Хуры халдих дын фæсидтис Шермадинмæ æмæ дзуры:
«Йе 'мгъуыд ралæууыд мæ ныфсæн, уый мæ судзгæ сагъæс суры,
Ныр — дæхæдæг æмæ де 'хсар, зоныс — де 'ххуысæй цы курын».
Диссаг, цас уыди нæртон тых фидар се 'муды бындуры!
Автандил зæгъы: «Нæ уадзы Ростеван йæ кой дæр балцæн;
Уый цæмæй зоны, йæ цагъар судзгæ сау цæссыг куыд калдзæн!
Зæгъгæ, басастон мæ сомы, мæн фæсмоны сагъæс мардзæн!
Арв мæнгард лæджы хæрам ми никуы никæмæн ныббардзæн.
Уæвгæ, къух сисын мæ балцыл нæй мæ хъуыдыйы кæроны,
Фæлæ бастъæла мæ зæрдæ — уый цы удхæссæг уромы!
Уый фæхауд, дзыназы, тагъддæр Тариелы фенын домы.
Иу — æнæхуыцау, фæлывд лæг царды басæтдзæн йæ сомы.
Ис æртæ 'гъдауы, — нæ сайы уыдонæй хæлар хæлары:
Иу уал уый, æмæ йæхи йæм, уарзтæй арты судзгæ, 'ппары,
Иннæ — ратты йын рæдауæй — царды йе 'хсарæй цы ссары;
Аннæ — йе 'рдхорды сæрвæлтау лæг йæ уд сыджытмæ хъары.
Дардыл нал дзурын, ахæм уысм бирæ чи 'вдæлон дзурдзæнис:
Тагъддæр ацæуын, ахъуызын домы зæрдæйы судзгæ рис.
Фæлæ хъус æмæ це 'ххуысæй кæд дæ хистæры сбуц кæнис;
Ам куы нал дый уон, — ма фæтыхс, уæвгæ уавæр дæ 'рсурдзæнис.
Цух-иу ма ныууадз, фыццаджы, ды нæ паддзæхты лæггадæй,
Ратт сын хорз æгъдау мæ бæсты, райгæ раппæлой дæ кадæй,
Уæзæг бахъахъхъæ, уыдзынæ фидар хотыхджын æфсадæй.
Адæм, арæнтæ — дæ бæрны, дар дæ фæринк кард ыссадæй.
Бахиз не знæгтæй нæ бæстæ, бабæзз райгуырæнæн уартæн;
Хъахъхъæн: иузæрдыджы сбуц кæн, фæлæ ма ныббар мæнгардæн!
Фен, — дæ хæрзтæ дын куыд фидон, искуы 'рбаздæхдзынæн ардæм.
Зоныс, хицауæн лæггады ис йæ фидыцы хос цардæн».
Шермадин, бецау, ныккуыдта: «Мах ам истытæ кæндзыстæм;
Тох куы бахъæуа — хæцдзыстæм, ис сæрфатгæнæн нæ куыстæн,
Фæлæ де 'нæуынгæ, рухс хур, мах цы зæрдæйыл уыдзыстæм?!
Демæ ацæуин — дæ цагъар, — иумæ де 'рдхордмæ тындздзыстæм.
Балц дæм иунæгæй, уæд та ма удхар, тухийаг нæ зыны?
Гъе, хъазайраг та кæд нæ уыд йемæ хицауæн йæ зыны?!
Ам куыд баззайон дæу мысгæ ныр мæ хъал æмæ мæ фыны?»
«Ма ку, — дзуры йæм, — дæ уд дын уæгъды сау сагъæс æхсыны»;
Шермадин цæра, дæ уарзт дын хатын де 'рхæндæг ныхæсты,
Фæлæ не 'рцæудзæн дæ фæндон, — ам кæй ныууадзон мæ бæсты?
Чи мын хъахъхъæндзæн мæ уæзæг? Уæвгæ, зоныс æй — æрмæст ды!
Уæдæ мауал зæгъ, — нæ уыдзæн, цæссыг ма 'рттивæд дæ цæсты!
Гъе стæй уарзтæй сыгъд миджнурыл балц дæр иунæгæй æмбæлы;
Цæссыг — тугæмхæццæ уымæй искуы хицæн ран фæкæлы?
Цоппай йе 'гъдау у миджнурæн, — хъæды сырдтимæ æмбæлын,
Рагæй, тынг рагæй æрæгмæ царды уыцы фæтк нæ хæлы.
Мыс мæ дард бæстæм хæларæй, цыма демæ дæн, дæ разы.
Уым мæ 'ххуысгæнæг нæ хъæуы, — уа фæнды мæ цард тæразыл;
Саг лæг тухиты нæ тасы, мастæн дурæмыр фæразы.
Фестад ме 'нæуынон, — хъулау, тас кæй зæрдæйæ фæхъазы!
Уый, — æз ахæм дæн — ныммæлин кафгæ ме 'рдхорды сæрвæлтау;
Царды се сбурмæ нæ бæллын азтæн джитърийы зæрæдтау;
Балцы ацæуыны бар мын радта хурты хур æнæнтау;
Зоныс, баззади мæ зæрдæ Тариелимæ мæнæн та.
Мæнæ паддзахмæ мæ ныстуан, айс æй, бахæсс æй мæ фæстæ.
Айс мæ бæрн æмæ мæ бæсты бакæн кадимæ мæ хæстæ.
Зæгъгæ, нал æрцыдтæн, — ма райс кард дæхимæ дæр дæ мæстæй;
Ниу, фæку мыл-иу æрмæстдæр, кал-иу сау цæссыг дæ цæстæй.