans.com OsGenocid ALANNEWS jaszokegyesulete.hu mahdug.ru iudzinad.ru

Архив публикаций
  Января 2024
» О чем рассказали восточно-европейские руны
  Ноября 2022
» От Кавказа до Волги
  Августа 2022
» Кавказцы глазами русских: говорят архивные документы...
  Марта 2022
» К вопросу о заселении Фиагдонской котловины, по данным фамильных и народных преданий
» О новых именах в истории царственного дома средневековой Алании
  Февраля 2022
» К ВОПРОСУ ОБ УДЕЛЬНЫХ ВЛАДЕТЕЛЯХ УАЛЛАГКОМА ПО ФАМИЛЬНЫМ, НАРОДНЫМ ПРЕДАНИЯМ И АРХИВНЫМ МАТЕРИАЛАМ
  Декабря 2021
» Осетинская религия; религия осетин (Ирон дин)
  Мая 2021
» Иверская (Моздокская) икона Божией Матери
  Мая 2020
» Соотношение понятий Æгъдау, религия (дин), вера во внутриосетинской дискуссии
  Июля 2019
» Открытое обращение представителей осетинских религиозных организаций
  Августа 2017
» Обращение по установке памятника Пипо Гурциеву.
  Июня 2017
» Межконфессиональный диалог в РСО-Алании состояние проблемы
  Мая 2017
» Рекомендации 2-го круглого стола на тему «Традиционные осетинские религиозные верования и убеждения: состояние, проблемы и перспективы»
» Пути формирования информационной среды в сфере осетинской традиционной религии
» Проблемы организации научной разработки отдельных насущных вопросов традиционных верований осетин
  Мая 2016
» ПРОИСХОЖДЕНИЕ РУССКОГО ГОСУДАРСТВА
» НАРОДНАЯ РЕЛИГИЯ ОСЕТИН
» ОСЕТИНЫ
  Мая 2015
» Обращение к Главе муниципального образования и руководителям фракций
» Чындзӕхсӕвы ӕгъдӕуттӕ
» Во имя мира!
» Танец... на грани кровопролития
» Почти 5000 граммов свинца на один гектар земли!!!
  Марта 2015
» Патриоту Алании
  Мая 2014
» Что мы едим, или «пищевой терроризм»